logo

М О Я    О С Е Т И Я




Эдгар Аллан По
америкаг фыссæг, поэт, литературон критик
(1809 – 1849)

 

   Америкаг поэтты номдзыддæр Эдгар Аллан По райгуырди 1809 азы Бостоны сахары. Хæрз сабийæ баззади сидзæрæй. Схъомыл æй кодта бонджын къупец Джон Аллан. Эдгар ахуыр кодта Лондоны, стæй та Виргинийы университеты (АИШ). Йæ царды уæззау уавæртæ, низтæ æмæ йæ нозт тынг бахъыгдардтой æмæ 1849 азы дыууиссæдзаздзыдæй амарди Балтиморы сахары.
Эдгар По канд поэтикон уацмыстæ нæ фыста. Уыди разагъды новеллист дæр. Йæ радзырдты хуыздæртæ лæууынц дунеон классикæйы ахъаззагдæр уацмысты æмрæнхъ. Йæ поэзийы тыххæй йын Валери Брюсов афтæ загъта: «Эдгар Пойы лирикæ у дунейы поэзийы диссагдæртæй иу. Уый у, æмбал кæмæн нæй, ахæм хæдхуыз, ис дзы, дунеон дзырдаивады æппæты тых­джындæртыл банымаинаг чи у, ахæм уацмыстæ. Уыциу рæстæг уый сси фæстæдæры литературæйы бирæ скъолаты гуырæн. Йæ поэмæты цы идейæтæ ис, уыдон стæй йæ бирæ поэтикон фæрæзтæ парахатæй иртасын райдыдтой æмæ сæ спайда кодтой XIX æнусы поэттæ — англисæгтæ, францæгтæ, немыцæгтæ, уырыссæгтæ æмæ æндæртæ. Уыдоны уацмыстæн раст аргъгæнæн нæй, сæ сæйрагдæр гуырæн сын дзæбæх куы нæ зонай, уæд» (Эдгар Аллан По. Собрание сочинений в четырех томах. Т. I. М. «Пресса», 1993, 121 ф.).

***

 

К * * *

Дæ бахудт, де сныхас мæ удæн —
Цъæх уалдзæг, урс дыргъдон, дзæнæт.
Бæллын: дæ конд æмæ дæ уындæн
Куыннæ уа мин азы мæлæт.

Мæ уды сау арвæй цырæгътау
Кæсынц дæ цæстытæ æнцад.
Дæ рухс цы фæрныг у, цы рæдау,
Дæ рухсæй сфидыдта мæ цард!

О, цард æмбойны фестад аргъау.
Æз — маргъ, уæлдунеты тæхын.
Кæнын лæгъстæ. «Мæ амонд, ма ’рхау», —
Фыртæссæй хинымæр зæгъын.

 

Катайы дæлвæз

Сабыр уыд а бæсты, æнцад,
æгуыппæг, адæм дзы нæ цард, —
Кæддæр сæ бабын кодта хæст.
Æнусы ивта-иу æнус.
Æмæ ма стъалытæ æрмæст
Æрвыстой а фæзмæ сæ рухс.
Æппæрста хурзæрин йæ тын,
Уый касти дидинджытæм фын.
Æрцыд ныр уыдæттæн кæрон —
Куы ’рбафты а бæстæм бæлццон,
Уæд фены: нал дзы и дзæнæт —
Æрмæст ма катай æмæ мæт.
Рæудымгæ не ’рвиты салам
Рæвдаугæ тулдз бæлæстæн — ам
Уæйгуытау чи лæууы æнцад.
Нæ суры тар æврæгъты уад.
Уæддæр æнæрынцой у рындз —
Кæдæмдæр знæт мигътæ бырынц.
Уæддæр нæры, ызмæлы къох,
Æппары дур-фæзгъæртæ хох.
Дзыгъуыртæ, хъулæттæ у фæз,
Кæны фиалкæтæй бæз-бæз...
Къæйтæ, зæронд ингæнтæ — рох,
Кæддæры сау бонтæ, фыдох.
Ам калы иу хъоппæг цæссыг,
Æмæ цæппузыртæй йæ хъыг
Ыссудзы нæууыл, цыма зынг.
Ам фестынц маст æмæ фыдæх
Æнусон сау цæссыг — æртæх.

Френсис Оскудмæ

Фæнды дæ, уарзой дæ æцæг? —
Цы уыдтæ, ахæмæй-иу цæр,
Кæнгæ ми аппар, ма у мæнг,
Дæ ныв дын афтæ скарста æрдз.

Зæдау дæ фидыцтæ — æрвон.
Мæн дæр дæ бæрзонд арфмæ сис.
Дæуæй æнæппæлгæ куыд уон,
Дæуæн æнæуарзгæ куыд ис!

Гимн
Æхсæв уа, бон уа — фехъус мын мæ дзырд,
О Мадымайрæм, арфæ дын, табу дын.
Мæ цины сахат, йе куы ’рцæуа фыд, —
О, курын дæ, ныфсæнцой у мæ удæн.
Мæ арв куы нæ уыд асæстæй æхгæд,
Нæ дуне хур куы рæвдыдта йæ тынтæй,
Дæ дзæбæхтæй-иу хайджын уыдтæн уæд —
Хызтай-иу мæ фыдбылызæй, рæдыдæй.
Ныр та — фыдбон, йæ додойтæ, йæ сар
Мæ амондмæ. Нæ, нал быхсын йæ митæн.
О, саккаг мын кæ тых æмæ æхсар,
Йæ сау азарæй бахизон мæ фидæн.

