logo

М О Я    О С Е Т И Я




Петраркæ Франческо
итайлаг зындгонд поэт
(1304-1374)

 

 

Данте æмæ Боккаччойы æмрæнхъ Франческо Петраркæ (1304 — 1374) нымад у литературон æвзаджы бындурæвæрæгыл. Бирæ бакуыста канд поэзийы мидис рацаразыныл нæ, фæлæ æмдзæвгæты формæйыл дæр. Йæ уацмысты музыкæ у æнæаипп, йæ фæлгонцтæ та — хæрзаив, цæстыахадгæ. Поэтæн йæ райгуырæн бæстæйы ахæм стыр кад уыд, æмæ йын Ромы Капитолийы саккаг кодтой лавры сыфтæй чъина-худ.
Петраркæ цы сылгоймаджы уарзта, уый номыл ныффыста 317 сонеты. Уыдон ацал-ауал æнусы æмдзу кæнынц дунейы алы адæмты сæдæгай фæлтæртимæ. Уымæй дарддæр Франческо Петраркæ уыди Ренессансы дуджы разагъды гуманист, дæсны филолог, историк æмæ хъуыдыгæнæг.

 

Франческо Петраркæ

                          * * *
Æз афтæ ’нхъæлдтон, кары уæзы бын
Мæ уарзты цæхæр бацарæфтыд, бастъæлд,
Мæ бæллицтыл уæлæхох систы азтæ...

Фæлæ нæ зыдтон, норст цæхæрау раст,
Мæ риуы уарзт рæдзæ-мæдзæ кæй кодта,
Цæмæй та ногæй сабуха æваст,
Æмæ та суадзой рох мондæгтæ ног тау...
Мæхи куы ’хсон мæ цæссыгæй, уæддæр
Ныр ног бæллæхтæ баййафдзæн мæ сæр;
Æрцъыккæхсон — æмбæхст мæ риуы арф,
Ныррухс уыдзæн йæ сонт цæхæртæй арв.

Ныр ацы арт — уый рахатыдтон рагæй —
Нал, нал бакомдзæн цæссыгтæн хуыссын...
Зынг æмæ Дон — дыууæ цыфыддæр знагæн
Бæрзонд Хуыцау нывондæн мæн хæссы.

«О, фервæзтæн!» — мæ фæллад уд дзыназы...
... Фæлæ дæ сурæт слæууы ног мæ разы.

Ходы Камалы тæлмац
// Мах дуг.– 2004.– № 7.

 

                          * * *
Æмхиц дæн тохмæ, афтæмæй æдых дæн.
Цæрынц мæ риуы их æмæ сырх зынг,
Ныфс æмæ тас, нæргæ цин æмæ хъыг.
Нæ уырыд зæххыл сау цъыфы нынныхстæн,

Мæ сæнтты та фæамайын мæсыг
Уæлдунетæм. О, исты хос мæ рыстæн:
Æхсæв уа, бон — кæны дæ кой, дæуыстæн
Мæ фæллад зæрдæ, адæргæй нындзыг.
Мæхи æлгъитын, удисæгмæ сидын.
Фæлæ та ног лæгъстæтæгæнгæ сисын
Мæ къухтæ арвмæ: «Ме Скæнæг, ныббар!»

Мæ куыд — мæ худын. Нал мæ хъæуы цард дæр,
Нæдæр мæлæт. Хуыцауæй мын — лæвар:
Æнусон рис. Цы зæд, цы зин дæ, цавæр!

                          * * *
Æруадзæд арв дæ галуантыл йæ фæттæ!
Гыркъотæй дæр, цæугæдæттæй дæр хъалон
Æрбассивыс. Кæд бирæгъ нæ дæ, баллон! —
Æфсис дын нæй, нæ зоныс бæрц, æгъгъæдтæ.

