logo

М О Я    О С Е Т И Я



Гогуа Алыкса
зындгонд абахазаг фыссæг (1932)

 

Цалынмæ хур нæма аныгуылд ...
Уацау цыбыртæгондæй

Царды йæ æппындæр ницæмæ ’вдæлди: ницы дæр сусæг кодта йæ мидæг, ницæмæн дæр йæ лæгъздæрыл архайдта — хъыг дæр æмæ цин дæр, хорз дæр æмæ æвзæр дæр æмхуы­зон цыдысты йæ да­дзинты.
Мæлæт гурæй-гурмæ цыд йæ фæстæ цардæн æмæ-иу æм дзы цы æрхауд, уымæ-иу фæлæбурдта. Йæ ныгæнæн бон æй лæугæ ныууагътой, чрыны алыварс чи бадти æмæ фырæнкъардæй сæ цæсгæмттæ кæмæн ныссау ысты, уыцы устыты æхсæн. æнæуи дæр йæ бынат уым уыди, чындз уым хъуамæ лæууыдаид. æмæ лæууыдаид, фæлæ устыты æхсæнæй ницы уыдта. æрмæст-иу искуы иухатт кæуæг устытæй искæй уæхсчы сæрты бакаст æмæ-иу афтæмæй ауыдта Езуджы — адаргъ, хуыс­сыд йæ чырыны. Фæлæ йын йæ цæсгоммæ бакæса, уый амал ын нæ уыди устытæй. æмæ йын йæ цæсгом нæма федта. Ныр æртыккаг бон, мæлæт ыл йæ уæззау мыхуыр куы æрæвæрдта, уæдæй нырмæ.
Афтæ æнхъæл уыдис æмæ йын гæнæн фæуыдзæн, йемæ иунæгæй аззайдзæн æмæ йæм уæд фаг фæкæсдзæн. Фæлæ йын уымæй ницы рауади — бонæй йæ йæ мæрддзыгой устытæ нæ уагътой, æхсæв та мардæн йæ цурыбадджытæ. Уый сæ
никæй сæр ахста, æмæ сæ дыууæйæ иумæ фæуадзын кæй хъæуы, уæд та ма иуцалдæр уысмы. Марицæ чи уыди, йæ зæрдæ кæ­уыл дардта, уый дæр йæхи ницызонæг скодта.
...æнæуи дæр иумæ никуы фæбадтысты сæ зæрдæты фæндиаг, никуы сæ равдæлд. Мæлæты фæстæ цыдысты. Мæлæт сын фыццаджы-фыццаг дæр сæ нæмттæ æддæдæрæй æддæдæр кодта. æддæдæр сын кодта сæ царды фæндтæ дæр. Тардта сæ сæ иумæйаг æвдисæнмæ — цардæн йæ кæронмæ. Уæдæй нырмæ йæм, ныр дыууæ азы дæргъы дзурынц иу номæй — «Чындз». æмæ, раст зæгъгæйæ, уыцы ном йæ зæрдæйыл афтæ æхсызгонæй нæ сæмбæлы. Ахæм æгъдау ис нырма, æмæ, чындзы чи ацæуы, ууыл, кæдæм ацæуы, уым æндæр ном сæвæрынц. Иуæй иутæн уыцы ном мæлæты адджын фæвæййы æмæ йæ куы фе­хъусынц, уæд ахæм æхсызгон улæфтытæ ныккæнынц æмæ зæгъдзынæ — уартæ сæкæры къæртт акодта йæ дзыхы. Ууыл нæ сæвæрдтой æндæр ном, æмæ йын йæхи ном та уæнгæлад скодта. Афтæ æрмыдул ысси йæ ном, æмæ йæм, фынгыл цы фæлхæрдтæ аззайы, уый хуызæн фæкæсы. æрмæст ын уый дзырдта йæ ном — цыдæр имонау хъæлæсæй — цин-иу абадти йæ былтыл, уый ном дзургæйæ. æмæ йæ уæд та уый охыл куы сдзырдтаиккой уый номæй, фæлæ — нæй. Йæхи ном ын ныу­уагътой æмæ ма йæ ноджы хонын байдыдтой «чындз» дæр. Уымæй йын гыццыл фæрухсдæр кодтой йæ зæрдæ. æмæ йæм дзырдтой «чындз», дзырдтой йæ цыдæр арæхстгай — цалынмæ-иу æй загътой, уæдмæ уал-иу æй се ’взаджы цъуппыл аратул-батул кодтой, цыма йын йæ ад æвзæрстой, уый хуызæн.
æмæ йыл уый бирæ хæсты уаргъ æвæрдта, уыцы ног ном. Уæлдай дæр мæнæ ныр, ацы бонты, хæстбойнонæй йæ лæджы чырыны уæлхъус куы лæууыд, хæрзчысыл кæимæ ацарди æрмæст æмæ ныр æнусмæ кæмæй хицæн кæны, уый раз.
Хæст кæй райдыдта, ууыл фыццаг нæ баууæндыд. Уартæ ма 1989 азы дæр фæныхæй-ныхмæ сты, тугкалд дæр æрцыди, фæлæ уайтагъд фæсабыр сты. æмæ та ныр дæр кæд исты хуызы бафидауиккой. Хъыг ын уыдис, Езугæй æнæхъæн къуыри хабар кæй нæ уыд, уый. Ныууагъта йæ хæдзары йе ’фсин æмæ ходыгъды æвджид, йæхæдæг фæраст и. Хæдзарыхицауы та уыдонмæ не ’вдæлд, сылгоймæгтæм. Куыст ын алцыдæр амыдта — ус дæр, фырт дæр, чызг дæр, æрдхорд дæр. æфсин та-иу æй куы федта, уæд-иу йæ былтæ акъуырдта, æмæ-иу йæхи Сухумырдæм кæсæг скодта. Йæ цæстыты-иу мигъ ныббадт, æмæ-иу ницыуал уыдта. Йæ цæсгомыл цы бирæ бызычъитæ уыди — цæсгомæй бызычъийæ æппындæр ницыуал зынд, уыдон-иу ныссырх-сырхид сты, сæ хъуынтæ-иу арц сбадтысты. æфсин тынг мæсты кодта Есмæйы мадмæ: Уый афтæ хъуыды кодта, зæгъгæ, йæ чызг Едзугмæ кæй фæцыд, уымæй йæхи удæгасæй баны­гæдта. æмæ йыл бахъоды кодта. Мыггаджы сæ аккаг нæ хуыдта. Фæлæ уыдон дæр сæ дæлæты кæмæн рауайай, ахæмтæ нæ уыдысты. æмæ загътой Есмæйы ныййарджытæн: «Уый кæд исчи йæхи бабын кодта, уæд нæ иунæг хъæбул! æндæр ма уæдæ сымахмæ æрхау!»
...Тынг æнæрхъæцæй æнхъæлмæ касти Едзугмæ, хъуамæ йын æппæт дæр радзура, цы мæстытæ æвзары, уыдон. Уæлдайдæр та ходыгъды фидистæ, алы æнæуаг ныхæстæ — ахæмтæ Есмæ æрмæстдæр ам базыдта.
...Цард йæ куыст кодта; баййæфта-иу æй, мысинæгтыл æй æфтыдта, цæмæй йын гыццыл зæрдæтæ авæра, йæ ныфс ын фæфидар кæна. ...Фæлæ та-иу æй, ныр цы цæуы, уыцы хабæрттæм раздæхта.
Мæрддзыгой адæм цыдысты æмæ цыдысты. Се ’хсæн-иу фæзынд, æфсæддон уæлæдарæс кæуыл уыд, ахæмтæ дæр. Уыдон-иу йæ цуры алæууыдысты, сæ сæртæй-иу ын акуывтой, æмæ та-иу фалдæр балæууыдысты. Есмæ та сæм-иу йæ цæстытæ дæр нæ систа — æгъдау ын уый нæ амыдта. Йæ цæстытæ та судзгæ кодтой фыррыстæй, Едзуг фæмардис, уый куы фехъуыста, уæдæй абонмæ. Арв æй цыма æрцавта уæд, уыйау дзы цыдæр судзгæ ацыд йæ сæрæй йæ къæхты бынмæ. æмæ дзы ницуал баззад, æвæццæгæн, æртхутæг йеддæмæ, æмæ цыма уыцы æртхутæгæй байдзаг сты йæ цæстыты дадзинтæ æмæ ма сæ цæссыг ратæдза, уымæн гæнæн нал уыд. Афтæ йын сыгъдысты сæхи мидæг. æмæ уымæл никуы баисты, хусæй лæууыдысты, иу цæссыг дзы нæ ратагъди.æмæ ма цæссыгтæ фæуæд, фæлæ цыма уый дæр цыдæр кодта, цыдæр ыл амбæлд, йæ зæрдæйы бын чи уыди, ууыл — нал змæлыди, ныхъхъус. æмæ тынгдæр уымæн тарсти Есмæ. Стæй куы базмæлыди, уæд та цыма æгæр сонт стæлфыд, афтæ йæм каст. æмæ цин кодта уæддæр, кæй райгас, ууыл. Мæй цыдæр ма рауайдзæн, æмæ хъуамæ фæзына рухс дунемæ. Бæргæ, бæргæ, Едзуг ма уæдмæ уæддæр куы фæцардаид!.. Уæд йæхицæн дæр бирæ æнцондæр уаид.
