logo

М О Я    О С Е Т И Я



Квициниа Никъала
абхазаг фыссæг (1938)

 

Фыдæлты уæзæг
 (Уацауæй скъуыддзаг)

Фæззыгон райдзаст бонтæ кæрæдзи ивгæ цыдысты. Хуымгæндтæ дæр æмæ быдыртæ дæр — хæрзæфснайд. Фæрв æмæ тута бæлæстыл нартхоры куыристæ ауындзæгæй лæууынц æмæ дардмæ æргъæвст егъау мæргъты хуызæн зындыс­ты — чи ныккука вæййы æмæ фæззыгон хурмæ йæхи чи фæтавы, ахæм æргъæвст мæргъты хуызæн.
Бур сыфтæртæ, рог уæлдæфы ленк­гæнæгау тæхгæйæ, фæткъуыбæлæстæй зивæггæнгæ хаудысты. Бæгънæг къалиуыл ма рохуаты аззад иунæг фæткъуы æмæ сырх дардта, аххосджын лæппуйы йæ азымæй къуымы куы бакæнай, æмæ йæ цæсгом куыд фæсырх уа, уыйау. Абон уа, райсом — сывæллæттæй йæ исчи лæдзæгæй æрæппардзæн, æмæ бæгънæг бæласæй æрхаудзæн фæстаг фæткъуы.
Екупы кæрты цы æртæ фæткъуыйы зайы, уыдоны дыргътæ раджы æфснайд æрцыдысты, фæлæ бæлæсты бын сыфтæртæ бафснайынмæ та зивæг фæкодтой.
Екуп æмæ  Ардашил рынчындонæй куы 'рбаздæхтысты, уæдмæ æрталынг, æмæ, кæртмæ бахизгæйæ, Екуп сыфтæрты кæри нæ бафиппайдта. Фæлæ райсом раджы, хур хæхты фæстæйæ нæма сзынд, афтæ райхъал æмæ иннæ хæттытау уайтагъд кæртмæ ракаст. æмæ цы федта?.. Абхазаджы зæрдæйæн стыр зын чи у, ахæм ныв: сыфтæртæй æмыдзаг æнæфснайд кæрт. Гъе, уæууæй, гъе! Иугæр цъæхвæлыст кæрт бур  сыфтæрты бын фæци, уæд кæнæ æдзæрæг у, кæнæ та бинонтæ иууылдæр сæйгæ рынчынтæ сты!
«Кæд дæ уый базонын фæнды, дæ чындз бæззы æви нæ, уæд ын йæ кæртмæ бакæс! — хъыгзæрдæйæ ахъуыды кодта Екуп. — æрбакæс, фæндаггон, æмæ алцыдæр бамбардзынæ!.. Ехх, Капæ, Капæ!.. Худинаг дын фæуæд! æмæ кæннод Цырса хуыз­дæр у? Уый та, цымæ, цы куыстыл хæст уыди? Уæдæмæ, фыдзыкъуыр у! Капæимæ фæхыл ис, кæнæ искæуыл йæ зæрдæ фæхудт, зæгъгæ, уæд æм мацæмæуал æнхъæлмæ кæс — йæ къухмæ цъылын нал райсдзæн. Хæдзары мæт сæ æппындæр нæй. æфснайд сты, не сты — уæлдай дæр сын нæу. Зæгъæм, згæ­хуыз сыфтæртæ кæрты уæрагмæ рæдзæгъдтæй кæй лæууынц, уый сæ искæй хъыгдары? Куыннæ стæй! æхсызгон дæр ма сын у — фæлмæн сыфтæртыл хъалзæнгæй рацу-бацу кæнынц!..»
Гъе, афтæ йæ зæрдæйыл дурау уæззауæй æнцадысты уыцы сызгъæринхуыз рог сыфтæртæ.
Изæрырдæм Моникæ — Цырса скъолайæ куы 'рбаздæхт æмæ кæрт кæрæй-кæронмæ куы ныммарзта, æрмæст уæд сулæфыд Екуп. æрмæст æй уæд суагъта йæ зæрдæйы æлхъывд. æмæ хуымæтæджы разыйæ баззад Хуыцауæй, йæ чындзимæ йæ хыл кæнынæй кæй бахызта, уый тыххæй! Хорз, æмæ ахæм хиуылхæст разынд. Фæхыл æнцон у, бафидауын — зын. Капæ та хæрам­зæрдæхæссаг у: уыдæттæ уыйфæстæ йæ фырты фыртимæ сæ ахастдзинæдтыл æнæ фæзынгæ нæ фæуыдаиккой, æмæ ма уымæй фыддæр цы уа! Уымæй Хуыцау бахизæд. Цалынмæ рынчындоны уыд, уæдмæ куыд тынг мысыд йæ чысыл Гиаргуалы!..
