logo

М О Я    О С Е Т И Я



Бунин Иван Алексеевич
уырыссаг фыссæг, поэт, тæлмацгæнæг (1870 – 1953)

Иван Алексеевич Бунин (1870 – 1953) – знаменитый писатель и поэт, первый русский обладатель Нобелевской премии по литературе, академик Санкт-Петербургской Академии наук. Провел много лет жизни в эмиграции, став одним из главных писателей русского зарубежья.
Подробнее: https://obrazovaka.ru/alpha/b/bunin-ivan-alekseevich-bunin-ivan-alekseyevich#ixzz5fhPpOf2V.

ГОЦЫ ЗАРÆГ

Цæуы денджызмæ дон, азы ивы аз. æрвылуалдзæг фæныкхуыз хъæд цъæх адары Днестр æмæ Реуты уæлбыл.
Уалдзæг сæдæ азы размæ цауддæр нæ уыди, фæлæ уæд рæстдзинад ноджы къаддæр уыди зæххыл. Молдовæ уыд Стамбулы къухты, турк сын æлдарæн æвæрдтой бердзенæгты. æлдар царди султаны цардæй; зæхджын, боер, йæхимæ каст æлдар; хъалонисæг та уыд боер дæр æмæ æлдар дæр. Адæмы сæрыл æмæ Чырыстийы рæстадыл хæцыдысты æрмæст гоцтæ.
Акæс, зæгъынц адæм, акæс фалдонмæ, кæд æхсæв донбылтыл фæцæйцæуай, уæд: уым фендзынæ карсткъæдзæх, къæдзæхы  зыны сау лæгæт, лæгæты — мынæг цæхæр. Уый цæхæр нæу, мæ хур, зынджытæ дæм нæ зыны, уыдон сызгъæрин æхца сты. Нарæг у лæгæты бахизæн, йæ къæсæр — сау дурæй, галиу къулы ис фæздæгдзæуæн, рахиз къулрæбын — хуыссæнуат сау къæйтæй. Хуыссæны сæрмæ — гайлатæ: кæддæр дзы лæууыди зæдты хуызтæ. Гайлаты сæрмæ — æфсæн рагъæнтæ, рагъæнтыл — цырагъдарæнтæ зæдты рухс нывтæн. Лæгæт кæддæр уыди хибар ран хуыцауæн кувæгæн, стæй дзы æрцарди хъæбатыр гоц. Астæрды астæу сызгъæринты цъупп: сахъ гоцæн нæ бантысти се ’ппæт мæгуыртæн раттын. Гоцы бæх хызти доныбыл астымы, йæхи та йын, — йæ уд Хуыцауы уазæг! — лæгæтмæ хастой сæ базыртыл цæргæстæ.
Нæ уыди гоц нæдæр талгарь, нæдæр абырæг: бæхдав-фараонтæн саста сæ зæнгтæ, стыгъта æрмæст бонджынты, тæлæтæй йæхицæн уагъта сæдæйæм хай, иннæ уæрста мæгуыртæн; мардта, æрмæст йæхи куы хъахъхъæдта, уæд; æртыццæг æмæ майрæмбоны дардта мархо. Уæд цымæ дарæс цы дардта? Фыййаумæ дæр бакæс! Йæ уæфстæ — хуыдзармæй, йæ хæлаф, йæ хæдон — четæнæй; астæуыл — кард, дамбацатæ — йæ фæсрон, худ — фысдзармæй, уæхсчытыл — уæрæх фæсмын, йе ’фцæджы — цыбыр къæрæбин. Йæхимæ йын бакæс, уæд тæгæрау — рæхснаг, тулдзау — фидар, бирæгъау — нуарджын, хъуыдыйау — тагъд, уарзтау — тæвд, мæлæтау — æнувыд, мæгуыртимæ — рæдау æмæ фæлмæн, хицæуттимæ — æгъатыр. Уыди фæтæнуæхск, æмбазыг, сагартæн, риу — фæтæн æмæ хъуынджын, рихитæ — бур æмæ здыхт, цæсгом — хуры ныв, цæстытæ — арты цъæх.
Дæс азы хæтæнты фæхатт. Иу бæрæгæхсæв кувынмæ араст и Хуыцауы аргъуанмæ.
