logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЦÆЛЫККАТЫ АХМÆТ
фыссæг, публицист
(1882 – 1928)

Цæлыккаты Темболаты фырт Ахмæт уыди канд Ирыстоны æмæ Цæгат Кавказы нæ, фæлæ Уæрæсейы дæр тæккæ нымаддæр лæгтæй иу. Газетты æмæ журналты йæ уацтæ, йæ литературон уацмыстæ зынын райдыдтой XX æнусы райдайæны. Уыимæ канд литераторы куыст нæ кодта, фæлæ ма уагъта газеттæ, журналтæ (альманахтæ), чингуытæ: 1910 азы Бакуйы рауагъта альманах «Утро гор», 1915 — 1916 азты газет «Суз» («Дзырд», Мæскуы), 1919 — 1920 азты газеттæ «Вольный горец» (Тифлис), 1920 азы газет «Ног цард» (иронау, Тифлис) æмæ «Ени Дуния» (тюркагау, Тифлис). Йæ чингуытæ «Чаша жизни» (Мæскуы, 1912), «Кавказ и Поволжье» (Мæскуы, 1913), «В горах Кавказа» (Мæскуы, 1914) зындгонд уыдысты Ирыстоны æдде дæр.
Ахмæт райгуырди 1882 азы Пысылмонхъæуы (ныры Ногхъæуы). Бакасти Стъараполы гимназы æмæ Мæскуыйы университеты юридикон факультеты. Студент уæвгæйæ дæр йæ хъус дардта æхсæны хъуыддæгтæм, архайдта политикон æмæ идеологон карз тохты, сси Уæрæсейы социал-демократон кусджыты партийы уæнг æмæ йæ цалдæр хатты æрцахстой. 1905 — 1907 азты революци састы бынаты куы баззад, уæд радзырдта кусджыты æнæпартион съезд саразыны фарс, æмæ йæ В. И. Ленин скритикæ кодта.
Цæлыккаты Ахмæт «кæрæдзиуыл баста УСДКП-йы Терчы-Дагъистаны æмæ Цæгат Кавказы цæдистæ, стæй Дзæуджыхъæуы, Кубаны æмæ Армавиры комитетты куыст. Парахат кодта пысылмæтты национ рæзты хъуыдытæ» (С. М. Исхаков. Политические деятели России. 1917, М., 1993, 336 ф.).
Империйы бирææнусон историйы Пысылмæтты æппæтуæрæсейон Совет фыццаг хатт фæзынди 1917 азы 11 майы — бæстæйы пысылмон адæмты съезды уынаффæйы фæстæ. Советы (Милли Шуройы) сæрдарæй æвзæрст æрцыди Цæлыккаты Ахмæт.
Октябры революцийы агъоммæ Ахмæт ссис цыппæрæм Думæйы депутат (уыди пысылмон фракцийы бюройы сæргълæууæг). 1917 азы 25 мартъийы (Ленин эмиграцийæ куы ’рбаздæхт, уымæй раздæр) æргомæй тох кæнын райдыдта хæсты ныхмæ (Рæстæгмæйы хицауады фæсарæйнаг хъуыддæгты министр П. Н. Милюков та хæст кæронмæ ахæццæ кæныны фарс уыд). Июнæй декабрмæ Цæлыччы-фырт куыста «Известия Всероссийского Мусульманского Совета»-йы редакторæй.
Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы рæстæг столицæмæ фæцæйцыди, Хъæддаг дивизи кæй хуыдтой, уый — революцийы фарсхæцджыты ныхмæ хæцынмæ. 31 августы, Дно, зæгъгæ, уыцы станцæйы Цæлыккаты Ахмæт сæмбæлди дивизийы командæгæнджытимæ æмæ сæ сразы кодта сæ фæнд аивыныл: горæты цæрджытæй мингæйттæ фервæзтысты мæлæтæй.
Цæлыччы-фырт арæх дзырдта пысылмæтты Æппæтуæрæсейон æмбырдты. Ш. Манатовы ныхæстæм гæсгæ, В. И. Ленин 1918 азы январы фембæлди Сæрæвæрæн æмбырды уæнгтæ Ш. Манатов æмæ М. Вахитовимæ æмæ загъта, хорз, дам, уаид, Цæлыккаты Ахмæты советон хицаудзинадырдæм раздахын. Манатов æмæ Вахитов аныхас кодтой Ахмæтимæ, фæлæ уый йæ зондахаст нæ аивта.
Ноджы раздæр та (1917 азы 1 декабры) Цæлыччы фыртимæ фембæлд И. В. Сталин. Ахмæт ын загъта: пысылмæттæ советон хицауады фарс нæ рахæцдзысты.
1918 азы 22 майы УСФСР-йы Нацадком Милли Шуройы куыст баурæдта, æмæ Ахмæт сыздæхт Ирыстонмæ. Терчы бæстæйы адæмты 4-æм æмбырды йæ равзæрстой Терчы Адæмон Советы ирон фракцийы уæнгæй. Фæстæдæр та æрлæууыди Кавказы адæмты меджлисы сæргъы (Калачы). Гуырдзыстоны советон цардæвæрд куы ’рфидар, уæд Ахмæт йæхи айста фæсарæнтæм. Фыццаг афтыди Константинопольмæ, стæй та Чехословакимæ æмæ Польшæмæ. Чехословакийы Ахмæт уадзын райдыдта журнал «Кавказский горец» (1924 азы). 1926 азы Прагæйы джиппы уагъд æрцыд йæ роман «Брат на брата».
Ахмæт амарди 1928 азы 2 сентябры Варшавæйы. Йе ’мбæстаг Елехъоты Тамби журнал «Горцы Кавказа»-йы фыццæгæм (нудæсæм) номыры фыста, зæгъгæ, Ахмæт суанг эмиграцийы зындæр азты дæр æууæндыд уырыссаг демократийы хъомысыл, фæлæ йæ фæстæдæр «царды зилдухæнтæ æмæ цæлхъытæ уыцы хатдзæгмæ æркодтой: Кавказы адæмтæн сæ политикон хæдбардзинадыл тохы зæрдæдаргæ никæуыл у сæхицæй дарддæр».
Номдзыд лæджы амарды тыххæй фехъусын кодтой газет «Курьер Варшавский» (полякаг æвзагыл), Парижы уырыссаг газет «Последние новости», Берлины уырыссаг газет «Руль» æмæ иннæтæ.
Нæ ныхасы кæрон чысыл скъуыддзаг æрхæсдзыстæм Ибрагим Чуликы уацæй (журнал «Горцы Кавказа», № 8 — 9, Париж, 1929): «Стать в качестве друга и брата к близким, быть истинным сыном отчизны и посвятить себя на безвозмездное служение народу — дело великое, требующее воли сильной непоколебимой. Таким был Ахмед».
Салæгаты Зойæ

 

ÆРЦЫД РÆСТÆГ
Æрцыд рæстæг! Ызмæлы бæстæ!
Ис махыл тохы заман хæс.
Кавказы кадылмард цæргæстæ,
Кæм ыстут? Сиды та нæм хæст!
Æнусмæ худинаг — тæппудæн!
Хæххон лæг! Никуы тарстæ ды.
Æрцыд фæлварæн дуг дæ удæн!
Алла верды!.. Алла верды!..

Черкес, цæцæйнаг, уæд даргинаг,
Лезгин, хъæрæсейаг, ирон,
Абхаз, мæхъхъæлон, абазинаг,
Балхъайраг, лекъаг, уæд кæсгон,
Æрцæут, сиды нæм нæ намыс,
Уый мах æфсымæртау бæтты,
Уый уадзы не уæнгты егъау ныфс.
Алла верды!.. Алла верды!..

Кавказ, нæ туг дæ æмæ не стæг.
Дæуæн нæ цард дæр нæу æвгъау.
Æнæ дæу мах цæринаг не стæм -
О, афтæ сныв кодта Хуыцау.
Æмсæр-æмбар æмæ Сæрибар -
Хъару нын а бæллиц дæтты.
Фæлæууæд алы уд дæр фидар!
Алла верды!.. Алла верды!..

Нæ хъысмæт удхайраг, уæззау уыд.
Фæкодтам не ’лдæрттæн тыхгуыст.
Ныр нæм æрттивгæ хур æрбазынд.
Фæуыдзæн авддæлдзæх нæ рыст.
Куы вæййынц адæмтæ æмзæрдæ, -
Сæ тыхæй айнæг дæр сæтты.
Уæдæ, цæй, басгуыхæм хæлæртгæ!
Алла верды!.. Алла верды!..

Гъе-гъей, Кавказы фырттæ, размæ!
Фæллойæ саразæм дзæнæт!
Нæ цин, нæ уадындзтæн сæ хъазтмæ
Æркæсдзæн дун-дуне æппæт!
Рæхджы нæм худдзæн хур уæлвонгæй,
Нæ амонд ардзыстæм куысты.
Кавказ та райгуырдзæни ногæй.
Алла верды!.. Алла верды!..

 

ÆЦÆГÆЛОН БÆСТÆЙЫ
Фæтардтой йæ æнаххосæй йæ зæххæй.
Æнæ хион, æцæгæлæтты астæу
Хæрзиунæгæй кæйдæр бæстæйы мард.
Æмæ æваст йæ цæстыл ауад ивгъуыд:
Фыдæлты бæстæ, урс цъититæ, ком,
Йæ райгуырæн хъæу, къахвæндаг, сæрвæттæ,
Тъыфыл цæргæстæ арф-арфид цъæх арвыл,
Уыгæрдæнтæ, фыййауы зарæг рындзæй,
Фысты уасын, бæхы хуыррытт, куыйты рæйд...
Æрымысыди йе ’взонджы хæтæнтæ:
Куыд рабалц кодта бонцъæхты бæхыл,
Тыхгæнæг ыл куыд æрбамбæлди хъæды.
Лæгæй-лæгмæ хæст... Хъамайы цъыччытæ...
Æхсаргарды дзæхст... Карз хъуырдухæн... Туг...
Мæлæг уды зынудисæн... Фæстаг хъæр...

Куырттатаг лæг цы нæ бавзæрста царды!
Йæ хæтæнтæ, уæхскуæзæй куыст, йæ уарзт,
Йæ удхæрттæ, йæ карз тохтæ, йæ хъазуат...
Хæссы сæ ныр нæ мæнг дунейæ дардмæ,
Хæссы фæцу ’мæ ма ’рцуйы бæстæмæ...
Рæхджы йыл фын, æнусон фын æртыхсдзæн.
Фæстаг хатт ма йæм иу бæллиц фæзынд:
Тæхуды, фен-ма иунæг хатт Кавказ!

Хъодзаты, Æ. Исчи : æмдзæвгæтæ, тæлмацтæ / Хъодзаты Æхсар. – Дзæуджыхъæу : Ир, 2017.

Æфсымæр æфсымæрæн сызнаг

Роман

I

Хид фæсте аззади, æмæ поезды Мыртазатæм бирæ нал хъæуы. Уый фæстæ бахæццæ уыдзæн Æрæфмæ. Ирыстон...
Уæрæсейы куыд уыди, афтæ тынг нал тыхсы адæймаг. Станцæйы адæм дæр бакастæй æндæрхуызон сты. Салдаты цинел арæх нал фендзынæ. Хохаг синджын кæрцытæ. Ныллæг конд уæлдзарм худтæ. Уæйлаг нымæттæ. Адæмы фезмæлд сабыр, хиуылхæцгæ. Сæрыстыр æнгæс... Фæлæ ам дæр æппæтæй арæхдæр уыцы фæныкхуыз цинелтæ сты...
Бæлццæттæй бæлвырд ничи ницы зоны, æрмæст хъус-хъус дзурынц хабæрттæ. Хорзæй ницы фехъусдзынæ. Сагъæссаг цау. Цавæрдæр тугкалæн хъуыддæгтæ цæуы Дзæуджыхъæуы алыварс. Чидæр кæимæдæр хæцы. Ир æмæ мæхъхъæл, хъазахъхъ æмæ цæцæн. Цыма хъазахъхъ, ир æмæ салдæттæ иумæ мæхъхъæл æмæ цæцæнмæ балæбурынмæ хъавынц. Нырма уал судзы Иры стырдæр хъæутæй иу. Арт ыл мæхъхъæл бафтыдтой. Цы уыдзæни дарддæр? Ничи йын ницы зоны. Иууылдæр тæрсынц кæрæдзийæ. Иу иннæйы нымайы знагыл.
Æз ницы дзурын, æрмæст мæ хъус дарын адæмы ныхæстæм, фæлæ хъуыддагæн бамбарæн нæй, æмæ хинымæр баризын...
Беслæны станцæйы змæлы æнахуыр бирæ дзыллæ. Кæдæм акæсай, уым гæрзифтонг адæм къордтæй лæууынц. Сæ бакаст — хъуынтъыз. Цæуылдæр тыхсынц. Сæ фондзæхстæттæ куы уæхсчытæм сæппарынц, куы сæ дæлæмæ æрисынц. Сæ цæстæнгас — хъамайы фындзæй цыргъдæр, адæймаджы иннæрдæм хизы. Иууылдæр æмдзырд кæнынц, сæ ныхасæн сын фæрсырдыгæй бамбарæн нæй: иугæндзон гуыв-гуывæй хъæрдæрæй хъуысы: «та-та-та... ту-ту-ту» — хæстæг кæмдæр æхсынц пулеметæй. Цыма станцæйы уæлхæдзар исчи уисхъæдæй хойы, уыйау. Ныннæрыди сармадзаны гæрах. Станцæйы бæстыхæйттæ барызтысты. Рудзгуыты æвгты дзыгъал-мыгъул райхъуысти. Адæм ноджы фæтыхстхуыздæр сты.
Хæст, æвæццæгæн, йæ тæккæ тынгыл у.
Чи кæимæ хæцы? Цæй охыл?
Рæвдздæр, рæвдздæр базонон, мæ алыварс цытæ цæуы, адæм афтæ тыхст цæмæн сты, мæ райгуырæн зæхх адзалхæссæг сармадзаны нæрынæй цæмæн ризы, уыдæттæ. Мæ фæндаггон хызын мæ уæхскмæ сæппæрстон, æмæ поезды æрлæууынмæ дæр нал банхъæлмæ кастæн, цæугæ-цæуын дзы æргæпп ластон.
О, фыдæлты уæзæг, уый куыд у, уый?! Ам дæр та тугамæст мигъ куы æнхъизы. Хæхтæн се ’нусон фынæй фехæлд. Загътон, ницы сæм никуы бахъардзæн, æмæ мыл сайд æрцыди. Ам дæр адæймаг адæймаджы ныхмæ куы сыстад. Æфсымæр æфсымæры ныхмæ. Фаг нæма ныккалди туг? Æвæццæгæн, нæма. Æвæццæгæн, туджы зæйтæ рауадзинаг сты, дуне бынтон йæ быны кæмæн фæуа, ахæм туджы денджыз. Цы гæнæн ис, нæ гæндзæхтæ цæгъддзыстæм уыцы денджызы.
Æнæмæт дæн æз. Æнæхъæн дыууæ мæйы дæргъы хæсты быдырæй Кавказмæ æнæкæрон фæндагыл мæ зæрдæ бирæ хæттыты цы сагъæсæй æнкъуысти, уый цыдæр æрбаци. Мæхицæн иу æмæ дыууæ хатты нæ загътон: тæппуд куы нæ дæ, Албег! Ды куы цыдтæ æдæрсгæ нæмгуыты ихуарды бын размæ, адзалы хъæбысмæ. Уæд дыл цы ’рцыди ныр? Дæ буар æмризæджы цæмæн баризы, дæ зæрдæ та, куыйтæ алырдыгæй кæуыл рæйынц æмæ чердæм йæхи фехса, уый чи нал фæзоны, уыцы тæрхъусы зæрдæйау цæмæн хойы риуыгуыдырыл йæхи? «Дæхиуыл хæцын фæраз, дæ бакаст уæлдайхуызон дæр ма фæуæд», — арæх-иу дзырдтон мæхицæн, фыдгулы цæстытæ-иу мæ куы хуынчъытæ кодтой, уæд. Уыдон-иу хъавыдысты мæ зæрдæйы тæккæ арфдæр æвæрæнтæм ныккæсынмæ, базонын сæ фæндыди, чи дæн æз — фыдгул æви хион. Фæлæ мæ цæстæнгасы ницы рахатæн уыди, тар хъæды астæу пыхсы бын чи фæци, æрдæгæмбыд сыфтæр бæзджын фæлтæр кæуыл сæвæрдта, кæрдæгхуыз хъуына кæуыл схæцыд, уыцы зæронд цъымарайы бын куыд ницы фендзынæ, афтæ. Цас дæ фæнды, уыйас æм кæс — ницы дзы раиртасдзынæ...
Ныр мæнæ мæ фыдæлты зæххыл æрлæууыдтæн... Ам, цыфæнды куы цæуа, уæддæр зæрдæ æнахуыр æнцой ссардта. Перроныл цалдæр къахдзæфы дæр нæма акодтон, афтæ мæ размæ фесты мæ хæстæджытæ æмæ мæ хъæуккæгтæ. Диссаджы æхсызгон сын уыди мæ фенд. Сæ хистæр Асæге, ме ’рвад, бурхил, даргърихи, боцъоджын, йе ’рфгуытæ — къардиуы сæрмæ пыхсыты хуызæн пыхцыл, йæ къæхтыл — сæрак хæдбынтæ. Фæлмæн къахдзæфтæй рахызт иннæты æхсæнæй, мæ разы æрлæууыд. Æгасцуай мын загъта: йæ рахиз къух рæмбыныкъæдзыл фæтасыд, сындæггай йæ схаста цухъхъайы бæрцыты онг æмæ йæ фæстæмæ æруагъта, ноджыдæр-ма иу къахдзæф æрбакодта мæнырдæм.
— Амондджын сахат сæмбæл, Албег, æмæ нæм алыбоны æгас цу!
Йæ къух мæм æрбадардта.
— Алыбоны хорзæхæй хайджын у, — дзуапп ын радтон æз дæр æмæ кæрæдзийы къухтæ фидар æрæлхъывтам.
Асæге мæм бынтон æввахс æрбацыд æмæ мын ныхъхъæбыс кодта: йæ рахиз къух мæ галиу уæхсчы сæрты æрбайста, галиу та — мæ рахиз дæлармы, армытъæпæнæй мын мæ фæсонтæ цалдæр хатты æрхоста.
Адæм ныл æрæмбырд сты.
Иу иннæйы фæдыл мæм цæуынц уæзданхуызæй æмæ мын мæ къух исынц.
Алчидæр сæ фæзæгъы исты рæвдауæн ныхас æмæ æддæдæр алæууы.
— Æгайтма дæ сæрæгасæй уынын...
— Амонды хос нын фæуæд де ’рбацыд...
— Хорз хабæрттæ ныл куыд ныккæлой амæй фæстæмæ, Хуыцауæй нын ахæм арфæ уæд...
— Табу иунæг Цытджын Хуыцауæн, дæу фыдыуæзæгыл чи сæмбæлын кодта...
Кæимæдæрты кæрæдзийæн хъæбыстæ кæнæм.
Цины уылæнтæ анхъæвзтой ме уæнгты. Кæс-ма, мæ фенд æхсызгон кæмæн у, ахæмтæ ис нырма а дунейы. Архайын алкæмæн дæр цалдæр дзæбæх ныхасы зæгъыныл.
— Барысби куы дæ уый! Тыххæйты ма дæ базыдтон: дæ бакаст цæргæс у, цæргæс! Æгас нæм цу, æгас!..
— Хæмæтхъан, уый ды дæ? Боцъо рауагътай æмæ дæ базонæн нал ис...
— Дæ фысты дзуг цы баци, Батыраз?
— Дæ саулохаг ма дæхимæ ис, Созырыхъо? Бадынæй йыл куы нæ æфсæстæ.
Æнæзонгæтæ дæр мæм цæуынц æмæ мын салам дæттынц. Афтæмæй мыл дзæвгар рæстæг аивгъуыдта. Кæстæртæй мын чидæр мæ хызын мæ къухæй куыд айста, уый уæвгæ дæр нæ бамбæрстон. Ничиуал ницы дзуры, иууылдæр æнхъæлмæ кæсынц, цы зæгъдзынæн, уымæ.
— Хуыцауы хатырæй, ам цытæ цæуы, уый-ма мын зæгъут, — æппынфæстаг сæ бафарстон æз. — Чи уæ кæимæ хæцы? Хуыцауардыстæн, ницы йын æмбарын.
— Хуыцауы фыдæх нæ баййæфта, — дзуапп радта Асæге, — æмæ ныл туг ныууарыд. Ир æмæ мæхъхъæл мæлæтдзаг тохы бацыдысты.
— Цы уаринаг уын разынди? — фæрсын сæ дарддæр.
— Чи йын цы зоны, — йæ къухтæ фæйнæрдæм фæхаста Асæге. — Сæ сæры зонд фæцыди...
Станцæйы бæстыхайæ рахызт хæстифтонг адæмы къорд, сæ разæй зæронд лæг. Дзæнгæрæджы бын æрлæууыд, йæ лæдзæгæй дуары тарваз цалдæр хатты æрцавта, ома байхъусут, хорз адæм.
Перроны чидæриддæр уыдис, уыдон зæрондырдæм азылдысты. Цыбыргомау къабазджын лæг. Гуыбырфындз. Дæргъæй-дæргъмæ фист боцъо. Йæ сæрыл уæлдзарм худ. Синджын кæрц æнгом æлвæст у ронæй; йæ астæуыл фæтæнком сау хъамайы кæрон уæрджытæм æххæссы. Йæ рахиз къухы — цым лæдзæг сыкъаздыхт хæцæнимæ, лæдзæджы бырынкъыл джебогъ фидаргонд.
Зæронд æнхъæлмæ кæсы адæмы басабырмæ. Сæ уынæр куыд-фæстæмæ бамынæг. Бæлвырддæрæй хъуысы пулеметы «тэк-тэк-тэк, тэк-тэк-тэк»... Хъазтизæры дыууæ бандоныл æвæрд фæйнæг уистæй хойæгау.
— Мæнæ хорз адæм, Ирыстоны хъæбултæ, — боцкъайы хуылфæй дзурæгау райхъуысти зæронды фæсус бæзджын хъæлæс. — Хъуыддаг аразыны рæстæг куы ралæууыди, уæд æнæпайда дзæнгæда худинаг у. Тепсыхъойыхъæу кæй бабын, уый уæм æгъгъæд  нæ кæсы? Тепсыхъойыхъæуы арты амæддаг хæдзæртты æртхутæг ирон адæмы сæрыл кæй хауы, уыцы худинаг фагыл нæ нымайут? Ног худинаг, Татианыхъæуы сæфт уæ сæрмæ æрхæссинаг стут? Фыдгул йæ хъарутæ иууылдæр уыцы хъæуы ныхмæ сарæзта. Сармадзантæ æрбаластой. Балæбурынæввонг сты. Мæхъхъæлы зарын айонг дæр хъуысы, мах та ам дзæгъæл ныхасыл æмæ æнæхъуаджы хабæрттыл схæцыдыстæм. Йæхи лæгыл чи нымайы, сылгоймаджы кæлмæрзæны бæсты йæ сæрыл худ чи дары, йæ дадзинты ирон туг кæмæн æхсиды, знагæн хатыр чи нæ зоны, уый хъуамæ хæсты быдырмæ атындза æмæ нæ маст дывæрæй райса. Ныхас ирон адæмы намысыл цæуы. Рæвдздæр цæугæут Татианыхъæумæ, мауал фæстиат кæнут. Худинаг уæ сæрмæ ма ’рхæссут æмæ ирон адæмы фидæны фæлтæрты дæр фидиссаг ма фæкæнут. Ирон намыс дæлæмæ æрхауын ма бауадзут.
— Ай-гъай... Ай-гъай... Тынг раст зæгъы... —хъуысы алырдыгæй. — Цæугæут! Ироны номыл къæм абадын нæ бауадздзыстæм! Нæ бауадздзыстæм! Цомут! Иууылдæр цомут!
Ссыди фондзæхстæтты къыбар-къыбур, сампалты къæрццытæ. Алчи йæ хотыхыл фидардæр æрхæцыд, хъатарайыл къух æрхаста, рон æнгомдæр балхъывта. Зонгæтæм, хиуæттæм хъæр кæнынц, цæугæдон йæ ауæзт куы арæмудза, уыйау иуырдæм агуылф сты.
Мæнæн дæр бæх æмæ хæцæнгарз радтой.
Цалдæр минуты атындзыдтон Татианыхъæуырдæм. Ме ’уæхскыл гилдзытæй йæ тæккæ дзаг дывæр сæрак хъатара уагъд. Бæх згъæллаггомы къæбæлтæ æхсыны. Мемæ ис æхсæз гæрзифтонг барæджы, мæ хæстæджытæ æмæ хъæуккæгтæ.
Ничи ницы дзуры.
«Тæдзынæгæй цыхцырæгмæ бахаудтон», — хъуыды кæнын хинымæр. Мæ фыдæлты зæхмæ мæ бæттæнтæ куы тыдтон, уæд ахæм хабармæ не ’нхъæлмæ кастæн, Уырысы нал хъæуыс, мæнæй уый. Дард кæмдæр ис дæ райгуырæн бæстæ, чи зоны, бахъæуай дзы. Кæд æй афицеры æнæнцой царды заман байрох кодтай, уæддæр уым сты дæ адæм; дæ зæрдыл ныр, афицер куы нал дæ, æрмæст уæд, де ’намонды сахат æрлæууыдысты. Чи зоны, иуварс дæ кæд нæ асхоиккой. Хъæмæ, хъæмæ. Сраст кæн дæ рæдыд, балæггад кæн дæ адæмæн. Æмæ куыд балæггад чындæуа? Цæй, уым бæрæг уыдзæни... Ахæм лæггадмæ бæргæ нæ бæллыдтæн: ногæй та хæст. Ногæй та туг кæлы, æмæ адæм кæрæдзи цæгъдынц. Цæй охыл? Нæ зонын. Адæмы намысмæ, дам, фæныхылдæуыд.
Кæд æмæ хицæн адæймаджы намыс ис, уæд æнæхъæн адæмы намысæн дæр æнæ уæвгæ нæй, нымæцæй цыфæнды чысыл куы уой, уæддæр. Æнæмæнг афтæ. Кæд æмæ уыцы намысмæ фæныхылдæуыди, уæд æз йæ сæрыл тохы бацæудзынæн... Удуæлдайæ кæй тох кæндзынæн, уый мын гуырысхойаг нæу...
Бæхтæ рог уайынц над фæндагыл. Цæфхад дурыл куы сæмбæлы, уæд йæ зæлланг ссæуы. Разæй разынди обау. Бæрæг ыл дарынц адæмы æмæ бæхты æндæргтæ. Ирон разбадджытæ. Хатгай ссæуы дзæгъæл нæмыджы дыв-дыв. Тынгæй-тынгдæр хъуысы пулеметы «тэк-тэк-тэк»...
Фæндагыл цæуынц фистæджытæ, барджытæ, адæмæй сæ тæккæ дзаг уæрдæттæ. Иууылдæр фондзæхстæттæй ифтонг, сæ риутыл — хъатаратæ. Цухъхъаты фæдджитæ ронбасты тъыст, зынынц хъаматы кæрддзæмтæ. Ивылынц æмхæццæ гуылфæнæй, сæ бакаст —хъуынтъыз, ныхас никæмæй хауы...
Фæсте сæ фæуагътам æмæ смидæг стæм Татианыхъæуы фæтæн цæхгæрмæ уынджы. Ам фистæджытæ æмæ барджытæ уæлдай арæхдæр сты.
Стыр æмæ хъæздыг хъæу. Агуыридурæй конд цъæхсæр хæдзæрттæ. Сæ бырутæ гæнахы къултау фидар. Адæм дæр уыцы цардхуыз, сырхуадул. Дуканитæ рарæнхъ сты, фæлæ се ’ппæтыл дæр æфсæн æвдузæнтæ уæззау гуыдыртимæ...
Æнхъæлмæ кæсæм, кæд нæ иу хъуыдыгæнæг фæуид, зæгъгæ, алырдæм фæлгæсæм.
Уынгтæ сты æмызмæлд. Хъæр, хъæлæба. Уæрдæттæ, бæхтæ, фос, адæм — иууылдæр сæмхæццæ сты.    
Хатгай райхъуысы адæмы тыхст æмæ знæт ныхас.
— Ардæм уæлибæхтæ хæрынмæ æмæ двайно нуазынмæ æрбацыдыстæм, æви! — йæ фондзæхстон æртхъирæнгæнæгау уæлиау систа, афтæмæй рахизырдыгæй иу къорды æхсæнæй хъæр кæны дæргъындзæг лæппу. — Хæрд æмæ нозт нæхимæ дæр разындаид! Рæстæг дзæгъæлы цы сафæм? Мæхъхъæлы æрбабырсынмæ æнхъæлмæ кæсæм? Нæхæдæг сæм ныббырсæм!.. Размæ!..
— Дзеудзæлæй, дзеудзæлæй! Цæуыл хъæр кæныс? — сдзырдта йæм æвзалыйæ нывгондау сатæгсау тымбылдзæсгом лæг.  
—Дæу хуызон булкъонтæ ам бирæ ис. Иууылдæр уынаффæгæнæг куы суой... — сфæзмыдта йæ: — «Ныббырсæм, ныббырсæм!» Фæстæмæ хæц, науæд дæ хæлафæн йæ пъæр-пъæр ссæудзæн... Раздæр уал дæ арахъхъы тæф суадз...
Адæм худынц.
Иннæрдыгæй чидæр йæхи хъары:
— Штой! Равняишь!
Фæлæ йæм хъусæг нæй, коммæ кæсын ахуыр не сты фæсивæд.
— Штой, тебе говорят рушким яжыком. Вожми мешто! — командир мæстæй фыцы.
— Какой мешто мне не надо, у меня швой мешто, — фæстæмæ йæм дзуры бынтон æрыгон лæппу, рæнхъы æрлæууын нæ комы.
Хæстæгдæр кæртæй хъыллист æмæ æхситгæнгæ ракалдысты расыг фæсивæд. Дзæвгар дзы кæй ауагътой, уый сæ цæсгæмтты сырхæй бæрæг у. Уæлдзарм худтæ схъæл сагъд.
... Не плачь ти, Маруша,
                                          Будешь ти мое...
Æрдæгцъæррæмыгъд уырыссагау чидæр кæны салдаты зарæг.
С прижива вернуша,
                                          Женю на тебе...
— Раж... Два... Раж... Два... Жа мной, багенджинтæ, жа мной!..
... Уынын сæ, фæлæ мæ цæстытыл не ’ууæндын... Ау, адон ирон фæсивæд уой? Хæсты цалдæр азмæ сыл цы ’рцыдаид? Расыг фæсивæд сæ сæр-сæ фад нал зонынц, урссæр зæрæдты ницæмæ дарынц, уыдон дæр, мæгуыртæг, къулмæ сæхи нылхъывтой.
Дæргъæй-дæргъмæ рарæнхъ сты къулрæбын, æппæтæй дæр рох, æппындæр никæй хъæуынц... Сæ цæстытæй рухсы цъыртт нал кæлы. Сæхицæн дзурæгау цыдæртæ дзурынц сабыргай æмæ æнæбары. Искуы-иуæй фæстæмæ иууылдæр лæууынц лæдзæгæнцой. Стæмтæй фæстæмæ лæдзджытæн сæ кæрæттыл джебогътæ фидаргонд. Цард, æнæхъола, расыг цард абухы сæ разы, зæрæдтæ та сты, денджыз былмæ кæй раппæрста æмæ хурмæ чи æмпылы, ахæм æдуидаг бындзæфхæдты æнгæс.
Мæгуыртæг...
...Хур уæлиау ссыди æмæ судзын райдыдта.
Цавддуртау лæууæм дæргъвæтин рæстæг, æнхъæлмæ кæсæм: фиппайæг нæ кæд фæуыдзæн.
Æппынфæстаг фæсивæд къордæй нæ размæ æрбацыдысты æмæ нæ бафарстой:
— Чи стут, уазджытæ, æмæ кæцæй æрбафтыдыстут?
Дзуапп сын радтон:
— Æз дæн сисыхъæукаг Албег. Поездæй нырма ныр æрхызтæн æмæ, ирон лæгæн куыд æмбæлы, афтæ Татианыхъæумæ батагъд кодтон, кæд, зæгъын, ацы уæззау сахат мæ адæмæн истæмæй феххуыс уаин.
— Цæмæ æрбацыдыстут?..
— Æфсымæр мын дзы чи нæ свæййы!..
— Зонæм æй, цахæм æфсымæртæ нын стут, уый! — рай-хъуыст алырдыгæй.
— Ницæмæн нæ хъæуы ахæм æфсымæртæ...
— Уæ фæндаг дарут!..
— Гъа-гъа-гъа... — ныммырмыр кодта расыг адæмæй кæцыдæр, æмæ æрбайхъуысти мæстæлгъæд цъæхснаг хъæлæс:
— Пысылмон ирæттыл баууæндыны бæсты фæлтау мæхъхъæлыл баууæнддзыстæм мах.
Уыдæттæ фехъусын æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ цы сдзурон, уымæ дæр нал арæхсын, хъуаджы кæстытæ кæнын алырдæм.
— Цы сæ бахъуыд ам?! Тепсыхъойыхъæу бастыгътой. Ныр та ам фæфос кæнын æрæфтыд сæ зæрды, — хъуысынц знæт хъæртæ.
— Ам сæ къухы ницы бафтдзæн.
— Фæндараст ут!
— Кæцæй æрбацыдыстут, уырдæм ахъуыдты ут!
— Махæн æцæг æфсымæртæ ис. Нæ фарсмæ сты. Кæсут, цас гилдзытæ нын æрбаластой. Æнæхъæн гуыффæйыдзæгтæ.
Æцæгдæр, кæм лæууæм, уырдæм хæстæг, къæнцылары кæрты хъазахъхъ хъахъхъæнынц гуыффæджын уæрдæттæ гилдзыты къоппытимæ. Уæрдæтты фарсмæ ир æмæ хъазахъхъ кæрæдзийы хорз уынынц арахъхъ æмæ бæгæныйæ.
— Мах дæр æмæ сымах дæр аргъуыд адæм стæм, чырыстæттæ, — хъæр кæны цавæрдæр хъазахъхъаг. — Ацы хъæддæгтæ та цæгъдинаг сты! — Йæ къух æвзидгæйæ фæхъил, фæлæ лæг фæцудыдта. Чидæр ын æнцой фæлæууыд.
Нæ бæхтæ разылдтам. Мæстæй фыцын. Ехсæй æрцавтон бæхы фарс. Бæх фесхъиудта, йæ сæр уæлиау систа, згъæллаггомы къæбæлтæ æхсыны æмæ йæ мидбынаты кафы... Ноджыдæр-ма йын иу дзæхст. Хайуан ницы аххосджын у, цæфтæ та æгъдаумæ гæсгæ хауынц фысымтæм: кæд уымæй уæлдай нæ зонут уазæгæн æгасцуай зæгъын, уæд сымах ничитæ куы стут!..
Цæуæм æдзæмæй. Мит атади. Быдыртæ сау дарынц. Хур æртавта, дæрдты зилын байдыдта, фæлæ йæ тыхы нæма бацыд, рагуалдзæджы уæлдæфы адæй бæрæг у: бонæй-бонмæ тынгдæр тавдзæни.
Зыдгомауæй улæфын уæлдæф, фæйнæрдæм фæлгæсын, æмæ мæ маст сындæггай сысын байдыдта. Ахæм-ма рæсугъд бæстæ уа! Быдыртæн кæрон нæй. Разæй дард кæмдæр зынынц хъæутæ. Скæсæны, хуссары, хуссар-ныгуылæны — алкæм дæр хæхтæ. Сæ фæлладуадзæг къамбецты рæгъауы хуызæн мæм кæсынц: сæ сыкъатæ уæларвмæ ныббыцæу кодтой. Сыкъаты кæрæттæ та сты æвзист доны тылд.
Хæхтыл мæ цæст хæссын. Уæлæ Арвыкоммæ уæрæх бацæуæн. Кæм и, кæм, Чырыстийы тæмæнкалгæ цъупп? Агурын æй, агурын, æмæ мæм нæ зыны. Митæмбæрзт хæхты сæртæ сты кæрæдзи æнгæс. Ирыстоны кæмттæ иу иннæйы фарсмæ рарæнхъ сты: Тæгиатæ, Куырттатæ, Уæлладжыр, Дыгургом. Сæ мит нæма сыстади. Цымæ куыдтæ цæрынц комрæбынты та? Татианыхъæуы куыд фехæлдысты адæм, уым дæр афтæ фехæлдаиккой? О, ирон адæм фехæлдысты, фæлæ уырысыл та цы æрцыдаид? Даргъ фæндагыл цытæ федтон, уыдæттæ зæрдыл лæууын байдыдтой.
Инæлар Корнилов Хъубаны быдыртæм куы балæгæрста, раст уыцы рæстæг здæхтæн хъæмæ.
Дзæуджыхъæумæ фæндагыл Ростовæй Минводмæ станцæтæ иууылдæр уыдысты салдæттæ æмæ кусджыты къухы, удхайраг бонтæ æрвыстой. Æрмæст æртæ раны — Тихорецк, Кропоткин æмæ Армавиры цур æрцыди цыбыр, фæлæ карз хæстытæ. Знæгтæ ахæм знæт систы, æмæ кæрæдзийæн æппындæр хатыр нал зыдтой. Уацайрæгтæн хъæддаг фыдмитæ бакæнынц, стæй сæ ныццæгъдынц.
Мах, цалдæр кавказаг афицеры, хуыснæджытау цæуæм нæ хæдзæрттæм.
Нæ поезд арæзт у алы кълæсты вагæттæй, гом платформæтæй æмæ боцкъатæй. Сæрдинаг цæлхыты хъыррыст не ’нцайы, лæсгæртæ æмæ рæхыстæ сæ бынæттæй схаудысты æмæ сæ гыбар-гыбур хъуысы... Поезд хатгай фестъæлфы сæнтдзæфау. Æрлæууы, йæ фæсус ниуын ссæуы.
Канд вагæтты нæ, фæлæ платформæты, боцкъаты фæрстыл вагæтты сæртыл, буферты — алы ран дæр адæм.
Махæн нæ хъуыддаг фæрæстмæ — æрхауди нæм фосласæн вагон, йæ рудзгуытæ пырх, дымгæ дзы къуыззитт кæны.
Къуымы батыгуыр стæм, куыд ничи нæм фæкомкоммæ уа, ууыл хъарæм нæхи. Алы станцæйы дæр фæндаггæттæй иутæ ахизынц æмæ сæ бæсты æндæртæ æрбахизынц.
Райгуырæн зæхмæ цас хæстæгдæр кæнæм, уыйас нæ зæрдæты ризын тынгдæр ссæуы: мыййаг нæ куы базоной, мыййаг нæ куы æрцахсой...
Вагоны цары тæккæ бын рудзынггондæй рæстæгæй-рæстæгмæ акæсын æнæрхъæцæй: цымæ хæхты бæллиццаг цъуппытæ нæма разындысты? Нæма! Цæст кæйонг æххæссы, уым ныллæг бады цъæх мигъ. Бæстæ æнкъард. Зæрдæмæ рухсы цъыртт никæцæй кæлы. Къуымы батымбыл у, дæ сæр дæ уæрджытæм нылхъив; æрдæгфынæйæ дæ цæстыл цы нæ ауайдзæни...
Хъæу æрбынатон хохаг хæлхæлгæнаг цæугæдоны былыл, сæ хъæбысы йæ бануæрстой цъæхсыф дыргъдæттæ, йæ алыварс хъахъхъæнджытау цалдæр рæнхъæй бæрзонд фæцыдысты рæхснæг гæдыбæлæстæ. Чъырæйцагъд урскъул хæдзæрттæ лæууынц сырх дурæй æмбæрзтæй. Бæстæ сабыр... Райхъуыст уæрыччы мæллæг уасын... Уынгты æрцæуы барæг. Дзæбæх хъуысы бæхты къæхты хъæр. Цæфхады зæлланг дурыл ссыди... Бæхы хуыррытт... Дамбацайы гæрахау у ехсы дзæхст, æмæ кæйдæр куыдз рæйгæ ралæбурдта уынгмæ... Бæстæ ногæй ныссабыр... Уæрдоны хъинц. Цыдæр уæззау ласы галуæрдон... «Цоб-цобе»... Цымæ цы ласа?.. Йæ базыртæ сцагъта æмæ æнафоны ныууасыди уасæг...
Фыдыуæзæг. Тагъддæр, тагъддæр! Поезд ласы уæртджын хæфсау, фæлæ адæймаджы хъуыдытæ йæ разæй дард кæмдæр балæууынц. Багъæц! Дæ хъуыдыты хал дын аскъуыдта расыг салдæтты дзолгъо-молгъо. Бавнæлдтой чумæдантæ, голджытæ, хызынтæ фæйлауынмæ. Бæлццæттæ сæ цæстытæ ныссагътой. Гуырысхойаг сæм чи фæкæсы, уый вагонæй рахизын кæнынц.
Дымгæ цæгатырдæм скъæфы мигъты. Фескъуыдысты, æмæ арвы цъæх разынди. Хуры цæст ракаст, æмæ дард кæмдæр фæбæрæг сты æддæгуæлæ амад хæхтæ. Мæнæй амондджындæр ма кæм ис!
Мæнæ сты, мæнæ сты райгуырæн хæхтæ! Тасæфтауæг Уæрæсе фæсте аззади... Мысинæгтæ зилахар самадтой...
Цымæ куыд сты мæ мад, хотæ, æмгæрттæ, сыхæгтæ? Æнхъæлмæ мæм кастаиккой? Куыннæ кастаиккой! Куыд ныццин кæндзысты, сæрæгасæй мæ куы феной, уæд! Мад! Цас æмæ цас цæстысыг ныккалдтаид мæ зæронд мад. Кæм фесæфт, куыд у йæ хъæбул? Хабар дзы нæй æмæ нæй. Æгас уа? Æви фæмард? Иунæг цытджын Хуыцау йеддæмæ йын чи цы зоны. Хотæ та? Афонмæ чындздзон чызджытæ сты. Чи зоны, моймæ дæр фæцыдаиккой. Валя та?.. Госпитæлы куы хуыссыдтæн, уæд дзы фæстаг хатт цы фыстæг райстон, уый ныхæстæ мæ зæрдæйы арф æвæрд сты:
«Сæрыстыр дæн дæхицæй дæр æмæ де сгуыхт хъуыддæгтæй дæр. Хуыцауæй курæг дæн, цæмæй дæ уæззау цæфтæ рæвдздæр байгас уой æмæ дзæбæх-æнæнизæй сæмбæлай хæдзарыл. Æз дыл баууæндыдтæн фыццаг бакастæй, дæуæй дарддæр мæ ничи хъæуы а дунейыл. Æрмæст мын иу сагъæс æхсыны мæ зæрдæ: ды пысылмон дæ, æз та — чырыстон. Ууыл никуы ахъуыды кодтай? Æз Хуыцауыл æууæндаг дæн. Папа куыд зæгъы, афтæмæй пысылмонмæ фидæны царды æнхъæлмæ кæсы зындоны удхар»...
Цыма мæ фидæны царды мæт тынг ис! Пысылмон, чырыстон. Мидбылты бахудтæн. Цæй, куы фембæлæм, уæд аныхас кæндзыстæм уыдæттыл. Цас æмæ цас зæгъинæгтæ мæм бамбырд!
Хæхтæ кæнынц æввахсæй-æввахсдæр. Цæст кæйонг æххæссы, уым дард кæмдæр баиу сты арвимæ, кæлæнгæнæг æрдз сæ сфæлыста алыхуызон ахорæнтæй. Арвы цъæх цатыр æнцайы урс-урсид къæдзæхтыл.
Поезд фæзылди хуссар-скæсæнырдæм æмæ разындысты æндæр нывтæ. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма æврæгътæ æзфæраздæронæй тындзынц арвы кæронмæ, нæртон уæйгуытæ митпæлæзы бын кæм бафынæй сты, уырдæм...
Уыцы уæйгуытæ сты мæ райгуырæн хæхтæ, зымæгон хъызтмæ ныссалдысты, мит лæгæмбæрц ныууарыд. Ирон адæм дзæгъæлы нæ фæзæгъынц: «Хохаг хъæпæн мит дæр рæсугъд бæргæ у, фæлæ дзы къæхтæ сийынц».
Митæмбæрзт кæмтты уазал мæ буарыл цыма сæмбæлдис, афтæ мæм кæсы. Уазалæй адæймаг бандзыг вæййы. Бæргæ, æз дæр куы нындæгъд уаин, æмæ, фæстаг рæстæг цытæ бавзæрстон, уыдæттæ мæм куы нал хъариккой. Сагъæстæ æмæ удхæрдтæ. Тæхуды, æмæ уыцы митæмбæрзт фæскъуымтæм фæцу æмæ уым уæд та фервæз дæ хъизæмарæй...
Æрæнкъард дæн...
Ногæй æмæ ногæй мæхицæн дзурын Къостайы ныхæстæ:
Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ
                               Æхсныфæй нуазынц мæ туг...
Мæ мæстытæ зæрдыл æрлæууыдысты. Цас æмæ цас æфхæрдтытæ бавзæрстон, æвæдза. Цæй тыххæй? Уæрæсейыл иузæрдион кæй уыдтæн, хæсты быдыры мæ туг кæй ныккалдтон, мæ буар нæмгуытæй кæй ныссыхырна, уый тыххæй. Мæ маст æхсиды. Кæмæ? Алкæмæ дæр, йæхицæй дæ чи асхуыста, æгады бынаты дæ чи сæвæрдта, уыцы бæстæмæ...
Поезд æрлæууыд. Вагонмæ æнæхъæн рæгъауæй æрбалæгæрстой. Дæхиуыл фæхæцын бафæраз, мæнæй уый.
— Кадет, афицер уæ кæцы куыдзæйгуырд у, уый йыл фæлтау йæхæдæг басæттæд, науæд ын хатыр нæ уыдзæни. Уый фæстæ хъаст ма ракæнæд — аххосджын йæхæдæг разындзæн...
Ахæм-ма дзы хæмхудтæ уа! Ау, ацы æнæджелбетт адæм намысджын уырыссаг æфсады салдæттæ сты?! Осипов Архиптæ!.. Топпыхъæдæй схуыстытæ кæнынц. Сæхицæй æлгъитынц. Хъæртæ кæнынц. Фæлæ сын сæ хъæртæ ничи ницæмæ дары.
— Цæй кадетты кой кæныс, æфсымæр? — къæйных дзуапп дæтты гæлдæрджын сæудæджер, йæ уæлæ скъуыдтæ уæлгуыр. Йæ фæтæн боцъо армытъæпæнæй æрсæрфта: — Ам иууылдæр нæхионтæ сты, зæхкусæг адæм. Фæлтау фыццаг къласы вагæтты басгар, чи зоны дзы искуы бандоны бын æмбæхстæй разына кадет. — Хирвæссонæй худы æмæ та дæрзæг æнгуылдзтæй рæвдаугæ æрдаудта йæ боцъо.
— Ды та дæ бырынкъыл хæц, æввонгхор, науæд дын дæ бæрзæйæн иу ныуудайдзынæн. Ничи йæм кæсы, цы хытъын рауагъта! — фæкомкоммæ йæм хæнкъуытæ, зылынкъах, тæнтъихæг салдат скъуыдтæ цинелы, æмæ гæлдæрджынæн йæ тæккæ боцъойыл бачъыртт ласта.
Гæлдæрджын хорзау нал фæци. Къуыммæ азылд æмæ егъаугомау чырынтæ къухмæрзæнæй йæ боцъо сæрфыныл фæцис. Йæхицæн дзурæгау мынæг хъæлæсæй дзуры: «Тобæ, Хуыцау, тобæ. Уый куыд у, уый? Искуыдæр-ма афтæ уыди?» Ацæргæ боцъоджын лæджы цæссыгтæ æркалдысты.
Æз хинымæр бахудтæн. Афтæ мæм кæсы, цыма Уæрæсейы революци æнæхъæнæй дæр ацы фыдцъылыз салдат у: бафæндыд æй, æмæ — чъыртт — æппæт уæрæсейаг уæздан боцъотыл... Чъыртт..      
Салдæттæ дарддæр алæгæрстой. Аирвæзтæн та. Поезд фенкъуысыди, хуссар-скæсæнмæ йæ ных сарæзта. Гæлдæрджын йæхиуыл дзуар æфтауы. Хиды гуыр-гуыр ссыди цæлхыты бын. Рудзынгæй ракастæн. Калмыздыхтæй дæрдты зилы цæугæдон. Ау, Терк уа?! Æмæ цæй уæзбынæй кæлы йæ уазал дон? Кæдæй-уæдæй дæ ногæй федтон, мæхи Терк! Цы дæн, уымæй хъустæ фестадтæн: йæ абухын нæ хъуысы? Нæй, нæ хъуысы. Æрмæст поезды цæлхыты бын хиды гуыр-гуыр цæуы. Терчы уылæнты уынæры хуызæн аив музыкæ цымæ дун-дунейы искуы разындзæн? Æррайау ралæбурыс Тырсыгомæй, абухыс Дайраны нарæджы, егъау дуртæ фæлдахгæ рахæссыс хæхбæстæй дæлвæзмæ æмæ сæ дæ донвæды цæндтæй ныууадзыс. Зынæрвæссон сылгоймаг йæ дарæс бон цалдæр хатты куыд ива, афтæ ды дæр иудадзыг ивыс дæ донвæдтæ. Хохы дæр æмæ быдыры дæр æнæ бауарзгæ нæй Теркæн.
Ам, дæлвæзы, Терчы былгæрæттыл кæрæй-кæронмæ зайы пыхсæнгæс дæлæмæдзыд хъæд. Цал æмæ цал хатты цыдтæн ам дыууæхстонимæ цуаны. Тулдз, кæрз, сусхъæд, æхсæр, какон, хъæддаг кæрдо, хæрис æмæ фæрв афтæ бæзджын задысты, æмæ се ’хсæн зынтæй хылдис адæймаг. Хъæдгæрæттæ иууылдæр уыдысты дзедыр æмæ хуымæллæджы бын. Цыдтæн-иу тыхамæлттæй, мæ размæ пыхсытæ хъамайæ цæгъдгæ. Ноджы зындæр цуангæнгæ та уыди, Терк быдыры парахат кæм анхъæвзта, йæ былтæ хъамылæй æмæ пыхсæй æмырæхгæд кæм сты, уым. Уæртджын хæфсытæн дзы ныккæнæн нæй, былгæрон кæнæ фæлдæхт бæлæсты зæнгтыл æмæ уидæгтыл бадынц, сæхи тавынц хурмæ. Мæргъты цъыбар-цъыбур æмæ хъæлæбайæ хъустæ бамыр вæййынц. Кæд кавказаг хуыргарк скуынæг, уæддæр ма йыл арæх ис бамбæлæн. Сагтæ цæуынц рæгъаугай, ссæдзгæйттæй-дæс æмæ ссæдзгæйттæй. Хъамылы æрхæдзарон сты хъæддаг хуытæ. Маргъдзуан кæнынц хъæддаг гæдытæ. Ис дзы хъæддаг куыйтæ дæр... Фыдыбæстæ!.. Терк!..
Мæ хъуыдытæ мæ кæд цыфæнды дард ахастой æмæ кæд цыппар азы нæ хæдзары нæ уыдтæн, уæддæр бæхы аразын комкоммæ нæхимæ фæндагыл. Фæндаг цæуы Бæгæныджыныл. Куыддæр хъæугæронмæ бахæстæг стæм, афтæ Асæге йæ бæхы фæурæдта.
— Цы хабар у? — афарстон æз.
Асæге иуцасдæр ницы дзуры, йæ даргъ рихи здухы, стæй æрæджиау загъта:
— Ацы фæндаг нæ фыдæлтæ кæд сарæзтой, уый уæвгæ дæр ничиуал зоны. Иууылдæр ыл сахуыр стæм, ды дæр æй хорз дæ зæрдыл бадардтай. Мæнæ ардыгæй суанг кæронмæ йæ рагон фæдыл цæуы.
Асæге цыма йæ кæсгон саулохагыл авдæнæй фæстæмæ бады, уыйау фидауы саргъыл; йæ рахиз къух синысæрмæ сарæзта, кæстæр æнгуылдзыл æрзæбул ехс. Æрфгуытæм ныллæг конд худы бынæй дард кæдæмдæр кæсы.
— Ныронг ацы хъæу зыдтам дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр Бæгæныджынæй, ныр та сси чырыстон Бæгæныджын, æмæ йæ астæуты пысылмонæн фæндаг нал ис, — сдзырдта нæ чъылдыммæ бынтон æвзонг лæппу Азджери. Йæ бæхы æрцавта æмæ нæ разæй фæци. Рагон фæндагæй фæрсырдæм атындзыдта.
Йæ фæдыл араст дæн, зонгæ фæндаг фæсте кæм аззади, уыцырдæм фæкæс-фæкæсгæнгæ.
Ногæй та æрæнкъард дæн æмæ хинымæр тыхсын.
— Хъус-ма, Асæге. Куыд æмбарын, афтæмæй рагæй фæстæмæ фыдæлты æгъдауыл фидарæй хæст иу Ирыстон нал ис, фæлæ фæзынди пысылмон æмæ чырыстон Ирыстæттæ? — фæрсын Асæгейы.
— О, — цыбыр дзуапп мын радта сæргуыбырæй. Стæй загъта: — Бæндæн иу тагæй не ’ххæссыд æмæ, дам, æй дыдагъ кодтой...
Ехсæй бæхы фарс ныдздзæхст ласта. Саулохаг ныххуыррытт кодта, æмæ йæ хъустæ базмæлыдысты.
— Уæдæ ды кæцытæй дæ ныр: чырыстон ирæттæй æви пысылмон ирæттæй? — фæрсын та йæ ногæй.
— Æз хуымæтæджы ирон мæгуыр лæг дæн, мæ дин у фыдæлты фæдзæхст сыгъдæг æгъдау, мæ хуыцау та — мæ сыгъдæг цæсгом.
Диссаг мæм фæкаст, æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыди хуымæтæг хохаджы дзуапп: мæхи хъуыды дæр ахæм у. Райгондæй кæсын Асæгейы дыууæ цъæх цæстмæ. Куыд кæнон, уый дæр нæ зонын.
Нæ дуармæ æрхæццæ стæм. Ме ’мбæлттæн мидæмæ табуафси загътон. Нæ бакуымдтой. Алчи сæ йæ хæдзармæ тагъд кæны.
— Хуыцауы куы бафæнда, уæд та рæхджы  нæ зæронд фæндагыл цæуын райдайдзыстæм, фæрсырдæм зилын нæ нал хъæудзæн, — адзырдтон сæ фæдыл.
— Дунесфæлдисæджы бафæндæд!
— Хуыцау зæгъæд!
— Дæ ныхас Дунедарæгмæ куы фехъуысид, æмæ ахæм бон æцæгдæр куы ралæууид!
Тигъæй цалынмæ фæаууон сты, уæдмæ сæ фæдыл кæсгæ баззадтæн.
Дзыларбос бæхбæттæныл — хус бæласы къалиуыл — баппæрстон æмæ бæхы бæрзæй рæвдаугæ æрхостон. Ахъаззаджы бæх.
Бæхбæттæны акомкоммæ кауы рæбын — цалдæр егъау дойнаг дуры. Цалынмæ мæ хызын саргъæй æфтауын, уæдмæ мæ цæстытыл æнахуыр бæлвырдæй ауадысты рагон нывтæ. Цал æмæ цал азы сты ам уыцы дуртæ! Куыд хъуамæ ферох уой мæ сабибонтæ! Мæ зæронд фыд уарзта ацы дуртыл бадгæ йæхи хурмæ тавын. Мæ фыд хохæгтæм стыр лæгыл нымад уыди йæ заманы — милицæйы прапыр... Афтæмæй æгæрмæгуыр кæсын æмæ фыссын дæр нæ зыдта, æрмæст йæ къух æвæрыныл сахуыр куыддæрты. Йæ фарсмæ-иу рабадтысты нæ сыхæгтæ — йæхи хуызæн зæронд лæгтæ — æмæ сын-иу дæргъвæтин ныхас бацайдагъ: мысыдысты незамантаг хабæрттæ æмæ хъуыддæгтæ. Уæлдай арæхдæр мысыдысты Донайы хæст; искуы-иуæй фæстæмæ дзуæрттимæ æмæ майдантимæ сыздæхтысты уырдыгæй.
Ацы дурты уæлæ бадгæйæ бавзæрстон мæ царды фыццаг  удхайраг фæлварæн. Нæ сыхæгты зæронд лæг мæ йæ уæрджыты æхсæн балхъывта, хъамайы бын даргæ дæргъæццон цыргъ хæрынкъа систа æмæ мын мæ сæр хусæй дасыныл схæцыд. Чысыл æй уæд та куы бахуылыдз кодтаид. Хъыллист самадтон, мæ цæссыгтæ гæр-гæрæй калдысты, мæ гæндзæхтæ цагътон, фæлæ мæ зæронд йæ уæрджытæй афтæ нылхъывта, æмæ мæ фезмæлæны бон нæ уыд.
— Ма тæрс, ма тæрс... Æцæг ирон лæппу хъуамæ дастсæрæй цæуа, — зæрдæтæ дæр мын æвæрдта.  
Æппынфæстаг мæ хъизæмарæн кæрон æрцыд. Зæронд мын йæ дæрзæг армæй мæ сæр æрсæрфта, дыууæ æнгуылдзæй мын мæ къæбут ныцъцъыкк ласта, æмæ йæ уæрджытæ феуæгъд сты. Нæмыгау расхъиудтон йæ хъæбысæй.
— Тæхгæ, æнæнтыст! — радзырдта мæ фæдыл.
Ацы дурты æхсæн райдыдтой мæ сабибонтæ, ам арвыстон ме ’взонджы бонтæ.
Цал æмæ цал барæджы æрфистæг ацы бæхбæттæны цур!
Нæ дуармæ-иу барæг куыддæр æрлæууыд, афтæ-иу æз дæр уынгмæ ратахтæн. Бауадтæн-иу, дзылармæ-иу фæлæбурдтон æмæ-иу бæхмæ рахизырдыгæй бацыдтæн. Дзыларыл хъуамæ рахиз къухæй хæцай, æгъдæнцойыл та — галиуæй, амыдта мын мæ фыд. Барæг куы æрцæйхиза, уæд саргъ фæрсырдæм куыннæ фæбыра, афтæ-иу ыл æрцауындзæг дæн.
— Хуыцау дæ афицер рауайын кæнæд, — арæхдæр-иу ахæм уыди уазæджы арфæ.
Бæхы алыварс мæ рауай-бауайæ уазæг бамбæрстаид: йæхицæй тынгдæр йæ бæхыл у мæ цин.
— Абад ыл, абад!
Æз дæр æнхъæлмæ кастæн. Бæхы рагъыл февзæрдаин, растдæрæй та йæм схылдаин. Мæ къæхтæ æгъдæнцæйттæм не ’ххæссынц æмæ сæ æхтæнгты бын атъыссын.
— Кæс-ма уыцы æнæнтыстмæ, бæхыл та куы февзæрди! — сдзурдзæни мæ фыд.
Бæх сабыр у, хивæнд оцани у, тæрсаг у — мæ фыд æй фыццаг бакастæй базоны æмæ йæ зæрдæ æхсайы: мыййаг дзы куы асхъиуон æмæ бæрзæйсаст куы фæуон, фæлæ дын кæйдæр раз ма равдиса йæ мидкатай. Йæ мæт цыма бæхыл у, уыйау мæ фæстæ хъæр кæны:
— Сабыргай тæр! Уазæджы бæх тæригъæд у — дард фæндагыл фæцыди...
Æмæ æцæгдæр сабыргай араст дæн хæдзары цурæй: искуыдæр-ма фыды коммæ æнæ бакæсгæ вæййы. Фæлæ куыддæр тигъы фале фæдæн, афтæ бæхы фæрстæ зæвæттæй хойын байдыдтон, хъæугæрон та йæ йæ тых-йæ бонæй аскъæрдтон.
Дугъы уайынæй стырдæр амонд уæвгæ та цы хъуамæ уа?
Быдыр мæ алыварс зилы. Бæлæстыл цæст нæ хæцы, уайтагъд фæсте аззайынц. Риуыдзаг улæфын æмæ фырцинæй хъыллист кæнын.
Мæ размæ чи фæвæййы, уыдон мидбылты бахудынц.
— Аскъæр, аскъæр, фенæм дæ, цымæ дæ цавæр барæг рауайдзæни. Дæ фыд хорз барæг уыди, ма йæ фæхудинаг кæн. Ехсæй æрцæв! — хъæр кæнынц мæ фæдыл.
Фæлæ ехсæн къæрццы бæсты йæ тъупп ссæуы бæхы гуыбыныл. Ехх, æцæг барæджы къæрцц иунæг хатт уæд та куы ныккæнид.
Мысинæгтæ мæ рагбонтæм фæхастой, афтæмæй сындæг къахдзæфтæй бацыдтæн кулдуары цурмæ. Зыхъхъырæй мидæмæ бакастæн. Змæлæг дзы нæ зыны, иу уынæр дзы нæ хъуысы. Уæртæ сарайы рæбын нæ иузæрдион куыдз Домбай. Йæ сæр раззаг дзæмбытыл æвæрдæй хуыссы. Бахостон. Домбай фæгæпп ласта æмæ кулдуарыл йæхи ныццавта. Рæйы. Базæронд, мæгуырæг, ныффæсус.
Хæдзарæй ничи зыны, рудзгуытæ æмыр æхгæд, дуæрттыл — гуыдыртæ. Мæ зæрдæ æрбауазал — марды фесты, æви? Тынгдæр бахостон. Домбай лæбуры, хæмхудтæ кулдуары фæйнæджыты бын фæцæвы, фырмæстæй йæ ниуын ссæуы...
Дуары хойынмæ æмæ куыдзы знæт рæйдмæ рахызти нæ сыхаг зæронд хъомгæс. Æрбацыд мæм, йæ хъæбысы мæ ныккодта.
— Табу Дунедарæгæн, æгайтма дæ сæрæгасæй фыдыуæзæгыл сæмбæлын кодта. Фæлæ нæм хорзæй ницы сæййæфтай, — йæ цæссыгтæ æркалдысты. — Ирон адæмæн сæ зонд фæцыди. Пысылмæттæ æмæ чырыстæттыл фæдих сты, æмæ æфсымæр æфсымæрæн знаг фестади... Кæсыс, дæ хæдзар сындзæрхæй лæууы, иннæ хæдзæрттæ дæр афтæ сты.
Зæронд хуыфы — хъыххы... хъыххы... Иуварс азылд, ату кодта æмæ цухъхъайы скъуыдтæ дысалгъæй йæ дзых æмæ боцъо æрсæрфта.
— Хъыххы... Хъыххы... Бæгæныджын æмæ  иннæ чырыстон хъæутæ нæм кæд æрбалæбурдзысты, уый бæрæг нæу. Сылгоймæгты, сывæллæтты, рынчынты — гарз райсынхъом чи нæу, уыдоны хохмæ арвыстам. Хъыххы... хъыххы... Уым æдасдæр у. Æрмæст хæстхъом лæгтæ баззадысты ам. Хъыххы... Ныртæккæ мæзджыты кæрты сты, сходы...
Зæронды хуыфæг йæ быны скодта, йæ хурсыгъд æнцъылдтæ уадултыл згъорынц цæссыгтæ.
Бæхы зæрондæн бафæдзæхстон, мæхæдæг хабар базонынмæ атындзыдтон мæзджытырдæм.
Куыд æмбарын, афтæмæй ирон пысылмæтты æмæ чырыстæтты æхсæн бæгуы тох нæ бацайдагъ. Суанг ма бинонты хохмæ æрвитын дæр бахъуыди. Цæмæн афтæ æнæуынон фæцадаиккой кæрæдзийæн? Иу адæмы хъæбултæ кæрæдзийыл чи сардыдтаид? Татианыхъæу зæрдыл æрбалæууыд, æмæ мæ масты дзæкъул адæнгæл. Уæлдзарм худ дæлиау æрсагътон æмæ фæтæн санчъехтæй араст дæн.
Чидæр мын мæ дысыл æрхæцыд æмæ гуым-гуым кæны.
Чи у, уый нæма базыдтон, афтæмæй ме ’рвад, гоби Умары хъæбысы февзæрдтæн. Йæ цин дзыхæй зæгъын йæ бон нæу, фæлæ йæ цæсгомыл бæлвырдæй зыны: дæндæгтæ базыхъхъыр сты, æрфгуытæ уæлиау систа. Йæ зæгъинæгтæ кæмдæр риуыгуыдыры сагъдæй лæууынц, хæрдмæ сæ нæ фæразы æмæ йæ гуым-гуымæй не ’нцайы. Цымæ цы зæгъинаг у? Цыппар азы дæргъы уæлдайхуызон нæ фæцис Умар, æрмæст тæнæггомау зайæгхал рауагъта йæ уадултыл. Фæрсæй-фæрстæм цæуæм, къухтæй мын цыдæртæ амоны, фæлæ йæ æз, иуæй, не ’мбарын, иннæмæй та, дзурынтыл нæ дæн. Æмæ уæд Умар дæр ныхъхъус. Размæ лæгæрдæм, алчи йæхи сагъæстимæ.
Умар иуцасдæр фæцыд æнæуынæрæй, стæй мын æвиппайды мæ цонгмæ фæлæбурдта. Фестъæлфыдтæн. Гуымгуымгæнæг иу къухæй хæцы мæ цонгыл, иннæмæй хæрдмæ амоны. Йæ цæстытæ æрттивынц. Тымбылкъухæй кæмæдæр æртхъирæн кæны. Йæ цæсгом у мæстджын, хæрдмæ кæсы. Куыд æй æмбарын, афтæмæй зæгъы: ды мын æвдисæн фæлæуу — æппындæр райгонд нæ дæн зæххы æмæ уæларвы хицауæй.
Мæзджыты фæз адæмæй нæ зыны. Хъæубæстæ иууылдæр, æвæццæгæн, ардæм æрæмбырд сты. Умар адæмы куы федта, уæд æрсабыр, арф ныуулæфыд æмæ мын йæ сæры базмæлдæй бамбарын кодта, рæвдздæр цом, зæгъгæ.
Сходы адæмæн мæ уынд æхсызгон у, фæлæ йæ цин æргом ничи равдыста, иунæг дæр мæм дзы нæ бахудти. Æмбарын æй: цинты æмæ арфæты бынат нæу ам. Хистæрты къордæй чысыл æддæдæр хицæнæй лæууынц фæсивæд. Мæхи сæм байстон.
Ныллæггомау обаугондыл лæууы хъæуы хистæртæй иу — бæрзонд, гуырвидауц Темболат. Йæ нарæг астæу æвзист ронæй æнгом æлвæст. Роныл — æвзист хъама; рахиз фарсыл сæрак хуымпъырæй зыны дамбацайы хъæд, галиу фарсыл — æхсаргард æвзист фистонимæ. Фæтæн риуыгуыдырыл иу кæронæй иннæмæ — урс бæрцытæ. Йæ сæрыл — фæныкхуыз бухархуд, худы бынæй зыны бæрзонд тæрных.
Дымгæ йын фæйлауы йæ сауæмхæццæ даргъ урс боцъо, йæ фæтæн тыхджын уæхсчы сæрты йæ аппары. Йæ бæзджын æрфгуытæ тæмæнкалгæ цæстыты сæрмæ сты тарæлхынцъ.
Зæронд йæ ныхас куыддæр райдыдта, афтæ бахæццæ дæн æз дæр.
— Урссæр буц хистæртæ, сымахæй хатыр курæг дæн, уæ разы мæм мæ дзых схæлиу кæныны ныфс кæй разынди, уый тыххæй. Кæстæртæ, сымах та цы стут, уымæй хъустæ фестут æмæ уе ’взонг зæрдæты арф сæвæрут, Кавказы хохæгты ном чи хæссы, уыдоны æгуыдзæгдæр — мæнæ æз цы зæгъдзынæн, уыдæттæ, — æхсаргарды фистоныл йæ къух æвæрдæй дзуры Темболат; йæ хъæлæс у зæлланггæнаг, алы ныхас дæр хъуысы бæлвырдæй. — Знаг нын нæ цæргæсы ахстæттæ куы ныффалгæрон кодта æмæ нæ фыдæлты зæххыл æгомыг фосау куы схæтæнхуаг стæм, уæдæй нырмæ мæ райгуырæн бæстæ агурæг дæн ныр æртиссæдз азы дæргъы æмæ йæ мæ бон ссарын нæу. Æмæ абон нæ сахъ фæсивæд ацы кувæн бынатмæ хонæг куы æрзылдысты хъæууынгты, уæд мæ сæрыл бæрзонд схæцыдтæн. Уыйбæрц хъарутæ æмæ ныфс мæм сæвзæрди, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Æнхъæлдтон, ныронг мæ мæхи зæххыл мæ райгуырæн бæстæ ссарын чи нæ уагъта, уыцы джауыры мын ам бацамондзысты. Æнхъæлдтон, уыцы джауыримæ тугкалæн хæсты мæ утæхсæнæн кæрон æрцæудзæн æмæ мæ зæронды бонтæ рæсугъдæй арвитдзынæн. Уымæ гæсгæ æрбалвæстон абон мæ астæуыл фыдæлты фæринк, уымæ гæсгæ ауыгъд у мæ роныл дæсгай азты размæ ифтыгъд фыдæлтыккон дамбаца. Фæлæ куыд кæсын, афтæмæй мæхи кæдæм ифтонг кодтон, уырдæм не ’рбафтыдтæн. Цы фыдгулимæ схæцинаг уыдтæн, уый нæ уынын ам.
Иуцасдæр æдзæмæй алæууыд æмæ дарддæр дзуры:
— Ирон лæджы фыдгулы ирон адæмы æхсæн нæ, фæлæ æндæр ран агуырдтон. Æмæ ныр цы раргом? Куыд бамбæрстон, афтæмæй ирон лæджы фыдгул ирон лæг у. Æз та ахæм хъуыдыимæ никуы сразы уыдзынæн. Мæнæ ацы марæнгарз, — æхсаргард æмбисмæ никуы сласта кæрддзæмæй æмæ йæ фæстæмæ нысхуыста, — знæгтæн-джауыртæн хатыр нæ зыдта, фæлæ æфсымæры туг никуы ныккалдзæн...
Фæстæрдæм иу къахдзæф акодта зæронд; цы йæ зæрды ис, уымæн ничи ницы бамбæрста, афтæмæй арвæрттывдау йæ къухы ферттывта фыдæлтыккон фæринк.
Адæм ныссабыр сты. Хъуысы æрмæст дымгæйы æхситт гæдыбæлæсты быгъдæг къалиуты æхсæн, стæй дæрддзæф кæмдæр уасынц халæттæ.
Зæронд цы уыди, уымæй ноджы бæрзонддæр цыма сырæзыд обаугондыл, афтæ мæм кæсы. Йæ цæстæнгас сындæггай хæссы адæмыл.
— Иугæр фыдæлтыккон фæринкæн знаджы сæрау кæд ироны сæр къуыринаг у, уæд ын, æвæццæгæн, æндæр тæрхон рахаста Хуыцау, — йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кодта Темболат.
Æхсаргард йæхимæ дæр æмæ сæ хæдзарвæндагмæ дæр мыггаджы тæккæ стырдæр хæзнайыл нымад уыди. Темболат ын дыууæ къухæй йæ фистоныл æмæ кæроныл æрхæцыд, йæ былтæм æй схаста, узæлгæ йын аба кодта, стæй æхсаргарды тæккæ астæу йæ уæрагыл æрцавта. Ниуæгау ныккодта фæринк æмæ дыууæ дихæй зæхмæ æрхауд.
Сæдæгай адæймæгтæ æмуынæргъд ныккодтой:
— Æллæх-æллæх!..
Æмæ та сыбыртт никæцæйуал хъуысы. Адæм зæрдæдзæф фесты зæронд Темболаты ныхæстæй æмæ фæринчы састæй.
Сæргуыбырæй иуцасдæр алæууыди Темболат, сæргуыбыр æмæ æдзæмæй æрхызт обаугондæй, хистæртæм йæхи байста.
Ничи ницы дзуры.
Уалынмæ зæрæдтæ банкъуысыдысты. Чидæр ын йæ цонгыл хæцы, афтæмæй обаугондмæ лæдзæгæнцæйтты фæцæуы хъæубæсты хистæр Хъуыдæберд; азты уæзæй ныггуыбыр, йæ къах тыххæйтты исы. Йæ синджын кæрц зæххыл хафгæ цæуы. Алы къахдзæфæн дæр йæ тæнæггомау боцъо базмæлы, цæстыты дон лæдæрсы, уынгæ дæр, æвæццæгæн, дзæбæх нал кæны. Хъæрзгæ æмæ тыхулæфт кæны Хъуыдæберд. Кæйдæрты æххуысæй тыхамæлттæй схызт обаугондмæ æмæ дзойдзойгæнгæ æрлæууыд. Йæ лæдзæг зæххы æрсагъта æмæ йыл йæ риуæй æрæнцой.
Бынтон базæронд Хъуыдæберд, фæлæ йæ хъæлæс зæлланггæнагæй баззади. Йæ ныхас алкæмæ дæр хъуысы:
— Темболатæн иууылдæр арфæйаг стæм йæ ныхæсты тыххæй. Æрмæстдæр ирон лæгæй фехъусæн ис ахæм ныхæстæ æмæ æрмæстдæр ирон зæрдæмæ бахъардзысты. Мæнæн мæхи риуы мидæг зынгау судзынц Темболаты ныхæстæ.
Лæдзæгæнцой лæууы Хъуыдæберд, йæ боцъо асæрф-асæрф кæны, дарддæр цы зæгъа, уый цыма нал зоны, уыйау. Бынтон базæронд Хъуыдæберд, фæлæ ма йæ зонд æххæстæй дæр йæхимæ ис нырма.
— Бирæ ныхæстæ дзы цæмæ хъæуы?! — дзуры дарддæр. — Иунæг зæгъинаг йеддæмæ мæм нал ис: мæнæ ац фæринчы — сæ хæдзарвæндаджы тæккæ стырдæр хæзнайы — сæстытæ нын æвдисæн фæуæнт Хуыцауы раз, Темболаты амынд фæндагыл кæй ацæудзыстæм, уымæн. Уæлиау Чи бады, алцыдæр Чи уыны æмæ зоны, алкæмæн дæр æнæхæрам тæрхон Чи рахæссы боныфæстагмæ, Уый фыдæх нæ баййафæд, æндæр фæндагыл куы ацæуæм, уæд...
Хъуыдæберд уæлиау систа йæ лæдзæг æмæ дзы æвзиды.
— Ард хæрæм! Ард хæрæм! — иу адæймагау хъæр кæнынц фæзы адæм иууылдæр.
— Ард хæрæм! Ард хæрæм! — хъæр кæнын æз дæр, кæмæдæр тымбылкъухæй æвзидгæйæ.
Райгонд дæн мæхицæй —  æгайтма æмвæнд разындтæн мæ адæмимæ. Уымæй стырдæр амонд ма цы вæййы! Мæ сагъæстæ цыдæр æрбаисты, цыма ме уæхсчытæй уæззау уаргъ ахауд, уыйау.
Йæ хæдзармæ йæ къах никæй хæссы. Цинæйдзаг, райдзаст цæсгæмттæ. Хуры фæстаг тынтæ хъазынц мæзджыты сызгъæрин доны тылд ног мæйыл. Арвы æмбис сырххъулон дары. Уæлиау кæмдæр цæст зынтæй æвзары сау стъæлфытæ — тæхгæмæргътæ тагъд кæнынц цæгатырдæм.
Фæсивæд мыл æрæмбырд сты. Æгасцуай мын зæгъынц, хъæбыстæ кæнынц. Хъазæн ныхас... Ахæм балхонимæ, дам, никæмæйуал тæрсæм. Кой дардмæ хъуысы — райгуырæн хъæуы дæр мæ хъæбатырыл банымадтой...
Хъæугæсты хицау йæ бартæ дæтты мæнмæ, фæлæ йын нæ бакуымдтон, сразы дæн хъæуæн æрмæст йæ хуссайраг хай хъахъхъæныныл. Фæсивæды къордимæ ацыдтæн, нæ бынат кæм ис, уырдæм — уæлмæрдты фарсмæ.
Хур аныгуылд. Талынгæй-тылынгдæр кæны, фæлæ цæст нырма æвзары уæлмæрдты цыртытæ — хохаг хуымæтæджы лæгъзгонд къæйдуртæ. Алыхуызон фыстытæ æмæ нывтæй аивгонд, рæнхъæй лæууынц тохвæллад хæстонтау. Цыртытæй бирæтæ афæлдæхтысты кæнæ æрфæлдæхынæввонгæй фæрсырдæм фефсæрстой. Цыртытыл нывгонд сты кæм бæрцытæ, хъаматæ, кæм та хæсгæрдтæ, судзинтæ, сылгоймаджы риуыгънæджытæ — ингæны нæлгоймагæй, сылгоймагæй чи ныгæд у, уымæ гæсгæ. Нывты сæрмæ та араббаг æлхынцъ фыстытæ: марды ном, кæд райгуырди, кæд амард.
Хъæугæстæй йæ бынат кæмæн кæм ис æмæ кæмæн цы кæнгæ у, уый сын бацамыдтон, мæхæдæг мæ фыды ингæны цурмæ байстон мæхи. Нымæт зæххыл æрытыдтон, басылыхъ нывæрзæны сæвæрдтон æмæ æрхуыссыдтæн. Дыууæ мæйы дæргъы фæндагыл рахау-бахауæй афтæ бафæлладтæн, æмæ мæ къæхтæ мæ быны дыдæгътæ кæнынц. Тарф фынæй куыд адæн, уый уæвгæ дæр нæ бамбæрстон.
Цас фæфынæй кодтаин, нæ зонын, фæлæ иуафон кæйдæр сагъæсхуыз ныхас ауад мæ хъустыл.
— Райхъал æй кæнут, хъазахъхъ æмæ æрыдойнæгтæ æрбабырсынц!
Фæгæпп ластон:
— Цы хабар у?
—  Уартæ уыныс? Стæй хъусыс? — ехсыхъæдæй мын цæгатырдæм амоны хъæугæсты хистæр. Кæдæм амоны, уым бонивайæнты фæлмы цæст иртасын райдыдта Даргъбыдыры хæдзæрттæ.
Хур нæма сзынди, фæлæ йæ фыццаг тынтæ фæбæрæг сты арвгæроны. Зæхх æртæхæй бауымæл, мигъы тæнæг фæлм ыл æрбадти. Дымгæ йæ тæры цæгатæй хуссарырдæм, хæхтырдæм.
Цæгатырдыгæй мигъ сыстад, æмæ дзы разынди рацу-бацугæнæг æндæргтæ. Сæууон уæлдæфы æрбайхъуыст æфсæйнаджы гыбар-гыбур æмæ цæлхыты хъинц.
Бинокль никæмæ ис, фæлæ æнæуи дæр цæст иртасы бæхджын æфсад иу полчъы бæрц. Фæлæ уыцы гыбар-гыбур та цы амона?
—   Кæд сармадзантæ сты, — зæгъы фæсивæдæй чидæр.
—   Сармадзантæ?! — нæ йыл æууæнды иннæ. — Æмæ сæ гыбар-гыбур афтæ тынг цæмæн цæуы?
— Сæ сæмæнтæ балвасинаг сты, æвæццæгæн.
Куыд мын радзырдтой, афтæмæй ирон адæммæ ис дыууæ сармадзаны. Æфснайдæй сæ дардтой Алагиры, фæлæ ныр, æвæццæгæн, бахъуыдысты æмæ сæ раластой? Æмæ сæ кæдæм ласой? Кæм дзы ис сæ зæрды æхсын? Сармадзантæ ис мæхъхъæлмæ дæр. Уæдæ хъазахъмæ та алы станицæйы дæр ис. Хæст цы вæййы, уый у. Суанг сармадзантимæ. Мæлæты хæстмондаг систы адæм. Ныххудынмæ мæ бирæ нал хъуыди. Фæлæ мæ алыварс фæсивæд уыдысты тыхстхуыз, æвæццæгæн, тарстысты, уыцы сармадзантæй нæхи хъæуыл ныккалынæй. Æнæ базонгæ йын нæй — цы хабар у, цавæр æфсад сты, стæй кæмæ ныхъхъавинаг сты сармадзантæй.
Уæ хотыхтæ цæттæйæ дарут, зæгъгæ, бафæдзæхстон лæппутæн, мæхæдæг цалдæримæ фæндаггæронмæ æрхызтæн. Фæндаг цæуы донбылты.
Бæхджынтæм æцæгдæр ис иу сармадзан æмæ цалдæр уæрдоны, æрбаввахс нæм сты. Сæ фæндаг махырдæм нæ барынц, фæлæ скæсæнырдæм, Бæгæныджынмæ. Сæ ныхас нæм хъуысын райдыдта, æмæ бамбæрстам, ир æмæ хъазахъхъ кæй сты æмхæццæйæ.
Махæй рох нæу мæзджыты кæрты нæ ардбахæрд æмæ фæрсырдыгæй кæсæм бæхджынты къордмæ. Нæ рæзты сивгъуыдтой...
Æвиппайды дард кæцæйдæр райхъуыст уадындзы хъæлæс. Ныннæрыд иу гæрах, дыккаг, æртыккаг. Фæдис...
Мæ адæм сæ бынæттæм азгъордтой. Зæххыл æрхуыссыдысты.
Æз æнцад лæууын æмæ хъусын: кæцырдыгæй цæуынц гæрæхтæ, чи кæй æхсы?
Куыддæр уадындз райхъуыст, æмæ гæрæхтæ сарæх сты, афтæ барджыты къорд фæхæлиу æмæ уæртæ быдыры фæтæхы. Бæхтæрджыты бæхтыл ралæууыдысты. Уæрдæттæ æмæ сармадзан гыбар-гыбургæнгæ стырындз сты.
Уадындзы уасын цы амоны, æмæ чи гæрæхтæ кæны, уый базонынмæ атындзыдтам доныбылмæ —  уырдыгæй хъуысы уадындз.
Фæндаггæрон иу къардиуы къутæры бын бады нæхи Гогос æмæ æфсæнвæндаджы кусæджы уадындзæй уасы æмæ уасы.
Мах куы ауыдта, уæд фырхудæгæй йæ тæнтыл ныххæцыд, йе ’нгуылдзæй быдырырдæм амоны, ома кæсут, хорз куы фæтарстысты, сæ сæр сæ кой ссис.
— Хъазын дæм куыд цæуы, — бауайдзæф кодтам Гогосæн.
Æрбабон. Ме ’хсæвы рад ахицæн. Цалдæр хъахъхъæнæджы баурæдтон, иннæтæн бузныг загътон æмæ сæ ауагътон сæ хæдзæрттæм.
Хъæумæ æрбаздæхтæн.
Уынгты æрзилын мæ фæнды. Æвæдза, куыд тырныдтон фыдыуæзæгмæ! Схæццæ дæн æмæ дзы хорзæй цы сæййæфтон? Уæрæсейы æгъатыр æмæ карз уадтымыгъ ардæм дæр схæццæ. Мæ хæстæгдæр къабæзтæ фæхæтæнхуаг сты. Нæ кæрт сындзæрхæй лæууы, змæлæг дзы нæй.
Хæдзары дæгъæлтæ разындысты нæ хæстæджытæм. Уатмæ куы бахызтæн, уæд ахæм заууатхуыз разынд, æмæ мæ зæрдæ бамæгуыр, уайтагъд феддæдуар дæн.
Кæдæм фæцæуон?
Адæм фылдæр кæм ис, сæ уынæр æмæ ныхас кæм хъуысы, иунæг кæм нæ уон æмæ мæ зæрдæйы тугтæ кæм нæ кæлой, уырдæм.
Къæнцыларырдæм араст дæн. Хæстæг нæм у: дыууæ-æртæ тигъыл фæзил æмæ йæм бахæццæ уыдзынæ. Цæй æдзæллаг ныццис! Йæ сæрст æрызгъæлд, æмæ хъæдын къултæ разындысты. Йæ дуары сæрмæ тасмачъийы гæбазыл фыст зынтæй равзæрстон: «Селско правлени». Тасмачъийы къæпсыртæ суæгъд сты æмæ дымгæмæ йæ дзæгъ-дзæгъ цæуы. Рудзгуытыл æвгтæ нæй. Сæ бæсты бафидар кодтой хъæбæр гæххæттытæ: рыгæй, къæвдайæ æмæ дымгæйæ сбур сты. Уæлхæдзар кæддæр æмбæрзæндурæй  æхгæд уыди, ныр гæмттæй зыны.
Иуцасдæр фæхъуыстон, къæнцылары дуармæ бæрзонд гæдыбæлæсты быгъдæг къалиуты дымгæ куыд ниуы, уымæ. Хъæугæрон незамантаг хъæбатыры ингæныл амад обаумæ ацыдтæн. Зыны дзы дзæвгар адæм.
Хæстæгдæр сæм мæхи байстон æмæ обаумæ схызтæн.
Адæм иууылдæр кæсынц скæсæнырдæм. кæдæм кæсынц, уым бæрзонд фæцыди сау фæздæг: судзынц Тепсыхъойы-хъæуы фæстаг хæдзæрттæ.
Ныгуылæнырдыгæй скæсæнырдæм хъæдæмбæрзт хохрæбынты цыдæр змæлд æрцахста мæ цæст, цыдæр сау стъæлфытæ дзы змæлынц. Æдзынæгдæр ныккастæн æмæ раиртæстон: адæм æмæ фосы змæлд у.
Иу ран бæхрæгъау цæмæйдæр фæтарст æмæ фæрсырдæм алæгæрста. Бæхтыл ничи бады. Иннæ ран та фысты дзуг батыгуыр æмæ æнцад лæууы. Сæ тæригъæддаг уасын сын цыма æрбахаста дымгæ, афтæ мæм фæкаст...
Фæздæг бæзджынæй-бæзджындæрæй цæуы уæларвмæ. Хатгай дзы ферттивы зынг, аргъæуттаг тугдзыхы цæст ферттивæгау.
Суанг ардæм дæр хæццæ кæны сыгъды хъæхъхъаг тæф...
Цы судза, цымæ? Хъæд, писи, хос, æвзалы? Æви арты чи судзы æмæ æнæныгæдæй чи баззад, уыцы адæмы æмæ фосы тæф уа?
Кæй бон бауыдзæн арты дзæмбытæй исты ратонын?
Цас æмæ цас хид ныккалы мæгуыр ирон лæг хæдзарæн исты самал кæныныл! Уаты дзаума æрæвæрын хъæуы, æнæ гауызтæй æмæ хæцæнгарзæй дæр кæм фидауы. Дæсгай азты дæргъы стыр тухитæй амалгонд мулк цалдæр сахатмæ фæнык фестад. Дзаг хордæттæ сойын цырагъау судзынц. Фос кæвдæстæй нал раирвæзтысты æмæ удæгасæй арты амæддаг баисты. Уынгты æмæ кæртыты бацарыдысты хъазæй, гогызæй, бабызæй, каркæй...
Арт пиллонæй куы сирвæзы хæрдмæ, уæд фæздæджы æмæ алайы æхсæн разынынц тухæнгæнæг адæм, фæлæ цы сæ бон у. Æвæдза, æрдз куы сызнæт уа, уæд æппындæр хатыр куыд никæмæн зоны!..
Адæм æмæ фос æмгуылфæй æрбаввахс сты нæ обаумæ.
Лæг дзы нæ зыны. Сылгоймæгтæ æмæ сабитæ. Хинымæр ниугæ æмæ дзыназгæ кæдæм цæуынц, уый сæхæдæг дæр нæ зонынц. Иутæ дзы размæ цæуынц хъуынтъыз æмæ ныфсхуызæй, иннæтæ иуцасдæр рауайынц, фæстæрдæм азилынц, кæсынц, кæсынц, æмæ та ногæй араст вæййынц. Кæдæм? Æвæццæгæн, се стыр бæллæхæй сæ зонд дæр рæстмæ нал у. Цас æмæ цас удхар федтон хæсты быдыры, фæлæ мæ зæрдæ афтæ ныддур, æмæ мæм дзы ницы бахъардта. Ныр та мæ буар нырризы æмæ ме ’нгуылдзтыл зыр-зыр бахæцы. Лигъдæттæ нæ рæзты фæивгъуыйынц быдираг хъæутæм.
Бæхтыл бабадтыстæм æмæ цалдæр барæгæй бацыдыстæм сæ цурмæ.
Фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ сын мæ худ систон æмæ сын дзурын:
— Уæ хорзæхæй, нæ рæзты ма аивгъуыйут. Нæ дуæрттæ уын парахат гом сты. Уæ тыхст æмæ уæ рыст уын хорз æмбарæм. Саккаг нæм кæнут, уæ хорзæхæй, уæ фæллад нæм суадзут...
Хъуынтъызæй, æнæуынон цæстæй нæм кæсынц æмæ æдзæмæй дарддæр дарынц сæ фæндаг. Цыма нын нæ уæздан ныхас хъусгæ дæр нæ фæкодтой, уыйау.
Æмбарын æй: мæн дæр æмæ æгас хъæуы дæр нымайынц, сæ къонатыл сын арт чи сæндзæрста, уыдоны хуызæн знæгтыл. Мах — пысылмон, уыдон — чырыстон. Æууæндгæ дæр ныл уымæ гæсгæ нæ кæнынц, сæ маст дæр нæм уымæ гæсгæ фыцы.
Фæнды сæ хон, фæнды ма: æлгъаг сын стæм...
Мæ худ мæ сæрыл дæлиау æркодтон æмæ сæм æнæдзургæйæ кæсын.
Уæртæ фæцæуы саудзаст рæсугъд чызг, йæ дзыккутæ дымгæмæ фæйлауынц, йæ дарæсы бызгъуыртæй йæ буар разыны. Куы фæндагæй фæрсырдæм фæцæйзгъоры кæйдæр æййафæгау, куы та кæйдæр цыма æрцахста, уыйау дзыхълæуд æркæны æмæ худæгæй бакъæцæл вæййы. Куы йæ бызгъуыртæй йæ буар бамбæхсыныл фæвæййы, куы та Хуыцаумæ æмæ Йе сфæлдыст адæммæ тымбылкъухæй нывзиды.
Йе ’ртæ æфсымæры, йæ мад æмæ йæ мойаг фæмард сты. Куыннæ хъуамæ фæцæуа афтæмæй йæ сæрызонд...
Уæртæ бынтон зæронд лæг. Йæ къæхтæ йæ коммæ нæ кæсынц, тыххæйты сæ исы. Лæдзæгæнцæйтты хилы размæ. Йæ цæстытæ дард кæдæмдæр дзагъырæй уыциу ранмæ кæсы. Йæ урс хæмпæл зачъе къæмдзыгæй байдзаг. Æвæццæгæн, кæмдæр фæндаггæрон къанауы ахауд æмæ йæ цалынмæ систой, уæдмæ дзы хуысгæ баззади. Йæ ныхас нæ хъуысы, фæлæ йæ былты змæлдæй бæрæг у: цыдæртæ дзуры. Хуыцаумæ кува, æви искæй æлгъита? Чи йын цы зоны...
Уæртæ сывæллæттæ. Иу-дæсаздзыд чызг йæ къухыл хæцгæ фæкæны йæ гыццыл æфсымæры. Лæппу ныддæвдæг рыгæвдылд кæрдзыны къæбæрыл, судзаггаг цæссыгтæ калы. Чызг йе ’ккойы хæссы лæппуйæ къаддæр сабийы. Саби йæ хойы хъуырыл æрцауындзæг, къæхтæ æнæмæтæй тилы. Чызг цæуы бæгъæмвадæй, къæхтæ — тугæрхæм.
Къордæй æрбацæуынц сылгоймæгтæ. Кæлмæрзæн кæмæн йæ сæрыл, кæмæн йæ уæхсчытыл æппæрст, сæ кæрæттæ сын зæххыл ласынц. Сæ цæстытæ фыркуыдæй ныссырх сты, цæсгæмттæ — чъиллон... Цæссыгтæ, туг æмæ сыджыт...
Сылгоймæгты астæу кæугæ-ниугæ цæуы бæрзонд, тæнтъихæг ус:
— Кæм стут, мæ хъæбултæ?.. Цы раны?.. Дæ-дæ-дæй! Дæ-дæ-дæй! Цы тары мын аныгъуылдыстут? Хъæубæсты фидауц куы уыдыстут, адæм сымахæй куы хастой сæ ныфс!.. Дæ-дæ-дæй!.. Дæ-дæ-дæй!.. Мæ дзидзи сымахæн дарыны бæсты фæлтау мæ риутæ хæсгардæй цæуылнæ ныллыг кодтон!.. Дæ-дæ-дæй!.. Дæ-дæ-дæй!.. Ныр уын уæ мард уыныны бæсты уæ фæлтау стонгæй уæ гæндзæхтæ цæгъдгæ куы уыдтаин дзидзидайæ... Дæ-дæй, цы кæнон!..
Кæуынц иннæ сылгоймæгтæ дæр. Фæлæ мах куы ауыдтой, уæд æвиппайды фæхъус сты.
Сæ зынысахат сæ кæй уынæм, уый дæр сæ нæ фæнды, æвæццæгæн.
Мæнæн дæр уыцы æбуалгъы нывтæм кæсын мæ бон нал у.
Разылдыстæм æмæ ныхкъуырдæй æрбаздæхтыстæм обаумæ. Лигъдæттæй цы дзуапп райстам нæ еблуагъæйæн, уый адæмæн рафæзмыдтам.
— Мах нæ хæс сæххæст кодтам! — сдзырдта чидæр.
Хинымæр мæстæлгъæдæй бахудтæн: уæдæ хуыздæр цы зæгъæм, æниу.
Лигъдæтты фæстæ æрбазындысты сæдæйы бæрц гæрзифтонг барджытæ. Нæ кæстæртæй дыууæ сæ размæ атындзыдтой, чи сты æмæ нæ зæххыл гæрзифтонгæй цæмæн æрлæууыдысты, уый базонынмæ.
Се ’хсæн рауад мæнæ ахæм ныхас:
— Чи стут сымах?
— Лигъдæтты хъахъхъæнæг стæм.
— Мах зæххыл хъахъхъæнинаг не сты.
— Зонæм æй.
— Цы зонут?
— Зонæм æй.
— Гъе, уæдæ уын æй мах зæгъæм: уæ фыдæбон дзæгъæлы у.
— Дзæгъæлы у æви нæу, уый нæ хистæртæ хуыздæр зонынц. Уыдон нын радтой бардзырд æмæ йæ мах æххæст кæнæм.
— Гъемæ сын сæ бардзырд мах зæххæй фæстæмæ кæмдæриддæр æххæст кæнут. Махæн дæр ис хистæртæ, стæй бардзырдтæ дæттынмæ дæр арæхсынц. Мах та сын сæ бардзырдтæ сæххæст кæнынмæ сарæхсдзыстæм.
Барджытæ æрлæууыдысты, сæхи мидæг цыдæртæ аныхас кодтой æмæ фæстæмæ азылдысты.
Нæ кæстæртæ обаумæ æрбаздæхтысты. Цæст кæйонг æххæссы, уыйонгты дæлвæзты цытæ цæуы, уыдæттæм дæсгай гæрзифтонг адæймæгтæ æдзынæг кæсынц обауы сæрæй...
Бон йæ тæмæны бацыд. Хур уæлдæрæй-уæлдæр тулы, йемæ хæссы рагуалдзæджы цин. Ранæй-рæтты скастысты кæрдæджы фыццаг тихалджытæ — зæрдæрухсы хос. Фæлæ нæ алыварс быдыртæ нырма сауæй зынынц. Хуымтæ æнхъæлмæ кæсынц гутонмæ, адæймаджы хидвæллоймæ; уый куы нæ уа, уæд уæвæн нæй фыццагдæр цардыхосæн — хорæн. Сатæг уалдзыгон уæлдæфæй мæ зæрдæйыцæлхъытæ цæуынц. Мæ мæстытæ æмæ мæ мæ тухæнтæ айрох сты. Туг куыд æхсиды тугдадзинты, уый дзæбæх æнкъарын. Æвæдза, цæрынæй хуыздæр ницы ис а дунейыл. Хуымгæнæджы хуымæтæг цардæй. Æнцой никуы зоны, йæ цæсгом хурмæ сауфизонæг ныввæййы, армытъæпæнæй чъепсытæ схауы; уый хыгъд ын цас æмæ цас цин æрхæссы йæ фæллой. Уæд цæуылнæ зонынц адæм цардæн аргъ кæнын? Сæрхъæнтæ!..
Хъæумæ æрбаздæхтæн. Стонг мыл стыхджын. Мæ бирæ хæстæджытæй иу хæдзармæ баздæхтæн. мæ фысымтæ мын радзырдтой: Бæгæныджынæй æрбацыдысты минæвæрттæ, æмæ скъолайы кæрты сход йæ тæккæ тынгыл у. Тагъд-тагъд цыдæртæ ахордтон æмæ уырдæм фæраст дæн.
Скъолайы къæсæрыл лæууы æнæзонгæ зæронд лæг æмæ дзуры:
— Ирæттæ пысылмæттыл æмæ чырыстæттыл кæй фæдих сты, уымæй æдылыдæр хъуыддагæн уæвæн нæй. Бæгæныджыны хъæубæсты номæй уын Хуыцауæй ард хæрын, нæ хæстæгдæр сыхæгты æмæ æфсымæрты ныхмæ схæцыны худинаг нæ сæрмæ кæй никуы æрхæсдзыстæм!
Мах хъæуы номæй йын дзуапп радта Хъуыдæберд:
— Нæ буц хистæр æмæ Хуыцауæй лæвæрд хорз уазæг! Бæгæныджыны не ’фсымæртæн фехъусын кæн: нæ хъæубæстæ ард бахордтой, æфсымæримæ худинаггаг хæсты кæй никуы бацæудзысты. Æндæр мæм зæгъинагæй ницы ис.
Хъуыдæберд лæдзæгæнцойæ иуварс ацыд. Ныллæг бандон ын æрæвæрдтой æмæ йыл йæхи æруагъта.
Бæгæныджыны минæвæрттæ иттæг райгондæй баззадысты ахæм дзуаппæй, æмæ сæ нæ кæстæртæ афæндараст кодтой.
Сход рахæлиу. Алырдыгæй хъуысы хъазæн ныхас æмæ худын...
Тæккæ уыцы бон алчи йæ бинонтæм арвыста хæхбæстæм.

