* * *
Цард уæйыг лæг æрвхуыз цæстæнгасимæ,
Æмæ уарзта асæй къаннæг чи уыд,
Ахæм сылгоймаджы.
Уымæн та алкæддæр уади йæ цæстытыл
Иу чысыл хæдзар,
йæ рудзынджы бынмæ
Кæм рæза
Дидинæфтауæг сæгъысыф.
Уæйыг та уарзта, уæйыг лæг куыд фæуарзы, афтæ.
Уый ыстыр куыстмæ ивæзтой
дурбыд хæцъæфтæ,
Æмæ нæ уыди йæ бон
чысыл хæдзар саразын,
Кæй рудзынджы бынмæ рæза
Дидинæфтауæг сæгъысыф.
Цард уæйыг лæг æрвхуыз цæстæнгасимæ,
æмæ уарзта асæй къаннæг чи уыд,
Ахæм сылгоймаджы.
Уый та ысфæлмæцыд йемæ цæуынæй
Уæйгуыты фæндæгтыл, —
уый фæндыди
Æрулæфын сабыр хæдзары
Дыргъ кæм зайы, ахæм
Æфснайд æмæ хибар кæрты.
Хорзæй баззай! — уый загъта æрвхуыз цæстæнгасæн.
Æмæ гъеуæд фæцыди чындзы
Дæлæмæдзыд чи уыди, фæлæ хъæздыг,
Гъе ахæм лæппумæ,
Къаннæг хæдзармæ,
кæй рудзгуыты бынмæ
сæрыстырæй рæзыд
Дидинæфтауæг сæгъысыф.
Æмæ гъеныр æрæмбæрста уæйыг, —
Уæйыг лæджы уарзтæн
Кæй нæ ис æмбæхсæн
тъæпæнсæр хæдзары,
Кæй рудзгуыты бынмæ
рæзы
Рæудидинæфтауæг
СÆГЪЫСЫФ!
Хаджеты Таймуразы тæлмац
// Мах дуг.– 2001.– № 9.