Хæстмæ куы фæцыд, уымæй къуырийы фæстæ фæзынд. Сæ кæрты кæрон æй куы ауыдта, уæд бауырныдта Есмæйы, хæст æцæгæй дæр кæй райдыдта, уый. Йæ зæрдæ куыд æрхауд уæд, афтæ йын нырмæ йæ бынат нал ссардта. Едзугыл йæ æрвылбоны дарæстæ уыд, фæлæ æд автомат. Диссæгтæ! Едзуг — æмæ автоматджын! Сæ хæдзары хæцæнгарзæй никуы ницæуыл æрхæцыд йæ цæст. Уый нæ, фæлæ ма сæм йæ кой дæр никуы рауад. æмæ Есмæ йæ мидзæрды худгæ дæр бакодта, автомат ын куы федта йæ уæхскыл, уæд. Есмæмæ та цыфæнды хæцæнгарз дæр диссаг касти, уымæн æмæ сæхи хæдзары цуаноны хæцæнгæрзтæй цы нæ уыд, ахæмæй ницуал баззад, ноджы æдзух топпытæ æмæ цуанон куыйты, цуан кæныны тыххæй дзырдтой. Раст цыма йæ фыд автобусыл нæ куыста æмæ дард рейсыты нæ цыд, фæлæ йæ сæйрагдæр куыст цуан кæнын уыдис. Адонмæ та табуйаг алы æфсæйнæгтæ сты; хæдзарыхицаумæ дуне уыд фæрæттæ, цъалдытæ, кæрдтæ, хырхытæ, дыргъдоны кусæн хæсгæрдтæ, сæнæфсир æхсæдæнтæ — æмæ сыл никæуыл æууæндыд, суанг йæ фыртыл дæр. æнæуи кæрдтæ дæр сæм бирæ, æмæ афтæ цыргъ уыдысты — андзæвыддæ йыл, уæд дæ æрбалыг кодтаид. Иухатт, йæ тæккæ ног чындзæй ма куы уыдис, уæд, æз дæр мæхи равдисон хæринаг кæнынæй, зæгъгæ, дзуллыггæнæн кардимæ куыд архайдта, афтæ дын гыццыл ма бахъæуа æмæ йе ’нгуылдз ма ахауын кæна. Ныронг дæр дзы нæма ферох сты, ходыгъд ын мæстæлгъæдæй худгæйæ цы ныхæстæ загъта, уыдон: «æндæр уæдæ хуыздæр цæмæ æнхъæлмæ кастæ­уа ахæм æнарæхстмæ!»
Йæ хицауæн та сызгъæрин къухтæ ис, цы куыстмæ нæ арæхст, æвæццæгæн, ахæмæй æппындæр ницы уыд. Сæ кæрты фидауц хъæдын арæзтæдтæ иууылдæр йæхæдæг скодта. Йæхи быд кауы сæрты та цъиу дæр не ’рбатæхдзæн. Уæдæ йæ бæлæстæ æмæ сæнæфсирты дæр удыхосæн иу хуыскъ къалиу не ссардзынæ. Едзуг йæхæдæг дæр мæнæ-мæнæ цыбæл нæ уыд æфсæйнаг кусæн гæрзтæм, æрмæст машинæйы хъуыддæгтæ хорз зыдта, хæстмæ дæр йæхи «Жигулийыл» ацыд. Хойæн уый æхсызгон нæ уыди. Уымæ машинæ тынг нымад уыд, æмæ йын йæ кой афтæ æхсызгонæн кодта искæимæты лæугæйæ, раст цыма уыцы «Жигули» сæ бинойнаг уыд. Едзуг куы фæзынди уæд, ома къуырийы фæстæ, уæд æм машинæ нæ уыд — йе ’мбæлтты хъуыди, ныууагъта сын æй. Ходыгъд дын уый базыдта цы! Йæ хъуыр-хъуырæй нал æмæ нал æнцад.
æфсымæр æм тигъмæ фæкаст æмæ йыл афтæ фæтъæлланг ласта, æмæ Есмæ хæрдмæ фæхауд. Ахæм тыхст æмæ мæстыйæ никуыма федта Едзуджы.  Ходыгъд дæр ныссабыр. Уæдæй фæстæмæ машинæйы кой никуал скодта, фæлæ йæ маст кæй нæ бамынæг, уый йыл бæрæг дардта.
Машинæ йын цыма фæлдисгæ ныккодтой, уыйау æй цыдæр сау кæттагæй бамбæрзтой æмæ йæ кæрты къуымы сæвæрдтой.
Едзуг уыцы бон куы фæзынди, уæд бинонтæ иууылдæр йæ размæ ракалдысты, æмæ уыдонимæ иумæ сæрдыгон хæдзармæ бацыд. Чысыл дзы афæстиат, стæй уæлæмæ, уымæ, ссыди, йæ къухы автомат, афтæмæй. Фæсдуар къулмæ йæ банцой кодта, хæстæг æм бацыд Есмæмæ, йæ цæнгтæ йыл æрбатыхта æмæ йæ йæхимæ нылхъывта. Уый йæхи атоныныл архайдта, мæсты йæм кæй у, уый равдисынмæ, фæлæ йæ Едзуг тынгæй-тынгдæр йæ риумæ æлхъывта. æмæ уæд йæ зæрдæ хæццæ кæнын райдыдта уыцы алыхуызон æнахъинон тæфтæй. Бынтон та йын йæ туаггомау хиды тæфæй нал уыди сулæфæн. Едзуг æппæт дæр бамбæрста æмæ йæ суагъта.
Чырынмæ йын йæ цæсгом ныууыдта. Нæ уыдта мæрддзыгой адæмы цæсгæмттæ дæр. æмæ диссаг та куыд нæ уыд: хъыггæнæг адæм сæхæдæг дæр нæ кастысты Едзугæн йæ цæсгоммæ. Чырыны алыварс чи лæууыд уыдонмæ дæр нæ кастысты. Сылгоймæгтæ хъарджытæ кодтой, чырыны иуварс чи лæууыди, ома хион адæм, уыдон куыдтой сæ хъарджытæм.
Уымæн та лæууын йæ бон нал уыди. Ныррæсыдысты йæ къæхтæ, ницыуал ын æмбæрстой. Зæххыл кæй лæууыдысты, уый дæр сæм нал хъардта æмæ зæххæн йæхи дæр нал æмбæрстой. æмæ уый дæр йæ зæрдæйы бын чи уыди, уый дæр бафæллади, æвæццæгæн. Афтæ ма-иу рæстæгæй-рæстæгмæ базмæлыди, стæй та-иу цасдæр рæстæг йæ къахдæр нал атылдта.
...Цард цыди æмæ цыди. Хатгай-иу æм афтæ дæр фæкаст, цыма уымæ, Есмæмæ цард ницы бар дары, цыма уымæн йæ иувæрсты ивгъуыйы. Стæй та-иу ыл йæ уæз æруагъта æмæ та-иу ын йе ’ргом аздæхта йæ мысинæгтæм. Цард, чи зоны, æмæ æндæр мадзал нæ зыдта, цæмæй йын уæд та чысылд фенцондæр уа, уымæн.
Уыцы æхсæвæн йæ райсомы хъуамæ ацыдаид — Есмæ базыдта, лæгæн йæ бон у, æмæ æвиппайды фæхистæр уа. æмæ уæд — уый дæр уыцы æхсæв — фыццаг хатт ахъуыды кодта лæг æмæ усы цардыл, бинонтыл, сывæллæттыл. «Мæ мой», зæгъгæ, уыцы дзырдтæ раздæр цыдæр худгæ ’мхасæнты дзырд­та, ныр сæ æндæр мидис разынд. æмæ уымæн йæ рахæцæн, æвæццæгæн, хæст кæй райдыдта, уый уыдаид. Хæст алцыдæр фендæрхуызон кодта, кæрæдзимæ сæ æрбахæстæг кодта — цардæй уа, мæлæтæй уа, цинæй-хъыгæй...
Разæй цы сылгоймæгтæ лæууыдис, уыдон-иу, кæрæдзи ивгæйæ хъарджытæ кодтой рæстæгæй-рæстæгмæ. Фæлæ уыдон мæнæ æнæуи хъарджытæ нæ уыдысты. Раздæр-иу ахæм æрыгоныл нæ, фæлæ ацæргæ лæгыл дæр æрдиаг кодтой. Хæст ахæм æнæнхъæлæджы райдайы, æмæ адæм фæкуыддæр вæййынц, нал фæарæхсынц сæ сабыр царды миниуджытæм — хæст алцыдæр йæхи æгъдæуттыл ауадзы, йæхи кæнонтæ райдайы. æфсин æнцад лæууыди, цыма дурдзæф фæци, уыйау. Йæ цæстæнгас дард кæдæмдæр, æбæрæг кæдæмдæр сарæзта. Хатгай-иу чырынмæ хæстæг бацыди, йæ мард хъæбулмæ-иу кастис æмæ-иу никæй уал уыдта уый йеддæмæ. Уæвгæ дæр йæ цæстытæй ницы- уал уыдта: басыгъта йын сæ йæ уды рыст. Йæ хус былтæй ма-иу тыхтæй-амæлттæй сирвæзти, зæрдæтонæн сабыргай: «Мæ арт куыд бауазал...» Ныр Сухумы æмæ Есмæйы бинонтырдæм нæ уыд йæ каст. Ныр бирæ дарддæр касти, афтæ дард касти, æмæ дзы йæхи зæрдæ дæр уазал кодта. Афтæ сæрибар ма, æвæццæгæн, æмæ лæгæн йæ уд вæййы, буары уацарæй куы фæирвæзы, уæд.
«...Аку, аку, кæуын худинаг нæу, — хаттæн-иу æм æрбай­хъуыст йæ ходыгъды хъæлæс, — дæ уд суæгъд кæн уымæй». Уымæ дзырдта ходыгъд, Есмæмæ. Ноджы йæм афтæ каст, цыма уыцы ныхæстæ «дæ уд суæгъд кæн уымæй», барæй, мæстæй- маргæйæ дзуры. æмæ йын мæлæты хъыг уыд, мæлæты — раст ын йæ тъæнгтæ цагътой. Стæй хъæрæй дзырдта ходыгъд, æнахуыр тынг хъæрæй. Афтæ хъæрæй дзырдта афтæ, цыма сын хæст цы арæнтæ скодта сæ цардæн, уыдон атонынмæ хъавыди. Ныр æй зонгæ дæр кодта, Есмæйæн йæ цæстытæ кæй бахус сты æмæ кæуын йæ бон кæй нæу, фæлæ йæ йæ мард æфсымæрæн дæр йæ цæст нæ уарзта, суанг æй уый аккаг дæр нæ хуыдта, марды аккаг. Ходыгъд æм кæд комкоммæ нæ каст, уæддæр æй уыдта — йæ къæбутæн дæр цæстытæ кæмæн ис, ахæмтæй уыди ходыгъд. Мæнæ раст йæ алыварс уынæг мыдыбындзау. Афтæмæй уымæн та, йæ рæсыд къæхтæй кæм хъуамæ лæууа, кæцырдæм фенкъуыса, кæцырдæм фезмæла, уыдон хъуамæ иууылдæр нымад уой, зындгонд. æндæр хатт, куыд æй фæндыд, йæхи афтæ дардтаид, иууылдæр йæ ныхмæ куы суыдаиккой, уæддæр. Фæлæ ныр та уымæн гæнæн нæ уыд: иуæй æфсæрмы кодта мардæй, иннæмæй та йын уыцы бар нæ лæвæрдта хæст.