II
— Мæ уды гага, мæ цæсты рухс, мæ къона, мæ гыццыл хур, рауай-ма, рауай, мæ хъæбысы дæ акæнон! — йæ къухтæ мæм ивазы нана.
Йæ фондзыссæдз азы йæхи фесты, уæддæр нырма сæрæнарæзт у. Кæрты астæу лæууы уæрдоны фарсмæ. Бæх нырма ныр суагътой, уый бæрæг у, йæ саргъ дæр ын нæма систой; æнцад йæхицæн кæрдæг хæры. уæрдоны цур бады Домбай дæр, фырцинæй зæхх хойы йæ пыхцыл къæдзилæй. Чысыл æддæдæр сахсæнæвæрдæй æртæ саргъыбæхы.
Нанамæ нæма бахæццæ дæн, афтæ хæдзарæй разгъордтой мæ дыууæ хойы дæр, мæ хъуырыл æрцауындзæг сты. Дуарæй разынди Æна дæр.
— Стæут-ма, раздæр ын æз ахъæбыс кæнон: æз сымахæй хистæр дæн, — чызджытыл буц хъуыр-хъуыр кæны нана.
Хоты мæ хъæбысмæ систон, афтæмæй йæ размæ бацыдтæн.
Мадмæ къæсæрыл æрхизыны хъару нал ис, фырцинæй йæ цæссыгтæ кæлынц.
— Рауай, рауай ардæм, къухæй йын амоны нана. — Фæзынди дæ хъæбул. Кæсыс, цы хуызæн лæг дзы рауади, Лæгтыдзуары уазæг уа кæддæриддæр. Цæстæй йын хай ма уæд, цæстæй. Зæрдæрухс у, зæрдæрухс æдзухдæр, дæ мады æмæ дæ бинонты фæндиаг.
Æмæ та мын ногæй хъæбыстæ кæнын райдыдта, йæ дæрзæг армæй мын мæ уадултæ рæвдауы.
— Марадз, дæ мадæн ахъæбыс кæн. Марадз...
Æнамæ бацыдтæн. Мæ цонгыл мын ныххæцыд æмæ мæ уатмæ бакодта. Йæ цæсгом у райдзаст, йæ ныхас та — кæуынæмхиц:
— Сæрæгас у мæ хъæбул, сæрæгас... Æндæр мæ ницы хъæуы зæххыцъарыл. Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг цытджын Хуыцау, табу дæхицæн! Табу... Ныр мæ каст ницæмæуал у. Тæккæ абон мæ куы айсай, уæддæр цæттæ дæн... Тæккæ абон...
Ацы цалдæр азмæ æваст æрбазæронд Æна. Цæсгом бынтон нынцъылдтæ. Былтæ мидæмæ бахаудысты, роцъо ныццыргъ. Цæсгом баруади. Дыууæ лыстæг урс-урсид дзыккуйы къæдзилтæ зынынц сæрбæттæны бынæй.
Базæронд, уæдæ цы, Æна. Æрмæст-ма йæ цъæхбын цæстытæ хаттæн кæддæрау ферттивынц. Уæлдайдæр та мæнæ ныр, уал азы фæстæ мæ куы федта, уæд. Йæ цины цæссыгтæ уромын нæ фæразы.
— Æгъгъæд, Æна, ныр та йæ махмæ рауадз, — мады хъæбысæй мæ ратыдтой мæ хотæ.
Базонæн дæр сын нал ис.
Цыппар азы размæ нæ хæдзары ныууагътон æнахъом сывæллæтты, ныр сæм кæсыс — чындздзонтæй агæпп ластой. Дыууæйæ дæр рæсугъд, гуырвидауц, дыууæйыл дæр æмхуызон фæлурсбын морæ къабатæ.
Хистæр, Фаризæт, саудзаст, саулагъз, ирдцъар, йæ былтæ сæнтсырх.Йæ фезмæлд, йæ уаг Æнайы хуызæн хиуылхæцгæ, уæздан.
Кæстæр, Дзыгыда, Дзыги, бурдзалыг, сырхуадул, цъæхдзаст, тæлфаг, æнæнцой.
Нана дæр æрбахызти уатмæ. Йæ сау къабайы уæлæ йæ астæуыл чырынтæ кæлмæрзæн баст, разæй йæ балхынцъ кодта. Иннæ кæлмæрзæн — сæрыл баст, тæрныхы фæйнæ фарс зынынц урс дадалитæ. Фæлмæн бæзджын гауызæй æмбæрзт тъахтиныл æрбадти. Ацы гауыз стыр хæзнайыл нымад у Æнамæ. Мæ къух мын йæ армы бакодта нана. Чызджытæ нæ цуры æрбадтысты ныллæг бандæттыл. Æна дуаргæрон лæууы, уымæн дæр йæ уæлæ сау къаба, æрмæст кæлмæрзæны бæсты йæ сæрыл ис цыллæхыз.
Ничи ницы дзуры.
Кæртæй æрбайхъуыст кæйдæрты ныхас, стæй уат уайтагъд байдзаг фæсивæдæй, сæ хотыхты гыбар-гыбур цæуы.
Æппæты разæй уатмæ къориау æрбатылди ныллæджытæ, фæтæнуæхск Бибо, йæ фæдыл — гæдыбæласау рæхснæг Бесæгъуыр, уый фæстæ — дзыгъуырдзæсгом, тæнæгрихи, тæнтъихæг Доде, семæ, æз кæй нæ зонын, цалдæр ахæм лæппуйы, æвæццæгæн, æз æддæ цалынмæ уыдтæн, уæдмæ чи байрæзыд, ахæмтæ.
Иууылдæр сты мæ къабæзтæ. Цар сæ сæрыл систой худынæй. Цæуыл худынц, уый бæрæг нæу — фæсивæдæн сæ кæнон ахæм у, сæ хъару цы фæкæной, уый нæ зонынц.
Сæ хъæбысы мæ нылхъивынц радыгай.
Мæхицæй адджындæр ничиуал ис. Хæрзæрæджы дæр ма мæм афтæ касти, цыма æгас дунейы дæр никæй хъæуын. Æвзæрæй æппындæр кæмæн ницы ракодтон, уыцы адæм, хъамылы хуыйыл цуангæнæгау, зылдысты мæ фæдыл. Стыр æхсызгонæй мæ амардтаиккой. Цæй тыххæй? Цы азым мæм разынд? Цавæр аххос мæм ссардтой? Афицер кæй дæн, æрмæст уыцы аххос. Æвзонг ма куы уыдтæн, уæд мæ цæрæнбоны тыххæй цал æмæ цал ирон хистæры ракуывта — Хуыцауæй мын куырдтой афицеры пъагæттæ хæссыны амонд. Сæ хъуыдыйы кæрон дæр кæцæй хъуамæ æрцыдаид, уыцы пъагæттæ лæгæн кæддæр æнæкæрон масты хос кæй разындзысты Уæрæсейы. Цал æмæ мыл цал хатты баталынг хур, цал хатты мын фенæуынон мæ цард! Иуахæмы та мæм суанг мæхи амарыны зонд æрцыди.
Æмæ ныр мæнæ мæ алыварс адæм зæрдиагæй цин кæнынц, тæссаг æмæ дæргъвæтин балцæй сæрæгас æмæ дзæбæхæй кæй сыздæхтæн, ууыл. Иууылдæр мæ уарзынц.
Мæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ цæуы. Мæнæ ис мæ райгуырæн бæстæ! Мæ чысыл, рæсугъд æмæ адджын райгуырæн бæстæ! Æрыздæхтæн дæм бирæ рахау-бахауы фæстæ æмæ бадæлгом дæн сыджытыл. Уæрæсейы æнæкæрон тъæпæны, хæсты быдыры гыбар-гыбурæй мæ дæуыл бæстон ахъуыды кæнынмæ никуы равдæлди, мæ зæрдæйы æрфытæ мын никуы фæцагайдтай. Ныббар мын уыдæттæ! Ныр дæм æрцыдтæн, ссардтон дæ. Æрмæст дæуæн дæтдзынæн ныр мæ хъарутæ иууылдæр. Ме ’хсар. Ме ’хсидгæ зæрдæ. Мæ хъуыдытæ. Мæ цин. Мæ маст. Мæ уарзт. Мæ туг. Мæхи æнæхъæнæй дæр дæуæн æрхæсдзынæн нывондæн.
Фæсивæды æхсæн бæрæг дары иу æвзонг лæппу. Дуары тарвазыл банцой, мæнмæ хæстæг æрбацæуыны ныфс æм нæй. Æна мæм æй æрбакодта æмæ мæ фæрсы:
— Зоныс æй?
— Нæ зонын.
— Æниу æй кæцæй хъуамæ зонай. Хадзгуайы лæппу у, Осмæн, хохæй æрцыди. Амæй размæ йæ никуы федтай. Нæ ирвæзынгæнæг у, нæ хæдзары цæджындз. Осмæн нын куы нæ уыдаид, уæд афонмæ раджы фесæфтаиккам. Ахъæбыс кæнут кæрæдзийæн.
Лæппуйы мæнырдæм æрбасхуыста Æна.
Осмæн фырæфсæрмæй ныссырх. Æнарæхст хъæбыс мын акодта æмæ иуварс алæууыд.
— Бузныг, стыр бузныг, — йæ уæхск ын æрхостон æз. — Стыр хæсджын дæн дæуæй, æмæ, хъуыддаг чындз хæссыны онг куы æрцæуа, уæд ирæд мæнæй фæуæд. Фыстыл æй нымай. Уæллæй, зæххыл кæй нæма фендæуыд, ахæм чызг дын равзардзыстæм. Разы куы нæ уа, уæд та скъæфгæ æрцæудзæн. Рæстытæ нæ дзурын, лæппутæ?
Фæсивæд худынц.
— Бынтон рæстытæ...
Нана æмæ Æна уатæй ацыдысты. Лæппуты ныхас ноджы фæхъæлдзæгдæр.
— Даргъбыдирæгтæ хорыхъæуккæгтæн цы бакуыстой, уый нæма фехъуыстат? — мæ фарсмæ тъахтиныл æрбадти Бибо, йæ цæст ныл ахаста.
Йæ домбай къабæзтæ аивæзта. Хъамайыл иуварс ахæцыд æмæ исдуг ницуал дзуры. Фæсивæд бацымыдис сты.
— Радзур æй, цы уыди? — фæрсын æй æз.
Иннæтæ рагацау худынц — худæджы хабар кæй радзурдзæн, уый æмбарынц.
— Ахæм дзы мæнгард адæм никуыма уыди, сæ хæдзар фехæла!
— Радзур-ма йæ, цы уыдис уагæры? — бацымыдис сты фæсивæд.
— Уæхиуыл хæцын фæразут, радзурдзынæн æй. Тагъд дон фурды не ’ййафы, зæгъгæ, ахæм æмбисонд никуы фехъуыстат?
Бибо мæнырдæм разылд, æмæ цыма уаты мæнæй дарддæр ничи ис, уыйау дзуры:
— Даргъбыдирæгтæ бавдæлдысты æмæ хъуылæг райстой, сау æй сахуырстой æмæ йæ бричкæйы раззаг сæмæныл сæвæрдтой. Стæй сæ сармадзан хъæугæронмæ раластой æмæ йæ Хорыхъæумæ сарæзтой.
Фæсивæд худæгæй мæлынц.
— Фæлæуут-ма, сабырдæр ут, науæд тъангæфтыд фæуыдзыстут, — дзуры сæм Бибо. — Дарддæр цы уыдис, уымæ байхъусут. Сармадзан сæхимæ арæзтæй куыддæр ауыдтой Хорыхъæу, афтæ фæдис куыннæ самадтаиккой. Адæм сходмæ  æрæмбырд сты. Раныхас-баныхасы фæстæ минæвæрттæ арвыстой.
— Ахæм ма дзы тæппуд адæм уа, — йæ дзырд баппæрста Бесæгъуыр. — Сармадзаны гæрахмæ уæд та банхъæлмæ кастаиккой.
— Хъæдуры гæрахмæ! — бафтыдта йæм Доде.
— Сабырдæр! Æмдзырд ма кæнут. Дарддæр цы уыдис, уымæ байхъусут, — схъæр сыл кодта Бибо. — Даргъ-Быдырмæ æрбацыдысты минæвæрттæ æмæ загътой: «Уæууа, гормæттæ, уый цы ми кæнут? Рагæй-æрæгмæ æфсымæрты цард нæ фæкодтам, мыййаг? Сармадзанæй нæм цæмæн ныхъхъавыдыстут? Нæ иумæйаг быдыры уæ туг ныккалын цæмæн бафæндыди?» — фырдисæй сæ цæстытæ рацæйбырыдысты Даргъ-Быдыры хистæртæн. «Сымах, æндæр кæй...» — «Омæ нæ сымахимæ сабырæй цæрын куы фæнды». — «Уæдæ нæм сармадзан цæмæн ныццарæзтат?» — «Цавæр сармадзан?» — «Уæртæ хъæугæрон кæй æрæвæрдтат, уыцы сармадзан». — «Иу сарамадзан дæр дзы никуы ис». — «Куыд нæй, куыд, ардæм фæндагыл æй нæхи цæстытæй куы федтам, уæд».
Æмæ Даргъ-Быдыры хистæртæ Хорыхъæуы æрвыст лæгтимæ хъæугæронмæ фæцыдысты сармадзан фенынмæ.
— Гъы, æмæ цы? — фæрсы Бесæгъуыр.
— Ницы. Хорыхъæуккæгтæ æлгъитгæ ацыдысты сæхимæ.
Иууылдæр худынц.
— Адæм сæрра сты, — бафиппайдта Бибо.
— Цы нæм æнхъæлмæ кæсы, уый Хуыцау йеддæмæ ничи зоны, — бирæ фæхудыны фæстæ ныуулæфыд Бесæгъуыр.
— Царды бындуртæ нынкъуысыдысты, æмæ дуне йæ фæстаг бонтæм фæцæуы, — зондджынхуызæй зæгъы Доде.
— Уæдæ уымæн тагъд кæныс кæйдæр дуканитæ расæрфынмæ. Байрæджыйæ тæрсыс! — фæцарæхст æм Бибо, æмæ та иууылдæр ныххудтысты.
— Ды дæр цыма фæсте нæ баззайдзынæ, — дзуапп ын радта Доде.
Раст уыцы рæстæг Фаризæт фынг æрæвæрдта æртæ хæбизджынимæ. Хæбизджынтæ царвы ленк кæнынц, сæ тæфмæ комыдæттæ уайынц. Фаризæты фæдыл уатмæ æрбахызт Осмæн, йæ къухы — гуыбынджын графин цъæх арахъхъимæ. Куы йæ ауыдтой, уæд фæсивæды цæстытæ ссыгъдысты. Искуы-иу хатт, æрмæст бæрæгбæтты, фæзыны ацы графин фынгыл.
—   Замманайы минас нæм æнхъæлмæ кæсы, — йæ къухтæ аууæрста Бибо. —Ахæм минас адзалы размæ дæр никæй бахъыгдардзæн.
— Фæсивæд куыдхистæрæй рабадтысты фынджы уæлхъус, бынтон кæстæртæ та лæууынц дуаргæрон.
Осмæн чысыл агуывзæйы нозт рауагъта æмæ йæ фынджы хистæрмæ, Бибомæ, балæвæрдта. Бибо галиу къухмæ чъири систа, рахизмæ та агуывзæ райста æмæ сыстад. Иннæтæ дæр сыстадысты.
— Хуыцæутты Хуыцау, æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг Хуыцау, нæ куывд дæм хорзæй фехъуысæд! — скуывта Бибо.
— Оммен, Хуыцау!
— Сыгъдæг Уастырджи, дæ хорзæхæй нын хай бакæн! Нæ фæсивæд дæ рæзты фæцæуынц æфсадмæ дæр æмæ хæсты быдырмæ дæр, æмæ сын кæддæриддæр ахъазгæнæг у, кæддæриддæр сæ рæствæндаг кæн!
— Оммен, Хуыцау!
— Тбауы бæрзондыл бадæг Уацилла, хордæттæг дæ, æмæ хорцух куыд никуы баййафæм, уыцы хорзæх нын дæ цæст бауарзæд!
— Оммен, Хуыцау!
— Не сфæлдисæг æппæтаразæг Хуыцау, Дæ хъæбултыл нымайæм нæхи, æмæ нæ Дæ зæдтæ-дауджытыл бафæдзæхс æмæ нæ абоны стыр бæллæхтæй бахизой!
— Оммен, Хуыцау!
— Хуыцæутты Хуыцау, æнамонд адæмæн сæ сæры зонд бауадз, науæд дыууæ дихы баисты æмæ сæ кæрæдзи ныццæгъдынмæ бирæ нал хъæуы. Кæрæдзи куыд бамбарой æмæ бауарзой, уыцы амонд сын ратт!
— Оммен, Хуыцау!
— Бæсты Хицау, ацы хæтæнхуаг бæлццон ныфсы хос у йæ мыггагæн, йæ хъæубæстæн æмæ æгас ирон адæмæн, æмæ æгайт-ма Дæу руаджы йæ къонайыл сæмбæлдис æмæ йæ амондхæссæг фæкæн! Ацы хæдзар кæддæриддæр де уазæг уæд! Бинонты къорды цæрæнбон бирæ уæд! Амондджын æмæ æвæсмон уæнт æдзухдæр! Сæ мыггаг куыд никуы сыскъуыйа, ахæм хорзæх сыл бафтау!
— Оммен, Хуыцау!
Бибо куывд фæцис æмæ кæстæртырдæм акаст. Сеппæты кæстæр æрбауад, агуывзæ рахиз къухмæ райста, схуыпп дзы кодта, стæй чъирийæ ацахуыста æмæ иуварс алæууыд.
Фынгмæ æрæвнæлдтам.
Хур раджы скаст, уæддæр мæ сынтæгæй нæма рахызтæн.
Фаризæт къæсæрыл æрбахызт, райхъал дæн, уый бамбæрста æмæ мæ сынтæджы цурмæ æрбацыд:
— Дæ райсом хорз, ме ’фсымæр. — Мæ баз мын адзæбæхтæ кодта. — Хорз фæфынæй кодтай? Дæ фыны та цытæ федтай? Æхсæв-бонмæ кæимæдæр ныхас кодтай. Дзыгиимæ дæм хъуыстам, æмæ бæрæг уыди — кæмæдæр мæсты кæныс, хъуырдухæн кодтай. Райхъалгæнинаг дæ уыдыстæм, фæлæ нæ ныфс нæ бахастам. Цы дæ цæстытыл уадис, нæ уды гага?
— Ферох мæ, нæ йæ хъуыды кæнын, мæ сызгъæрин хо.
— Гъемæ, æвæццæгæн, ницы уадиссаг уыди.
Фаризæт мæ сынтæджы бынæй чырын раласта. Цалдæр тæлмæй йыл æвæрд ис æрхуы зæгæлтæй хост тасмачъи. Гуыдыр зæлланггæнгæ байгом. Чырыны сæрыл схæцыд Фаризæт. Уат духийы тæфæй байдзаг.
— Кæс-ма ацы буржуйкæмæ, духи йæм куы ис.
Дзырд «буржуйкæ» не ’мбары Фаризæт.
— Духи тынг бирæ уарзын, — бацъупп сты йæ былтæ.
— Æз дæр æй йæ заманы бæргæ уарзтон, — Ныуулæфыдтæн æз.
— Нæ молло афтæ фæзæгъы: Мæхæмæт-пехуымпар дæр, дам, Хуыцауы хорзæх æй уæд! — хæрздæфгæнæнтæ уарзта. Пысылмонæй хæрздæф хъуамæ цæуа. Раст нæ зæгъын?
— О, мæ хойы гæбаз. Алы адæймагæй дæр — пысылмон уа, чырыстон, æви муртакк — смаджы бæсты фæлтау дзæбæх тæф кæла, — ныххудтæн æз. — Фæлæ ма мын æй зæгъ, кæм дын уыди духи?
— Бибо мын балæвар кодта: горæтæй йæ æрласта.
— Кæс-ма уыцы абырæгмæ, æвæццæгæн, кæцæйдæр рамырхта. Духи ныртæккæ æнцонтæй нал ссардзынæ.
— Цалдæр авджы йæм уыди. Иу дзы мæнæн радта, иннæ — Дзыгийæн. Куыд æмæ кæм цы амал кæнынц нæ фæсивæд, уымæн чи цы зоны. Æрæджы Доде æнæхъæн асыччы дзаг сапон æрласта. Йæ хæлæртты ныхæстæм гæсгæ кæмдæр горæты дуканийы дуар басаста.
Фаризæт дзургæ-дзурын чырын фæйлауы. Цынæ дзы ис, цынæ, чырыны: хъуымацы гæппæлтæ, сæрачы гæбæзтæ, æндæхтæ, судзинтæ, æнгуырстуан, сæрвасæнтæ, афтид къоппытæ, цæппæртæ, къамтæ, алдымбыдтæ, уæдæртт, хæрдгæбыдтæ, сахатбостæ, ливорбостæ. Сеппæтæй дæр кæлы духийы тæф.
Чырыны тæккæ бынæй урс гæххæтты тыхтæй цыдæр систа æмæ йæ мæнмæ æрбадардта:
— Ай та дæуæн у...
— Циу, цы?
Гæххæтт райхæлдта. Æмæ дзы хæрдгæбыд ехс. Мæ сæрмæ йæ цалдæр хатты æрцъыкк ласта.
— Тагъд дын чындз хæсдзыстæм, æмæ ацы ехсæй нæмдзынæ дæ усы.
Йæхæдæг худы.
Хуры тынтæм цæхæртæ калы ехс. Лыстæг сызгъæрин æндахæй быд. Йæ хъæд — пылыстæгæй, сызгъæрин нывæфтыдтæ йыл, чи зоны, Кубачийы зæрингуырдты къухæй рацыдаид.
— Уæллæй, ахæм ехс Персы паддзахы къухы дæр сфидаудзæн. — Ехс æцæгдæр диссаджы аив у. — Фæлæ, Фаризæт, мæ усæй раздæр дæ курæджы бахъæудзæн. Дæ хуызæн рæсугъды курæг ма уа, уый мæ никуы бауырндзæни...
— Алæ, стæ... Афтæтæ куы дзурай, уæд дæ ехсæй æрнæмдзынæн.
Хъавгæ мыл æй æруагъта, стæй йæ мæ нывæрзæнырдыгæй къулыл æрцауыгъта.
— Æз та ауал азы æддæ фæдæн, фæлæ дæуæн дæр æмæ иннæтæн дæр мæ бон ницы лæвар æрласын бацис...
Кæронмæ дзурын мæ нæ бауагъта Фаризæт:
— Куыд ницы? А дунейыл æмбал кæмæн нæй, уыцы тæккæ зынаргъдæр лæвар нын куы æрластай.
— Цавæр лæвар?
— Мæнæ дæхи.
— Мæлæты стыр хæзна.
— Иннæтæн сæ бар сæхи, фæлæ махæн ды тæккæ стырдæр хæзна дæ. Дæу хуызæн æфсымæр кæмæн ис...
— Хурмæ хус афицер. Инженер кæнæ æвдакат куы уаин, уæддæр ма гъа. Уæвгæ, уыдонæн дæр стыр кад нал ис ныры рæстæджы.
— Мах æндæр ничи хъæуы. Хуымæтæджы æнахуыргонд хохаг лæг куы уаис, уæддæр дæ къаддæр нæ уарзиккам.
Æхсызгон та мын куыннæ сты йæ ныхæстæ, фæлæ мын цыма уæлдай нæу, уыйау дарын мæхи. Фæризæт ногæй æргуыбыр чырынмæ, хинæйдзаг мидбылхудт хъазы йæ цæсгомыл.
— Ноджы ма дын иу лæвар æрцæттæ кодтон...
— Кой дæр нæ! Æппындæр дæ ницуал райсдзынæн, — сцагътон ыл мæ къухтæ. — Æгъгъæд у. Æрмæст ацы ехс йæхæдæг кæуылты у! Йæ аккаг бæх, науæд дзы кæй хъуамæ нæмон, ахæм ус зæххыцъарыл нæ разындзæн. Ус дæр ехсмæ гæсгæ хъуамæ уа.
— Нæ, ацы лæвар цыфæндыйæ дæр бакомдзынæ.
Чырынæй къам систа æмæ йæм æдзынæг кæсы. Йæ риумæ йæ нылхъывта. Йæ сау цæстытæ хинæйдзаг тæмæнтæ калынц.
— Бакомдзынæ йæ... Равдисон дæм æй?
— Бакомдзынæн... Равдис æй.
— Нæ дын æй ратдзынæн. Стæй дæм æй не ’вдисын.
— Къам райсдзынæн. Дæ къам у?
— Нæу.
— Уæдæ кæй? Кæд дæу къам нæу, уæд мæ ницæмæн хъæуы.
— Мæ къам нæу, фæлæ дын мæнæй зынаргъдæр чи у, уый къам.
— Ахæм ничи ис.
— Ис... Ис. Æз æй зонын.
— Ницы зоныс мур дæр. Мæсты дæм райдыдтон, Фаризæт.
— Гъа... Гъа, — къам мын мæ тæккæ цæстытæм æрбадардта.
Æз фесхъиудтон æмæ мæ сынтæджы рабадтæн.
— Валяимæ систай дæ къам?! Куыд? Цы хуызы? Кæм базонгæ стут?
Фаризæт мидбылты худы:
— Æз уын уæ хабæрттæ иууылдæр зонын...
— Цы зоныс? Кæм базонгæ стут?
Фаризæт сынтæгыл æрбадт æмæ мæ хъуырыл æрцауындзæг.
— Горæты базонгæ стæм, чындзæхсæвы. Аминæтæн чындзхæссæг уыдтæн. Стыр хъазт сарæзтой. Горæты рæсугъд чызджытæ, æвæццæгæн, иууылдæр æрбамбырд сты уыцы хъазты. Ацы æнамонд рæстæджытæ уæд нæма ралæууыдысты. Диссаджы хъæлдзæг чындзæхсæв. Æмæ уым базонгæ стæм Валяимæ.
Къаммæ æдзынæг кæсын. Дыууæ чызгыл дæр разгæмттæ, кæрæдзийы уæхсчытыл сæ къухтæ æвæрдæй лæууынц.
— Æмæ куыд базонгæ стут?
— Куыд базонгæ вæййынц, афтæ. Валя мын алцыдæр радзырдта. Писмотæ йæм фыстай?
— Фыстон.
— Равдыста мæм дæ писмотæ. Æртæ боны арвыстам иумæ æмæ тынг бахæлар стæм. Уарзы дæ. Тынг дæ уарзы.
Æна уатмæ æрбахызти.
— Цæмæты кæсут, уый ма уæ зæронд мадмæ дæр равдисут.
Къам æм радтон. Æхсгæ каст æм æркодта, йæ цæсгом бахъуынтъыз, фæлæ йыл уайтагъд райдзаст мидбылхудт фæзынди.
— Мæнæ цы диссаджы дыууæ дидинæджы ис! — Куыддæр мæм кæнгæ фæкаст йæ ныхас. Йæ зæрдыл цыма æвиппайды æрбалæууыд цыдæр, уыйау Фаризæтмæ фездæхт: — Марадз, хæдзармæ ауай — мыййаг, дзул куы басудза пецы. Дзыги цæхæрадонмæ ацыди. Марадз, мæ къона, рæвдздæр.
Æна Фаризæты бынаты æрбадт æмæ йæ арм мæ къухыл æрæвæрдта. Стæй мын æнæнхъæлæджы мæ къухæн аба кодта.
— Уый цы кусыс, Æна? Цы кусыс?
— Цы, дам?! Мæ хъæбулы къух аба кæныны бар дæр мын нал ис. Мæ гуыбыны кæй фæхастон æмæ мæ дзидзийæ чи схъомыл, уый къух. Куы дын амардаин фæлтау...
Рудзынгмæ дзæвгар фæкаст, цыма йæ зæгъинаг йæ зæрдыл нал лæууы, уый хуызæн, стæй разылд æмæ, комкоммæ мæ дыууæ цæстмæ кæсгæ, тызмæгæй дзурын райдыдта:
— Ныббар мын, мæ лæппу, мыййаг, дæм мæ ныхæстæ хъыг куы фæкæсой. Базæронд дæн æмæ, æвæццæгæн, мæ зонд дæр йæ бынаты нал ис. Талынгæй райгуырдыстæм, талынгæй фæцардыстæм æмæ мæлгæ дæр талынгæй акæндзыстæм. Мæ зонд æмæ мæ хъуыдытæ сты, æцæг дунемæ чи ацыди, уыдоны зонд æмæ хъуыдытæ, фæлæ нæ фыдæлтæ æмæ уыдоны фыдæлтæ дæр цыдæртæ зыдтой. Зарджыты дзæгъæлы нæ баззадысты сæ нæмттæ æмæ сæ абон дæр дзæгъæлы нæ мысынц. Куыд дзурынц, афтæмæй æвзæр адæм нæ уыдысты. Бæгуыдæр нæ уыдысты æвзæр адæм. Уыдоны зондмæ гæсгæ дæ курæг дæн — дыууæ хъуыддагæй дæхи бахиз.
— Цæмæйты? — бахудтæн æз.
— Ма худ, мæ хур, ды куыд æнхъæлыс, ахæм чысыл хъуыддæгтæ не сты. Сывæллон нал дæ, дæ цардыл ахъуыды кæнын афон дын у. Бæлас дæр ма уидаг куы ауадзы, ды та адæймаг куы дæ, уæздан мыггагæй. Дæ фидæныл ахъуыды кæн. Фæлæ дæхи бахъахъхъæн...
— Цæмæй бахъахъхъæнон, Æна?
Ногæй та бахудæнбыл дæн.
— Мæ ингæны ардæй дæ курæг дæн: уырыссаг чызджы ма бауарз, уырыссаг сылгоймаг ма ракур — уый дын иу; иннæ та — уæздæттæй чи нæу, ахæм ирон чызджы дæр ма ракур, уæлдайдæр та чырыстоны. Стыр рæдыд æруадздзынæ, мæ хъæбул. Дæ мады урс сæр фæхудинаг уыдзæни.
Сдзурынмæ хъавын, фæлæ мæ нæ бауагъта.
— Мацы дзур æппындæр... Мацы дзур... Раздæр уал мæн баныгæн, стæй уый фæстæ дæ бар — дæхи. Ацы хæдзары худинаг феныны бæсты фæлтау мæ цæстытæ бакуырм уæнт. Дунедарæг Хуыцау, уыйонг мæ ма фæцæрын кæн. Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг Хуыцау, батæригъæд мын кæн! Хуыцауы раз адæмы сæрыл дзурæг дæ, сызгъæрин Мæхæмæт-пехуымпар, æз де уазæг! Бынатыхицауы зæдтæ, кæд мæ иу къахæй ингæны лæууын, уæддæр зæронд усы бон цастæ у, уыйас уæ зæрдæхудты куы ницæмæй бацыдтæн, хæдзары къона бамынæг ма бауадзут, йæ бындур ын ма рафтаут, науæд нæ хæдзар ныккæлдзæн.
Йæ къухтæ уæларвмæ сдардта æмæ йæ цæссыгтæ гæр-гæрæй згъорынц йæ уадултыл. Цард-цæрæнбонты йæ сæр бæрзонд фæхаста, хъысмæты уæззау цæфтæй никуы фæтасыд, фæлæ ныр у мæгуырхуыз æмæ тæригъæддаг.
Æвиппайды фестад, йæ дзыхæй иунæг ныхас дæр нал схауди, афтæмæй фæдуарæдде.
Нырма ныртæккæ цытæ фехъуыстон æмæ федтон, уыдоны уæзæй сынтæгыл уæлгоммæ афæлдæхтæн. Кæс-ма, дæ хорзæхæй: бахæццæ Æнамæ дæр хабар æмæ йæ зæрдæмæ нæ цæуы. Чызг чырыстон кæй у, уый тыххæй... Куыд чындæуа? Дæу цæрайæн чи цæры, уыцы ныййарæджы масты куыд хъуамæ бафтауай? Йæ зæронды бонты æнцой нал ссардзæн, йæ цæссыгæй йæхи æхсдзæн æмæ, чи зоны, афонæй раздæр ссара адзал. Мады зæрдæйы сæрты куыд ахызтæуа?.. Уый дын хъуыддаг. Адæймаг хуыздæр æнхъæлæй амонды дуарыл куы фæцæйхизы, уæд йæ бауромыны бар кæмæ ис?
Мæ къухтæ мæ сæры бын бавæрдтон, нылхъывтон æй æмæ хъуыдыты аныгъуылдтæн.
Ивгъуыд бонтæ мæ цæстыты раз слæууыдысты.
Цыппар азы рацыд уæдæй нырмæ.
Дзæуджыхъæуы иу хъæздыг иронæн фырт райгуырди, æмæ стыр куывд скодта.
Куывдмæ бафтыдыстæм мах дæр — хæсты быдырмæ цæуæг æрыгон афицертæ. Хъазтизæр йæ тæккæ тынгыл у. Уазæг фæсивæдæн егъау уаты бынат нæ фаг кæны. Алцыдæр у æгъдауыл. Къулрæбын иуырдыгæй лæууынц чызджытæ, иннæрдыгæй — лæппутæ. Фæндырдзагъдмæ кафынц. Фæндырæй цæгъды абадгæ хæрзхуызтæ тыппырæнгуылдз чызг, йæ уæлæ фæныкхуыз къаба. Фæндыр æнцайы йæ уæрагыл, къахы бын ныллæг бандон æвæрд.
Куыддæр бацыдтæн, афтæ фæсивæды æхсæн æрныгъуылдтæн, фæлæ мæ чегъре бафиппайдта. Иу чызджы рахуыдта уаты астæумæ. чызг у бурхил, йæ фезмæлд уæздан, цæстытæ æфсæрмхуызæй кæсынц сау бæзджын хауты бынæй. Фæлурс бурбын къаба сызгъæрин æргъæвæгджын фæтæн хъæдабæ ронæй æнгом æлвæст. Æвзист риуæгънæджытыл хъазынц сызгъзæрин стъæлфытæ, æнгом бадынц чызджы къуыпп риутыл. Æрвгъуыз хъæдабæ къандзолыл — цалдæр рæнхъы хæрдгæ-быдтæ. Къабайы фæдджитæ кæрæдзимæ баст сты коцораджын цыллæ алдымбыдтæй. Йæ сæрыл — фæлурс бурбын персайнаг тæнæг цыллæхыз, йæ кæрæттæ фæсонтыл æппæрст.
Чызг æнхъæлмæ кæсы кафтæмбалмæ. Чегъре мæнмæ фæкомкоммæ æмæ мæ уаты астæумæ расхуыста мæ къабазæй.
Æмдзæгъдгæнгæйæ мæ куыннæ хъыгдарой, афтæ мидæмæ фæлдæхт уыдысты мæ цухъхъайы дыстæ, ныр сæ æруагътон. Чызг мæ разæй сиргæ фæцæуы, æз дæр нæуæндонхуызæй йæ фæдыл араст дæн. Зыны мæм чызгæн æрмæст йæ гуыр, цыллæхызæй æмбæрзт уæхсчытæ. Уынгæ сæ нæ кæнын, фæлæ йæ къæхтæ даргъ къабайы бын куыд сирынц, уый æнкъарын.
Уæнгмардæй æмæ æнæбары акодтон фыццаг къахдзæфтæ, фæлæ мыл иунæг уысммæ цы ’рцыди, уый мæхæдæг дæр нæ бамбæрстон — дыууæ цонджы хæрдмæ фелвæстон æмæ мæ а зæххыл ницуал бауромдзæн, стæхынæввонгæй мæ буары уæз нал æнкъарын.
Чызджы сæр фæкъул æмæ цыллæхуыз уæхсчытæм æрхауди. Разынди ставдбыд мыдхуыз дзыкку. Йæ цъæх цæстытæй рухс кæлы, уадултæ сырх пиллон скалдтой æмæ сæ цыма мæнæй æмбæхсы, уыйау рахиз цонг рæмбыныкъæдзы дыдагъæй къæмисæнты онг систа, галиу цонг та кæдæмдæр амонæгау у æмраст. Тæмæнкалгæйæ ленк кæны мæ разæй. Афтæ мæм кæсы, цыма амонды æндæрг у æмæ йын æнæ байййафгæ нæй. Фæндыры цагъд фæцырендæр, æмæ лæппуты къухкъæрццæмдзæгъд мынæгдæрæй райхъуысти. Мæ зæрдæ абухы риуы, хинымæры ныууынæргъыдтон, иуварс асхъиудтон æмæ къахфындзтæ æрсагътон. Ноджыдæр ма... Базыртæ мыл разадис æмæ кæмдæр арвæй зæххы æхсæн тæхын. Мæ къахфындзты къуппимæ сиу дамбацайы гæрах. Дыккаг гæрах. Æртыккаг. Чидæр йæ дамбаца фелвæста æмæ нæмгуытыл нал ауæрды.
Æрмæст иунæг æхсгæ каст фæкодта чызг мæнырдæм, æмæ сонтдзæфау фæдæн. Æндон цъæттæ фестадысты мæ къæхтæ, гуыримæ баст сты æрмæст лыстæг æндахæй, æндах мæнæ-мæнæ аскъуыйдзæн, уæддæр къæхтæ сæ кафт нæ ныууадздзысты.
Сиргæ-сиргæ дæрдты æрбацæйзилы чызг. Йæ размæ пуртиау басхъиудтон æмæ къахфындзтæ æрсагътон. Цъилау фæзылдтæн. Къахфындзтæ ногæй æрсагътон. Иннæрдæм фæзылдтæн æмæ та къахфындзтæ æрсагътон. Къæхтыл цæст нал хæцы. Кафгæ-кафын уæрджытыл æрхаудтон, фестадтæн æмæ иу къахы æнгуылдзтыл хæрдмæ схъиуын, стæй та — иннæ къахы æнгуылдзтыл. Цъилау мидбынаты зилгæ куы иу къахы æнгуылдзтæ æрсадзын, куы иннæ. Чызг сиргæ-сиргæ фæцæуы йæ бынатмæ, цалынмæ æрлæууыди, уæдмæ æз дæр къахфындзтыл кафын йæ фæдыл. Сæрæй йын æркуывтон æмæ фæсивæды æхсæнмæ раздæхтæн.
Фæндыр фæхъус. Исдуг сыбыртт никæцæйуал цæуы, стæй къухæмдзæгъд ныннæрыд.
Чызгæй, лæппуйæ — тынг сæ зæрдæмæ фæцыди мæ кафт. Чызджытæ мæм худæнбылæй кæсынц рæвдауæг цæстытæй.
Мæ хуызæн дыккаг ничиуал акафыд.
Тæккæ уыцы изæр базонгæ дæн йемæ. Разынди ирон сауджыны чызг, хæрзæрæджы каст фæци гимназ. Дыууæ уды кæрдзийы куыд бамбарынц, уымæн чи цы базондзæн? Уарзты зынг риуы мидæг кæцы сахат ссудзы, уый чи раиртасдзæн?
Ромеойы уарзтау мæ уарзт дæр æвиппайды суагъта пиллон...
Мæ сæрæй къулыл банцой кодтон, фæлæ мын уайтæккæ чидæр мæ цæстытæ æрæхгæдта фæлмæн армæй. Дзыги кæй у, уый куыннæ бамбæрстон, фæлæ мæхи нæзонæг скодтон.
Дзыги дын бирæ бафæраза æнæдзургæйæ.
— Зонын æй: Фаризæты куыд уарзыс, — мæ хъуырыл ныттыхст æмæ тæргайхуызæй дзуры мæ хъусы. — Фаризæт рæсугъд æмæ зондджын у, æз та — фыдуынд æмæ æдылы... О... О... Зонын æй...
Суагъта мæ æмæ ехсмæ амоны къухæй.
— Уæлæ дын ныридæгæн лæвар дæр ракодта. Æз та! — йæ уæрджытæ дыууæ къухæй æрцавта. —  Æз та æдылы дæн. — Сынтæгмæ сгæпп ласта, цыма ехс йæ бынатæй æрæппарынмæ хъавы, уыйау. —  Æз та æппындæр ницæмæ арæхсын... Æдылы Дзыги... Раст нæ зæгъын? Æрмæст хъазын æмæ худын зонын. Æна дæр мæм райсомæй изæрмæ загъд кæнынæй не ’фсæды. Ды дæр мæ нæ уарзыс.
Йæ цæсгом скæуынæввонгæй банхъырдтæ, йæ дыууæ армы йæ бамбæхста.
— Уæ-дæ-дæй... уæ-дæ-дæй... — хъарæгыл схæцыд. — Цы фæуа мæгуыр сидзæр чызг, æппындæр æй куы ничи уарзы, уæд? Ныр кæдæм фæцæуа? Ныр кæмæ фæхæсса йæ маст? Чи йын батæригъæд кæндзæн?! Уæ-дæ-дæй... уæ-дæ-дæй!..
Æцæгæй кæуа, æви?
— Цытæ дзурыс, Дзыги? Æз дæ Фаризæтæй фылдæр куы уарзын. Ды кæстæр дæ, кæстæрты та фылдæр фæуарзынц. Басабыр у... Басабыр у!
— Нæ басабыр уыдзынæн... Зонын æй, нæ мæ уарзыс æппындæр... Фаризæтæй фылдæр мæ ницæмæн хъæуы, фæлæ Фаризæты цас уарзыс, мæн дæр уыйас уарз. Сайгæ мæ кæныс... Фаризæты фылдæр уарзыс... Уæ, мæгуырæг йæ бон сидзæр чызгæн, ныр цы фæуа? Иунæг æфсымæр йеддæмæ йын куы нæ ис æмæ йæ уый дæр куы нæ уарзы!
— Нæ дын загътон — уарзын дæ!
— Æцæгæй?
Йæ къухтæ йæ цæсгомæй нæма æриста, фæлæ йæ ныхас фæхъæлдзæгдæр.
— Æцæгæй, — зæгъын ын зæрдиагæй.
— Афтæ уа?
— Афтæ.
Дзыги йæ къухтæ æриста æмæ кæл-кæлæй худы.
— Æнхъæлдтай, æцæгдæр кæуын? Ха-ха-ха... Ха-ха-ха... Æз æппындæр никуы фæкæуын... Ха-ха... — зилдух самадта уаты къуымты. —  Ха-ха...
Йæхи мыл ныццавта. Хъæбыстæ, схуыстытæ мæ кæны.
— Ды дæр мæ тынг уарзыс. Зонын æй.
Йæхицæн дзыхæй цæгъды, афтæмæй æмдзæгъдгæнгæ æркафыди, къахфындзтæ цалдæр хатты æрсагъта.
— Кæд мæн дæр Фаризæты йас уарзыс, уæд дын æз дæр мæ лæвар æрцæттæ кодтон. Æз дæр арæхсын цæмæдæрты.
Дзыгимæ дæр Фаризæты чырыны хуызæн разынди. Сынтæджы бынæй йæ раласта. Гуыдыр зæлланггæнгæ байгом. Чырынæй духийы тæф скалди. Гæххæтты тыхтæй дзы цыдæр систа Дзыги. Хæрдгæбыд хъæдабæ дзæкъулгонд сахат æфснайынæн.
— Куыд дæм кæсы: ехсæй цауддæр у? Цауддæр у?
— Ахъаззаджы дзаума!.. Диссаджы къухты хицау разындтæ. Æз та æнхъæлдтон æмæ иу минут æрбадын никуы бафæраздзынæ.
Дзыги йæхицæй ныббузныг.
Цавæрдæр къопп рафæйлау-бафæйлау акодта, зæгæл дзы систа, иннæ уатмæ бауад æмæ дзæбугимæ фездæхти. Дыууæ-æртæ къуппæн зæгæл къулы бахоста æмæ дзæкъулгонд ехсы бынмæ æрцауыгъта.
Мæ сахат дзы сæвæрдтон.
Дзæкъулгонды хъæдабæйыл хæрдгæбыдæй нывгонд у ногдзыд мæй, йæ къæлæты астæуæй хæрдмæ æмæ фæйнæрдæм фæтахтысты авд стъалыйы, сæ сæрмæ та иронау хæрдгæбыд фыст: «Дзыги».
— Ныр æппынкъаддæр бон дыууæ хатты лæудзынæн дæ зæрдыл: изæрæй, хуыссынафон дæ сахат куы æфснайай, уæд, æмæ йæ райсомæй дæ дзыппы куы æвæрай, уæд.
Дзыги худæгæй бакъæцæл, йæхицæн æмдзæгъд кæны.
Уатмæ æрбахызти Фаризæт æрхуы тас æмæ хъуывгъанимæ. Дзыги хисæрфæн æмæ сапонмæ ауад.
Мæхи æхсын.
Тæккæ уыцы бон изæрæй писмо фыссыныл æрбадтæн. Горæтмæ цæуæг чи фæуа, уымæ йæ ратдзынæн.
Дæ бон хорз, Валя!
Ацы писмо куы райсай, уæд куыд дис кæндзынæ, уый мæ цæстытыл ирдæй уайы. Ныр æнæхъæн афæдз нал ныффыстам кæрæдзимæ. Дæ фæстаг писмо дын госпитæлы райстон, дзæбæхырдæм куы фæдæн, уæд. Мæ буары ахызтысты цыппар нæмыджы æмæ цардæй адзалы æхсæн дзедзырой фæкодтон. Æппынфæстаг цард фæуæлахиз. Ноджы ма дæ писмо дæр раст уыцы бонты райстон, æмæ мын уый дæр куыннæ фæахъаз уыдаид. Кастæн æмæ йæ кастæн, дохтыры цыфæнды хостæй мын хуыздæр феххуыс. Сахатгай мæ бон фезмæлын нæ уыд, афтæмæй хуыссыдтæн сынтæджы, фæлæ мæ хъуыдытæ уыдысты дард кæмдæр. Фæхастой мæ-иу Кавказмæ, Терчы фарсмæ сымах чысыл хæдзары къæсæрмæ, тæккæ былгæрон уæ дыргъдонмæ. Иумæ цы изæртæ арвыстам, уыдон мæ цæстыл уадысты æдзух — никуы мæ ферох уыдзысты. Горæты уынæр мынæгмæ цæуы. Доны фаллаг фарс куы иу ран, куы иннæ ран ссудзы цырагъ. Тынгæй-тынгдæр хъуысы Терчы змæст уылæнты абухын. Хуры фæстаг тын ферттывта Хъазыбеджы цъуппыл æмæ изæрмилтæ сæхи æруагътой. Стъалытæ ссыгъдысты. Дайранырдыгæй радымдта сатæг уддзæф. Æдзæмæй бадæм уæ балкъоны. Хъусæм нæ зæрдæты цæлхъытæм. Ды уатмæ бацыдтæ, балкъоны рудзынг байгом кодтай. Пианинойы уæлхъус æрбадтæ æмæ адæмон зарджытæ цæгъдыс. Мæ риу мын цыдæр нылхъывта, фæлæ циу, уый нæ хатын. Ме ’нкъарæнтæ бамбарынхъом никуы уыдтæн.
Иухатт госпитæлы кæртæй æрбайхъуысти фысы уасын, æмæ нæ хæдзар мæ цæстыл ауади. Æвиппайды мæ улæфæнтæ ахгæдтой. Мæ цæссыг базмæ æртагъди. Мæхæдæг мæхиуыл фæхудтæн: хæстон лæг æмæ фысы уасынмæ скуыдта! Уагæр-ма, хæдзар циу, уый нывыл куы зыдтаин. Кадетты корпус, æфсæддон скъола, полкъ, стæй хæст. Фыны фенæгау атахтысты, дзæбæх сыл хъуыды дæр нæ акодтон. Алцыдæр мæм хуымæтæг касти: хицауадмæ хъус, райгуырæн бæстæ æмæ паддзахы хъахъхъæн... æмæ дæ зæрдæйы дзæбæхæн цæр. Мæ хъуыдытæ æдзух уыдысты дæуыл — тынг дæ мысыдтæн. Дæу фæрцы ныхъхъуыды кодтон фыццаг хатт цардыл, фæлæ, æргом куы зæгъон, уæд æм лæмбынæгдæр æркастæн, змæстытæ куы райдыдтой, афицерты сæ кады бынатæй цъыфмæ куы нывзылдтой, уый фæстæ. Æппындæр ницы æмбæрстон. Цы хабар у? Цы ’рцыди? Революци! Змæст! Цæй охыл? Сæттын ыл — æхсæнадон фарстаты фæдыл иунæг чиныг дæр никуы бакастæн, мæхи ирхæфстон уæлæнгай чингуытæй, «Нивæйы» уæлæфтуантæй, францаг романтæй. Афтæмæй та кæсын бирæ уарзтон. Ныр та мæ бар-æнæбары уыйбæрц кæсын бахъуыд, æмæ-иу мæ сæр тъæппытæ хауын байдыдта. Цас фылдæр кастæн, уыйас мæм уæззаудæр хъуыдытæ æвзæрдис. Тынг мæ фæндыди, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый бамбарын. Хъуамæ дæм æрцыдаин æмæ, комкоммæ дæ цæстытæм кæсгæйæ, ныфсджынæй загътаин: цом мемæ! Æз зонын, цы мæ хъæуы, уый дæр, кæдæм цæугæ у, уый дæр!
Валя! Мæ зонд фаг бахсысти ныры змæстыты, фæлæ йæ цы сусæг кæнон: мæ царды нысан ис, дæу кæй уарзын, уый мидæг.   
Ныры царды сæрсæфæн фæзилæнты мæ фæдзæгъæл чи бауадзид, уыцы фæндагамонæг æндах æгæр лыстæг у æмæ алы къахдзæфæн дæр аскъуыйы. Мæ къухыл мын чи рахæца æмæ мæ раст фæндагыл чи сараза, ахæмы хъуаг дæн. Уæд ма искæмæн куыд ныллæууон фæндагамонæг. Раст зæгъын хъæуы, бирæ цыдæртæ æмбарын байдыдтон. Афицеры тæмæнкалгæ фæлыст хисайæн кæй у, æмæ мæ ивгъуыд цард æнæхъола кæй уыди, уый мæм бахъардта. Фæлæ мæ революционер нæ рауади. Сау адæм мын удхæссæг сты. Ме сæфт уынын, адæймаджы цард нымады дæр кæмæ нæу, уыдонæй. Фæлæ мæм хаттæн афтæ фæкæсы, цыма Уæрæсейы цытæ цæуы, уыцы хъуыддæгтæй рæстытæ дæр ис. Æрмæст сæ мæ бон бамбарын нæу. Цæуылнæ? Уымæн æмæ адæмы фæндæй сты. Адæм та мын æнæнхъæлæджы бынтон æцæгæлон фестадысты. Уырыссаг адæмы, цымæ, амæй размæ уарзтон? Нæ зонын. Амæй размæ бирæ цæуылдæрты нæ хъуыды кодтон, уыдтæн æнæмæт. Ныртæккæ та Уæрæсемæ куыдфæндыйæ кæй кæсын, уый бæлвырд у. Цæмæн? Мæ бон æй зæгъын нæу. Хъуыддаг уый мидæг ис, Валя, æмæ иуахæмы банкъардтон, хъал кæмæй уыдтæн æмæ сæрыстырæй кæй хастон, уыцы афицеры фæлыст мын мæ риу æлхъивы. Æрымысыдтæн нарæг ронæй æлвæст цухъхъа, фæлмæн хæдбынтæ, мæ даст сæрыл та — уæлдзарм худ. Бафæндыд мæ, уырысы æхсæн цы миниуджытыл фæцалх дæн, уыдонæй фервæзын, хæхбæсты сæрибар æмæ æнæмæт фыртæй мæхи банкъарын. Дард Кавказ — фыдыуæзæг! Зæххы цъарыл зынгæ дæр чи нæ кæны, ахæм армыдзаг адæм. Кæм стут? Цæлхдур мæм нымады нал уыди, афтæмæй атындзыдтон Кавказмæ — мæ адæмæн мæ хъарутæ раттынмæ. Фыдыуæзæг æмæ мæ адæм та мæнæн дæуимæ æнæфæхицæнгæнгæ баст сты. Фæндагыл цытæ бавзæрстон, уыдæттæ дын радзурон? Æгæр бирæ сты, уæвгæ дæ ницæмæн хъæуынц. Куы фембæлæм, уæд дын сæ радзурдзынæн. Тыхамæлттæй схæццæ дæн. Хæхты уындæй мæ зæрдæ куыд барухс, афтæ, Колумб дæр, æвæццæгæн, нæ бацин кодта æнæкæрон фурды фæстæ сур зæхх куы федта, уæд. Фæлæ поездæй куыддæр æрхызтæн, афтæ мæм, æвæдза, цæй уæззау цæф æнхъæлмæ касти. Сармадзанты гыбар-гыбур, хæст, туг. Дарддæр — фыддæр. Мæ гыццыл адæм дыууæ къордыл фæдих сты, кæрæдзимæ топпы кæсæнæй кæсынц, æргомæй схæцынмæ сæ бирæ нал хъæуы. Цытæ цæуы, уыдæттæ нырма дзæбæх нæма æмбарын, фæлæ бæлвырдæй зонын: кæрон сын сæвæрын хъæуы. Æфсымæр æфсымæры  ныхмæ æрлæууыд. Ахæм худинаг уа! Афтæ ма зонд фæцæугæ уа! Пысылмæттæ æмæ чырыстæттæ... Мах, ирон адæм, пысылмон дæр не стæм æмæ чырыстон дæр — иутæ дæр кувынц Уастырджимæ æмæ иннæтæ дæр, растдæрæй та муртаччытæ стæм, нæ кувæндæттæ æмæ дзуæрттæ — къохтæ æмæ къæдзæхтæ. Кувгæйæ дæр нæ иу къухы арахъхъы сыкъа кæнæ бæгæныйы къус вæййы, иннæйы та — уæливых. Афтæ нæу? Ныр æвиппайды пысылмæттæй æмæ чырыстæттæй агæпп ластам! Пысылмонæн дæр ницы æмбарын æмæ чырыстонæн дæр. Æмæ фырмæстæй дæр уымæн фыцын, цыма мын мæ зæрдæ дыууæрдæм рæдувынц, уыйау. Æмæ уæвгæ дæр афтæ у. Уымæн æмæ мæ зæрдæ, æз мæхæдæг дæн дæуимæ. Æз — пысылмон, ды — чырыстон, нæ дыууæ дæр иу адæмы хъæбултæ. Æз æмæ ды стæм иудзинады æвдисæн. Æмæ ирвæзгæ дæр æрмæст иудзинады фæрцы фæкæндзыстæм. Нæ дыууæйы иудзинадæй зынаргъдæр мын ницы ис! Раздæры Валяйæ баззадтæ, æви æз кæй зыдтон, уый нал ис? Рæстæг куыд тагъд ивы, уæлдайдæр та ныры змæст рæстæг, адæм дæр афтæ ивгæ цæуынц. Ныффысс мæм! Æнхъæлмæ кæсын...
Дæхи Албег
1918 азы 20 мартъи.
P. S. Кæд дæ бафæнда, уæд уæ бабæрæг кæндзынæн.

