logo

М О Я    О С Е Т И Я

Абхазаг таургътæ

Бæстырæсугъд
I

Дæс æмæ дыууисæдз азы размæ Абхазы бæстæйы скодта тынг хъызт зымæг. Самурзаканæй нудæсаздзыд æлдар Анчыба-Чачыба уазæгуаты бахауд абхазаг æлдар Инал-ипмæ. Инал-и­пæн уыди фынддæсаздзыд чызг Липæ. Липæйы рæсугъддзинады кой айхъуысти æнæхъæн бæстæйыл æмæ ма суанг йæ арæнтæй дæр ахызти.
Адæм стырæй, чысылæй, зæрондæй — иууылдæр кодтой Липæйы рæсугъд æмæ уæзданы кой.
Анчыба дæр тынг рæсугъд, хæрзконд, дзуарæнгæс лæппу уыди. Раст гæдыбæласау бæрзонд, сычъийау цæрдæг, æхсар­джын æмæ æвзыгъд.
Липæ — уалдзыгон уардийау гуырвидауц, уæздан, тæнтъихæг. Уынджы-иу куы фæцæйцыд, уыцы амондджын æмæ хъал­хуызæй, уæд-иу йæ сатæгсау цæстытæ цæхæртæ калдтой, йæ мидбыл худтæй-иу нæлгоймæгтæ бауадзгуытæ сты.
Дыууæ æрыгон зæрдæйы ссыгъдысты уарзондзинады артæй. Бамбæрстой, æнæ кæрæдзи сын цæрæн кæй нæй, сæ амонд сæ баиу кæнын кæй хъæуы, уый æмæ ард бахордтой, сæ цард кæй баиу кæндзысты æмæ æнусты дæргъы кæрæдзи уарзгæйæ кæй цæрдзысты, уый тыххæй.
Уыцы зæрдæрухс бæллицтимæ Анчыба афардæг йæ райгуы­рæн Самурзаканмæ —адæм æмæ йæ фыдæлты æгъдæуттæм гæсгæ йæхи хъуамæ чындзæхсæвмæ бацæттæ кæна.
Сæхимæ куы æрбаздæхт, уæд йæ минæвæртты Инал-ипы хæдзармæ арвыста. Фæлæ... Инал-ип уыди тызмæг, фыдзæрдæ, æгъатыр, тæригъæд чи нæ зыдта, ахæм æлдар. æмæ хъæддыхæй загъта:
— Мæнæн мæ чызг Липæйы куры, Анчыбайæ сæдæ хатты хъæздыгдæр æмæ хуыздæр чи у, ахæм æрыгон æлдар. Анчыба уымæн йæ къахы ныхы аргъ дæр нæу.
Уыцы зæрдæмарæн ныхæстæ куы фехъуыста Анчыба, уæд бынтон æрæнкъард, ныхъхъуыды кодта æмæ дæс боны фæстæ ныффæнд кодта Инал-ипмæ фæцæуын æмæ йын балæгъстæ кæнын, цæмæй йын йæ чызджы ратта.
Уазæгыл фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ тынг бацин кодтой. Дыууæ æрыгон удæн сæ цин сæ цæсгæмттæй худти. Гæнæн сын куы фæци, уæд та Липæ ногæй ардхæрынмæ фæци: йæ цард æрмæстдæр Анчыбаимæ баиу кæндзæн, æндæр æй ничи хъæуы! Фæлæ чызгæй рох нæу йæ фыды тызмæг æнгас дæр, тæрсы, йæ уарзонæн æй куынæ ратта, уымæй æмæ лæппуйы хъусы сусæгæй бадзырдта:
— Курын дæ, æмæ мын мæ фæндон сæххæст кæн, къуырийы фæстæ, изæры æхсæвæр куы бахæрой галуаны адæм æмæ куы бафынæй уой, уæд æз дуармæ рацæудзынæн æмæ дæм стыр тулдз бæласы бын æнхъæлмæ кæсдзынæн. Кæд мæ æцæгæй уарзыс, уæд-иу æнæмæнг уыцы æхсæв æрбацу, демæ мæнæн дæр хорз бæх æрбакæн æмæ мæ ахæсс дæхицæн, кæннод мæхи амардзынæн.
Анчыба йын йæ къабайы фæдджийæн аба кодта æмæ йын ард бахордта, дæ фæндон дын сæххæст кæндзынæн, зæгъгæ.
Хæрзбон загъта чызджы бинонтæн æмæ атындзыдта сæхимæ.
æрхæццæ сæ дзырдгонд æмгъуыды бон. Фæлæ Хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ Анчыба тæвднизæй æрбарынчын, йæ бон бæхыл сбадын нæ, фæлæ хуыссæны йæ мидбынаты фæзилын дæр нал уыди.
Катай кæны. Бирæ хъизæмæртты фæстæ йæ цæстытыл æвирхъау нывтæ уайын райдыдта. Липæ йæм талынг æхсæв тулдз бæласы бын æнхъæлмæ кæсы, уазалæй баргъæфсти, йæ алыварс бирæгътæ æмæ хъæддаг куыйтæ зилдух систой, ныртæккæ чызджы акъабæзтæ кæндзысы. Липæ та æнхъæл у, æмæ йæ Анчыба асайдта, йæ дзырдæн хицау нæ разынди. Сæ ардбахæрд æм нымады дæр нæу.
Уыцы маройаг хъуыдытимæ Анчыбайыл йæ низ ноджы стыхджындæр. Йæ бон æппындæр ницыуал уыди æмæ фæдзырдта йæ дыууæ кæстæр æфсымæрмæ, балæгъстæ сын кодта æмæ загъта:
— Фервæзын мæ кæнут æгады хабарæй. Мæ бæсты ацæут Инал-ипы хæдзармæ æмæ мын мæ уарзоны æрбаласут, уый афтæ æнхъæл у: асайдтон æй æмæ йæм уымæн нæ фæзындтæн. Ацæ­ут æхсæвыцæстыл, стыр тулдзы бын мæм æнхъæлмæ кæсы мæ æрвон Липæ.
Лæппутæ се ’фсымæры фæндыл дыууæ зæгъын нæ бауæндыдысты. Араст сты амынд бынатмæ. Липæйы баййæфтой æнæрхъæцæй æнхъæлмæкæсгæйæ. Бамбарын ын кодтой, Анчыба тынг кæй фæрынчын æмæ уымæ гæсгæ йæхи бон кæй нæ баци рацæуын, фæлæ уыдонæн бафæдзæхста, цæмæй йæ сæмбæлын кæной Анчыбайыл. Чызг сразы семæ ацæуыныл æмæ уадау атахтысты лæппуты хъæумæ.