Бийыс æдзух гадзрахатæй фыдвæндтæ,
Нæ зæххыл зилы халонау дæ аууон,
Сæны цагъар, кæрæфгуыбын, хъахбайдон,
Цæлмæ кафджытæн ривæддон — дæ уæттæ.

Ам арвитынц, бæгъдулæггæнгæ, се ’хсæв
Зæрин айдæнтæн, бур цырæгътæн се ’хсæн.
æвзонг чызджыты хъебыртæм æппарыс.

Кæддæрты та æфхæрд уыдтæ, рыствæллад,
æнæкъона, бæгънæг æмæ бæгъæввад.
Ныр сау фæздæгæй не Скæнæджы марыс.

                          * * *
Ызгъоры рæстæг — ахæм у йæ уаг.
Мæ цард фæцæуы, нал ын ис ыздæхæн.
Кæддæры бонтæ... Фесты мын мæ фаг,
Нæ сæ мысын — мæ фаронмæ фыдæх дæн.

Мæ абон дæр, мæ фидæн дæр — мæстаг.
Йæ былмæ мæ бæргæ фæсайы къæхæн, —
Цыдæр тых мын нæ фæдæтты фæндаг:
Хуыцауы къух йæ уромæг бæллæхæн.

æрхæндæг дуне. Скадавар дзы рухс.
Хæрæмттæ — хæрх, æхцон исдугтæ — цъус.
Æз фурды астæу баззадтæн æд чема.

У мачтæ цъæл, мæ фыййæгтæ дæр — пырх.
Уад абухы. æвзарынц мыл сæ тых
Мылаз гуылфæнтæ — ницыхъом дæн семæ.

                          * * *
Мæ дудгæ хъарæг, курын дæ, фæцу мын
Æгомыг дурмæ, ракæ йын мæ хъаст —
Уый бамбæхста йæ дæлбазыр мæ Уарзт
(Йæ уд та — арвыл, зæдтимæ). Фæдзур ын:

Сæрсæфæнты ’хсæн нал фæразын, хур мын
Ад нал кæны, мæ ныфс, мæ тыхтæ — саст.
Æдзух вæййы йæ дунемæ мæ каст,
Æмæ адзал мæхи дзыхæй фæкурын.

Фæкæсынц мæм æдзард сыфтæртæ хъæды
Йæ къахвæдтæ, æнкъардæй сæм кæсын,
Фæуидзын сæ, табутæ сын кæнын.

Зæгъ ын, мæн дæр йæ бæстæмæ кæй фæнды,
Кæй нал фæразын уый мысгæйæ ам.
Æркæсæд мæм, æрдæттæд мæм йæ арм.

                          * * *
О Удисæг, о емынæ, мæ уæнгæл,
Ды ауагътай мæ цырен артыл дон.
Æмбойны баруад дидинæг, æрвон,
Æрхауди дуртыл дзаг нуазæн, ныттæгæл.

Фæсидзæр дуне, сау мастæй ныддæнгæл, —
Ды демæ ’рхастай низ æмæ фыдбон.
Æфсарм, æгъдау... Ыскодтай сын кæрон.
Дзыназын æз — тыхсаст æмæ фыдæнхъæл.

Йæ уынд, йæ конд — æмбал та сын кæм уыд!
Бæсты фидыцтæ сиу ысты йæ нывы.
Ныр къухдарæнæй асхъиудта налхъуыт.

Æрвдидинæг йæ уæлвæзæй фæхъуыд.
Ныр уыцы ныв æмбæхсы арв йæ къуырфы,
Æмбæхсы йæ йæ рæбыны мæ уд.