III
Къæнцыларæй мæм пакет æрбарвыстой. Тухæн гæххæтæй хиконд къонверт паддзахы заманы мыхуыримæ: «Дзæуджыхъæуы зылды Сисыхъæуы правлени». Къонвертыл фыст ис:
Йæ бæрзонддзинад булкъон Албегмæ
№ 345
Къонверт аскъуыдтон, æмæ дзы разынди гæххæтты гæбаз:
«Хъусын дын кæнæм, Сисыхъæуæй æвзæрст кæй æрцыдтæ ирон пысылмæтты съезды делегатæй. Съезд уыдзæни Цъæхтырсы».
— Цы хабар у? — фæрсын къулеры. — Цæй охыл аразынц съезд?
— Ау, дæ гæххæтты фыст нæу?
— Нæу.
Зæрæдтæ сходы цытæ дзырдтой, уыдон мын бæстон рафæзмыдта къулер. Адæмæй, дам, алырдыгæй цæуы хъæстытæ. Хæдзархæлд тепсыхъойыхъæуккæгтæ фæндæгтыл бабадтысты æмæ дзы нæдæр фистæгæн нал ис ацæуæн, нæдæр барæгæн. Куыддæр базонынц, фæндаггон пысылмон у, уый, афтæ йæм балæбурынц, бастигъынц æй, ныхмæ сæм чи фæлæууа, уый та суанг маргæ дæр акæнынц. Сырхкъулаг къуылых Батыразы амардтой, цъæхтырсаг зæронд Ахболатæн йæ галтæ байстой, хорыхъæуккаг фыййауæн йæ дзуг атардтой, цъæхтырсæгтæ цалдæрæй фæцæйцыдысты, æмæ сыл топпытæй ныккалдтой. Сæ амæддаг чи баци, уыдонæн сеппæты ранымайæн дæр нал ис. Иу хъæуæй иннæмæ фæцæуыны тыххæй цалдæргай уæрдонджыны бакъорд вæййынц, ноджы ма сын бахъæуы хъахъхъæнæг барджытæ дæр, науæд æвыдæй нæ аирвæздзысты. Раст, дам, Шамилы заман куыд уыдис, афтæ ныр дæр фæндагыл нæ, фæлæ фæсвæд быдырыл цæугæ у, зæгъынц хистæртæ. Уæд уый цавæр цард ралæууыд? Афтæмæй хуымгæнæн æрæввахс. Æмæ чи рауæнддзæн хуым кæнынмæ, кæд æмæ дæ цы минут амардзысты, дæ галтæ, дæ бæхтæ дын кæд байсдзысты, уый бæрæг нæу. Æппæт уыдæттыл æрдзурынмæ æмбырд кæнынц делегаттæ Цъæхтырсмæ.
Раст ахæм рæстæг сдæн хуымæтæг ирæтты нæ, фæлæ пысылмон ирæтты делегат ирон адæмы съездмæ нæ, фæлæ пысылмон ирæтты съездмæ. Мæ зæрдæмæ бæргæ нæ цæуы ахæм хъуыддаг, фæлæ мын иугæр хъæубæстæ кæм бафæдзæхстой, уым æнæ фæцæугæ дæр кæм ис...
Сæумæйæ Сисыхъæуæй арст стæм Цъæхтырсы съездмæ.
Стæм æртæ делегаты. Астæуæй Одзоты Дрис бады хъазахъхъаг хъомыл саулохагыл, мах æй тыххæйты æййафæм нæхимæ дæлæмæдзыд хохаг аласатыл. Дрисы галиуырдыгæй цæуы Тедоты Тотырадз — дыккаг хистæр, æз та, кæстæр — йæ рахизырдыгæй.
Æгъдаумæ гæсгæ хистæрæн астæуæй цæугæ у. Æмæ уый хуымæтæджы нæу — ахæм уаг сæвзæрди незаманты, хæстытæн кæрон куы нæ уыдис, уæд. Бахъуыды рæстæг хъуамæ кæстæр иннæты разæй алæгæрстаид фыдгулмæ, хистæры рахиз фарс сæрибар куыд уа æмæ рахиз къухæй куыд схæца, афтæ, галиуырдыгæй та йæ хъахъхъæдта дыккаг хистæр.
Суадон, хид кæнæ цæугæдон нæ размæ куыддæр фæвæййы, афтæ йыл æз балæгæрдын иннæты разæй, хистæр цæуы мæ фæдыл, уый фæдыл та — дыккаг хистæр. Ирон адæм мин азы размæ дæр афтæ цыдаиккой, æвæццæгæн.
Не ’ртæйыл дæр ис нæхимæ ирон тæбынæй цухъхъатæ, нымæттæ æмæ басылыхътæ. Нымæты æдде уæхсчытыл сты нæ хотыхтæ: мæнмæ — кæрæбин, иннæтæм — дæргъæй-дæргъмæ фондзæхстæттæ.
Уазалгомау райсом у, æмæ мæхи нымæты тухын. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы уæйлаг нымæт — фæндагыл ын æмбал нæй, хуымæтæг æмæ удæнцой дзаума. Алцæй ныхмæ дæр ахъаз у — дымгæ, къæвда, уазал, тæвды. Бахъуыды сахат та дын цæттæ гобан æмæ хъæццул. Диссаг у, фæлæ дзы цыфæнды æнтæф бон дæр буарæн сатæг у.
— Кæм балхæдтай дæ нымæт? — цыма мын мæ хъуыдытæ бамбæрста, уыйау мæ фæрсы Дрис.
— Æлхæд нæу, Æна мын æй скодта.
Дрис уырзæй сгары нымæт: фаг æууæрст æмæ фаг бæзджын у, зæгъгæ. Нымæты кæрон сфæлдæхта æмæ йæ бæрæг кæны — хур дзы иннæрдæм кæсы æви нæ.
— Ахъаззаджы нымæт. Кæсгон нымæтæй цауддæр нæу.
— Ницы йын у, — загътон æз дæр.
Мæхи цæстыты раз конд кæй у, уымæ гæсгæ йæ уæлдай æхсызгондæрæй дарын.
Æнамæ æфснайд разынд хъæрæсейаг сау къуымбилы æнæхъæн чырын. Мæ сыздæхынмæ йыл фæцауæрста.
Бæстон ныхсадта къуымбил. Стæй ерджен райста, кæттаг ыл байтыдта æмæ йыл къуымбил æмхуызон фæлтæрæй æрæвæрдта. Уый фæстæ йыл æрæвæрдта хæрзæхсныст къуымбилы дыккаг фæлтæр. Хъæрмуст донæй йæ бапырх кодта. Стæй ерджен æд къуымбил батыхта æмæ йæ иннæ сылгоймæгтимæ æууæрдынтæ байдыдта. Къуымбил дзæбæх куы фæхъæбæр, уæд æй ердженæй систой æмæ та йæ ногæй æууæрдынтæ байдыдтой. Ноджыдæр ма йæ иу хатт фæныкдонæй цæхсадта æмæ йæ сыгъдæг донæй сæнхъæвзта. Бахус æй кодта. Гуцъулабаст гæны фæскъауæй нымæт æддæрдыгæй дзæвгар фæцагъта, æмæ схæмпус, мидæджырдыгæй та къуымбилы уæлдæйттæ ацарыдта.
Фаризæт сау алдымбыдæй сфæлыста нымæты æфцæггот, йæ кæрæттыл ын гæрзæй-гæрзмæ бахуыдта сæрачы уаццаг, æмæ нымæт срæвдз.
Дзыгимæ та разынди тинтычъи тын, фæсивæдæй йын æй чидæр хохæй æрласта. Тын ахæм фæлмæн уыди, æмæ йæ батух, уæд æй къухдарæны æнцонæй аластаис иннæрдæм. Йæ уæйгæнæг куыд загъта, афтæмæй йæ бауафынæн бахъуыди æртындæс æмæ астыссæдз сæгъы фист æрфасын. Дзыги мын дзы басылыхъ бахуыдта.
Нымæты кой ахицæн. Дарддæр цæуæм æдзæмæй. Хистæртæм æнхъæлмæ кæсын, фæлæ сæм дзурынвæнд нæй.
Мигъ бæзджын бады быдыртыл.
Иу хъуыды мæ æнæнцойæ æвдæрзы: уæддæр цæмæн фæдих сты ирон адæм пысылмæттæ æмæ чырыстæттыл? Схæцыны онг цæмæн фæфыдæх сты кæрæдзимæ? Суанг акъоппытæ къахынмæ бавнæлдтой хъæугæрæтты, ранæй-ран та сындзтелæй æрæхгæдтой. Æхсæв æнæмæтæй ничиуал хуыссы. Дзæгъæл гæрæхтæ райхъуысы, æмæ адæм фæдисæй атындзынц хъæугæрæтты акъоппытæм. Хъус-хъус дзурынц: чырыстон ирæтты æмæ хъазахъхъы зæрды, дам, ис пысылмон ирæтты сæргæвдын, пысылмон ирæттæ та, дам, мæхъхъæл æмæ кæсæгмæ фæсидтысты æххуысмæ.
Хъæмпы бæстытимæ даргъ хъилтæ æрсагътой обæуттыл. Фæдисы рæстæг хъæмпыл арт сæндзарынц — сæдæ азы размæ Шамилы хæсты заман куыддæриддæр уыдис, афтæ. Уæд Кубанæй Терчы онг хъазахъхъаг станицæтæ ахæм хуызы фæдис кодтой иу иннæмæ. Хохаг барджыты къордтæй искæцы хъазахъхъырдæм бадзæгъæл, зæгъгæ, уæд-иу уыдон арт сæндзæрстой хъæмпы æргъæмттыл æмæ-иу фæфæдис сты. Цæвæг-иу марæджы нал æвзæрста. Кæд-иу хохæгты стæр фæрæстмæ, уæд-иу сæ фæстæ ныууагътой судзгæ станицæтæ, хъазахъхъ та-иу донахизæнты сæ размæ бабадтысты.
— Хуыцауы тыххæй, ныббарут мын, — дзурын хистæртæм. — Съездмæ бæргæ рараст стæм, фæлæ ирон адæм пысылмæттæ æмæ чырыстæттыл цæмæн фæдих сты, уымæн ницы æмбарын. Нырма æрæджы сыздæхтæн нæхимæ æмæ хъуыддæгтæ нæма зонын, — зæгъын мæхи растгæнæгау.
— Лæппу, æнхъæлыс, мах сын исты æмбарæм? — мæнырдæм разылди Дрис. Йæ рахиз къухæй æрфас-æрфас кæны йæ сау фæтæн боцъо. — Талынг адæм стæм мах, ды цас бакастæ скъолайы, уыйас нæ бакастыстæм. Бæласы уидæгтæн дон куы нал вæййы, уæд йæ цъар куыд бахус вæййы, афтæ бахус нæ сæрымагъз. Уæд куыд хъуамæ бамбарæм абоны хабæрттæ? Хуыцау йеддæмæ сын чи цы зоны.
Йе ’рфгуытæ нылхынцъ сты, хъуыдыты аныгъуылди.
— Хуыцау нæ ралгъыста! — загъта æвиппайды хъæрæй. — Ралгъыста! Ралгъыста! Ралгъитинаг та рагæй уыдыстæм...
— Цæй тыххæй нæ ралгъита, ахæмæй цы сарæзтам? — йæ ныхас кæд фæбæлвырддæр кæниды æнхъæлæй йæ къахын.
— Цæй тыххæй? — йæ сæр æруагъта Дрис. — Цæй тыххæй? — ногæй та разылдис мæнырдæм. — Хъус-ма, лæппу, мæ фыдыфыд мын цы радзырдта, уымæ. Уый дæр æй йæ фыдыфыдæй фехъуыста. Хабар уартæ незаманты уыди. Нæ ирон адæмæн Азийы уыди сæхи паддзахад. Паддзахиуæг та дзы кодта зæронд лæг. Зæрондæн уыди фырт. Æмæ фырт йæ фыды ныхмæ сыстад. Æмæ кæрæдзиимæ хæцын райдыдтой. Дæргъвæтин рæстæг фæхæцыдысты æмæ адæмæй бирæты ныццагътой. Гæныстон фестадысты дзæвгар горæттæ æмæ хъæутæ. Æппынфæстаг фыд фæуæлахиз фыртыл. Фырт йæ фарслæуджытимæ фæлыгъди Кавказмæ. Зæронд паддзах куы æркасти фырты бæллæхтæм, уæд ыл, кæимæ фæлыгъди, уыдонимæ фыдæлгъыст бафтыдта: «Кæрæдзи цæгъдæг уæ Хуыцау фæкæнæд фыдæй фыртмæ! Кæрæдзи ныхас макуы бамбарут! Æфсымæр æфсымæры марæг фæуæд, фырт та — йæ фыды марæг!» Æмæ нæ ныр раст уыцы фыдæлтыккон æлгъыст баййæфта... Баййæфта... Æндæр дын ницы зæгъын у мæ бон, лæппу.
Сæргуыбырæй ноджыдæр ма иу хатт сдзырдта йæ фындзы бын:
— Æппындæр ын ницы зонын... Ницы...
— Æз æй зонын, нæ хорз хистæр, æз, — ныхас йæхимæ айста Тотырадз — сæнтсырх лæг, йæ цæсгом бæзджын хъуыны бын фæцис. — Зонын æй æз, — базмæлыд саргъы уæлæ. — Ныббар мын, нæ хорз хистæр, ды йæ нæ зоныс, фæлæ мæнæн цыма мæ армытъæпæныл ис, афтæ бæлвырд æй уынын.
— Дæ хъуынджын армыл кæд афтæ бæлвырдæй зыны... — худы Дрис.
Тотырадзæн йæ армгæрæттæ æцæгæй дæр æнахуыр хъуынджын сты, фæлæ йæм хистæры хъазæн ныхас нæ хъуысы.
— Зонын æй, мæ хуртæ, зонын...
— Гъемæ йæ махæн дæр бацамон, — хаты йæм Дрис.
— Хъаймæт райдыдта. Сыгъдæг чингуыты загъд ис: «Ахæм бон ралæудзæн, æмæ адæм кæрæдзи нал æмбардзысты. Æфсымæр æфсымæримæ схæцдзæни». Тæккæ знон мын æй нæ зæронд хадзы бакаст иу бæзджын чиныджы. Æмæ æцæгдæр афтæ у. Дуне йæ бындзарæй нынкъуысыд. Æгъдау нал ис, дин нал ис, цæсгом нал ис, кæстæртæ коммæ нал кæсынц, хистæртæй æфсæрмы нал зонынц, уазæг сæм уазæг нал у. Афтæ у, бæгуыдæр. Цæсты гагуыйау цы хъахъхъæдтам æмæ нæм  сызгъæринæй зынаргъдæр цы уыдис, уыдæттæ нымады никæмæуал сты. Хъаймæт æмæ хъаймæт! Афтæ у бæгуыдæр. Æфсымæр æфсымæры ныхмæ сыстад. Фырт — йæ фыды ныхмæ. Чызджытæ сæ цæсгом бахордтой æмæ хæтагсылтæй уæлдай нал сты. Афтæ у, бæгуыдæр. Ахуыргонд нæ дæн æз, гимназты æмæ университетты нæ бакастæн, фæлæ уæддæр цыдæртæ æмбарынхъом дæн. Афтæ у, бæгуыдæр. Афтæ...
— Гъемæ фæуæд афтæ дæр. Фæлæ цæуыл фæхæрам сты ирон адæм кæрæдзимæ — пысылмæттæ æмæ чырыстæттæ? — ныхас æгæр дæрдты кæй цæуы, уымæ гæсгæ та сæ ногæй бафарстон.
— Хъаймæт ралæууыди, дунейæн йæ кæрон æрцыд... — райдыдта та Тотырадз.
Нæй, ницы сын бамбарæн ис, дзæгъæлы сты мæ фæлтæрæнтæ.
Дрис æрымысыд кæддæры хорз рæстæджытæ, ирон адæмы æхсæн — пысылмонæй, чырыстонæй — ницы хъауджы уыдис. Сæ куывд дæр, сæ чындзæхсæв дæр иумæ: чырыстæттæ куырдтой пысылмон чызджыты, пысылмæттæ та — чырыстон чызджыты, сæ бæрæг бæттæ дæр иумæйаг. Стæй нымайын райдыдта, сæ иу хай пысылмон кæмæн у, иннæ хай та чырыстон, ахæм мыггæгтæ. Суанг-иу афтæ дæр рауад, æмæ мадызæнæг æфсымæртæй иу молло уыдис, иннæ та — сауджын. Æмæ тынг дзæбæх цардысты, хæларæй æмæ сабырæй. Ныр та кæрæдзимæ фесты. Хуыцауы æлгъыст, хъаймæт — уымæй дарддæр нæ цæуы зæрæдты ныхас.
Цъæхтырсы хъæугæрон акъоппытæ разындысты. Ницы фау æрхæссæн сæм ис — раст, хæсты быдыры чи вæййы, ахæмтæ.
Уайтагъд мæзджыты кæртмæ бахæццæ стæм. Адæмæй дзы азмæлæнтæ нæй.
Кæстæртæ нæ размæ рауадысты, дзыларбостæ райстой, æгъдæнцæйттыл хæцынц. Æрхызтыстæм. Бæхтæ, топпытæ, нымæттæ сæм радтам, нæхæдæг адæмырдæм ацыдыстæм. Куыддæр сæм баввахс стæм, афтæ хистæртæ сæ бадæнтæй сыстадысты.
— Салам-алейкум! — раарфæ сын кодта Дрис æмæ йæ къух риуы онг схаста.
— Алейкум-салам! — дзуапп радтой хистæртæ, иннæтæй ничи ницы дзуры.
Сисыхъæуы минæвæрттæ стæм, уый базыдтой, бацин ныл кодтой, куыдхистæрæй нæ размæ рацыдысты æмæ нын нæ къухтæ райстой. Дрис æмæ Тотырадзы уайтагъд зæрæдты астæу сбадын кодтой, æз та фæсивæдырдæм баздæхтæн. Амбырд мыл сты æмæ мæ цæмæй нæ бафарстой, ахæм нал баззад. Мæ кой амæй размæ дæр фехъуыстой. Мæ хæстон хабæрттæ æмæ фæндаггон хъизæмæрттæ сын зындгонд сты. Татианыхъæумæ куыд фæцыдтæн æмæ дзы æгадæй куыд раздæхтæн, уый дæр зонынц. Мæ хабæрттæ хъус-хъус куыд цыдысты, афтæ сыл алчидæр къæхтæ-къухтæ æфтыдта, æмæ сæ таурæгъ рауади. Байхъус сæм, уæд мæнæй хъæбатырдæр нал ис. Хинымæр мидбылты худын, фæлæ мын сæ ныхæстæ æхсызгон сты. Уæлдай æхсызгондæр та мын уымæн сты, æмæ бахъуыды заман иу-дыууæ сæдæйы мæ фæдыл æнæзивæгæй ацæудзысты, æмæ уый кæуылты тых у! Раст зæгъын хъæуы, сæ сæр мæ кæм бахъæудзæн, уый мæхæдæг дæр дзæбæх нæма æмбарын.
Скъолайы агъуыстмæ нæ бахуыдтой. Съездæн райдайыны афон у. Ирыстоны æппæт пысылмон хъæутæй дæр минæвæрттæ æрбацыд. Сæдæ делегаты бæрц. Æрмæст рæбыны хохаг хъæуты минæвæрттæ нæма сæмбæлдысты.
Съезды фыццаг хатт дæн. Цымыдисæй кæсын делегаттæм. Цымæ цавæр фæндтимæ æрбацыдысты ардæм? Цæмæ бæллынц? Фæстаг рæстæджы цаутæ сæ зондахастыл кæцырдæм фæзындысты? Сæ бакастæй сæ хъуыдытæн рахатæн нæй, фæлæ мидæгæй хæлбурцъ кæй кæнынц, уый бæрæг у. Ирон адæмы ахæм райдзастхуызæй никуыма федтон.
— Абоны бонæн ферохгæнæн никуы уыдзæни, — хъуысы мæм делегатты иу къордæй. — Кæдæй-уæдæй пысылмæттæ бафидауынмæ æрæмбырд сты.
— Рæстытæ дзурыс. Уæллæй, рæстытæ, — дзурынц алырдыгæй. — Хуыцау æй амондджын фæкæнæд нæ съезд æмæ Йæ хорзæх уæд нæ мæгуыр ирон адæмы.
Райхъуысыд дзæнгæрæг, æмæ делегаттæ басабыр сты.
Зæрæдтæ рабадтысты раззаг рæнхъыты, æрыгæттæ — сæ фæсте.
Съезд æмхъæлæсæй сæрдарæй равзæрста инæлар Дженалдыхъойы. Дунеон хæсты заман йæ ном арæх хъуысти. Секретарæй равзæрстой студент Мырзабеджы, къæйных кæсæнцæстджын лæппуйы. Раст куы зæгъон, уæд бынтон мæ зæрдæмæ нæ цæуы ацы лæппу. Уæвгæ, студенттæм ахæм цæстæй кæсыныл сахуыр дæн, æфсæддон скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæдæй фæстæмæ. Æдзухдæр афтæ æнхъæлдтон, цыма студенттæ ахуыры бæсты сæхи тъыссынц политикæйы, ахсджиаг паддзахадон хъуыддæгты.
Чидæр фехъусын кодта: Бетъырбухæй Дзæуджыхъæумæ ссыди «нæхи Мæхæмæт» — стыр пысылмон архайæг, æнæмæнг æй æрбахонын хъæуы съездмæ. Фæндоныл сразы сты æмæ æмхъæлæсæй Мæхæмæты æмбырды кадджын уæнгæй равзæрстой.
Æмбырд райдыдта цъæхтырсаг инæлары ныхасæй.
Инæларæн ис зæрдæмæдзæугæ цæсгом, бæрзонд тæрных. Уадултæ биноныг даст, рихитæ цыдыр æлвыд. Дзæнгæрæгыл йæ къух æрæвæрдта æмæ, адæм кæд басабыр уыдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсы. Ныццагъта йæ. Сыстад æмæ иронау дзурын райдыдта. Хаттæн йæ ныхас фæкъуыхцы вæййы, хаттæн дзы уырыссаг дзырдтæ дæр сирвæзы.
— Æбуалгъы хъуыддæгтæ цæуы Ирыстоны. Бамбарæн дæр æмæ сын ныббарæн дæр нæй. Ирон лæг сыстад ирон лæджы ныхмæ. Хохаг хохаджы ныхмæ. Знаджы нæ, фæлæ нæхи æфсымæрты туг кæлы. Хъус-хъус цы æвирхъауы хабæрттæ цæуы, уыдон адæмы удæнцойæ цæрын æмæ кусын нæ уадзынц. Алчи дæр уæ бæстон ныхъхъуыды кæнæд, дарддæр куыд цæргæ у, ууыл. Иронимæ ироны тохæн дæр æмæ мæхъхъæлонимæ ироны тохæн дæр хъуамæ кæрон æвæрд æрцæуа. Канд ирон адæм нæ, фæлæ хохæгтæ иууылдæр хъуамæ цæрой иу бинонтау хæларæй. Куыд æмæ цы хуызы, ууыл ахъуыды кæнын та съезды хæс у. Адæм хъуамæ фæндæгтыл ногæй æдасæй цæуын райдайой. Тепсыхъойыхъæуккæгтæн цы хуызы баххуыс чындæуа, уый дæр ахъуыдыйаг у. Ацы съездæн та мæ зæрдæ æнтыстджын куыст зæгъы канд ирон адæмы хорзæхæн нæ, фæлæ Кавказы æппæт хохæгты пайдайæн.
Снысан кодтой съезды боны фæтк.
Ныхасгæнджытæ дзурынц иуæй иннæ æнкъарддæр хабæртты тыххæй.
Уым кæмдæр бастыгътой, ам кæйдæр багæрах кодтой, аннæ ран чидæр фæцæф. Дарддæр афтæ цæрæн нал ис. Цалынмæ уыцы хабæрттæ кæнынц, уæдмæ дзырдарæхст бæргæ вæййынц, фæлæ хъуыддаг куыддæр «цы чындæуамæ» æрхæццæ вæййы, афтæ дзуапп никæмæ разыны. Æмæ, æцæгдæр, цы чындæуа, кæд æиæ дын фыдгул нæй. Кæд ис, уæд та — кæм? Чи у? Цы йæ хъæуы? Чи йын разамынд дæтты? Куыд æмæ кæимæ бафидаугæ у? Делегаттæ дыууæ дихы кæй баисты, уый бæрæг у. Иутæ зæгъынц: цыфæндыйæ дæр сабырæй æнæ цæргæ нæй. Иннæтæ сты хæстмондаг: чырыстон ирæтты алы цæфæн дæр дзуапп дæттын хъæуы цæфæй.
Сырхкъулы делегаттæй иу — тæнтъихæг, дæргъæй-дæргъмæ, хæнкъуытæ, морæ цухъхъаджын — бауромын нал комы: кæд съезд нæ зоны, цы кæнгæ у, уый, уæд æй сырхкъулæгтæ зонынц. Сæхæдæг сæхи бахъахъхъæнынмæ сарæхсдзысты. Сæ фарсмæ чи æрлæууа, ахæм хæлæрттæ разындзæни. Сырхкъулæгтæй иу куы фæмард уа, уæд йæ бæсты дыууæ чырыстон ироны ссардзысты мæлæт.
— Уе ’фсымæр ироныл æцæгæлон мæхъхъæлæтты æмæ кæсгæтты ардаудзыстут? — хъæр æм кæны чидæр йæ бынатæй.
— Цавæр ирон æфсымæрты кой кæныс! — цыма йæ туасæй исчи фæрæхуыста, уыйау йæ бынатæй фестад. Йæ цæстытæ цæхæртæ калынц, хъæлæсыдзагæй арауы: — Иунæг цытджын Хуыцауыл æмæ йæ пехуымпар Мæхæмæтыл чи æууæнды, æрмæст уыдон сты махæн æфсымæртæ. Шариатыл фидар чи хæцы, уыдонæй дарддæр махæн æфсымæр нæй — джауыртæ куыд хъуамæ уой махæн æфсымæртæ? Чырыстон ирæттæй нæм мæхъхъæл æмæ кæсæг хæстæгдæр сты!
Мæ хистæр Дрисæй рох нæу Сисыхъæуы сходы уынаффæ, хъæддыхæй дзуры, фидауыны фæндагыл æнæмæнг цæугæ у, зæгъгæ. Уымæн æмæ пысылмон ирæтты дадзинты дæр æмæ чырыстон ирæтты дадзинты дæр æхсиды иумæйаг фыдæлты туг, дзурынц иу æвзагыл, уыциу æгъдауыл хъомыл кæнынц сæ мады æхсыримæ...
— Æлгъыст фæуæд, нæ фæндагыл саугæды цæхгæрмæ кæд азгъордта, уыцы бон! — зæгъы Дрис.
— Сау гæды нæ, фæлæ хъазахъхъ, — хъæр æм кæнынц сырхкъулæгтæ.
Чырыстон хъæуты æхсæн аззайæг чысыл пысылмон хъæуы делегат дзуры, æрæджы сæ сыхæгты гæрзифтонг къордтæй сæ хъæуы астæуты куыд æрцæйцыдысты.
— Кæдæм цæут? Цавæр фæдис у? — фæрсæм нæ сыхæгты æмæ нын дзуапп радтой: «Кæдæм цæуæм, уый сымах хъуыддаг нæу, фæлæ рæхджы сымахмæ дæр фæзындзыстæм æмæ уын уæ мæзджыты цъуппыл ног мæйы бæсты дзуар æрсадздзыстæм»...
— Джауыртæ! Æнæхуыцау куыйтæ! — хъæр кæнынц алырдыгæй. Иуæй-иу делегаттæ сæ бынæттæй фестадысты. Бæстæ хъæр-хъæлæба ссис. Тыххæйты басабыр сты. Иутæ дзурынц: съезд фидыд куы нæ расида, уæд адæмы цард никуы банывыл уыдзæн. Фыццаджыдæр æрдзурын æмбæлы, хæдзархæлд тепсыхъойыхъæуккæгтæн куыд баххуыс чындæуа, ууыл, уымæн æмæ цалынмæ уыдон искуы æрбынатон уой, уæдмæ лæбурдзысты æмæ фæндæгтыл стигъдзысты.
— Кæй аххосæй бахаудтой ахæм бæллæхы? — фæрсынц сырхкъулæгтæ — Тепсыхъойыхъæуы рагон знæгтæ.
Бацайдагъ быцæу.