Ацы дунейы адæймаг сæрибар никуы вæййы! Цард цас фылдæр зоныс, уыйас æй тынгдæр æмбарыс, йæ ахасты кæй стæм, уый — нæ бон дзы нæхи атонын нæу.
Фæлæ йæм уæддæр тырнæм. Нæ йын тæрсæм йæ сахсæнтæй. Цард, цы йын æмбæлы, уый хъуамæ кæна, æндæр гæнæн ын нæй. Есмæ йæ æмбары, цард куыд цæуы, сахаты хуызæн, уый. æмæ Есмæ дæр æрсабыр вæййы, мысинæгтыл фæвæййы, йæ мæстытæ дзы айрох вæййынц...
...Уыцы бон, куы цыдис, уæд ын йæ къух йæ гуыбыныл хъавгæ æрхаста æмæ фæсырх, мæнæ йын фыццаг хатт куы апъа кодта, уыйау. «Нæ зонын, кæмæй фæуыдзæни, кæй хуызæн рауайдзæн, фæлæ ахæм тæлфаг у æмæ!» — загъта Есмæ æмæ, йæ хъæлæсы цы мынчын мыртæ фæзынд, уыдоныл йæхæдæг дæр бадис кодта. «Дæуæй фæуыдзæни, кæмæй хъуамæ фæуа æндæр!» — загъта Едзуг дæр æмæ ныххудти.
Фыццаг хатт æй куы федта æмæ йæ мыггаг куыд у, уый куы фехъуыста — Апсаа, ома, Цъиутæй, уæд бадис кодта. æмæ æрмæст ууыл, æмæ йын йæ маргъы мыггагыл нæ уыд йæ дис — йæхæдæг дæр æм цыдæр маргъы æнгæсæн фæкаст, хъæддаг маргъы хуызæн. Мæнæ дымгæ иннæрдæм цы тæхгæ маргъы ахызт, æмæ йæ цæстытæ зилгæдымгæ кæмæн ныйирд кодта, ахæм маргъы хуызæн. æмæ йыл худæг бахæцыд; иннæ æмкъласонтæ йæм иууылдæр фæкастысты хæдзарон нард мæргъты æнгæсæнтæ: кæрчытæ, уасджытæ, гогызтæ — æгуыстæй кæрдæджы хæлттæ чи тоны, уыдон. æмæ æнæнхъæлæджы се ’хсæн фæмидæг ацы хъæддаг маргъ. æмæ уæд иннæтæ сæхи фæпыхцыл кодтой, цыма удаист фесты, уыйау. Фæлæ йæм куы æркастысты æмæ дзы кæй ницы тас у, уый куы бамбæрстой, уæд æрсабыр сты æмæ хъуыддагхуызæй уазæджы алыварс рацу-бацу систой.
æстæм къласы фæстæ фæзынд Едзуг Сухумы. Уæд хъæутæй бирæтæ цыди ардæм ахуырмæ, фæлæ уый никæй хуызæн уыд. Йæхи никæимæ архайдта баввахс кæныныл, стæй йын йæхимæ иннæтæ сæхи ласын райдыдтой. æмæ уæд Есмæйы хъустыл æрцыд, уыцы лæппу, дам, кæд маргъы хуызæн у, уæддæр маргъ нæу, сæрæнгуырд у. æмæ сыл баууæндыд. Баууæндыди сыл, стæй йæхимæ мæсты кодта — куыд хъуамæ уæдæ разына дзæбæх, уалæ кæмдæр хохаг хъæуæй нырма ныр чи æрæфтыд, уыцы лæппу?! æмæ йæхимæ кæуылты хуыздæр, кæуылты уæлдæр касти уымæй — уый далæ кæм æмæ кæм ис, хохаг дзигло!
Сихорафон æххæст нæма сси, афтæ сæм, мардмæ æрцæуын кæмæн æмбæлди, уыдон иууылдæр фæзындысты. Хæст ам дæр та йæхи æгъдæуттæ сæвæрдта. Раздæр-иу зианджынты кæртæй ацæуыныл ничи батагъд кодтаид. æнцад лæууыдаиккой, ныхæстæ кодтаиккой, кæрæдзийæн алы ныфсытæ æвæрдтаиккой, ныр та хъуыддаг уыйау нал у. Ныр афтæ дæр вæййы, æмæ зиан, цы бон æрцыд, уыцы бон бафснайынц.
...Райсомæй хъуысти сармадзанты абухын. Хорз нæ хъуысти. Денджызæй ацырдæм цы рæгътæ ис, уыдоныл æмбæлди æмæ йæ уыдон дзæбæх хъуысын нæ уагътой. Стæй бæстæ бынтондæр басабыр. Нал хъуысти мæрддзыгойы кæуын дæр. Иу цасдæр афтæ ахаста, стæй уыцы рæгътæн сæ цъуппытыл цы бæлæстæ уыди — дардмæ хуыйы рагъыл хуыйы хъис куыд æрзайа, афтæ зындысты — æмæ уыдоны сæрты æрбакалд æнахуыр уынæр, цыма кæмдæр зæй ратыдта æмæ уый нæрын хъуысти, уыйау. Йæ хæдуæлвæд арвы сыгъдæг цъæх-цъæхидыл — уды хосы хуызæн чысыл сатæггомау уддзæф кæцæй ивылди, — уым фæзынди, фæзынди нæ, фæлæ дыууæ хъамайы æрттывд фæкодтой дыууæ хæдтæхæджы.
æмæ уæд, хæдзармæ æввахсдæр адæмы цур цы ацæргæ лæг лæууыд, уый куыддæр дызæрдыггæнæгау загъта: «Бирæ нал сты. Тагъд сæ иу дæр нал баззайдзæн. Хуыцауы фæндæй...»
æмæ йын уæд йæ ныхæстæм иннæ бафтыдта: «Хæрæг дæр ма, кæм æй фæнæмынц, уырдæм хæстæг нал бацæуы. Адонæн та иу рæдыд зонды хос нæу...»
æртыккаг лæг афтæ æмраст лæууыд, раст цыма мих аныхъуырдта, уыйау. æмæ загъта: «æрмæст дæр-иу вертолетты æрæппæрстой...»
Сæ иумæ дæр Есмæйы бон хъусын нæ уыд. Йæ къæхтæ йæм дзыхæй нал сдзырдтаиккой, афтæ рыстысты. Йæ ком дæр ныххус. æмæ ма дойныйæн бафæрæзтаид, бадгæ куы кодтаид, уæд. Уæд æнцон у, исты хъуыдытæ æмæ мысинæгтыл йæхи ирхæфстаид, æмæ дзы йæ дойны айрох уыдаид, фæлæ йын æрбадыны бар æгъдау нæ лæвæрдта.
...Цард йæ кæнонтæ кодта. æддейæ бакæсгæйæ афтæ зыны, цыма цард айдагъ абоны хъуыддæгтыл архайы, æрмæст цардæн йæ абоны хъуыддæгтæ дæр зноны хъуыддæгтыл æнцайынц. Адæймагæн, ивгъуыды тармæ цы рæстæг аивылы, уый дæр ын цардæн абоны боныл нымад у. Есмæ иунæгæй баззади. Уыцы егъау хъыг æй цыма дур фестын кодта. Ницыуал æмбары, йæ алыварс цытæ цæуы, уыдонæн. æрмæст ма йын мысинæгтæ баззади. Бирæ мысинæгтæ. Алыхуызон мысинæгтæ. æмæ ма йæ къæхтыл кæд лæууыди, уæд уыдоны фæрцы, стæй ноджы уыцы уæлдæфы руаджы, сыфтæрызгъæлæн рæстæг суадонау чи ныссæгъдæг вæййы, уыцы уæлдæфы хорзæхæй. Фæззæг ралæу­уыд. Фæлæ ма бæлæстыл сыфтæртæ фидар хæцыдысты. Цъыфдзæстыты кæрдæг та бынтон цъæх-цъæхид дардта. Уалынджы фæуазæлттæ кодта,æмæ сыфтæртæ ампылд сты, уайтагъд зæххы хай баисты. Уæддæр ма æхсызгон уыди сæ тæф адæймагæн. Уый уыди фæззæджы тæф, рæгъæд мугæйы тæф, стæй фесæфт уыцы хæрздæф дæр, æрбацыдæр. Фендæр суадонау сыгъдæг уæлдæф дæр — йæ хъæлæсы сæ айста æндæр, æнахъинон тæф. Уыцы тæф, æнхъæлцау куы нæма уыдис Есмæ, уæддæр нæ уарзта. Уæддæр дзы йæ зæрдæ хæццæ кодта. æмæ та йыл ныр дæр йæхи цавта уыцы тæф, цыма куыдз уыди, хъæхъхъаг куыдз æмæ йæм лæбургæ кодта, уыйау.
«Мæдинæ кæуыл фæкуыдта, йæ цæссыгæй кæй фехсадта!..» — уыцы тæфы фæстæ дæр æрбайхъуыстысты ныхæстæ дæр. æмæ йæ базыдта Есмæ. Уый йæ ходыгъды æмбал куыдта, абадгæ чызг. Хъæуккаг лæппутæй никæмæн куымдта, былысчъилтæ сыл кодта. æнахъинон тæф дæр уымæй цыди: тынг уарзта карз къофи æмæ сойыфых æхсынæнтæ. æнæсцухæй цымдта къофи æмæ къæрцц кодта æхсынæнтæ. Куыддæр йæ дзых байгом кæны, афтæ уыцы тæф бæстæ хуыдуг кæнын райдайы. Есмæйæн йæ зæрдæ хæццæ кодта, тыххæйты ма урæдта йæхи. Йæ зæрдæйы бын чи уыд, йæ хуылфаг, уый дæр фæхъус. æвæццæгæн, уымæ дæр бахæццæ уыцы хъылмайы тæф.