Уæдмæ Екупыл йæ фæллад æртыхст — æгæр бирæ дæр ма афæстиат фыццаг бон йæ хæдзары куыстытыл. Цадæггай йæхи мидæмæ байста, йæ сынтæгыл йæхи æруагъта æмæ афынæй. Фæлæ бирæ нæ ахаста йæ фын — сахатырдæджы бæрц. Уыйхыгъд рабадти уæнгрог æмæ цæрдæгæй — йæ фæллад æрбайсæфт. Йæ дзаумæттæ скодта æмæ та фæстæмæ кæртмæ рахызти. Хур йæ фæлмæн тынтæй рæвдауæгау узæлыд дуне­йыл, цыма æппæтæн дæр хæрзбон зæгъынмæ хъавыд къæвда­джын зымæджы къæсæрыл.
Екуп арвыл афæлгæсыд, уарзæгой цæст ахаста йæ хæдзарыл дæр, æмæ йæ бафæндыд атезгъо кæнын — хъæдырдæм, æрдузмæ, цайы хорзгуыст къутæртæм… Куыд рагæй нал уыдис уым, æвæдза! æмæ æрымысыд, цайы куыстæн сæм йæ кой дæр куы нæма уыд, уыцы рæстæг. Йæ зæрдыл æрбалæууыд, уыцы цъæх къудзитæ куыд сагъта, куыд сæм зылди. æмæ афтæ ирдæй ауадысты уыдæттæ йæ цæстытыл, цыма зноны хабæрттæ уыдысты…
æмæ хæххон гакъон-макъон къутæрджын фæндæгтыл, пыхсыты, бурдзалыг æрдузты 'хсæнты, уырджынгомау фæзтыл тындзыдта, раздахæн кæмæн нал ис, ахæм æнæном, æбæрæг цæйдæр фæдыл. Цыдис, алырдæмты фæлгæсыд, алы дурмæ, алы бæласмæ æдзынæг кæсгæйæ. Хаттæй-хатт-иу дард кæцæйдæр, æнусон митæй æмбæрзт хæхты фæсте, æрбадымдта сатæг, уæнгроггæнæг дымгæ.
Екуп йæ мысинæгты фæдыл здæхти, раджы кæддæр æппæтхъом кæм уыдис, уыцы дунемæ — æвзонгдзинады дунемæ —  хостæн, уколтæн, рынчындонæн сæ кой дæр кæм нæ уыд, уырдæм. æмбæрста йæ, кæй йæм нæ фæхæццæ уыдзæн, уый. Зыдта уый дæр, æмæ дзы уыцы аргъауы дуне дарддæрæй-дарддæргæнгæ кæй цæудзæн, цалынмæ нæ ныффæллайа Екуп æмæ иу хъуынавæрд хъарм дурыл йæ фæллад не суадза, уæдмæ. Стæй иуафон сыстдзæн æмæ фæстæмæ раздæхдзæн йæ хæдзармæ. Раздæхдзæн та…карджын зæронд лæгæй.
Хур изæрырдæм фæкъул, афтæ æрбахæццæ Екуп æмæ — кæрт сыгъдæг æфснайд. Схызти тыргъмæ æмæ йæхи хъæдын сынтæгыл æруагъта. «Ныр чифæнды куы 'рбакæса нæ кæртмæ, уæддæр æфсæрмыйаг нал у!» — фæлладæй йæ мидбылты бахудгæйæ, ахъуыды кодта Екуп. Уæрæхгом цæстытæй нымдзаст арвмæ, æмæ йæ дисы бафтыдта йæ алыварсы æдзæм сабыр, раст цыма дуне æгасæй дæр ныхъхъус...
Уалæ арвыл, дард кæмдæр, урс дары бæхы сæрыкъуыдыр… æмæ цы диссаг у уый? Мигъæн йæ бон нæу бæхы сæрыкъуыдыры хуыз райсын?..