Бирæ ис йæ номыл ысгуыхтытæ. Мæрдтæм барвыста фынддæс бердзены, — зоныс дæхæдæг: лæмарæны ныппар дæс туркаджы, æнаргъуыд дæс дзуддаджы, семæ дæс куыдзы, гæбæртæ, æмæ дзы æртæдздзæн бердзены туг. Бастыгъта дæс æмæ ссæдз сæрдары — уыдысты æлдарæн йæхицæй хъæздыгдæр, хъалонæн лæджы хъуырæй æфтыдтой йæ дзуар, ластой йæ хæдон. Хъæды æрцахста туркаг цæстдары æмæ йыл ныссагъта цæфхæдтæ. Уый æрымысыд æхсæзыссæдз зарæджы, дыууиссæдз гарзы дзаг банызта сæн; кафыд сæндæтты, кафыд чындзæхсæвты. Уыдис ын артхуыз бæх, дымгæйау — рæвдз, рувасау — зондджын, цудгæ нæ кодта, хид дзы нæ хъардта — æфсургъæй цы кæныс!
Фараст азы нæ уыди аргъуаны, æниу Хуыцауы ном æз æмæ дæуæй къаддæр нæ ардта; дæсæм аз аргъуанмæ араст, фидар дзырд радта йæхицæн: бæстæ куы сфæлдæха, уæддæр ахсæв никæмæн скæндзынæн маст, мæ разы дæлимон куы феста, уæддæр.
Йæ бæхы ауагъта быдыры, рохтæ баппæрста гоппыл, йæхæдæг хъæууынгты бараст. Цæуы æмæ уыны: хæдзæртты — рухс, Куадзæны фынгтæ — дзаг, пецтæ — чъырæйцагъд. Мæнæ зæронд къæс, æдзæллаг, рухс дзы нæ кæлы, æвæццæгæн, йæ артдзæст дæр бахорз. Уæд æрæнкъард и гоц, — ахæм мæгуыр къæсы сырæзт йæхæдæг дæр, — æмæ аргъуанмæ бацыд кæрзмастæй. Йæ зæрдæ йæм дзуры: зæхх ын нæ ратдзæн æнцой Чырыстийы ’хсæв дæр. æмæ куыд загъта, Хуыцау хъуыддаг сарæзта афтæ.
Аргъуан — адæмæй йедзаг, сæ къухты — цырæгътæ, сæ цæстыты — цин. Талынгдæр къуымы слæууыди гоц, уыд сеппæтæй бæрзонддæр, скуывта зæрдæбынæй; уæд æркæсы æмæ уыны: лæууы йæ фарсмæ сывæллон — мæгуырæг, йæ уæлæ бызгъуыртæ, хæцы йæ мады къухыл; мад дæр — хуыздзыд, йæ фæлыст — æгуыдзæг, йæхæдæг — дзæбæх, йæ цæстытæ — стыртæ. Гоц æм æргуыбыр, фæрсы йæ сабыр: «Хорз ус, цæуыл у дæ тыхст, цæмæн дæ фæлурс æмæ рохст?» Сылгоймаг нымдæй скасти бæгъатырмæ, стæй йæ цæстытæ зæхмæ æруагъта, дзуапп ын нæ радта. Уæд та йæ бынтон сабыр бафарста гоц: «æрхыбыл цы къæс и, рухс кæм нæ судзы, мыййаг уый дæ цæрæнуат нæу?» Ус та нæ радта дзуапп, нывтæм азылдта йе ’ргом, йæхиуыл дзуæрттæ æфтауы. Гоцмæ нал хъуысынц зард æмæ аргъуыд. «Мады Майрæм, дæ фыдæх мæ уæд! — загъта йæхицæн æрхуымæй. — Бахордтон ард: ахсæв уыдзынæн æрмахуыр, фæлæ мæ зæрдæ нæ быхсы тæригъæд!» Йæ кувын нæ фæци, аргъуанæй рацыди тагъд-тагъд.
æрхæн йæ фале, малты фæстæ, цырагъдарæнау æмæрттывд кодта хъæздыджы галуан. Схызти барджынæй асинтыл гоц, ехсæй куыйты фæсырдта, рухс уæтты разылди, дарддæр цы уыдаид, уый та базон дæхæдæг.