Еленæмæ
(Еленæ Уитменмæ)
Дæу федтон иу хатт, иунæг хатт æрмæст.
Уæдæй нырмæ цæйбæрц рацыдис азтæ —
Хуыцау йæ зхонæг. Афтæ бирæ не сты.
Уыд сусæны мæй, ирд æхсæв, æнафон.
Æрвон тыгъды цæлхыдзаг мæй тылди
Дæ зæрдæйау дзæгъæлтæгæнгæ цадæг.
Уыд афтæ райдзаст, афтæ сабыр æрдз, —
Цыд уддзæф дæр йæ къахы æлгътыл хъавгæ.
Уæлæмæ систой дидинджытæ буцæй
Сæ сатæг былтæ — уромын сæ уарзт
Нæ фæрæзтой, кæлæнгондау дæ уындæй
Æрратæ кодтой, мардысты фырмонцæй.
Æрхæндæгдзастæй, аргъæутты æхсинæг,
Фиалкæты ’хсæн урс фæлысты бадтæ.
Йæ тынтæ зæрста буцзæрдæйæ мæй
Дæ цæсгом æмæ дидинджыты хаутыл.
Хъысмæты къах (æндæр номæй та — Хъыг)
Мæн уыцы ’хсæв дæ дыргъдонмæ æрхаста,
Æрурæдта мæ дидинджыты карз тæф,
Дзыхълæуд фæкодтон, сагъдауæй лæууыдтæн.
Нæ мæнг дуне æрбадæлдзæх æваст,
Æнæнхъæлæджы фегуыппæг и, федзæм.
Дыууæ уды ма баззадис æрмæст:
Æз æмæ ды. Цы диссаджы мыртæ сты
«Æз æмæ ды»! Дыууæ цырен цырагъы!
О Стыр Хуыцау! Мæ зæрдæ сæрра риуы,
Æддæмæ тоны, й’ ахстонæй лæбуры.
Ысчынди хинтæ дыргъдонæн — ныхъхъус,
Æрдз агоби, сырхмæтæгджын дзæнæт дæр
Æд хæрздæф атад, дзаг мæйы дзындзæрттывд
Æрбатары, къæдз-мæдзы фæндаг айсæфт,
Уæйыг бæлæстæй нал хъуысти сым дæр.
Æрдуз уа, къутæр — уддзæфы хъæбысы
Цæстныкъуылдмæ æрбаисты дзыхъмард.
О, иу исдугмæ не стыр дуне сафтид,
Æвиппайды мын байдзаг и дæуæй,
Дæ уд æмæ дæ цæстыты тæмæнæй,
Уыдтон ма уыдон, уыдон ма уыдтон,
Дыууæ цæсты — мæ арв æмæ мæ дуне.
Сæ цырен рухсмæ кастæн æмæ кастæн.
Уæдмæ æрхуыссыд мæйдзырагъ сындæггай.

Дæ цæстытæ... Цы фыст уыди сæ арфы,
Цы ’мбисæндтæ, нæртон диссæгтæ, катай,
æрвон æууæнк, уæздан тынтæ, бæллиц!
Цы сау æрхæндæг, уаз фынтæ, зæрин рухс,
æрра уарзты сæрыстыр ныфс, æхсар!
Уæдмæ уæздан, зæлдагдзыкку Дианæ
Йæхи æруагъта сау мигъыл, æрныгъуылд.
Æмæ ды дæр фынæй бæлæсты ’хсæнты
Æндæргау хъавгæ ацыдтæ. æрмæст
Æрвон цæстытæ баззадысты, кодтой
Мæ фæндаг рухс æмбисæхсæв. Ныр дæр
Мæ сæрмæ судзынц иудадзыг. æнусмæ
Уыдзæнис афтæ. Дардзысты цырæгътæ
Мæ хæтæнтæм. Куы мæ бырса хæрам —
Мæ тыхыл тых æфтаудзысты, сæ тавсæй
Æз ирвæздзынæн — ницы у сæ бон
Фыд тымыгътæн. Дыууæ цæстæн сæ фидыц
Мæ монц, мæ сæнттæ базырджын кæндзæни.
У фидыц Ныфс, æмдзæхгæр тигътыл рындзмæ
Мæн хондзæни, нæ мæ уадздзæн кæлын.
Дыууæ цæстæн æнæхуыссæг æхсæвты
Фæкувын æз, фæкæнын сын табу.
Дыууæ цæсты — дыууæ Боброны — судзынц,
Æмæ сæ рухсæн ницыхъом у хур дæр!

                           Ирон æвзагмæ Инæрыхъойы тæлмацтæ.

 

// Мах дуг.– 2009.– № 1.


Зарубежная литература         Австрийская
        Астрид Кольмайер
        Георг Тракль
        Стефан Цвейг
       Американская
        Марк Твен
        Эзра Паунд
        Эдгар Аллан По
        Эмили Дикинсон
       Английская
       Афганская
        Шах Идрис
       Белорусская
       Венгерская
        Йожеф Аттилæ
        Шандор Петефи
        Балашши Балинт
       Индийская
       Ирландская
        Оксар Уайлд
        Уильям Батлер Йейтс
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
        Ам Бо
       Корейская
        Неизвестный автор
        Чо Хон
       Латвийская
        Аия Бриаака
        Аспазия
      Латинская
       Немецкая
       Норвежская
        Кнут Гамсун
       Персидская
        Омар Хайям
        Фирдоуси
       Польская
       Турецкая
        Хикмет Назым
       Французская
        Сент-Экзюпери Антуан де
        Экушар Лебрен
        Гишар
        Баур Лормиан
        Клод Мерме
        Сен-Желе
        Сенесе
        Жан Расин
        Колен Бюше
        Ла Моннуа
        Гийом де Бребеф
        Фор де Пибрак
        Д’асейи
        Теодор Дезорг
        Алекси Пирон
        Неизвестный автор


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Кудашева Р.
     Короленко В.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Литература народов Кавказа:
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
      Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.