*   *   *

æрхæццæ, зымæджы мæйтæй адæмы тынгдæр чи сфæлмæцын кæны, уый — цыппурсы мæй. Уарынтæ сарæх сты: куы къæвда, куы мит. Пецы райдыдтой арæхдæр æндзарын. Мæнæ ныр дæр арт сыгъдис, фæлæ Екупы не 'ндæвта. Нæ йæ 'ндæвта уый тыххæй, æмæ уыцы арт сыгъдис, фарон Ардашил цы ног сæрдыгон хæдзар сарæзта, уым. Арæхдæр хæринаг ам кодтой. Изæрыгон-иу бинонтæ иууылдæр æрæмбырд сты æмæ, царды хабæрттæ нывæндгæ, рæстæгæрвитæн кодтой.
Фæлæ Екуп ам бирæ никуы бафæстиат. Йæ зæрдæмæ æппындæр нæ цыд, йæ бæстастæу арт скæнæн кæмæн нæ уыд, уыцы хъæдын пъол. æндæр уæдæ пецы мидæг арт дæр арт у!? Уый æмæ дын фыдæлты фыдæлтæй фæдзæхст къонайы арт, йе 'взæгтæ бæрзонд кæмæн сирвæзынц, ахæм арт. Бад æмæ йæм дæ зæрдæйы дзæбæхæн æхсызгонæй кæс…
Иу изæр Екуп лыстытæ æрæмбырд кодта æмæ кæлæддзаг, йæхи хуызæн зæронд хæдзары, арт бандзæрста. Йæ гуыр артмæ тавгæ æнцойбадт æркодта æмæ, арты 'взæгтæм кæсгæйæ, хъуы­дытыл фæци. Уалынмæ зыбыты донластæй кæртмæ æрбахызт Ардашил æмæ, йæ фыд арт кæм скодта, уыцы хæдзармæ баздæхт. Йæ къæхтыл — бæрзондхъус цуаноны цырыхъхъытæ. Йæ пъалто фырхуылыдзæй ныддымст-ныннæрст, тыххæйтты йæ йæ уæлæйæ раласта, цæхгæрмæ æндзалмыл æй дыдагъгондæй æрцауыгъта æмæ йæ фыды комкоммæ æрбадти.
— Уæддæр дæ зæрдæ нæ ивыс  ацы артыл! — фæлмæн хъæлæсæй загъта фырт, æмæ бæрæг уыд, йæхицæн дæр æхсызгон кæй у арты хъарм.
Екуп ницы сдзырдта, æрмæст æм æдзынæг ныккаст.
— Гъи, куыд зæгъыс, баба? — афарста йæ Ардашил.
Екуп бахудызмæл.
— Дæуæн дæр æхсызгон у къонайы арт… Федтай, куыд дæ æрбасайдта! Уый Хуыцауы лæвар у, Хуыцауы, удхъармгæнæг арт!
— Уый раст у, — фæсыкк ис Ардашил, стæй дарддæр ахæццæ кодта йæ ныхас, — фæлæ акалын хъæуы ацы хæдзаргонд… Цалынмæ ныл йæхæдæг нæ ныккалд, уæдмæ. Стæй худинаг дæр у, худинаг, дæ кæрты ахæм хæлддзагмæ кæсын.
— Худинаг? — мæсты хъæр фæкодта Екуп. — Цы у худинаг? Дæ фыдыфыды хæдзары арты фарсмæ бадын? Гъемæ, уый худинаг кæмæн у, уый æхсызгонæй кæсæд, уæртæ ды цы хæдзар сарæзтай, уымæ. Ацы хæдзар та хъуамæ лæууа йæ бынаты… цалынмæ æз æгас уон, уæдмæ!
— æмæ ды уæд та нырма сæдæ азы фæцардтæ? — бахудтис Ардашил.
— Хуыцау ма дæуæн ноджы сæдæ азы цæрæнбон раттæд, — загъта Екуп, — æз та… Цалынмæ æгас уон, уæдмæ хъуамæ судза къонайы арт. Куыд нæ йæ 'мбарыс? Хæдзар куы фехалай, уæд йемæ цыдæр æрбайсæфдзæн æнусмæ, нæ зæрдæтæй къæртт фæхаудзæн. Канд мæ зæрдæйæ нæ, фæлæ дæ зæрдæйæ дæр. Лæмбынæг ахъуыды кæн ууыл, мæ фырт, æмæ бамбар, калæн ын цæмæн нæй, уый. Халын та алкæй бон дæр у!