ПЕТРАРКæЙЫ  ЗОНДЫ  НЫХæСТæЙ

· Иумæйаг рæгъауæй рацæуыныл чи афæлвары, уый æхсæнады знагæй агæпп ласы. Уæ хорзæхæй, зæгъут-ма: цæмæн?
· Дæ фыстытæй дын цæмæй æппæлой, уый дæ фæнды? Уæдæ амæл! Адæймагмæ йæ мæлæты бонæй фæстæмæ райдайынц хорз зæрдæ дарын. Царды кæрон — кады райдайæн.
· Иу æмбаргæ адæймаг дæр нæ рахъаст кæндзæн, æнæхъæн дуне цæмæйты хъаст кæны, уыдæттæй: алкæмæн дæр йæхи бæллæхтæ фагæй фылдæр сты.
· Зыд адæймаг æдзухдæр мæгуыр вæййы. Дæ мондæгтæн бæрц æмæ  бæрæг исты нысан зон.
· Адæймаджы йæ тæригъæддаг уавæрæй фервæзын тынг зæрдиагæй куы фæнда, уæд ын мацы бантыса, уымæн уæвæн нæй.
· Чингуытæ æппындæр æвзаргæ ма кæн, афтæмæй сæ «ныхъуыр», уæд дæ зондæн йæ тæхыны хъомыс исыс, кæнæ йæ бынтон сæфтмæ тæрыс.
· Ныфс æмæ фæнд кæрæдзи цырын кæнынц, кæрæдзи цæрайæ цæрынц: иу дзы куы ’руазал вæййы, уæд иннæуыл дæр ихæнриз бахæцы, иу дзы куы сæхсиды, уæд иннæ дæр рафыцы.
· Сæрибарæй хъуыды кæнын у æппæты стырдæр сæрибар. æмæ иугæр иннæтæн уыцы сæрибар ис, уæд æй æз мæхицæн дæр домын.
· Адæймаг цас чъындыдæр уа, уыйас æгъатырдæр у.
· æцæг уæздан адæймаг стыр уды хицауæй нæ райгуыры, фæлæ йæхицæй ахæм скæны йæ æвæджиауы хорз хъуыддæгты фæрцы.
· Бирæ зонынæй цы ис, царды дзы куынæ пайда кæнай, уæд!
· Сызгъæрин, æвзист, налхъуыт-налмас, зынаргъ дарæстæ, мармæр галуантæ, нывтæ æмæ æндæр дзауматæй адæймаг цы æхцондзинад райсы, уый рæстæгмæ у. Чингуытæй та æцæг зæрдæскъæфт фæвæййæм: уыдон немæ дзурынц удæгæстау — уыдон нæ хуыздæр уынаффæгæнджытæ, нæ ахсджиагдæр хæлæрттæ сты.
· Бирæ аиппыты хицауæн бирæ хицæуттæ ис.
· æппæлæн ныхас зондджынæн пайда у, æдылыйæн — зиан.
· Аууонæн йæхигъдауæй равзæрæн æмæ уæвæн куыд нæй, афтæ у кады хабар дæр: фарны хъуыддæгты бындурыл куынæ сырæза, уæд нæдæр æцæг уыдзæни, нæдæр фидар.
· Кад мæрдтæн ницы ахъаз у. Удæгæсты та бирæ хæттыты бабын кæны.
· Мæнг кады бæсты æнæ кад хуыздæр.
· Быцæйуаг хъуыддæгтæ æвзаргæйæ хъуыдытæ алыхуызон рауайынц, фæлæ рæстдзинад æдзухдæр иу вæййы.
· Цас уарзыс, кæд уый бамбарын кæнын дæ бон у, уæд чысыл уарзыс.
· Куыд судзыс, кæд уый равдисын фæразыс, уæд гæзæмæ судзыс.
· Адæмæн лæггад кæнынхъом чи у, æмæ чи нæ лæггад кæны, уый адæймаджы егъаудæр хæс ницæмæ дары æмæ йын адæймаджы ном хæссыны бар нæй.
· Айдагъ мæ удыл кæй тыхсын, уый мын æгæр дæр ма у. Тæхудидæгæй, а хъуыддаджы фаг уæддæр куы суаин!
· Стæм адæймæгтæй иу суæвыныл кæд иттæг зæрдиагæй архайын, уæддæр нырма бирæтæй иу дæн.
· Бæллын, мæлæт мæ кувгæ-кувын кæнæ фысгæ-фыссын куы ’рбаййафид, уымæ.
· Мæ бонзонгæ уагæвæрдтæ ахæмтæ сты: талф-тулфæй фау­тæ ма ’вæр, исты хъуыддагыл дзургæйæ цæхгæр ма ныллæуу.
· Алы æнус дæр хъуамæ разы уа йæ курдиатджын адæй­мæгтæй.
· Алчи дæр искæмæн ныббарыны бæсты йæхицæн ныббардзæн. æмæ ноджы: алчи дæр йæхицæн зæрдæтæ авæрыны бæсты искæмæн авæрдзæн зæрдæтæ.
· Диссаг у, фæлæ фыдынд адæймæгтæ дæр ныууадзынц рæ­сугъд хъуыддæгтæ. Фидий æмæ Апеллесы рæсугъды койтæ никуы æрыхъуыстам. Фæлæ сæ иуæн замманай уацмысты хæйттæ баззад, иннæмæн та — йæ кад.