Кæйдæртæм гæсгæ алцыдæр тепсыхъойыхъæуккæгтæн сæхи азм у: мæхъхъæлон молло æнцад йæхицæн æрцæйцыд сæ уынгты, уыдон æй амардтой æмæ йын йæ хъус ралыг кодтой. Æмæ йын йæ мард афтæмæй радтой йæ хæстæджытæн — æнæ хъусæй. Хъус фесæфти. Кæм ис йæ хъус? Æмбарут æй — хъус! Уæд исчи афтæ кæны? Ахæм æфхæрд чи хъуамæ ныббара? Иннæ хатт та ныррасыг сты æмæ иукъордæй тыхми бакодтой мæхъхъæлон зæронд усæн — уый дæр сæ уынгты æрцæйцыд. Ахæм хъуыддæгтæ искуыдæр ма ныббарстæуыд?..
— Æмæ мах афтæ зæгъæм æмæ хорз бакодтой? Æппæт уыдæттæ Хуыцау дæр нæ ныббардзæни. Фæлæ мæхъхъæлы хабæрттæ рохгæнинаг не сты, — зæгъынц иннæтæ. — Фæндаггæтты размæ бабадынц, лæбурынц, стигъынц, давынц. Æмæ иу æмæ дыууæ хатты куы уаид, фæлæ алы бон дæр. Нæдæр быдырмæ ацæуæн ис, нæдæр базармæ. Уæллæй, зæд дæр сæм нæ бауромдзæн йæхи, зæд.
Æмæ та æнæкæрон радзур-бадзур бацайдагъ.
Æризæр...
Къласмæ цалдæр фæтæген цырагъы бахастой. Æнудæй сулæфæнтæ нæй. Сæр риссы. Мæхимæ мæсты кæнын райдыдтон: иуæй мæ рæстæг дзæгъæлы фесæфт, иннæмæй мæ бон ницы хъуыддаджы фæндон бахæссын у.
Чидæр хабаргæнæг фæцис: иннæ съездæй, чырыстæтты съездæй, минæвæрттæ æрбацыд æмæ æмбырдмæ бацæуыны  бар курæг сты.
«Уыцы джауыртæм» байхъусын æмбæлы æви нæ, уый фæдыл иуцасдæр фæрадзур-бадзуры фæстæ, съезд сразы, æмæ сæ скъоламæ æрбахуыдтой. Минæвæрттæ сты дыууæ: хъæубæсты кадджындæр хистæр æмæ дзырдарæхст сауджын. Революцийы фæстæ сауджын йæ пæлæз аппæрста.
Дуарæй куы æрбахызтысты, уæд сын иууылдæр сыстадысты. Стæй фæстæмæ сбадтысты.
Минæвæрттæ салам дæттынц чырыстон ирæтты съезды номæй. Тынг хъыг сын у, сæ съезды сæ пысылмон æфсымæртæй кæй ничи ис, уый. Съезд мæнæ мах æрбарвыста пысылмон ирæтты æрбахонынмæ æмæ сæм цалынмæ уæ делегаттæ бацæуой, уæдмæ йæ куыст баурæдта. Уæ хорзæхæй, нæ фæндоныл сразы ут æмæ тæккæ райсом иууылдæр иумæ ацæуæм Дукантыхъæумæ.
Сауджын дæргъвæтин рæстæг ныхас кæны, ирон адæм — пысылмонæй, чырыстонæй — æфсымæртæ кæй сты, уый тыххæй. Дзуры иттæг зæрдиагæй, фæлæ моллотæй æмæ хадзытæй кæйдæрты цæсгомыл бакæсæн ис: æгæр дæргъвæтин у йæ ныхас.
Банафон. Адæм иууылдæр бафæлладысты. Хъуыддаг райсоммæ аргъæвтой.
Æмбырд ахицæн, фæлæ делегаттæй хæдзармæ ацæуыны фæнд никæмæ ис. Бакъордтæ-къордтæ сты. Быцæу ныхас бацайдагъ. Иутæ зæгъынц: чырыстæтты съездмæ цæугæ у, семæ бафидаудзыстæм æмæ æфсымæрты æхсæн хæстæн кæрон æрцæудзæн. Иннæтæ зæгъынц: мæнæ ам, нæхи мидæг, бафидауынæн куы нæ стæм, уæд ма уырдæм цæй номыл уыдзæн нæ балц?
Фыццæгтæм гæсгæ та цæугæ у...
Райсомæй ног хабар: æрцыд Мæхæмæт. Делегаттæй иуæй-иутæ сæ зæрдæ дарынц — Мæхæмæт хъуыддаг равзардзæн, быцæутæн кæрон сæвæрдзæн.
— Ирон мады гуыбынæй уыйау сæрджын лæг нæма рацыди, — зæгъы чидæр. — Æцæг пысылмон цыдæриддæр уа, уый у. Фенын сын кæндзæни, чырыстæттимæ куыд æмдзæхтонгæнгæ у. Ссардтой мын æфсымæртæ...
Фидауыны зондыл лæуд чи у, уыдон сæ сæртæ æруагътой: Мæхæмæт, æцæгдæр, мыййаг, фидауыны ныхмæ куы ныллæууа. «Нæ, уымæн уæвæн нæй... Зондджын адæймаг куы у, хъуамæ бамбара, куы нæ бафидауæм, уæд хъуыддаг цæмæ æрцæудзæн, уый: Ирыстон туджы зæйты бын фæуыдзæн... Мах фарс уыдзæни цыфæндыйæ дæр».
Мæхæмæт куы фæзынди, уæд ын адæм сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд. Ныллæггомау саухил лæг, фæныкхуыз френч æмæ йыл галифе, цырыхъхъытæ. Хæрздаст. Рихитæ цыбыр æлвыд. Сæрдары стъолы фарсмæ лæууы æмæ, къухæмдзæгъд кæд фæуыдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсы.
Мæнæ уал уын революцийы хæрзтæй иу: ирон адæм къухæмдзæгъд кæнын базыдтой, фæткыл æй банымадтой.
Мæхæмæт раарфæ кодта, съездмæ йæ кæй æрбахуыдтой, уый тыххæй æмæ дзурын райдыдта:
— Æз нырма хæрзæрæджы ссыдтæн ардæм. Хабæрттæ сеппæт нæма зонын, фæлæ цытæ фехъуыстон, уыдон мæ стыр сагъæсы æфтауынц. Канд Кавказы адæмтæ нæ, фæлæ нæхи ирон адæм дæр ныддихтæ сты æмæ сын хæст æргомæй бацайдагъ. Дыууæ съезды сарæзтой — пысылмон æмæ чырыстон. Революци аразын, сæрибарыл тох истæмæн хъуыди, боныфæстагмæ, адæмы туг æнæсæрфатæй куы кæла, уæд? Цы хабар у? Кæй аххосæй фæдих сты ирон адæм? Аххосджыны ссарыны тыххæй хъуыддаг хъæуы лæмбынæг равзарын, съездæн та уыйбæрц рæстæг нæй. Ныртæккæ сæвзæрди къорд æвæстиатæй лыггæнинаг фарстайы. Фыццаджы-фыццагдæр — чырыстæтты съездмæ цæугæ у æви нæ? Кæд нын цæугæ у, уæд цавæр фæндæттимæ, цавæр домæнтимæ? Мæнмæ гæсгæ, цæугæ у. Кæд æмæ мемæ сразы уат, уæд цавæр домæнтæ æрæвæрдзыстæм?
Мæхæмæт дæргъвæтин ныхасыл схæцыд Уæрæсейы революцийы, национ миниуджыты, интернационализмы миниуджыты тыххæй. Æрмæст дзæвгар фæдзурыны фæстæ бамбæрста: ам чи бады, уыдоны йæ ныхæстæ хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц, хъаргæ дæр сæм нæ кæнынц.
— Бахатыр кæнут, æгæр дæрдты авнæлдтон, — мидбылты бахудти Мæхæмæт. —  Мæ хъуыды у ахæм, æмæ хъуамæ сразы уæм чырыстæтты фæндонимæ, сæ съездмæ цæугæ у. Ам чидæр афтæ дзырдта, æрæджы, дам, чырыстæттæ пысылмон хъæуы астæуты куы фæцæйцыдысты, уæд бартхъирæн кодтой, рæхджы уын уæ мæзджыты цъуппæй мæйы ныв расхойдзыстæм æмæ йын йæ бæсты дзуар æрсадздзыстæм, зæгъгæ. Сæ иу дæр æмæ иннæ дæр æппаринаг нæу, уадз æмæ фæрсæй-фæрстæм уой, цалынмæ дунейы адæмтæй иумæйаг æфсымæрон бинонтæ рауайа æмæ иууылдæр цагъарады кæцыфæнды хуызы рæхыстæй фервæзой, уæдмæ...
«Тæссармæ та йæ фæхæссы, — хъуыды кæнын хинымæр. — Адон хуымæтæг ныхæстæй дзурын куыд нæ зонынц, уый мæм диссаг кæсы».
— Ныр та уал цы стæм, уымæй баззайдзыстæм, чырыстæтты зæрдæмæ куы нæ цæуæм, уæддæр. Уымæ гæсгæ хъуыддаг лыггæнинаг у юридикон уагыл. Мах домæн у ахæм: Ирон национ советы делегатты æртыккаг хай хъуамæ уой пысылмæттæ, нæ адæмæй пысылмæттæ æмæ чырыстæттæ цас ис, уымæ гæсгæ.
— Разы стут, Ирон национ советы уæнгты æртыккаг хай пысылмæттæ цæмæй уой, уыцы домæн æрæвæрыныл? — фæрсы Мæхæмæт.
— Стæм... Стæм... Куыннæ стæм! — хъуысы алырдыгæй.
— Уæдæ чырыстон ирæтты съезды цы домæнтæ æрæвæргæ сты, уыдонæй иу сбæлвырд. Æххæстгонд куы æрцæуа, уæд нын уыдзæни нæ адæмы цард, уыимæ политикон цард дæр, бæлвырд фæндагыл аразыны фадат. Фæлæ, сæ цард раст цæмæй ацæуа, уымæн хъæуынц æмбæлгæ физикон-экономикон уавæртæ. Уæрæсейы революци байста пъамељикты зæххытæ. Уырыссаг зæхкусджытæ зæхх райстой. Хохаг мæгуыр лæг зæхх райста? Нæ райста! Уымæн æмæ аграрон политикæйы бæсты ирон адæм лæуд уыдысты хъазахъхъаг политикæйыл. Ирон мæгуыр лæг зæхх кæмæй хъуамæ райса, пъамељиктæ нæм куынæ ис, уæд? Зæхх райсæн ис æрмæст хъазахъхъы хæйттæй! Нæ фыдæлтæй рох нæма сты, колонизацион, стратегион æмæ русификаторон нысантимæ хохæгты зæххытыл хъазахъхъаг станицæтæ куы арæзтой, уыцы рæстæджытæ. Уыдонæн лæвæрдтой хуыздæр зæххытæ. Хъазахъхъ æрæхгæдтой хохæй рацæуæнтæ.Уæрæсе-хæдхæцæг паддзахады хъæхъхъаг куыйты рæхысæй æрбастой, хохаджы зæрдæ æдзухдæр быдырмæ йæ бæттæнтæ кæцæй рæдывта, уыцы уынгæг кæмттæй рацæуæнты. Мах хъуамæ зæхх самал кæнæм, хохы чи баззад, нæ уыцы мæгуыр æфсымæртæн. Уый тыххæй та æркуынæггæнинаг сты хъазахъхъы дзаджджын хæйттæ. Ахæм домæны бын сæ къух æрæвæрдзысты мæгуыр хохæгтæ иууылдæр. Афтæмæй арæмудздзыстæм ирон чырыстæтты æмæ хъазахъхъы фронт æмæ сараздзыстæм ирон чырыстон-пысылмон демократийы иумæйаг фронт. Адæмæн зæхх куы раттæм, уæд баст æрцæудзысты революциимæ. Хъазахъхъы реакцион хайæ сæ рарæдувдзыстæм, æмæ реакци фæлæмæгъдæр уыдзæн.Нæ зæххыл æцæгæлæттæ куы нал уа, уæд æууæлтæ сараздзыстæм нæ национ организм сфидар кæнынæн æмæ нæ адæмы дарддæры тæккæ хуыздæр национ-культурон æмæ политикон рæзтæн...
— Хъазахъхъы зæххытæ æрлыгтæ кæныны фæрцы аграрон фарста алыг кæныны домæнимæ разы стут, æви нæ? — ногæй фæрсы Мæхæмæт.
— Стæм! Стæм! — хъуысы алырдыгæй.
— Уæдæ ахæм уыдзæни нæ дыккаг домæн. Уыцы дыууæ хъуыддагыл куы бафидауæм, уæд дзы дарддæр зынæй ницуал уыдзæни. Ноджыдæр бадомын хъæудзæн Ирон национ совет хъазахъхъаг Æрыдонæй Беслæныхъæумæ раивын, адæмон æгъдаумæ гæсгæ мæхъхъæлимæ бафидауын æмæ тепсыхъойыхъæуккæгтæн баххуыс кæнын.
Кæронбæттæны Мæхæмæт ногæй фæрсы:
— Мæ фæндæттимæ сеппæтимæ дæр разы стут?
— Стæм! Стæм!
— Съездмæ цæуæм?
— Цæуæм! Цæуæм!
— Иууылдæр цæуæм?
— Иууылдæр! Иууылдæр!
— Исчи ныхмæ у?
— Ничи... Иууылдæр разы стæм демæ... Бузныг... Дæ цæрæнбон бирæ... Хуыцауы хорзæхæй хайджын у!
— Уæдæ хъуыддаг лыг у! — президиумырдæм бакасти Мæхæмæт. Йæ сæрæй акуывта æмæ иуварс ацыд. Ныннæрыд къухæмдзæгъд.
Съезд æхгæдыл банымадтой.
— Гъе, уый дын лæг, — сдзырдта делегаттæй чидæр мæ чъылдыммæ. — Хъуыддæгтæ иууылдæр алыг кодта уайтагъд. Мах та æнæхъæн къуыри радзур-бадзуры фæстæ дæр кæрæдзи нæ бамбæрстаиккам.
— Бæгуыдæр сæрæнгуырд у, — зæгъы иннæ. — Ахуыргонд лæг. Мæскуыйы дæр æмæ йæ Бетъырбухы дæр зонынц иууылдæр. Махонтæ йæ тагъд нæ баййафдзысты... Раст зæгъын хъæуы, йæ ныхæстæн сæ фылдæр нæ бамбæрстон, фæлæ бæрæг у — мах пайдайæн архайы.
— Махонтæ та æнхъæлдтой, æмæ Мæхæмæт æрцæудзæн æмæ бафæрсдзæн: пысылмæттæ стут æви нæ? — худы чидæр. — Кæд пысылмæттæ стут, уæд ма каст цæмæ у... Хъазуат хæсты бацæут, хъазуат... Уыцы чырыстон куыйты сæргæвдынæн йæ тæккæ афон у... Чидæртæ рагацау сдаудтой сæ хъаматæ... Ха-ха-ха!
— Сæргæвдинаг сты æви нæ, уымæ нырма æркæсдзыстæм, — зæгъы хъуынтъызæрфыг сырхкъулаг. Бæрæг у — Мæхæмæты ныхæстæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. — Уæллæй, чырыстæттимæ нæ иу аджы куы сфыцат, уæддæр нæ бас нæ сæмхæццæ уыдзæн.
— Цæуылнæ? Цæуылнæ сæмхæццæ уыдзæни? Иу адæм, иу туг-стæг не стæм, мыййаг?
Сырхкъулаг ницуал сдзырдта. Æмбары йæ: дзура, ма дзура — йæ ныхас æнæпайда уыдзæн. Сыстад æмæ мæстыхуызæй иуварс ацыд.
Мæхæмæты ныхæстæ мæ дызæрдыджы бафтыдтой. Йæ хъуыдытæй цыдæртæ æмбæрстгонд не сты, фæлæ дзы рæстытæ бирæ ис, бæрæг у — алцæуыл дæр бæстон ахъуыды кодта. Гъе, æрмæст Мæхæмæтимæ разы чи нæу, ахæм сырхкъулæгтæ иуырдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр дзæвгар разындзæн. Цы рауайдзæни, цымæ, нæ фæлтæрæнтæй? Цыфæнды дзы куы рауайа, уæддæр кæрæдзи бамбарыныл архайын хъæуы.
Ахæм сагъæстимæ скъолайы къæсæрæй рахызтæн иннæ делегаттимæ.
Кæрты рæнхъæй ралæууыдысты Куырттаты фæсивæд. Съезды сæрдар инæлар сын арфæ кæны.
— Уе ’взонг хъарутæ Ирыстоны сæраппонд нывондæн æрхæссынмæ цæттæ кæй стут, уымæн адæм стыр аргъ кæнынц. Куырттатаг фæсивæд рагæй фæстæмæ дæр хъæбатыр уыдысты. Сымах иннæ кæмттæй хуыздæр бахъахъхъæдтат нæ фыдæлты рагон æгъдæуттæ, стут хиуылхæцгæ, коммæгæс æмæ сахъ. Иры фæсивæды æхсæн æдзухдæр бæрæг дарут. Афтæ у абон дæр. Уымæ гæсгæ уын кæнын уæлдай зæрдиагдæр арфæтæ. Сымах æхсар ирон адæмы абоны хуызæн тынг никуыма бахъуыд, уымæн æмæ æппæт хъарутæй бацархайгæ у, пысылмæттæ æмæ чырыстæттæ кæрæдзи цæмæй бамбарой, ууыл. Алчидæр хъуамæ зона, иннæ хохаг адæмтимæ нын æфсымæртау æнæ цæргæ кæй нæй, уый. Уастырджийы уазæг ут кæддæриддæр! — йæ ныхас фæцис инæлар.
Куырттаты фæсивæд æм хъусынц æдзæмæй, сæ бынаты сагъдау лæууынц фондзæхстæттыл фидар хæцгæ.
Инæлар сæ Уастырджийы уазæг куы бакодта, уæд сабыргай, сæ чъылдым хистæртæм куыд нæ саразой, афтæ фæстæрдæм рацыдысты. Цæсты фæныкъуылдмæ æнæ уынæрæй фестадысты сæ бæхтыл.
Хистæртæн рахиз къухæй салам радтой, дзыларбосыл хæцгæ бæхты фæрстæ уæрджытæй балхъывтой, стæй сæ цæхгæр фæзылдтой æмæ дыгæйттæ-дыгæйттæй тымыгъау цыдæр æрбаисты гæдыбæлæсты къохы фале.
Адæм барджыты фæстæ кæсгæ баззадысты.
— Уый дын лæппутæ, гъе!
— Тæхудиаг сты, ахæм фæсивæд кæмæ ис! — хъуысы алырдыгæй.
— Сæ туг хъазы, сæ туг! — бафиппайдта чидæр.
— Æмæ дæуæн цæуылнæ хъазы? — худы йыл иннæ.
— Дæсны сты, æвæдза, бæхыл бадынмæ. Фæлæ давынмæ та ноджы дæсныдæр сты.
— Федтат, лæппутæ, хи куыд даргæ у, уый? — хъæр кæны тымбылкъухыйас тарсырх фындзы хицау зæронд.
— Мах æй куыд зонæм, дæ фындз дæр æй афтæ куы зонид, — дзуапп ын радта дæргъындзæг лæппу æмæ фондзæхстон йæ уæхскмæ уæлдæр сæппæрста.
— Æдзæсгом! Исчи дæр ма хистæрмæ афтæтæ уæнды? Куыдзы хъыбыл!
Фындзы хицау адæмы æхсæн фæныгъуылди.
Дардæй æрбайхъуысти куырттатæгты зарын. Цъæхснаг хъæлæс æй арвмæ фат суадзæгау уæлиау систа, æмæ йын иннæтæ бæзджын бахъырныдтой. Зарæджы ныхæстæн дардмæ равзарæн нæй. Фæлæ иууылдæр æмбарæм — райгуырæн бæсты сæрвæлтау тохы хъæбатырæй чи фæмард, уыдоны кадæн у. Æнкъард, фæлæ уыцы иу рæстæг ныфсæфтауæг зарæг. Æмæ йын алчи хинымæр хъырны.
Изæры мæ инæлар сæхимæ ахуыдта. Цалдæр зæрдæлхæнæн ныхасы фæстæ загъта:
— Æнæ туркæгты æххуысæй ницы бакæндзыстæм.
— Дзæбæх дæ не ’мбарын — туркæгтæ та кæцырдыгæй хъæуынц?
— Хабар дæрдты хæлиугæнинаг нæу. Æз дæ хибарæй аныхас кæнынмæ æрбахуыдтон. — Инæлары хъæлæс фæмынæгдæр. — Куыд мын фехъусын кодтой, афтæмæй, туркæгтæ Фæскавказы сæ хъуыддаг куы бакæной, уæд сæ Цæгат Кавказмæ хъæуы. Æмæ тынг хорз уыдзæни. Дæумæ та куыд кæсы?
— Мæ бон дын ницы зæгъын у. Амы уавæримæ нырма дзæбæх зонгæ нæма дæн. Мæнмæ гæсгæ, бынтон ныссуйтæ уыдзыстæм. Туркæгтæ ацæудзысты, мах та ам баззайдзыстæм, æмæ дарддæр куыд уыдзысты нæ хъуыддæгтæ?
Туркæгтæ Цæгат Кавказмæ æрбацæуынарæзт кæй сты, уый мæ зæрдæмæ нæ цæуы.
Фæлæ инæлар райгонд у. Куыд нымайы, афтæмæй туркæгтæ большевикты фæсурдзысты æмæ фидар æгъдау сæвæрдзысты. Туркæгтæ æгъдауыл лæуд сты, мах адæммæ та уаг æппындæр нал ис, æмæ сын туркаг æгъдау зонды хос разындзæн...
Инæлары кæртæй куыддæр рахызтæн, афтæ хæрхæмбæлд фестæм Мырзабегимæ. Сæрæнхуыз æмæ къæйныхарæзт лæппу. Бæстондæр æй æрфæрстытæ æмбæлы, революцийы фæстæ Ирыстоны цытæ æрцыди, уыдæттæй.
Ныхасгæнгæ цæуæм. Дзырдуарзаг разынди Мырзабег.
— О-о, революци тынг дзæбæх райдыдта. Адæм æвиппайды фендæрхуызон сты. Хылкъахæг, давæг, стигъæг нал уыди. Æнаккæгтæ иузаман сæ сæр ногæй сдардтой, фæлæ адæм сæхæдæг æрцахстой хуыснæджыты сеппæты дæр æмæ сæ хицауады къухтæм радтой. Æнæмæт рæстæг, хъыгагæн, бирæ нæ ахаста. Нæхи аххосæй райдыдтой фыдбылызтæ ногæй. Дзæуджыхъæуы зылды комиссарæй равзæрстой æвдакат Къимоны-фырты, дыгурон, æмæ бæстæ бабын кодта. Зоныс æй?
— Нæ зонын. Фыццаг хатт ын хъусын йæ мыггаг.
— Бавдæлд æмæ хуыснæджыты сеппæты дæр рауагъта. Ног цард, дам, райдыдта. Давджытæ, дам, сæ кæнон ныууадзынæй зæрдæ бавæрдтой. Уыдоны дæр ма уымæй хуыздæр цы хъуыди. Уайтагъд сæ куыстмæ бавнæлдтой. Чи сæ æрцахста, уыдонæй сæ маст исынц ныр. Фыдгæнджыты ных бакъуырынмæ чи нæ сарæхст, уыцы хицауад фегад адæмы цæсты. Давджыты æрцахс, хицауады къухмæ сæ ратт æмæ сын цыфыддæр знаг фест, стæй сæ уæд уыцы хицауад ахæстæттæй рауадзæд æмæ урсиуæг кæнæнт...
— Æдылы ми йын уыди тынг. Кæмæй йæ схуыдтай?
— Къимоны-фырт.
— Ау, æмæ цы кусы, уый не ’мбæрста?
— Куыннæ йæ æмбæрста! Адæмы æхсæн æй йæ кой айхъуысын фæндыди.
— Æмæ хуыздæр ницы æрцахста йæ сæр? Давджытимæ сæмдзæхтон у, райгондæй дæ баззайæд, адæмæн та къах сæ роны.
— Æмæ ууыл дæр ма куы æрлæууыдаид. Хъус дарддæр. Дзæуджыхъæуы хохæгты иумæйаг съезды фæстæ сарæзтой Иугонд хохæгты цæдисы Центрон комитет. Къимоны-фырт куыддæр Ирыстоны комиссар ссис, афтæ комитеты ныхмæ тохы бацыд æмæ ирон адæммæ гæххæттыл фыст сидт рауагъта.
— Цæмæн?
— Хохæгты комитет, дам, контреволюцион организаци у, ирон адæм та хъуамæ ацæуой уырыссаг революцион демократийы фæдыл. Революцион демократийы æнцой та, дам, у Дзæуджыхъæуы кусджыты æмæ салдæтты депутатты совет. Æмæ уæд Ирыстоны тох райдыдта хохаг комитеты фарслæуджытæ æмæ Дзæуджыхъæуы советы фарслæуджыты æхсæн...
Цалдæр лæппулæджы нæ цурмæ æрбацыдысты. Семæ Гагуыдз дæр — æфсæддон скъолайы иумæ ахуыр кодтам.
Мырзабег фæхъус.
— Чи дзы уыдис уыцы советы? — фæрсын æй. — Ирæттæ æмæ иннæ хохæгтæ дзы уыдысты?
— Нæ уыдысты. Фæсчъылдымы æфсæддон хæйтты салдæттæй йæ сæвзæрстой, цавæрдæр пензæйæгтæй æмæ тамбовæгтæй. Сæ сæргъы та лæууыдысты, æппындæр кæй ничи зыдта, ахæм æцæгæлæттæ, цалдæр гуырдзиаджы æмæ дзуттаджы. Уыцы оргæн бынæттон адæмимæ æппындæр ницæмæй баст уыди, афтæмæй йæ схуыдтой революцийы «зонд», стæй ма ноджы цыдæр. Хорз, æмæ бирæ нæ ахаста. Мæнæ сæм дзы Гагуыдз ахъаззаг балæвæрдта, — худы Мырзабег.
— Цы уыди, Гагуыдз, цы бакуыстай? — æрхостон ын йæ уæхск.
Ницы йын æмбарын, цы хъуамæ бакуыстаид ацы хиуылхæцгæ æмæ коммæгæс афицер. Асæй бæрзонд нæу, фæлæ къабазджын, йæ къахайст — барæджы хæлиувад.
— Йæ ракойы аргъ дæр нæу, — ауыгъта йæ къух.
— Цæуылнæ, цæ? Ме ’рцыдмæ ам цытæ арæзтат, уыдæттæ æз дæр хъуамæ зонон.
Бирæ лæгъстæ йын нæ бахъуыди. Куыд радзырдта, афтæмæй йæ дивизийы штабæй Армавирмæ арвыстой ирон бригадæн бæхтæ сласынмæ. Ацыди. Бæхтæ райста. Поездмæ сæ баргъæвта æмæ йе ’мбæлттимæ рацæуынмæ хъавыд, фæлæ фыдбылызау фысымуат «Цæгатаджы» афæстиат. Уым та æрбынатон депутатты совет. Цавæрдæр салдат æм æрбацыд æмæ йын загъта:
— Депутатты советмæ дæ агурынц.
— Депутатты советимæ æз æппындæр никæцырдыгæй баст дæн. Кæд дзы искæй хъæуын, уæд мæм рацæуæд ардæм, — дзуапп ын радта Гагуыдз.
Цалдæр минуты фæстæ йæм советы сæрдар йæхæдæг æрбацыд.
— Бæхтæ кæмæй райстай?
— Кавказы бæхты заводы хицауæй, — дзуапп радта Гагуыдз æмæ йæм йæ гæххæтт равдыста.
— Цæуæм-ма, уæдæ, мемæ, — зæгъы советы сæрдар.    
— Хорз.
Фысымуатæй иумæ рацыдысты. Дзоныгъы бабадтысты. Сæ разæй дæр æмæ сæ фæстæ дæр иннæ дзоныгъты бадынц гæрзифтонг салдæттæ. Банафон. Изæры дæс саахаты бæрц уыдаид. Фысымуаты цур дæр лæууынц хотыхджын салдæттæ.
— Цы сбæндæн дæ уыцы куыдзæйгуырдимæ? Агæрах æй кæнæм, æмæ фæци! — хъæр кæны салдæтты æхсæнæй цавæрдæр матрос.
Гагуыдзæн йæ наган цухъхъайы дысы æмбæхст уыди. Советы сæрдары риумæ йæ сарæзта æмæ йæм сабыргай сдзырдта:
— Иунæг салдат дæр дзоныгъмæ æмгæрон куы æрбацæуа, уæд фыццаг нæмыг дæ зæрдæйы ахиздзæн.
— Басабыр ут, æмбæлттæ! Æдылы ныхæстæм ма хъусут! — ахъæр кодта салдæттырдæм сæрдар.
Бæхты заводы хицау булкъонмæ бацыдысты.
— Бæхтæ ды радтай? — фæрсы йæ сæрдар.
— Æз.
— Æмæ сæ советы æвастæй цæмæн радтай?
— Мæ уæлдæр хицауады барлæвæрдмæ гæсгæ, — дзуапп радта булкъон.
— Уæдæ мемæ цæуæм депутатты советмæ.
Æрбаздæхтысты. Булкъоны советмæ акодтой, Гагуыдз та йæ уаты фæмидæг. Цы чындæуа? Йæ амондæн, Армавиры милицæйы хицау разынди ирон лæппу. Хъаугъайы тыххæй йæм фæхабар кодтой, æмæ фысымуатмæ æрбацыд. Хабар куыд рауад, уымæй Гагуыдзы фæфарста. Депутатты советмæ ацыд æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ сæрдаримæ фæзынд.
— Уæ хотыхтæ æрæвæрут, — зæгъынц милицæйы хицау æмæ советы сæрдар.
Гагуыдз не сразы. Æхсæвы иу сахатмæ фæхъаугъа кодтой. Æппынфæстаг милицæйы хицау Гагуыдзы сразы кодта сæ хæцæнгарз — топпытæ æмæ дамбацатæ — æрæвæрыныл:
— Нæ хъаугъа æнæпайда у. Фысымуаты алыварс лæууынц салдæттæ. Пулеметтæ æрæвæрдтой. Армавиры гарнизоны фынддæс мин æфсæддоны ныхмæ куыд ис æрлæууын дæ зæрды? Дæуæн та цал сты дæ лæппутæ? Дæс æмæ ссæдз? Гъемæ æнæхъуаджы фæцагъды уыдзысты.
Гагуыдз ницуал загъта. Йæ лæппутæй иуыл цухъхъа æмæ уæлдзарм худы бæсты уыди цинел æмæ æфсæддон худ. Гагуыдз æй, поезд кæд æрбацæудзæн, уый бæрæггæнæг арвыста.
Лæппу æрбаздæхт æмæ радзырдта: поезд æрæджы кæны, вагзал та салдæттæй йæ тæккæ дзаг у. Салдæттæ кæрæдзи дзыхæйисгæ дзурынц: «Цавæрдæр цæцæйнæгтæ æрбацыдысты æмæ сæ зæрды уыдис бæхтæ адавын. Фæлæ сæ къухы ницы бафтыд. Сæ хотыхтæ дæр сын байстой æмæ бæхтæ дæр... Кæсгæ сæм нал у — ныццæгъдинаг сты... Абон куы нæ уа, уæддæр сæ райсом фехсдзыстæм...»
Гагуыдз æй ногæй арвыста вагзалмæ, поезды æрбацыдмæ æнхъæлмæ кæсынмæ. Сæхæдæг катайгæнгæ бадынц. Поезд æрбахæццæ æрмæст райсомы фондз сахатыл. Уазал, мит тымыгъ хæссы. Салдæттæй кæмæн куыд гæнæн уыдис, афтæ йæ сæр бафснайдта хъармы. Гагуыдз æмæ йæ адæм æнæуынæрæй рацыдысты фысымуатæй. Вагзалы хъæдын æмбондыл бахылдысты æмæ поезды бабадтысты.
Æрмæст изæргæрæтты æрбахæццæ сты Прохладнæмæ. Гагуыдзмæ хъазахъхъ балæбурдтой:
— Вагæтты дæ адæм сты? Цæцæн?
Гагуыдз сæ барæй алы вагæтты бæргæ сбадын кодта, фæлæ сæ хъазахъхъ уайтагъд ссардтой.
— Мæн адæм сты. Цы хабар у? Æрмæст цæцæн не сты, фæлæ ирæттæ.
— Уæлдай нæу махæн, цæцæн стут, æви ирон. Тæтæр!
— Цы хабар у?
— Мах сымахимæ схæцыдыстæм æмæ уæ уымæ гæсгæ исæм уацары.
Уый дын хъуыддаг! Вагоны куыд дзырдтой, афтæмæй тæккæ знон хъазахъхъ поездæй раргъæвтой, Мæздæгмæ сæхимæ чи цыд, ахæм ирон афицеры æмæ йæ уæнггай бакодтой. Хабар хорз нæу. Исты æрхъуыды хъæуы.
— Хистæр уын чи у? — бафарста Гагуыдз.
Йæ цурмæ иу хъазахъхъаг æрбацыди. Гагуыдз æм иуварс асидт æмæ йæм йе ’вдисæндар равдыста.
— Бакæс æй.
Хъазахъхъаг бакаст: «...хъазахъхъаг полчъы дæлесаул».
— Мæн барæй арвыстой Армавирмæ, æмæ куы бафæстиат уон, уæд дæ хабар хорз нæ уыдзæни, — йæ хъусы йын бадзырдта Гагуыдз.
Хъазахъхъаг æмраст алæууыд, рахиз къух къæмисæнмæ сæппæрста æмæ хатыр ракуырдта.
Сæ фæндаг адардтой. Мыртазаты бамбæлдысты ирон афицерты къордыл. Нырма ныртæккæ баныгæдтой се ’мбалы — хъазахъхъ уæнггай кæй бакодтой, уыцы афицеры æмæ мæстæй фыцынц. Гагуыдз сын йæ хабæрттæ куы радзырдта, уæд сæ маст ноджы тынгдæр сæхсысти. Салдæттæ агурæг апырх сты вагæттыл. Æртыккаг къласы вагоны ссардтой иу фыдцъылыз салдаты. «Æ, мæнæ... Дæ тæккæ мадæн... Хæцæнгарз дæм ис?» «Гæххæтт мæм ис». Хафт — йæ хæмхудтæн. «Гæххæттæй дæ ничи фæрсы. Хæцæнгарз дæм ис æви нæй?» Салдат сæм наган радта, гæххæтт дæр сын сæ къухы фæсагъта. Гæххæтты фыст — булкъон Соколов. «Раздæр нын æй цæуылнæ загътай? Салдаты цинелы цæмæн дæ?» «Хуыцауыстæн, ницуал ын æмбарын, кæм цы дзургæ у æмæ цавæр фæлыст даргæ у. Иу ран салдаты цинелы хуыздæр у, иннæ ран та уый тыххæй нæмгæ кæнынц».
Хатыр дзы ракуырдтой, йæ ливор ын фæстæмæ радтой.
Гагуыдз схæццæ Дзæуджыхъæумæ. Хабæрттæ куыд рауадысты, уый фæдыл рапорт ныффыста полчъы командирмæ. Командир æй загъды бын фæкодта, хæцæнгарз, дам, цæмæн раттат, ахæм афицерæн, дам, полчъы бынат нæй.
— Хорз, — загъта Гагуыдз. — Æфсадæй ацæуыны тыххæй курдиат бадæтдзынæн.
Йæхæдæг депутатты советмæ ацыди. Сæрдар доктор Швилиимæ фембæлди. Армавиры хабæрттæ йын радзырдта æмæ дзы ракуырдта, хæцæнгарз фæстæмæ райсыныл бацархай, зæгъгæ. Уый йæм нывыл дæр нæ байхъуыста, афтæмæй фæцæйцыд. Къæсæргæронæй сдзырдта:
— Махæн ацы хъуыддаджы нæ бон ницы у: уым Армавиры депутатты совет ис, ам та — Дзæуджыхъæуы совет.
— Гъемæ хорз. Уæд та, уæ комитеты æмбырд кæд уыдзæн, уый мын зæгъ.
— Дæуæн та цы уæлдай у?
— Мæ зæрды дзы доклад скæнын ис.
— Цавæр доклад?
— Уый мæхи хъуыддаг у.
Райсом изæрæй æхсæз сахатыл уыдзæни комитеты æмбырд, зæгъгæ, йын загъта Швили.
Дыккаг бон изæрæй Гагуыдз сæдæ ирон æфсæддонимæ араст депутатты советы бæстыхаймæ. Мидæмæ бацыд. Æмбырд йæ тæккæ тынгыл у. Сæрдары бынаты бады доктор Швили, йæ фарсмæ — йæ хæдивæг, цавæрдæр «идзе» æмæ иннæтæ. Доктор Кискин доклад кæны, Пур-Гвинойы цæхæрадоны пролетарон клуб сæхгæнгæ у æви нæ, уый тыххæй. Ирон фæсивæды куы федтой, уæд иууылдæр сæ бынæттæй фæгæппытæ ластой. Гагуыдз президиумы стъолмæ бацыд, мацæуыл тыхсут сын загъта, æрмæст мæм байхъусут. Армавиры цытæ рауади, уыдæттæ сын радзырдта.
— Депутатты советы сæрдарæй куырдтон хæцæнгарз фæстæмæ райсыныл бацархайын, фæлæ мæм æгæр-мæгуыр нывыл хъусгæ дæр нæ бакодта. Уымæ гæсгæ æз ахсын президиумы уæнгты сеппæты дæр, æмæ цалынмæ советы уæнгтæй исчи Армавирмæ ацæуа æмæ нын нæ хæцæнгарз сласа, уæдмæ сæ нæ рауадздзынæн.
Гагуыдз бадомдта хæцæнгарзы æфтауцуаты дæгъæлтæ, æмæ йын сæ уайтагъд радтой. Æфсæддонтæ президиумы алыварс æрлæууыдысты æмæ сæ акодтой. Доктор Швилийы йæ хæдивæгимæ æмæ се ’ртыккаг æмбалимæ — цавæрдæр фæскавказаг центры сæрдаримæ — къарцы бакодта, доктор Кискины æмæ иннæты та Фыццаг ирон полкъмæ акодтой. Куыд дзырдтой, афтæмæй доктор Кискин æхсæвы сдойны, æмæ йæ дзыларæфтыдæй Теркмæ акодтой дон ын бадарынмæ.
Гагуыдз Иры национ советмæ ацыд. Къæсæрæй куыд бахызт, афтæ сæрдар дæр телефонæй ныхасгонд фæцис, æмæ мæстджынæй сдзырдта:
— Æнаккæгтæ! Нæ адæм нырма ныртæккæ æрцахстой кусджытæ æмæ салдæтты депутатты совет.
— Чи? Куыд? — фæрсынц æй алырдыгæй.
Гагуыдз цасдæр æнцад фæлæууыд, стæй загъта: æз æрцахстон кусджытæ æмæ салдæтты депутатты совет. Æмæ сæ цæй тыххæй æрцахста, уый сын дзурын райдыдта.
— Æмæ махæй бар ракуырдтай, ахсынмæ сæм куы цыдтæ, уæд? — хъæр самадта доктор Бабайы-фырт.
— Уыцы фарстæн дзуапп дæттинаг нæ дæн, — загъта Гагуыдз.
— Бабын нæ кодтай! Дæу аххосæй ирон адæм æгасæй дæр фесæфдзысты, — бафиппайдта чидæр.
— Æз дæр уын уый зæгъынмæ æрбацыдтæн: ахсгæ сæ æз æркодтон, ирон адæм дзы ницы аххосджын сты, æмæ дзуапп дæр мæхæдæг ратдзынæн.
— Рауадз сæ. Советы сæрдар æмæ йæ хæдивæг уыцы иу рæстæг сты Дзæуджыхъæуы уынаффæдоны президиумы уæнгтæ дæр, æмæ райсом æмбырды куы нæ уой, уæд адæм цы зæгъдзыс-ты?
— Армавирæй нæ хæцæнгарз цалынмæ сласой, уæдмæ сæ нæ рауадздзынæн.
— Æмæ куы нæ сласой хæцæнгарз, уæд та? — афарста йæ Бабайы-фырт.
— Уæд та сæ Цæнгæт хиды фанартыл æрцауындздзынæн, — дзуапп радта Гагуыдз æмæ рацыди.
Цалдæр сахаты фæстæ Иры национ советы уæнгтæ фæзындысты  фысымуат «Францы». Уыцы рæстæг уым уыдысты дыууæ ирон полчъы æвзæрст барджытæ. Советы уæнгтæ сын дзурын райдыдтой, ахстыты рауадзут, зæгъгæ. Барджытæ не сразы сты.
Полчъы командир Гагуыдзмæ фæсидт æмæ загъд систа:
— Цытæ кусыс уый?! Адæмы хивæндæй ахсыс æмæ æцæгæлæтты полчъы къазармайы дарыс.
— Иу дæр сæ къазармайы нæй, кæйдæр хæдзары сты.
— Рапорт ныффыс полкъæй ацæуыны тыххæй.
Гагуыдз бабадт, ныффыста æмæ йæ полчъы командирмæ радта. Куы рацæйцыд, уæд федта: командир гæххæтт аскъуыдта.
Фысымуатмæ æрбаздæхти Гагуыдз. Национ советы уæнгты уым баййæфта. Райсомы цыппар сахаты онг барджытæн фæлæгъстæ кодтой ахстыты рауадзыны тыххæй. Уыцы рæстæг телефонæй фехъусын кодтой, полчъы командиры бардзырдмæ гæсгæ ахстыты рауагътой, зæгъгæ. Национ советы уæнгтæн тынг фæхъыг, ахстыты уыдоны курдиатмæ гæсгæ нæ, фæлæ цавæрдæр булкъоны бардзырдмæ гæсгæ кæй рауагътой, уый. Барджытæ та тынг смæсты сты æмæ полчъы командирмæ æртхъирæнтæ байдыдтой. Исты йыл куы æрцæуайы тæссæй Гагуыдз полчъы командирмæ бадзырдта, ахсæв дæ хæдзары ма бахуысс, зæгъгæ, йæхæдæг барджыты басабыр кодта.
Уыцы хабары фæстæ Дзæуджыхъæуы депутатты совет иунæг хатт дæр нал æрæмбырд, йæ уæнгтæ та алырдæм фæлыгъдысты.
... Æнафоны фæцис йæ хабæрттæ конд Гагуыдз. Хъæу бафынæй. Хæрзæхсæв загътам æмæ рацыдыстæм... Афтæ ма дзы ныззыгъуыммæтæ уа. Зæрдæниз сты иууылдæр...
Дукантыхъæумæ бахæццæ стæм. Ам цæуы чырыстæтты съезд. Хъæу нæ, фæлæ йæ горæт куы схонæм, уæд растдæр уыдзæни: Ирыстоны базарады артдзæст, сæудæджерты æмæ фæливджыты ахстон. Уынгтæ чъизи, æдзæллаг. Кæрæдзимæ хæстæг амад фыхдур æмæ цъæхсæр хæдзæрттæ. Дуканитæ, дуканитæ æмæ дуканитæ. Аргъуан. Скъолайы егъау бæстыхай. Уынгты астæу цъымаратæ змæнтынц æлгъаг дзæргъытæ сæ хъыбылтимæ. Ирон хъæуы астæу сæ уындæй зæрдæ хæссы. Адæмыл пинджактæ æмæ теглахудтæ. Нæ размæ чи фæвæййы, уый нæм цымыдисæй ныккæсы. Къордгæйттæй бадынц сисрæбынты. Бынатæй сæнкъуысыны æмæ æгъдаумæ гæсгæ фæндаггæттæн салам раттыны зонд сæ иумæ дæр нæй. Хохаг уæздандзинадæн сæм йæ кой дæр нал ис, сæ фезмæлд — базаргæнæджы талф-тулф. Æрдæгирон, æрдæгуырыссаг.
Дукантыхъæуы фыццаг хатт дæн, æмæ, съезд кæм цæуы, уымæн ницы æмбарын. Сисрæбыны къордтæй иумæ баздæхтæн.
— Уæ бон хорз! Цымæ съезд кæм цæуы?
Дыууæ донхуыз цæсты мæм æдзынæг кæсынц.
— Хуыцау йæ зонæг, æвдæлон бæр-бæр кæм кæндзыстут. Исты пайда куы уаид, бæргæ. Æнхъæлдæн, уæллаг скъолайы уыдзæн, — сдзырдта та былалгъæй, йе ’мбалырдæм азылд, æмæ сæ ныхас дарддæр кæнынц.
— Цы мæрддаг адæм стут, уæ хорзæхæй? — нал сæм баурæдтон мæхи. — Ирон туг, æвæццæгæн, иунæг æртах дæр нал баззад уæ дадзинты. — Уый цавæр цæсгом у? Æгъдау æппындæр нал æмбарут? Исчи дæр ма уазджытимæ афтæ дзуры?
Мæ мæстæлгъæд ныхас кæронмæ нæма ахæццæ, афтæ иууылдæр сæ бынæттæй фестадысты æмæ хатыртæ курын райдыдтой. Æз та æнхъæлдтон, загъд нын бацайдагъ уыдзæни.
— Бахатыр кæн, фæрæдыдыстæм. Раст зæгъыс — цæй ирæттæ ма ис махæй? Нæ фыдæлты æгъдау рох кæнын байдыдтам.
Сæ иу фæрæвдз немæ, скъола кæм ис, уый бацамонынмæ. Дард цæуын æм нæ бахъуыд.
Скъолайы тæккæ стырдæр уатмæ адæмæй къах бавæрæн нал ис, фæлæ æмбырд нæма райдыдта. Хид æмæ фысдзармы тæф фындзыхуынчъытæ ныццавта. Фæрсырдыгæй уаты дуарæй залмæ кæсынц цавæрдæр чызджытæ — æвæццæгæн, ахуыргæнджытæ.
— Байрæджы кодтай, Албег... Байрæджы!
— Ау, райдыдтат? — йæ къух райстон хорыхъæуккаг ахуыргæнæгæн.
— Нæ, æмбырдмæ дын нæ байрæджы, фæлæ махонтæ хицæн уаты бакъорд сты рагацау æрдзурынмæ. Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы.
— Уæдæ сæм ам банхъæлмæ кæсдзынæн. Цытæ цæуы, цытæ, ам?
— Нæ хъуыддæгтæ нын чи нæма зоны, уыдонæн дзы бирæ диссæгтæ разындзæни. Фыццаджы-фыццагдæр, æрбамбырд сты керменты разагъды лæгтæ иууылдæр. Тохмæ æрцæттæ кодтой сæхи.
— Керменисттæ? Уыдон та ма дзы кæцытæй сты?
— Ау, керменистты нæма зоныс? Чермены зарæг никуы фехъуыстай? Дыгуронау æй Кермен хонынц...
— Чермены зарæг та куыннæ фехъуыстон!
— Гъемæ, уæдæ, уыцы æрдхæрæн хъæбатыры ном райстой сæхицæн. Кæйдæр номы аууон æмбæхсынц, афтæмæй сæм ирон миниуæгæй ницы ис.
— Уæдæ цы æнхъæл уыдыстут хинæйдзаг дыгурæн? Мæнгæн нæ фæзæгъынц: дыгур, дам, суанг хæйрæджы дæр афæлывтой...
Дыгурон хос кæрдынмæ ацыди. Хæйрæг дæр фæзынди кæцæйдæр. Дыгурон куыд кæрды, уымæ кæсы. Стæй февнæлдта, йæхицæн хъæдын цæвæг ацарæзта æмæ кæрдыныл балæууыд. Дыгурон цалдæр цъыхырайы абыдта, йæ къæхтæ дзы æлхынцъбаст акодта æмæ дарддæр кæрды. Хæйрæг дæр æй бафæзмыдта — цъыхыратæ стыдта æмæ йæ къæхтæ æлхынцъ бабаста. Дыгурон йæ баст цæвæгæй адзæнгæл ласта. Хæйрæг дæр бæргæ февнæлдта, æмæ хъæдын цæвæгæй цы алыг кодтаид. Йæ къæхтæ бастæй фæцæйлыгъд, фæлæ йæ дыгурон æрцахста æмæ  дзы йæхицæн кусæг сарæзта. Æмæ иугæр хæйрæджы кæм афæлывтой дыгур, уым ирон адæмы цæуылнæ хъуамæ афæливой?
— Омæ, уæддæр, цавæр керменисттæ сты æмæ чи уыди Чермен?
— Раджы кæддæр иу ирон хъæздыг мыггагмæ уыди кæвдæсард, йæ ном — Чермен, — дзуры мын ахуыргæнæг. — Хъæбатыр лæппу уыди Чермен, фæлæ йæ иуахæмы бафхæрдтой. Чермен кæмдæр балцы уыд, афтæмæй мыггаг сæ зæххытæ байуæрстой, æцæг дзы Черменæн хай нæ бакодтой. Балцæй куы æрбаздæхти, уæд йæ мады кæугæ баййæфта. Чермен æй фæрсы: цæуыл кæуыс, нана? Мад ын радзырдта, зæххытæ, дам, байуæрстой, махмæ та дзы хай не ’рхауди. Ныр афтæмæй куыд цæрдзыстæм? Чермен йæ мады басабыртæ кодта, æнæ зæххæй нæ баззайдзыстæм, зæгъгæ, йын зæрдæ бавæрдта... Хуымгæнæнтæ ралæууыдысты. Мыггагæй алчи йæ хай бахуым кодта. Чермен быдырмæ ацыд æмæ хуымгæндæй йæхицæн равзæрста. Галтæ сифтыгъта æмæ, йæ зæрдæмæ цы хай фæцыд, уый цæхгæрмæ афæлдæхта. Афтæ райдыдта зæххы тыххæй Чермены тох йе ’фхæрджытимæ. Сæ бон ын æппындæр ницы уыди. Æфхæрджытæй иуы амардта, дыккаджы, æртыккаджы. Æмæ йыл уæд хинæй рацæуынвæнд скодтой. Черменимæ бафидыдтой, сæхæдæг та æнхъæлмæ кæсынц, сæ маст райсыны фадат сын кæд фæуыдзæн, уымæ. Иуахæмы Чермены семæ асайдтой Кæсæгæй рæгъау раскъæрынмæ. Кæмдæр æрлæууыдысты. Черменæн загътой: «Бæласмæ схиз æмæ афæлгæс». Чермен йæ хæцæнгарз бæласы бын ныууагъта, йæхæдæг бæласмæ схызт. Æмæ йæ уырдæм сгæрах кодтой. Адæм Черменыл хъæбатыры зарæг скодтой. Цалдæр æрыгон дыгуроны йæ ном тырысайæн райстой æмæ сæ парти сарæзтой — «Кермен».
— Октябры фæфæлдæхты фæстæ Бетъырбухы большевикон газеты ставд дамгъæтæй мыхуыргонд уыди телеграммæ — ирон революцион-демократон парти «Кермены» арфæ. Æз ма ахъуыды кодтон, цымæ, зæгъын, цавæр парти уа? Уæдæ уыцы «Кермен» у, уыцы. Ирон большевикты парти. Ноджыдæр ма уæм исты политикон парти ис? — фæрсын хорыхъæуккаджы.
— Нæй, æндæр нæм ницы парти ис...
Куыддæр мæм диссаг фæкасти. Политикон партитæ кæмæ нæ уыди æмæ политикон тох чи никуы зыдта, уыцы адæммæ æппæты фыццаг тæккæ карздæр политикон æмæ социалон нысанты парти куыдæй фæзынди? Куыд æмбарын, афтæмæй большевиктæ сты кусæг къласы парти æмæ, йæ размæ цы нысантæ æвæры, уыдон сты кусæг къласы нысантæ.
— Зæгъ-ма, Хуыцауы хорзæхæй, ирон адæммæ кусæг кълас ис? — фæрсын дарддæр.
— Цæй кусæг кълас нæм ис! — зæгъы уый. — Кусæг кълас кæй хоныс?
— Фабрикты æмæ заводты чи кусы, уыдоны.
—А-а... Уæлладжыры нæм æвзист æмæ здыйы æрзæткъахæнтæ ис, фæлæ ныртæккæ нæ кусынц. Йæ заманы дзы мин ироны бæрц куыстаид, — худы хорыхъæуккаг.
Фæлæ дзы æз худæгæй ницы уынын.
— Цæуыл худыс? 
— Æвиппайды нæ бамбæрстон дæ фарст. Æвæццæгæн мæ ирон кусджыты тыххæй бафарстаис. Куыд дæм кæсын, афтæмæй æнхъæлыс, æмæ «Кермен» Ирыстоны кусджыты номæй архайы, — æмæ та ногæй худын райдыдта.
— Уæдæ куыд?
— Афтæ бæргæ хъуамæ уаид, фæлæ се ’хсæн иунæг кусæг дæр нæй. Ирон адæм иууылдæр хуымгæнæг куы сты, уæд нæм кусджытæ кæцæй ис. Стæй фабриктæ æмæ заводтæ Грознайæ фæстæмæ æгас Цæгат Кавказы дæр куы нæй.
— Фæуæд афтæ. Æмæ хъæууон æххуырстытæ та?
— Хъæууон æххуырстытæ та вæййынц пъамељиктæм. Махмæ та кæм уыныс пъамељикты егъау хæдзарæдтæ?
— Омæ нæм мæгуыртæ дæр нæй?
— Мæгуыртæ та нæм куыннæ ис! Хæдзар ницы хъуаг феййафы, алцæмæй дæр æххæст вæййы, фæлæ æфсымæртæ иуахæмы байуарынц, æмæ уæд гæвзыкмæ æрцæуы хæдзар дæр. Науæд бинонты дарæджы ахæстоны бакодтой... Бирæ цæмæдæртæм гæсгæ смæгуыр вæййы кæрт. Фæлæ диссаг уый у, æмæ йæхи фæллойæ чи цæры, уыцы мæгуыртæ «Кермены» партимæ нæ цæуынц. Чи дзы ис, уыдон иууылдæр сты раздæры горæтаг дзыпкъахджытæ, къамæйхъазджытæ, сæудæджертæ æмæ æндæр цæстфæлдахджытæ.
— Сæудæджертæ дæр, зæгъыс?
— Æмæ дзы æппæтæй фылдæр уыдон куы сты. Ныртæккæ нартхорæй зын сæудæджергæнæн у, æмæ революцийæ сæудæджермæ бавнæлдтой.