II

Боныцъæхтыл Инал-ип фæгуырысхо, йæ чызг хæдзары кæй нæй, ууыл. Кæртмæ рацыд æмæ йæм дзуры йæ номæй, фæлæ йын дзуапдæттæг нæ фæци, æмæ бамбæрста, Липæйы зæрдæйы Анчыба йеддæмæ бынат кæй никæмæн ис, уый. Раст лæппуйы фæстæ алыгъд, кæнæ йæ аскъæфтæуыд. Уайтагъд фæдис цæттæ уыд.
Баййæфтой сæ æмæ сæ æхсын байдыдтой, æфсымæртæй иу фæмард, иннæ фæцæф — Инал-ип йæ чызджы байста æмæ йæ фæстæмæ сæхимæ æрбалæууын кодта.
Анчыба йе ’фсымæрты куы арвыста, уæд æхсæв-бонмæ йæ цæстытæ нал æрцъынд кодта, уынгæй куыйты ниуын хъуыст, æмæ йæ зæрдæ йæхи къултыл хоста, йæ сæрымагъз фыррыстæй сыгъди, йæ хъару асаст, йæ зонд талынгтæ кодта. Боныцъæхтыл, æхсæвы тар куы атад, хур бæрзондæй куы æркаст, уæд Анчыбамæ бахастой йе ’фсымæры мард, иннæ æфсымæры  та йæм мæлæтдзаг цæфтæй бакодтой.
Анчыба, уыдæттæ фенгæйæ цы уавæры уыд, уый алчидæр бамбардзæн... Хуыссæнæй нал рахызти бирæ рæстæг.
Бон цæуы æмæ фарн хæссы. Иуахæмы Анчыбайæн фехъусын кодтой, цавæрдæр фæндаггон дæ агуры, зæгъгæ. Анчыба бадис кодта æнæзонгæ лæджы уындыл æмæ йæ бафарста:
— Дæ бон хорз, фæлæ чи дæ, æз дæ куынæ зонын, цы дæ хъæуы мæнæй?
— æз дæн, æлдар Инал-ипы чызг Липæйы цы ус схаста, уый лæппу. Липæ мæ рарвыста дæумæ. Бафæдзæхста мын, цæмæй дæ ссарон, салæмттæ дын раттон æмæ дын фехъусын кæнон ахæм хабар: йæ фыд æй дæтты зæронд æлдар, тынг хъæздыг лæг Маршанияйæн.
Маршания сæм йæ бирæ гæрзифтонг фæсдзæуинтæ æмæ зынаргъ лæвæрттимæ æрцæудзæн къуырийы фæстæ. Фæлæ, дам, мын мæ сæр куы асæттой, уæддæр не сразы уыдзынæн уымæ ацæуыныл. Кæд ма, дам, дæумæ намыс æмæ уæздандзинадæй исты хæццæ кæны, уæд мæ сæфын ма бауадз, æрцу æмæ мын баххуыс кæн зындонæй фервæзынæн!
— Хорз, Липæйæн фехъусын кæн, фыццагау æй кæй уарзын æмæ йæм тагъд кæй фæзындзынæн, уый. Ноджы йын зæгъ, йæ фыды ныхмæ мацы дзурæд, цæмæй йыл ма фæгуырысхо уа. Уарзондзинадыл армдарæг æмæ Хуыцауы фæрцы кæд нæ хъуыд­дæгтæ хорз ацæуиккой. Цæугæ ныр, фæндараст дæ кæнæд Хуы­цау æмæ дзæбæхæй сæмбæл дæ хæдзарыл.
Анчыбайæн фырцинæй йæ тыхыл тых бафтыд, искуы ма уарзынхъом суыдзæн, уый йæ нал уырныдта, фæлæ йæ ныр ногæй йæ уарзт йæ уæлныхты систа æмæ Липæмæ атындзыдта.
Тыхджын æмæ хъæздыг æлдар Маршания йæ бирæ фæсдзæ­уинтæ æмæ алыхуызон зынаргъ лæвæрттимæ Инал-ипы хæдзары кæд хъуамæ фæзыной, уыцы бон æрхæццæ.
Маршания хъомысджын æлдар уыд алырдыгæй дæр. Йæ фыдæлтæй, йæ мыггагæй сæрыстыр æлдар æппындæр ницы бавгъау кодта, уæздан æмæ бæстырæсугъд Липæ цæмæй йæ къай бауа, уымæн. Маршания нымад уыд йæ хъæубæсты дæр, дугъты, лæгæй-лæгмæ хъæбысхæстыты, быцæуæй хъæзтыты дæр фыццаг бынæттæ ахста. Йæ бæстæйы хуыздæр мыггæгтæ, суанг иннæ бæстæты æвзаргæдæр лæгты дæр фæндыди, Маршанияйы хуызæн сиахс сæ куы уаид, уый.
Липæ йын цыма йæ зæрдæскъæфæн рæсугъддзинадæй кæлæнтæ скодта, уыйау æй ницыуал урæдта, æрмæст ын ацы аргъæутты чызг бакомæд, æндæр æй ницыуал хъæуы уæлæйы царды.
Инал-ипы галуаны ссыгъдысты алыхуызон цырæгътæ, цалдæр сæдæйы чындзхæсджытæ — цæхæркалгæ, æрттиваг дзаумæттæй фæлыст адæм. Фæсдзæуинтæ фынгтæ дзаг кæнынц алыхуызон хæрд æмæ нозтæй. æдде — хуыдалынг.
æмбисæхсæв галуанмæ фæзынд Анчыба æртæ барæгимæ. Бæхæй æргæпп ласта. Йæ цæсгом баслыхъæй атыхта, — ацы бæстæйы лæггадгæнджытæ афтæ фæкæнынц. Йе ’мбæлтты уынджы ныууагъта, йæхæдæг æмызмæлдгæнæг адæмы æхсæн аныгъуылд æмæ йæхи кæстæриуæггæнæг акодта — мачи йыл фæгуырысхо уа.
Липæйы фæсдзæуин чызджы уаты дуармæ йæхи байста, дуары зыхъхъырæй бакаст æмæ ауыдта Липæйы æнкъардæй тъахтиныл бадгæ. Йæ сæр дæлæмæ æруагъта, рæстæгæй-рæстæгмæ йæ цæссыгтæ асæрфы.
Анчыба фæстæмæ адæмы гуылфæны смидæг æмæ лæггад кæны. Утæппæт адæмæй йыл ничи фæгуырысхо.
Боныцъæхтæ сындæггай галуанмæ кæй æрбахъуызынц, Анчыба уый куы бамбæрста, уæд аивæй Маршаниямæ йæхи байста:
— æлдар мын афтæ зæгъы, чындзмæ цæуын афон у, йæ дзаумæттæ йын скæнут.
