* * *
Цыма денджыз фæфæлдæхт
Æмæ сонтæй фæуæле йæ арф,
У мæйдар дуне уыйау,
Æмæ ’вдисы йæ диссæгтæ арв.
Дуне афтид у, иунæг,
Æрхæндæг мыл бафтыд æваст.
Æз фæсæццæ дæн исдуг,
Фæджих дæн, мæ зæрдæ фæтарст.
Фæлæ афтид, æдзæм арв
Æнæнхъæл ныррызти, нынкъуыст,
Æмæ стъалытæн уайтагъд
Сæ фæд дæр æрбайсæфт,
Æрбаисты иумæ зынгхуыст.
Ай цы хабар у, оххай?
Йæ исыл куыд нæ тыхсы арв?
Æви стъалыйæн нал и
Нæ дунейыл иу мур дæр аргъ?
Ныхыфыст
У дæ фæндаг тæссæрттæ, æгайнæг,
Ды дæ а рындзмæ ахст лæгау хаст
Æмæ ма лидз — æмдзæхгæр у айнæг,
Цу дæ къахфындзтыл размæ æмраст.
Кæс дæлæмæ — хъуына цад, хæдмæл дон,
Ис цъæх дуне, æгæрон, сæрæй.
Фæлæ бафæраз, ма у нæуæндон,
Хæсс дæ уæргътæ, æруадзæн сæ нæй.
У дæ ныхыфыст ахæм — Сæрибар.
У æвæсмон, ыссар-иу фæрæз.
Дæу Сæрибарæн рарди, лæгвидар, лæг-ивар.
Нæй æмбæлццон. æмгæрттæн сæ иу дæр
Нæу æххуысхъом. Дæ рифтæгтæ хæсс.
О, фæндаггон дæ — риссы дæ зæрдæ,
О, мæстæлгъæд дæ — ма-иу кæ хъаст.
У цъæх айнæг æмдзæхгæр, тæссæрттæ —
Цу дæ къахфындзтыл размæ æмраст.
ФАТАОНТЫ Уариганы тæлмацтæ
// Мах дуг.– 2008.– № 4.