* * *
Сау сынты хъæр. Урс миты гæппæлтæ.
Уæд дæ, о нæ уарзон æрдз, æгæссад!
Уалдзæг рахызт фароны хæмпæлтæй,
А зæххыл ма иунæг уый — æнæсайд.
Дзæнгæдацæгъдæг
Йе ’взаджы цъупмæ æртардта йæ зонд.
Портийау афтид сæр сисы бæрзонд.
Йе ’взаджы къубал ын срæдывта чидæр —
Зондæй, æвзагæй æмбойны фæсидзæр.
Уæлбикъон карлик
Нæ карликæн йæ кад нæры.
Кæд уый сарæзта Меккæ?
Уæлдæр у не ’ппæтæй — лæууы
Йæ дымысдæртæн се ’ккой.
Сагъæстæ
* * *
Махæн бирæ рæстæг амыдтой, историйы фæтк, миниуæг, дам, ахæм у, æмæ революцитæн æнæ уæвгæ нæй. Чи йæ базыдта? Ничи. Тъæнджымæй хъызты айдагъ хæдоны куы рацу-бацу кæнай, уæд рæуджыты низ ацахсдзынæ, æмæ уый дæр историон фæтк у? Кæлæддзаг хæдзарæн йе ’мбыд уæладзæнтæ афоныл куы нæ баивай, уæд дыл цар иуахæмы æрхаудзæн — историйы фæткмæ гæсгæ, нæ?* * *
...бæстæ куы схъомпал, æмæ сæрибар не ’хсæнадыл зæйау куы ракалд, уæд фыдгæнджытæ бамбæрстой, амæй хуыздæр фадат сын кæй нал фæуыдзæн, уый. Раздæр тæрсгæ-ризгæйæ давтой, ныр, хицæутты бынæттæм куы баирвæзтысты, уæд ма хъуамæ цæмæй æмæ кæмæй тарстаиккой? Гъемæ гъæйтт-мардзæйæ сæ «фосыконд» уарынмæ бавнæлдтой! Советон æхсæнад цы уыд, уымæй æвзæргæнджыты æхсæнад уыд, фæлæ «бинæгты» ракæнонарæзт мондæгтæ урæдта тас — бæрзонд бынæттæ чи ахста æмæ стырдæр фыдракæндтæ кæмæй цыдысты, уыдонæй тарстысты. Уæле та æцæг пахантæ бадтысты. Гъемæ паханты куы раппæрстой, уæд, суанг фыд ракæнын йæ фæсонæрхæджы дæр кæмæн нæ уыд, уыдон дæр загътой, нæ фæстаг шанс зæфцы фыдæй нæ къухтæй ирвæзы, зæгъгæ, æмæ февнæлдтой. Мæнмæ гæсгæ, национ хæстытæн дæр сæ цырынгæнæг уыцы фыдæххæссæг энерги у — национ хуымæтæг æмæ фæлмæн мæр æнцонæй дæтты ахæм «æвзартæ».* * *
Коммунизмæй цæхджын сайд фестæм, æмæ ныр та национализмы провинциалон сайд баййæфта нæ сæр. Национализм у, конкуренцихъом чи нæу, ахæмты конкуренци. Фæлæ сæ уыцы уавæрмæ паддзæхтæ æртардтой, бирæ азты дæргъы сайæн къæбæр æмæ цæстмæмиты фæрцы йæхи фæдфæливæнтæ чи ’мбæхста, уыдон.* * *
Зæронд тырысатæ тугæй ныддæнгæл сты, ног, хус тырысатæ та туг цъирынмæ сæ быцъынæг скъуынынц.* * *
Революцийы мæнг пафос: социализм нын æрцæудзæн æмæ æнцон цæрæн уыдзæн. Абоны бонты мæнг пафос: социализм нæ асайдта, фæлæ капитализм æрцæудзæн æмæ æнцон цæрæн уыдзæн. Удварны барæнтæй сæ куы барæм, уæд сæ уæлдай нæй. Фæлæ цас арфдæр, цас рæстдзæвиндæр сты Библийы ныхæстæ: адæм хъуамæ йæ хидкалгæйæ амал кæна йæ къæбæр!* * *
Хъуыдытæй йемыдзаг чи у, уый сау адæмæй йæхи иуварс ласы, сау адæммæ разæнгардæй чи цæуы, уымæ та хъуыдыйы мыггагæй ницы вæййы.* * *
Адæймаг цас цауддæр, ницæйагдæр уа, уыйбæрц йæхи хæстæгдæр ласы сау адæммæ, цæмæй сæ йæхицæн сдæлбар кæна. Адæймаг цас хæрзхъæддæр уа, намысджындæр уа, уыйбæрц æм хардзаудæр кæсы, йæхицæн æфхæрдæн исы сау адæмы ’хсæнмæ хи ласын, разамынд сын дæттын, уымæн æмæ афтæмæй хъуыды цъист кæны, гуылмызтæгонд цæуы.* * *
Сау адæмы ’хсæн раиртасæм, кæд нæхимæ хъусынхъом вæййæм, уæд, нæ буарæй нын нæ адæймаджы миниуджытæ куыд цъырдæуы, уый. æмæ нæхи иттæг æвзæр фæхатæм. Сау адæмы ’хсæн йæхи цардхуыздæрæй, хъомысджындæрæй чи фенкъары, уымæй та, æвæццæгæн, зæгъæн и: раздæр ын цы нæ фаг кодта, уый ныр йæ буар йæхимæ бацъырдта.* * *
Уды фарныл куы цæуа ныхас, уæд зæгъæн ис: адæймаг у, иу къласы дыккаг хатт æнусмæ бадгæйæ чи баззад, ахæм ахуырдзау — æрмæст шпаргалкæтæй пайда кæнынмæ ссис арæхстджындæр, æндæр ницы. Йæ зонды иувæрсыг, техникон рæзт, комбинацион хъуыдыкæнынад ын фадат радтой æнæгъдау ситуациты йæхи сраст кæнынæн — технологитæ фæифтонгдæр сты.* * *
Абхазийы, æвæццæгæн, уæлдай дзаджджындæр субтропикон хæбизджын æнхъæлдтой. æртын æвдæм азы фæстæ тæккæ бæрнондæр бынæтты æвæрын байдыдтой гуырдзиæгты. Латинаг дамгъæты бындурыл амад абхазаг алфавит ивд æрцыди гуырдзиаг абетæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ абхазаг скъолатæ бынтондæр сæхгæдтой, растдæр зæгъгæйæ, сыгъдæг гуырдзиаг скъолатæ систы. Сабитæ ахуыр кодтой, æппындæр кæй не ’мбæрстой, уыцы ’взагыл. Уыдæттæ конд цыдысты мæнг ахуырады бындурыл, ома, дам, гуырдзиаг æмæ абхазаг æвзæгтæ æрвадиуæг кæнынц. Афтæмæй фæйнæ-фæйнæхуызон æвзæгтæ сты.ХЪОДЗАТЫ æхсары тæлмацтæ
Мах дуг.– 2008.– № 4.