Маршания рæвдз фестад, йе ’мбæлттæй цалдæримæ чызджы уатмæ фæраст сты. Анчыба дæр сæ фæстæ ацыд, дуары цур æрлæууыд, усгур куы фæмидæг, уæд дуар бахгæдта æмæ мидæмæ никæй уал уагъта.
Липæ Анчыбайы базыдта æмæ хъæрæй ныккуыдта. Маршания Липæйы кæугæ куы федта, уæд тынг ныддис кодта æмæ йæм джихæй кæсгæйæ баззад. Стæй йæ уæрджытыл æрлæууыд æмæ йæ бафæрсынмæ куыд хъавыд, цæуыл кæуыс, зæгъгæ, афтæ йæм Анчыба хæстæг бацыд æмæ дзуры:
— Уæлæмæ сыст, æлдар! Мах хъуамæ схæцæм!
Маршания æрра домбайау фæгæпп кодта, йе ’хсаргард фæцъортт ласта æмæ Анчыбайыл йæхи бауагъта. æвиппайды ауыдта: Анчыбайæн йæ къухы æхсæнгарз ис, фæлæ дзы фехсынмæ нæ хъавы, афтæмæй йæ риу бадардта Маршаниямæ. æлдар, ахæм ныв фенгæйæ йе ’хсаргард æруагъта æмæ сонтæй афарста:
— Раздæр уал зæгъ, ды чи дæ æмæ цæмæн хъуамæ схæцæм?
— æз дæн Анчыба-Чачыба, — зæгъы лæппу, — ацы чызг та мæ уарзон у. æз цалынмæ æгас дæн, уæдмæ йæ никæмæн ратдзынæн.
Ноджы йын радзырдта йе ’фсымæртæй йын иуы куыд амард­той, иннæйы та йын цæф кæй фæкодтой.
Липæ та, дам, хъæрæй уымæн кæуы, æмæ мæнæн ард бахорд­та, йæ зæрдæ мыл кæй никуы сивдзæн, уый тыххæй. Йæ ардхæрд та йын йæ фыд ивын кæны. Фæлæ Липæ, йæ ардбахæр­ды сæрты ахизыны бæсты, йæхи амардзæн. Гъемæ дæ кæд афтæ фæнды, йæхи амара — уæд æй хъуамæ нæхи цæстæй фенæм, стæй дын дзырд дæттын, уый фæстæ ацы нæмыг мæнæн дæр мæхи сæрыл кæй сæмбæлдзæн!
Маршания æхсаргард йæ кæрддзæмы нытътъыста, хъуыдыты аныгъуылд.
— Иу чысыл фæлæуу, Анчыба! Ацы хъуыддаг æз снывыл кæндзынæн, — Липæмæ фездæхти æмæ йæм дзуры: — Нæ зæды хай, ды та цы зæгъыс?
Липæ дæр ын сыгъдæгзæрдæйæ загъта, Анчыбайы рагæй кæй уарзы æмæ удæгасæй æндæр искæмæ ацæуыныл кæй никуы сразы уыдзæн, уыдæттæ.
— Анчыба, ды мæ цуры ницы аххосджын дæ, æмæ цæмæн хъуамæ амæлай, уæдæ æз дæр — афтæ. Хорз, бакæн дуар æмæ адæмы мидæмæ рауадз. Сбад æмæ мацæмæй тæрс, — загъта Маршания. — Хорз адæм, фæдзурут ма Инал-ипмæ.
Тагъд-тагъд æбацыдысты Инал-ип æмæ ма цалдæр æлдары.
— Цытджын æлдæрттæ! Ацы чызг мæнæн мæ уарзон нæу. Абонæй фæстæмæ нымад уыдзæн, мæ уарзон чызгыл. — Йæ фæсдзæуинтæн, лæггадгæнджытæн бафæдзæхста, цы зынаргъ хæзнатæ æрласта лæварæн, уыдон æвзист тæбæгъы æвæрдæй Анчыбайы къæхты бын куыд æрæвæрой.
— Анчыба, ацы хæзнатæ балæвар кæн дæ уарзон, мæ чызг Липæйæн æмæ йæ мæнæй ракур, йæ фыдæй. Инал-ип, цы фондз æмæ ссæдз байраджы дын раттон ирæдæн, уыдон лæвар кæнын мæ чызг Липæ æмæ йæ лæг Анчыбайæн! æрыгæттæн зæрдæбын арфæтæ ракæнут æмæ чындзæхсæвы куыст кæнут дарддæр.
Адæм иууылдæр иттæг хъæлдзæгæй нуазæнтæ истой æмæ арфæтæ кодтой æрыгæттæн.
Боныцъæхтыл Липæйы æппæты хуыздæр дугъонмæ сæргъæвтой, иууылдæр бæхтыл сбадтысты æмæ араст сты Маршанияйы хæдзармæ чындзæхсæв адарддæр кæнынмæ. Чындзæхсæвы фæстæ Маршания Инал-ипмæ фæдзырдта æмæ йын загъта:
— Фæсайдтай мæ! Ды зыдтай, Анчыба æмæ дæ чызг кæрæдзи кæй уарзтой, уый. Фæлæ йæ мæнæн не схъæр кодтай æмæ мæ уымæй тынг бафхæрдтай, уыцы æфхæрд ныббаргæ нæу, хъуа­мæ йæ фылдæрæй бафидай, фæлæ дæм ам не ’вналын, уымæн æмæ мæ уазæг дæ, уазæгæн та æфхæрæн нæй. Дæ хæдзарыл дзæбæхæй сæмбæл, фæстæдæр фендзыстæм. Зон æй, æлдар Маршанияйы сайæн æмæ æфхæрæн нæй, уый тынг тæссаг хъуыд­даг у!
Маршания æртхъирæнтæ æмæ æфхæрынтæ нæ уарзта, йæ туджы нæ уыд, фæлæ, цæмæй Инал-ипы ахъаззаг фæтæрсын кæна, уый тыххæй йæ фæсдзæуинты хъæбатырдæртæй сæдæимæ ныббырста Инал-ипы хъæумæ, ныггаффут ын æй кодта æмæ дзы цалдæр хæдзары та исгæ бакодта. æфтиаджы хуызы сæ ратæлæт кодта æмæ сæ йæхи хъæуы æрцæрын кодта. Инал-ипæн хуыздæр гæнæн нал уыд: йæ чызг Липæ æмæ йе ’нæуынон сиахсмæ æрхатыд, цæмæй уыдон Маршанияйæн зæгъой æмæ йын йæ хъазайрæгты фæстæмæ раздаха.
Маршания Липæйы тынг кæй уарзта æмæ ма йæ йæхицæн чызг дæр кæй рахуыдта, уымæ гæсгæ йын йæ фыды курдиаты сæрты нæ ахызти. Хъазайрæгты фæстæмæ ратта Инал-ипæн.
Адæм ацы хабар куы фехъуыстой, уæд кæрæдзиимæ быцæу кодтой, уæдæ сæ чи растдæр бакодта, зæгъгæ. Нудæсаздзыд хъæбатыр лæппу Анчыба, æви Маршания?..