Хорыхъæуккаг куыд зæгъы, афтæмæй «Кермен»-ы партимæ йæхи чидæриддæр ныффыссы, уымæн алы мæй дæр дæттынц æхца, уæдæ сæм сæкæр, хъуымац, фæтæген дæр æрхауы.
— Афтæ зæгъинаг дæ, æмæ партимæ æхца дæттыны бæсты сын сæхицæн фидынц?
— Уæдæ куыд æнхъæлыс? Æнæуи уæдæ чи ныффысдзæн йæхи уыцы партимæ? Æхца сын горæтæй æрласынц. Мыхуыргæнæн тæрх ма дзы хуыздæр цæмæн ис? Уыцы æввонгхорты хæссынæн. Ахуыргæнджытæн цы каппеччытæ фидынц, уыдонæй нæ бон фæцæрын нæу, ноджы ма нын нæ мызд мæйгæйттæ ныффæстиат кæнынц. Уыдонæн та къæркъæргæнаг дзыхъхъынног æхца дæттынц. Уæртæ-ма уыцы господины æвджид кæд бакæнæм нæхи, — хорыхъæуккаг йæ цæстытæй ацамыдта тыргъы къуыммæ. Уым лæууыдис ацæргæ хæрзвидауц лæг; фæсивæд ыл æрæмбырд сты.
— Чи у?
— Нымад лæг у, съезды делегат... Мæнгæхцайы фабричы хицау, — бахудти хорыхъæуккаг.
— Æцæгдæр у мæнгæхцагæнæг?
Цымыдисæй йæм кæсын. Адæймаг цы вæййы, уый. Сатæгсау фæтæн боцъо. Аив дарæс. Бæрзондхъус цырыхъхъытæ.
Уый дын хъуыддаг, гъе: мæнгæхцагæнæгимæ иумæ дæ адæмы хъысмæт лыг кæныныл схæц, дзурын мæхицæн. Йæ куыст, æвæццæгæн, кадджын у. Кæсыс, фæсивæд куыд лæгъстæхуызæй ныхас кæнынц йемæ.
Хорыхъæуккаг дарддæр дзуры хабæрттæ. Ирыстоны мæнгæхцайы æртæ фабричы ис. Æвзæр нæ кусынц. Се ’хцайы фылдæр хай цæуы Балхъармæ. Балхъайрагæн æцæг æмæ мæнг æхцатæ куы дæттай, уæд мæнгтæ райсдзæни, уымæн æмæ дзыхъхъынног сты, сыгъдæг, сæ ахорæны тæф нæма ссыд. Мæнг æхцатæй фос балхæнынц æмæ йæ ардæм сыскъæрынц. Уымæй хуыздæр мадзал нæй ныртæккæ цыбыр рæстæгмæ схъæздыгæн. Раст зæгъын хъæуы, бынтон æдас куыст нæу. Лæбургæ дæр дæм бакæндзысты, дæ фос дæр дын байсдзысты. Амарыныл дæр нæ бацауæрддзысты. Ахæм хабæрттæ дæр уыди. Æниу, ныртæккæ рæстæг ахæм у. Фæлæ а нæхимæ мæнг æхцайы фабриктæ назранæгты никуы аййафдзысты. Махонтæ æрмæст Терчы бæстæйы æхцатæ аразынц, мæхъхъæл та — æппæтуæрæсейон æхцатæ. Æвæджиауы дæсны сты, уæллæй! Куыд зæгъынц, афтæмæй сæм иу уырыссаг кусы паддзахадон æхцауадзæнæй. Суанг Бетъырбухæй ссыд. Дæрдты æххæссынц тынг.
... Пысылмон делегаттæ æрбахæццæ сты, сæ разæй — Мæхæмæт. Иуууылдæр иумæ бацыдыстæм залмæ. Делегатты иу хай нын сыстад, иннæтæ бадгæ баззадысты. Æвæццæгæн сæм фыдæлты æгъдау тынг кадджын нал у.
— Ацы Хуыцауы æлгъыст пысылмæттæ семæ дардмæхсæн сармадзан «Бертæ» æрбаластой, — сусæгæй дзуры чидæр мæ чъылдыммæ.
— Зæххæй хæрдмæ нæ зыны, афтæмæй, дам, йе ’взаг хъамайæ цыргъдæр у, — зæгъы иннæ.
Мæ худын тыххæйты уромын.
— Уыныс, сæрдары бынаты чи бады, уый? — разылди мæм хорыхъæуккаг ахуыргæнæг.
— Уынын.
Къæдзæхыйас лæг цавæрдæр хуызивд френчы, пыхцылсæр, цыргъдзæсгом, тъæпæнфындз. Дыууæ æнгуылдзæй фындзыхуынчъытыл хæцы, афтæмæй æрфу-æрфу кæны йæ фындзы. Æвæццæгæн ын цæнуд æмæ йæ асыгъдæгыл архайы. Иу хуыррытт ныккодта, дыккаг, стæй йæ уæрæх армытъæпæнæй йæ фист боцъо æрдаудта. Галиу къухы амонæн æнгуылдз йæ хъусы батъыста æмæ йæ къахы.
Æппæт уыцы æдзæлгъæд митæй мын рагацау фенад.
— Чи у, чи? — фæрсын ахуыргæнæджы.
— Куыд чи? Æвдакат Къимоны-фырт.
— Къимоны-фырт. Раст куы зæгъон, уæд мæ зæрдæмæ тынг нæ цæуы.
— Æмæ кæй зæрдæмæ цæуы? Ирыстоны бæллæхтæ иууылдæр уый аххос сты.
— Цæмæн?
— Ау, нæ йæ ’мбарыс?
— Мæ-гъа. Йæ хабæрттæй йын цыдæртæ æрыхъуыстон. Æнхъæлдæн æмæ уый ардыдта адæмы, Иугонд хохæгты цæдисы центрон комитетмæ ма хъусут, фæлæ Дзæуджыхъæуы депутатты советмæ, зæгъгæ. Мырзабег мын радзырдта уыдæттæ. Уæд æй куыд равзæрстат комиссарæй, раздæр æй куыннæ бафарстат, цавæр политикон программæ æххæст кæндзæн, уымæй?
— Æмæ йын чи цы зыдта? Хинæйдзаг у тынг. Революцийы райдайæны йæхицæй социал-демократдæр нæ уыди, куыддæр сæ куы хуыдтой — меньшевик-оборонец. Октябры фæфæлдæхты фæстæ та ссис æндæр социал-демократ-интернационалист. Уый та ма дзы кæцытæй у, уымæн ницы æмбарын. Фæлæ иууылдæр хорз зонынц, большевиктимæ æмдзæхдон кæй у, уый. Фæсаууонæй ацы Къимоны-фырт дæтты разамынд керменисттæн...
— Фæсауууонæй?
— О, æргомæй йæ нæ фæнды. Хинæйдзаг сты ацы дыгур.
— Омæ, цæмæн фæсаууонæй та?
— Алцыдæр ын биноныг нымад у. Мыййаг, большевикты куы фæсурой, уæд зæгъдзæн: «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди». Ныртæккæ та уал дзы социал-демократ-интернационалистæй хуыздæр никæмæн у. Æвæццæгæн, æгас Ирыстоны дыууæ адæймаджы дæр нæ разындзæн, цы амоны, уый чи æмбары, ахæмтæ. Мæнæ йæ ды æмбарыс?
— Ирон адæмæн йæ бамбарыны афон нæма ралæууыд, æвæццæгæн, — бафиппайдтон æз.
Мæхæмæт сыстад æмæ пысылмæтты номæй ныхасы бар ракуырдта.
Адæм базмæлыдысты. Сæ къубал ивазынц: стæ-ма, цавæр у уыцы Мæхæмæт? 
Мæхæмæтæн ныхасы бар радтой. Рацыд æмæ сындæггай йæ цæст хæссы делегаттыл, йæ ныхмæ уæлдай хъæддыхдæрæй чи дзурдзæн, уыдоны агурæгау. Керменисттыл куы æрхæцыд йæ цæст, уæд сæм комкоммæ ныккасти. Йе ’рфгуытæ фелхынцъ сты. Йæ галиу уадул æмæ цæсты бын фенцъылдтæ.
— Цъæхтырсы нырма ныр ахицæн пысылмон ирæтты съезд, — дзурын райдыдта Мæхæмæт. — Мæнæн фæдзæхст у, цы уынаффæ рахаста, уый сымахæн фехъусын кæнын. Кæд мын бар радтат, уæд уынаффæ бакæсыны размæ зæгъинаг дæн цалдæр хъуыдыйы.
— Зæгъ... Зæгъ... Хъусæм дæм...
— Æз æрмæст знон схæццæ дæн Бетъырбухæй. Уæрæсейы иу кæронæй иннæмæ фæцыдтæн. Фæндагыл цытæ федтон, уыдæттæм гæсгæ уын зæгъын: сайд уыл ма ’рцæуæд, фыдæнхъæлæй уæхи бахизут. Сымахмæ сидынц ног революцион Уæрæсеимæ уæхи бабæттынмæ. Æз та уын зæгъын: ахæм Уæрæсе нырма нæма ис. Бæргæ, куы уаид, фæлæ нæй. Æз бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодтон. Паддзахы ахæстæтты бирæ хъизæмар бавзæрстон, ног Уæрæсе саразыны сæраппонд ме ’рыгон тыхтæ æнæхъæнæй дæр куы лæвæрдтон, уæд. Мæнæй раздæр чи хъуамæ бацин кæнид ног Уæрæсейы райгуырды сахатыл, мæнæй раздæр чи фæсидид ирон адæммæ, уæхи уырыссаг демократийы æвджид бакæнут, зæгъгæ. Фæлæ йыл дзæгъæлы бафæдзæхсдзыстут уæхи, йæ хъæбысы уæ не ’рбатухдзæни. Революцийы тымыгъ ныффалгæрон кодта æппæтуæрæсейон ахæстон, æлгъыстаг паддзахы хицаудзинад фехæлдта æмæ уырыссаг адæмæн сæрибар радта. Æмæ ныр зæххы къорийы æхсæзæм хай æддæг-мидæг ауади, цæвæг дзы марæджы нал æмбары. Æппæтуæрæсейон Бындурæвæрæг æмбырды фæрцы цард банывыл кæныны фæлтæрæн ахицæн кæуинагæй. Æз мæхæдæг уыдтæн уыцы оргæны уæнг, фæлæ йæ большевиктæ ныххæлиу кодтой. Сæ равзæрст минæвæртты нæ бахъахъхъæдтой адæм. Ныр та йæ бахъахъхъæныны фæнд кæмæ ис, уый йын æцæгдзинадæй знаг у, æмæ йæ реакцион мидис æмбæхсы Бындурæвæрæг æмбырды тырысайы аууон. О, Уæрæсейы цæуы революци, фæлæ уый у пугачевты æмæ разинты хъæддаг революци — сывæрджын сылгоймæгтæн сæ гуыбын джебогъæй сфадынц, сау адæм уаг нал зонынц, стигъынц, марынц. Демократийы бон нæ бацис ахæм революцийы рохтыл æрхæцын. Тæккæ æнæхатырдæр æмæ æдзæсгомдæр адæмы къорд фæпайда кодта фадатæй æмæ центрон хицауад байста йæхицæн. Уыцы къорд йæ размæ æвæры æрмæст иунæг хæс — алыхуызон фæливæнты, тыхмийы, терроры æмæ æндæрты фæрцы йæ хицаудзинад цыфæндыйæ дæр бахъахъхъæныны хæс, æлгъ ницæмæй зоны. Уымæн æмæ хорз æмбары: хицаудзинад сæ къухæй куыддæр фæхауа, афтæ сæ сæртæ къуырд æрцæудзысты. Бирæ дзæнгæда цæгъдынц социализмы бæллиццаг паддзахады тыххæй, уæвгæ та сæ зонгуытыл хилынц, уырыссаг адæймаджы риуы цы хъæддаг сырд æрыхъал, уый раз. Бахъахъхъæныны æмæ аирвæзыны тыххæй цæгатырдæм дзæгъæлы уыдзæни уæ каст! Цыфæнды фæут, зæгъгæ, уыл сæ къух раджы ауыгътой. Æрмæстдæр уæхæдæг хъуамæ басагъæс кæнат уæхиуыл. Сымах армыдзаг йеддæмæ не стут, ирон адæм, фæфæлдаæхынæввонг чысыл бæлæгъ, уым та уырыссаг знæт фурд абухы. Йæ уылæн уæ былгæроны къæдзæхыл бакъуырдзæн æмæ бæлæгъ базгъæлæнтæ уыдзæни. Сымахæн хъуамæ уа зæрдæдаргæ разамонджытæ æмæ фидар хæцат кæрæдзийыл. Æз та уæм куыд кæсын, афтæмæй уын разамонæг дæр нæй, æмæ кæрæдзийыл дæр нæ хæцут. Кæд мæнæ ацы хъуымызбыл фæсивæд сты уæ разамонджытæ...
— Æфхæрыны бар дын нæй... Æфхæрыны бар дын нæй! — хъуысы керменистты дзолгъо.
— ... уæд фидæны хорзæй мацæмæ æнхъæлмæ кæсут! Сымах бафхæрын мæнæн мæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй. Фæлæ сымах æнхъæлут — ам цъапп, уым цъапп — æмæ социализм цæттæ у. Мæнæ ам дæр, нæ фыдæлты уæзæджы, нæ хæхты, нæ кæмтты социализм саразынмæ хъавынц. Æдылы фæндтæ! Æз та Хуыцауæй уый курæг дæн, æмæ хуымæтæджы демократизм куы сæвæриккам. Стæй нæм демократизм дæр хъуамæ арæзт æрцæуа нæ цардыуаджы æууæлтæм гæсгæ. Уæрæсейæ куы ссæйцыдтæн, уæд вагоны рудзынгæй федтон, Тепсыхъойы-хъæуы фæздæг уæларвмæ пиллонæй куыд калди, уый. Ир æмæ мæхъхъæлы быцæуы аххосæй рауади бæллæх, уый мын куы радзырдтой, уæд бамбæрстон, нæ армыдзаг хохаг адæмтæ сæ зондцух разамонджыты æнæсæр миты амæддаг баисты. Пысылмæттæ æмæ чырыстæттæ фæбыцæу сты. Æдылытæ! Ау, афтæ æнхъæлдтой, æмæ адæм æнусты дæргъы цæуылты лæуд уыдысты, уыдæттæ æнцонæй аппардзысты? Пысылмон дин дæр æмæ чырыстон дин дæр ихсыд дзабыртау аппардзысты? Науæд пысылмон адæймаджы чырыстоны хуызæн чи скæндзæн? Иу кæнæ иннæ адæймаг дин куы ныууадзы æмæ атеист куы свæййы, уæд æнхъæлут æмæ пысылмон кæнæ чырыстон нал вæййы? Куыннæ стæй!
— Æгæр дæрдты ахæцыдтæ! — хъæр кæнынц керменисттæ. — Хъуыддаджы фæдыл дзур, хъуыддаджы!
— Уыдæттæ, сымах куыд æнхъæлут, уымæй хæстæгдæр сты хъуыддагмæ, — зæгъы Мæхæмæт.
Керменисттæ уæддæр не ’нцайынц.
— Куырмуырытау уæ къуындæг хуынчъыты рахилæнтæй дарддæр ницы уынут! — смæсты Мæхæмæт.
— Дзур дарддæр, дзур! — хъуысы алырдыгæй.
— Ирон адæм дыууæ диныл лæуд кæй сты, уый æз нымайын стыр бæллæхыл, — дзуры дарддæр Мæхæмæт, — чырыстон дин кæд Европæйы культурæйы стыр фæд ныууагъта ныридæгæн, уæд пысылмон дин Скæсæны адæмты царды йæ фæстаг ныхас нæма загъта. Уыдон нырма ныр райхъал сты уырыссаг революцийы фæрцы. Чырыстон ирæттæ пысылмæтты ныхмæ дзæгъæлы æрлæууыдысты. Кæд, мыййаг, уырыссаг адæмы, хъазахъхъы æххуысыл сæ зæрдæ дарынц? Стыр сайд сыл æрцæудзæни! Тепсыхъойыхъæу сæ рох ма уæд.
— Туркаг агент! Панисламист! Никæй фæтæрсын кæндзынæ ам!.. Де ’ртхъирæнтæ нæм нымады дæр не сты!.. Мауал æм хъусут!
Сæрдариуæггæнæг йæхи хъары адæмы басабыр кæныныл. Керменисттæ гыбар-гыбур самадтой партæтæй, сæ къухтæ хойынц. Сæ хъыллист цæуы. Иннæ делегаттæ дзæбæх не ’мбарынц, ныхас цæуыл у, уый, æмæ æнцад бадынц. Керменистты хъæлæба сæ зæрдæмæ нæ цæуы, сæ сæртæ уайдзæфгæнæгау банкъуысынц.
— Æрратæ сты, æви...
Тыхамæлттæй басабыр сты адæм.
— Туракг агент... Панисламист... Панисламист, зæгъут? — Мæхæмæты дæндæгтæ базыхъхъыр сты, исдуг фæхъус. — Нæ, æз туркаг агент нæ дæн. Æз дæн пысылмон фæллойгæнæг дзыллæты агент. Уыдон та сты æртæсæдæ милуаны. Хадзытыл, пашатыл æмæ султантыл нæу мæ ныхас, фæлæ дывæр æфхæрд пысылмон мæгуыр дзыллæтыл, иуырдыгæй сæ æфхæры ныгуылæйнаг чырыстон, растдæрæй та — мæнгчырыстон, дуне, иннæрдыгæй та — сæхи кълассон знæгтæ. Искæд заман бамбардзыстут, уыцы стыр лыггæнинаг фарста кæцыдæр адæмы, кæцыдæр бæстæйы нæ, фæлæ дунейы æппæт адæмты раз кæй лæууы, уый! — нæры Мæхæмæты хъæлæс, йæ цæстытæ æрттивынц. — Ныр та уал рахизæм сæфты къахыл лæуд ирон адæмы тæккæ стырдæр лыггæнинаг фарстамæ, — фæмынæгдæр йæ хъæлæс. — Куыд дзурынц, афтæмæй кæцыфæнды æхсæнадон тохы бындуры дæр ис экономикæ. Фæлæ чырыстон ирæттæ пысылмон ирæтты ныхмæ æрлæууой, уымæн цавæр экономикон бындур ис? Æз ахæмæй ницы зонын. Чырыстон ирæттæ хъазахъмæ, пысылмон ирæттæ та мæхъхъæлмæ здæхт сты æрмæст сæ динмæ гæсгæ. Хъазахъхъимæ чырыстæтты ныртæккæйы цæдис иннæ хохæгтæм нымад у афтæ, æмæ иумæйаг хъуыддагыл гадзрахатæй рацыдысты.
— Революцийыл гадзрахатæй ничи рацыд! — хъуысы керменисттырдыгæй.
— Хъазахъхъимæ цæдис ныртæккæ революцийыл гадзрахатæй уæлдай нæу, — дзуапп сын дæтты Мæхæмæт. — Революци хохаг мæгуыртæн хъуамæ зæхх ратта, хъазахъхъ та сты пъамељиктæ. Æмæ уæдæ сæхи мæгуыр адæмы минæвæрттæ чи хоны, уыдон пъамељиктимæ цæдисы фарс цы хуызы лæууынц? Бынтон ныхмæвæрд экономикон интерестæ кæмæн ис, дыууæ ахæм æхсæнадон къорды искуыдæр ма иумæйаг цæдис саразынц? Дин экономикæйæ уæлдæр æвæрд æрцыди. Уый та уын революцийы куырмæлхынцъытæ! Ахæм уавæры сыгъдæгдзæсгом адæймаг пысылмæттæн куыд хъуамæ бауайдзæф кæна, сæ адæмыл гадзрахатæй цæуынæй?
— Гадзрахатæй цæуджытæ сты! — хъæр кæнынц сæ бынæттæй тепсыхъойыхъæуккæгтæ,  — махæн баххуысы бæсты мæхъхъæлимæ иумæ стыгътой нæ хъæу...
Пысылмон делегаттæ фестадысты æмæ хъавынц ацæуынмæ. Сæрдар сæ тыххæйты басабыр кодта.
— Пысылмæттæ ацы съездмæ хъаугъамæ не ’рбацыдысты, фæлæ бафидауынмæ, уæззау уавæрæй иумæйаг хъарутæй цы хуызы ис фервæзæн, ууыл æрдзурынмæ, — зæгъы Мæхæмæт. — Нæхицæн саразгæ цы у, уый нæ бæсты исчи бакæндзæн, уымæ æнхъæлмæгæсгæ нæу.
Уый фæстæ Мæхæмæт бакасти пысылмæтты съезды уынаффæ, лæмбынæг дзуры йæ алы уагæвæрды тыххæй дæр. Фæлæ йæм æз нал хъусын. Мæ хъуыдытæ сты йæ раныхасыл. Цыдæр ныхлæуддзинад дзы цыма уыди, афтæ мæм кæсы, фæлæ цы уыдаид, уый мæ сæр дзæбæх нæ ахсы.
Уæдмæ оратортæ иу иннæйы ивынц.
Йæ рихитæ здухгæ, йæ фындзæй хуыррыттытæгæнгæ Къимоны-фырт белыхъæды стæвдæн æнгуылдзæй амоны Мæхæмæтырдæм:
— Афтæмæй уыцы лæг йæхи социалист хоны! Æхсæнады дих кæны динмæ гæсгæ — пысылмæттыл æмæ чырыстæттыл, цавæрдæр пысылмон парти саразынмæ хъавы. Адæмты кæрæдзийыл ардауæг социалист: хъазахъхъы зæххытæ, дам, байсæм æмæ сæ мæгуыр хохæгтæн раттæм. Иу фæллойгæнæг дзыллæ фæсуринаг æмæ сын сæ бынаты æндæр дзыллæ æрцæрынгæнинаг у. Аграрон фарста ахæм хуызы алыг кæныны фæндагыл мах, æцæг социалисттæ, никуы æрлæудзыстæм. Мæгуыр хохæгты æрцæрын кæндзыстæм фæллойгæнæг адæмы зæххытыл нæ, фæлæ æрмæстдæр уæгъд зæххытыл.
— Кæм? Астрæханы быдырты? Бузныг! — йæ бынатæй сдзырдта Мæхæмæт.
Адæм ныххудтысты.
— Гæнæн куы нал уа, уæд Астрæхæны быдырты дæр. Уый хыгъд йæ зæххæй никæй сыстын кæндзыстæм...
Иннæ оратор ноджы карздæрæй дзуры хъазахъхъы сæрыл, уыдон, дам, нын æрхастой уырыссаг ахуырад, уыдон нын бацамыдтой картоф садзын, уыдон æрбахастой Чырыстийы рухс хæхбæстæм. Хъазахъхъ нын куы нал уой, уæд талынгæй баззайдзыстæм...
— Мæхъхъæлимæ, дам, цæдис саразæм! — зæгъы æртыккаг оратор. — Æмæ æнамонд тепсыхъойыхъæуккæгтæн та цы ис Мæхæмæты зæрды? Сидзæртæн æмæ сидзæргæстæн цы бахæрын кæндзæн? Зæхх сын кæм ратдзæн æмæ сын хæдзæрттæ цæмæй сараздзæн?
Ногæй та мæ сæр срысти. Диссаг у, фæлæ дæргъвæтин ныхæстæм хъусын мæ бон нæу. Мæ къæмисæнты цæлхъ-цæлхъ цæуы, цæсгом судзы. Скъолайы кæртмæ рахызтæн.
Хур ныгуылæнырдæм фæкъул, йæ тынтæ адæймаджы рæвдауынц. Кæрты къуымы — тихалæг бæлæстæ. Сæ быны цалдæр æрыгон лæппуйы дзуццæджы бадынц æмæ сын зæрдиаг ныхас бацайдагъ цæуылдæр. Съезды цытæ цæуы, уыдон сæм, æвæццæгæн, нымады дæр не сты.
Кæрты иннæ къуыммæ араст дæн. Кæрдæг дзæвгар суади, йæ гауыз хъулон дары урс, æрвгъуыз æмæ бур дидинджытæй. Скъолайы чъылдымæй хъуысы цæугæдоны хæл-хæл. Уыцырдыгæй скъоламæ нæуæндонхуызæй æрбацæуынц чызджытæ. Сæ фæдыл кæсын. Бæстæ у сабыр...
Скъолайы кæрты æрцарæзтой дæргъæй-дæргъмæ фынгтæ — дуртыл æвæрд фæйнæджытæ. Бандонæн та — къодæхтæ. Съезд ахицæн, æмæ хъæубæстæ æгъдау дæттынц уазджытæн.
Фынгты уæлхъус бадынц æртæсæдæ адæймаджы бæрц. Алы фынджы сæрыл дæр — урсбоцъо зæронд, иннæтæ — куыдхистæрæй.
Фæсивæд кæстæриуæг кæнынц: иутæ хæссынц æмæ фынгтыл æвæрынц уæливыхтæ, стуры фыд, нурыдзæхтон, цыхт, раззаг хуылфыдзаумæттæй физонджытæ; иннæтæ дзагдарæй лæууынц, агуывзæты двайно уадзынц. Алы фынгæн дæр — йæхи хистæр, гаджидау рауадзы æмæ йын уым дæлæмæ аммен фæзæгъынц.
— Сисут уæ нуазæнтæ æмæ хистæрмæ байхъусæм!
— Хуыцау нæ кæрæдзийы зæрдæхудты макуы бацæуын кæнæд!
— Кæрæдзийы хорз хабæрттæ цы хъусæм, Хуыцау нын ахæм амонд раттæд!
— Хоры Уациллайы хорзæх уæд нæ алкæй дæр!
Мæ чъылдыммæ кæмæндæр тыххæй дарынц:
— Уый мæ мард фенæд, чи йæ нæ бануаза!
— Тобæ, æстафырæллæх, цытæ дзурыс! Никуы фæнуазын.
— Бануаз æй, нæ уыныс — иууылдæр махмæ æнхъæлмæ кæсынц.
— Сомыгонд дæн, нæ йæ бануаздзынæн.
— Цæй, уыцы иуæй дæ сомыйыл ницы æрцæудзæн. Дæхи тыххæй нæ — мах тыххæй йæ бануаз.
— Ма мын æй дарут!
— Цæй, дæ къухмæ йæ уæд та райс.
— Ныууадзут мæ, цæй!
Æнæ райсгæ йæ нæ ныууагътой.
— Сыгъдæг пысылмон цы уа, уый у — арахъхъ нæ нуазы. Ламаз кæнынæй йæ уæрджытæ баихсыдысты.
— Уый йæ бар йæхи у. Дæ былтыл æй сдар. Æгъдау нæ зоныс, æви?
Æнæбары йæ схаста йæ былтæм æмæ агуывзæ дзагдармæ алæвæрдта. Дзагдар дзы æртагъта æмæ йæ сыгъдæг пысылмоны сыхагмæ радта.
— Нæ хистæр цыдæриддæр ракуывта, уыдон иууылдæр Хуыцаумæ фехъуысæнт, — кувынц иннæ фынгыл. — Кæрæдзи уарзынæй хуыздæр ницы ис зæххыл æмæ кæрæдзи уарзынхъом куыд уæм, уыцы амонд Хуыцау раттæд нæ гыццыл адæмæн!
— Чи ’рхъуыды кодта, чи — пысылмæттæ, чырыстæттæ? — сцырын гæлдæрджын дæлæмæдзыд лæг; бæгæныйы боцкъайыл ауыгъдæй уæлдай нæу йæ хъама. — Фынгыл куы æрбадæм æмæ агуывзæ куы сисæм, уæд иууылдæр иунæг ирон Хуыцаумæ кувæм — пысылмонæй, чырыстонæй...
— Ай-гъай... Ай-гъай... Рæстытæ дзурыс, уæллæй, Гацыр, гуыбынниз дæ адава...
Худынц. Хæрынц. Нуазынц. Сойæдзаг æнгуылдзтæ асдæрынц, къухтæ зæнгæйттыл кæнæ кæрдæгыл асæрфынц æмæ та ногæй фынгмæ æрæвналынц.
Цæсгæмттæ сырххъулон баисты, иу иннæйæн ныхасы бар нал дæтты — арахъхъ йæхион кæны.
Кæд сыстонджы дæн æмæ мæм алырдыгæй хатынц, уæддæр мæ зæрдæ хæрын дæр нæ агуры æмæ нуазын дæр. Рæвдздæр-ма куы аирвæзин фынгæй, æндæр мæ ницуал хъæуы — мæ бон хъусын нал у зæрдæцъæхы нозтджын дзæнгæдамæ.
Фынджы хистæр йæ бынатæй сыстад. Дыууæ къухæй хæцы бæгæныйы сыкъайыл, хæрдмæ скаст æмæ сыкъа бæрзонд систа:
— Нæ уазджытæ, Хуыцауæй лæвæрд уазджытæ! Хæхбæсты хъæбатыр фæсивæды бардуаг сыгъзæрин Уастырджийы уазæг ут кæддæриддæр. Нæ адæмы хорзæхæн уæззау фыдæбоны лæуд стут æмæ сын амонд æмæ райдзаст цард цы æрхæссат, уыцы ахъаз уын бакæнæд Уастырджи! Æз зæронд дæн, рæхджы, æвæццæгæн, мæ фыдæлтæм аивгъуыйдзынæн, фæлæ райгуырдтæн æмæ рахъомыл дæн Стыр Дыгуры къæдзæхы риуыл, æмæ уын ме стырдæр фæдзæхст у: кæрæдзи уарзут, хистæртæн аргъ кæнут æмæ, уæд фæцæрдзыстут уæздан хохаджы цардæй, уырыссаг музуккы цардæй нæ, фæлæ. Хуыцауы уазæг ут!
— Оммен, Хуыцау! — зæрдиагæй загътой бадты адæм, æмæ уазджытæ сыстадысты.
Фынгæй иуварс ацыдтæн.
— Ацы саухъустæ уазæджы бабуц кæнынæн дæр не сты, — сабыргай мæм дзуры Хаджумар.
— Цы хъуаг ма дæ?
— Куыд «цы»?
— Ау, фаг нæ бахордтай?
— Хæрдыл нæ цæуы ныхас, фæлæ фынгæн йæ ахсджиагдæр не ’рæвæрдтой.
— Цы у, уагæры?
— Цы? Бас, æндæр цы! Бацымдтай ды бас?
— Нæ бацымдтон.
— Уый дзы ис, уæдæ, уый! Фынг æнæ басæй искуыдæр ма фынгыл нымад уыди. Къуыдырфых дзидзайы фæстæ бас æнæмæнг æмбæлы. Байрох дæ сты хохаг æгъдæуттæ иууылдæр Уæрæсейы.
— Ау, афтæ ахсджиаг у бас?
— Ахсджиаг та ма цы вæййы. Æз дын иу рагон таурæгъ радзурдзынæн æмæ йæ уæд бамбардзынæ, лæгæн æнæ бас фæцæрæн куыд нæй, уый. Бас хынджылæг нæ уарзы.
— Радзур, радзур... Мæнæ ам æрбадæм къулы рæбын.
Фæскъуым дуртыл æрбадтыстæм. Хаджумар йæ дзыппæй лулæ систа æмæ дзы тамако ныннадта. Æрцъыкк-æхсонæй  зынг самал кодта æмæ йæ лулæйыл сдардта. Цалдæр хатты адджынæн сулæфыд фæздæг æмæ йæ фындзыхуынчъытæй рауагъта. Лулæйæн йæ æхситт цæуы.
— Хъус, уæдæ, ардæм, — райдыдта йæ таурæгъ. — Раджыма-раджы Сау хохы дыууæ фыййауы хызтой сæ дзугтæ. Æфсымæртау цардысты, уæрст сын ницы уыди. Сæ цæхх æмæ кæрдзын дыууæ дихы кодтой. Сæ зиан æмæ цин дæр сын иумæйаг уыдысты. Фæлæ сыл сау бон бакодта æмæ сæ кæрæдзийæ фæхицæн бахъуыди. Сæ иуæн йæ дзуг Урс хохмæ аскъæрын кодтой. Цæссыг дæр æркалдтой фыййæуттæ, фæлæ сын коммæ æнæ бакæсгæ кæм уыди.
— Сау бон ныл бакодта, ме ’фсымæр, — зæгъы иу фыййау иннæйæн, — кæрæдзийæ нын фæхицæнгæнгæ у. Фæлæ дын иу сусæггаг раргом кæндзынæн.  Ис мæм дыууæ сыкайы: иу — сыгъзæрин, иннæ — æвзист. Сыгъзæрин сыкъа дæуæн ратдзынæн, æвзист та мæхицæн ныууадздзынæн. Дæ цардæн тæссаг куы уа æмæ цы фæуай, уый куы нал зонай, уæд-иу сыкъа йæ хуымпъырæй сис æмæ дзы ныууас: кæмфæнды куы уон, уæддæр дæ фехъусдзынæн æмæ, цы гæнгæ у, уый дын зæгъдзынæн.
Йæ хæлары риуыл æрцауыгъта сыгъзæрин сыкъа хуымпъыры æвæрдæй, фæстаг хъæбыс акодтой кæрæдзийæн, цæссыг æркалдтой æмæ сæ алчи йæ дзуг аскъæрдта.
Бирæ азтæ рацыди. Фыййау йæ дзуг хизы Урс хохы, йæ уæхскыл хуымпъыры мидæг ауыгъдæй лæууы сыгъзæрин сыкъа.
— Цымæ кæм уа афонмæ мæ хæлар, æгас ма уа æви нал, — хъуыдытæ кæны сæргуыбырæй. Цал æмæ цал боны рацыд, куы фæхицæн сты, уæдæй нырмæ. Йæ сæрыл схæцыд æмæ уыны: дæс барæджы фæллад бæхтыл сындæггай хохмæ схизынц нарæг къахвæдыл.
— Чи сты, цавæр адæм уой? — кæсы сæм фыййау æмæ цæмæдæр гæсгæ йæ зæрдæ бауазал. Уыдон та уæлдæрæй-уæлдæр хизынц. Æмæ сæ фыййау базыдта: разындысты йæ туджджынтæ. Фыййау скатай къæдзæхыл. Кæдæм фæлидза — æрмæст дзы иунæг къахвæд ис æмæ йыл дæлæ йæ туджджынтæ ссæуынц. Æмæ йæ хæлары ныхæстæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Сыкъамæ фæлæбурдта, хуымпъырæй йæ систа æмæ дзы ныууасы:
— Кæм дæ, ме ’фсымæр, хъусыс мæ? Мæ царды фæстаг бон ралæууыд. Дæлæ къæдзæхыл дæсæй схизынц: дæс егары, мыййаг, сырды фæдыл нæ бафтыдысты, фæлæ мæ туджджынтæ дæсæй ссæуынц сæ туг исынмæ... Нал мын ис фервæзæн, кæм дæ, ме ’фсымæр?
Сыгъзæрин сыкъайы хъæлæс зæлы хæхты. Æртындæс æмæ ссæдз хатты азæлыд æмæ бамынæг. Æмæ сыгъзæрин сыкъайы хицау фыййау хъусы æвзист сыкъайы хицау фыййауы хъæлæс.
— Тæрсгæ ма кæн, ме ’фсымæр. Æз дын куыд загътон, афтæ бакæндзынæ. Уазджыты æфсонæй дæм æрбацæудзысты дæ туджджынтæ. Æмæ сын уазæджы æгъдау ратт. Иунæг урс тæпп дæр кæуыл нæй, ахæм сау фыс равзар дæ дзугæй æмæ сын æй акусарт кæн. Дзидза аджы мидæг сфыц æмæ йæ уазджытæн æрæвæр. Дзидзайæ куы бафсæдой æмæ куы сдойны уой, уæд дын цыма æнæбары уыдис, афтæ аг афæлдах æмæ бас зæхмæ акал...
Æртындæс æмæ ссæдз хатты азæлдис къæдзæхтыл сыкъа.
Æмæ куыддæр банцад, афтæ туджджынтæ дæр схæццæ сты.
— Дæ фос бирæ, хорз фыййау!
— Еблуагъæ, уазджытæ! Фысым уын уыдзынæн.
— Бузныг дæ уæздан ныхасы тыххæй. Хуыцауы хорзæхтæй хайджын у.
Сæхæдæг кæрæдзийæн дзурынц: никæдæм нын аирвæздзæни, ныр та уал нæ фæллад суадзæм, комдзаг дæр скæнæм.
Æмæ сыгъзæрин сыкъайы хицау фыййауæн æвзист сыкъайы хицау фыййау куыддæриддæр бацамыдта, арт афтæ бакодта.
Уазджытæ дзидзайæ куы бафсæстысты, æмæ сæ зæрдæ бас куы æрцагуырдта, уæд цыма æнæбары рауад, уыйау аг фæфæлдæхта, æмæ бас зæхмæ акалди. Уазджытæ иу иннæйы фæдыл цавддуртæ фестадысты. Иу ма дзы баззади æгасæй æмæ хъуыддаг бамбæрста, зæххыл адæлгом æмæ басæй куыдзау сысдæрдта, фæлæ йæ фыййау хъамайæ ныррæхуыста.
Æмæ  фыййау йæхæдæг дæр цавддур фестади: Уастырджи йæм смæсты , æгъдау кæй фехæлдта æмæ уазæгмæ хъама кæй систа, уый тыххæй.  
— Бамбæрстай, бас циу, уый? Ацы саухъусты та, æвæццæгæн, фæндыди, цавддуртæ куы фестиккам. Ха-ха...

Бæхтæ сæ фæллад суагътой æмæ размæ тындзынц. Изæргæрæтты сатæг дымгæ дидинджыты тæф хæссы. Фæсте æмæ рахизырдыгæй цъæхбын фæлмы аныгъуылдысты хæхтæ, разæй æмæ галиуырдыгæй — парахат лæгъз быдыр. Ничи ницы дзуры.
Пысылмон Хорыхъæумæ  рæвдздæр куы бахæццæ уаиккам, чырыстон Даргъ-Быдыр фæсте рухсæй куыд фæуадзæм, афтæ. Фæндагыл æхсæвыгон æдасæй ацæуæн нæй. Тепсыхъойы-хъæуккæгтæ алы хъæутыл апырх сты æмæ къордтæ-къордтæй фæндагмæ рацæуынц. Стигъынц æмæ давынц.
Нæ хистæр — Хъамболат, сæргуыбырæй бады бæхыл, хъуыдыты аныгъуылди. Йæ сæрыл схæцыд, ныгуылæнырдæм акасти.
— Инш-Æллах, ламаз афон у.
— Нæ хорз хистæр, — сдзырдта йæм Дудар, — зæронд хадзыйæ куыд фехъуыстон, афтæмæй фæндаггон ламаз куы нæ скæна, уæд дæр ын тæригъæдыл нымад нæ вæййы. Гъемæ мах дæр куы батагъд кæниккам фæлтау — нырма нæ æнæхъæн дыууиссæдз версты цæуын хъæуы. Банафон нын уыдзæни бынтон.
— Нырма дын æгæр раджы у Хъамболатæн зонд амонын, — фæтарæрфыг Хъамболат. — Мах дæр, нæ хæхтæ дæр, æгас дуне дæр Чи сфæлдыста, уый раз, цытджын Хуыцауы раз йæ хæс сæххæст кæнын пысылмон лæджы æрмæст адзал бахъыгдардзæни.
Хъамболат йæ бæхы æрурæдта. Æрурæдтам сæ мах дæр.
Æз сæ кæстæр дæн æмæ æппæты разæй æргæпп кодтон зæхмæ, Хъамболатæн æгъдæнцойыл фæхæцыдтæн, стæй бæхтæ сæ дзыларбостæй иуварс акодтон.
Хистæртæ æвдæз исынмæ ацыдысты суадонырдæм.
Æхтæнгты æлвæст суагътон, саргъыбыны нымæттæ бадзæбæх кодтон æмæ зæрæдтырдæм акастæн æмæ сагъдауæй баззадтæн диссаджы нывы уындæй: хуры зæрин тынтæ  сæ уæлæ хъазынц, афтæмæй Хъазуаты обауыл лæууынц цыппар гуырвидауц хæдæлвæст зæронды. Незамантаг таурæгъмæ гæсгæ обауы бын ныгæд сты æвддæс æфсымæры, сæ мæлæт ссардтой манголимæ тугкалæн хæсты.
Разæй лæууы Хъамболат, хистæр. Фæтæнуæхск, бæрзонд, йæ дыууæ армы цæсгомы онг систа æмæ кувы, стæй йæ къухтæ ронбастмæ æруагъта, рахиз къух галиуыл æрæвæрдта. Йæ халасрихи фырттæ цыма сты, уыйау йæ фæстæ лæууынц æртæйæ: Дудар, Ислам, Азæмæт, фæзмынц Хъамболаты алы фезмæлд дæр. Иу иннæйы фæдыл сæ зонгуытыл æрхаудтой...
Сæ сæрмæ — æнæбын цъæх арв, иунæг мигъы къæм дæр ыл нæ зыны, айдæнау лæгъз æмæ æнæкæрон. Цыма дзы æппæтуынæг Хуыцауы цæстытæ зынынц, афтæ мæм кæсы...
Иузæрдион, æнувыд сты цыппар зæронды Хуыцауыл, коммæгæсæй уый цуры æрхаудтой сæ зонгуытыл, зæххы онг ын кувынц сæ сæрæй. Ноджыдæр æмæ ноджыдæр... Афтæ-ма арф ныххизгæ уа зæрдæмæ: сæдæгай милуан адæймæгтæ кæмфæнды куы уой, уæд дæр уыцы иу рæстæг аздæхынц Чабæйырдæм, æрлæууынц сæ зонгуытыл æмæ сæ тæрныхæй зæххыл андзæвынц, Дунедарæгмæ кувынц уыциу ныхæстæй...
Хистæртæ ламазгонд фесты. Хъамболаты размæ бакодтон бæх æмæ æгъдæнцойыл хæцын. Лæппуйау рог сгæпп кодта саргъмæ æмæ загъта:
— Хуыцауы ном ссардтам æмæ нын ницуал уыдзæни, зæрдæрухсæй рæвдздæр адарæм нæ фæндаг, науæд ныл æрталынг уыдзæн.
Бæхтыл абадтыстæм æмæ сын сæ фæрстæ басхуыстам.
Нæ хуымгæрæттæм бынтон æнафоны бахæццæ стæм. Хæдзæртты рухсытæ разындысты. Æрбайхъуысти куыйты рæйын.
— Кæцытæ стут ацы æнафоны? Æрлæуут! — обауы рæбынæй нæм радзырдта радгæс.
Хæстæгдæр æм бацыдтæн бæхыл.
— Бахатыр кæнут: талынг у æмæ уæ нæ базыдтон, — хатыр ракуырдта радгæс æмæ нæ фæдыл радзырдта: — Фæндараст ут!
Зæрæдты сæ хæдзæрттыл сæмбæлын кодтон æмæ нæ кæртмæ бацыдтæн. Бæх Осмæны бар бакодтон æмæ хæдзармæ бахызтæн. Куыддæр къæсæрæй фæмидæг дæн, афтæ загътон:
— Курæг дæн, æмæ мæ съезды хабæрттæй мачи бафæрсæд, уымæн æмæ уын цы радзурон, уымæн ницы ’мбарын.
Æрмæст фæсæмбисæхсæвты баззадтæн иунæгæй æмæ бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодтон съездыл. Ныхæстæн æмæ хъаугъатæн кæрон нæ уыди, пайда та ницы æрхастой. Хорз, æмæ сабырæй рахæлиу стæм. Пысылмæттæ сæ минæвæртты равзæрстой æхсæнадон советмæ, фæлæ иннæ хъуыддæгтæй ницæуыл бафидыдтам. Мæхæмæт съезды кæронмæ дæр нал банхъæлмæ каст, афтæмæй аивгъуыдта горæтмæ — ахæм стыр адæймаг йæ рæстæг æмæ хъарутæ цæмæн дзæгъæлы хъуамæ сафа кæмдæр хъæуы...
Съезды уынаффæтæ мæхæдæг дæр дзæбæх куы нæ бамбæрстон, уæд райсом хъæубæсты сходæн цы радзурдзынæн, цы сарæзта, зæгъдзынæн, адæмы бафидауын кæнынæн?
Уыцы хъуыдытимæ куыд афынæй дæн, уый мæхæдæг дæр нæ базыдтон.
Дыккаг бон Хъамболат мæ разæй бахæццæ сходмæ. Егъаугомау дурыл лæууы æмæ адæмæн дзуры, съезды цытæ фехъуыста, уыдæттæ. Æмæ цы хъуамæ радзура, адæмы зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæмæй? Адæм цæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæмæй куы ницы фехъуыстой, уæд иугай-иугай хæлиу кæнын байдыдтой.
Æвиппайды райхъуысти Хъуыдæберды хъæлæс:
— Хорз адæм, Хуыцауы хатырæй, хæстæгдæр æрбалæуут, æмæ фæсивæды номæй мæнæ ацы лæппу цы зæгъинаг у, уымæ байхъусæм, — фæсивæдæй иумæ ацамыдта Хъуыдæберд йæ лæдзæгæй.
Адæм дуры алыварс æрбалæууыдысты.
— Дурмæ схиз, лæппу, æмæ ныфсджынæй зæгъ, нæ фæсивæд цы хъуыды кæнынц, уый.
Лæппу æфсæрмхуызæй æнцад лæууы. Стæй иунæг гæппæн дуры сæрыл февзæрди. Сау уæлдзарм худ æрфгуытыл ныллæг конд, сау цухъхъайы, астæу нарæг ронæй æнгом æлвæст. Рагон æвзист хъама тæмæнтæ калы хуры тынтæм.
Лæппу ницы дзуры.
— Дæумæ хъусынц хистæртæ, — загъта йын Хъуыдæберд.
Лæппу йæ сæрыл схæцыд.
— Уæ разы мæ дзых схæлиу кæныны ныфс мæм кæй разынд, нæ буц хистæртæ, уый мын Æппæтаразæг Хуыцау ныббарæд. Фæлæ рæстæг ныртæккæ ахæм у, æмæ рыджы бырæг хилджытæ дæр нæ митсæр хæхты цъуппытæм схизынмæ хъавынц. Фыдæлтæй нын баззад æмбисонд: мæсыг, дам, хи дурæй хæлы. Тынг раст ныхас у! Нæхи аххосæй хæлы нæ цард. Сымах, хистæртæ, фынджы уæлхъус куы рабадут, цæхх-кæрдзын уын уæрст куы нæ вæййы, хæлары гаджидæуттæ куы рауадзут, уæд уыцы рæстæг нæ фæсивæд та сæ хъаматæ кæрæдзимæ цыргъ кæнынц: пысылмæттæ — чырыстæттæм, чырыстæттæ — пысылмæттæм. Æвæццæгæн нæ æцæгдæр ралгъыста Хуыцау, æмæ нын райгуырæн бæстæ уа, уый аккаг не стæм, цигантау нæ алы ранæй дæр тæргæ хъуамæ кæной, сымахæн та, урссæр зæрæдтæн, кæстæртæн нæ бæззæм. Хуыцау йæ дæсны! Фæлæ хорз фыййау йæ гæбæр фос æнæниз фосæй куыд фæхицæн кæны, афтæ мах дæр фæнды, фыдæлты сыгъдæг æгъдау чи нымайы, нæ уыцы дзæбæх фæсивæды иннæтæй фæхицæн кæнын, уымæн æмæ нæм дзæвгар ис, хистæртæм къæйных чи у, фыдæлты æгъдау йæ чъизи къæхтæй чи ссæнды, ахæмтæ дæр. Фæсивæд мæнæн бафæдзæхстой æгас Иры кæстæртæм — пысылмонæй-чырыстонæй — фæсидыны бар сымахæй ракурынмæ, æмæ, Челеметы обау дыууæ стыр фæндаджы фæзилæны арвмæ кæм фæцыд, уым сæ æрæмбырд кæнынмæ. Кæд Хуыцауы бафæнда, уæд кæрæдзи цæстытæм комкоммæ бакæсдзыстæм, нæ адæмы иудзинадмæ, нæ Иры бæстæйы амондмæ фæндаг бацагурдзыстæм.
Лæппу иу минут сæргуыбырæй алæууыд, æнæуынæрæй æргæпп кодта дурæй æмæ фæсивæды æхсæн фæныгъуылд.
Дзæвгар рæстæг сыбыртт никæцæй райхъуысти. Хъуыдæберд йæ бынатæй сыстад, дуры цурмæ бацыд æмæ æрлæууыд. Ничи ницы дзуры. Ницы дзуры Хъуыдæберд дæр, æрмæст йе ’нцъылдтæ рустыл æрхылдысты дыууæ ставд цæссыджы. Цыдæр зæгъын æй бæргæ фæндыд, фæлæ йæ бон нæ баци æмæ сдзурыны бæсты хъæрæй ныккуыдта. Йæ къухтæ уæларвмæ сдардта æмæ æппынфæстаг тыхамæлттæй сфæрæзта:
— Табу дæхицæн, хуыцæутты Хуыцау!
Йæхæдæг хистæртæм йæхи байста.
Йæ бæсты рацыд Ахберд æмæ фæсивæдæн раарфæ кодта:
— Уæ цæрæнбон бирæ, нæ кæстæртæ. Цы курæг стут, уый сæххæст кæныныл бацархайдзыстæм нæ ихсыд хъарутæй.
Уый фæстæ æмбырд рахæлиу. Алчидæр йæ хæдзармæ цæуы зæрдæрухсæй, ныфс æм фæзынд, хæстæгдæр фидæны цард кæй фæхуыздæр уыдзæн. Алырдыгæй хъуысы:
— Рагæй дæр афтæ бакæнгæ уыди, бæргæ.
— Хуыцау, нæ курдиат дæм фехъуысæд!
Зæрæдтæ къордтæй араст сты Ирыстоны æппæт хъæутæм дæр писмотæ арвитынмæ. Бирæ радзур-бадзуры æмæ быцæуты фæстæ сын срæвдз. Сисыхъæуы зæрæдтæ хъæубæсты номæй зæгъынц: сыхаг хъæутæм æппындæр кæй ницы фыдæх хæссæм, уымæ гæсгæ амæй фæстæмæ хъæугæстæ нал дардзыстæм æмæ алчи йæ куыстмæ сабырæй бавналдзæн.
Писмойы кæронбæттæны загъд уыдис: «Алы хохаг дæр зонæд, сисыхъæуккæгтæм нæмгуытæ æмæ цыргъ фæринчытæ кæй нæй се ’фсымæртимæ-хохæгтимæ хæцынмæ. Алы хæдзары уазæгдон дæр махмæ гом у хохаг лæгæн».
Дыууадæс хистæры æмæ дыууадæс кæстæры сæ къух æрæвæрдтой писмойы æмæ йæ хабархæссæг барджытимæ арвыстой алы хъæумæ дæр.

