logo

М О Я    О С Е Т И Я



АМИНА ГАЗАЕВА (1993)

Звездная ночь
СТЪАЛЫДЖЫН ӔХСӔВ
Стъалытӕ цӕйбӕрц ис
арвыл ахсӕв! У уӕлдӕф
рог, йӕ уддзӕф та -
ӕхцон. Уд дунейы
ӕхсызгон сабыр ахсы,
Цӕрын дӕр у, фыссын
дӕр у ӕнцон.

Уӕлиау дард стъалыбадӕн тыгъды
Мӕй ратылдта йӕ худгӕ тымбыл цалх.
Йӕ рухсмӕ зӕхх фӕлмӕн сыгъдӕй ыссыгъди,
Ӕрдз райдыдта йӕ хонгӕ кафты цагъд.

Дӕ цӕстытӕ кӕрӕдзи
уӕлӕ авӕр, Балхъары
зӕхх, ӕмӕ ло-ло-тӕ
кӕн. Ӕз сындӕггай уздзынӕн дӕ
авдӕн Ӕмӕ кӕндзынӕн
зарджытӕ дӕуӕн.

Хуыссӕг кӕй 'н ахсы,
уыцы цӕугӕдонӕн Йӕ
зард ӕрцард гӕлӕбуйы
уӕнгты. Уадз, гӕлӕбу
хъулон-мулон хӕдоны
Тӕха дӕ хъӕууон сисамад
уынгты. Уадз, зара сын
нӕ хӕхты рагон зарӕг,
Мӕ Балхъары - мӕ
уромӕг, мӕ дарӕг.

Я иду к мосту
ЦӔУЫН ӔЗ ХИДМӔ

Фынтыл ӕз не 'ууӕндын.
Куыйтӕй иргъӕвдзынӕн
Мӕхи мӕхӕдӕг. Ӕмӕ
цӕуын -
Мӕн Хидыхъусмӕ бацӕуын
фӕнды. Ӕмӕ арӕхстгай цӕуын:
Мӕ къах куыд ницӕуыл ыскъуырон
Ӕмӕ куыд нӕ ныммидӕг уон
Цӕугӕ доны хуылфы.

Цыма мын 'нӕуи ницы тас у
'ппындӕр, Цыма адзалӕй нал
баззад мыггаг, Цӕуын, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ
йӕхи къултыл Хойы: «Хӕрдмӕ,
Хӕрдмӕ, йӕ уаз сыгъдӕгмӕ
арвӕн!»

Уӕззау у ӕмӕ дард у тынг мӕ фӕндаг,
Рӕстамонд,
Мемӕ цу!
Мӕ фӕндагӕй мын ма фӕтӕрс, Мӕ амонд,
Мӕ уд ӕрмӕст уӕд уыдзӕни сабыр,
Куы уа мӕ хӕдзар
'Нӕ уӕлдай хъӕлӕба,
Йӕ сабырыл куы цин кӕна нӕ зӕхх.

Налхъуыт бибитӕн макуы баком
сайын. Хӕлӕгӕн ма уадз хурх
кӕнын Дӕхи.
Ӕмӕ дӕ уд куы судза искуы стӕй,
Уӕд уый артӕй
Фыдвӕнд ӕмӕ фыдгӕнд ӕрцӕуой
Хъуамӕ сыгъд.
Цӕмӕй фӕуай уӕлахиз,
Хъӕуы йын бирӕ рӕстӕг уымӕн.
Нӕй, рӕстӕгӕй дӕсныдӕр дӕсны нӕй.
Зынцӕуӕн у 'мӕ дард у тынг мӕ фӕндаг.
О, Стыр Хуыцау,
Дӕуыл фӕдзӕхст фӕуӕд.

ХХХ

Уыдзӕн та ӕрдзы ӕхсӕв бӕстӕ талынг, Фыдмигътӕй арвы рухс цӕсгом сыгъд у. Тӕригъӕдджын зӕххӕй ӕнӕтӕригъӕд алыгъд, Ӕмӕ ныккалд дзӕбидыры сырх туг. Мӕнмӕ цӕмӕн ӕрбасхъӕл дӕ, цуанон, Дӕхицӕй ам цы ныхъхъал дӕ ӕргом? Де 'рцыд мын цы хорз ӕрхаста, ц' амонд? Уым - балбирӕгътӕ, ацы ран - ӕрдонг. О, Стыр Хуыцау, мӕ хъаст дӕумӕ нӕ хӕссын, О, ацы змӕст ӕмӕ уӕззау рӕстӕг. Мӕхи уынын, ӕви мӕм чи ныккӕсы? Мӕ фӕсхъус чи ныуулӕфы хӕстӕг?
О, бирӕгъбал, мах афтӕ 'нгӕс цӕмӕ стӕм? Мӕ зӕрдӕйы цӕмӕн сысты тымыгъ? Мӕхиуыл ӕз фӕтых вӕййын мӕ мӕстӕй, -Мӕ цыргъ дӕндӕгтӕн акӕлы сӕ пырх. Бӕргӕ, ныффӕраз ацы зынты бирӕйӕн. Ӕмӕ дӕ царды сабыр койтӕ кӕн. Дзӕбидыр дӕр, цуанон дӕр 'мӕ бирӕгъ дӕр Мӕхӕдӕг дӕн - кӕй аххос мын у, кӕ?!
Абонӕй соммӕ цы 'рцӕудзӕни, уый-ма мын зӕгъ. Мӕ зӕрдиаг бӕллиц 'рцӕудзӕни, не 'рцӕудзӕн? Кӕд? Кӕдӕмфӕнды афтай, уӕддӕр-иу фӕстӕмӕ ыздӕх, Нӕ хъусай, нӕ уынай - зӕххы хъарм-иу бацагур уӕд.
Цы нӕ вӕййы, цы! Нӕ бамбӕрстай - баууӕнд уӕддӕр. Кӕд де 'ууӕнк дӕр амарди - рабад дӕ фӕндагмӕ раст. У фӕндаг ӕнӕсгӕрст - кӕм ысты йӕ кӕрон, йӕ сӕр. Ам талынг ныууадз ӕмӕ рухсмӕ цӕудзынӕ ӕмраст.
Ӕууӕндыдтӕн ӕмӕ алы рӕнхъ афтӕ фыстон, Цӕмӕй уа мӕ зӕрдӕ сӕрибар бынтондӕр. Ӕз арвы нӕрд, дымгӕты къуыс-къуыс хъуыстон, Ныр уыдоны бафӕзмон, уымӕ ифтонг дӕн.

Перевел с русского языка Сергей Хугаев
См.: Мах дуг.- 2019.- №11.- Ф. 41-45.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.