— Ацы зæронд цæлгæнæн куы акалон, уæд йæ бынат суæгъд уыдзæн, æмæ дзы уалдзæджы мандаринтæ ныссадздзынæн. Ахæм æфсон нын ис!
Ардашил кæд «нын» загъта, уæддæр хæдзары хицауыл йæхи раджы банымадта, йæ фыдæн æй маст скæнын нæ фæндыд, æндæр.
— Хуыцау нæ уалдзæгмæ дзæбæхæй уадзæд! — загъта Екуп æмæ артмæ æркъул кодта.
— Гъемæ йæ уæд акалдзыстæм, — артæй йæхи æддæдæр айста Ардашил, — æз дæр ныртæккæ нæ зæгъын…
Йæ фыды тызмæг цæстæнгас бафиппайгæйæ, ныхас æндæрырдæм фездæхта:
— Иннæ сабаты Язæтæм чындзæхсæв ис.
Язæ Кыгуйы бинойнаг уыд.
— æмæ кæмæн сфæнд кодта чындзæхсæв скæнын Язæ? — фæцардхуыз Екуп.
— Махайæн, æндæр кæмæн?
— Мæнæ Хуыцауы диссаг! — йæ сæр нынкъуыста Екуп. — Знон дæр ма бæгъæввадæй ратæх-батæх кодта Маха!.. Рæстæг, рæстæг, куыд тагъд тæхыс? Йæ, Кыгу ма æгас куы уаид, бæргæ, уæд куыд цин кæнид! Сабаты, зæгъыс?..
— О, иннæ сабаты.
— Рæстæг æвзæр хæссы, — сагъæсхуызæй загъта Екуп. — Чындзæхсæв чындзæхсæвы хуызæн дæр нæ вæййы ахæм рæстæг.  Акæс-ма, куыд цъыф у! Уæд та лæгъз фæндагмæ хæстæг куы цæриккам...
— Ардыгæй сабатмæ фæхорз уыдзæн рæстæг! — фидарæй загъта Ардашил æмæ сыстади. Йæ цырыхъхъытæ асыгъдæг кодта, уæлæфтау йæ уæхсчытыл æрбакодта æмæ араст, йæхæдæг цы хæдзар сарæзта, уырдæм. Уым, пецы фарсмæ бадгæйæ, йæ сабиимæ хъазыди Капæ.

*   *   *

Сабаты арв раирд ис. Фыдæлтæй нырмæ афтæ баззад: «Рæстæг хорз куы уа, уæд чындзæхсæв дæр фæрæстмæ уыдзæн». æмæ адæм уыдысты райдзаст. Цин кодтой иууылдæр: сæхи рагæй чи цæттæ кодта чындзæхсæвмæ, уыдон, стæй, лæггад кæнын æмæ фæкæсын кæй хъуыд, уыдон дæр — сыхæгтæ, хæстæджытæ, хиуæттæ. Ардашил райсомæй раджы ацыд йæ сыхæгтæн æххуыс кæнынмæ. Бирæ уарзта кæстæриуæг кæнын æмæ æхсызгонæй кодта уыцы куыстытæ: мамалыгæ фыцын, зæгъай, дынджыр хъæдын уидыгæй йæ азмæнт-азмæнтгæнгæйæ; бæласы цонгыл ауыгъдæй кусарт бакой кæнын;  исты фæдзæхстытæ æххæстгæнгæйæ, æнæвдæлонæй рауай-бауай кæнын…
Капæ дæр суанг сихормæ уым архайгæйæ баззад, иннæ сылгоймæгтимæ чъиритæ кодта. Фæссихормæ дæр сæ куыстæгтæ нæма фесты, æмæ йæ сæхимæ уадзынвæнд нæ кодтой, фæлæ Капæ, сывæллон æвæгæсæг у, зæгъгæ, уый æфсонæй расайдта йæхи: сабийы Екупы бар ныууагъта... æмæ суанг изæрмæ хæдзары баззад, тынг хъуыддагхуызæй змæлынтыл схæцыд.
— Чындзæхсæвы мæм æнхъæлмæ кастысты, фæлæ мæ æппындæр нæ равдæлд! — хъастгæнæгау дзырдта Моникæйæн. — Ныр ма сæм ацы талынджы иунæгæй цæуон?