IV
«... Кæй сыздæхтæн, уыцы хабаримæ дæм писмо куы арвыстон, Валя, уæдæй нырмæ дыууæ мæйы рацыди. Кæимæ йæ арвыстон, уый мын куыд загъта, афтæмæй дын дæхи нæ федта, фæлæ йæ дæ фыдмæ радта. Ау, уæд æй куыннæ хъуамæ райстаис! Дзуапп мын цæуылнæ дæттыс? Исты æрцыд? Мæхи фæрсын, фæлæ дзуапп ссарынхъом нæ дæн мæхицæн. Зæрдæ сагъæсæй байдзаг. Фыдыуæзæгыл кæй сæмбæлдтæн, уымæй æхсызгондæр ма цы уа, фæлæ мын мæ цин ад дæр нал кæны. Бæргæ, исты зæрдæлæууæн хабар куы райсин дæуæй. Цас æмæ цас бафтид мæ хъарутыл! Нæ адæм ныртæккæйы хуызæн æххуысхъуаг никуы уыдысты амæй размæ, уымæн æмæ дыууæ фыдæх къордыл фæдих сты. Ды, чи зоны, бафæрсай: дæ куыст исты пайда у? Мæхицæй  дын нæ раппæлдзынæн, фæлæ мын чысыл цыдæртæ æнтысы. Сисыхъæуы фæсивæд иууылдæр мæ фæдыл цæуынц æмæ æппæт хъарутæй архайынц адæмы ногæй баиу кæныныл. Ирон адæмы историйы хабæрттæ сын куы фæдзурын, уæд мæм куыд зæрдиагæй фæхъусынц, уый дæхи цæстæй куы фенис...
Мæ ныхæстæ дæм, æвæццæгæн, æнæхъуаджы фæкæсдзысты, фæлæ цы бакæнон, кæд æмæ мæ адæмы хъысмæтыл сагъæстæй дарддæр мæ сæры æндæр хъуыдытæ нæй...
Ныртæккæ иууылдæр дзурынц «национ хæдбардзинады» тыххæй. Фæлæ мах, ирон адæм, куы фæдзурæм национ хæдбардзинады тыххæй, уæд та ныл худгæ кæнынц: ничи кæсы ацы ирæттæм дæр — хæдбардзинад сæ æрхъуыди, ха-ха-ха! Мæнæн та уымæй хъыгдæр ницы ис. Хуссары ирæттимæ мах æдæппæт цыппарсæдæ мины стæм. Фæуæд афтæ дæр. Фæлæ сæхи куыд фæнды, афтæ цæрын сæ бауадзут. Æнæмæнг сæ цæмæн хъуамæ аныхъуырой кæцыдæр æндæр адæм? Æрмæстдæр нымæцæй фылдæр кæй сты, уымæ гæсгæ? Æмæ уый раст у? Хъомыл æмæ къабазджын адæймаг чысыл æмæ тæнтъихæджы æфцæгготыл куы ныххæцы æмæ йæ куы ныууигъы, уæд æм мæстæй, мыййаг, нæ рафыцæм? Чысыл адæмæн стыр адæм тыхми фæкæнынц цивилизацимæ хоныны æфсонæй. Æнæбары цивилизаци мæн ницæмæн хъæуы! Куыд мæ фæнды, афтæ мæ цæрын дæр æмæ мæлын дæр бауадзут. Чысыл, дам, стут сымах — æдæппæт цыппарсæдæ мины. Æмæ цы? Рагон Афинты республикæйы адæм нымæцмæ гæсгæ махæй цыппар хатты къаддæр куы уыдысты, Перс та æнæкæрон импери куы уыди. Æмæ цы радта Перс, æмæ цы радтой Афинтæ дунейы адæмты культурæйæн? Куыд уынæм, афтæмæй хъуыддаг нымæцæй аразгæ нæу. Исчи зæгъдзæн, культурæйæ аразгæ у. Гъемæ хорз. Культурæйы рæзты æнæмæнг æууæл у сæрибар национ сфæлдыстад. Цагъар адæмы культурæйæн рæзæн нæй. Æмæ афтæмæй махæн нæ бон стыр культурæ саразын у æви нæ, уый зæгъæн уыдзæни, сæрибарæй цæрыны æмæ рæзыны фадат нын куы фæуа æмæ бæлвырд рæстæг куы рацæуа, æрмæстдæр уæд. Раст у æви нæ? Æз дæр æй бæлвырдæй нæ зонын, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, афтæ у. Æнæхъæн къордтæй мæм цæуынц сывæллæттау æмæ зæгъынц: «Ды ахуыргонд дæ, мах та талынг адæм стæм. Цы кæнгæ у, уый нын бацамон. Цавæр у нæ фидæн?» Цы сын хъуамæ зæгъон?! Дзуапп сын фæдæттын: «Фыццаджыдæр баиу ут». Йæ зæгъын бæргæ æнцон у, фæлæ сæ царды мидæг та куыд баиучындæуа? Æрыхъалгæнинаг у сæ национ химбарынад, хъуамæ сæхицæн аргъ кæнын зоной. Æргом дын куы зæгъон, Валя, уæд мæм афтæ кæсы, æмæ адæмы фæтæгæн нæ бæззын. Мæнмæ та сæ фæтæджы цæстæй кæсынц...
Валя, афтæ лæмбынæг дæм цытæ фыссын, уыдæттæ дæумæ, æвæццæгæн, нымады дæр не сты. Хатыркурæг дæн! Мæ бирæ ныхас мын ныббар.
Дзуапмæ æнхъæлмæ кæсын.
Дæхи Албег
Сисыхъæу, 1918 азы 1 май».
Цалдæр боны фæстæ дзуапп райстон.        
«Стыр бæллæх мыл æрцыди. Тепсыхъойыхъæуы сæфты рæстæг уым мæ иунæг æфсымæр-гимназист æмæ мæ фыдыфсымæр — дыууæйæ дæр фæмард сты. Мæ ныййарджыты æмæ мæхи хъыгæн кæрон нæй. Зын мын уыдзæни демæ фембæлын, стæй мæ бон дæ писмойæн дзуапп раттын нæ бауыдзæн. Фæстаг рæстæг иу бæллæх иннæйы фæдыл æййафæм. Мæ чемы иучысыл куы æрцæуон, уæд дын дзуапп ратдзынæн. Ныр та уал мын ныббар æмæ дзæбæх у.
Валя
Дзæуджыхъæу, 1918 азы 10 май.» 
«Валя, дæ цыбыр писмо райстон. Уæ бæллæхыл цæйбæрц рахъыг кодтон, уымæн ныхæстæй зæгъæн нæй. Æгæр æбуалгъ сты Тепсыхъойыхъæуы зиантæ. Адæмæн сæ зонд фæцыди, æмæ цы гæнæг сты, уый нал  æмбарынц. Нæ Иры бæллæхты уындæй зæрдæ мæстæй рæдувы риуы мидæг. Ау, æппæт уыдæтты фæстæ мæм æндæр цæстæй кæсын райдыдтай? Кæд Дзæуджыхъæуы мæ цардæн тæссаг у, уæддæр мæ тынг фæнды дæ зыны рæстæг дæ фарсмæ æрбалæууын. Фæлæ дæ, куыд кæсын, афтæмæй мæ фенын нæ фæнды: дæ фыстæй бамбæрстон. Цы ’рцыдис, уый мын зæгъ, Хуыцауы хатырæй. Æргомæй йæ ныффысс. Æз хæстон лæг дæн æмæ цардæн комкоммæ йæ цæстытæм кæсын.
Дæхи Албег
Сисыхъæу, 1918 азы 11 май.»

V
— Изæры нæм минæвæрттæ æрбацæудзæни, — загъта мын Æна.
— Цавæр минæвæрттæ?
— Фаризæты курджытæ.
— Чи сæ æрбарвитдзæн?
— Иу уæрæседзау — Муссæ.
Мæ нымадæй уæрæседзауæн æвгъау у Фаризæт. Уæрæседзаутæн сæ фылдæр цумайы лæппутæ уыдысты, лæггадгæнджытæ. Сæ сæрæндæртæй искæцы цалдæр азмæ чи цас, чи цас æхцаимæ сыздæхы йæ хæдзармæ. Сæ ныхæстæй, дарæсæй æмæ митæй дисы бафтауынц — сæхицæй фендджын адæм аразынц.
Уыдонæй  у Муссæ дæр.
Бакастæй уындджын, уæдæ æгуыдзæг дæр нæу, революцийы райдайæны йæ сæр афоныл бафснайдта æмæ хæдзармæ схæццæ. Йæ хицау зæронд æхсинæн лæггадгæнæг кæй уыди, уымæй æдде ма йын йе ’хсызгон дæр арæзта, æмæ йын æхсин дæр зынаргъ лæвæрттæ куыннæ кодтаид. Лæварæй æнæ лæварæй — цæуыл фæхæст, уыдæттæ иууылдæр йемæ рампъыхта.
Адæмы цæсты кадджын не сты уæрæседзаутæ. Æмæ Муссæ дæр уымæ гæсгæ йæхи хъары хорз мыггаджы чызг æрхæссыныл.
— Дæ сæр кæм и — нæ дын æй ратдзысты! Æнхъæлыс, дæу хуызæттыл æрвæссынц? Сæхи уæздан мыггаг хонынц. Уæдæ йе ’фсымæр та афицер у. Сæ уæздан туг дæ сау тугимæ куыннæ сæмхæццæ кæндзысты! Де ’хцатæ сæм нымады дæр не сты. Дæумæ та давæггаг æхцатæй дарддæр цы ис, сæмпæрчъи уæрæседзау? — дзурынц Муссæйæн йе ’мгæрттæ.
— Фендзыстæм... Фендзыстæм. Ацы рихитæй уын ард хæрын: уыцы чызг кæнæ мæн уыдзæни, кæнæ æппындæр никæй, — здухы йæ сæнтсау схъæл рихитæ Муссæ.
— Дæ сынтæг цас у, дæ къæхтæ уыйас иваз, мæ лымæн!
— Дæ куыдзы бынат зон...
— Куыдз йæ лыстæнæй куы адзæгъæл вæййы, уæд æй бирæгътæ бахæрынц...
— Мæлдзыгæн йе сæфт куы ралæууы, уæд ыл базыртæ разайы. Ха-ха, — алырдыгæй дзырдæппарæн кæнынц Муссæмæ.
Фæлæ сыл Муссæ æнæрвæссонæй йæ къух ауигъы: сымахимæ фæнды дзур, фæнды — ма. Фæлæ йæ уыдон æнцой кæм уадзынц.
— Муссæ, иу ус, дам, йæхицæн салбар бахуыдта æмæ йæ лæгыл фæбылысчъил: «Ницæмæнуал мæ хъæуыс амæй фæстæмæ». «Цы мæ бон у, — дзуапп радта лæг. — Дæ салбар кæд баихсидзæн, уымæ банхъæлмæ кæсдзынæн».
Фæсивæд худынц.
— Уæздан хæдзары чызг йæ зæрдæ æрцагуырдта... Йæхицæн ног салбар бахуыдта. Ха-ха-ха...
— Дзæгъæл дзæнгæда уæм цæуы, — схъæлæй сын дзуапп дæтты Муссæ. — Талынг адæм стут. Æнæфенд. Ног рæстæг ралæууыд, уый уæм никæцæй хъары. Æхсинтæ дæр-иу мæ быны афæлдæхтысты, уый кæцæй хъуамæ зонат. Уæд адон цы сты? Мæгуырæй хъал.   
— Цъымарайы хæфс дæм кæд æрхауа, æндæр уæздан хæдзары чызгмæ дзæгъæлы у дæ каст.
— Бынтон æнæфенд адæм стут, — смæсты Муссæ. — Ображовани уæм æппындæр нæй.
Йæ ныхасы уырыссаг дзырдтæ фæтъыссынæй хуыздæр æм ницы кæсы.
Нæ бонæй стæм, зæгъын мæхицæн. Хъуыддагæй кæй ницы рауайдзæн, уый бæлвырд у, фæлæ æгъдау йæхионтæ домы: иугæр уазджытæ куы фæзыной, уæд æгасцуай зæгъын хъæуы.
Æна мыггаджы хистæртæм — Бимболатмæ æмæ Дзамболатмæ — арвыста. Уыдон дзурдзысты минæвæрттимæ.
Дыууæ зæронды афоныл фæзындысты æмæ уаты æнхъæлмæ кæсынц минæвæрттæм.
Нæ уат кулдуары тæккæ фарсмæ ис. Зæхбын къуындæггомау хатæн, йæ дуар кæртырдыгæй, йæ иунæг чысыл рудзынг уынджырдæм. Къулы рæбын — пец, йæ акомкоммæ къулыл — дзæбидырты æмæ сæгуытты цæрмттæ. Сæ бынмæ уаты иу кæронæй иннæмæ хъæдын тъахтиныл дæр сæгуытдзæрмттæ. Къулыл фидаргонд сагты æмæ дзæбидырты сыкъатыл — хотыхтæ: мæ фыды æхсаргард, афицеры кæрæбин, нымæт, ехс. Къуымы дыууæ саргъы — англисаг æмæ нæхи хохаг. Æндæр ницы ис талынггомау уаты.
Ам схъомыл дæн. Дуаргæрон лæугæйæ хъуыстон хистæрты таурæгътæм. Цумаввонг: кæмæн йæ лулæ ахуыссыд æмæ йын зынг æрбадавын хъæуы, кæмæн æвдæзисæн дон æркæнын хъæуы йæ къухтыл, кæмæн цы. Хистæртæн балæггад стыр амондыл нымадтон.
Иуахæмы хъуывгъанæй дон кодтон уазæгæн æмæ исдуг аджих дæн. Уазæг сонтæй скалдта дон йæ цæсгомыл, æмæ хъуывгъаны цыргъ хъуыр йе ’рфыгыл сæмбæлди, туг дзы рахъардта.
Мæ фыд мын дыууæ хатты ехс æруагъта ме рагъыл. Цыма мыл ницы суади, уыйау мæхи ныхъхъæддых кодтон.
— Мур дæр мын нæу... Ма йæ цæв, мæ хатырæй йæ ма цæв! — баиргъæвта йæ уазæг.
Мæ цæссыгтæ æрцæйкалдысты, фæлæ сæ тыххæйты баурæдтон. Уазæг мын армытъæпæнæй мæ сæр æрсæрфта:
— Тæрсгæ ма кæн! Дæ бакастæй бæрæг у — дæ фыд æрыгонæй куыд уыди, ахæм сахъгуырд дæ рауайдзæн...
Уазæгдоны сæгуытдзæрмттыл бадынц Бимболат æмæ Дзамболат. Сабыргай ныхас кæнынц.
Бимболат у бæрзонд, тæнтъихæг, гуыбыр зæронд лæг. Тыхулæфт кæны. Дзургæ-дзурын арæх æрлæууы, фæлæ йæ ныхас у зондджын, æнаипп. Цыбыр урс боцъо æнцайы риуыл. Рихитæ дæр цыбыр æлвыд, зынынц йæ фæлурс, æлхъывд былтæ.
Дзамболат дæр у бæрзонд, схъæлгуыр зæронд лæг, йæ бурбын боцъойы гæзæмæ урс хилтæ. Хæрзхуыз цæсгом ын, йæ цæстытæ хаттæн хинæрттывд фæкæнынц.
Дыууæ зæрондыл дæр сау куырæттæ æмæ цухъхъатæ. Бимболаты цухъхъайы бæрцытæ æмæ хъамайы фистон — урс стæгæй, Дзамболатæн та — сау стæгæй. Рафæрс-бафæрс мæ кæнынц Уæрæсейы хабæрттæй.
— Куыд цæрдзыстæм дарддæр? Паддзах нал ис, хицауад нал, æгъдау нал ис, — сæргуыбырæй æмæ æнкъардæй дзуры Бимболат. — Дæумæ та куыд кæсы?
— Куыд мæм хъуамæ кæса? — мидбылты бахудтæн æз. — Сæрибар райстат æмæ уый фагыл нæ нымайут? Уе ’фсондз уын систой, цагъараджы æфсондз.
— Уый раст у, — раздæрау сæргуыбырæй дзуры Бимболат. — Æфсондз нын не рагъæй рафтыдтой, фæлæ ныл æй ногæй куы нæ бафтауиккой, æрмæст ацы хатт зыгъуымырдæм. Зæронд æфсондз не рагъыл кæм уыди, уым ыл сахуыр стæм, нæ царм сфидар, фæлæ ныл æй тæссармæ куы сæвæрой, уæд нын фыддæр куы разына, уымæй тæрсæм.
— Тыхсгæ ма кæнут, æнæ æфсондзæй нæ баззайдзыстæм, — бафиппайдтон хъазгæмхасæнты.
— Уæдæ! Тæссармæ ныл æй сæвæрдзысты, æмæ нын уырыссаг паддзахы бæсты дзуттаг паддзах уыдзæни, — сразы Дзамболат. — Фендзыстут, кæд афтæ нæ рауайа.                      
— Паддзах уæвгæ уæд, æндæр цы уæлдай у — уырыссаг уа, дзуттаг уа?
— Цытæ дзурыс? Цытæ дзурыс? — фестъæлфыдысты зæрæдтæ дыууæйæ дæр. — Дæ дзыхæй та йæ куыд суагътай?
Кæртæй æрбайхъуысти Домбайы рæйын. Чи ’рбацыдаид, уый фенынмæ рахызтæн.
— Мидæмæ, мидæмæ, уазджытæ. Иеуырру! — иуварс атардтон Домбайы.
Уазджытæ кæртмæ æрбахызтысты.
— Дæ изæр хорз... Дæ изæр хорз! — куыдхистæрæй мын исынц мæ къух.
— Дзæбæх, æнæниз дæ? — фæрсы мæ уазджыты хистæр.
— Саг-сæгуыты хуызæн.
— Бинонтæ дæр дзæбæх, æнæниз сты?
— Хуыцауæн табу — дзæбæх.
— Хæстæг-хиуæттæ дæр дзæбæх сты?
— Иууылдæр æнæниз, Хуыцауы фæрцы.
— Уæдæ зæгъыс,иууылдæр дзæбæх, æнæниз?
— Иууылдæр. Уæхæдæг та куыдтæ стут? — ныр та сæ мæхæдæг фæрсын.
— Мах дæр, Хуыцауæн табу, дзæбæх, — дзуапп радта хистæр.
— Хæстæджытæ-къабæзтæ дæр дзæбæх?
— Дзæбæх сты, Хуыцау дæ дзæбæхæй бафæрсæд.
Исдуг ницы дзурæм.
— Ног хабарæй уæм цы ис? — фæрсы та хистæр.
— Дзæбæх-æнæнизæй дарддæр нæм ногæй ницы ис.
— Æмæ уымæй хуыздæр уæвгæ та цы ис? Кæддæриддæр уæ æнæниз уадзæд Хуыцау...
Уазджыты мидæмæ бахуыдтон.
— Фарн ацы хæдзары! — зæгъы сæ алчидæр, къæсæрыл хизгæйæ.
Бимболат æмæ Дзамболат сын сыстадысты æмæ фæйнæ къахдзæфы ракодтой сæ размæ. Уазджытæ сын сæ къух исынц.
Бимболат, мыггаджы хистæр, æппæты уæле æрбадт, йæ фарсмæ — уазджыты хистæр Умар, фæлæ иннæ уазæг Дзамболатæй уæлдæр сбадын нæ комы.
— Нæ, Дзамболат, ды хистæр дæ, æмæ дæ уæле не сбаддзынæн.
— Нæ, дæ бынат ам у, æз та дæ дæле сбаддзынæн.
— Мæ мард фен, дæ уæле ницы хуызы сбаддзынæн.
— Тобæ æстафырыллæх, — зæгъы Дзамболат æмæ Гаппойы уæлдæр бадын кæны.
— Мауал быцæу кæнут, — дзуры сæм Бимболат. — Сбад, Гаппо, кæм дын зæгъы, уым. Æгъдаумæ гæсгæ хъуамæ уæлдæр бадай. Æмгæрттæ стут, ды та, Гаппо, уазæг дæ ацы хæдзары.
Гаппойæн кæм зæгъынц, уым сбадти. Иууылдæр сæ бынæттæ ссардтой, æз та дуаргæрон лæууын.
— Уæртæ дуаргæрон цы лæппу лæууы, уымæн дæр сбадгæ у, — зæгъы Бимболатæн уазджыты хистæр Умар. — Нæхимæ хохаг æгъдæуттæ дзы ма домут, æндæр уавæрты фæцарди...
— Уадз æй, Умар, — кæронмæ дзурын æй нæ бауагъта Бимболат. — Йæхи бар æй уадз. Кæм лæууы, уым ис йæ бынат. Зæрæдтимæ бадыны афон ын нæма у. Мах цас ацардыстæм, уый дæр уал уыйбæрц ацæрæд а дунейыл. — Æмæ ныхас иннæрдæм аздæхта. — Цæй, куыдтæ цæрут, нæ зынаргъ уазджытæ?
— Хуыцауæн табу, сындæггай бонæддæдæр кæнæм, — ныуулæфыд Умар. — Ацы зын рæстæджы куыд хъуамæ цæра адæймаг?
Умар у ныллæджытæ, фæлæ фæтæнуæхск цыппæрдигъон лæг. Йæ къæхтæ тъахтинæй зæхмæ тыххæйты æххæссынц. Егъау сау хъама уæрагæй бындæр æрзæбул. Цыма йæ зæнгæйттæн æрбырынæй тæрсы, уыйау сæм рæстæгæй-рæстæгмæ февналы. Гаппо æнцад бады, æрмæст искуы-иу хатт баппары йæ ныхас. Хъамайы кæрон хæрдмæ фæфæлдæхта æмæ йыл роцъойæ æрæнцой.
— Дзæбæх, æнæниз стут? Уæ бинонтæ дæр дзæбæх сты? — фæрсы дарддæр Бимболат.
— Бузныг, иууылдæр дзæбæх, æнæниз.
— Уымæй хуыздæр ма цы уа? Æнæнизæй дарддæр нын цы баззад? Æнæниз дæр ма куы нæ уаиккам, уæд нæ цард цы уаид? Хуыцауы зæрдæ ныл, æвæццæгæн, бынтон нæма фæхудти, — ныуулæфыд Бимболат. — Ног хабарæй та уæм цы ис, нæ зынаргъ уазджытæ?
— Æнæнизæй дарддæр ницы хабар...
— Гъемæ æнæниз ут æдзухдæр.
— Сымах дæр æнæниз ут, нæ буц фысымтæ.
Иуцасдæр ницы дзурынц.
— Хуыцауæн табу, ацы аз нартхор, æвæццæгæн, фесгуыхдзæн: æвзартæй зæрдæ рухс кæны, — зæгъы Умар.
— Табу Хуыцауæн! Кæд фæззæгмæ æгас уæм æмæ ницы фыдбылыз æрцæуа, уæд зымæджы къæбæрхъуаг нæ баййафдзыстæм, — дзуапп ын радта Дзамболат.
— Мæгуыр хохаджы бирæтæ хъæуы, æви? — бафтыдта Гаппо.
— Бирæйæ, чысылæй цæрын нæ куы уадзиккой, уæд бæргæ. Ахæм ма рæстæджытæ ралæугæ уа. Мæгуыр лæгæй авд цармы стигъынц. Уый та, дам, уын сæрибар, — хъаст кæны Дзамболат.
— Уæллæй, уæззаудæр рæстæгæн уæвæн нæй. Адæм талынг сты, æмæ сæрибар дæр зыгъуыммæ бамбæрстой, — сразы Умар.
— Ма тыхсут, кæд Хуыцауæй бынтон нæ ферох уаиккам, — зæрдæтæ æвæры Бимболат. — Хуыцауы хæрзтæн кæрон нæй. Алцы дæр уыны æмæ зоны, кæмæн цы ’мбæлы, уый йын фæуыдзæн.
Иууылдæр ныхъхъус сты.
Ахæм æнафоны дзæгъæлы кæм æрбацыдаиккат, — дæрдты райдыдта Бимболат.
— Раст æй бамбæрстай, нæ буц хистæр. Æмæ кæд æмбæлы, уæд иу-дыууæ ныхасы зæгъдзынæн.
— Табуафси!
— Нæ зондджын фыдæлтæй нын бирæ хорз хабæрттæ баззади, — дæрдты райдыдта Умар дæр. — Æмæ уыдон рохгæнгæ не сты. Куыд дзырдта фыдæл? Адæймаг хъуамæ цæугæ размæ кæна, таугæ та фæстæрдæм. Æмбарут æй, цы амоны, уый? Адæймаг, дам, размæ згъоры, ома, бонтæ згъорынц. Йæ фæстæ та фæд уадзы. Адæймаджы фæстæ хъуамæ фæд баззайа. Фæд. Афтæ нæу? Куыд уæм кæсы — уымæй зондджындæр ныхас  ма вæййы? Адæймаджы фæстæ фæд баззайы.
— Ай-гъай, ай-гъай, — сразы сты йемæ, æмæ Умар йæ ныхас дарддæр кæны.
Бимболат бынмæ кæсы. Гаппо дыууæ къухæй хæцы хъамайыл æмæ йын йæ кæроныл хафы йæ боцъо. Дзамболат ноджы бæрзонддæр систа йæ сæр æмæ, цы у, уымæй хъустæ фестад.
Умар йæ сæрак зæнгойыл схæц-схæцгæнгæ дзуры:
— Адæймаг иунæг куы уа, уæд уымæй æнамонддæр нæй. Бирæ бинонтæн æмæ дзы хорз хæстæджытæн æмбал нæй. Æмбисондæн дзæгъæлы баззади: мæгуыр хæстæг хъæздыг æрдхордæй хуыздæр у. Хæстæгагур та дардмæ цæуын ницæмæн хъæуы, цины дæр æмæ зианы дæр дæ фарсмæ куыд уа, афтæ. Уæлдайдæр та ныртæккæ, бæстæ æддæг-мидæг куы ауади, æмæ хæлар кæцы у, уый раиртасæн куы нал ис, уæд. Ахæм заман дæ фарсмæ хорз хæстæг куы разына, уæд стыр амонд у. Гъемæ мæ ныхас дæр бахæстæгыл у. Чи нæ æрбарвыста, уый дæр зонут æмæ, цæмæ æрбацыдыстæм, уый дæр æмбарут. Сымахмæ ис, мах кæй агурæм, ахæм хæзна. Уæ хæзнайы тыххæй цыдæриддæр бадомат, уый уын ратдзыстæм. Ныхас рауæй-балхæныныл нæ цæуы, фæлæ адæймагæн йæ цард саразыныл. Дзуапмæ йеддæмæ уæм ницæмæ æнхъæлмæ кæсæм, æцæг куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр. «О» кæнæ «нæ» зын зæгъæн нæу. Гъемæ разыйы дзуапп цы фехъусæм, уый курæг стæм Хуыцауæй.
— Оммен! — цыбырæй загъта Гаппо æмæ йæ хъама æрфæлдæхта.
Умар цухъхъайы дысæй йæ цæсгомы хид сæрфы: æнцон у, мыййаг, ахæм дæргъвæтин æмæ къæбæлдзыг ныхас.
Гаппо йæ хъама ногæй сфæлдæхта æмæ Бимболатæй дзырды бар ракуырдта.
— Бахатыр кæнут, æз дзурынмæ дæсны нæ дæн, стæй бирæ дæр нæ дзурдзынæн. Кæд æмбæлы, уæд æрмæст дыууæ ныхасы зæгъдзынæн. Мах кæй уарзæм, уыдонæн сеппæтæн дæр Хуыцау, дуаргæрон чи лæууы, уыцы лæппуйы хуызæн хæстæджытæ раттæд — ахуыргонд, хъæздыг, йæ хæдзар хъуаг ницæмæй æййафы, хæрзæгъдау. Иу ныхасæй, сыгъдæг ирон лæппу. Æниу, æппæлынхъуаг нæу, уæхæдæг æй иууылдæр хорз зонут. Æндæр ницы зæгъинаг дæн.
Иууылдæр ныхъхъус сты.
— Раст зæгъут, нæ зынаргъ уазджытæ, бынтон раст. Фæлæ цæй фæдыл æрбацыдыстут, уый хуымæтæг хъуыддаг нæу. Ирон царды мидæг уымæй ахсджиагдæр ницы ис. Хæдойнаг æлхæнгæйæ дæр ма йæ лæг рабар-бабар куы байдайы, ам та ныхас адæймагæн йæ æппæт цардыл цæуы. Уæ ныхæстæ ахъуыдыйаг сты. Стæй хъуыддаг иу æмæ дыууæ лæгæй аразгæ нæу, фæлæ, æнæхъæн мыггаг цы зæгъой, уымæй. Уæдæ нæм дзæбæх кæстæртæ дæр ис, æмæ уыдоны æвастæй дæр нæ бон ницы дзуапп раттын у. Стæй фæсивæд кæрæдзи хуыздæр зонынц æмæ æмбарынц. Уæдæ чызгæн йæхи дæр бафæрсын хъæуы. Абон рæстæг æндæр у, æмæ сылгоймаджы æнæбары ничиуал дæтты. Йæхи фæнд ын базонæм.
— Нæ хорз хистæр, кæд хуымгæнгæ у, уымæй галы нæ фæфарстæуы, науæд хуым æнæкондæй баззайдзæни, — зæгъы Умар. — Фæсивæды тыххæй куы дзурæм, уæд уыдон дæр хистæрты ныхмæ ницы зæгъдзысты. Æнæхъуаджы рафæрс-бафæрс дзы цæмæн хъæуы, дард куы нæ цæрæм, кæрæдзи хорз куы зонæм...
— Раст у дæ ныхас: хистæртæ кæрæдзи зонынц, — зæгъы Дзамболат. — Æмæ хъуыддаг махæй аразгæ куы уаид, уæд дзы бирæ рахъуыды-бахъуыды дæр ницæмæн хъæуид. Фæлæ зæрæдтæ аивгъуыйдзысты, фæсивæд та цæргæ баззайдзысты. Æмæ сæ фæнд нымайгæ у.
Хæдзармæ мæм фæдзырдтой.
— Фынг цæттæ у.
— Гъемæ хорз. Хистæрты ныхас дæр кæронмæ æрхæццæ.
Фаризæт къуымы тæбæгътæ сæрфы.
— Фæндараст, Фаризæт! — сдзырдтон æм æз. Ницы дзуапп мын радта, йæ цæстæнгас уыцы тарстхуыз.
Дзыги агæй фых карк систа, афтæмæй мæ цуры æрбалæууыд.
— Рæвдздæр-ма федде кæнут ацы абадгæ чызджы, науæд мын фæндаг нæ дæтты, æмæ æз дæр уый хуызæн нырчъиаг уыдзынæн, — кæлкæлæй худы Дзыги.
Æна йыл схъæр кодта:
— Кæсут-ма ацы æнæнтыстмæ, хистæрты раз цытæ дзурын уæнды. Æдзæсгом!
— Цы хъуыды кæнын, уый дзурын, — фæкъæпп æм кодта Дзыги æмæ та хъæлæсыдзагæй ныххудт. — Мæнгæй исты зæгъын?
— Карк дæ къухæй æрхаудзæни, гуыбынниз дæ адава. Сæрхъæн! Цымæ нын кæмæй фæдæ?
— Дæуæй! — бынтондæр бакъæцæл Дзыги.
Æна йæм чъирифæлдахæнæй февзыста, фæлæ Дзыги алыгъди. Фаризæт нæм йæ сатæгсау цæстытæй кæсы уыцы тарстхуызæй. Цымæ цæуыл сты йæ хъуыдытæ? Бæргæ йæм бауаин æмæ йын зæрдæтæ авæрин, фæлæ мын уазæгдонмæ тагъдгæнгæ у. Тас, сапон, хъуывгъан æмæ хисæрфæн райстон æмæ цæугæ-цæуын Фаризæтмæ дзурын:
— Тыхсгæ ма кæн, мæ хойы гæбаз, дæ амонд дæхицæй аразгæ у!..
Уазджытæ фынгæй сыстадысты, раарфæ кодтой æмæ ацыдысты.
Бинонтæ иууылдæр хæдзары бакъорд сты. Бимболат æмæ Дзамболат къулы рæбын дуртыл æвæрд фæйнæгыл бадынц. Фаризæт æмæ Дзыги фæсвæдмæ байстой сæхи, зæрæдты ныхасмæ сæ хъус дарынц. Æна дзуццæджы бадгæ цыдæр къустæ-къоппатимæ архайы.
— Нæ фыдыфыд Хъысти рухс дзæнæты фæбадæд... — сдзырдта Бимболат.
Хъыстийы ном куыддæр айхъуыста Æна, афтæ йæ бынатæй фестад, иуцасдæр æнцад алæууыд, стæй фæкодта: «Рухсаг уæд!» Чызджытæ дæр сæ уæхсчытыл схæцыдысты.
— ... Хъысти бынтон зæронд уыди, бакуырм, æз та сывæллон лæппу уыдтæн, уæддæр, йæ фыды ныхæстæ куыд фæзмыдта, уый дзæбæх мæ зæрдыл бадардтон...
Бимболат фæхъус, æмæ, цыма цы зæгъинаг у, уый дзы байрох, афтæ мæм фæкаст æмæ йæ афарстон:
— Æмæ, дам, цы загъта?
— Цы загъта? — базмæлыдысты Бимболаты былтæ, æмæ мын цыма мæ ныхас нæ бамбæрста, уыйау мæм ныккомкоммæ. — Ахæм рæстæг, дам, ралæудзæн, æмæ æрчъи сæрак дзабыримæ фæбыцæу уыдзæни, бæласмæ нæ раздæр чи схила, зæгъгæ.
Ногæй та фæхъус.
— Æмæ цы баисты, цы — æрчъи фæраздæр, æндæр цы. Куыд уæм кæсы, æрчъийы рад нæ ралæууыд? Мæ мард фенут, раст чи нæ зæгъа.
Махæй ничи ницы дзуры.      
Домбай уæдæй нырмæ йæ сæр йæ дзæмбытыл æвæрдæй  дуаргæрон æнцад хуыссыд æмæ, æвæццæгæн, цы ныхъхъус сты, зæгъгæ, йæ сæрыл схæцыд, йæ комы дзаг ныззæмбыди:
— И-и-их!
Бимболатæн йæ каст цыма уымæ уыди, уый хуызæн мæстыхуызæй йæ лæдзæджы бырынкъæй зæхбын æрцавта.
— Фæлæ уый нæ уыдзæн... Цалынмæ цæрæм, уæдмæ никуы уыдзæн! Æрчъи сæрак дзабыры никуы баййафдзæни! Никуы!
— Афтæ, бæгуыдæр, — сразы йемæ Дзамболат. — Раст зæгъыс, бынтон раст!
Бимболат æрсабыр æмæ уæзбынгомауæй йæ ныхæстæм бафтыдта:
— Хъуыддагæй кæй ницы рауайдзæн, уый уыцы адæмæн бамбарын кæнын хъæуы. Æрчъи уадз æмæ æрчъийæ баззайа. Махмæ уыдоны аккаг чызг нæй. Æцæг дунейы нæ фыдæлты раз цавæр цæсгомимæ æрлæуиккам? Нæй, уымæн уæвæн нæй!
Æмæ та лæдзæджы кæронæй æрцавта зæхбын.
— Æвæстиатæй сын бамбарын кæнын хъæуы, науæд æнхъæлдзысты, æмæ дызæрдыджы бафтыдыстæм. Раст нæ зæгъын, хистæр? Куыд дæм кæсы?
— Бынтон раст, бынтон. Тæккæ райсом сын бамбарын кæндзыстæм, сæ зæрдæ дзæгъæлы куыд нæ дарой, афтæ.
Бимболат сыстади. Сыстад Дзамболат дæр.
— Æнафон у. Хæрзæхсæв ут!
— Хæрзæхсæв ут сымах дæр, — дзуапп сын радта Æна. — Хуыцауы салам уыл сæмбæлæд æмæ фæндараст ут.
Зæрæдты фæдыл рацыдтæн. Къæсæрыл айхъуыстон Дзыгийы чыр-чыр:
— Мæгуырæг, мæлхъы хуызæн хъулонæй дзæгъæлы фæдыууæрдæм кодта, кæд у, уæдæй нырмæ нæ дуæртты. Æз та æнхъæлдтон, æмæ мæныл дзурдзæни. Ха-ха-ха...