Бæхдавæг

Рустан-Кал, кæд хъæуы мидæг æппæты мæгуырдæр бинонтæй у, уæддæр бæхыл бадынæй йæ разæй никæй ауадздзæн. Сфæнд кодта сыхаг хъæуы хъæздыг лæджы чызджы ракурын. Ирæдæн ма йын дыууæ бæхы нæ фаг кæны, æмæ исты амал хъæуы. Йæхимæ, цæмæй сæ балхæна, уый нæй. Уæдæ уæд цы? Адавын сæ хъæуы. Сфæнд сæ кодта сыхæгты бæхдонæй адавын.
æнхъæлмæ кæсын байдыдта, кæд баталынг уыдзæн, уымæ. æмбисæхсæвты бамидæг сыхæгтæм æмæ сын ракодта сæ хуыз­дæр бæхтæй иуы, иннæ та сомæхсæв адавдзынæн, зæгъгæ, йæхицæн ныфсытæ æвæры.
Рустан-Калы сыхаг Гумхар тынг раджы райхъал, йæ зæрдæ фехсайдта бæхдонмæ, загъта, цон мæ бæхтæн хæринаг авæрон... Кæсы æмæ йæ бæхты хуыздæр уым нал ис. «Абырæг дард нæма ацыдаид, цон молломæ, фондз фысæй йын зæрдæ бавæрдзынæн æмæ мын кæд ссарид мæ бæх адавæджы. Йæ чиныджы æнæмæнг фыст уыдзæн æмæ мын æй бацамондзæн».
Гумхар моллойы райхъал кодта, мæстæй æхсидгæ йын, цы бæллæх ыл æрцыд, уый радзырдта, фондз фысы, дам, дын ратдзынæн, æмæ мын мæ бæхдавæджы бацамон.
— Чи у, зæгъ мын æй, — хаты йæм Гумхар, — дæ чиныгмæ æркæс... уыцы фæлитой дзы æнæмæнг разындзæн, æз æй зонын, дæ чиныджы йæ ном фыст уыдзæн, цытджын хъуыраны хатырæй...
— Зынтæй бафтдзæн къухы, мæ зынаргъ Гумхар, алы афон æмæ алцы бакæсæн нæ вæййы пехуымпары чиныджы.
— Дæ цæстытæ дзæбæх асæрф, Хуыцауы хатыр бакæн, æхсæз фысы дын балæвар кæндзынæн æмæ мын уыцы къæрныхы ссар...
— Зын кæсæн мын уымæн у, æмæ ацы комдарæнты фæтæригъæд­джын дæн, боныцъæхтыл хур скæсыны тæккæ размæ æрдæгфынæйæ дон анызтон... æмæ мын ныр пехуымпары чиныджы кæсыны бар нал ис.
— Дæ хорзæхæй, æркæс æм, мæ сæр хъуыды кæнгæйæ, авд фысы дын ратдзынæн.
— Цæй, фенæм, — загъта хинæйдзаг молло. — Хъæубæстæм фæдзур се ’ппæтмæ дæр... Фендзыстæм...
Гумхар хохæгты æрбамбырд кодта моллойы хæдзармæ. Молло рацыди адæмы æхсæнмæ, хъуыран байгом кодта æмæ тагъд-тагъд кæсын байдыдта — адæм нæ, адæм, фæлæ йæ ныхæстæй йæхæдæг дæр ницы бамбæрста...
— Мæнæ куыд зæгъы нæ пехуымпар, — райдыдта молло...
— Байхъусут, байхъусут! — райхъуысти алырдыгæй.
«Ныр уымæн йæ хурхыл ма бахæц!» — ахъуыды кодта Рустан-Кал.
— æниу, — зæгъы молло, — нæ мæ фæнды давæджы ном зæгъын, цæмæй Гумхаримæ кæрæдзимæ сæ къухтæ ма сисой, уый тыххæй. Нæ мæ фæнды, уымæн æмæ мын фæлмæн зæрдæ ис... Фæлæ, уыцы «хъæбатыр» кæд намысджын у, афтæ æнцонтæй кæйдæр бæх йæхи чи бакодта, уый хъуамæ ахъуыды кæна, Гумхар йæ уарзон бæхы ныхмæ туг кæй агурдзæн, ууыл...
— Туг, туг... кæнæ бæх! — гуым-гуым кæны Гумхар.
— Уымæй уæлдай, — зæгъы та молло, — æз, куыд фæлмæнзæрдæ молло, тæрхон хæссын давæгæн, сомизæр бæхы йæ бынатмæ куыд æркæна, кæннод ын иннæбон йæ ном зæгъдзынæн...
Хохæгтæ, моллойæн йæ зондджын ныхас æмæ фæлмæнзæрдæйы тыххæй арфæтæгæнгæ, апырх сты æмæ сæ хæдзæрттæм афардæг сты.
«Ахæм ма дзы дæсны чиныг уа! — хъуыды кæны Рустан-Кал. — Мæ фæдтæ доны бакалæгау æмбæхст уыдысты, уæддæр мæ æнæнхъæлæджы куыд базыдта... Ардыгæй изæрмæ ахъуыды кæндзынæн, цы гæнгæ мын у, ууыл...»
Хуры фыццаг тынтимæ Гумхары йæ фæсдзæуин райхъал кодта æмæ йæм хæрзæггурæггаг фæци, дæ бæх хæдзары дуар­мæ лæууы, зæгъгæ.
Гумхар фырцинæй молломæ азгъордта æмæ йын арфæтыл схæцыд:
— Зондджынты зондджындæр, — фæхъæр кодта Гумхар, молло Забулайы йæ хъæбысы ныккæнгæйæ, — дзæгъæлы дын нæ раттон мæ авд фысы. Мæ бæх мын цы хорз ссардтай!
— Охх, мæ цæстырухс, раст зæгъыс, æрмæст дæ фыстæ... — æнкъардæй бакодта туркаг.
— Цы кæнынц мæ фыстæ? Нард не сты зæгъынмæ хъавыс?..
— Адавтой мын дæ фысты, ноджы ма семæ мæ дыууæ бæхы, — кæуынхъæлæсæй загъта молло.
— Адавтой?.. Уанцон нæу! Ноджы ма дæ бæхты дæр?! Рæвдз рахæсс дæ чиныг, æркæсæм æм æмæ базонæм, чи сæ адавта, уый...
— Чиныг дæр адавтой! — хъæрæй ныккуыдта молло.
æцæгæйдæр Рустан-Кал Гумхары бæх йæ хæдзармæ куы æрбакодта, уæд моллойы бастыгъта, йæ чиныг ын хъавгæ йæ бынæй раласта æмæ йæ Урухы доны баппæрста.