— Ницы кæны, ницы! — йæ ныхас баппæрста Екуп. — Моникæимæ ацæут, сывæллонмæ æз фæкæсдзынæн.
Капæ ма цыдæр сдзуринаг уыдис, фæлæ, Екупы тызмæг цæсгоммæ куы фæкомкоммæ, уæд, зæронд лæджы зæрдæхудтæй тæрсгæйæ, Моникæимæ чындзæхсæвмæ фæраст.
— Гиаргуал! — хъæлдзæгæй сдзырдта Екуп Гарикмæ. Капæ хæдзары куынæ вæййы, уæд æм уыцы номæй æхсызгонæй фæдзуры, æмæ та ныр дæр куыннæ цин кодтаид.  — Абон-ма бавдæл æмæ рагацау схуысс, Гиаргуал.
— Нæгъ! — цæхгæр дзуапп ын  авæрдта Гарик. —  æз хъазгæ кæндзынæн.
æмæ, æцæгдæр, сæрибарæй йын хъазыны фадат кæй фæцис, ууыл цингæнгæйæ, хъазынмæ февнæлдта: куы-иу салдатау æмраст алæууыд, куы та, йæ хъазæн хæцæнгарз хæрдмæ фæхъилгæнгæйæ, «ура!» хъæр кодта йæ хъæлæсыдзаг, цыма ныббырсты цыд, уыйау, æмæ-иу хæцæнгарз Екупы риумæ фæцарæзта.
Йæ уадултæ ссырх сты, йæ хид акалд, уæддæр ын басабыры амал нæ уыд. Уалынмæ æнæнхъæлæджы æлыг дурын бакъуырд­та, æмæ дæ балгъитæг афтæ — базгъæлæнтæ. Лæппу хорзау нал уыд, мардау фæци æмæ цы кæна, уый нæ зыдта. Ноджы ма йыл дада куы фæхъæр ласта: «æ-гъа, гъер нæ раны стæм, цы агуырдтам, уый ссардтам!», зæгъгæ, уæд бынтондæр фæтарст.
— Ницы 'рцыдис, мæ къона, ницы 'рцыдис! — тагъдгомау ма бакодта Екуп, лæппуйы хуыз куыд фæцыдис, уый фенгæйæ. Дурыны сæстытæ рауыгъта æмæ пъол хæрзмарзт ныккодта.
Сывæллон схуыссыди æмæ уайтагъд афынæй. Уыйхыгъд Екупæн бафынæйы амал нал æмæ нал уыд. Йæ хъуыдытæ та йæ ивгъуыдмæ ахастой. Рынчындоны Сысимæ цæуыл ныхас кодтой, уый йæ зæрдыл æрбалæууыд. «Кæд мын йемæ афтæ дзурын не 'мбæлдис? — хъуыды кодта Екуп. — Гуджæн ма цæмæй ис баххуыс кæнæн!.. Фесæфт адæймаг. Бирæ дон акалд уæдæй нырмæ хиды бынты. Мард у, æгас у — ницы бæрæг ын ис. Кæд æгас у, Хуыцау ын æххуысгæнæг уæд! Фæлмæнзæрдæ æмæ раст адæймаг уыд… Кæд ацы сывæллон исты азымджын у, уæд Гудж дæр у аххосджын закъон æмæ адæмы раз!»
Екупмæ  рудзынгæй зыны сыгъдæг, ирд арв, стъалытæй дзаг, цыма сæ арвыл исчи таугæ бакодта.
«Гуджæн фондз сывæллоны баззад, амæй-ай сабидæртæ, — ныуулæфыд Екуп, стъалытæм кæсгæйæ. — Уый æнхъæл чи уыд, æмæ искуы сæ къæхтыл слæудзысты. Фæлæ сын Хуыцау баххуыс кодта… æмæ уый фæстæ куыд ис афтæ хъуыдыгæнæн, ницы ис, зæгъгæ…»
Сывæллон базмæлыд æмæ йæ иу фарсыл  æрхуыссыд, йæ хъæццул — æрхауынæввонг. Йæ сæр базæй æрбырыд, къæхтæ байгом сты.
Екуп арæхстгай баз бавæрдта сывæллоны сæры бын, йæ хъæццул дæр ын бадзæбæхтæ кодта.
