Хохаг дон
Уый денджызмæ ныййарц, æмæ йæ фæстæ
Кæсынц æдзæмæй урс цъититæ, хох.
Уый сыстырзæрдæ, нал æй хъуыд йæ бæстæ,
Егъау къæйтимæ самадта-иу тох.
Æрцыд ыл сайд, ысчындис ын кæлæнтæ:
Æррайау рындзæй уазал коммæ тæх!
Цæмæй æмбæрста, денджызы уылæнтæ
æдзух кæй мысынц былгæрæттæ, зæхх.
Сæ ахæстæй сæрибармæ бæлгæйæ
Кæй хъарынц уыдон сур зæххæн сæ уарзт,
Æрхæндæгæй, сæ гæндзæхтæ цæгъдгæйæ,
Дæрзæг хуырыл кæй амæлынц æваст.
Хуыскъ адаг
Бахус адаг, у æнкъард,
Цæстыл уайы ивгъуыд:
Ам æрттывта, худти цард,
Цин æнхъæвзта, ивылд.
Ныр æгуыппæг у, æдзæм,
Дуртæ кувынц арвмæ:
Судзæм, дойныйæ мæлæм,
Саккаг кæ дæ арфæ!
Багъæц, сасæст уыдзæн ком:
Их, тыгъдызæй — тъайлаг,
Змæст, æмбухгæ донæй сом
Ферхæцдзæнис адаг...
Мигъау атайдзæн фыдбон.
Нæй фæцудæн дуртæн.
Дуртæн раирд уыдзæн дон,
Худдзысты дзы хуртæ.
Бес-Уæгъуыры тæлмацтæ
// Мах дуг.– 2008.– № 4.