Кæд йæ мæт ничи кæны, уæд йæхæдæг йæхиуыл ахъуыды кæндзæн. Иугæр, чи йыл батыхса, уый нæй, уæд. Ахиздзæн, уæдæ цы кæна, æгъдауы сæрты. Уæвгæ та йæм чи кæсы — ничи йæм кæсы, никæй зæрдæ зæгъы уымæ кæсын. Стæй ам ничи никæмæ кæсы. Мæрддзыгой чи 'рбацæуы, уыдон дæр нæ бакæсынц чырны уæлхъус бадæг адæммæ. æрмæстдæр йæ ходыгъд æмæ æхсынæнтæ уарзаг чызг кæрæдзийы уындæй не ’фсæдынц, цыма уыдонæй хæстæгдæр удыкондæй ничи у, афтæ. Чидæр æм фæстæты æрбацыди, йæ уæхсчытыл ын æрхæцыд. Йæ мæллæг даргъ æнгуылдзтæй, йæ къухы домбай æвнæлдæй йæ базыдта — йæ сидзæр сабитæ, йæ уæззау цард, йæ алы тыхстытæ йæ бадомдтой, айдагъ царм æмæ ма дзы стджытæ баззад. Марицæ... Арт цыма сыгъд йæ мидæг, ахæм цæхæр калд йæ цæстытæй. Нæ йæ уарзтой сылгоймæгтæ, фæлæ йæм уæлдай дзырд скæнын дæр нæ уæндыдысты. Уымæн æмæ йæ зыдтой: Марицæ, чи фæчъил уа, ахæм нæу. Кæддæриддæр йæхи фæндыл цыд, цæлхдур ын ничи уыд, ничи æмæ ницы.
«Нæ йæ уынут, æви цы?! Цалынмæ ахауа, уæдмæ æнхъæлмæ кæсут?!» — йæ хъæлæсыдзагæй загъта, æппæт дæр æй куыд фехъусой, афтæ. Ничи йын ницы дзуапп радта. Марицæ йыл йæ риумæ æрбахæцыд, Есмæ коммæгæс уыд. Акодта йæ иуварс æмæ йæ хибарæй сбадын кодта «Афтæ æнцад бад æмæ ма сыст! Цалынмæ æз æрбацæуон, уæдмæ», — æмæ Марицæ цыдæр æрбаци. æппæтæн дæр амыдта сыхаг сылгоймæгтæй, куыд æмæ цы кæнын хъæуы, уыдæттæ.
Бадгæйæ йæм хуыздæр зынди Едзуг. Дыууæ бонмæ дæр хорз бантысти мæлæтæн: цæсгом ныссау, стæй цъæх кæнын байдыдта. Ныр та æнахуыр урс-урсид у. Есмæ уæд бафиппайдта, фыццаг хатт æй куы федта, уæд: йæ бæзджын сау сæрыхъуынты фæзынд иугай урсытæ. æмæ йыл йæхинымæр бахудти, зæгъгæ, хъæддаг мæргътæ айчы хъузгæй куы рахизынц, уæддæр сæ урсытæ вæййы. Ныр уыцы урсхилтæ сбирæ сты. Тынг фæдзæвгар сты. Стæй йæ æнæуи дæр мæлæт адард кодта, тынг æй адард кодта, æмæ йæм афтæ каст, цыма уæд, удæгас ма куы уыд, уæд ын цы цæсгомы хуыз уыдис, уый йын нал хъуыды кæны. Йе ’мбæлттæ йæ куы æрбахастой, уæдæй нырмæ цыма бирæ азтæ рацыд, æнæнымæц бирæ азтæ æмæ дзы ферох и, йе ’рбахæссыны размæ цы хуызæн уыдис, уый.
...Фыццаг бон, куы йæ æрбахастой, уæд афтæ фенхъæлдта, цыма, Едзуг фæллад уыди, раздæр ын кæй нæ зыдта, ахæм фæллады фæд бандзыг йæ цæсгомыл. æмæ, цыма, æндæр чидæр уыд, ныронг кæй нæ зыдта, ахæм чидæр, афтæ дæр æм касти. Уый, æвæццæгæн, йæ цæстытæ æхгæд кæй уыдысты, уымæн афтæ уыдаид. Фæстаг хатт ма йын уæд федта йæ цæстытæ, уартæ ма æгас куы уыди, уæд. Иуæй-иу хатт адæм æрвгъуыз цæстытæ фæхонынц цъæх цæстытæ. æмæ сæ афтæ, хæстæгмæ сæм чи никуы ныккæсы, уый фæхоны. æцæг дæр вæййы, арвы хуыз сæ мидæг кæмæн сцæнд вæййы, ахæм цæстытæ. Едзугы цæстытæ, зæгъæм. æмæ уæдæ æндæр цы хуызæн цæстытæ хъуа­мæ уа маргъæн?! æмæ уæд афтæ дæр ахъуыды кодта Есмæ — йæ уд йæ цæстыты бады Едзугæн. Фæлæ йын æй нæ загъта. Тарсти, æрымысгæ ныхæстæ йын сæ куы схона, уымæй. Ныр йæ цæстытæ бацъынд сты, æмæ йæ уд дæр ахуыссыд йæ цæстыты рухсимæ...
æмæ-иу æй бафæндыд йæ мысинæгтæм раздæхын, уыдон баййафын. Тæрсгæ кодта, Едзуг сæ йемæ куы ахæсса уыдоны дæр, уымæй.
...Дыгай, æртыгай къуыритæ-иу æй æнхъæлмæ кæсын бахъуы­ди. æрæджиау-иу фæзынди. Иу хатт куы уыди, уæд та æрцыд. Йæ машинæ цъыфæй нал зынд, афтæмæй йæ уынджы фæуагъта, далæ кулдуары тæккæ цур. Есмæ йæ размæ нæ нызгъордта асинтыл, тыргътæй йæм касти — афтæ-иу уарзта, тыргътæй йæм уæле бынмæ куы кæсид, уый. æмæ йæм ныр афтæ фæкаст — уый раздæры Едзуг нал у. Афтæ йæм цæмæн сдзырдта йæ зæрдæ, уый нæ зоны, фæлæ йæ ууыл цыдæр æууæндын кодта — афтæ у æцæгæй дæр! Есмæ йæхимæ æмгæрон дæр никуы æруагъта ахæм хъуыды, зæгъгæ, Едзуг искуы амæлдзæн. Ома, хæсты фæмард уыдзæн. Уæвгæ та, куы йыл басæтта, уæд æм-иу ахæм хъуыды фæзынд, фæлæ йæ йæхицæй дард тардта. Тынг хорз æй уыдта, æнкъардта йæ: Едзугæн йæ мидæг чидæр амард, чидæр удæгас нал у йæ уды мидæг.
Ницы йын загъта Едзуг, фæлæ æппæт дæр уайтагъд бамбæрс­та. Куыд сраст кæна йæхи, уый нæ зыдта æмæ хъусæй лæууыд. Йæ цæстытæ иуварс азылдта, цыма, зылын кæй у, ууыл сæтты, афтæ. Ныр æй бамбæрста Есмæ, куыд тынг æй фæндыд, хибарæй куы баззаиккой, уый, фæлæ та-иу æй цыдæр баурæдта, æрдæг фæндагыл-иу сæ амонд фæкъуыхцы. Фыццагдæр цы бамбæрста, уый уыд йæ мидуавæр Едзугæн — кæйдæр амардта, мардта хæсты кæйдæрты, адæймæгты. Хæст хæст у, фæлæ адæймаг дæр адæймаг у. Кæддæриддæр...

Чырыны хуыссыд ахæм æлхъывдæй, æрмæст дæр мæлæты бон куыд у нылхъивын, ахæм. æмæ ма йæм кæса Едзугмæ, уый йæ зæрдæ нал агуырдта. Йæ зæрдæ та йæм тырнын райдыдта, скъолайы йæ фыццаг хатт куы федта, уæдæй фæстæмæ. æмæ-иу худти уыцы æнкъарæныл, йæ зæрдæйы монцыл, фæлæ йын йæ бон ницы баци. Уарзт ыл фæуæлахиз. Ныр уарзты тых Едзугæн йемæ амарди, æрмæст ма йæ мысинæгты удыгас у...
...Ахуыргæнæг ын раздæр йæ мыггаг загъта, стæй та йæ ном: Едзуг. æмæ йæ уæлвæд йæ къух йæ былтыл авæрдта, цыма цы не ’мбæлд, ахæм дзырд загъта. Хæрз æрыгон чызг уыди, тынг æй фæндыд къласы зæрдæмæ куы фæцæуид, уый. æмæ сын бирæ цыдæртæ барста. Йæ цæстытæ къласыл ахаста æмæ Астик-Гогызмæ кæсгæйæ баззад. æмæ та сабыргай загъта «Едзуг» — раст дзы цыма, йæ ком куы басудза, уымæй тарстис, уыйау. Фæлæ йæ Есмæ айхъуыста æмæ йыл дис кодта уыцы номыл. О, ныр стыр лæппу уыди, æмæ уыцы уæззау ном хæссын фæрæзта, фæлæ йын чысылæй та йæ бынатæй фезмæлын дæр куыд куымдта, цымæ?.. Йæ цæст ыл аивæй æрхаста. Сæ бæрзæндтæй нæ уыд, фæлæ æнæуи та хæрзуынд, бæзджын сæрыхъуынтæ йын. Усгуры кармæ йæ бирæ нал хъуыд. æмæ ма уæд Есмæ уый дæр фæфиппайдта, йæ сæрыхъуынты иугай урсытæ кæй фæзынд, уый.
æппæт уыдæттæ ауыдта, æмæ йыл худæг бахæцыд. Дзæгъæлы йæ нæ хуыдтой фæсаууонмæ, дымгæйы бардуаг, зæгъгæ. Ома, йæ сæры дымгæ къуыввитт кодта. Лæппу куы уыдаид, уæд æй цæхджындæр номæй схуыдтаиккой. Уæвгæ та ныр дæр йæхи лæппуйы хуызæн дардта, æппындæр чызджытимæ нæ хъазыд, фылдæр йæ рæстæг лæппуты ’хсæн æрвыста — йе сæфт уыдта чызджытæй.
Ахуыргæнæг дæр ныххудти. æмæ Есмæйы худынмæ йæ хъус не ’рдардтаид, уый Астичы къордимæ æмдзæхдон куы нæ уыдаид, уæд. Уыцы фыдуаг лæппуты къордæн уæлдай лæгъстæйаг уыди. Есмæ та цы? Уый та дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр къолхозы сæрдары чызг, фондз азы размæ æгады тардæй къолхозæй дæр æмæ хъæуæй дæр кæй фæкодтой, уый чызг. Фæлæ йæ мад та тынг сæрыстыр уыди сæ хæдзарæй, горæтгæрон кæй балхæдтой, Маячы цур, уымæй.
Астик дæр бахудти. Уæвгæ та худгæ нæ бакодта, фæлæ йæхи афтæ æвдыста, цыма худгæ кæны. æмæ уæд ахуыргæнæгæн дæр йæ худын бауромыны амал нал уыд. Едзуг сбадти, нæ касти кæл-кæлгæнджытæм. Есмæ Астичы хъусы бадзырдта: «Ныр, æвæццæгæн, йæ бумбулиты сыстытæ агурдзæн, ацы маргъ». Астик-иу, кæмдæриддæр-иу æй фæндыд, уым-иу сбадт. Есмæ­йы ’мбал уыцы бон скъоламæ не ’рбацыд, æмæ Астик йæ фарсмæ абадт. Ныр æцæг зæрдиагæй ныххудти дзырд «мар­гъыл».