· Хъысмæт искæмæ хорз цæстæй куы ракæсы, уæддæр æрмæст уый тыххæй, цæмæй йæ уый фæстæ асайа. Адæйма­джы уæлиау­мæ сисы æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй йæ уырдыгæй раппара. Уæвгæ æнтыстыл цин кæнын адæймаджы стыр рæдыд у. Ахæм рæдыдтæн та кæрон дæр нæй.
· Тыхджынтæн æххуыс кæнын аслам лæггад у, æдыхтæн чи æххуыс кæны, стыр уды хицау уый у.
· Гæлхæрд æмæ талынг удтæ алцы дæр сусæгæй кæнынц, амонд­джынтæн æмбæхсæнтæ нæй, алцыдæр сын — æргом.
· Хъысмæты фыдæвзарæнтæн æппæтæй хуыздæр уарт — лæгдзинад, æхсар. Тæппуд æнæхæцæнгарз у, цас тынгдæр тæрсай, уыйас дæм тас æмхицдæр у; лидзæджы сургæ кæнынц, фæрсылы — ссæндгæ, лæууæгæн ссæндæн нæй.
· Адæймагæн кусынæй æрдзондæр хъуыддаг ницы ис, гуыргæ дæр уый тыххæй ракæны, маргъ тæхынæн æмæ кæсаг ленкæн куыд райгуыры, афтæ.
· Хæлæгдзинад стыр аипп у. Уыцы аипп йæ хицауæн — йæ марæг: хæлæггæнагмæ йæ алыварс адæм цас амондджындæр фæкæсынц, уыйас йæхæдæг æнамонддæр кæны.
· Зонд æмæ тых æдзухдæр хибæрттæй фæцæуынц: иу дзы рохуаты баззайы, иннæ та дидинæг фæкалы. Фæлæ цалынмæ фыццаг райхъал вæййы, уалынмæ дыккаг баруайы...
· æрвылбон цы уынæм, уый нæм диссаг нал фæкæсы, стæм хатт цы уынæм, уымæй та зæрдæскъæфт фæвæййæм.
· Зайæгойты иу ранæй иннæ ранмæ куы рахæссæм, уæд сæ дон фендæрхуызон вæййы; хъæддаг къудзи ног бынаты йæ миниуджытæ раивы æндæртæй. Мæ ныхас чердæм здахын, уый æмбарут? æз дæр — цы йæ ’мбæхсон? — хъæуы мæхимæ иухуы­зон фæкæсын, сахарты та — æндæрхуызон; хъæуы ме 'рдзон уагыл вæййын, сахары та искæй фæзмгæйæ фæцæрын.
· Уæздан адæймæгтæн цы хæрзиуджытæ æмбæлы, уыдон фидиссæгтæм куы ’рхауынц, уæд мæм нæ иумæйаг хъысмæт кæ­уинаг æркæсы.
· А дунейыл ахæм хæрзхъæд ницы ис, сахъæттæ кæмæ нæ уа.
· Адæймаджы хъуыддæгтæй иу дæр æххæст æмæ æнæаипп нæу. Цыфæнды æнæныфс критик дæр кæмæфæнды дæр ссардзæн, йæ хъуын ын цæй тыххæй ацæгъда, ахæм исты.
· Мацы хъуаг у, стæй дæм фагæй фылдæр ма уæд, иннæтæн командæ ма кæн, стæй искæй дæлбар дæр ма у — ахæм у мæ нысан.
· Мæ царды бонты æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: æппæтæй тынгдæр дæ рæстæг сафыс дæ хæлæрттимæ ныхас кæнгæйæ, уый дæр æнæзынгæйæ; дæ рæстæг дын тæккæ æгъатырдæрæй чи ссивы, уыдон — дæ хæлæрттæ.
· Æппæтæй хуыздæр та: фысс, мыдыбындзытæ мыд куыд æмбырд кæнынц, афтæ — дидинджытæ æнæвнæлдæй ма уадз, фæлæ сæ мыды фæзгъæртæ фестын кæн, цæмæй бирæ алцæ­мæйты иу хуыздæр исты рауайа.
· Мæ авналæнтæ мын чи цыбыр кæна, ахæм фæтæг мæ нæ хъæуы. Фæтæг фæтæгæй баззайæд, фæлæ мæнæн хъуамæ мæхи цæстытæ, мæхи зонд, мæхи сæрибар уа; хъуамæ, кæдæм мæ фæнды, уырдæм цæуон, алцæмæ дæр мæ хъус дарон, хъуамæ тырнон, къухы  бафтæн цæмæн нæй, уымæ, бар мын уа цыбырдæр фæндагыл цæуынæн дæр, стæй дæрдтыл æрзилынæн дæр, фадат мын уа тагъд кæнынæн дæр æмæ бафæстиатæн дæр, иуварс аздæхынæн дæр æмæ балц æрдæгыл ныууадзынæн дæр.
· Ног бон йемæ бирæ цыдæртæ æрбахæссы, хъысмæты фæзи­лæнтæй иу дæр æнусон нæу, æххуыс арæх фæзыны, æнхъæлмæ чердыгæй нæ кæсай, уыцырдыгæй, ныфс асæттынæн афонтæ нæй, ирвæзæн хос бирæ хатт æнæнхъæлæджы фæзыны.