«Нырма ныр æрхуыссыд, æмæ ныридæгæн йæхи байгом кодта, — ахъуыды кодта Екуп. — Афтæмæй йæ куыд бахъахъхъæн­дзынæн ацы даргъ æхсæв? Ма мын фæрынчын уæд!..»
Бирæ ма фæбадтис радгæс сывæллоны  сынтæджы цур, стæй кæддæр бафынæй…
Райхъал ис фæсæмбисæхсæвæй бирæ фæстæдæр фыррыстæй. Кæд фенцаид, зæгъгæ, йæм йæ хъус не 'рдардта. Бирæ фæраздыхс-баздыхс кодта бафынæй æнхъæлæй, фæлæ рис не 'нцади, тынгæй-тынгдæр цы кодта, æндæр. Уалынмæ сывæллонмæ фæкомкоммæ. Уый та йæ хъæццул аппæрста æмæ батымбылтæ ис уазалæй, мæгуырæг. Йæ рис тыххæй уромгæйæ, Екуп сыстыныл бафæлвæрдта, фæлæ æнæ лæдзæджы æххуысæй йæ бон нæ бацис, лæдзæгмæ дæр тыххæй-фыдæй баххæссыди. Йæ къæхтæ кæд йæ коммæ нæ кастысты, уæддæр зынтæй бахæццæ Гиаргуалы сынтæгмæ, æрæмбæрзта сывæллоны æмæ ахъуыды кодта: «Ацы рыст мæ куынæ райхъал кодтаид, уæд райсоммæ фынæй кодтаин, æмæ ныссалдаис, мæгуыр дæ бон, цыма дæ фарсмæ ничи уыдис, афтæ…».
Екупы фæндыдис кæртмæ рахизын æмæ сыгъдæг уæлдæфæй сулæфын, фæлæ, йæ бон нæ  бауыдзæн, уый бамбæрста æмæ фæстæмæ хуыссæны йæхи æруагъта. æмæ та ногæй ахъуыды кодта Сысыл. «Ахсæв амæлдзынæн, иу фенæг мæ нæ фæуыдзæн, афтæмæй — сыхæгтæ иууылдæр чындзæхсæвы сты. æрмæст Сыс ис, æвæццæгæн, хæдзары. Фæлæ мын цæмæй баххуыс кæндзæн? æниу æм æххуысмæ дæр ницæй тыххæй бадзур­дзынæн!.. Уадз хуыссæд йæ хъарм хуыссæны. Рæмиз хæдзары куы уаид, уæд уый батыхсын  кодтаин, фыццаг хатт мын, мыййаг, нæу, фæлæ чындзæхсæвы ис. Уæдæ куыд, афтæ æмбæлы. æвæццæгæн æй чындзхæссæг арвыстой — машинæ йæм ис, стæй æнæуый дæр фæзминаг лæппу у…».
Екуп цырагъ ссудзинаг уыдис, фæлæ, куы базмæлыд, уæд банкъардта æвирхъау рис, нырмæ кæй никуыма бавзæрста, ахæм рис — къахæй сæрмæ дзы иннæрдæм ахызт, цыма йæ буары туджы бæсты марг ахæлиу — йæ бон сулæфын нал уыд. Йæ хъæлæсыдзаг бæргæ ныхъхъæр кæнид, цæмæй йæ йæ сыхаг Сыс фехъуса æмæ йæм æххуысмæ фæзына, фæлæ цæй хъæр æмæ цæй цыдæр — йæ бон иу ныхас скæнын дæр нæ уыд Екупæн… Зæгъæм, сыстын куы бафæразид æмæ кæртæй цъаймæ куы ахæццæ уаид, уырдыгæй та — фыццаг кулдуармæ, уæд ма йæ хъæуид æрмæст Сысмæ бадзурын, æмæ йæ уый фехъусид… Фæлæ ма кæм ис, кæ,  уыцы Екуп?!.
«æнхъæлдæн, æнæ Разаны фенгæ амæлдзынæн! — ахъуыды кодта Екуп, йæ дыууæ къухæй йæ гуыбын нылхъивгæйæ. — Мæ кæстæры чындзæхсæвмæ нал фæцæрдзынæн!.. Адзалы аса­йынмæ хъавыдтæн, фæлæ мын дзы ницы рауад. Рагæй мæ суры, суанг фаронæй нырмæ, æмæ мæ æрбаййæфта, æлгъысты фæуинаг!.. Ацы 'хсæв дзы нал аирвæздзынæн!»