Уыцы Куадзæнæхсæвы, аргъуаны иу дзырд кæмæй не схауд, уыцы молдоваг мæгуыр ус нал базыдта йæ къæс, йæ рæзты-иу ацыд, — йæ рудзгуытæй рухс рæдзæгътой æлдары цырæгътæ, йæ фынг æртасыд æлдары бæркадæй. Дзаг фынгыл бадти фæтæнуæхск бæгъатыр. Уыцы Куадзæнæхсæвы æрыгон рæсугъд идæдз гоцæн баци йæ уарзон. Ус æртæ азы уарзта хъайтары, уыдис ыл æнувыд. Цыппæрæм азы йæ балхæдта вамиш, зылды цæстдарæг; ус, Иудæ, гадзрахатæй рацыди хъайтарыл. Уæд чауш, зæгъай, пандур, йе армаш — хицауы чапартæ — æртыхстысты къæсыл, хъуамæ æрцахсой хъайтары, уый та йæ фæсбалц фынæй уыд фæлладæй. Уайтагъд фехъал и гоц, фелвæста дамбацатæ, ратыдта дуар йæ къахæй, йæ кувæн дзырд загъта, знæгтæн йæ фæздæгæй се уæны бауагъта мигъ, æхситтæй йæ бæхмæ, Ройбумæ, фæсидти, саргъыл фестад æваст, размæ скъæры, фæстæмæ æхсы. Знæгтæ йæ сурынц, нæ лæууынц. Иу доны ахызт уæлбæхæй, дыккагыл атахт, æртыккаг аззад йæ фæстæ, ныр хæстæг у хъæд дæр, Кодри, уым уыдзæни æдас. Уæд арнаут, фæдысмуд, — дæлдзæх фæуа, уастæн! — йæ къæрæбин ифтындзы нæмыгæй нæ, — гоцы нæ хизы нæмыг, — фæлæ æвзист сомæй; сæмбæлд йæ фæсонтыл уый, бæхæн фæцæф йæ къах. Бæх фæкалд, расхъиудта зæхмæ барæг, — уым æй сбастой хъæддых, цырыхъхъы зæвæтæй ныттыдтой йæ тыл æмæ йæ уæрдоны аластой Ясстæм... Чырыстон хорз адæм, уыцы бæллæх дæр æрцыди Чырыстийы рухс бон!
Кæс, мæ хур, тулынц æфсæн уæрдон рагъмæ цъæх галтæ. Гуыффæйы уæззау цæфæй хуыссы гоц. Йæ фарсмæ цæуы йæ зæронд мад, сæрфы йын йæ туджы æрхæмтæ, къобор галтæн сисы лæгъстæтæ: «Галтæ, мæ цæссыгæй кувын сымахæн, ма уигъут уæрдон, сабыр æй ласут, йæ уæлæ мæ хъæбул мæлы!» æмæ сындæг донау узгæ-узгæ тулы уæрдон, æмæ дзуры бæгъатыр: «Аздæх, мæ ныййарæг, дæ амонд — дæхи хай, мæн мæ судзгæ цæфимæ ныууадз!» — Нæ, мæ хур, афтæ зарæджы зарынц. æцæгæй та гоцы мад нæма зыдта уæд, йæ фырты йын Яссты ныккæндмæ кæй фæласынц, уый. Нæ зыдта бирæ рæстæджы, уым куыд сæфы, куыд æй марынц удхарæй, уый дæр.
Зæххон тæрхон тагъд нæ кæны, æмæ та æртæ азы рацыд, æмæ та æрлæууыд бæрæгбон. Уæд ахæстонгæстæн зæгъы гоц: «Чырыстон хорз адæм, ис мæ удыл тæригъæд, иу хъæздыг лæгæй стыр чыссæ байстон, уым æхцаты ’хсæн разынди чысыл æрхуы дзуар, уый сывæллоны дзуар у. Фадат мын раттут, æз æй йæ хицауыл сæмбæлын кæнон; уæ хорзмæ уын æз бацамондзынæн æмбæхст хæзнадон. Ард уын хæрын мæ хуыцауæй — æрбаздæхдзынæн ацы зындонмæ. Мæ фыны йæ федтон, цыма уыцы бонджын æрцыд Ясстæм, базар кæны бæхтæй, — ратдзынæн ын дзуар æмæ мæ фæстæмæ ардæм хъæуы».
