БАЛАШШИ Балинтӕй
ХЪӔБАТЫРТЫ ЗАРӔГ
Дыууӕ бӕстӕйы ’хсӕн ис арӕн, уымӕй дӕн
Сӕрыстыр ӕмӕ райгонд.
Куыд хъӕлдзӕг вӕййы уым, фӕлидзы дард ӕрхуым,
Фӕхуды удмӕ амонд.
Уым хъуысы цъиуты зард, йӕ мидбыл худы цард,
Ызнонӕй — рухсдӕр абон.
Фӕлӕ фӕцыд гӕрах, цӕттӕ вӕййӕм уӕд мах:
Фӕхъахъхъӕнӕм нӕ бӕстӕ.
Ӕрбайсӕфы ӕнцой, нӕ зӕхх — нӕ сӕйраг кой,
Ӕнӕкӕрон — нӕ хӕстӕ.
Ысцырен вӕййы хӕст, ӕхсаргӕрдты цъыкк, дзӕхст,
Цъӕх фӕздӕгӕй дзаг — фӕзтӕ...
Цыргъ ӕрцытӕ цӕхӕр ыскалынц, хъуысы хъӕр,
Дзӕнгӕрӕг сиды тохмӕ.
Вӕййӕм ӕмдых, ӕмзонд, сырх тырыса бӕрзонд
Куы сисӕм къӕдзӕх-хохмӕ.
Араббаг бӕхты тахт у уаддымгӕйау тагъд
Тыхӕвзарӕн фыдохмӕ.
Ӕрлӕууы ахӕм дуг, кӕм кӕлы ’нӕвгъау туг,
Кӕм кӕнынц аргъ цыт, кадӕн,
Кӕм разыны лӕгӕн сӕ хорз ӕмӕ сӕ хъӕн
Йӕ ӕрдын ӕмӕ фатӕн,
Кӕм нал вӕййы фӕллад хъӕбатыртӕм нымад
Сӕ ныхмӕ тохы ’рратӕн.
Ӕгъатыр у ызнаг, нӕ ауӕрдын — йӕ уаг,
Лӕбурынмӕ та — бирӕгъ.
Фӕлӕ хъӕбатыр гуырд дӕуӕй нӕ тӕрсы, сырд,
Нӕ йӕм хъары ӕртхъирӕн.
Гадзрахатӕй цӕуӕг, ыскӕндзӕни дын лӕг
Дӕ хуыздӕр бадӕн пирӕн.
Хъӕбатырӕн йӕ бон фыдбирӕ у, уый зон,
Нӕ тӕрсы знаг, фыдгулӕй.
Куы нызмӕлы йӕ зӕхх, уӕд айнӕг у, къӕдзӕх,
Ӕрлӕууы знаг сӕркъулӕй
Иӕ разы, уымӕн нӕй, фӕныхкъуырд уа цӕмӕй,
Фӕразондӕр у дурӕй.
Хӕринаг ӕмӕ дон куы нал вӕййы, хӕстон
Уӕддӕр йӕ ныфс нӕ сӕтты.
Ысуадздзӕни цъӕх арт, фӕлӕ лӕвар йӕ цард
Фыдызнагӕн нӕ дӕтты.
Фыдыбӕстӕ — зынаргъ, зынхӕссӕн у йӕ уаргъ,
Хӕссы йӕ лӕг фыдрӕтты.
Уынгӕг хӕсты дӕр тых сӕтдзӕн ызнаджы ных,
Кӕндзыстӕм ыл уӕлахиз.
Кӕддӕриддӕр нӕ зӕхх уыдзӕни уалдзӕг цъӕх,
Нӕ байсдзӕн ничи мах ис.
Кӕн, галиу, дугӕй хъаст, ды ма фен макуы маст,
Рӕстыл тохгӕнӕг, рахиз!
Сӕрибар ыстӕм мах, нӕ фӕцуддзӕн нӕ къах,
Нӕ кад ӕмӕ нӕ намыс.
Хуыцау уыдзӕн нӕ фарс, ызнаг цӕудзӕни карз
Ӕфхӕрд: нӕ уӕнгты — фаг ныфс.
Уадз хъуысӕд дардмӕ зард, цӕхӕртӕ калӕд кард,
Дӕ зӕххӕй, лӕг, хӕс дарыс!
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- Ф. 287–289.
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].