Уалынмæ Екупæн йæ берданкæ йæ зæрдыл æрбалæууыд. Йæ къухы бын фæуыдаид, уæд дзы бæргæ фехсид уæлæ уыцы стъалыджын арвмæ. Гæрах ныййазæлыдаид, æмæ йæм Сыс фæдисонæй фæзындаид. æрбазгъордтаид æм уыцы зылынкъух, кæнæ æндæр исчи, хæцæнгарз æм хæстæг куы фæуыдаид, уæд. æдзухдæр йæ разы бæргæ уыд, сыгъдæгæй цæхæртæ калдта, афтæмæй йæ сæрмæ ауыгъдæй лæууыд. Уæвгæ йæ фаронæй нырмæ йæ къухмæ нал райста, æмæ йæ кæд Ардашил нæ ныссæрфта… Фæлæ уæддæр ифтыгъд у, кæддæриддæр цæттæйæ лæууы. Екупæн йæ хæзна тынг зынаргъ уыд, —  барæгæн йæ бæх куыд зынаргъ у, афтæ — никæуыл æй æууæндыд. æрмæстдæр иунæг хатт феуæгъд йæ къухæй, æмæ дзы уыцы хабар никуы ферох уыдзæн…
Уый уыдис хохы. æнæнхъæлæджы фембæлдысты — Екуп æмæ арс. Фембæлдысты  æмæ сын æнæ схæцгæ нал уыд. Йæх, куыд хъаруджын уыд уæд Екуп, цæй фидар лæууыд йæ къæхтыл!..
Тох кодта арсимæ. Хъæбысхæсты бацыд йемæ, цæмæй фæуæлахиз уа. Иу рæстæджы йæ арс афтæ æрбалхъывта, æмæ йæ берданкæ йæ къухтæй феуæгъд, æрхаудта. Афтæ тынг æй нылхъывта арс, цыма йæ лæугæйæ ныххуыдуг кæнынмæ хъавыд — æнхъæлмæ каст, Екуп кæд æрлæмæгъ уыдзæн, уымæ.
Фæлæ Екупæн йæ зæрды басæттын нæ уыд, кæд æм мæлæт бынтон æввахс лæууыд, уæддæр. Уымæн, æмæ хъуыды кодта æрмæстдæр уæлахизыл. æмæ, йæ тыхтæ æрбамбырд кæнгæйæ, архайдта, цæмæй, йæ астæубосыл цы кард ауыгъд ис, ууыл фæхæст уа. Йæхи конд фæтæнком ахъаззаг цуаноны кард, йæ хæцæн — сæгуыты сыкъайæ… Уалынджы йæ арс æрфæлдæхта, æмæ Екупæн йæ бон сулæфын дæр нал уыд. Фæлæ уæддæр йæхи фæиуварс кодта æмæ куыддæр æгъдауæй йæ кард сласта… Уыйфæстæ, тугæйдзæгтæй, йæ бон бамбарын нæ уыд, йæ туджы сæ чи мæцы, арс æви уый. Иу хатт ма сырды ныррæхоинаг уыд æмæ йæ къух хæрдмæ фæхъил кодта, фæлæ йæ арс афтæ фехста, æмæ йæ тъæпп зæххыл фæцыд. Екуп раст гæдыйау фæгæпп ласта æмæ топпыл йæхи ныццавта. Фелвæста йæ æмæ йæ арсы риумæ фæцарæзта…
æмæ мæнæ ныр йæ ирвæзынгæнæг иннæ уаты къулыл ауыгъдæй лæууы — афтæ хæстæг æмæ уыцы иу рæстæг афтæ дард!
О Хуыцау, мæнæ йæ гуыбын куыд ныддымст!.. Мæнæ ныртæккæ мæгуыр Кыгумæ куыд хæлæг кæны! Хорз мардæй амард Кыгу. Рæсугъдæй фæцард — æнцонæй ахицæн… Ацы 'хсæв дæ фырт ус куры, Кыгу, чындзæхсæв ис дæ хæдзары. Адæм иууылдæр уым сты, Екуп та ам иунæгæй фыдтухæнтæ кæны, æмæ йæм уыцы хъизæмæрттæй йæхи фервæзын кæныны хъару дæр нæй!..
