Бæмбæджы хуылфы зынг нæ бамбæхсдзынæ.
Змæст цæугæдонæй сæм ницы зынд æмæ йæ æнæбын хуыдтой.
Сæр уæд, уыййеддæмæ худ ссаргæйæ у.
Уазæг аиппытæ æвиппайды бафиппайы.
Æдых лæг алкæмæн дæр знаг у.
«Æри» æмæ «айс» кæрæдзи фæстæ цæуынц.
Адæм цы бæлас æлгъитой, уый бахуыскъ уыдзæн.
Галæн йæ сыкъатæ уæз нæ кæнынц.
Æгасы мардыл нæ ивдæуы.
Дур дæр аскъуыйдзæн, сырхзынг æй куы скæнай, уæд.
Æвзæр комæй — æвзæр дзырд.
Хæс æмæ ’фстау зæронд нæ кæнынц.
Хæфсы дон куы аласта, уæд афтæ загъта: «Денджызмæ ленк кæнын мæхи фæндыд».
Галæн æфсондз куы ’рбахастой, уæд афтæ: «æз хъуг дæн!» æрдуцæм дæ, зÆгъгæ йæм къæрта куы ’рбахастой, уæд та афтæ: «æз гал дæн!»
Фондзыссæдз адæймаджы кæй æфхæрой, уый фондзыссæдз адæймаджы аргъ у.
Уыгæн цæстытæ радтой æмæ ма æрфгуытæ дæр куырдта.
Дæ бæхы кæуыл æууæндыс, ууыл дæ усы дæр баууæнд.
Йæ тыхыл йæ зæрдæ чи дары, уый æртхъирæнтæ нæ кæны.
Моймæ цæуынвæнд чи скодта, уыцы чызджы бауромынæй къæвда бауромын — æнцондæр.
Мæргътæн сæ хуыздæр сæ фæстæ фæтæхы.
Дæ ус æмæ дæ хæцæнгарзыл макуы баууæнд.
Дæуæй раздæр чи ’рхауд, ууыл ма бахуд.
Ахуыр — уазæг, зонд — фысым.
Уæлхæдзар хор чи тауы, æдылы уый нæу, æххуыс ын чи кæны, уый у æдылы.
Фыййау йæ лæдзæгимæ уынаффæ кæны.
Уацайраг бафарста: «Цæмæн мæ уæй кæнут?» Дзуапп ын радтой: «Дæ рихи зылын у æмæ уый тыххæй».
Æвзæр йæхи не ’мбæхсы, хорз йæхи не ’вдисы.
Иунæг бон фæци хицау æмæ сæдæ сæры акъуырын кодта.
Ныййарджытæ — цотæн, цот — сæхицæн.
Фыццаг уал фен, чи дæм хъусы, уый, стæй дзурын райдай.
Сылгоймагæн сæдæ уды ис.
Ницæйаг хиуарзон вæййы.
Цæгæрсæр лæгæй сæрвасæн ма кур.
Зондджын знаг æдылы хионæй хуыздæр.
Хорз фыййауæн цыппар цæсты ис.
Халон гæрзифтонг лæджы ауыдта æмæ йæхицæн афтæ: «Кæд зондджын у, уæд мæ нæ фехсдзæни, кæд æдылы у, уæд мæ нæ акъуырдзæни».
Дон кæй фæцæйласы, уый калммæ дæр фæлæбуры.
Суарийыл хæрджытæ æрдызта, йæ къухтæ æхсынæн та сапон сомæй æлхæдта.
Адæймаджы зæхх йеддæмæ ничи бафсаддзæн.
Уазæгæй цы бамбæхсай, уый хæйрæджы хай кæны.
Хъæрццыгъа ’рцахсы, цъиусур байсы.
Алы куыдз дæр йæ кæрты хъæбатыр у.
Иу хуыйæн йæ дзыхы дыууæ æнгузы нæ бацæудзысты.
Бæлас йæ уидæгтæй фидар у, адæймаг та йæ хæстæджытæй.
Ифтыгъд топпæй иу тæрсы, æнæифтыгъдæй — сæдæ.
Бæлас куы базæронд вæййы, уæд дзы зулчъытæ фæзыны.
«Мæ дымæг мæ куы нæ хъыгдарид, уæд мæ дугъы бæргæ ничи баййафид», — загъта фыс.
«Мæ сæр тилынмæ зивæг куы нæ кæнин, уæд сираг бæргæ уаин», — загъта бæх.
Сынтмæ смæсты æмæ сауцъиуы амардта: «Ды дæр сау дæ!»
Хуым æм нæ уыд, афтæмæй мыггæгтæ куырдта.
Бæстыхæйттæ цы фæрæтæй фæцарæзтой, уый кæртмæ фехстой.
Хъазæн ныхас — рæстдзинады æмбис.
Æфсымæр кæмæн нæ уыд, уый цæджындзæн хъæбыстæ кодта.
Мах дуг.– 2008.– № 4.