Цæргæ-цæрæнбонты
Сæударæй райдайæм кæсын:
цъæх арвыл урс цъити кæддæр
ныффыста сусæгæй цыдæр,
цы уыд — æмбисонд, аргъау, фын?
Кæсæм æй, цалынмæ нæ байса
нæ арв ыстъалыты æрдонг...
Кæсæм та боныцъæхтæм, цæй:
цъæх фурдыл — дамгъæты цæхæр.
Уым ахсæв сусæгæй цыдæр
ныффыстой стъалытæ ’мæ мæй.
Кæсæм æй, цалынмæ нын рухс хур
нæ арв нæ фенын кæна ног...
* * *
Йæхи сайгæйæ чи цæры æдзух,
Æз уыдоныл фæтых дæн,
бæстыл æххæссы алцæмæ мæ къух,
Æнтысы алцы дæр мæ дзыхæн.
Мæ хъæлæс радтон сау къæдзæхтæн æз —
Æрбаздæхти мæм минтæй,
мæ фæкастæй йæ хуызтæ скалдта фæз —
рæвдауы мæ йæ цинтæй.
Æз донæн загътон: фурды арфмæ тæх —
йæхи нывзылдта тигъæй,
Æрдзæ хатты мæм сыхъуысти сæх-сæх, —
мæ уд фæуæлдæр мигътæй.
Æз сафын, о. Дæн сафыныл рæдау, —
цы сафын, уый сæдæ ахæмæй исын.
Æнæнтыстытæй ничи у мæнау
амалджын, исджын!
Рæстæг æмæ фидауц
Кæд рæстæг ферра, исдугмæ фæсæнтдзæф —
Æвзары Фидауцыл йæ тых, йæ бон.
Ныххудти Фидауц — сасиры, дам, дон
куыд сисдзынæ,
фæсайдтой дæ дæ сæнттæ...
Ныййарц и Рæстæг.
Худы йыл кæл-кæлæй
Æнусон Фидауц,
сасирæй кæлы,
лæппын бæлæстыл
узæлæн кæны,
ызгъоры хуымтæм,
астымтæм хæл-хæлæй,
Æрбадти хæхтыл
урс-урсид хъæпæнтæй,
фæхъæстæ дзы сты
денджыз æмæ уад,
йæ буц бæркадæй алчи дæр æрцард,
Æрттивы дуне Фидауцы кæлæнтæй.
О, Рæстæг ферра, исдугмæ фæсæнтдзæф —
Æвзары Фидауцыл йæ тых, йæ бон.
Ныххудти Фидауц — сасирæй, дам, дон
куыд сисдзынæ,
фæсайдтой дæ дæ сæнттæ.
Кæд ын дæттай дæ уды рухс, дæ хъарм,
уæд дын æвгъау нæ кæндзæнис йæ фарн.
Мзаи
Сиси-нани, —
мæй — фынæй.
Сиси-нани, —
иу сым нæй.
Мæй, бæлццон мæй у фæллад.
Дуне й’ алыварс — æнцад.
Кæмттæ,
фæзтæ —
фæндаг даргъ.
Дæттæ,
хъæдтæ,
фæхстæ,
рагъ —
дардта алкæмæн цырагъ.
Бастад, бафæллад æгæр —
у тæгæрфынæй, тæгæр.
Сиси-нани, —
фын — æхцон.
Иу сым нал и,
фын — æрвон.
Арвыл цасфæнды фæлгæс,
рухс æм цасфæнды фæхæсс —
хъуамæ баулæфай цъус.
Сом та таудзынæ дæ рухс.
Сиси-нани, —
арв — уæрæх.
Мæйæн буц авдæн — йæ Зæхх.
Узы, узы йæ нæ цад.
æрдз æгуыппæг у, æнцад.
Цъассы, дурты ’хсæн кæмдæр,
дымгæ бафснайдта йæ сæр.
Сиси-нани, —
фын — æхцон.
Айдæнау æрттивы дон.
Цады арф хъæбысы мæй
у фынæй.
* * *
Йæ къæдзил ма ферттывта тары —
Тæхгæ маргъы сæргъæвта фат:
Цæхæркалгæ атахти стъалы.
Цы нæ бон у? — нал и сæрфат.
Йæ фæстæ ды мауал кæс тарстæй,
Уый атахти, атад, ныхъхъус...
Дæ зæрдæйы аззад йæ тавсæй,
Дæ армы — йæ тæмæн, йæ рухс.
ХЪОДЗАТЫ æхсары тæлмацтæ
Мах дуг.– 2008.– № 4.