Давд уд

Абхазы бæстæйы иу хъæуы царди, йæ рæсугъды кой дæрдтыл кæмæн айхъуысти, ахæм рæсугъд чызг. Йæ ныййарджытæ йæ хъавыдысты тынг хъæздыг зæронд лæгæн моймæ раттын. æгъдау­мæ гæсгæ чызг йæ ныййарджыты фæндоныл хъуамæ дыууæ мæ загътаид, фæлæ уарзта мæгуыр хæдзары æрыгон лæппуйы. Лæппу та чызджы аскъæфын йæ сæрмæ нæ хаста. Стæй йæ йæ ныййарджытæ иу уысм дæр иунæгæй нæ уагътой. Чызг йæ зæрдæ дардта, кæд мæ æвæндонæй нæ раттикккой зæронд лæгæн, зæгъгæ. Лæппуйæн та-иу загъта, удæгасæй йæ ныййарджыты фæндоныл кæй не сразы уыдзæн.
Бонтæ цыдысты. Сбæрæг ис чындзæхсæвы æмгъуыд дæр. Уалынмæ райхъуысти: рæсугъд чызг æвиппайды амарди.
Мæрддзыгой æмбырд кæнын райдыдтой, адæм кæуынц, чи хъæрæй, чи та хиуылхæцгæ.
Дыккаг бон чырын æрбаластой æмæ йæ уым сæвæрдтой. Адæм чырыны алыварс æрдиаг кодтой. Се ’ппæтæй тынгдæр — чыз­джы мад. Йæ хъарджытæм хъусын нал фæрæзтой адæм. Усгур зæронд лæджы бирæ рæстæг нæ уырныдта йæ усаджы мард, фæлæ, хъарæг æмæ кæуын куы стыхджын сты, уæд æхца систа æмæ сæ ныууагъта йæ баныгæнынæн, йæхæдæг дард кæдæмдæр ацыди.
Ныййарджытæ æмæ хæстæджытæ сæхи фыркуыдæй мардтой. æрмæст чызджы уарзон лæппу нæ куыдта, афтæ зынди, цыма-иу кæддæрæй-кæддæрмæ йæ мидбылты дæр бахудти. Чызджы мадмæ йæхи хæстæг байста, уæдæ йын æз дæр тæфæрфæс ракæнон, зæгъгæ.
Мад лæппуйы куы ауыдта, уæд ноджы хъæрдæрæй ныккуыд­та æмæ ныхъхъарæг кодта:
— О Хуыцау! Чи зоны, мæ чызг мæстæй æрбамард, æвæццæгæн æй зæронд лæгмæ ацæуын нæ фæндыд, æмæ йæ зæрдæ аскъуыд! Дæуæн æй цæуылнæ раттам, ныр дæр ма нын æгас уаид!
— æцæг, дæ чызг æгас куы уаид, уæд æй мæнæн раттис? — бафарста лæппу.
— Мæхæдæг дын æй дæ хæдзармæ бакодтаин, бæргæ, фæлæ ма ныр уыдæттыл дзурын цы пайда у? Уæртæ чырыны хуыссы æнæ улæфгæйæ, йæ мæрдон хуыз ын куы уыныс, йæ уд, æвæццæгæн, уæлæрвтæм атахти...
— Мауал дæхи мар, дæ чызг удæгас у!
— Дæ сæры зонд фæцыд, уæртæ ма йын йæ цæсгоммæ бакæс, бынтон куы ныммæрдонхуыз, тагъд йæ буар æмбийын райдайдзæн.
— Нæ, нæ, æна! — райхъуыст чызджы хъæлæс чырынæй. — æз æгас дæн, мæрдтыбæстæй æрбаздæхтæн, æмæ кæд дæ дзырдæн хицау разынай, уæд ныртæккæ чырынæй сыстдзынæн æмæ мæ уарзон лæппумæ смой кæндзынæн.
Мад цыма хæйрæджджын фæци, уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, афтæ йæ хуыз аивта. Фæлæ йæ чызджы чырынæй сыстгæ куы федта, уæд хъæргæнгæ дуармæ разгъордта. Иннæ адæм дæр мады бафæзмыдтой æмæ уынгмæ згъордтой.
Уæдмæ сæм дыууæ уарзæгой зæрдæйы хъæбыс-хъæбыс куы рацыдысты уынгмæ, уæд се ’муд æрцыдысты æмæ сыл цинтæ кæнын райдыдтой.
Чысыл фæстæдæр адæм иууылдæр худтысты æмæ арфæтæ кодтой æрыгæттæн. Се ’рхъуыды сæм тынг хорз фæкаст. Чызгæй æппæлыдысты, йæ уд адавыны руаджы зæронд лæгмæ нæ, фæлæ йæ æрыгон уарзонмæ кæй смой кæндзæн, уымæй. Мад æмæ фыдæй амондджындæр ничиуал уыд а бæсты æмæ стыр чындзæхсæв ныззылдтой сæ рæсугъд чызгæн.