Ногæй та мысинæгтыл фæци. Адæмæн сæхи уыдта, сæ хъæлæстæ та сын нæ хъуыста. Хъарæггæнджытæ фæкъаддæр сты, ныр хионтæ æмæ хæстæджыты рад ралæууыд, уыдон ыл кæудзысты ныр та йæ фæстаг фæндаджы размæ.
...Астикæн алцыдæр барстой, хатыр кодтой. Йæ фыды хицау тагъд хъуамæ пенсийы ацыдаид, æмæ йын йæ бынат уый бацахстаид, фыд. Уымæ гæсгæ йæ схуыдтой «мæнæ-мæнæ». Ома, мæнæ-мæнæ схицау уыдзæн. Фæлæ никуы æмæ ницы, ном та йæ уæлæ баныхæст. Астик дæр йæхи афтæ дардта, цыма никуы ницы æрцыд, ницы аивта, уыйау. Бæрзонд лæппу уыди Астик, фæлæ къæсхуыртæ... æмæ-иу афтæ дзырдта хъазгæйæ, æз, дам, нæхимæ куы нæ вæййын, уæд нæ бинонтæ хуыздæр хæринæгтæ фæхæрынц. Футболæй нæ хъазыд, баскетболæй нæ хъазыд, волейболæй нæ хъазыд, турникыл дæр дыууæ хаттæй фылдæр йæ бон йæхи сивазын нæ уыд. Афтæ-иу æппæлыд: «Мах уæздан туг стæм, алы хъæзтытæй хъазын нæ, фæлæ ма фистæгæй цæуын дæр нæ сæрмæ нæ хастам. Цæмæй, машинæ 80 километры сахатмæ згъора, уый тыххæй дзы 280 бæхы баифтындзын хъæуы, мах та иу бæхыл афтæ рæвдз тахтыстæм!»
Дæ уæздан тугæй æппæлын бынтон æдас хабар нæ уыд — йæ фыды фæндæгтæ йын сæхгæдтаид. Фæлæ йæ Астик хорз зыдта, хицауадмæ бирæ цыдæртæ нымады дæр кæй нал сты, уый. æрмæст ма афтæ сæ принциптыл бирæ дзæнгæда фæцæгъдынц.

Мардæй фæстæмæ, цард алкæй пайдайæн дæр куыста. Мæлæт дæр йæхи хъуыддæгтыл хæст уыди. Царды рæстæг хордта. Сахатгай, минутгай, секундгай абоны бон мардта, зноны бон дзы арæзта. Есмæмæ та афтæ касти, цыма йæхæдæг йæхи цы арæнты мидæг сæвæрдта, уыдон ыл тынгæй тынгдæр тыхсынц, æлхъивынц æй. Хатгай-иу ын улæфын фæзын. æмæ та-иу уый дæр, йæ зæрдæйы бын чи уыд, уыйдæр базмæлыд, йæ чысыл къæхтæн-иу сæ ратил-батил нал æнцад. Зиан тагъд кæй ахæсдзысты, Есмæ уый æмбæрста æмæ Едзугмæ кæсынæй тарст. Цæстытæ та сæхи уыйæрдæм здæхтой, фæлæ сæ-иу тыхтæй-амæлттæй иннæрдæм азылдта, адæмы сæрты-иу дард рæгътæм кæсыныл фæцис. Уым, рæгътæн се ’ппæты бæрзонддæр чи уыд, уый цъуппыл сызгъæрин доны тылдау, цæхæртæ калдтой фидары мæсгуытæ. æмæ-иу уæд йæ уд уыдонмæ кæсгæйæ стæфст.
Астик дам-думтæ кæнынмæ чызджытæй уæлдай нæ уыд. Йæхицæй-иу цыдæр арæзта, нысхъæл-иу гогызау. Уыцы заман æм исты ма сдзурай, ма йæ бахъыгдарай! Йæ пырх дыл акалдтаид. Уæлдай тынгдæр-иу йæ разæй дыууæ æфсымæры скодта, æппæтæй сабырдæрты. Фаззæттæ уыдысты. æмæ-иу æдзухдæр иумæ цыдысты, бадгæ дæр иу партæйыл кодтой. Мадзуратæ. æрмæст-иу исты куы райдыдтой дзурын, уæд сæм-иу иууылдæр ныккастысты. Ахуыргæнджытæ дæр сæ маст уыдонæй истой, уымæн æмæ иннæтæм нæ уæндыдысты. Хицæнтæй-иу сæ сбадын кодтой. Фæлæ та-иу уыдон дыккаг бон иумæ бадтысты — æндæр хуызы сæ бон нæ уыд сæ лæгдзинад равдисын.
...Уыцы бон сыл Астик дзулæй конд тулатæ зыввытт кодта, фæлæ сыл-иу нæ ауадысты — фаззæттæ дзы дард бадтысты, фаллаг къулмæ хæстæг Брежневы портреты бын. Астик æппындæр къуырын нæ зыдта, рæстдзæвин нæ уыд, æмæ-иу уыцы тулатæ фаззæттыл нæ, фæлæ Брежневы цæсгомыл аныхæстысты. Афтæмæй йæ цæсгом бызычъитæй байдзаг. æмæ сæ иууылдæр уыдтой — скъоладзауæй дæр æмæ ахуыргæнæгæй дæр. Фæлæ сæхи афтæ дардтой, цыма æппындæр ницы уынынц. Уалынмæ дын тула Брежневæн йæ тæккæ цæстыл куы сæмбæлид æмæ йыл куы аныхæсид. Ахуыргæнæг дæр æмæ скъоладзаутæ дæр фæкуыддæрау сты. Ахуыргæнæг дуар йæ хъæлæсы ахаста. Чысыл фæстæдæр æрбаздæхти, йемæ ахуыргæнджытæн сæ фылдæр, сæ сæргъы скъолайы директор, афтæмæй. Дурдзæфау фесты иууылдæр, тарст цæстытæй кастысты бызычъиарæх цæсгоммæ, йæ сохъхъыр цæстмæ. Иу дзырд дæр сæ не схауд, афтæмæй фæзылдысты æмæ федде сты. Уый ууыл дзурæг уыд, æмæ æвирхъау бæллæх кæй æрцыд, æмæ цы зæгъой, уый кæй нæ зонынц.
Рæстæджытæ аивтой, æмæ ахæм хъуыддаджы тыххæй ахæс­тонмæ никæй уал тæрынц. Ноджы уæдмæ Брежнев сæгад и, йе ’фсæртæ йæ коммæ нал кастысты, æмæ-иу дзурын куы райдыдта, уæд ыл-иу адæм худтысты. Уæддæр хъуыддаг партийы обкоммæ схæццæ. Скъоладзаутæм иугай-дыгай сидын байдыдтой, ахуыргæнджытæ кæм бадтысты, уыцы стыр уатмæ. Фарстой сæ, чи уыдис уыцы фыдуаг мигæнæг, уымæй. Фæлæ сын ууыл басæттын йæ сæрмæ иу дæр не ’рхаста. Стæй афтæ æнхъæлдтой, æмæ Астик йæхæдæг æппæт дæр радзурдзæн. Фæлæ уый æнцад бадти æмæ, бирæ хуызджын нывтæ кæм уыди, ахæм бæзджын журнал рафæлдах-бафæлдах кодта. Уалынджы ахуыргæнæг фæдзырдта уымæ, Едзугмæ — рауай, дам, ахуыргæнджыты уатмæ. Йæхæдæг лæууы къæсæрыл æмæ йæм æнхъæлмæ кæсы. Едзуг сыстад æмæ ахуыргæнæджырдæм нæ, фæлæ комкоммæ Астикмæ бацыд. æргуыбыр æм кодта æмæ йын йæ хъусы цыдæртæ бадзырдта, уый, цыма йыл исты фæхæцыд, уыйау фæгæпп ласта. Йæ дзых дæр нæма схæлиу кодта, афтæмæй йæ тъæпп партæйы уæлæ фæцыд...
Рагъы сæрмæ фидар фыццагау æрттывта. æмæ Есмæмæ афтæ каст, цыма хур иннæ хæттытау нæ тагъд кæны. Раздæр-иу рагъы уæлæ цъус йеддæмæ нæ афæстиат. Ныр цыма уымæй, йæ фæстиатæй уый дæр хъыг кодта Едзугы зианыл, йæ хъахъхъæнæджы мæлæтыл. Йæ туг уыд, йæ хæстæг уыд, æмæ йыл зæххон хионтау рысти...
Йæ зæрдæйы бын чи уыд, уый дæр та ногæй базмæлыд, йæ гæккытæй дунемæ рудзынг хоста. Кæд æй йæ фыд Едзугы æмбæлттæн исты зæгъын фæндыд: уыдон фæндаджы дыууæ ’рдыгæй кæрæтты бадтысты æмæ æнхъæлмæ кастысты, знаджы танктæ кæд фæзындзысты, уымæ. Нал æмæ нал сабыр кодта, тылдта йæ гæккытæ. Дунейы рухсмæ кæд раирвæздзæн, уыцы æмгъуыд æрхæццæ, æмæ йæ бон нал уыд, фараст мæйы размæ цы «ахæстонмæ» бахауд, уым фæразын. æвæццæгæн æй, йæ фыд цы дунейæ ивгъуыйы, уырдæм фæнды тагъддæр: уæдæ йæ мад иунæгæй куыд уыдзæн, зын ын уыдзæн иунæгæй. Цавæрдæр фыссæг рухс дуне «дыккаг ахæстон» схуыдта, фæлæ йын йæ мыггаг нал хъуыды кæны фыссæгæн. æдзухдæр чингуытæ кæсын уарзта, фæлæ сæ лæмбынæг нæ каст — ныхъуыргæ сæ кодта... æмæ-иу йæхи мидæг Хуыцауæн батабутæ кодта, ацы дуне мæ хъæбулæн ахæстон ма скæн, зæгъгæ...