æмæ куыд æнхъæлыс ды, не ’рбаздæхт гоц? Фæсидт йæ бæхмæ, хъæдты уæгъдибарæй чи хæты, уымæ? Нæ, мæ хæдзар, гоц фыдгæнæг нæу, йæ дзырдæн хицау у. Базары уыцы бонджыны ссардта æмæ йын сабийы дзуар радта йæ къухтæм. Йæ хъуыддаг ахицæн, æмæ æрбаздæхт йæ ныккæндмæ. Уæд æй акодтой æлдары тæрхонмæ. Галуаны уыд æфсад, дзæвгар адæм, хицæуттæ — хæрх. æлдар  — хæрзарæзт, сæрыл — сарыхъ, уæнтыл — зынаргъ пæлæз, бады сызгъæрин къæлæтджыны æмæ гоцы фæрсы: «Кæм сты, цы ’хцатæ фæдавтай, цы бастыгътай, уыдон?» Иу дзырд дæр не схауди гоцæй, лæууыди йæ разы æмырæй, йæ каст та — сæрыстыр æмæ тызмæг. Уæд бамбары æлдар, къæйных уыд йæ фарст, æмæ æндæр хуызы дзуры: «Кæм сты, хъæздгуытæй кæй байстай, уыцы æхцатæ?» æмæ зæгъы æлдарæн гоц: «æлдар, дæ бæрзонддзинад, дзур æдзухдæр адæммæ афтæ — уæздан æмæ сабыр. Хъæздгуытæй цы ’хца байстон, уыдон кæм сты, уый та зоны æрмæст мæ бæх Ройбу, Дæуæн, йе дæ хъузæттæн уыдон нæ дæттын, — ныффу сæ кæндзыстут кæнæ сæндоны, кæнæ та къамæй!»
Уæд баст лæгæн æлдар ныццавта йæ уадул. «Афтæ цавтой Чырысти-хуыцауы дæр Пилаты тæрхоны», — загъта гоц сабыр, фæлæ мæстыйæ. Уæд фæхъæр ласы æлдар тызмæгæй: «Ныхъхъус у, талгарь, тыхгæнæг!» Уæд дзуры æлдарæн гоц: «Дæ бæрзонддзинад, дзуарыл тыгъдæй Хуыцауы фырт ныббарста тыхгæнæгæн!» Уæд æлдар гоцы ныццавта тыхджындæр æмæ йын рахаста марыны тæрхон.
Калыс дидинæг, хъæддаг фæткъуы, цъæх дарыс, уалдзыгон Кодри-хъæд, тагъд уайут, урс дæтттæ! Нæдæр тых, нæдæр хин зонд, нæдæр дæсныйы амынд — ницы бахызтаид гоцы æгады мæлæтæй. Хойынц фæрæттæ Яссты фæзуаты, дауы сигæцыл марæг йæ уæззау мыдзыра. Уæд æртахти, æрхæццæ йæ сау хабар йæ райгуырæн къæсмæ. Схæц дæхиуыл, Хуыцауы хæстон, сыст æмæ айхъус: уый ныккæуы дæ хотæн сæ хистæр, саудзыкку рæсугъд, фæлæ цы бон и йæ цæссыгтæн, цы; уæд ныккæуы дæ хотæн сæ астæуккаг, бурдзыкку рæсугъд, фæлæ дын цы ахъаз у уый дæр; уæд ныккæуы дæ кæстæр, дæ гыццыл хо, — йæ цæссыгтæй иуварс алæууынц хъæды бæлæстæ, дæттæ ивылынц, кæмттæ байгом вæййынц. Гъеныр, гъе, хъайтар, фидардæр хæц ныккæнды æфсæйнаг тæлытыл, — зоныс, хъарæг чи систа, уый?  
Ныр куы ныккæуы гоцы мад, уæд нырризы уынгæг ныккæнд, нынкъуысынц рудзынгæн йе згæ тæлытæ.
Ныр куы ныккæуы гоцы мад, уæд хъадамантæ фæныкæй æрызгъæлынц, — æмæ рацæуы бæгъатыр сæрибар быдырмæ, зæхх æрцæвы тыхджын къахæй:
— Гъей, гъей, фæрныг адæм! Мæ азарæй ныр уæ фарсæй фæуыдзæн Чырыстийы стыр бон!

Джыккайты Шамилы тæлмац
23.07.02

// Мах дуг.– 2002.– № 10.


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов Кавказа
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
       Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.