Æвзыгъд фыййау

Адæмы зæрдыл нырмæ дæр лæууы диссаджы таурæгъ иу æвзыгъд фыййауы цардæй.
«Уыди тынг хъызт зымæг. Фыййау цалдæр мæйы тох кодта æрдзы ныхмæ, архайдта, йæ фос цæмæй æххормагæй ма баззайой. Мартъийы мæй дыууæ хатты фылдæр ныууарыд мит. Фыййау бон-изæрмæ белæй мит къахта æмæ йæ иуварс æппæрста, афтæмæй йæ фосæн хæрын кодта цыдæр мæнгмуртæ. Уæдмæ — тæккæ райсом апрелы мæй райдайдзæн, æмæ фыййауы уырныдта, цæхгæр кæй фæхъарм бонтæ кæндзæн, уый. æмæ йæ бел иуварс аппæрста, мартъийы мæй карз æлгъыстытæ ракодта, кæй дзы фервæзт, уымæй йæхи амондджын рахуыдта.
Мартъийы мæй фыййауы æлгъыстытæ куы фехъуыста, уæд апрелы мæймæ азгъордта æмæ ма дзы æртæ боны æфстау ра­куырдта. Уыцы æртæ боны уыйбæрц бирæ мит ныууарыди, æмæ фыййау йæ сæрæн хос нал зыдта, цы ма акæна, ууыл катай кæны. Фæлæ мæнгæн нæ фæзæгъынц: мæгуыр лæг амалæн конд у. Фыййау бавдæлд æмæ афтид лалым райста, гæдыйы дзы сбадын кодта, хъайваныл æй æрцауыгъта, æмæ йæ цармæ сæппæрста. Гæды лалым хыртт-хыртт кæнын байдыдта, фыстæ сæ каст лалыммæ скодтой, æртæ боны хъуыстой, гæды лалымы куыд хъуыр­духæн кæны, уымæ æмæ сæ хицауæй æппындæр хæринаг нæ бацагуырдтой. Ахæм æрхъуыдыйы фæрцы фервæзын кодта йæ фосы сæрæн æмæ æвзыгъд фыййау. Уæдæй фæстæмæ адæм дзурынц: «Апрелы фыццаг бонты мит куы уара, уæд уый мартъийы аххос у, уымæн æмæ йæ фыййау куы ралгъыс­та, уæдæй фæстæмæ йæ кæстæр æфсымæр апрелæй алы аз дæр æртæ кæнæ цыппар боны æфстау райсы, æмæ бирæ мит ныу­уары».