Цалдæр хатты йæ хъустыл æруади, Едзугæн йæ амонд ацыди, хорз бон кæй скодта, уымæй. Ахæм ныхæстæ-иу раздæр дæр фехъуыста æндæр зианты, фæлæ йын ныр йæ зæрдæ фæрæхуыстой, уымæн æмæ йæхи æмæ Едзугмæ хаудысты. Афтæ фылдæр нæлгоймæгтæ дзырдтой. Арæхдæр-иу, «нæ амонд ацыди», зæгъгæ, хуымгæнгæйæ, таугæйæ, тыллæг æфснайгæйæ дзырдтой. Таугæйæ мыггаг мæрмæ ныххауы æмæ райгас вæййы, ног цард ратты. Адæймаджы дæр ныппарынц — цы байтауынц зæххы, куы амæлы уæд. Удæгас цыдæриддæр у, уыдонæн се ’ппæтæн дæр ис сæхи хуым... сæхи сывæр...
...Астик — Гогыз æрæгмæ æрчъицыдта. Науæд та, кæй фæхудинаг ис, уый æфсæрмæй нал хæцыд йæ сæрыл уæлæмæ. Едзуг сæм йæ цæстытæй ацамыдта, цæмæй иууылдæр æддæмæ куыд ацæуой. æмæ ацыдысты. Куы ’рбаздæхтысты, уæд Гогыз къласы мидæг нал уыд. Кæуылты ацыди, куыд ацыди, уый ничи базыдта. Ахуыргæнджытæй сын чидæр загъта, абон сæрибар стут, зæгъгæ.
æппæтæй диссагдæр та уый у, æмæ нæдæр Астичы фыд, уæлдæр бынатмæ æнхъæлмæ кæсæг, нæдæр йæхæдæг, нæдæр ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ — ничиуал ницы дзырдта, цы ’рцыд, уый тыххæй. æрмæст Брежневы портрет ахуыргæнджыты уатмæ ахастой æмæ йæ уым æрцауыгътой. Фæлæ ма-иу уæддæр лæппутæ бирæ хæттыты æрымысыдысты, Едзуг Астикмæ куыд бацыд, уый куыд фæтæррæст ласта йæ бынатæй, стæй Едзугы цæфæй куыд фæуæлгоммæ...
Есмæ æнхъæл нæ уыдис, æмæ Астик семæ Едзугы фыдымады зианмæ ацæудзæн. Дард ран хæхты уыдис сæ фыдæлты хæдзар. Рагъыл уæлæмæ куыд цыдысты, афтæ арæхæй-арæхдæр зæххы бынæй зындысты чъырдуры цæндтæ. Есмæ дисгæнгæйæ кастис Астикмæ, æмæ йæ уый дæр фæфиппайдта. Уыцы хылы фæстæ йæм Есмæйæ уæлдай хæстæг ничи уал цыд. Уыйадыл йæхæдæг дæр æдзух чызджы цурмæ æлвæста йæхи.
«...Ацы мыггаг ахæм арæх уыдысты, — райдыдта Астик, — æмæ сын зæхх нал фаг кодта. Сæ хæдзæртты сæртыл цæугæйæ-иу ныххæццæ сты денджызы былгæронмæ».
«Бæгуыдæр, — æнæнхъæлæджы сразы Есмæ дæр, кæмдæр ын фæхъыг, йæ нады фæстæ ма Едзугы хъазгæмхасæнты кæй æлхыскъ кæны, уый. — Гюенесы, Диоскурийы, Себастополисы цардысты сæ хæстæджытæ, зонгæтæ, æмæ сæм сæ хæдзæртты сæртыл уазæгуаты цыдысты. Стæй та-иу, цыма асинтыл цыдыс­ты, уыйау фæстæмæ сыздæхтысты хæдзари-хæдзармæ цардахътыл цæугæйæ».
Астик йæ дзых ныххæлиу кодта: уыцы нæмттæн æмбаргæ дæр ницы кодта. æмæ куыд нæ — иунæг Едзуг зыдта хорз Абхазийы истори, зæрдиагæй йæ ахуыр кодта. Есмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъуыста, иннæ лæппутимæ куыд быцæу кодта, уый. Суанг ма ахуыргæнджытæ дæр куыдфæндыйы цæстæй кастысты сæ райгуырæн бæстæйы историмæ — фæдзæхст темæ сын уыди. Тæрсгæ кодтой, тæрсгæ, исты ахæм куы зæгъой, гуырдзиаг хицауады зæрдæмæ чи нæ фæцæудзæн, уымæй. Уæд дæ карьерæйыл дæ къух ауигъ...
Йæхи-иу Едзугæй дæрдты ласта Есмæ — йæ цæсты кæй ницы у лæппу, ууыл йæхи æууæндын кодта, фæлæ уæддæр бирæ цыдæртæ зыдта уый тыххæй. Бамбæрста йæ, сæ къласы лæппуты ’хсæн уый, Едзуг, сæрæндæр кæй у, йæхи цæсты нымаддæр, йæхицæн кадгæнагдæр. Иннæтæ цыдæр рольты хъазыдысты: чи йæ хорз æмбалы фæзмыдта, чи алы модæтæ, чи та, цыма ныридæгæн стыр хицауы бынаты бады, афтæ дардта йæхи...
æнæнхъæлæджы йын йæ мысинæгты хал фескъуыдта ходыгъды хъæлæс. Чи зоны, æмæ йæ нæ фехъуыстаид, фæлæ йæ, мæнг музыкæ куыд тухæнæй мардта, афтæ йын удхайраг уыд кæнгæ хъæлæс дæр. Хъарæг дæр зарæгау у, музыкæйау, кæд уæззау хабары тыххæй вæййы, уæддæр. Уый та кæнгæ хъæлæсæй куыдта. Есмæйы бон æм хъусын нæ уыд. Уыцы хъарæгмæ лæгмæ кæуын нæ цыд, фæлæ йæм мæсты кодта.  Зарынмæ чи нæ арæх­сы — ходыгъд та æппындæр нæ арæхст зарынмæ, уый хъарæг кæнын дæр нæ базондзæн.
Едзуг та хорз зарыди... бирæ уарзта зарын. Уæдæ сæ хæдзары хицау дæр алы циндзинæдты зарæг сисы, тынг дæсны зарæг­гæнæгыл нымад у. Уæд ай кæмæй фæци?
Йæ зæрдæ йæ тынгæй тынгдæр æлхъывта, рысти. Ноджы та йын уыцы хъылма тæфæй дæр хæццæ кодта. Йæ зæрдæйы бын чи уыди, уый дæр фæсабыр. Йæ алыварс дуне Есмæйыл йæ уæз æруагъта, улæфын ма зынтæй фæрæзта.
...Хъуыддаг куыд æрцыд, уымæн нырма бæлвырд ницы зоны. Йе ’мбæлттæ дæр ын уæлæнгæйтты цыдæртæ адзырдтой, цыма йыл ауæрдгæ кодтой, уыйау. Нæ сæ фарста йæхæдæг дæр бæстон хабæрттæй. Едзуг-иу рæстæгæй-рæстæгмæ куы фæзынд, уæд ын-иу уый дæр тагъд-тагъд цыдæртæ загъта, бар-æнæбары цыдæртæ, æмæ ууыл — фæци. Йæ бæрны уыди авд лæджы. Сæхæдæг-иу уынаффæ рахастой, кæд æмæ сæ цы кæнын хъæуы, уый тыххæй — штаб сын уыцы бар лæвæрдта. æмæ сæ хъуыд­дæгтæ раздæр хорз цыдысты. Есмæ дæр сæ Хуыцауыл фæдзæхста. «Дæлимоны амæддаг ма фæуæнт!» — афтæ-иу куывта.
Сæ хорзы кой дардыл айхъуыст, Едзуджы хъæбатырдзинадæй æппæлыдысты. Куы-иу фæзынд уæд ыл сыхæгтæ цинтæ кодтой, æртымбыл-иу сты йæ алыварс. Ныфсæрмытæ-иу, нæ уарзта, иннæтæй йæ хицæн кæной, уый. Уымæн та-иу æхсызгон уыди, кæй йæ стауынц, уый. Едзуг та куыд фæстæмæ æрмæстдæр æхсæвыгæтты райдыдта сæхимæ цæуын, цæмæй-иу æй мачи федтаид, афтæ.
Уыдон куыд нымадтой, хъуыддаг æцæгæйдæр афтæ рауади. Хæцæнгæрзтæ цы машинæтæ ластой, уыдонæй фыццаджы куы бахстой æмæ куы ссыгъд, уæд фæстæгтæ аздæхтысты. Знаг уынгæджы бахаудта. Лидзæг машинæты æхсын хъуыд, ссу­дзын, цæмæй раззæгтæ къæппæджы бахаудаиккой æмæ се ’ппæты дæр ныддæрæн кодтаиккой, уый тыххæй.
Ахæм хæс сæвæрдтой се уæлæ Едзуджы къорд. Сыгъдысты машинæтæ, гуырдзиæгтæ рагæппытæ кодтой æмæ фæндаггæрон дзыхъхъыты ныххуыссыдысты, уырдыгæй æхстой Едзу­джы къорды. Фæлæ бирæ нæ ахаста уыцы хæст. Афон уыд хи бафснайынæн, цæфты ахæссын æмæ мæрдты ссарынæн. Едзуджы цæфæй баййæфтой: йæ сæр пулеметы уæлæ æрхауд, цыма афынæй кæнынмæ хъавыд, уыйау...
Афон уыд сыстын, фæлæ фæйнæджытæй стонын йæ бон йæхи нæ уыд. Сылгоймæгты та уымæ не ’вдæлд, Марицæ дæр цыдæр æрбаци. æнгомæй лæууæг адæмы ’хсæнты йæм Едзуг æппындæр нал зынд. Есмæ та йæ цæстæнгас рагъмæ сарæзта — хур ма йын йе ’мбис рухс кодта, фæлæ фидар уæддæр ма цæхæртæ калдта.
Скъола каст чи фæци, уыдонæй бирæтæ Уæрæсемæ ацыдысты уæлдæр скъолаты ахуыр кæнынмæ. Чи сæ нæ бахауд, уыдон дæр уым баззадысты. Абхазы университетмæ сæ гæххæттытæ радтой йæхæдæг, Астик, Едзуг æмæ ма цалдæрæй. æнхъæл куыд нæ уыди, афтæ æнцонæй бахауди. Ахуыр кæнын куы райдыдтой, уæд Есмæ æнæнхъæлæджы Астикы ауыдта. Фæлварæнтæ дæтгæйæ йыл йæ цæст не ’рхæцыд. æвæццæгæн æй йæ фыд кæуылдæрты бакодта. Астикыл Есмæйы мад уæлдай тынгдæр бацин кодта: уæдæ, стыр лæджы фырт! Есмæ йын кæд йæ дзæгъæл ныхæстæй стыхст Астикæн, уæддæр æй нæ ныууагъта. Тæригъæд ын кодта. Ноджы ма диссаг уый уыд, æмæ Есмæйы цыма уынгæ дæр ничи кодта, кæд æй зыдтой, уæддæр Астикы чызгæмбалы хуызы.