VI
Райсомæй Даргъ-Быдыры æмæ Сырхкъулы æхсæн къуыбыртæй хъуысын райдыдтой топпы гæрæхтæ.
Сисыхъæуккæгтæй нартхор рувынмæ чи араст, уыдон фæстæмæ раздæхтысты æрдæгфæндагæй. Уайтагъд гæрзифтонгæй хъæуы астæумæ æрбамбырд сты саргъыбæхтыл æмæ уым æрфистæг сты. Мæзджыты рæбын дуртыл бадынц цалдæр зæронды, иннæтæм æнхъæлмæ кæсынц. Уæдмæ уыдон дæр æрбахæццæ сты. Зæрæдты æхсæнæй рахызт Знауыр-хадзы. Йæ бухархудыл урс цалмæхыз тыхт, фадхъултæм уæлæфтуаны бынæй зынынц цъæх цухъхъа æмæ сау хъама.
— Нæ фæсивæд, хъæддых фæлæуут! — зæгъы Знауыр-хадзы. — Нæ тæригъæдтæ, æвæццæгæн, афтæ бабирæ сты, æмæ ныл Дунедарæг йæ бæллæх рауагъта. Сырхкъулы фæхстæй гæрæхтæ хъуысы æмæ, чи зоны, афонмæ ирон тугæй схъулон сты. Сар сæ сæр у, сæ зонд кæмæн фæцыд, уыцы адæмæн. Фæсивæдæн кæсгæ ницæмæуал у. Æвæстиатæй фæцæут æмæ уыцы æдылыты сæры зонд бауадзут — хотыхæй нæ, фæлæ дзыхыныхасæй. Уырдыгæй Даргъ-Быдырмæ бахизут æмæ сæ баиргъæвут. Æфсымæры риумæ быцæу хъаматæ сын сæ къухтæй байсут. Сыгъзæрин Уастырджи уæ фæндараст фæкæнæд æмæ уæ худинаг æмæ æгадæй бахизæд!
— Фæндараст ут! — сыстадысты æмæ æмдзыхæй загътой иннæ зæрæдтæ дæр.
Фæсæмбисбон сæдæ барæгимæ бахæццæ дæн Сырхкъулы фæхстæм. Дымгæ хъазы нæ кæрдæгцъæх тырысайæ. Гæрæхтæ нал хъуысынц. Змæлæг никуы зыны. Æрмæст нæм сывæллон фыййæуттæ тарстхуызæй кæсынц.
Кæмæндæрты дзы йæ цæссыг кæлы.
— Цæуыл кæут? — бафарстон сæ иуы. Тæккæ фæндаггæрон лæууы цæссыгæй хъулæттæ цæсгомимæ.
— Мæ фыстæ фесæфтысты... Гæрæхтæй фæтарстæн æмæ алыгъдтæн, фос цы фесты, нæ зонын.
— Ма ку, райсом сæ ссардзынæ, — загъта йын тырысахæссæджы æмбал Агуыбе. Æрæвнæлдта йæм æмæ лæппуйы йæ фæсарцмæ систа.
— Ныр та уæхимæ цом уазæгуаты!
Лæппу ницы дзуры, барджытæм ракæс-бакæс кæны.
— Дæ ном цы хуыйны æмæ кæй фырт дæ? — фæрсы йæ хъуынтъызæрфыг Илас, кæддæры хуыснæг æмæ бæхдавæг.
— Зæронд Ахболаты кæстæр фырт дæн, мæ ном Ацæмæз хуыйны, — сæрæн дзуапп дæтты лæппу.
— Æмæ абонсарæй чи гæрæхтæ кодта ам?
— Хæтæнхуаг тепсыхъойыхъæуккæгтæ æмæ мах æдылытæ хæцынты хъазынц.
Ацæмæзы дзуапп неппæты зæрдæмæ дæр фæцыди; ахæм сæрæн лæппуимæ ныхасæй чи бафсæстаид, фæлæ уæдмæ Сырх-къулмæ бахæццæ стæм.
Агуыбейы фæсарцæй æргæпп кодта Ацæмæз, мах та мæзджытырдæм араст стæм. Мæзджыты кæрт у адæмæй йæ тæккæ дзаг. Рæнхъæй æрлæууыдыстæм æмæ нæм исчи кæд æрбацæудзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсæм.
Кæртæй рацыдысты æртæ зæронды. Нæ размæ куы æрбахæстæг сты, уæд астæуæй чи цыди, уый æрлæууыд, йæ рахиз къух ронбасты онг схаста æмæ нын салам радта:
— Салам-алейкум!
— Алейкум-салам! — дзуапп радтой барджытæ.
Зæронд тызмæгæй йæ цæст ахаста барджытыл æмæ загъта:
— Хъæубæстæ уын стыр арфæ кæнынц, нæ зынаргъ æфсымæртæ, нæ зыны сахат нæм хæстæввонгæй цæргæстау кæй фæзындыстут æххуысмæ, уый тыххæй. Ныр æнафон у æмæ ницуал аразинаг стæм, фæлæ нæм райсом ламазафон фæзындзысты не ’мдин кæсæг æмæ мæхъхъæл, ныридæгæн фæдисы рацыдысты. Сымах хуызæн сæрæн æмæ буц уазджытæн фысым фæлæууын Сырхкъул йæхицæн стыр амондыл банымайдзæн.
Къорды хицау æз дæн æмæ зæрондæн дзуапп дæттын дæр мæн бахъуыди.
— Ацы фæсивæды, — ме ’мбæлттæм амонын, — мæ бæрны бакодтой хъæуы хистæртæ. Бар мын раттут, хистæртæ нын кæй бафæдзæхстой æмæ мах цыфæндыйæ дæр сæххæстгæнинаг кæй стæм, уыцы уæззау хæс сымахæн фехъусын кæнынæн.
— Дæ ныхас Хуыцауы зæрдæмæ фæцæуæд! Дæ хорзæхæй, лæмбынæг дæм хъусæм, — зæгъы зæронд.
Æгъдæнцæйттыл слæууыдтæн, адæмыл мæ цæст ахастон æмæ хъæддыхæй загътон:
— Фыдæй-фыртмæйы знаг кæй хонынц чидæртæ, уыцы чырыстон ирæтты ныхмæ тугкалæн хæстмæ нæ фæзындыстæм мах сырхкъулаг фæдисоны сидтмæ гæсгæ, не ’фсымæрты мæрдтæ бæхтæ сæ къæхты бын ссæндой, уый тыххæй нæ базылдыстæм нæ саулохæгтæм, не ’фсымæрты туг ныккалынмæ не ’рыссадтам сау дуртыл сæрдасæнтау нæ фыдæлты фæринчытæ, фæлæ фæзындыстæм сымахимæ æфсымæртау аныхас кæнынмæ, уæ дурзæрдæтæ æртайын кæнынмæ æмæ нæ ирон адæмы иумæйаг хорзæхæн бафидауынмæ.
Зонут, сырхкъулæгтæ, уæлæ уыцы фæхстыл æфсымæрты марыны худинаггаг хæст феныны бæсты, уæ размæ цы фæсивæд лæууынц, уыдон мæлæт ссарыныл разы сты. Сымахмæ нæ бæхтæ æмæ хæцæнгарз раттыны размæ, уæ уазæгдæтты уæ цæхх æмæ кæрдзынæй саходыны размæ мах зонын фæнды: чи стут? Нæ фыдæлты кадджын æгъдау кæмæй ферох æмæ сæ даргъбыдираг æфсымæрты туджы сæ къухтæ сæвдулын кæй фæнды, уыдон стут? Æви, канд нæ чысыл ирон бинонты нæ, фæлæ хохаг адæмты стыр бинонты сабыр цардмæ æмæ амондмæ чи бæллы, уыдон стут?
Мæ ныхас фæдæн æмæ комкоммæ кæсын адæмы цæстытæм.
Цыма дзурынхъом нал сты, уыйау æдзæмæй лæууынц. Нæ размæ салам раттынмæ цы зæронд рацыди, уый йæ сыхæгтæм æххуысагур бакæс-бакæс кæны.
Адæм фæйнæрдæм алæууыдысты, æмæ се ’хсæнæй рацыд бæрзонд зæронд лæг. Йæ фæтæн риу æнæхъæнæй дæр урс-урсид боцъойæ нæ зыны. Сындæггай нæм æрбаввахс. Рагæй йæ зонын: Инал-хадзы.
Нæ тæккæ раз æрлæууыд æмæ афарста:
— Рагон Сырхкъулы мæнæй хистæр нæй æмæ мæн фæнды дзуапп раттын, æдзухдæр уæззау зондыл лæуд æмæ кæддæриддæр уазæгуарзон Сисыхъæуы хистæрты фæдзæхст æдæрсгæ чи æххæст кæны, уыцы сахъгуырдæн. — Комкоммæ мæм ныккаст æмæ дарддæр дзуры: — Нæ хæхбæсты аккаг хъæбултæ стæм, æви не ’фсымæрты туг ныккалынмæ бæллæг фыдгæнджытæ, уый базонын дæ фæнды, зæгъыс?
— Æнæмæнг афтæ, нæ буц хистæр, — дзуапп ын радтон æз.
— Уæдæ хъус ардæм. Туг ныккалынмæ нæ, фæлæ æфсымæр-тау кæрæдзи æмбарынмæ, æхсаргæрдты зæллангмæ æмæ нæмгуыты æхситмæ нæ бæллæм мах, фæлæ рагон зарджытæм хъусынмæ. Сымах кæмæ фæфæдис стут æмæ мах ардæм кæй тыххæй æрбамбырд стæм, уыцы нæмгуыты къуыззитт даргъбыдирæгтæ æмæ сырхкъулæгты аххос нæу, фæлæ, ирон лæджы ном хæссыны аккаг чи нæу, дыууæ хъæуæй дæр  ахæм цалдæр къулбадæджы аххос. Мах тыхбонæй бацархайдзыстæм, хистæрты коммæ чи нал кæсы, уыцы фæсивæды басабыр кæныныл æмæ даргъбыдирæгтимæ амæй фæстæмæ сабырæй æмæ æфсымæртау цæрыныл. Тагъддæр бафидауыны тыххæй мах тæрхонгæнæг фæлæууынмæ фæсидтыстæм нæ хохаг æфсымæртæм — кæсæгмæ æмæ мæхъхъæлмæ. Уыдоны æнæхæрам тæрхон кæрон сæвæрдзæн ирон бинонты хъаугъайæн. Хуыцауы раз сæумæйы хæс сæххæст кæнынмæ куыддæр æрæмбырд уой райсом мæзджытмæ сырхкъулæгтæ, афтæ кæсæг æмæ мæхъхъæл дæр æрбахæццæ уыдзысты сæ дзырддзæугæ хистæртимæ. Ахæм зондыл лæуд у Сырхкъул, æмæ хъуыддагæн кæрон æнæ сæвæргæ нæй. Раст у мæ ныхас? — адæмы бафарста Инал-хадзы.
— Бынтон раст! — хъуысы мингай адæймæгты хъæлæс.
— Хуыцау, табу дæхицæн! — æхсызгонæй загътон æз. — Уыцы хъуыддаджы уæ кæддæриддæр бафæнда æмæ кæдæмдæриддæр зæгъат, уым уыдзыстæм уемæ æмæ уæ разæй. Ныр та кæд цыфæнды æнафон у, уæддæр нæ фæллад сымахмæ суадзыны бæсты цæуæм даргъбыдирæгтæм. Нæ бацыды сæр сын бамбарын кæндзыстæм æмæ, цы сæ зæрды ис, уымæ байхъусдзыстæм. Стæй фæсæхсæвæрты ногæй Сырхкъулы сæмбæлдзыстæм, Хуыцауы фæндæй. Ныр та уал хатыркурæг стæм æмæ нын фæндараст зæгъут.
— Хуыцауы уазæг ут! — загътой сырхкъулæгтæ, æмæ нæ бæхты фæрстæ басхуыстам.
Æрмæст хурныгуылдыл аззадысты фæсте Сырхкъулы рæгътæ, æмæ дæлвæзмæ рахызтыстæм. Дардæй æрбазынди Даргъ-Быдыр. Хъæугæроны змæлынц барджытæ æмæ фистæджытæ. Мах куы ауыдтой, уæд нæ, æвæццæгæн, фыдгул æнхъæл фесты æмæ алырдæм апырх сты сæ хæцæн бынæттæм. Æртæ барæджы урс тырысаимæ æрбатындзынц нæ размæ. Махæй дæр æртæ барæджы фæраст уыцырдæм.
Сæ урс тырысатимæ хъæбатыр Куыдзыгусы обауы рæбын баиу сты. Кæрæдзи базыдтой. Даргъбыдирæгтæй иу фæстæмæ атындзыдта сæхионтæм, иннæ дыууæ та махонтимæ æрбацыдысты.
— Уæ фæндаг раст, Хуыцауы уарзон сисыхъæуыккæгтæ! Сымах хуызæн уазджыты уынд æхсызгон уыдзæн Даргъ-Быдырæн, — зæгъы хурсыгъд барæг.
— Нæ фембæлд амондджын разынæд, — дзуапп радтон æз.
Даргъ-Быдыры хъæугæрон рæнхъæй ралæууыд барджыты дивизионы бæрц, æвæццæгæн, мах размæ рацыдысты. Мах дæр сæм бахæццæ стæм æмæ иу-дыууиссæдз санчъехы æддæдæр рарæнхъ стæм: цы зæгъдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсæм.
Барджыты дыууæ балы æхсæнмæ рацыди зæронд Бодз, йæ цæсгом æнкъард æмæ сагъæсхуыз.
— Хуыцæутты Хуыцау æвдисæн: ацы худинаггаг хæсты Даргъ-Быдыр ницы аххосджын у, — æнкъардæй дзуры Бодз. — Абон гæрæхтæ кæцæй райхъуысти, уыцы рæгътыл æмбисбоны онг махонтæй ничи уыди. Зæронд Дзамырз æнцад йæхицæн рывта йæ нартхоры хуым, фæлæ йын Дзуары обауæй йæ мард куы æрхастой, уæд йæ цыппар фырты сæ туг райсынмæ алæбурдтой. Иннæтæ иууылдæр ам сты æмæ сæм сæхи бахъахъхъæнынæй дарддæр ницы фæнд ис. Кæд æмæ нæ мæгуыр къонатыл арт сæндзарыны зонд æрцæуа искæмæ, уæд сар йæ сæр кæндзæни. Кæд æмæ Сырхкъул афтæ æнхъæлынц, æмæ сæ хæст Даргъ-Быдыримæ у, уæд тынг рæдийынц. Гæныстон тепсыхъойыхъæуккæгтæ сæм систой хæцæнгарз, уымæн æмæ Сырхкъулы фæсивæдæй чидæртæ сæ цæсгом бахордтой, æмæ, арты амæддаг Тепсыхъойыхъæуы мулкæй цы муртæ баззади, уыдон стигъынмæ фæцыдысты. Тепсыхъойыхъæу æнхъæлмæ кастысты уыцы лæгсырдтæн адæмы тæрхонмæ. Фæлæ сын абоны онг иу тæрхонгæнæг нæ разынди, æмæ уæд тепсыхъойыхъæуккæгтæ дæр сæ маст нал баурæдтой, æмæ туг ныккалдис. Мах сын бæргæ дзырдтам, хъуыддаг хæсты онг ма ’руадзут, адæмы тæрхонмæ банхъæлмæ кæсут, зæгъгæ, фæлæ сæ масты фæдыл ацыдысты æмæ нæм нæ байхъуыстой. Кæд нæм ацы худинаггаг хæстæн кæрон сæвæрыны фæнд ис, уæд хъуамæ талынг дæр мацæмæ æрдарæм æмæ æвæстиатæй тепсыхъойыхъæуккæгтæм фæцæуæм, сæ хæцæнтæй сæ арвитæм.
— Махæн нæ сагъæс у ирон адæмы баиргъæвыныл æмæ уый охыл мæлæтмæ дæр цæттæ стæм, — дзуапп ын радтон æз. — Кæд æй Даргъ-Быдыры фæсивæд сæхицæн зыныл нæ банымайой, уæд нæ фæдыл рацæуæнт рæгътæм, тепсыхъойыхъæуккæгты асадæнмæ, æмæ уым иумæйаг хъаруйæ бацархайæм хæст бауромыныл. Раст Сырхкъулы уыдзæни хохæгты съезд, æмæ не ’фсымæртæ сæ тæрхон рахæсдзысты. Даргъ-Быдыры йæ къона хъахъхъæнынмæ чи баззайа, уыдонæн та сæ зæрдæ мацæмæ æхсайæд...
Бæхы æрцавтон, æмæ барджытæ мæ фæдыл ратындзыдтой.
Дзуары къæдзæхрæбынмæ бахæццæ стæм. Судзынц æртытæ. Зынынц адæмы æмæ бæхты æндæргтæ. Тепсыхъойыхъæуккæгтæ сты. Суанг сæм æмбисфæндагæй арвыстон хабаргæнæг дыууæ барæджы. Хабаргæнджытæ æрбаздæхтысты æмæ загътой: тепсыхъойыхъæуккæгтæ цыппарсæдæйæ — фистæгæй æмæ барæгæй — æрæмбырд сты Дзуары цур. Сæ ныхас у райсом Сырхкъулы рæгътæм ныббырсыныл.
Куы сæм баввахс стæм, уæд тепсыхъойыхъæуккæгтæ сæ æртытæ ныууагътой æмæ иу ранмæ æрæмбырд сты. Æххæст сæм нæма бахæццæ стæм, афтæмæй æрурæдтам бæхты. Ничи ницы дзуры...
Æппынфæстаг бæхы æрцавтон æмæ сæ разы æрлæууыдтæн.
— Уæ изæр хорз... æфсымæртæ!
— Алыбоны æгас нæм цу! — дзуапп радтой тепсыхъойыхъæуккæгтæ. Алкæмæн дæр дзы йæ къухы фондзæхстон, сæ риуыл хъатаратæ.
— Амæй фæстæмæ æнæфыдбылыз куыд уат, ахæм арфæ ракæнæд Хуыцау. Кæд æнафон у, æмæ фæндаг уæззау уыди, уæддæр нæ базивæг кодтам æмæ мæнæ æрбахæццæ стæм, Дзуары къæдзæхрæбын цæй номыл æрæмбырд стут, уый базонынмæ. Нæ сæр уæ цæмæндæриддæр бахъæуа, уымæ цæттæ стæм.
Тепсыхъойыхъæуккæгты æхсæнæй рацыд уæйыгарæзт лæг æмæ сæргуыбыр æмæ хъуынтъызæй дзурын райдыдта:
— Ам æрæмбырд сты, ацы хъæдæй дарддæр цæрæн бынат кæмæн нал ис, уыдон. Æнæхъæн цыппар мæйы дæргъы къæдзæхты æхсæн зилынц, сæ уæззау сахат сын сæ фæсонты хъама чи ныссагъта, уыдоны туг ныккалыны мондагæй. Мæ ныхас у, цæхх æмæ кæрдзын бирæ хæттыты иумæ кæимæ бахордтам, уыцы сырхкъулæгтыл. Мæ ныхас у, не ’рдæгсыгъд хæдзæртты хъайвантæ чи ласта æмæ дзы Сырхкъулы йæхицæн цæрæнтæ чи арæзта, уыдоныл. Ирон адæм сын цы тæрхон рахæсдзысты, уымæ бирæ фенхъæлмæ кастыстæм, бирæ рæстæг фæурæдтам нæ маст, фæлæ йæ уромын нæ бон нал  æмæ ардæм æрбацыдыстæм, раст æмæ аххосджын чи у, цæргæ æмæ мæлгæ кæмæн у, уый тохы быдыры равзарынмæ. Чи зоны, æмæ кæмæдæрты нæ фæнд фыдракæндау фæкæса, фæлæ ныл уыцы кæйдæрты зæрдæ куыд хъуамæ фæхуда, кæд æмæ нæм æгас Ирыстонæй æрмæст сымах фæзындыстут абон, цавæр бæллæх ныл æрцыди, уый базонынмæ. Стыр арфæ уын кæнæм, æфсымæртыл уæ нымайæм, æмæ нæ бынаты уæхи сæвæрут, цы кæнгæ нын у, уый нын бацамонут. Уæ тæрхонмæ байхъусдзыстæм æмæ, куыддæриддæр зæгъат, афтæ бакæндзыстæм.
— Дæ зæрдæрыст ныхæстæ тынг раст сты, — дзуапп  ын радтон æз. — Уæ маст дæр уын хорз æмбарæм, фæлæ ахæм хъуыддæгтæ тугкалдæй лыггæнгæ не сты. Сыстут уæ хæцæнтæй, Даргъ-Быдырмæ фæцæут, ахсæв уæ фæллад уым суадзут æмæ уым тæрхоны уынаффæмæ банхъæлмæ кæсут. Тæрхоны лæгтæ абон фæдисæй рараст сты Кæсæгæй æмæ Мæхъхъæлæй. Райсом сæ тæрхон рахæсдзысты Сырхкъулы, хъаугъатæн кæрон æрцæудзæн æмæ сабырæй цæрын райдайдзыстæм. Ныр та уал Сисыхъæуы фæсивæд ам баззайдзысты хъахъхъæнæг. Ахæм уынаффæ, кæд ыл тепсыхъойыхъæуккæгтæ разы сты, уæд. Куыд уæм кæсы?
Уæйыгарæзт иуцасдæр алæууыд хъуыдытæгæнгæ, стæй сабырæй загъта:
— Разы стæм уæ фæндоныл.
Тепсыхъойыхъæуккæгтæ сæ бæхтыл бабадтысты. Мæ барджытæ та æрфистæг сты æмæ къордтæ-къордтæй æртытæм сæхи байстой.
Тепсыхъойыхъæуккæгтæ сæ фæндаг адардтой. Фæндараст сын загътам.
Бонивайæнтæ ралæууыдысты. Сæууон ирдгæ нымæты дæр хъары. Скæсæны фæфæлурс. Æртыты фарсмæ æрфынæй сты фæллад сисыхъæуккæгтæ, æддæдæр лæууынц хъахъхъæнджытæ. Æрмæст мах цалдæр хистæрæй бадæм арты фарсмæ. Нæ ныхас у, дарддæр куыд кæнгæ у, ууыл.
— Уæдæ афтæ: хурыскастимæ рæгътыл ахиздзыстæм, сырхкъулæгты немæ айсдзыстæм æмæ Сырхкъулмæ адардзыстæм нæ фæндаг. Уæдмæ, æвæццæгæн, кæсæг æмæ мæхъхъæл, стæй нæхи хъæуты æрвыст лæгтæ дæр æрбахæццæ уыдзысты. Ныр та уал, Агуыбе, кæстæртæй æртæмæ фæдзур æмæ нæ разæй ацæут. Сырхкъулæгтæн бамбарын кæн, тепсыхъойыхъæуккæгты дысон Даргъ-Быдырмæ кæй арвыстам, уæ фæдыл та мах кæй цæуæм. Фæндараст ут!
Агуыбе уайтагъд райхъал кодта æртæ кæстæры.
Сæргътæ авæрдтой, æхтæнгтæ балвæстой æмæ сырхкъулырдæм фесхуыстой бæхты.
Куыддæр æрбабон, афтæ æртытæ ахуыссын кодтам æмæ бæхтыл бабадтыстæм.
Сæууон хуры тынтæ схъазыдысты митæмбæрзт къæдзæхтыл. Нæ размæ рæгътыл зынынц иугай сау стъæлфытæ — Сырхкъулы хъахъхъæнджытæ.
Сындæггай хæрдмæ хизæм хохаг нарæг къахвæндагыл. Алардыйы къæдзæхы рæбын фæндаг æртæрдæм фæсаджил. Галиуырдæм — Кæсæгмæ фæндаг, астæуккаг — Сырхкъулмæ, рахизырдæм — Сисыхъæумæ. Раст ацы ран нæ размæ фæцис Агуыбе. Мæ фæдзæхст сæххæст кодта. Сырхкъулæгтæ нæм тынг æнхъæлмæ кæсынц. Агуыбе барджыты æхсæн йæ бынат бацахста æмæ дарддæр араст стæм. Сырхкъулы хъахъхъæнджытæм бахæццæ стæм. Цалдæр санчъехы ма сæм баззадаид, афтæмæй æрлæууыдыстæм.
— Уæ райсом хорз, Сырхкъулы фæсивæд! — радтон сын салам.
— Хорз райсомтæ уыл цæуæд, нæ зынаргъ уазджытæ! — загътой уыдон.
— Цытджын Алардыйы цур фæндаг æртæрдæм кæм фæсаджил æмæ Сырхкъулы æмæ Даргъ-Быдыры зæххыты арæн кæм ис, уым хъахъхъæнджытæ лæууы Сисыхъæуæй. Знон изæрмæ худинаггаджы хæсты кæимæ бацыдыстут, уыдоны та мах арвыстам Даргъ-Быдырмæ. Сымах дæр уæхи бакæнут мах æвджид, уæ хотыхтæ бафснайут æмæ, уазджытæн куыд фæзæгъынц, афтæ нын хъуамæ æгасцуай зæгъат Сырхкъулы. Абон уæ хъæуы рабаддзысты тæрхоны лæгтæ æмæ, раст кæцы у æмæ галиу, уый æнæхæцæнгарзы æххуысæй сбæлвырд кæндзысты.
Сырхкъулæгтæ æнцад лæууынц æмæ ницы дзурынц.
— Цæй, цæуыл у уæ лæуды сæр? Æви уæ зонд уыйбæрц фæцыд, æмæ цалынмæ Сырхкъулы тæрхоны лæгтæ бадой, уæдмæ дæр уæ зæрды хæцын ис? — бафарстон сæ тызмæгдæрæй. — Кæд афтæ у, уæд уæ зæрдыл бадарут: суанг Даргъ-Быдыры онг сисыхъæуккæгтæй дарддæр знаг не ссардзыстут. Сисыхъæуккæгтæ та уæ уæхи арæнæй дарддæр ахизын кæй нæ ауадздзысты, уый уын æз хъæддыхæй зæгъын.
— Хуыцауы хатырæй, разы стæм уæ фæндонимæ, нæ хæцæнтæ ныууадздзыстæм æмæ сымах хуызæн зынаргъ хæлæрттæн стыр æхсызгонæй æгасцуай зæгъдзыстæм, — сдзырдтой цалдæрæй.
Сырхкъулы мæзджыты фæз æмæ йæ фарсмæ уынгтæ æмызмæлд кæнынц адæмæй æмæ бæхтæй. Цытæ сарæзтон, уыдæтты тыххæй хистæртæн дзуапп раттынмæ араст дæн мæзджытырдæм. Фысымтæй мын иу лæппу адæмы æхсæн фæндаг гæрды йæ рæмбыныкъæдзтæй, афтæмæй тыхамæлттæй бахæццæ дæн моллойы хæдзармæ. Уайтагъд нын дуар байгом, æмæ мæм мидæмæ фæсидтысты.
Уаты астæу нарæг æмæ даргъ стъолы уæлхъус бадынц дæс зæронды.
— Æгас цу, лæппу. Радзур-ма нын, нæ хæрзæгъдау æмæ коммæгæс Сисыхъæуы фæсивæд цытæ сарæзтой, уыдæттæ, — хистæры бынатæй мæм дзуры сæдæаздзыд Хадзы.
Рахиз къухæй хъамайы фистоныл хæцгæ æмраст слæууыдтæн æмæ сын дзуапп радтон:
— Даргъ-Быдыр æлгъыстаг кæны, æфсымæрты туг ныккалынмæ чи бæллы, уыдоны. Уæ фæсивæдимæ хæцыдысты тепсыхъойыхъæуккæгтæ. Мах сæ хæцæнтæй Даргъ-Быдырмæ арвыстам æмæ уым æнхъæлмæ кæсынц тæрхоны лæгты æнæхæрам уынаффæмæ. Уæ фæсивæды дæр сæ хæцæнтæй ракодтам. Сырх-къулы æмæ Даргъ-Быдыры арæныл лæууынц сисыхъæуккаг хъъахъхъæнджытæ. Искæмæ уæ адæмы бахъыгдарыны зонд куы æрцæуа, уæд сæ баиргъæвдзысты...
Хистæртæ мын раарфæ кодтой æмæ рацыдтæн.
Мæ фысымимæ мæзджыты цур егъау дурмæ схызтыстæм æмæ уырдыгæй кæсæм адæммæ. Алырдыгæй лæууынц гæрзифтонг къордтæ. Тырысатыл зынынц ногдзыд мæй æмæ стъалыйы хæрдгæбыд нывтæ. Хъуысы æцæгæлон ныхас, бæхты хуыррытт, цæфхæдты тъыбар-тъыбур, æгъдæнцæйтты зыланг.
Мæнæ адон кæсæг сты. Уæртæ мæхъхъæл æрбацæуынц...
Кæсгæттæн бакастæй сæрæндæр æнхъæл уыдтæн. Уæдæ бæхыл бадгæйæ дæр мæнæ-мæнæ фидауцджын не сты. Ау, адоны хæрзаив баззадаид æмбисондæн æгас хæхбæсты. Сæ ныхас дæр цыдæр сыфсыфгæнаг, калм хъамылы куы фæцæйхила, науæд суадон дуртыл куыд хæл-хæл кæна, уыйау. Мæхъхъæлы бакаст бынтон æндæр у. Сонтарзт, тæлфаг, саухил, гуыбырфындз, къæсхуыртæ, сæ ныхас — хъæрæй. Кæсæг — бæзæрхыгдæр, сырхуадул, гæзæмæ бурхил, сæ фезмæлд уæзбын, æнæ уæлдай тæлфт.
Дурæй куыд æрцæйхызтæн, афтæ мын фысым мæ рæмбыныкъæдзыл æрхæцыд æмæ бафарста:
— Уæртæ уыцы кæсгæттæ цы зæгъынц, уый хъусыс?
— Нæ хъусын. Куы йæ хъусин, уæддæр ын ницы бамбарин.
— Уæртæ уыцы сырхуадул мæсты кæны, хистæртæ, дам, нæ ам дзæгъæлы дарынц, фæлтау, дам, уыцы джауыр чырыстæттæм балæбурæм. Æмæ иннæтæ дæр йемæ разы сты.
Стæй уæд иннæ ран мæхъхъæл цы дзурынц, уымæ ныхъхъуыста мæ фысым.
— Уыдон та цы зæгъынц, уый зоныс?     
— Цы?
— Уæртæ уыцы фыдцъылыз зæронд хадзы фæрсы, Даргъ-Быдыры æхца, дам, кæм æфснайд хъуамæ уой, стæй сæ сауджын кæм цæры. Сызгъæрин дзуæрттæ, дам, æм хъуамæ æмбæхст уа. Уый та дын тæрхоны лæгтæ!
Мах та сæм исты  хорзмæ æнхъæлмæ кæсæм.
Дурæй æрхызтæн æмæ скъолайырдæм араст дæн. Кæцæйдæр хъуысы зарын æмæ къæрццæмдзæгъд.
Скъолайы кæртмæ бацыдтæн. Кæсын, æмæ адæм кæрæдзийы дæлæрмтты хæцгæ тымбыл ралæууыдысты æмæ заргæйæ зилдух кæнынц. Астæуæй лæууы æмæ Хъуыран кæсы сырхбоцъо зæронд, йæ бухайраг худыл урс цалмæхыз тыхт. Йæ алыварс зилдух цырынæй-цырындæр кæны. Хадзы чиныджы каст фæци, зилдухгæнджытæ сæ фындзтыл ныххæцыдысты æмæ фæсус хъæртæ кæнынц. Стæй уæд хъыллистытæгæнгæ кафыныл схæцыдысты, къæрццæмдзæгъд самадтой, сæ къæхтæй зæхх хойынц, цæст нал хæцы сæ къæхтыл. Сæ цæсгæмттæ ныффæлурс сты, сæ хид рахъардта. Сæ цæстытæ тæрсынгæнæн æрттывд кæнынц, уынæргъæгау цыдæртæ дзурынц, фæлæ дзы æз «...Аллах! ..йа ...Аллах!» йеддæмæ ницы иртасын.
Исдуг сæ фæллад суагътой æмæ та кафыныл фесты. Кафынц æмæ кафынц. Сырхбоцъо зæронд сын къухæй ацамыдта, æмæ æрлæууыдысты. Иууылдæр иумæ сæ зонгуытыл æрхаудтой, сæ армытъæпæнтæ хæрдмæ систой æмæ сæм æдзынæг кæсынц. Иуцасдæр алæууыдысты афтæмæй, «Амен!» загътой, зонгуытæй сыстадысты æмæ фæйнæрдæм фæцыдысты.
Се ’хсæнæй рацыд мæ хъæуккаг æмæ хæстæг Саудзиу дæр, йæ хуыз фæцыди, цæсгомы хид къухмæрзæнæй сæрфы. Фæдзырдтон æм æмæ мæнырдæм æрбаздæхти.
— Саудзиу, ды дæр зæчыргæнæг сдæ?
— Уæдæ. Кæд нæм æцæг дунейы исты хæрзиуæг æнхъæлмæ кæсы, уæд хъуамæ тынг стыр хæрзиуæг уа, — дзуры мын мæ хъусы. — Кæд ницы, уæд та дзæгъæлы æгæр стыр фыдæбон у.
Дыууæйæ дæр бахудтыстæм.
Цалдæр сырхкъуладжы нæ цуры æрбалæууыд.
— Цæй, кæд уыдзæни тæрхон? — афарстон сæ æз.
— Тæрхоны лæгтæ мидæгæй бадынц æмæ рæхджы рацæудзысты сæ уынаффæ адæмæн фехъусын кæнынмæ. Ныр та уал дæм скъолайы чъылдыммæ зæрæдтæ дзурынц, — мæ цонгыл мын ахæцыд сырхкъулæгтæй иу.
Скъолайы къулæнцой дуртыл бадынц зæрæдтæ, сæ акомкоммæ лæууынц æрыгондæртæ.
— Цæмæн байрæджы кодтай? Не ’мбырд куы ахицæн.
— Ницы кæны, — загъта Инал-хадзы, — нæ уынаффæтæ йын бамбарын кæндзыстæм. — Хуыфæг ыл схæцыд æмæ йæ дзурын нал уадзы. Æппынфæстаг сфæрæзта: — Кæд Хуыцауы бафæнда, уæд ирон адæм абон кæрæдзи бамбардзысты. Фæлæ Дзæуджыхъæуы цалынмæ большевиктæ бадынц, уæдмæ бафидауæм æмæ бæстæ басабар уа, уый мæ нæ уырны. Уый æнхъæл чи уыд, æмæ нын уырысы музуккæгтæ хицау суыдзысты. Цы нын хъуамæ æрхæссой хорзæй? Сæхæдæг цы цъыфы бæгъдулæг кæнынц, уымæй дарддæр ницы. Мæнæ ам Ирыстоны пысылмон хъæуты минæвæрттæ рахастой Калачы хæххон хицауадмæ дыууæ минæвары арвитыны уынаффæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй хæххон хицауад уым цавæрдæр бирæуæладзыгон галуанты бады. Уадз æмæ нæм не ’мдин туркæгты æрбарвитой. Кæд нæхи бон ницы у, уæд нын туркæгтæ паддзахиуæг кæнæнт уырысы музуккæгты бæсты. Æнæхæлафы фырттæ нæ сæрыл  сбадтысты æмæ хицæуттæ схуыдтой сæхи. Раздæр æй зыдтам, хицау чи у, уый, ныр та нын алы уырыссаг æнæхæдзар дæр æлдар у, æрмæст æм фондзæхстон уæд, æндæр. Уадз æмæ нæм турк æрбацæуой. Минæвæрттæ уый тыххæй æрвитæм Калакмæ. Фæндаггаг æхца дæр сын ссардтам. Уадз æмæ фæцæуой æмæ уым мах номæй ныхас кæной.
— Хуыцауы куы бафæндид æмæ уæлæ уыцы хæхты чъылдымæй туркæгты сырх худтæ куы разыниккой. Тæккæ уыцы сахат амæлынмæ дæр цæттæ дæн, — бафтыдта ныхасыл æндæр зæронд.
Æртыккаг зæронд цæттæ у пашайы сылдонмæ йæ цыппар чызджы дæр раттынмæ...
Хæлиудзыхæй баззадтæн. Ахæмтæ фехъусын æнхъæл нæ уыдтæн зæрæдтæй. Цы Хуыцау сæ туркæгтырдæм фæцардыдта? Туркæгты æрбахоныныл æз разы нæ дæн. Цы нын хъуамæ æрбахæссой хорзæй турк, сæхицæн се скаст немыцмæ куы у æмæ сæ мæгуыры гæвз-гæвз куы цæуы. Куы фæзыной, уæд динмæ гæсгæ ноджы фæфыдæхдæр уыдзысты ирон адæм кæрæдзимæ. Ирыстон бынтондæр дыууæ дихы фæуыдзæн æмæ йе сæфт æрцæудзæн. Æз адæмы баиу кæныныл куы архайын, уæд æндæр чидæр та бынтон иннæрдæм архайы. чи уа, цымæ? Мæхæмæты сæр æмæ йæ ахадгæ ныхас нырæй тынгдæр бæргæ никуы бахъæудзысты. Фæлæ кæм агургæ у? Уый та дын нæ кабинетты бадæг ахуыргонд адæм — дардæй амонынмæ дæсны сты. Кæм бахъæуынц, уым та сæ никуы фендзынæ. Куы æгæр фæразоз вæййынц, куы та æгæр фæсте аззайынц. Кæй ардыд уой ацы зæрæдтæ? Мæ зæрдыл æрбалæууыд, цавæрдæр Шукри-бейимæ фембæлынмæ мæ куыд хуыдтой, уый. Турчы генералон штабы булкъонæй амыдта йæхи, Энверпаша, дам, мæ йæхæдæг æрбарвыста Цæгат Кавказмæ. Не сразы дæн йемæ сæмбæлыныл.Фæлæ бирæ кæимæдæрты фембæлдис. Шукрийы куыст у, æндæр цы!
Цалынмæ уыцы хъуыдытæ кодтон, уæдмæ сырхкъулæгтæй чидæр æрбадзырдта:
— Бахатыр кæнут, фæлæ тæрхоны лæгтæ ныртæккæ рацæудзысты. Иууылдæр мæзджытмæ рацæут.
Сыстадыстæм, хистæрты разæй ауагътам æмæ сæ фæдыл ацыдыстæм. Адæм иууылдæр кæрты бамбырд сты æмæ мæзджыты дуармæ кæсынц: уырдыгæй рахиздзысты тæрхоны лæгтæ.
— Рацæуынц! — сдзырдта чидæр мæ чъылдыммæ.
Адæм басабыр сты. Минуты фæстæ мæзджыты бæрзонд къæсæрмæ рахызтысты тæрхоны лæгтæ.
Æппæты разæй æрлæууыд мæхъхъæлон кади, йæ фæстæ куыдхистæрæй æрлæууыдыдсты иннæ тæрхоны лæгтæ. Кадийы галиу фарсмæ слæууыд Сослæнбег, тæлмацгæнæг.
Кади йæ сæрыл схæцыд, йе ’нгуылдзтæй боннымайæнтæ æвзаргæ зæрдиагæй дзуры мæхъхъæлонау. Сослæнбеджы къухæй гæххæтт райста, алы хъуыдыйад дæр хицæнæй кæсы. Каст фæцис æмæ гæххæтт фæстæмæ радта тæлмацгæнæгмæ.
— Инш-Аллах! — загътой мæхъхъæл.
Кади Сослæнбегмæ бакаст æмæ уый кæсгонау дзурын райдыдта. Фæлæ бирæ нæ фæдзырдта, афтæмæй гæххæтт рафæлдæхта æмæ йæ кæсгонау бакаст.
— Инш-Аллах! — загътой кæсæг дæр.
Стæй кадийы ныхæстæ иронау рафæзмыдта Сослæнбег. Хохæгтæ кæрæдзи цæмæй уарзой, уый у сæ иумæйаг царды бындур. Хъуамæ алчидæр æнæхинæй æмæ иумæйаг хъарутæй куса хохæгты иумæйаг паддзахад саразыныл. Кади Хуыцауы фыдæх æфтауы, адæмты кæрæдзийыл чи ардауа, хохаг адæмты хистæрты тæрхоны ныхмæ æрлæууыны ныфс кæмæ разына, уыдоныл.
Уый фæстæ Сослæнбег гæххæтт райхæлдта æмæ алы ныхас дæр дзæбæх куыд хъусой, афтæ йæ бакасти:
«Худинаггаджы уæззау бонтæ куы ралæууыд, Ирыстоны æфсымæр æфсымæры ныхмæ куы сыстад æмæ æфсымæрты туг ныккалынæввонг куы у, уæд Æппæтаразæг Хуыцауы номæй хæхбæсты хистæртæ уынаффæ хæссынц:
1. Æвæстиатæй кæрон æвæрд æрцæуæд хæстæн, фæндæгтæ иууылдæр уæгъдгонд æрцæуæд, фистæгæн дæр æмæ барæгæн дæр дзы æдасæй ацæуæн куыд уа, афтæ.
2. Æмхæццæ къамис арæзт æрцæуæд 16 хистæрæй æмæ хохаг бинонты æхсæн кæстæры номы тæккæ аккагдæр чи у, ахæм 10 кæстæрæй. Къамисæн фæдзæхст æрцæуæд, тæрхоны ацы уынаффæйы уагæвæрдтæ иууылдæр æххæстгонд цæмæй æрцæуой, уый.
3. Чи фæмард, уыдонæй алкæй тыххæй дæр марджытæ шæриатмæ гæсгæ бафидæд фондз мин сомы, саргъыбæх, æхсаргард æмæ хъама.
4. Биноныг джигулгонд æрцæуæд Сырхкъулы æмæ тепсыхъойыхъæуккæгты исбоныл фæхæлофæй гуырысхо кæмæ хауы, æппæт уыцы иннæ хъæуты. Джигулы рæстæг цыдæриддæр ссарой, уыдон иууылдæр æрæмбырд кæнæнт Сырхкъулы скъолайы æмæ сæ фæстæмæ сæ хицæуттæн раттæнт.
5. Тепсыхъойыхъæуы исбонæй цыфæнды дæр кæм ссарой, алы уыцы хæдзар дæр ивар бафидæд дæс мин сомы. Ивары æхца лæвæрд æрцæуæнт Тепсыхъойыхъæуы комитетмæ æмæ сын уый куыд æмбæлы, афтæ бауынаффæ кæнæд.
6. Хистæрты æппæтхохаг тæрхондоны номæй кусæг къамисы уынаффæтæ æнæмæнг æххæстгæнинаг сты алкæмæн дæр.
7. Хицæн адæймаг уа æви æнæхъæн хъæубæстæ хистæрты тæрхондоны ацы уынаффæйы домæнтæ куы нæ сæххæст кæной, уæд нымад æрцæудзысты хохаг адæмты знагыл æмæ карз æфхæрд баййафдзысты фехсыны æмæ хъæу фехалыны онг.
8. Ацы уынаффæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуа 10 июлы 12 сахатмæ. Уыцы æмгъуыдмæ Сисыхъæуы æмæ Даргъ-Быдыры арæныл Челеметы обауы цурмæ ногæй æрæмбырд уыдзыстæм кæронбæттæн уагыл бафидауынмæ».
Сослæнбег гæххæтт каст фæцис æмæ загъта:
— Тæрхондоны уынаффæ фехъусын кæныны тыххæй тæккæ абон хабархæсджытæ арвитдзыстæм æппæт хъæутæм дæр.
— Инш-Аллах! — ногæй загътой адæм.
Фынджы уæлхъус æнæкæрон сидтытимæ фæбадыны фæстæ алчи йæ бæх бацагуырдта. Кæстæр фысымтæ сæ скъолайы цурмæ æрбакодтой. Уазджытæ бæхтыл бабадтысты. Мæзджыты галиу фарс æрлæууыдысты ир, йæ рахиз фарс — кæсæг æмæ мæхъхъæл.
Сыбыртт никæцæйуал хъуысы.
Мæзджыты къæсæрыл лæууынц Сырхкъулы хистæртæ. Се ’хсæнæй рахызт Инал-хадзы. Йæ урс боцъо æрсæрфта æмæ уазджытæн зæгъы:
— Хуыцауы хорзæхæй хайджын ут! Уæ даргъ фæндагыл уæ фæндараст фæкæнæд!
— Инш-Аллах! — дзуапп дæттынц барджытæ, æмæ цæфхæдты тъыбар-тъыбурæй фæсивæды зарынæй байдзаг бæстæ.
Уазджытæ сæ фæндаг адардтой, мах дæр сæ фæдыл араст стæм афæндараст кæнынмæ...
Хъæбатыр Берды ингæнмæ бахæццæ стæм. Бынæй, лæнкауы фæсте аззади Сырхкъул.
Зарæг нал хъуысы. Фæсивæд сæхи мидæг базмæлыдысты: æнхъæлмæ кæсынц, хистæртæ сын бæхыл хъазыны бар кæд ратдзысты, уымæ. Рæстæгмарæнæн чи йæ хотыхтæ дзæбæхтæ кæны, чи цухъхъайы фæдджитæ ронбасты тъыссы, чи æгъдæнцæйттæ фæлвары. Алчидæр бæллы иннæтæй сæрæндæр æмæ дæсныдæр барæг разынынмæ, йæ кой суанг сыхаг адæмтыл айхъуысид.
Уынгæг комæй рахызтыстæм. Фæндаджы дыууæ фарсы пыхсы бын фесты. Нæ сæрмæ æгомыг къæдзæхтæ, разæй та цъæх-цъæхид дары парахат лæнкау.
Фæндаггæрон хæрдмæ фæцыди хибар къæдзæх. Йæ тæккæ цъуппыл бады цæргæс — дзæмбытæ дуры ныссагъта, бырынкъджын сæр бæрзонд систа, дард кæдæмдæр æдзынæг кæсы. Кæд, мыййаг, ацы къæдзæх ардæм, быдырмæ, уæлæ уырдыгæй, æврæгъты уæлейæ, æрхауд æмæ уым уыди цæргæсы цæрæн, уым арвыста йе ’взонджы бонтæ, кæд, мыййаг, йæ фыццаг сгуыхтыты æвдисæн у.
Æвиппайды адæмы æхсæнæй къуыззитгæнгæ ратындзыдта зæронд хадзы æмæ йæ ных комкоммæ къæдзæхмæ сарæзта. Барджытæ базмæлыдысты. Алчидæр æмбары — бæхыл хъазт райдыдта, фæлæ зæронд Хадзы, бæхы тæнтæ схойгæ, кæдæм тындзы, уымæн ничи ницы зоны.
Æз кæсын цæргæсмæ. Уæлæврæгъты паддзах батыхсæгау кодта, йæ базыртыл схæцыд æмæ хæрдмæ стахти. Фæлæ уайтагъд фæстæмæ йæ бынаты æрбадти, чи мæм хъуамæ йæ ныфс бахæсса, зæгъгæ. Цæст нæ ныкъулгæйæ кæсы барæгмæ, Хадзы къæдзæхмæ бахæццæ, тæхгæ-тæхыны фыдæлтыккон хъыримаг хуымпъырæй фелвæста, уæлгоммæ хауæгау бæхы синтыл æрфæлдæхт æмæ ныннæрыд гæрах. Къæдзæхы цъупп фæздæджы бын фæцис, фæлæ йæ цæсты фæныкъуылдмæ дымгæ ахаста, æмæ иууылдæр федтой: къæдзæхы фахсыл тугвæд уадзгæ цæргæс æнæуынæрæй æртылди айнæджы рæбынмæ.
Хадзы та, цыма ницы æрцыд, уыйау фæстæмæ саргъыл фегуырд æмæ йæ бынатмæ æрбаздæхт.
Дисы æмæ цины хъæртæ хъуысы алырдыгæй. 
Хадзы нæма æрбахæццæ, афтæ æндæр урсбоцъо зæронд йæ бæх фæцарæзта къæдзæхырдæм. Къæдзæхы тæккæ рæбыны æхсаргард ферттывта æмæ иунæг тыхджын цæфæн цæргæс дыууæ дихы фæцис.
Æмæ та йæ бæсты дыууæ урсбоцъо зæронды къæдзæхы рæбынмæ атындзыдтой. Æзфæраздæронæй æгъдæнцæйттыл æрæнцадысты, цæргæсы фæйнæ æмбисы фелвæстой тæхгæ-тæхын, уæлиау сæ систой æмæ фæстæмæ æрбатахтысты.
Хистæры æнцъылдтæ цæсгом мидбылхудтæй барайдзаст, афтæмæй сæм кæсы. Йæхицæн бæхыл хъазын йæ бон нал у, сæдæ азы уаргъæй йæ астæу фæкъæдз, йæ царды бонтæ æнæхъæнæй дæр балцыты æмæ стæрты арвыста. Дыууæ зæронды йæ тæккæ раз дзыхъурæд æркодтой бæхты æмæ цæргæсы æмбистæ хистæры къæхты бынмæ æрæппæрстой. Хистæр сæ сисынмæ æргуыбыр кодта, фæлæ уайтагъд фæстæмæ саргъыл абадт. Йæ цæсгом фæтар, сæр риуыл æрхауд æмæ йæ цæссыгтæ æркалдысты.
Сыбыртт никæцæйуал хъуысы, афтæмæй дарæм нæ фæндаг. Хистæр æвиппайды йæ бæх фæурæдта, уымæл цæстытæй хæрдмæ скаст, арф ныуулæфыд æмæ æнкъардæй зæгъы:
— Тæхуды, цытджын Хуыцау мын ахæм амонд куы раттид, æмæ мæ хъысмæт ацы цæргæсы хуызæн куы разындаид. Æврæгъты паддзах цы уыди, уымæй баззад йæ фæстаг боны онг. Йæ ныфс цæмæй асæтта, ахæмæй ницы разынди дунейы мидæг. Йæ мæлæты сахат дæр ницæмæй фæтарст æмæ мæрдтæм бацыд æнæбасæттонæй. Æз та? Æппындæр кæй ницæмæнуал бæззын, уый мæхицæй хуыздæр ничи зоны. Цы сты мæ ивгъуыд бонтæ? Цæмæ мæ хъæуынц мæ кæддæры рæстæджытæ, мæнæй уый — Нуцал, имам Шамилы хъæбатыр хæстонтæй куы уыдтæн, джауыртæ мæ æмризæджы куы рызтысты, тæхгæ-тæхыны уæлбæхæй фыс дыууæ дихы куы кодтон æхсаргарды иунæг цæфæй, Аргъуын æмæ Сунжæйы хъазахъхъ Нуцалы коймæ мысты хуынкъ туманæй куы агуырдтой, уыцы замантæ? Ныр та? Ныр та — цармы мидæг зæронд стæджы гæбæзтæ. — Бæхы ехсæй æрцавта æмæ йæ сабыргай аскъæрдта.
Фæсивæд та бæхыл хъазынæй нал æфсæдынц. Чи тæхгæ-тæхын зæххæй фелвасы æвзист æхца, чи нысан къуыры, æзсæрндæрæй бæхыл куы разырдæм абады, куы фæстæрдæм. Бæстæ хъæрахст æмæ къуыззитт ссис.
Афтæмæй бахæццæ стæм иры, кæсæджы æмæ мæхъхъæлы арæнмæ. Уазджыты хистæртæ æрлæууыдысты æмæ сæхионты дардæр ауагътой, мах та арæныл æрурæдтой. Æрфистæг стæм æмæ уазджыты хистæртæ цы зæгъдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсæм.
— Хуыцау уын арфæгæнæг фæуæд, Кавказы хъæбултæ, уе ’фсымæртæн стыр æгъдау кæй радтат æмæ нæ кæй бабуц кодтат, уый тыххæй, — зæгъы Нуцал. — Нæ арæны онг нæ æрбахæццæ кодтат æмæ ацы ран уазджытæ нал стæм. Бузныг уын зæгъæм, æмæ уæ алчи йæ хæдзарыл дзæбæхæй сæмбæлæд.
Уазджытæ къæдзæхы аууон цалынмæ фесты, уæдмæ банхъæлмæ кастыстæм, бæхтыл бабадтыстæм æмæ нæ фæндаг радардтам.
Бон дзæвгар акъул æмæ сырхкъулæгты нæ фæстæ рацæуын нал бауагътам, уæ салам бирæ сын загътам æмæ къахвæндагыл комкоммæ нæхимæ рараст стæм.

VII
Хъæубæстæ цæттæ сты хосгæрдæнтæм. Хатгай сæм ныхас рауайы Челеметы обауы цур хохæгты фидæны съезды тыххæй. Куыд æнхъæлмæ кæсынц, афтæмæй съезд хъуамæ æххæстæй дæр бафидауын кæна пысылмæтты æмæ чырыстæтты.
Хистæр тæрхоны лæгтæ цы къамис равзæрстой, уый, дам, æнтыстджынæй кусы. Æз дæр арæх хъуыды кæнын фидæны съездыл æмæ хатгай сдызæрдыг вæййын: мыййаг, адæм куы фæфыдæнхъæл уой æмæ æппындæр куы нал æууæндой алыхуызон тæрхондæттыл æмæ съездтыл.
Бонтæ аивгъуыдтой æмæ та съезд дæр æрхæццæ. Изæрæй мæ хæлæрттæй кæуылдæрты æрзылдтæн. Бафæдзæхстон сын, райсомæй аст сахатыл мæзджыты цурмæ куыд æрæмбырд уой æмæ иумæ куыд ацæуæм, афтæ.
Суанг сæумæйæ райдыдтой ирон адæм алы хъæутæй Челеметы обаумæ æмбырд кæнын. Уалынмæ æрбахæццæ сты мæхъхъæл дæр сæ кадиимæ. Чысыл фæстæдæр сæ æрбаййæфтой кæсæг. Æппæты фæсте фæзындысты сырхкъулæгтæ, Тепсыхъойыхъæуы зæрæдтæ æмæ даргъбыдирæгтæ. Бафидауын æппæтæй тынгдæр кæмæн æмбæлы, уыдон сеппæты фæстæ кæй æрбацыдысты, уый мын фæхъыг. Ноджы хъыгдæр та мын фæцис, Тепсыхъойыхъæуæй æрмæст зæрæдтæ кæй æрбацыдысты, уый. Сæ фæсивæд хуыздæр кæм хъуамæ уой?
Хистæртæн кæттаг байтыгътой обауы рæбын. Дæргъæй-дæргъмæ фынгтæ рацарæзтой, парахатæй сыл æрæвæрдтой хæрд æмæ нозт. Бафидауыны фæстæ минас та куыннæ æмбæлы.
Хистæртæ аууоны рабадтысты, æмæ сæ тæрхон райдыдта. Адæм алырдæм апырх сты.
Обауы сæрмæ схызтæн æмæ уырдыгæй фæлгæсын. Дуне адæм. Къордтæ-къордтæй лæууынц сæ сахсæнæвæрд бæхтæм хæстæг. Марадз æмæ йæ базон, цавæр хъуыдытæ сæм ис. Æнкъарын æй: кæд сæ туг иу у, уæддæр æргомзæрдæ не сты. Кæдæй-уæдæй кæрæдзийы уынæм, зæгъгæ, цины мидбылхудт никæй цæсгомыл хъазы. Уый нæ, фæлæ цыма кæрæдзийыл æууæндгæ дæр нæ кæнынц, афтæ мæм кæсы. Æрмæст нæхи сисыхъæуккæгтæ иу къордæй иннæмæ цæуынц, салам сын дæттынц, бацин сыл кæнынц, хъазæн ныхас æппарынц. Нæ бæхтæ та æнæ сахсæн, æнæ æндæрæй æнцад сæхицæн хизынц цæугæдоны былтыл.
Мæнмæ та афтæ кæсы: зæрæдтæ цасфæнды куы дзурой, тæрхоны лæгтæ цыфæнды уынаффæтæ куы хæссой, уæддæр адæмтæ æмуд никуы æруыдзысты. Хохæгтæн сеппæтæн дæр иумæйаг карз знаг куы разына, пысылмон ирæттæн дæр æмæ чырыстон ирæттæн дæр, мæхъхъæлæн дæр, цæцæнæн дæр, кæсæгæн дæр æппæтæй зынаргъдæр цы у, уыдæттыл йæ чъизи къахæй куы æрлæууа, æрмæстдæр сæм уæд сæвзæрдзæн æфсымæрон æнкъарæнтæ иумæйаг знаджы ныхмæ тохы...
Зæрæдты æхсæнæй иу рацыд æмæ адæммæ сеппæтмæ дæр обауы цурмæ фæсидти хистæрты уынаффæмæ байхъусынмæ.
Адæм базмæлыдысты. Мингæйттæй алырдыгæй æрбацæуынц обауы рæбынмæ. Иууылдæр басабыр сты, кæсынц обауы сæрмæ.
Уалынмæ обауыл фæзындысты кади æмæ тæрхоны лæгтæ, семæ ис тæлмацгæнæг Сослæнбег дæр.
— Дзæуджыхъæуæй æрцыдысты облæсты хицауады дыууæ минæвары, — зæгъы Сослæнбег. — Хистæрты хъуыдымæ гæсгæ сæм байхъусын æмбæлы.
Хистæрты чъылдымæй дыууæйæ рацыдысты пинджакты æмæ къепкæты. Фæсивæды хъуыр-хъуыр ссыди, сæ уынæр тынгæй-тынгдæр кæны, сæ хъæр йеддæмæ ницуал хъуысы.
— Гадзрахатæй цæуджытæ ахъуыдты уæнт ардыгæй!..
Чидæртæ сæ фондзæхстæттæ сæргъæвтой. Зæрæдтæ æрцæуæг уазджытæн фæтарстысты æмæ сæ алыварс æрлæууыдысты.
— Цы хабар у? Цы уæ зæрдæмæ нæ фæцыди? Чидæртæ топп цæмæн сæргъæвтой? — хистæрты æхсæнæй рацыд æмæ нæргæ хъæлæсæй бафарста къæдзæхыйас Темболат.
Фæсивæд æрсабыр сты, фæлæ сæ Темболатæн дзуапдæттæг нæ разынди. Уалынмæ адæмы æхсæнæй рахызт иу ацæргæ  лæг æмæ хъæддыхæй загъта:
— Ацы æмбырды бынат нæй, йæхи гуылы бын чи æндзары, æцæгæлон музуккæгты чи æрхуыдта æмæ сæ хохæгтæн паддзахæй чи сæвæрдта, уыдонæн. Мæнæ мах иууылдæр курæг стæм: кæцæй æрцыдысты, уырдæм сæ фæстæмæ арвитут æвæстиатæй. Хуыцауы бафæндæд æмæ уал мæнæ нæхи мидæг бафидауæм ам, стæй уæд æндæр ныхас уыдзни уыдонимæ дæр æмæ нын паддзахиуæг кæнынмæ чи хъавы, уыдонимæ дæр.
Хистæртæ батыхстысты æмæ цæуылдæр сусу-бусу кæнынц. Æрцæуæггæгтæ та талф-тулфæй бæхтыл абадтысты æмæ цалдæр хъахъхъæнæг барæгимæ уым дæлæмæ ныййарц сты æфсæнвæндаджы станцæйырдæм фæндагыл æмæ уайтагъд рыджы аууон фесты.
Бæстæ басабыр æмæ кади араббагау дзурын райдыдта:
— Ардæм, хъæбатыр Челеметы номыл амад обауы рæбынмæ æртахтыстут сымах, хæххон цæргæстæ, æфсымæрмарæн хæстæн мыггагмæ кæрон сæвæрынмæ, кæрæдзийы къухтæ райсынмæ, хæларæй æмæ уарзонæй цæрыны тыххæй ард бахæрынмæ. Абоны бон уæ алкæй зæрдæйы дæр тæккæ стырдæр цины æмæ амонды бонæй баззайæд. Уæ хистæртæ ныртæккæ сымах номæй Хуыцауы раз стыр ард бахордтой амæй фæстæмæ кæрдзийыл иузæрдионæй æмæ æфсымæртау цæрыны тыххæй. Сымахæн та Дунедарæг уыйбæрц хъару раттæд, æмæ Ахæрæты бонмæ дæр иузæрдион куыд разынат нæ ардбахæрдыл. Хæхбæсты уæззау рæстæджытæ кæй скодта, уымæ гæсгæ нын кæрæдзийы арæх уыныны фадат нæй, фæлæ кæддæры фыдгулты æхсæн дзырддагæй цыдæриддæр баззади, уыдæттæ тæрхоны лæгты æвзæрст къамис кæронмæ ахæццæ кæндзæн. Ныр та уал нæ фысымтæ амондджынæй баззайæнт, уазджытæ та фæндараст уæнт!..
Уазджытæ дæр æмæ фысымтæ дæр сæ бæхтыл бабадтысты æмæ, фæндаг адарыны бар кæд ратдзæни хистæр, уымæ æнхъæлмæ кæсынц. Уалынмæ обауыл фæзынди Темболат, йæ къухы егъау кæхц. Бæгæныйы кæхцыл уæлиау схæцыд æмæ кувын райдыдта:
— Кæрæдзи æмбаргæйæ æмæ æфсымæртау куыд фæцæрат амæй фæстæмæ, нæ хъæбатыр фæсивæд, Хуыцау уын уыцы амонд раттæд! Уæ зæрдæ цытджын Хуыцауыл, фыдыбæстыл æмæ уæ сыгъдæг æфсармыл макуы сивут. Ирон адæмы бафидауын кæнынмæ Кавказы алы кæрæттæй чи æрбахæццæ, уыдонæн æмбæлгæ арфæтæ ракæныны фаг ныхæстæ мæнмæ нæй.Фæлæ уын мæ бæсты иунæг цытджын Хуыцау фæуæд арфæгæнæг! Уастырджийы уазæг ут кæддæриддæр!
Темболат бæгæныйæ ацахуыста æмæ йæ кæстæр барджытæм алæвæрдта. Уыдон Уастырджийы зарæг систой, бæгæныйы кæхц къух-къух ацыди æмæ фæстæмæ афтидæй схæццæ Темболатмæ.
Уазджытæ сæ бæхты басхуыстой æмæ сæ фæндаг адардтой, рыг сæ сæрмæ сбадти. Мах дæр сæ арæны онг афæндараст кодтам æмæ фæстæмæ раздæхтыстæм.
Зæрдæ ницæмæй барухс. Цыма фæфыдæнхъæл стæм, афтæ мæм кæсы. Съездæй цас æмæ цас ныфсытæ æвæрдтам нæхицæн, цас хъарутæ æмæ тыхтæ бадомдта. Ау, уыдæттæ дзæгъæлы разындзысты?
Фæлæ уæддæр адæймаг йæ зæрдæ дары хуыздæр рæстæджытыл, кæд нæ мæгуыр хохаг къæсмæ дæр удæнцой цард æрцæуид искæд заман. Сæргуыбырæй бадынц сæ бæхтыл мæ фарсмæ нæ хъæуы фæсивæд. Æрхæндæг сагъæстæ æвдæрзынц уыдоны дæр. Æнкъард хъуыдытæ фæтардтон æмæ бæхы тæнтæ мæ зæвæттæй балхъывтон. Бæх фестъæлфыд æмæ уыциу тæррæтт аласта размæ...
Размæ!
Хъæугæроны бæхты цыд фæсабырдæр кодтам æмæ куыд æмбæлы, афтæ сындæггай бахызтыстæм уынгмæ. Мæзджыты цур кæрæдзийæн хæрзбон загътам æмæ алчи йæ хæдзармæ араст.
Иу дæс саргъæвæрд бæхы дардмæ федтон нæ дуармæ. Цыдæр бæллæх кæй æрцыд, уый уайтагъд бамбæрстон. Мæ хъустыл ауадысты сылгоймæгты æрдиаг æмæ хъарджытæ.
Нæ дуармæ саргъæй æргæпп кодтон. Мæ размæ фæцис Осмæн. Йæ хуыз фæлыгъд, йæ зыр-зыр цæуы.
— Цы хабар у? — афарстон æй сонтæй.
— Фаризæты аскъæфтой, — æнæбары сдзырдта Осмæн. — Мах та ма дæм фæдисон арвыстам.
Ныууынæргъыдтон æмæ, мæ дæндæгты къæс-къæс куыд ссыди, уый мæхæдæг дæр нæ бамбæрстон. Дзагъырдзастæй лæугæ баззадтæн, Фаризæты, мæ сызгъæрин хойы? Мæ рæсугъд Фаризæты! Чи?..
Чи уыдаид, уый бамбæрстон. Фæлæууæд, фæлæууæд, æндæр ницы!.. Хурхуадындзтæ мæстæй адæнгæл сты.
— Нæ хæстæджытæ æмæ хиуæттæ иууылдæр æрбамбырд сты, — дзуры дарддæр Осмæн, фæлæ йæ æз дзæбæх не ’мбарын. — Уæртæ кæрты тæрхон кæнынц, фæдисы кæцырдæм цæугæ у, ууыл...
Кæронмæ дæр æм нал байхъуыстон, афтæмæй кæрты фæмидæг дæн.
Хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ къордтæй лæууынц дæлбазыры, хæдзарæй хъуысы сылгоймæгты æрдиаг.
Нæлгоймæгтæ мæн куы ауыдтой, уæд цыма исты азымджын сты, уыйау сæ сæртæ æруагътой. Мыггаджы хистæр Биберды фæндæй фæдисæттæ арвитгæ сты цыппарырдæм. Мæнæн цæугæ у Куырттатмæ: скъæфæджы къабæзтæй уым бирæ цæры.
Дуарæй ракасти кæуындзаст Дзыги, йæ цæсгом тындтытæ, тугæй хъулæттæ, дзыккутæ пыхцылæй зынынц сæрбæттæны бынæй. Ракаст æмæ уайтагъд фæстæмæ хæдзары фæмидæг.
— Мæ къона куыд бабын, хæдзархæлд куыд фæдæн! Дæдæй фæкæнон, дæдæй! Ныр ма куыд цæрдзыстæм, сау бон ныл куы бакодта! Дæ-дæй, дæ-дæй! — хъуысы сылгоймæгтæй кæйдæр хъарæг. — Мæнæ нæ худинаджы хъæр куыд айхъуысти! Ныр цы кæнæм, цы фæуæм? Нæ чызджыты дзæбæхдæр куыйты амæддаг куы бацис... Дæдæй, фæкæнон, дæдæй... Чи у нæ марæг, нæ тыхгæнæг? Нæ дуæртты ауайын дæр чи нæ уæндыди, уыдон. Сæ сау бæрзæйæ цагъайраджы æфсондз нырма знон кæмæн рафтыдтой, уыдон. Знон дæр ма адæмæн хынджылæггаг чи уыдис, уыдон. Дæ-дæй, дæ-дæй!.. Мæнæ цы рæстæг скодта, мæнæ! Æнæхсад хуытæ æмæ сæ хъыбылтæ сæхи уæздан сагтимæ абарынмæ хъавынц. Худинаг æмæ аллайаг! Хур куыннæ бамынæг вæййы æмæ дуне саудалынджы куыннæ аныгъуылы? Худинаг æмæ аллайаг! Ныр цы кæнæм? Ныр цы кæнæм?.. Дæ-дæ-дæй, дæ-дæ-дæй!..
Цалынмæ барджытæ къордгай алырдæм атындзыдтой, мæнæн та æндæр бæхыл саргъ цалынмæ æвæрдтой, уæдмæ мын хабар куыд рауади, уый радзырдтой...
Не ’рвадæлты лæппу Хъанымæт нæм æрбацыд, нæ фыдыхо Дзан, дам, Фаризæтмæ сæхимæ дзуры. Уырдæм дæр æй мæхæдæг акæндзынæн æмæ фæстæмæ дæр, зæрдæ бавæрдта Хъанымæт. Дзан нæхи уынджы цæры, цалдæр хæдзары дæлдæр. Фаризæт Дзантæм ацыди, Хъанымæт та цыдæр æрбаци. Талынг кæнын райдыдта. Фаризæт батыхсти. Хъанымæт нæй æмæ нæ зыны. Фаризæты нæхимæ чи æрхæццæ кодтаид, ахæмæй ничи разынди хæдзары. Бынтон куы баталынгуайы тасæй Фаризæт Дзанты дæсаздзыд Аслæнбеджы къухыл ныххæцыд æмæ нæхимæ рараст сты. Куыддæр Дзанты дуарæй рахызти Фаризæт, афтæ сæ фарсмæ æдзæрæг хæдзары кæртæй фондз барæджы рагæпп ластой. Сывæллоны иуварс асхуыстой. Фаризæтмæ фæлæбурдтой, цыллæ хызы йæ батыхтой æмæ сбастой. Барджытæй йæ иу бæхы рагъмæ сæппæрста, иннæ йыл хæцы, афтæмæй сæ фæд дæр нал разынд. Æрмæст ма дыууæ хъæры сфæрæзта Фаризæт: «Оу-уа!.. Оу-уа!..» Уыйадыл ын йæ дзых ахгæдтой. Аслæнбег скъæфджыты къухæй йæхи ратыдта æмæ цъæхахстгæнгæ уынджы стырындз: «Фæдис! Фæдис!.. Фаризæты аскъæфтой!.. Фæдис!..»
Сыхагæй, хæстæгæй бæргæ фæфæдис сты, фæлæ скъæфджытæн сæ фæд дæр нал разынд.
Скъæфджытæн хæрзгæнæг Хъанымæт кæй фæлæууыд, уый мын æппындæр гуырысхойаг нæу. Фаджысы рагъ... Йæ хойы ауæй кодта. Мæ къухы куы бафтид, уæд æй гæбазгай фæйнæрдæм бæргæ арæдувин.

 