Къамæй хъазт

Абазинаг зылды хъæу Аяцла æмæ Цебельдинскы зылды цы хъæу ис — Геймаш, уыдоны цæрджытæ знæгтæй агæпп кодтой. Се ’хсæнæй сын сæ фысвос атардæуыди. Ныр хъуамæ сæ кæрæдзимæ сæ хъаматæ сласой. Фæлæ абазинтæ сæ сыхаг геймашты марынмæ нæ агурынц, фæлæ сæм арвыстой минæвар, дзæбæхæй баныхас кæныны охыл. Сæ уавæры къуындæгдзинад æмæ сæ бирæ къуыхцытæ æмбаргæйæ геймаштæ сразы сты бафидауыныл æмæ Шарошмæ бахастой фондз мыдамæсты. Мыдамæстытæ раттын æппæт фæскавказы адæмтæм дæр нысан кодта сабырдзинад æмæ фидыддзинад.
Хъуыддаг ууыл ахицæн ис, зæгъгæ, Шарош йæ ног зонгæтæн хæрзбон загъта æмæ батагъд кодта, цæмæй йæ адæммæ хæрзæггу­рæггаджы хуызы фæуа, чи йæ рарвыста, уыцы хистæртæм. Фæлæ йæ размæ фесты къамæйхъазджытæ. Фыццаг хатт федта къамтæ æмæ къамæйхъазджыты. Бафæндыд æй йæ амонд бавзарын, иу хъазт акодта æмæ рамбылдта, ноджы ма иу хатт, ногæй та рамбылдта, афтæ — æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы. Бынтон ферох кодта йæ хæстæджыты, хиуæтты, хæхбæсты йæм æнхъæлмæ кæй кæсынц хистæртæ, цы хъуыддаджы фæдыл æй рарвыстой, уыдæттæ. Цин кæны, цы хæцæнгæрзтæ æмæ фæллæйттæ рамбылдта, уыдоныл.
Цыппæрæм бон куы æрталынг, æмæ та хъазуатон хъазт куы сцырын Гайзары хæдзары, æрыгон фæсивæды хъæр, хъæлæба куы стынг ис Шарош æмæ Гайзары алыварс — Гайзар уыди Шарошы фысым, къамæй хъазт сын уыимæ бацайдагъ. Гайзарæн фембылд сты йæ дыууæ чызджы, фæлæ йæ уæддæр уыцы цырен хъазтæй уромæг уромын нал фæрæзта. Цалынмæ рамбулон, уæдмæ мæ ничи бауромдзæн, зæгъгæ.
Гайзары хæдзары дуар байгом æмæ адæмы æхсæн фегуырд æлдар Мадовей — йе ’мбар æлдæрттау кадджын æмæ цыт­джын, раздæры æлдариуæггæнджытæ Абхазы бæстæйы.
Мадовей ныффæлурс, цыдæр тыхст æмæ тарст уыд. Йæ уæлæйы дарæс дæлдæр-уæлдæртæ, йæ тугæйдзаг хъама йæ къухы, кæрддзæмы йæ нæма нытътъыста, йæ цæстытæ хъæддаг ракæс-бакæс кæнынц. Бæрæг у, цыдæр фыдбылыз сарæзта. Кæнæ искæй ныррæхуыста, кæнæ цавæрдæр сырды амардта...
Адæм фæйнæрдæм алæууыдысты, джихæй йæм кæсынц. Сæ уарзон хъæуккагмæ. Къамæйхъазджытæ дæр сæ хъазт фæ­уагътой:
— Цы дыл æрцыд, æлдар? — хъæлдзæгхуызæй йæ афарста Шарош. — Афтæ мæм кæсы, цыма дæ хъама абон бирæ знæгты зæрдæтæ скарста... Дæ цухъхъайыл цы туг згъоры, уый бирæ дагестайнæгты боцъотæ сахорыны фаг у...
— Раст зæгъыс, — æнкъардæй загъта Мадовей, цухъхъайæ цы туг тагъд, уый йæ къухæй сæрфгæйæ...
— Уæддæр кæй амардтай? — афарста Гайзар дæр.
— Кæй? — фæрсæгау бакодта Мадовей, йæ сатæгсау цæстытæ ферттывтой æмæ хъамамæ ныккомкоммæ сты. — Амардтон хъæддаг хуы.
Адæм базмæлыдысты, æмхуызонæй ныккæл-кæл кодтой.
— Хъæддаг хуы? æрмæстдæр хъæддаг хуы! — хъæрæй загъта Шарош. — æмæ уый тыххæй махмæ æнæ худæй згъорын цæмæн хъуыди? Стæй ахæм тугæйдзаг та цæмæн дæ?
— Цæуыл худыс, Шарош? Талынг æхсæв у, уый нæ уыныс? Сырд тыхджын æмæ хъæхъхъаг, бузныг зæгъут, ахæм арæхстджын кæй дæн, æндæр афтид æхсаргардæй цы бакодтаин, мæ сæр мын бахорд­таид. Уыцы хъæбысхæсты афтæ бафæлладтæн æмæ ма саудалын­джы фыццаг цы хæдзары цурмæ бахæццæ дæн, уым чысыл мæ фæллад ауагътон. Цæй, сымах та куыд стут? Цы хабæрттæ уæм ис?
— Махмæ? — тынг æнкъардæй зæгъы Гайзар. — Махмæ хорзæй ницы ис. Мæныл дæ хъæддаг хуыйæ мæгуырдæр бон ис. Цыдæриддæр мæм уыд, уыдон мын фембылды сты, суанг мæ чызджытæ дæр.
— Куыд цыдæриддæр дæм ис? — йæ бынаты хæрдмæ фæхау­ди Мадовей. — Куыд цыдæриддæр дæм ис? Мæ уарзоны дæр...
— Уый дæр! — сабыргай загъта Гайзар.
— Уый дæр? Мæ уарзон, дæ хистæр чызг Айначуйы дæр? æз ирæд кæуыл бафыстон, уый дæр дын фембылд?..
— О, о! Уый дæр! Мæ хурх мын алыг кæн, кæй мын фембылды, дæ ирæд дзæгъæлы кæй фесæфт... æмæ кæрæдзийæ ницыуал дарæм.
— Нæ, Шарош, — цыма Гайзары ныхæстæ хъусгæ дæр нæ кæны, ахæм хуызы дзуры Мадовей. — Ард дын хæрын, ды мæ уарзон Айначуйы никуыдæм аласдзынæ... Хъазгæ мемæ. Фыццаг уал æвæрын мæ рон, мæ хъама æмæ æхсаргард — иууылдæр сызгъæриндонытылд сты.
Шарош Мадовейы ныхæстæн æрмæст йæ сæры тылдæй дзуапп лæвæрдта, ома демæ разы дæн, зæгъгæ. Къамтæ райста æмæ йæхи хъазынмæ æрцæттæ кодта. Мадовей ма Гайзары хъусы сусæгæй бадзырдта: «Хуыцауæн алæгъстæ кæн, цæмæй тагъд фембылды уон, цыдæриддæр мæм ис, суанг мæ цухъхъайы дидитæ дæр мын куыд амбула, уæд нæ фæллæйттæ нæхи бауы­дзысты».
Гайзар æлдармæ дисхуызæй бакаст, ай æрра исты фæци, зæгъгæ, фæлæ йын йæ бынат радта.
Къамтæ гæппытæ кæнын райдыдтой æмæ Мадовейы сыз­гъæрин дзаумæттæ Шарошы баисты.
— Цæй, куыд? Хъазыс ма? — хынджылæгхуызы бафарста Шарош.
— Хъазын, — мæстыйæ зæгъы æлдар. — æз Айначуйы тыххæй æрæвæрдзынæн мæ кадджын ном, æнæхъæн Абхазы бæстæйы дæр хъуыстгонд ном.
— Табуафси! — куыдфæндыйы хуызы загъта Шарош æмæ та къамтæ райуæрста. — Мæ хæстæджыты циндзинæдты-иу гуырдзиаг адæмы кады нуазæнтæй дыууæ цæуылнæ хъуамæ баназон — мæхи æмæ дæу руаджы? Дыууæ хъæлæсы бар мын кæй ис, уый-иу цæуылнæ хъуамæ зæгъон сæрыстырæй нæ тызмæг æмæ карз, тыхджын æмæ æхсарджын хистæрты Ныхасы, зæгъ ма!
Адæм та базмæлыдысты, бирæтæ дзы Мадовейæн уайдзæф кæнынмæ хъавыд, дæ кадджын ном канд дæу нæу, фæлæ не ’ппæты дæр у, зæгъгæ. æлдар æвиппайды февнæлдта бандоныл æвæрд æхсаргардмæ, æмæ ныхмæдзурджытæ фæхъус сты. Ногæй та къамæйхъазт стынг æмæ Шарошы къозыр Мадовейы къамы абырста: йæ цытджын ном фембылд.
— Дæу фæуæд мæ кадджын ном! — цыма йын уæлдай ницы у, уыйау загъта æлдар æмæ фæрсæгау хæдзары дуармæ йæ цæстытæ ныццавта. æмæ мæнæ дуар фегом, æмæ къæсæрыл алæууыд æрыгон хæрзконд лæппу.
— Ам дæ, лæгмар! — йæхи æд хъама андзæрста æлдарыл. — Цъус раздæр мын ме ’фсымæры амардтай ницæй тыххæй, ныр мæ хъамайы цæфтæ нымай!..
— Фæлæуу! — фæхъæр кодта Мадовей! — Чи у де ’фсымæры марæг? æз дæу фæрсын!
— Сырды мыггаг! æлдар Мадовей!
— Омæ Мадовей уæртæ уый у, — ацамыдта Шарошмæ. — Уый мын мæ ном рамбылдта мæнæ ацы дæс æвдисæны раз.
— Хæйрæджыты фæтдзæгъдæн, æвзæр цагъайраг, — фæхъæр та кодта хæххон цæргæс æмæ йæм хъама ныддаргæйæ йæхи бауагъта Шарошыл. — Мæнæн ницы уæлдай у, мæ туг райс­дзынæн Мадовей ном чи хæссы, уымæй — чидæриддæр уæд!
Адæм уайтагъд фæйнæрдæм фæпырх сты, æхсаргарды цъыччытæй фæтарстысты. Шарош бæргæ фембæрста йæ рамбылды рæдыд, фæлæ байрæджы. Хæххон хъæбатыр æрра тигры гæппытæгæнгæ йæхи хъахъхъæдта Шарошы æхсаргарды цæфтæй, йæ галиу цонгыл нымæт æрытыдта æмæ та йæм-иу уый бадардта. æртæ цæрдæг фæзылды фæстæ Шарош æнæ хæцæнгарз аззади, æрхауд, къозыр къамы азар æй басыгъта.