Йæ хъустыл æрцыди Едзугæн: зын бахауæн уыди университетмæ, зæгъгæ. Ома, сæ фæндæгтæ лæгъздæр уыдонæн уыдысты, куысты фæлтæрддзинад кæмæ уыд. Фæлæ, Едзуг Абхазийы истори иттæг хорз кæй зыдта, уый охыл къамисы уæнгтæ йæ сæрыл радзырдтой.
Астик студент куы ссис, уæд ын бынтондæр быхсæн нал уыд. Есмæ æнхъæлдта, зæгъгæ, куы фæдынджыр дæр уа, уæд афтæ схъæл нал уыдзæн. Уый та фыддæр фæцис, йæ цæсты æппындæр нымады ничи уыдис. Есмæйы зæрдæ æрхауд. Иннæтæ сыл хъоды бакодтой, сæхи сæ иувæрсты ластой. Астик цыма ницы уыдта, ницы æмбæрста, йæхи афтæ дардта. Есмæйæн та йæ зæрдæ рысти. Стæй-иу Астик цыдæр æнæууылд ныхæстыл куы схæцыд, йæхицæй-иу карджындæр адæймаг куы арæзта, уæд та йæм-иу Есмæйæн бынтон нал уыд йæ бон хъусын. æлгъ кæнын ыл райдыдта.
Цыма йæхиуыл æрхудт Астик, уыйау фæуæздандæр. æрмæст ын бирæ нæ ахаста. Дзæгъæл дзырд нæ, фæлæ ма йæ къухтæ дæр йæхимæ дарын нал зыдта. æмæ йын иу хатт куы ныхъхъæ­быс кодта, уæд ын Есмæ йæ уадул ныдздзæхст ласта. Уый дæр ын ахæм дæнг нылласта йæ русæн, æмæ Есмæ æнæхъæн къуыри адæммæ йæхи нал равдыста, нал ракаст хæдзарæй. Астик та ууыл дæр нæ ныллæууыд. Цæвиттон, Есмæйы фыд колхозы сæрдарæй куы куыста, уæд æй бирæ нал хъуыд ахæстонмæ бахауынмæ. æмæ, дам, ын хæрзгæнæг фæци Астичы фыд. Горæтмæ йæ сласта æмæ йын хорз автобус радта, ома пайда­джын рейс куыд кæна, афтæ. æмæ, дам, ныр йæ дзыппытæ æхцайæ дзагæй уæхимæ мæ фыды фæрцы бацæуы. Иу дзырдæй, Есмæ хъуамæ бузныг уа Астикæй, табу йын кæна.
Есмæ дзы йæхи дæрдты ласын райдыдта, фæлæ Астик йæ фæдыл зылд, хъахъхъæдта йæ. Есмæ дзы йæ сæрæн нал уыд, кæдæм ма дзы фæлидза, уый нал зыдта. Мады зæрдæмæ дæр нæ цыд, Астикæй йæхи иуварс кæй ласы, уый. æмæ-иу æй сæ хæдзармæ бацæуын дæр нал фæндыд. Цалдæр хатты йæ Едзуг сæхимæ баласта, фæлæ йæ Астикæй ирвæзын кодта, æви йыл æнæнхъæлæджы фембæлд, уымæн та йæ бæлвырд нæ зыдта.
Йæ мад та амондджын уыдаид, Есмæ Астикы бинойнаг куы суыдаид, уæд. Суанг ма йæ скъæфгæ дæр акæнид. æппындæр æм нымады нæ уыд, цæуы лæппу чызджы зæрдæмæ, æви дзы йæ удхæссæг уыны, уый.
Иу хатт куы уыдис, уæд йæ зонгæ лæппуты машинæйы абад — уæхимæ, дам, дæ бадавæм. Машинæ уыцырдæм, ома Есмæты хæдзарырдæм, куы нæ базылд, уæд сыл фæгуырысхо, фæлæ йæхи афтæ дардта, цыма сын сæ фæнд рагацау зыдта æмæ сæм æрхатыд, æрмæст, дам, ма мæнæ уæ цуры Астикæн цыдæр радтон. Уайтагъд дæр æй бамбæрста, адон Астикæн йæхи хъуыд­дæгтæ кæй сты, уый. Лæппутæ йæ уыдонмæ баластой. Уый сæ дуармæ цæттæйæ йæхи машинæйы бадт. Есмæ йæм бацыд æмæ йын иу хатт Едзуг цы дзæхст ныккодта йæ хæмхудтæ, уымæй хуыздæр дæнг нылласта. Иуцасдæр лæппу йæхимæ нал æрцыд. Уый та лыгъд радта йæ тых-йæ бонæй.
Тæккæ уыцы бон Едзуджы ссардта. Рагæй цыд йæ зæрдæмæ, фæлæ-иу йæхи ныхъхъæддых кодта, ничи æмæ мын ницы у, зæгъгæ. Фæлæ йæм ныр бахъардта...
Йæ хид йæ къæхты бынæй акалд, йæ лæф-лæф цыд, йæ дзых-иу фегом кодта, фæлæ дзурын йæ бон нæ уыд — цæссыгдзаг уыд йæ хъæлæс... «æз дæр... мæнæн дæр...» — загъта уый æмæ арф ныуулæфыд. æвæццæгæн æмæ афтæ зæгъинаг уыд Едзуг: «Мæнæн дæр мæ бон нæу æнæ дæу, æз дæр æнæ дæу сидзæр дæн...» Уæдæ æндæр цы загътаид — уый мæнæ ныр хорз æмбары...
Уыцы рæстæджы устытæ хъæлæсыдзагæй ныккуыдтой, æмæ Есмæйы мысинæгты хал æрбаскъуыд. Уæлдай цъæхснагдæрæй куыдта ходыгъд. Ныр йæ хъæлæс фыццагон хъæлæс нæ уыд, мæнæ-иу йæ рыст цыдæр хæрамимæ куы баиу, уæд — ныр тынг зæрдиагæй куыдта. Стыр бæллæх кæуыл æрцыд, ахæм адæймаджы хъæлæсæй.
Есмæ уыцырдæм акаст. Цыма йæ къæхтæ тыхтæй-амæлттæй тоны зæххæй, фæлæ йæ зæхх та нæ уадзы, йæхимæ йæ æлхъивы, уыцы хуызы цыд хæдзарыхицау. Нырма фидар лæууыди Естъана. Едзуг-иу куыд дзырдта афтæ, дам, уартæ кæд æмæ кæд, æнусты арфы, адæм сæхæдæг æвзæрын куы райдыдтой, уæд схуыдтой уыцы номæй Хурдзуары — Естъана. Ахæм ном ыл чи сæвæрдта лæппуйыл, уыдон уый кæцæй зыдтаиккой, фæлæ йæ ном æрхæццæ Хурдзуарæн, сæ адæмы хъæстæ куыд æрхæццæ, афтæ. æнусон фæндæгтыл бахсыст сæ мыггаг дæр, тугдзых сырдтимæ тохты, знæгтимæ хæстыты. Уый мидæг ис се ’нæбасæт­тон уаг. Естъана дæр уыдоны байзæддаг у. æмæ уæззау санчъехтæй, æнæкæрон уæззау фадыварцæй фæцæуы йæхи байзæддагмæ, йæ иунæгмæ. Хорз лæг у, иттæг хорз, хæдзардзин лæг, сызгъæрин къухты хицау, æнæрæдигæ базоны, уалдзæджы зæххы сой кæд базмæлы æмæ зайæгхалы мидæг кæд райдайы æнхъизын, уый; удгоймаг никуы фехста, хъæрццыгъатæй фæстæмæ, фæлæ уыдоны дæр уæд, æмæ карчы цъиуы куы фæцæйхæссынц...
Алы санчъех дæр — царды дæргъвæтин. Зæххы къори йе ’ппæт бæллæхтимæ йе ’ккойы хаста æмæ уæддæр цыд. Цыд йæ зынгхуыст иунæджы чырынмæ. Хурсыгъд цæсгом, урсдадали сæрыхъуынтæ, æнхъырдтæ, тынг арф æнхъырдтæ тæрных... Йæ цæсгомы æнцъылдтæ йæ цыма скæуын нæ уагътой, йæ хуызы, йæ бакасты лæгдзинады æууæлтæ йын хъахъхъæдтой, фидар сыл хæцыдысты, афтæ фенхъæлæн уыд. Чырынмæ хæстæг куы бацыд, уæд сылгоймæгты йæ къухызмæлдæй баурæдта — уыдон акушарæ скæнинаг уыдысты, зианы алыыварс æрзилынвæнд кодтой. Нæлгоймагыл не ’мбæлд йæ хъæбулыл æргомæй хъыг кæнын, йæ цуры, цас æмбæлы æгъдаумæ гæсгæ, уымæй фылдæр бафæстиат уæвын. Естъана Едзуджы цæсгомыл йæ цæстæнгас ахаста, къахæй сæрмæ йæ сбарста, стæй йын йæ къух йæ риуыл æруагъта сæрфæгау. Нæмыгдзæф кæм фæци, уырдæм куы æрхæццæ йæ къух, уæд цæхгæр фæлæууыд. Фæстæрдæм раздæхт Естъана æмæ ныр та йæ каст йæ чындзмæ скодта. Есмæ мæрдонвæлурс ныцци, бандзыг, йæ зæрдыл æрбалæууыд, кæддæр ма йæм ахæм цæстытæй кæй кастис, уый.
Едзуг фæстаг хатт куы фæзынд, уæд йæхи найынмæ фæцис. Есмæ хорз зыдта, Едзуг хиды тæф æмæ чъизи дзаумæттæн кæй нæ быхсы, уый. Скъолайы ма куы ахуыр кодтой, уæддæр йæхæдæг æхсадта йæ гæрстæ. Алы райсом дæр-иу сыгъдæг хæдоны фæзынди. Есмæ дæр æппындæр нæ фæрæзта исты смагæн, æнахъинон тæфтæн — алкæй дæр-иу йæ тæфæй базыдта. Едзуг æдзухдæр цыдæр сыгъдæг тæф кодта, зæрдæйæн æхцон. Есмæ йæ сатæг дымгæйы тæф хуыдта, уæларвон тыгъдады тæф, арвы ад кодта. Дзæгъæлы куы нæ амыдта йæ мыггаг дæр тæхгæ маргъ.