Йæ дæндæгтæ нылхъывта Екуп æмæ ныхъхъæрзыдта. Йæхиуыл уæлæмæ схæцæгау кодта. Цыфæндыйæ дæр хъуамæ рабада æмæ иннæ уатмæ бахæццæ уа. Ифтыгъд куы у… Топпы дзых йæ къæмисæнтæм саразын — йæ зын, æмæ æмгуыппæй фервæздзæн йæ удхарæй, рис нал æмбардзæн. Никуыуал!
Къухæй сгаргæ-сгаргæйæ йæ лæдзæгыл фæхæст. Хъавгæйæ фыццаг йæ иу къах æрæвæрдта пъолыл, стæй — иннæ, æмæ лæдзæджы 'нцæйтты цадæггай сыстад. Йæ уынаффæ цæттæ у! Кæд топмæ бахæццæ уа, уæд йæ хъизæмæрттæй фервæздзæн, æнусмæ æрæнцайдзæн… Уæддæр ын бирæ цæрæнбон нал ис — кæд ма хурыскастмæ аирвæза, уæддæр хурныгуылдмæ дæр нал ахæсдзæн!
Талынджы сабыргай йæ нысанмæ фæцæуы. Цæуы куырмау, йæ иу къухæй лæдзæгыл æнцайы, иннæ къух та размæ адаргъ кæнгæйæ. Йæ бакомкоммæ цы дуар ис, ууыл бахиздзæн иннæ уатмæ. Уым къулыл ауыгъд у… æрмæст æм дæ къух байваз!..
«Тагъддæр! Тагъддæр!» — домы зæрдæ, сæр та йæ гуыв-гуывæй не 'нцайы, цыма лæг æхсæв-бонмæ искуы чындзæхсæвы дзаг фынджы уæлхъус фæбадти, уыйау… Къул сгаргæ-сгаргæйæ, йæ къух дуары цур æнæнхъæлæджы скъæпп-æркъæпгæнæныл андзæвыд, æмæ æвиппайды ирд рухсæй йæ цæстытæ акуырм сты. Йæ зæрдæсæр фæхæцыд, фæцудыдта æмæ, сывæллоны хуыссæны фарсмæ цы сынтæг уыд, ууыл æрхауд.
Екупыл цыма исчи уазал дон басæххæтт ласта, уыйау уайтагъд æрчъицыдта. «Гъе, уæууæй, гъе! Мæ сæрызонд бынтондæр куы фæцыди фыррыстæй! — загъта йæхинымæр, сыстыныл архайгæйæ. — Сывæллоныл дæр мауал ахъуыды кæн, зæронд хæрæг!»
Рухсмæ лæппу фехъал. Йæ цæстытæ æууæрдгæйæ, сынтæгæй æрхызт æмæ йæ дадамæ фæцæйцыд.
— Кæдæм цæуыс, мæ къона? — йæ хъæлæс йæхимæ дæр нæ хъуыст, афтæ сабыр æй афарста Екуп, йæхæдæг тыххæйты бафалдæр кодта — йæ фарсмæ йын бынат суæгъд кодта.
— Мæн дæумæ фæнды! — загъта Гарик æмæ, дзуапмæ дæр нал банхъæлмæ каст, сынтæгмæ багæпп кодта.
Зæронд лæг йе 'нæхъару арм лæппуйы сæрыл æрхаста, сабыргай йæ йæхимæ æрбаввахс кодта, æмæ, цыма йæ рис фæкъаддæр, афтæ йæм фæкаст. Улæфын дæр ын фенцондæр ис.
«Мæ сæрызонд фæцыд, æндæр уæдæ цы уа! —  йæхинымæр та загъта Екуп. — æрмæстдæр мæхиуыл ахъуыды кодтон, айдагъ мæхиуыл…» æмæ æвиппайды йæ цæстытыл ауад æвирхъау ныв: топпы гæрах ныннæрыд, хуыссæнхъæлдзæг сывæллон Екупы йæ туджы мæцгæйæ баййæфта…
Тобæ, Хуыцау! Мæнæ сывæллоны куыд фæцæйбын кодта, æмæ уыимæ йæхи уд дæр!
Гиаргуал йæ дадамæ йæхи балхъывта æмæ адджын фынæй кодта. Зæронд лæг, сывæллоны  куы батыхсын кæна, уый тæссæй фезмæлын дæр нæ уæндыд, афтæмæй йæхæдæг дæр æрфынæй…
  ДЗАНАЙТЫ Ирæйы тæлмац

// Мах дуг.– 2008.– № 4.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.