Хъодзаты æхсары тæлмацтæ

 

// Мах дуг.– 2004.– № 7.


Зарубежная литература         Австрийская
        Астрид Кольмайер
        Георг Тракль
        Стефан Цвейг
       Американская
        Марк Твен
        Эзра Паунд
        Эдгар Аллан По
        Эмили Дикинсон
       Английская
       Афганская
        Шах Идрис
       Белорусская
       Венгерская
        Йожеф Аттилæ
        Шандор Петефи
        Балашши Балинт
       Индийская
       Ирландская
        Оксар Уайлд
        Уильям Батлер Йейтс
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
        Ам Бо
       Корейская
        Неизвестный автор
        Чо Хон
       Латвийская
        Аия Бриаака
        Аспазия
      Латинская
       Немецкая
       Норвежская
        Кнут Гамсун
       Персидская
        Омар Хайям
        Фирдоуси
       Польская
       Турецкая
        Хикмет Назым
       Французская
        Сент-Экзюпери Антуан де
        Экушар Лебрен
        Гишар
        Баур Лормиан
        Клод Мерме
        Сен-Желе
        Сенесе
        Жан Расин
        Колен Бюше
        Ла Моннуа
        Гийом де Бребеф
        Фор де Пибрак
        Д’асейи
        Теодор Дезорг
        Алекси Пирон
        Неизвестный автор


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Кудашева Р.
     Короленко В.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Литература народов Кавказа:
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
      Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.