Нывондаг

Рагон черкесаг знæмтæ алы рæттæй, суанг дард хъæутæй дæр æртæ азæй-æртæ азмæ цыдысты цæугæ дон Шахейы былмæ сæ кувæндон Ахин-Итхачехмæ. Ацы кувæндонмæ-иу йæхи къахæй æрбацыди урс-урсид нывондаг — дыгæрдыг. Цæугæ-иу Абхазы бæстæй æрбакодта, абадзехтæ æмæ адигеты зæххытыл-иу ахызт цæугæдæтты сæрты. æнусыккон ставд æмæ бæрзонд æнгуз бæлæсты бынмæ-иу бацыд æмæ уым æнхъæлмæ касти, дзуарæн æй кæд снывонд кæндзысты, уымæ.
Уыцы нывондаг-иу сæдæ версты ацыди, ничи йæ тардта, афтæмæй. Фæлæ-иу адæм цымыдисæй йæ фæстæ цыдысты, хъæуты хистæртæ-иу йæ размæ рахастой алыхуызон хæринæгтæ — фæндаггаг, сау сæгъты йын-иу йæ фæстæ бафтыдтой: куывды бон уыдон дæр аргæвддзысты.
Уыцы бæрæгбон-иу ахаста дæс-фынддæс боны, адæм-иу уыдысты тынг хъæлдзæг, æгъдауыл мард...
Иуахæмы хохæгтæ сæ сыхаг абхазæгтæм балæбурдтой, байс­той сын сæ фæллой, семæ ракодтой бирæ уацайрæгтæ. Сæ фæллад суадзынмæ æрбынат кодтой бардуаг Ахины къохы. Дзæбæх куы бахордтой æмæ куы анызтой, уæд сæ Хуыцауæй дæр нал тарстысты æмæ сæ сæ фыдæлты æгъдау дæр æрбайрох. Схъæлдзæг сты æмæ сæ цагъайрæгты тыххæй кафын кодтой — нал дæр сын сæ азтæм кастысты, нал дæр сæ уавæрмæ.
Абхазтæ æмæ черкестæ кæд алыхуызон знæмтæ сты, уæддæр сæм æмхуызон æгъдæуттæ дæр ис. Уацайрæгты æхсæн уыди æнхъæлцау сылгоймаг дæр Цебеты мыггагæй. Уый æфсæрмы кодта кафын æмæ, йæ цæссыгтæй йæхи æхсгæйæ, хъæрæй скуыв­та:
— О, Ахин! Табу дæхицæн, ма мæ бауадз фæхудинаг уæвын дæ быны! Цæргæбонты дын мæ хиуæттæ кувдзысты дæ бæрзонд­дзинадæн. Ард дын хæрын, æдзухдæр дæ кæй нымайдзынæн æмæ дыл æнувыд кæй уыдзынæн, уый тыххæй.
Куыддæр уыцы ныхæстæ загъта сылгоймаг, афтæ зæхх банкъуысти, ранæй-рæтты фæзыхъхъыртæ, фыдгæнджытæ иугай зæххы скъуыды хаудтой. Ралидз-балидз дæр-иу  акодтой, фæлæ дзы иуы дæр нæ ныууагъта, удæгасæй сæ ингæнмæ тардта, æмæ сæ зæхх аныхъуырдта.
æрмæст уацайрæгтæ баззадысты æнæфыдбылызæй. Сæ рæхыстæ халынмæ фесты, сæхи суæгъд кодтой æмæ, Ахинæн табутæгæнгæ, сæхимæ аздæхтысты.
Уæдæй фæстæмæ Цебеты мыггагæн уæлдай зынаргъдæр æмæ табуйагдæр сси ацы кувæндон.
æртæ азæй-æртæ азмæ сæ рæгъæутты æппæты рæсугъддæр, урс-урсиддæр дыгæрдыг свæййы ацы дзуары нывондаг. æвзаргæ йæ, мыййаг, нæ ракæнынц. Йæхæдæг йæхи равзары, кæнæ уасын райдайы, кæнæ йæхи цыдæр æнахуыр тылдтытæ фæкæны. Уæд бинонтæ базонынц нывондаджы æмæ иумæ скъæты бамидæг вæййынц, кувгæ æмæ табутæгæнгæ йæ æхсырæй цынайынц æмæ йæ хъæугæронмæ афæндараст кæнынц. Йæхæдæг араст вæййы кувæндонмæ, ничи йæ бауромдзæн, уый нæ, фæлæ йыл чи амбæлы, уый йын йæ худ сисдзæн æмæ йын арфæтыл схæцдзæн. Йæ фæстæ араст уыдзæн суанг Ахины къохмæ, йæ разæй дæр-иу сæхи фæкодтой, уымæн æмæ дыгæрдыг хæрдты дæр æмæ уырдгуыты дæр æнцонæй цыди, адæмæн та-иу къардиуты тагъд цæуын не ’нтысти.
Дыгæрдыг-иу цалынмæ Шахейы донмæ бахæццæ уыдаид, уæдмæ никуы æрлæууыдаид, стæй-иу кувæндоны бæлæсты бын аууоны æрхуыссыдаид æмæ æнæмæтæй фæлгæсыдаид, стыр аг æм кæм æнхъæлмæ кæсы, уыцырдæм. Уыцы цæджджинаг фыдæл­тыккон у, абхазæгтæ дзуæрттæн нывондтæ кæнын цы заманты райдыдтой, уæдæй нырмæ лæууы ацы зæххын пецы сæр, дын­джыр æнгуз бæласы бын. Бæласы зæнгыл ауыгъд æрхуы куыси. Уыцы куысийæ-иу сæнæй скуывтой райсомæй раджы дзуары лæгтæ, аходгæ та-иу дзы скодта нывондаджы хицау. Нуазгæ та-иу кодтой дины музыкæмæ хъусгæйæ, кæрæдзийы къухтыл-иу ныххæцыдысты æмæ заргæ нывондаджы алыварс зылдысты, стæй иу дыгæрдыг аргæвстой — афтæмæй хъабылдæр уыдзæн...
Куывд-иу ахаста цалдæр боны. Хордтой, нызтой, зарыдысты, фæлæ-иу кусæрттаджы дзидзатæ хæрд нæ фесты æмæ алчидæр архайдта йæ бинонтæ æмæ хæстæджытæн кувæггагæй хай ахæссыныл, хъуамæ дзы иууылдæр фæхъæстæ уыдаиккой, суанг-иу дзы сывæллæттæ æмæ ноггуырдтæн дæр сæ дзыхы тъыстой, нымадтой йæ æвдадзы хосты хуыздæрыл алы низты ныхмæ.
 ХЪæРæЦАТЫ Зæирæйы тæлмацтæ

Мах дуг.– 2008.– № 4.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.