Есмæ йын ныхсадта йæ гæрстæ — уæлæйы дарæсæй æмæ мидæггагæй иууылдæр. æхсæв-бонмæ хъарм дымгæ улæфыд æмæ бахус сты. Райсом сæм раджы рауади, хъуамæ сæ райстаид, фæлæ уæдмæ хæдзары хицауы ауыдта: уый, æнцад лæугæйæ, æдзынæг касти йæ фырты дзаумæттæм. Стæй азылди иннæрдæм, æмæ йæм мæнæ ныр цы цæстытæй кæсы Есмæмæ, афтæ касти. æвæццæгæ æй уæд йæ зæрдæ базыдта, фырт цы фæндагыл цæуы, разæй йæм цы æнхъæлмæ кæсы, уый. Фæцу æмæ ма ’рцуйы фæндаг уыд уый. Фæстæмæ куы цыди Едзуг, уæд æй æрбахъæбыс кодта, æмæ йæм ногæхсад дзаумæтты мидæгæй дæр рахъардта йæ мойы буары адджын тæф. Фæлæ хæдзары хицау зæрдæйæ цы ’мбæрста, уый бамбарын Есмæйы бон нæ уыд. Хæстмæ цæуай æмæ æхсад уай, хæрзæхсад, ноджы ма дыл хæрзæхсад дарæстæ уа, уæд... æмæ куыд нæ стъæлфыдаид зæронд лæджы фæлтæрдджын зæрдæ, бирæ фенæг, бирæ бавзарæг лæджы зæрдæ...
Аздæхт иннæрдæм æмæ уыцы уæздан санчъехтæгæнгæ йæ фыццаг бынатмæ бацыд.
...Есмæ уæззау улæфт кодта. О Хуыцау, о ме ’скæнæг... хъуа­мæ кæронмæ бафæраза, ма ахауа. Йæ мидæг йæ зæрдæйы бын чи уыд уый дæр æнахуыр змæлд кæнын байдыдта, æдзух куыд вæййы, афтæ нæ, фæлæ. Йæ гыццыл гæккытæй йын йæ гуыбыныл æддæмæ хæцы, стæй сæ сæхи бар ауагъта, фенцад... О Хуыцау, о ме ’скæнæг.
Йæ фæрстæ бандзыг сты, нал сæ æнкъары, цыма йæхи не сты, уыйау. Хъарæггæнджыты хъæлæстæ æнæнхъæлæджы фæсабыр сты, сæхицæй та иу сау æндæрг рауади, сау мигъы гæппæл. Сулæфыны охыл йæ дзых фегом кодта, æмæ йæ хæдуæлвæд йæ рыст цъæхахсты бын фæцис, сывæллоны цъæхахсты бын — йæхи хъæры бын. Систой йæ æмæ йæ æрæвæрдтой уæлдæр. Куы-иу йæ зæрдæ бахъарм, куы та-иу йæхи нал æмбæрста фыррыстæй, æмæ-иу æй уæд бауыгътой, йæ рустæ йын-иу акъæрццытæ ластой, йæхи куыд æрæмбара, афтæ. Куыд цæхгæр æй хæфтытæ кодтой, уымæй йæ бамбæрста: Марицæ у. æмæ-иу ын фенцон. æрмæстдæр æм йæхи хъæр хъуыст, цыма йæ алыварс æппындæр ничи уыд, уыйау. Фæндыд æй йæхи бауромын, йæхи ныхъхъæбæр кæнын, фæлæ йæ къухы не ’фтыд. Хаттæн-иу йæ хъустыл ауад Марицæйы хъæлæс — уый йын фæдзæхста: «Хъæр кæн, хъæр! Лæмар дæхи, лæмар!»
Цас рæстæг рауад, уый нæ зыдта, фæлæ йын æнæнхъæлæджы фенцон, куыддæр фæсæрибар — йæ гуыбынæн кæд раст ратонынæй не старст, фæлæ йын æрхауд, ампылд, æмæ та йæ буар уæд банкъардта, йæхи та фæци. Уат сылгоймæгты хъæлæстæй байдзаг. Се ’хсæнæй хъуыст æнахуыр ног хъæлæс: кæуын. æрмæст уый ныр уыд царды хъæлæс...
Чидæр та, иудадзыг дæр куыд вæййы, афтæ йæ цард хъæрæй райдыдта...
Йæ цæстытæ байгом кодта æмæ уыцы хъæлæсы хицауы агурын райдыдта æмæ йæ ауыдта — йæ сæрмæ йын æй дардтой. «Фырт!» — айзæлд йæ уды мидæг. Марицæйы тыхджын къухтæ йæ систой афтæ бæрзонд. Куыд фæдзурынц ахæм сырх æмæ æнцъылдтæ нæ уыд, стæй кæугæ дæр мæлæты зæрдиагæй нæ кодта. Есмæйы сыгъд, сур цæстытæ уайсахат айдзаг сты цины цæссыгтæй. Афтæ сбирæ сты, афтæ рагуылф кодтой, æмæ сæ бауромæн ницы амалæй уыд. Уыцы сахаты йæ цæссыг уымæл русæн аба кодта йæ ходыгъд, уый дæр куыдта. Чидæр ма йын ноджы дæр аба кодта. Уый та ныр йе ’фсин уыд. Йæ æрдæгæхгæд цæстытæй цæссыгтæ тагъдысты. æвæццæгæн æмæ уымæн йæ цæссыгтæ судзагдæр æмæ цæхджындæр уыдысты, уыйадыл рустыл бæрæгдæр фæдтæ уагътой, — ахъуыды кодта Есмæ.
Йæ зæрдæ сæм фæтасыд, тæригъæд кæнын сын райдыдта, фæлæ ууыл нæ бадис кодта, нæ фæсырдта йæхицæй уыцы æнкъарæн.
Цард æвæллайгæйæ æмæ æнæрлæугæйæ йæхионтæ кодта. Есмæйæн цыма чидæр бардзырд радта, уыйау та ногæй йе фсинмæ скаст: фыццагау ма йæ цæстытæ æрдæгæхгæд уыдысты, цæссыгтæ та, рустыл æрызгъоргæйæ, æрдæгфæндагыл асур сты æмæ аныхæстысты зæронд усы уадултыл, бандзыг сты.
Бæрæг уыд, цæссыгтæ йын йæ зæрдæ кæй нæ æрфæлмæн кодтой, уый — Есмæйæн йæхи æмæ ходыгъды зæрдæйау. Ныр æнцонты йæ цардмæ, йæ хъуыдытæм ничиуал баирвæздзæн. Уымæн æмæ афтæ сæрибар сси, æмæ уый нæдæр царды афтæ вæййы, нæдæр дæ мæлæт афтæ ссæрибар кæндзæн. æмæ уый æрмæстдæр йæхæдæг æмæ йæ хъæбул зонынц, æвдисæн та сын иунæг Хуыцау у. æмæ амæй фæстæмæ, куыддæр Едзуг фæдæлсыджыт уа, сæ хъæбул уыдзæн æрмæстдæр йæхи, мады. Кæуынæн та ма йын рæстæг уыдзæн, уыдзæн ма йын йæхи йæ цæссыгæй ныхсыны фадат.
Ком æмæ айнæг къæдзæхтæ фæкъуырма сты автоматты къæр-къæрæй, сæ хъæр хæхты айзæлыд. Уый ноггуырды кадæн. Йæ чысыл буар йæ мидбынаты хæрдмæ фæхаудта æнæнхъæлæджы уынæрæй. Уыцы хуызы йын дуне æмбарын кодта йæ уаджы æууæлтæ: сæрибар ын цæттæйæ нæ уыдзæн, фæлæ йыл тох кæнын кæй хъæуы, уый та зон — фæндæгтæ уæрæх сты тохгæнæгæн...
Чысыл фæстæдæр, хур цалынмæ нæма аныгуылд, уæдмæ сæ мыггаджы — Апсаайы уæлмæрдты — ногæй гæрæхты къæр-къæр ссыд, ныр та, чи амард, уый кадæн. Уымæн æмæ хæстон лæг уыд, хъæбатыр.
Цард æмæ мæлæт, мæлæт æмæ адзал, æнустæ æмæ иу бон, иу цæстыфæныкъуылд куы баиу вæййынц мæнæ абонау, уæд сæ хъомысы раз цард стæппуд вæййы, фыртæссæй йæхи къуым­мæ нылхъивы... æмæ хъæрахст сисы, цæмæй, кæй тæрсы, уый бæрæг мауал уа — йæ тас хъæры бын фæкæны ома... æхсæвыгон хъæды астæуты цы æвзонг лæппу фæцæуы заргæйæ, йæ удаист æмбæхсыны охыл, уыйау.
Саби дунемæ куы фæзынд, уæд кæуын никæйуал уагътой йе ’дзард фыдыл. Зиан зæххы хай куы бакодтой хæстæджытæ æмæ сыхæгтæ, уæд, фæстæмæ уæлмæрдтæй здæхгæйæ, ууыл  архайд­той, цæмæй сæ цин цæссыгимæ ма хæццæ кодтаид, сæ зæрдæйы хъармимæ — ноггуырд сын цы бæрæгбон сарæзта, уый хъуамæ æнæкъæм уыдаид. Уæддæр мардæн рухсаг зæгъдзысты, стæй скувдзысты, ноггуырд цæмæй цæринаг æмæ амондджын уа, уый тыххæй. æмæ уыцы сæны ад уыдзæн бынтон æндæр хуызæн, никуы йæ ферох кæндзысты, бадардзысты йæ сæ зæрдæйы адæнкъарæнты.
...Фæллад саби хъæрмуст къоригондæй хуыссыд йæ мады фарсмæ. Судзгæ бæллæх, хъæбулы райгуырд, ныййарæг мад кæй сси, уый æгæрон цин — æппæт дæр баиу сты Есмæйы зæрдæйы, æмæ не ’фхæрдта йæхи, амондджын кæй у, йæ салд зæрдæ кæй стæфст, уый фæдыл. Йæ фæллад уæззау къух æрæвæрдта, йæ фарсмæ цы хъарм тыхтон уыдис, ууыл: куыд улæфы, уый хъуыст æнæхъæн дун-дунетæм дæр...
Хуыгаты Сергейы тæлмац

 

Мах дуг.– 2008.– № 4.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.