Кæддæр кадетты корпусы ахуыр кодта Хъанымæт дæр, фæлæ йæ уырдыгæй фæтардтой æмæ дзы дзæгъæлдзу рауад. Æхца самал кæныны охыл давыныл дæр, фæливыныл дæр, хæстæг къабазы асайыныл дæр нæ бацауæрддзæн. Ахæм дзæгъæлдзутæ нæ мыггаджы дзæвгар ис. Хуымæтæг адæмæй уæздæттæм арæхдæр сты цæмæдæр гæсгæ. 
Сылгоймæгты хъарæг ноджы хъæрдæрæй райхъуысти:
— Кæрæдзийы туджы мæцгæ фæцæуæнт, мах чи бабын кодта. Мæрдты сæ фыдæлтæн хæрæджы сæртæ хæринаг фæуæнт! Зындоны арты сæ басудзæд Барастыр! Уæлæуыл цард макуы фенæнт æмæ сыл Хуыцау йæ уæззау бæллæх февæрæд фыдæй-фыртмæ! Сæ мады æхсыры цъыртт сын хæрам фестæд! Алардыйы амæддаг фæуæнт!.. Дæ-дæ-дæй!.. Дæ-дæ-дæй!..
Сæ сæрыхъуынтæ тонынц, сæ рустæ рæдувынц, сæ сæр æмæ сæ риу, сæ уæрджытæ тымбыл къухæй хойынц.
Бæхтæ цæттæ сты. Нæ кæртæй адард стæм, уæддæр ма нæ фæстæ хъуысынц сылгоймæгты хъарджытæ.
Æрæхсæв. Сыгъдæг арвыл стъалыты тыбар-тубур цæуы. Нæ сæрмæ арвы иу кæронæй иннæмæ зыны Æрфæны фæд. Гыццылæй мын мæ фыд афтæ дзырдта, цавæрдæр Æрфæн, дам, уæларвæй хъæмп радавта æмæ йын лидзгæ-лидзыны акалди. Уыцы хъæмпы фæд, дам, баззади арвыл. Рахизырдыгæй та зынынц Æхсæз хойы, æвдæмы агурæг фæцæуынц.
Мæй нæма скасти, фæлæ стъалыты мынæг рухсмæ дæр фæндаг дзæбæх æвзарæм. Фæндаджы фæйнæ фарс тархъæдæй лæууынц нартхоры хуымтæ, дзыкку æппарын райдыдтой. Рог дымгæмæ сæ сыбар-сыбур райхъуысы.
Фæлæ мæн нæдæр стъалытæ æндавынц, нæдæр нартхоры хуым. Мæ маст ныддæнгæл риуы æмæ ныртæккæ æддæмæ рарæдувдзæн. Цыма æгæр сындæг цæуæм, афтæ мæм кæсы, æмæ та бæхы фæрстæ басхойын. Карабин мæ дæлармы нылхъывтон. Мæ рахиз фарсыл у ронæй ауыгъд — абырæг Зелимхан æй куыд дардта, афтæ. Рон æвæрд у галиу уæхскыл, карабин та — рахиз фарсыл ауыгъд, фæцаразынæввонгæй. Мæ саулохаг размæ тæхы, йæ къæхтæ цыма зæххыл уæвгæ дæр не ’ндзæвынц, уыйау, хъустæ йæ сæрмæ æлхъывд, йæ улæфт рог. Ме ’мбæлттæ мæ тыххæйты æййафынц, сæ бæхты хуыррытт хъуысы. Хаттæн æгъдæнцæйттæй кæрæдзи бакъуырынц æмæ сæ дзинг ссæуы. Ахæм дугъæй бирæйы фаг не суыдзысты нæ бæхтæ. Сабырдæр ауагътон мæ саулохаджы. Коммæ рæвдздæр куы бахæццæ уаиккам. Хæлæрттæ мын дзы ис, æмæ нын баххуыс кæндзысты...
Æртæ сахаты фескъæрыны фæстæ доныбыл æрлæууыдыстæм. Нæ фæллад иучысыл суагътам æмæ та ногæй бабадтыстæм бæхтыл. Хохрæбынмæ бахæццæ стæм. Нартхоры хуымтæ фæсте аззадысты. Сæ бæсты разынди пыхсбын. Куыд фалдæр, афтæ пыхс у бæрзонддæр æмæ бæзджындæр, æрмæст нарæг фæндаг цæуы йæ астæуты. Цæлхыдзаг мæй скасти, æмæ стъалытæ йæ рухсы аныгъуылдысты. Хæхтæ нæм бæрзонд пыхсбынæй нæ зынынц, фæлæ хæстæг кæй сты, уый бæрæг у: комы сатæг улæфт цæсгомыл æмбæлы.
Кæмдæр фæрсырдыгæй, пыхсбыны астæуæй, райхъуысти бæхы мынæг мыр-мыр.
— Сабыр! — сдзырдтон æз æмæ бæхы æрурæдтон. Иууылдæр æрлæууыдыстæм.
Мыр-мыр ногæй райхъуысти.
Фæдисæттæ мæ алыварс амбырд сты. Цы стæм, уымæй хъус фестадыстæм.
— Пыхсыты чидæр ис, — сдзырдтон сабыргай. — Бæхтæй æрхизут æмæ сæ Батыразы æмæ Сослæнбеджы бар уадзут, нæхæдæг пыхсытæ басгарæм. Æз комкоммæ бацæудзынын, сымах та иу фондз сардзины æддæдæрты æрзилут рахизырдыгæй æмæ галиуырдыгæй. Куы ныхситт кæнон, уæд мæнырдæм æрбамбырд уыдзыстут.
Цухъхъаты фæдджитæ ронбасты атъыстой, фондзæхстæттæ сæ къухы, афтæмæй ме ’мбæлттæ иугай-иугай пыхсыты аныгъуылдысты. Кæйонг сын загътон, уыйонг цалынмæ бахæццæ сты, уымæ банхъæлмæ кастæн. Цалдæр минуты аивгъуыдта. Сыфтæрты сыбар-сыбур цæуы дымгæмæ. Никæцæй ницы хъуысы.
Афон у мæхицæн дæр. Пыхсытыл фæйнæрдæм ахæцыдтæн æмæ фæхилын. Хæлафы уæрджытæ уайтагъд ауымæл сты æмæ уазал буарыл сæмбæлди. Хилын æмæ хилын. Сындз мæ армы фæлмæны ныссагъди. Къухæй йæм нæ арæхсын æмæ йæ дæндагæй стыдтон. Æхсæры къалиу мын мæ цæсгом ныцъцъыкк ласта. Къалиуыл иуварс ахæцыдтæн æмæ дарддæр хилын.
Æвиппайды мæ тæккæ цур ссыди бæхы мыр-мыр. Къалиуты æхсæнæй разынди æрдуз. Мæйрухсмæ ауыдтон: æрдузы астæу йæ сæр бæрзонд систа тарсырх уырс, къæдзил ныттынг, йæ хъустæ — нæ бæхты кæм ныууагътам, уыцырдæм арæзт. Раззаг къахæй зæхх æрхойыныл фæлвары, фæлæ йæ сахсæн нæ уадзы. Æрдузы кæрон къудзиты аууоны цыдæр сау дары æмæ базмæлы. Æдзынæгдæр ныккастæн. Адæймаг у, уæйлаг нымæты батыхта йæхи. Бæхы хицау. Фæлæ чи уа? Хъæдрæбыны йæ цы хъуыддыг ис æхсæвыгон? Уæртæ цалдæр хъæуы бынтон хæстæг куы сты ардæм, уæд фысым цæуылнæ бацагуырдта? Хуымæтæджы кæм уыдзæни? Цæрæнуатæй дыууæ санчъехы æддæдæр раст адæймаг кæм бацагурдзæни æхсæвиуат гом арвы бын...
Дыууæ æнгуылдзы дзыхы атъыстон, æмæ цъæхснаг æхситт дардыл ныццарыдта.
Æндæрг фестъæлфыд. Нымæты фæдджитæ хæлынбыттыры базыртау фæйнæрдæм фæцыдысты, æмæ дзы цухъхъаджын рагæпп ласта, йæ къухы фондзæхстонимæ.
— Кæцы дæ? — фæцарæзта фондзæхстон.
Фæлæ йæм уæдмæ фондзæй ныхъхъавыдысты алырдыгæй.
Лæг мæнырдæм разылди æмæ йæ мæйрухсмæ базыдтон.
— Хъанымæт! — ныхъхъæр ластон хъæлæсыдзаг.
Цæсты фæныкъуылдмæ йын фондзæхстон йæ къухтæй акъахтам æмæ йæ сбастам. Нæ къæхты бын фæлдæхтæй лæууы Хъанымæт. Ничи ницы дзуры. Хъуысы æрмæст йæ хæстулæфт. Асæге бæхмæ хæстæг бацыд, йæ даргъ рихи здухы.
— Уый дын æфсургъ, гъе, — дзуры йæхицæн бæхмæ бирæ фæракæс-бакæсы фæстæ. — Ницы аипп æм ис. Цымæ кæм йæ къухы бафтыдаид?
— Кæм? — мæстæлгъæдæй бафарстон æз æмæ Хъанымæты басхуыстон цырыхъхъы фындзæй. — Кæмæй райстай ирæд, æфсымæр?
— Æмбисонды бæх! — дис кæны Асæге.
Иннæтæ дæр æм хæстæг бацыдысты.
Даргъ къубалыл хæрзаив сæр, рагъы хъуын мæйрухсы æрттивы, сагартæн, чындздзон чызджы ставдбыд дзыккуйы хуызæн бæзджын даргъ къæдзил, къахы æлгътæ — бæрзонд æмæ фидауцджын.
— Дæ хойы бæхыл баив... Тыффу! — нытту кодта Бибо.
— Ныр æй базондзыстæм, скъæфджытæ кæм сты, уый. Науæд нын туг-стæг кæй у, уымæ дæр нæ фæкæсдзынæн. Мæнæй хæстæгдæр уæ искæмæ у ацы лæг? Никæмæ. Уæдæ йыл мæ бар уеппæтæй тынгдæр цæуы? Раст нæ зæгъын æфсымæртæ?
— Бынтон раст! — дзуапп мын радтой æрвадæлтæ.
Цырыхъхъы фындзæй басхуыстон Хъанымæты:
— Лæмбынæг хъус мæнмæ. Ныртæккæ дæ ацы ран куыдзы мард бæргæ ныккæнин, уымæн æмæ Фаризæты иунæг цæссыджы аргъ дæр нæ дæ. Фæлæ дæ æгасæй ныууадздзынæн, скъæфджытæ кæм æмбæхст сты, уый нын æвæстиатæй куы бацамонай, уæд.
— Ныббарут мын, фæрæдыдтæн! — хъæрзы Хъанымæт.
— Дæу фæрсын — разы дæ? — æргуыбыр æм кодтон æз.
— Дæн... Фæлæ уал мын раздæр мæ къухтæ райхалут, æгæр сæ балхынцъ кодтат.
Бибо æлхынцъ фæуæгъддæр кодта. Хъанымæт рабадт, сæргуыбырæй иуцасдæр ницы дзуры.
— Ныббарут мын, стыр рæдыд фæкодтон. Рæвдздæр цомут. Фæрæдыдтæн æмæ мæ рæдыд сраст кæнон. Скъæфджытæ кæм сты, уый зонын, бацамондзынын уын сæ.
Фæндагмæ рахызтыстæм æмæ уайтагъд комрæбынмæ аскъæрдтам.
Хъанымæт цалдæр хатты фæсмоны æрдиаг райдыдта, фæлæ йæ æз сдзурын нæ бауагътон:
— Банцай, демæ фæстæдæр аныхас кæндзыстæм...
Пыхсбын фæсте аззади æмæ нæ размæ уырдыг слæууыдысты хъæдæмбæрзт къæдзæхтæ. Комæй дымы уазал дымгæ. Бынæй кæмдæр хъуысы доны абухын. Скæсæн гæзæмæ фæфæлурс. Комы бауайæны нæ акомкоммæ арвыл æрттивы Бонвæрнон. Галиуырдыгæй фахсыл æрбынатон хъæу, хæдзæртты чъырæйцагъд къултæ бæрæг дарын райдыдтой. Райхъуысти хъуджы æмбухын, кæйдæр кæртæй рæйы куыдз...
Фæндаг бынмæ, доныбылмæ цæхгæр фæтæссар.
Нымæтты дымджытыл схæцыдыстæм æмæ бæхты доны баскъæрдтам. Бæхтæ уайтагъд дон нуазыныл фесты, зыдæй йæ цъирынц, сæ хъуыртт-хъуыртт цæуы...
Куыд ничи нæ бафиппайа, афтæ куы фæуиккам хъæуы фале. Скъæфджытæ кæм сты, уый куы базыдтам, уæд нæ цас мачи фена, уыйас хуыздæр, науæд сæм, мыййаг, исчи куы фæхабар кæна. Хъæдмæ рæвдздæр куы бахæццæ уаиккам, уæд галиуырдæм фæзиликкам цуанæтты, абырджыты æмæ рæгъаугæсты къахвæндагыл. Иу æрхы бахиздзыстæм, дыккагыл æмæ уым, къардиуы сæрмæ ис хъомгæсы халагъуд. Уым сты скъæфджытæ. Рæвдздæр, рæвдздæр, схойын бæхы тæнтæ. Мæ цæстыл иуæй иннæ æбуалгъдæр нывтæ уайынц. Фаризæтæн тæригъæдæй æмæ фырмæстæй мæ зæрдæ фæйнæрдæм рæдувы риуы.
Размæ, размæ, мæ бæх! Ме ’мбæлттæ мæ фæстæ цæуынц, нæ цæуынц — уæлдай мын нæу! Къалиутæ мын мæ уадултæ хойынц, сындзытæ цухъхъайы фæдджитæ тонынц, бæх фæкæл-фæкæл кæны, æмæ мæ бæрзæй цы минут асæтдзæн, уый бæрæг нæу. Уæддæр — размæ!..
Бæхтæн сæ фынк акалди. Чи нæм бакастаид, уый банхъæлдтаид, зæгъгæ, абырджытæ фæдисæтттæй сæ сæр æфснайынц. Фæлæ мах нæхæдæг рацыдыстæм фæдисы, нæ зæрдæйы тæккæ арфдæр æвæрæнтæ чъизи зæвæтæй чи бассæста, мах ракъахынмæ йæ ныфс чи бахаста, нæ маст нын чи рафыцын кодта, уыдоны фæдыл.
Фаризæты æрдиаг цыма мæ хъустыл ауад, уыйау мæм фæкасти.
— Мæ хо, мæ сызгъæрин хо Фаризæт!
Æрхы фæуырдыг кодтам. Бæхты къæхтæ бынтондæр зæххыл нал хæцынц, рыг нæ сæрмæ сбадти. Комкоммæ суадоны смидæг стæм æмæ уазал æртæхтæ цæсгомыл сæмбæлдысты.
— Бирæ нæ нал хъæуы, — сдзырдта Хъанымæт. — Иу-фондзыссæдз санчъехы. Дыккаг æрх ноджы арфдæр уыдзæни, йæ фаллаг фахсыл къардиуы сæрмæ — хъомгæсы халагъуд. Уым сты...
Бæхты æрурæдтам. Дарддæр куыд гæнгæ у, ууыл атæрхон кодтам. Фистæгæй хуыздæр уыдзæни. Æрфистæг стæм. Бæхтæ фæдисæттæй иуы æвджид бакодтам, нæхæдæг топпæргъæвдæй кæрæдзи фæдыл ныххал стæм. Мæнæ дыккаг æрх дæр.
Сæрсæфæн къардиуы кæрон зыны хъомгæсы хъæмпынсæр халагъуд. Халагъудæй цъæхбын фæздæг кæлы хæрдмæ. Бæстæ у сабыр, æрмæст рог дымгæ хъазы бæлæсты сыфтæртæй.
Мæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ дзæбæх хъусын...
Æрхы бынмæ ныццыдыстæм, йæ фаллаг фахсмæ нын схизгæ у. Суадоны хæл-хæл цæуы. Сыбыртт никæцæй хъуысы. Ау, афтæ æнæмæт сты, æмæ æгæрмæгуыр хъахъхъæнæг дæр нæ сæвæрдтой? Æниу сæ уæвгæ та цæмæ хъæуы хъахъхъæнæджы сæр — чи хъуамæ æрбахæццæ уа ацы фæсвæдмæ?
Кæйдæр дзурын æрбайхъуыст. Æмæ йæ хæдуæлвæд ныццарыдта цъæхснаг æрдиаг:
— Оу-ау!.. Оу-ау!..
Фаризæты хъæлæс базыдтон. Мæ зæрдæйы цыма хъама ныссагъдæуыд, уыйау срæхуыста.
— Оу-ау... Оу-ау, — азæлыд Фаризæты хъæлæс комы æмæ кæмдæр бамынæг.
Фæдисæттæн галиуырдæм æмæ рахизырдæм ацамыдтон къухæй, мæхæдæг Бибоимæ комкоммæ хæрдмæ фæхилын фахсыл. Æхсæры къалиутыл куыддæр ныддæвдæг стæм нæхи сысхойынмæ, афтæ нæ тæккæ сæрмæ рындзыл фæзынди æндæрг: Фаризæт. Дымгæ йын йæ пыхцыл сæрыхъуынтæ æмæ къабайы бызгъуыртæ фæйлауы.
— Оу-уа!.. — йæ къухтæ хæрдмæ фелвæста æмæ рындзæй сæрсæфæнмæ йæхи нывзылдта.
— Æллæх! — ныууынæргъыдтон æз дæр æмæ Бибо дæр.
Хъуысы æхсæры хус къалиуты къæр-къæр, сыфтæрты сыбар-сыбур, кæлынц дуртæ. Фаризæты нал ауыдтам.
Фаризæт йæхи кæцæй раппæрста, уым рындзыл фæзынд цухъхъаджын, йæ къухы хъама.
— Рæвдз ардæм — уыцы гацца йæхи амардта.
Ныхъхъавыдтæн æм.
— Амардтой мæ!.. Амардтой мæ! — азæлыд комыл.
Цухъхъаджын дзойдзойгæнгæ лæууы, хъама йæ къухæй æрхауди рындзæй, стæй лæг йæхæдæг дæр æртылди сæрсæфæнмæ.
Цалдæр бухархуды фæзынди рындзыл. Хъæрахст. Гæрæхтæ сарæх сты. Хъуысы нæмгуыты къуыззитт. Иу дзы мæ уæлдзарм худыл сæмбæлд, æмæ арыд къуымбилы тæф ссыди. Нæмгуыты цъыкк цæуы бæлæстыл, сыфтæртæ згъæлынц.
— Рæвдздæр!.. Æртыхстысты ныл! — хъуысы уæле.
Иу къутæрæй иннæмæ лæгæрдын мæ хойы агурæг.
— Фаризæт!.. Фаризæт!.. Кæм дæ?
Дзуапдæттæг нæй.
— Хæрæджы топп уæ фæйнæ мады... Кæдæм лидзут? Кæд лæгтæ стут, уæд æрлæуут! Бавзарæм нæ хъарутæ! Хуыйæ гуырд хуытæ! Куыдзы хъыбылтæ! — мæ сæрмæ рындзæй хъуысы Бибойы хъæлæс.
Гæрхтæ адард сты. Мæ хъустыл цыма хъæрзын ауади. Иуырдæм азилын, иннæрдæм. Хъæрзын уæлдæрæй цæуы. Хæрдмæ скастæн. Æхсæры егъау къутæрыл цыдæр урс дары. Уыцырдæм сгæпп кодтон. Къалиуыл ныддæвдæг дæн, фæлæ йæ тæккæ рæбынæй асаст æмæ бынмæ æртылдтæн. Æндæр къалиумæ фæлæбурдтон. Дыууæ къухæй йыл ныддæвдæг дæн. Фидар у. Мæхи хæрдмæ сивæзтон. Къæхтæ къутæрты уидæгтæм ныббыцæу кодтон. Уæлдæр схылдтæн. Ноджы уæлдæр. Æмæ Фаризæты ауыдтон: хаугæ-хауын æхсæры къалиутыл ауыгъдæй аззади. Йæ сæр фæстæуæз зæбулæй лæууы, дзыккутæ фæйнæрдæм пырх.
Цæсгомы иу æмбис мæрдон фæлурс, иннæ сыджытæмхæццæ туг. Туг æхсæры сыфтæртæм лæдæрсы. Бамбырд вæййы æмæ та æртæдзы. Ноджы уæлдæр схылдтæн æмæ Фаризæты сæрмæ фæлæбурдтон, схæцыдтæн ыл.
— Фаризæт, мæ мæгуыр хо, уый дын цы бакуыстой! Уый дын цы бакуыстой, мæ хо! — фæйнæрдæм рæдувы мæ зæрдæ.
Иу цæст æнæхъæнæй дæр тугæрхæм хъæдгом. Иннæ цъынд, фæлæ цæстыхаутæ змæлынц. Йæ буар хæдоны скъуыдтæй зыны. Йæ улæфт бæрæг дары. Æгас у... Æгас у... Йæ дыууæ армы сыджыты къуыбæрттæ æмæ сыфтæр нылхъывта... Мæгуырæг...
Гæрæхтæ дард кæмдæр басабыр сты.
Хъавгæ хæцын мæ хойы сæрыл. Дыууæ цæссыджы дудгæ фæд ныууагътой мæ уадултыл. Мæхи фæхъæддых кодтон.
Фаризæт иу хатт, дыккаг хатт арф ныуулæфыд.
— Ох-х... мæлын... Нана! Кæм дæ, нана!
Иу цæстæй ракаст.
— Чи дæ?.. Албег, ме ’фсымæр! — сыфтæры сыбар-сыбурæй мынæгдæр ныхас, фæлæ йæ цин бæрæг у.
— Æз дæн, æз, Фаризæт... Мацæмæй тæрс, æз дæн демæ.
Йæ цæст æрæхгæдта æмæ та йæ хъæрзын ссыди. Мæнæ йæ туджы куыд мæцы! Уæ, мæ фæрстæ дын æрбайхæлой, ме ’намонд хо!..
— Асæге! Бибо! Кæм стут, рæвдздæр ардæм...
Къардиуы сæрæй мæм Бибо æрдзырдта:
— Ныртæккæ, ныртæккæ. Фæцæуæм дæм.
Ме ’мбæлттæ уайтагъд дæлæмæ хизын райдыдтой. Семæ æркæнынц фондз саргъæвæрд бæхы æмæ хæссынц дыууæ фондзæхстоны. Фæсте чи цæуы, уыдон цыппарæй кæйдæр æрхæссынц уæйлаг нымæты. Ног сагъæс мæ фæрæхуыста: кæд нæхионтæй исчи фæцæф кæнæ фæмард? Мæ цæст сыл ахастон. Хуыцауæн табу, иууылдæр сæрæгас сты. Уæдмæ æрхы бынмæ æрхæццæ сты æмæ нымæт зæххыл æрæвæрдтой. Нымæтыл хуыссы цъæхцухъхъаджын æмæ хъæрзы, йæ риу — тугамæст.
— Мæ нæмыг йæ риуы иннæрдæм ахызт, — зæгъы Бибо. — Æрцæйхауд, фæлæ къалиутыл ацауындзæг. Фæстæмæ схилын бафæрæзта. Цы йын кæнгæ у? Нæ ныххæдмæл, куыдз...
Раздæрау дыууæ къухæй хæцын Фаризæты сæрыл. Нымæты алыварс кæм æрæмбырд сты адæм, уыцырдæм акаст. Цыдæртæ дзуры, фæлæ йæ ныхас дзæбæх нæ хъуысы. Хæстæгдæр æм æргуыбыр дæн.
— Амар æй!.. Амар æй!.. Дæ хомæ бавналыны ныфс æм разынди.
Фаризæты цæссыг æркалди йæ мæрдон фæлурс уадулыл.
Мæнæ мæ къухты йæ уд исы мæ хо. Уæртæ уым та æрдæгмардæй хуыссы мæ фыдгул. Царды рæстдзинад цымæ кæцы уа: фыдгулæн ныббарын æви рагон уаг — туг тугæй æхсгæ у? Ныббар, дам? Куыд ныббар, куыд? Нæ, туг тугæй æхсын растдæр у!..
Фаризæты сæр æхсæры сыфтыл æруагътон, мæхæдæг бынмæ æрхызтæн æмæ ме знаджы цурмæ бацыдтæн. Дамбаца сабыргай сластон хуымпъырæй æмæ йын æй йæ тæккæ цæсгомыл ныццавтон.
  Йæ буар æнæхъæнæй дæр ныррызти, йæ къах æмæ къух фæстаг хатт базмæлыдысты æмæ ныссабыр. Æнцад лæууын æмæ, йæ туг уадултыл куыд лæдæрсы, уымæ кæсын...
Мæ хойы цурмæ раздæхтæн.
Хъавгæ йæ æрхастам æрхы бынмæ. Йæ гæндзæхтæ цæгъды, цæст ныдздзагъыр æмæ тарстхуызæй кæдæмдæр кæсы. Рабадыны фæлтæрæн кæны, фæлæ буар йæ коммæ нæ кæсы. Ризæг ыл бахæцыд. Йæ къухтыл ын мæ армытъæпæнтæ авæрдтон. Ихы къæрттытæ...
— Ницуал... Ницуал... Мæлын, ме ’фсымæр, мæлын...
Тынгæй-тынгдæр цæгъды йæ гæндзæхтæ. Улæфт æм нал ис. Хуыфæг ыл бахæцыди. Хуыфгæ-хуыфын йæ хъæлæсæй туг фемæхст. Уыйæндæр йеддæмæ куы нæ у, уæд дзы утæппæт туг кæцæй разынди? Фестъæлфыд, æмæ та ногæй ныппæлхъ ласта. Æллæх, æллæх!
Фыддымгæ сыстади хъæды. Æнусон бæлæсты къæс-къæс цæуы, æхсæры уистæ суанг зæххы онг æртасынц, дуртæ гыбар-гыбургæнгæ кæлынц æрхы бынмæ, мæргътæ фыртæссæй ныхъхъус сты. Комы рæбынæй сау мигътæ ралæбурынц, бæстæ ныттар. Фæлæ махмæ уыдæттæ нæ хъарынц. Иу нымæт йæ быны, иннæмæй йæ хъуыры онг æмбæрзтæй йæ уд исы мæ хо.
Цыма йæ мæлæтæй бахизын куырдта, уыйау мæм фæстаг хатт сивæзта йæ къух æмæ сфæрæзта:
— Ме ’фсымæр!
Ууыл йæ уд систа.
Иууылдæр ныббогъ-богъ кодтам, цæссыгтæ гæр-гæрæй згъæлынц. Æрмæст мæнæн мæ зæрдæ афтæ ныддур, æмæ мæ иунæг цæссыг дæр не ’рхауди...
Кæуынæй сæ тыппыртæ суагътой æмæ басабыр сты ме ’мбæлттæ.
Саукуыдз, моллойы æххуысгæнæг, дыууæ армы риуы онг схаста æмæ дуа кæны. Мах дæр æй бафæзмыдтам.
Цалдæр минуты размæ бæстæ цы фыддымгæ рæдывта, уый иувæрсты аивгъуыдта.
— Фа-атигъа! — хъуыраны каст фæци Саукуыдз. Йæ уырзтæй цæсгом æрсæрфта. Мах дæр та йæ бафæзмыдтам.
Каст ницæмæуал у.
— Цæуынафон у, — зæгъы Асæге.
Æз дæр разы дæн: ницæмæуал у каст. Арв кæд фæрайдзаст, уæддæр къæвда куы ныссæххæтт ласа, уымæй æнæмæт нæ дæн. Ноджы ма йын ацы ран хъæды астæу, æрхы бын, æнцон ныццæгъдæн стæм уæлбылæй. Хорз æмæ уыцы хуытæ тæппуд разындысты, æндæр нæ хабар хорз нæ рауадаид.
Рæвдзгомау рараст стæм æрхæй. Мард хуысгæ кæм баззад, уыцырдæм кæсгæ дæр ничи фæкодта.
Нæ сæрмæ халæттæ зилын райдыдтой...
Зонгæ фæндагмæ цалынмæ рахызтыстæм, уæдмæ æрталынг, стъалытæ фæзындысты. Кæм сты, кæм, уыцы Æхсæз хойы? Æвдæмы, цымæ, ссардтой æви нæма? Уæлæ сты Æхсæз хойы, фæлæ æвдæмы нæ уынын... Тæхудиаг... Æз æй куыд ссардтон мæ хойы, уый бæсты йæ æппындæр макуы ссарæнт.
Цæуæм сындæггай. Фæндаджы фæйнæ фарс нартхоры хуымтæ райдыдтой. Иуцасдæр куы ауадыстæм, уæд разæй райхъуысти цыдæр уынæр. Цæлхыты хъинц, адæмы ныхас æмæ хъæртæ. Зарынц. Нартхоры хуыммæ байстам нæхи. Чи сты, цымæ? Марадз æмæ йæ базон. Сæ фæндагыл ауадзгæ сты. Уырыссаг зарæг, уырыссаг ныхас. Стъалыты мынæг рухсмæ ферттывта джебогъ. Салдæтты къорд. Сырхæфсæддонтæ. Хорз æмæ нартхоры хуыммæ байстам нæхи. Æнæхъола хъæлæбагæнгæ цæуынц. Уæрдæттæ. Æрбæхæстæг нæм сты æмæ аивгъуыдтой. Сæ фæстæ дыккаг къорд. Ныххал сты. Барæджы тъыбар-тъыбур ссыди. Чидæр хъæр кæны: «Рæвдздæр цæут, æмбæлттæ!» «Раздæр рахæцут, уæ тæккæ мады!..»
Сæхи сын нæ уынæм, фæлæ сæ ныхас скъуыддзагæй хъуысы:
— Рæвдздæр ныццæгъдинаг сты ацы хъæддæгтæ. Марадз æмæ фыдæхсæв æрвит уыдоны тыххæй.
— Куы бахæццæ уæм, уæд сæм бæрæг уыдзæни. Ничи кæсы ацы урсгвардионтæм: сæ афицертæ абырджытимæ сæмдзæхдон сты. Революцийы ныхмæ куыд лæугæ у, уый сын фенын кæндзыстæм.
— Ныддæрæн сæ кæндзыстæм, бæргæ. Куыддæр сæм бахæццæ уæм, афтæ сын сæ лæгæттыл арт сæндзардзыстæм. Ацы хъæддæгтæ фæстæмæ хохмæ батæринаг сты, сæ фæйнæ мады...
Асæге йæхи нал баурæдта, мæ хъусы дзуры:
— Ныр сыл ардыгæй ныккал, æвæдза цал фондзæхстоны æмæ пулеметы нæ къухы бафтид...
— Ауадз сæ, æнæ мах дæр ссардзысты, цы агурæг сты, уый.
Æнæ фæтк, æнæ уагæй хилынц размæ. Кæдæм цæуынц? Цæмæ? Цы хъуыддаг сæ ис æцæгæлон бæстæйы? Æнæкæрон Уæрæсе сæ фаг нал у? Цæмæ сæ бахъуыди нæ зæхх, цы сæ хъыгдарынц нæ чысыл адæм? Нæхионтæй дæр цалдæр ис семæ. Керменисттæ... Мæ зæрдыл æрбалæууыд, сабибонты кæй фехъуыстон, уыцы æмбисонд. Иуахæмы хъæды бæлæстæ æрбамбырд сты æмæ тæрхон кæнынц — нæ цыфыддæр знаг фæрæтæн цы чындæуа, æнæнцойæ нæ куы цæгъды. Хъæдæн йæ кой дæр нал уыдзæн рæхджы. Сæ къабæзтæ тилынц бæлæстæ æмæ фыдæлгъыстæй æлгъитынц фæрæты. Уæд сын зæронд тулдз афтæ: «Уæ, æдылытæ, æдылытæ, фæрæт цы аххосджын у? Йæ ком мах буары ныссадзы, хъæд ын кæй ис, æрмæст уый руаджы. Йæ хъæд та нæхицæй, мыййаг, нæу?» 
 Хъæугæронмæ сæумæйæ æбахæццæ стæм. Адæм хизынмæ скъæрынц сæ хъуццыты, къамбецты, родты. Рыг сæ сæрмæ сбадти. Хъуысынц хъомгæсы ехсы цъыччытæ. Нæ размæ чи фæвæййы, уыдон тæфæрфæсгæнгæ сæ къухтæ æруадзынц æмæ сæргуыбырæй лæууынц, цалынмæ сæ рæзты сивгъуыйæм, уæдмæ.
Нæ дуармæ лæууы бирæ дзыллæ. Куы нæ ауыдтой, уæд цалдæрæй нæ размæ рацыдысты, Фаризæты уæйлаг нымæты тыхтæй æристой бæхы рагъæй. Кæртмæ йæ бахастой. Сылгоймæгтæ хæдзарæй ракалдысты дзыназгæ æмæ хъарæггæнгæ. Нæлгоймæгтæ Фаризæты мидæмæ фæхæссынц. Хæдзары къæсæрыл лæууы Æна. Цæссыджы фæд нæ зыны йæ рустыл, цæсгом ныддур. Сæрæй къæхтæм сау фæлысты æмæ цæсгом цы у, уымæй фæлурсдæрæй зыны. Сылгоймæгтæ дзыназынц, сæрыхил бындзыггай тонынц, уадултæ рæдувынц, æмæ тугæй самæстысты. Æрмæст Æна сагъдауæй лæууы къæсæрыл, адæмы раз йæ хъæбулыл кæуыны æмæ йæхи хойыны бар ын нæ дæтты æгъдау.
Кæуынц нæлгоймæгтæ дæр, сæ цæссыг кæлы хурсыгъд цæсгæмттыл.
Кæртмæ лæдзæгæнцой æрбахызт сæдæаздзыд Хазби, мыггаджы хистæр. Йæхæдæг цæуынтæн нал у, дыууæрдыгæй йын æнцой лæууынц. Ныхасы дæр рагæй нал вæййы. Кæд æй бинонтæй исчи уынгмæ рахона хурмæ йæхи атавынмæ, уæд хорз. Уынгæ дæр æмæ хъусгæ дæр дзæбæх нал кæны. Сæрд йæ тæккæ тынгæй у, афтæмæй йыл уæлдзарм кæрц. Къæсæры цур æрлæууыд æмæ бухархуд къæбутырдæм асхуыста, йæ тæрных цым лæдзæгæй ныххоста. Ныхы туг рахъардта. Йæ сæр хойы æмæ æмырæй кæуы. Йах-ах-ах!.. Къæсæрыл æй сæргъæвтой. Мидæмæ йæ бакодтой æмæ уырдыгæй райхъуыст йæ «Йах-ах-ах!»
Ракодтой йæ æмæ къулæнцой æрлæууыд. Сæхимæ нæ комы, саубоны йæ мыггагимæ иумæ фæнды.
Мыггаг та иу иннæйы фæдыл хъæрæй кæугæ хизынц кæртмæ. Чи лæдзæгæй хойы йæ сæр, чи — тымбылкъухæй, цæссыг цухъхъайы фæдджийæ сæрфынц. Мидæмæ бацæуынц æмæ марды уæлхъус кæуынæй сæ зæрдæйы тыппыртæ суадзынц. Стæй рацæуынц æмæ Хазбийы фарсмæ æрлæууынц. Мыггаг иууылдæр рæнхъæй ралæууыдысты кæрты, æмæ нæм мæрддзыгой тæфæрфæсмæ цæуынц.
Сæ хъаматæ кæрддзæмæй сласынц æмæ сæ кулдуары цур ныууадзынц, сæхæдæг нæ акомкоммæ æдзæмæй æрлæууынц. Молло йæ армытъæпæнтæ риуы онг сисы Хъуыраны бакæсынмæ. Иууылдæр æй бафæзмынц.
— Фа-атигъа! — фæзæгъы молло, уырзтæ цæсгомыл æрхæссы æмæ армытъæпæнтæ кæрæдзийыл асæрфы. Дуа ахицæн. Рахизырдæм азилынц тæфæрфæсгæнджытæ, галиу къахæй фыццаг къахдзæф акæнынц æмæ ацæуынц. Сæ бæсты æрбалæууы æндæр мæрддзыгой.
Хъæуæй-хъæумæ, хæстæджытæн, æрдхæрдтæн æмæ зонгæтæн сау хабар фехъусын кæнынмæ саргъы бæхыл тæхы хъæргæнæг.
Сæумæрайсом фыццаг хъæргæнæджы фæстæ æрвитинаг фæци дыккаг: æхсæвы Æнайæн йæ зæрдæ аскъуыд...
VIII
Мæ мады æмæ мæ хойы куы баныгæдтон, ууыл æртæ мæйы рацыд. Цас æмæ цас адæм æрбахызти нæ кæртмæ тæфæрфæс ракæнынмæ. Кæцæй æмæ кæцæй не ’рбахæццæ сты, ахæм нал баззад. Тæккæ хорæфснайæнтæ уыдысты, алкæмæн дæр куыст — хъуырмæ, фæлæ зианы фæдыл ирон лæг алцыдæр ныууадздзæн æмæ цыфæнды дардмæ дæр фæцæудзæн. Уæдæ хистытæн дæр кæрон нæ вæййы. Æгæстæ, дам, хисты цас фылдæр бануазой, уыйас, дам, мæрдты бæстæйы чи ис, уыдоны цард хуыздæр вæййы. Уымæ гæсгæ хæрнæджы фынгыл йæ гуыбыны тæригъæды ничи бацæуы. Хæдзармæ куы æрбаздæхы, уæд та уым дæр хæринаг æрдомы. Исчи йын куы зæгъа: «Ау, нырма ныртæккæ хисты дæ фагæй фылдæр куы бахордтай æмæ банызтай», уæд дзуапп ратдзæни: «Хисты хойраг фарсыл нæ хæцы — хæргæ йæ æгæстæ кæнынц, цæугæ та мæрдтæм кæны».
Ме стуртæй æмæ фысвосæй ницуал баззади. Æниу сæ фæнды хистытæн аргæвд, фæнды дзæгъæлдзу сырхæфсæддонты амæддаг бауæд. Тынг сыл нæ бахъыг кодтон — æгайт-ма сæнæмæт дæн мæ фосæй. Ноджы ма мын мæ фосы мæкъуылтæ дæр басыгътой.
Фæззыгон мæйдар æхсæвтæ ралæууыдысты. Осмæн алы изæр дæр быдырæй здæхти фыдфæлладæй, йæ къабæзтæ сисынæн-иу нал уыди. Æхсæвæры фæстæ-иу уайтагъд бахуыссыд.
Хæдзар æрæнцад нæ дыууæ Дзыгийыл. Мæгуыр чызджы удæртау нал баззад, цæсгом бынтон ныффæлурс, фæлæ цæстытæ уалынмæ хъæлдзæг æрттывд райдыдтой — кар йæхион кодта. Иунæг зæрдæлæууæнæй мын баззади Дзыги.
Хæдзар æмæ хо хъахъхъæнинаг уыдысты. Туджджынтæ мын ис, æмæ лæг хъуамæ алцæмæ дæр цæттæ уа. Мæ фæдыл кæй зилынц æмæ сæ уæлæнгæйтты кæй нæ аирвæздзынæн, уый хорз æмбарын. Суанг ма «Кермен»-ы партимæ дæр ныффыстой сæхи: афтæмæй сын раздæры афицерæй сæ туг æнцондæр райсæн уыдзæн. Фæлæ æз дæр къухы æнцон бафтæн кæм дæн. Ноджы ма алы æхсæв дæр нæ хæдзары мæхицæй фæстæмæ хæстæджытæй исчи вæййы.
Ахсæв уыд Асæгейы рад. Куыддæр цырагъ ахуыссын кодтам æмæ нæ сынтæджыты нæхи æруагътам, афтæ гæрæхтæ æрбайхъуыст. Рудзынджы æвгты дзыгъал-мыгъул ссыди. Мидæмæ кæй æхсдзысты, уый рагацау зыдтон æмæ цармæ дуар скъæртт кодтон, уæле та æхсæн хуынчъытæ сарæзтон.
Дзыгийы басабыр кодтам æмæ уайтагъд цары смидæг стæм Асæгеимæ.
Фырдалынгæй цæсты къух атъыссæн нæй. Гæрæхтæ æмæ бæхты хуыррытт сиу сты. Æвæццæгæн, уæлбæхæй æхстой. Мах дæр цалдæр нæмыджы ауагътам. æмæ уайтагъд бæстæ иууылдæр гæрах ссис. Бæхты тъыбар-тъыбур. Адæмы хъæртæ. Циу? Кæм? Фæдис!.. Фæдис!.. Ардæм!.. Куыйтæ тыхрæйдæй ныффæсус сты. Гæрæхтæ æвиппайды банцадысты, уæддæр Асæгеимæ цары бадæм æмæ цæмæдæр æнхъæлмæ кæсæм.
Нæ кулдуар ныххостæуыд.
— Кæцы дæ?
— Байгом кæн, хиуæттæ стæм!
Сæ хъæлæсæй базыдтон Бибойы, Саукуыдзы æмæ ноджы цалдæр æрвады — фæдисы æрбахæццæ сты.
Хъæуы æдде цæуылдæр арт сæндзæрстæуыд æмæ йæ пиллон уæлиау фæцыд.
Куыйтæ рæйгæ нал, фæлæ ниуын байдыдтой. Цымæ та цы бæллæх æрцыдаид?
— Албеджы хосы мæкъуылтыл арт сæндзæрстой! — уынгæй æрбайхъуыст фæдисы хъæр æмæ цæфхæдты тъыбар-тъыбур.
Æз та æнхъæлдтон, æмæ цы судза. Ам сæ къухы ницы бафтыд æмæ хосы мæкъуылтæй сæ маст райстой.
Асæгеимæ царæй æрхызтыстæм, кæртмæ разгъордтам æмæ бæхтыл абадтыстæм. Ме ’рвадæлтимæ æнæхъæн гæрзифтонг къордæй рацыдыстæм нæ кæртæй.
— Фенын сын кæндзыстæм, бæргæ. Кæд сæ бындзагъд нæ ныккæнæм, уæд бæрæг уыдзæни.Тæппудтæ, чъылдымырдыгæй кæд æрбагæрах кæндзысты лæджы, уый бæрæг нæу, — дзуры Бибо æмæ мæстыйæ бæхы æрцæвы ехсæй.
— Тыхсгæ ма кæн, Албег: мæ хосы мæкъуылтæ дыууæ дихы бакæндзыстæм. Мæлæты бирæ фосы хицау куы нæ стæм, мыййаг, зымæджы аирвæзыны фаг сын уыдзæни, — зæрдæтæ мын æвæры Саукуыдз.
Мæ уæтæр тæккæ хъæугæрон ис, доныбыл. Йæ алыварс бæрзонд кауæй æмбонд. Фыстæн дзы хъæмпæй æмбæрзт дæлбазыр. Осмæны амад æртæ егъау мæкъуылы — каурæбын, арт сæм нæ бахæццæ. Хъæубæсты баййæфтам къæртагай дон хæсгæ æмæ артыл калгæ.
Фæрсырдыгæй чи кæсы, ахæмтæ дæр дзы дзæвгар ис. Бæхтæй æргæппытæ кодтам æмæ къæртатæй калынмæ февнæлдтам мах дæр.
— Чи уыдаид, цымæ, ацы фыдгæнæг? Кæй къух батасыд цæттæ фæллойыл арт сæндзарынмæ? — фæрсы чидæр.
— Ау, афтæ зын базонæн у, дæумæ гæсгæ? — дзуапп ын дæтты иннæ.
— Чи уыдаид?
— Бæхыл йæ бон кæмæн нæ цæуы æмæ саргъ чи хойы, уый, æндæр чи.
— Туг афтæ нæ фæисынц. Туджы хæсмæ хос судзгæ никуыма фехъуыстон.
— Уæдæ?
— Уæдæмæ туг тугæй æхсгæ у.
— Туг æнцонты райсæн нæу. Искæй туг ныккалыны бæсты хи туг ныккалынæй тæссаг у.
— Туг райсынæн дæр лæг хъæуы. Сылгоймаг нæ фæисы туг.
— Уый афтæ у, бæргæ, фæлæ ма кæм ис лæгтæ? Гæбæр куыдз, дам, зæвæттæм лæбуры. Æрæджы Батыразæн йæ туджджынтæ йæ бæхы къахы нуæрттæ сфастой. Уæд лæгау лæг ахæмтæ йæ сæрмæ хæссы?
— Уæллæй, нæ адæмæн се сæфт æрцыд...
— Кæмæ ма ис, кæмæ ирон туг та!..
Уæдмæ арт стъæлфæнтæй æркалди фæстæмæ. Уайтагъд æрбаталынг. Ныр йæ ахуыссын кæнын фенцондæр. Цалдæр къæртайы ма, æмæ зæххыл æрмæст сау фæнык аззади, стæй сыгъды тæф фындзыхуынчъытæ æхгæны.
IX
Адæмы цæмæй бамбарай, уый тыххæй сын сæ удыхъæд базонын хъæуы. Æмæ, цымæ, цавæр у мæ ирон адæмы удыхъæд? Лæджы зæрдæмæ чи ныккæсдзæн æмæ йын йæ сусæг хъуыдытæ чи базондзæн? Ничи. Адæмтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц сæ удыхъæды миниуджытæй. Æмæ уыцы миниуджытæй сæйрагдæр кæцы у? Мæнмæ гæсгæ, ирон адæм сты кадыл мард. Худинагæй тынгдæр ницæмæй тæрсы ирон лæг. Йæ æвзæр митæ куы рахъæр уой, уæд йæ худинаджы кой айхъуысдзæн. Æвзæр мийыл æм фæсмон никуы æрцæудзæн, йæ зæрдæмæ йæ нæ бахæсдзæн. Æвзæр ми чи бакæна, уымæй фæзæгъынц: цæсгом ын нæй. Ома, йæ цæсгом ницæмæй фæсырх уыдзæн. Æмæ уый у тæккæ фыддæр уайдзæф. Адæм дзы цы зæгъдзысты, уымæй тынгдæр ницæуыл хъуыды кæны ирон лæг. Уымæ гæсгæ йæ хонын кадыл мард.
Цыфæнды хъæздыг усгур дæр уæздан мыггагæй куы нæ уа, уæд ын цыфæнды мæгуыр уæздан дæр йæ чызджы нæ ратдзæн. Сау мыггаг та тырнынц чындз цыфæндыйæ дæр уæздан мыггагæй æрхæссынмæ. Цасфæнды ирæд бафидынмæ дæр цæттæ сты. Уæд ма кадыл мард та цы вæййы?
Ирон лæг галуæрдонæй фæцæуы хъæды астæу. Абырджытæ йæм топпæргъæвдæй рагæппытæ кодтой. Йæ бон у галтæ ныууадзын æмæ йæ сæр бафснайын. Куыннæ стæй! Йæ сæр бафснайыны бæсты семæ схæцыд. Ома, хъæбатыр у кæнæ йæм йæ галтæ æвгъау кæсынц, уый тыххæй нæ, фæлæ тæрсы: йæ галтæ йын куы байсой, уæд йæ худинаг айхъуысдзæн. Фæлтау абырджытимæ хæсты мæлæт ссары.
Ирон лæг æцæгæлон адæймаджы йæ хæдзармæ æрбахоны æмæ йæ хорз фены. Æнхъæлут, æххормаджы бафсадыны тыххæй? Нæ, йæ хъуыды бынтон æндæрыл у — кæддæр æмæ кæмдæр йæ уазæг раппæлдзæни: Тотырадз кæнæ Сослæнбеджы хæдзары мын цæй уынд фæкодтой. Кадыл мард фысым.
Хæсты быдыры ирон лæгæн йе ’мбæлттæ размæ куы бырсой, уæд æй нæ бафæнддзæн кæмдæр фæсчъылдымы бæхтæрæгæй баззайын. Цыфæнды тæппудæй дæр хæсты быдырмæ тындзы: «Æз иннæтæй æгуыдзæгдæр дæн? Фæсте бамбæхсти хъуамæ зæгъа мæнæй исчи?» Худинаг.
Ирон лæг йæ фæстаг стуры аргæвды хистæн æмæ гæвзыккæй баззайы. Уæдæ! Адæм афтæ куы зæгъой: «Йæ мæрдтæ цы бахæрой, уый сын нæй». Худинаг.
 Ирон лæг æз цыргъдæр ныхас зæгъыныл йæхи хъары йæ кой айхъуысыны охыл. Иу иннæмæн дзуры:
— Йæ хæдзар фехæла, Хаби цы загъта, уый нæ фехъуыстай?
— Цы? — цымыдисæй йæ цæстытæ сæрттывтой Болайæн.
— Хаби уазæджы бафтыд зылындзаст Габомæ. Уазджытæн цай æрæвæрдта Габо, сæкæр сын рахаста. Къаддæр дзы куыд бахæрой, афтæ йæ лыстæг къæрттытæ ныссаста. Хаби йæ агуывзæйы иу къæртт ныппæрста, дыккаг, æртыккаг, цыппæрæм, фæндзæм. Габо йæм касти, æмæ йæхи нал баурæдта:
— Хуыцауы тыххæй, зæгъ-ма, Хаби, иу ингæны цал марды æвæрдæуы?
— Мард цавæр уа, уымæй аразгæ у, нæ хорз фысым. Сæвджын куы уа, уæд иу, фыдцъылыз куы уа, уæд та цалдæр, — дзуапп радта Хаби.
— Ахæм ма дзы зæгъгæ уа!
Æмæ Хабийы кой хъæуи-хъæу айхъуысти. Йæхицæй куыннæ ныббузныг уа.
Худинаг хатыр никæмæн зоны.
Иу хохаг хъæуы уыди хъазтизæр. Кафгæ-кафын Пецойы комдæлбос аскъуыд æмæ йæ хæлаф æрхауди. Худинаг! Уыцы бонæй фæстæмæ Пецойы цард цард нал у. Адæмы æхсæн кæм фæзына, уым исчи æнæмæнг зæгъдзæн:
— Æллæх, æллæх, Пецо, дæ хæлаф...
Пецойы хæлафы хабар æгас комбæстыл айхъуысти. Пецойæн æндæр хъæумæ ацæуæн нал ис, уымæн æмæ фехъусдзæн:
— Æллæх, Пецо...
Дæс æмæ ссæдз азы рацыд уæдæй ардæм, фæлæ Пецойæн адæмы æхсæнмæ рацæуæн нæй: «Æллæх, Пецо...»
Иу джимиаг кæддæр заман суадоны фæмызта. Уæдæй нырмæ джимиаджы куы бафæрсай: «Кæцон дæ?», уæд дын «Джимийæ» никуы зæгъдзæн, уымæн æмæ йын бафидис кæндзысты: «А, мæнæ суадоны чи фæмызта, уыдонæй дæ?»
Худинаг адæмы царды мидæг домбай хотых у, æрмæст хотых кæцырдæм саразгæ у, уый зонын хъæуы. Æмæ уыцы хæс интеллигенцимæ хауы æмæ сын уымæй ахсджиагдæр куыст нæй. Худинаг куыдфæстæмæ сæфын райдыдта ирон адæмы æхсæн. Уырыссаг революци худинаг æмæ æфсарм не ’мбары, фыдызнæгтыл сæ нымайы, афтæмæй та уыдон хъуамæ йæ ахсджиагдæр цæджындзтæ уаиккой. Уæдæ цы чындæуа? Нæ йæ зонын...
Мæ сагъæстæ æмæ гуырысхотæ Мæхæмæтмæ ныффыстон, æмæ мын уайтагъд дзуапп радта:
«Дæ хъуыдытæ мæм раст æмæ зондджын кæсынц. Амæй размæ ирон адæймаджы цард райдианæй кæронмæ худинагыл æнцади. Фæлæ революцийы аххосæй сæфын райдыдта худинаг, зæгъгæ, дæ уыцы хъуыдыимæ разы нæ дæн. Худинаг революцийы размæ фæкъахыр...»
Фæззыгон къæвдайы æртæхтæ тæдзынц хæдзары сæрæй. Стъолы уæлхъус цырагъы фарсмæ бадын. Донæмхæццæ фæтæгены рухс у мынæг æмæ бурбын. Уаты къуымы Дзыги ныллæг бандоныл бады æмæ сæрак æууæрды, зæнгæйттæ скæнинаг мын у...
 Мæхæмæт дзуры революцийы сæрыл. Худинаг, дам, революцийы аххосæй нæ фесæфт. Ды, дам, æгæр уæлæнгай цæстæй кæсыс цардмæ. Алцыдæр хæдзарады системæйæ аразгæ у. Ирон адæм патриархалон-мыггаггай цардæй капиталистон цардæвæрдмæ нæма рахызтысты, афтæмæй сæ æрæййæфта капитализмы уадтымыгъ. Дæс æмæ ссæдз азы размæ дæр ма сæ цард арæзт уыди æрмæст æгъдаумæ гæсгæ. Æгъдау амыдта адæймаджы алы къахдзæф дæр авдæнæй ингæны онг. Фæлæ хохаг хъæумæ уырыссаг сахары тæваг куы фæхæццæ, уæд æгъдау цардæй фæсте зайын байдыдта. Æмæ худинаг дæр уæд райдыдта сæфын.
Мæхæмæт дзæвгар фыссы экономикæйы æмæ æгъдауы бастдзинады тыххæй...
А-гъа, мæнæ Кавказы цытæ цæуы, уыдæттæм дæр æрхæццæ. Куыд фыссы, афтæмæй инæлар Деникины æфсад Кубанæй æрбабырсы, сырх æфсады йæ хъæлæсы рахаста. Йæ тырысайыл фыст ис «Великая, единая, неделимая Россия». Кæдæмдæриддæр бахæццæ вæййы, уым ногæй сæвæры паддзахы заманы æгъдæуттæ. Хъæуы кæнæ сахары сæйраг фæзы æрцаразынц ауындзæн æмæ бафæрсынц: «Коммунисттæ æмæ уæм коммисартæ ис?» Коммунисты фæйнæгыл дæлгоммæ æрæвæрынц æмæ йын йæ æрбадæнтæ сампалæй фæнæмынц, комиссары та æрцауындзынц. Уый фæстæ адæмæн сæ мулк байсынц, фæсивæды та æнæбары æфсадмæ акæнынц. Хицаудзинад сæ къухтæм райсынц æфсæддонтæ, жандармтæ æмæ пъæлицæйæгтæ.
Дарддæр Мæхæмæт фыссы Уæрæсейы иумæйаг политикон уавæры тыххæй. Мах йæ заманы историон материализм ахуыр кодтам æмæ зонæм: æууæлтæ куы нæма сæвзæрой, афтæмæй куы райса пролетариат хицаудзинад, уæд додойаг йæ сæр у. Додойаг разындысты уырыссаг адæм. Уæрæсе дыууæ дихы фæцис — сырхытыл æмæ урсытыл. Ныртæккæ урсытæ хойынц сырхыты, чи зоны, суанг сæ Мæскуыйы онг фæтæрой. Стæй та уæвæн уыдзæн, æмæ сырхытæ сæ хъæлæсы рахæссой урсыты. Уыцы тох кæдмæ цæудзæн, уымæн чи цы зоны? Уырыс фондзыссæдз милуаны сты. Дæс милуаны сæ куы фæхъæуа, уæддæр ма дæс æмæ цыппарыссæдз милуанæй баззайдзысты. Махæй та мин куы фæхъæуа, уæддæр ныл тынг фæзындзæн. Нæдæр урсытæ, нæдæр сырхытæ хорзæй ницы æрхæсдзысты махæн. Урсытимæ нæ хъуыддаг нæ ацæудзæн — хохаг адæмтæн цагъар йеддæмæ ницы æрхæсдзысты. Уæдæ нæ хъысмæт большевиктимæ бабæттын та бынтон æнæсæр хъуыддаг разындзæн. Цы нын æрхастой большевиктæ? Æддæг-мидæг ауадыстæм æмæ нæм керменисттæ фæзынди. Чи сты керменисттæ? Пролетартæ дæр ма куы уаиккой, фæлæ люмпен-пролетартæ: æнæхæдзæрттæ, хуыснæджытæ, стигъджытæ, разамынд та сын дæттынц алыхуызон фæлитойтæ, стæй дыууæ-æртæ æвзонг студенты: сæхицæй политикон архайджытæ ацаразынмæ бацыбæл сты. Адæмы туг дызæгъ-мызæгъы парахатæй кæлы. Дыгуры керменистты куы бафарстой, бадилаты ныхмæ карз тох цæй охыл самадтат, зæгъгæ, уæд сæ бон бацис æрмæст иунæг дзуапп раттын — цæуылнæ, дам, ныл æрвæссынц æмæ нын сæ чызджыты моймæ цæуылнæ дæттынц...
Хохæгтæ æмæ коммунистон идеологи кард æмæ фыдæй уæлдай не сты, сæ баиу кæныны хъуыды æрмæст æдылыйы сæры сæвзæрдаид. Æмæ уыцы сæрхъæн хъуыды цас рæвдздæр аппарæм, уыйас хуыздæр уыдзæни. Афтæ нæу?
Мæхæмæты хъуыдымæ гæсгæ хъуамæ нæхæдæг нæхиуыл басагъæс кæнæм æмæ Кавказы уырысы экономикон, политикон æмæ моралон дзæмбытæй ратонæм. Кавказы адæмты бæллицтæ æмхуызон кæй сты, уымæ гæсгæ цæугæ дæр хъуамæ иумæйаг фæндагыл кæной...
Мæхæмæт мæ йемæ хоны Гуыдзыстонмæ, стæй та Дагъистанмæ. Мæ хъарутыл йæ зæрдæ дары, райгуырæн бæстæ кæй уарзын, уый зоны. Раст зæгъын хъæуы, мæ политикон зондахаст ын æмбæрстгонд нæу... Æвæстиатæй дзуапмæ æнхъæлмæ кæсы. Гуырдзыстонмæ куыд гæнæн ис, афтæ рæвдздæр цæугæ у. Æнæмæнг зæгъын хъæуы Фæскавказы политикон уавæр...
— Дзыги, ардæм-ма рацу.
Уайтагъд мæ цуры æрбалæууыд. Йæ цъæх-цъæхид цæстытæй мæм ныккасти:
— Цы зæгъыс, мæ хур?
— Мæ фарсмæ æрбад. Æмæ дын цы зæгъон, уымæ байхъус.
Дзыги мæ дæлфæдтæм ныллæг бандоныл йæхи æруагъта, йæ сæр мæ уæрджытыл æрæвæрдта, мæ дыууæ цæстмæ кæсы. Æз та хъуыды кæнын: ныртæккæ мæ ныхæстæ цыргъ судзинтау нынныхсдзысты йæ зæрдæйы, йæ цæссыгтæ æркæлдзысты.
 — Дзыги, мæ гыццыл хо... — йæ биноныг фаст сæр ын армытъæпæнæй рæвдаугæ æрсæрфтон. — Хорз хабар дын нæ зæгъдзынæн, Дзыги.
— Ма мын дзур æвзæр хабæрттæ... Фагæй фылдæр уыдысты нæ уæззау хабæрттæ.
— Цæй, ды куыд æнхъæлыс, ахæм уæззау хабар нæу. Ардыгæй мын цæугæ у.
— Цытæ дзурыс?! — фестъæлфыд Дзыги. Цыма ныртæккæ куы сыстон æмæ ацæуон, уымæй мын фæтарст, уыйау дыууæ къухæй мæ хъуырыл ныттыхст. — Кæдæм сфæнд кодтай? Ногæй та хæцынмæ? Нæ дæ ауадздзынæн. — Ноджы тынгдæр мыл ныттыхст. — Дæу йеддæмæ ничи ис мæнæн. Никæдæм дæ ауадздзынæн. Ме ’фсымæрæй æнæхай цæмæн хъуамæ фæуон? Йæ цæссыгтæ æркалдысты.
— Нæ, Дзыги, æнæмæт у: хæцынмæ нал цæуын. Адæймаджы марынæй æлгъагдæр хъуыддаг ницы ис. Раст зæгъын хъæуы, иу хатт æнæбон цæф адæймаджы дæр амардтон, фæлæ йæ æппындæр мæ зæрдæмæ нæ хæссын. Нæ, хæцын мæ нæ фæнды. Цæмæ бæллын, уый зоныс? Куыд дын æй бамбарын кæнон? Сæрибармæ бæллын нæ хæхбæстæн... Сæрибармæ! Зæрдæйы фæндиаг цæрыны фадат нын куыд уа, афтæ... Нæ мæ бамбардзынæ, Дзыги...
Дзыги æнкъардæй ныхъхъус, йæ сæр та ногæй æрæвæрдта мæ уæрджытыл.
— Дæ рынтæ ахæрон, мæ хур, — зæгъы зæронд усау. — Рынчын нæ дæ, мыййаг?
— Рынчын дæн, уæдæ цы дæн, Дзыги. Мæ низæн хос дæр мæхæдæг зонын.
— Зæгъ æй, цавæр хос у? Æз ныртæккæ Осмæны горæтмæ арвитдзынæн, æмæ йæ балхæндзæн.
— Цавæр хос у, зæгъыс? Сæрибар, мæ къона Дзыги. Уымæй ахсджиагдæр ницы ис царды.
— Сæрибар... Сæрибар... Æмæ сæрибар нæ дæ?
— Нæ дæн, мæ къона, нæ дæн.
Дзыги ницуал дзуры. Хъуыдыты кæй аныгъуылд, уый йæ цæсгомыл бæрæг у. Цасдæры фæстæ мидбылты бахудти.
— Цы ахъуыды кодтон, уый дын куы зæгъон, уæд мæм не смæсты уыдзынæ?
— Искуыдæр ма дæумæ смæстыгæнæн ис, Дзыги? Зæгъ æй, циу?
— Дæ низæн æз дæхицæй хуыздæр хос зонын.
— Цавæр у?
— Бынтон хуымæтæг хос... — фæкъуыхцы, стæй йæхи фæхъæддых кодта. — Ус æрхæсс.
Мæ къухмæ февнæлдта æмæ дзы къæйныхы тыххæй хатыр курæгау йæ рус цалдæр хатты æрсæрфта.
Худæг мыл бахæцыд.
— Ус, дам, æрхæсс... Ха-ха-ха... Уæллæй, тынг æй загътай, Дзыги! Ха-ха-ха... — Стæй мæ цæсгом фæтызмæгхуыз кодтон. — Уымæн æгæр базæронд дæн, Дзыги.
— О, куыннæ! Нырма тынг æрыгон дæ. Уæртæ Ахболатæн йæ сæр куы сурс, афтæмæй ус æрæджы куы æрхаста.
— Азтæ ницы давынц, Дзыги, адæймаг зæрдæйæ æрыгон куы уа, уæд. Цæй, уыдæттæ хорз, мæ гыццыл хо, фæлæ мæнæн цæугæ у. Бæргæ мæ нæ фæнды, фæлæ æндæр гæнæн нæй. Ды нанамæ ацæудзынæ хохмæ. Сау дарыны рæстæг аивгъуыйдзæн уæдмæ, стæй...
— Стæй цы?
— Стæй та чындзæхсæв.
Дзыгийы цæсгом барухс, бандонæй фестад.
— Кæй чындзæхсæв?
— Дæу, æндæр кæй. 
— Мæн? — йæ хъустыл нæ баууæндæгау мæм ныккасти Дзыги. Стæй къухмæрзæн фелвæста, йæ цæсгом дзы амбæрзта æмæ богъ-богъæй ныккуыдта, йæ буар æнæхъæнæй дæр фестъæлф-фестъæлф кæны. Фестадтæн æмæ Дзыгийы мæ хъæбысы æрбакодтон, зæрдæтæ йын æвæрын:
— Цы кодтай? Ма ку, Дзыги, бафхæрдтон дæ, æмæ мын ныббар. Хъазгæ кодтон.
Дзыги кæугæ-кæуын сдзырдта:
— Нæ мæ уарзыс æппындæр... О, о, æппындæр... Æна, ахæсс мæ дæхимæ... Цæмæн мæ ныууагътай?..
— Дзыги, басабыр у — хъазгæйæ загътон...
Дзыги фаллаг уатмæ алыгъди. Мæ зæрдæ рæхуыстытæ кæны. Йæ фæстæ бацæуин æмæ йын зæрдæтæ авæрин? Æниу, уадз æмæ акæуа, фенцондæр ын уыдзæн. Дзыги йеддæмæ куы ничи ис мæнæн дæр. Бынтон, мыййаг, куы нæ хицæн кæнæм кæрæдзийæ. Æниу, кæд бынтон у, уæддæр ын чи цы зоны. Ацы змæст æмæ æнæрайы рæстæджы адæймагмæ цы нæ æнхъæлмæ кæсы...
Знон Дзыгийы нанамæ арвыстон хохмæ. Абон райсомæй Осмæнимæ хæдзары дзаумæттæ æртæ уæрдоны бавæрдтам, æмæ уый дæр хохмæ ацыд.
Мæ сыхæгтæ сагъæсы бафтыдысты. Æнхъæлынц, æмæ цыдæр тæссаг хабар зонын æмæ йæ уыдонæй æмбæхсын. Æрхатынц мæм: дæ мад, дæ фыды хатырæй йæ махæн дæр зæгъ, æмæ нæ сæртæн исты уынаффæ бакæнæм. Ахæмæй дзы ницы ис, зæгъгæ, сын зæрдæтæ æвæрын, фæлæ сæ нæ уырны, уайдзæфтæ мын кæнынц: ау, нæ фыдæлтæ æфсымæртау куы фæцардысты, сæ зиан дæр æмæ цин дæр иумæйаг куы уыди, цæхх-кæрдзын иумæ куы хордтой.
Фæлæ сын мæ дарддæры царды фæндтæ куыд хъуамæ раргом кæнон? Фæстаг хатт æрзылдтæн кæртыл. Мæнгхæдзарыл гуыдыр куыд æвæрдтон, афтæ мæ размæ фæцис Домбай. Йæ къæдзил тилгæ ныззæмбыдта, мæ цурмæ æрбауад.
— Мæнæ мæ куыд æрбайрох дæ, мæ рагон хæлар æмæ хæдзаргæс. Ардæм-ма рауай, Домбай!
Мæ фæндаггагæй йын чъирийы æмбис æмæ дзидзайы хай радтон. Цалынмæ хæрд фæци, уæдмæ банхъæлмæ кастæн. Стæй йын рæхыс йæ хъуырыл бафтыдтон.
— Цæуæм, Домбай, фысым дын бацагурæм. Зæронды бонты ног ран æрцæрынæй зындæр кæй ницы ис, уый бæргæ æмбарын, фæлæ æндæр гæнæн нæй. Хъысмæтæй никæдæм аирвæздзынæ.
Дыргъдонмæ рацыдыстæм. Кауы æдде — мæ зæронд сыхаг Батыразы хæдзар.
— Кæм дæ, мæ сыхаг? Æддæмæ ракæс, — дзурын æм кауы сæрты.
— Кæцы дæ? — хæдзарæй радзырдта Батыраз. — Хъых-хы-хъых-хы... Кæцы дæ?
— Æз дæн, æз — Албег.
— Алæбон æгас цу, Албег. Фæцæуын дæм, дæ рынтæ бахæрон.
Йæ кæрц йæ уæхсчытыл æппæрстæй рахызти хæдзарæй. Салам радтам, куыд дæ, цы дæйæ афарстам кæрæдзийы.
— Цæугæ кæнын, Батыраз, цæугæ.
— Цæугæ зæгъыс? Хъых-хы, хъых-хы... Фæсивæд дын иу ран фæстиат фæразынц? Хъых-хы... Фæндараст у, фæндараст, Уастырджийы уазæг.
— Стыр курдиат мæм ис дæумæ, Батыраз.
— Уæллæй, цыдæриддæр зæгъай, уый бакæндзынæн. Хъых-хы... Нæ фæсивæд, бæргæ, иууылдæр дæу хуызон куы уаиккой, алкæмæн дæр Хуыцау ахæм сыхаг куы раттид. Бауырнæд дæ, Албег, дæ цæрæнбоны тыххæй кæм нæ расидын, иунæг ахæм фынг дæр нæ вæййы.
 — Гъемæ дæ куывдтытæ æрцæуынц, æмæ уый тыххæй ахæм æнæниз дæн, — ныыххудтæн æз.
Худы Батыраз дæр.
— Бузныг, Батыраз, бузныг. Дунедарæг дын бирæ цæрæнбон раттæд. Цæугæ кæнын æмæ хæдзар æдзæрæг уыдзæн. Æрмæст дзы мæнæ мæ зæронд хæлар баззайдзæн, — ацамыдтон Домбаймæ.
Ууыл кæй цæуы ныхас, уый бамбæрста куыдз æмæ йæ хъуынджын къæдзилæй зæхх æрхоста.
— Де ’вджид æй уадзын, мæ хорз сыхаг. Стонгæй амæлын æй ма бауадз. Мæнæ дын уый та йæ хардз, — бадардтон æм æхца. — Æхцайы ницуал кад ис, фæлæ Домбайы фаг кæд разыниккой.
Батыраз æхца нæ комы, ма йæм дæ зæрдæ æхсайæд, зæгъгæ, мын ныфсытæ æвæры. Фæлæ йын уæддæр æхца йæ куырæты дзыппы куыддæртæй атъыстон.
Фæстаг хатт æрсæрфтон Домбайы сæр æмæ нæхимæ рацыдтæн.
Батыраз куыдзы йæ сарайы цæджындзыл бабаста. Фæцæйцæугæ мæ куы федта Домбай, уæд баст ратоныны цалдæр фæлтæрæны скодта, мæ фæдыл рæйы, рæхысы дзыгъал-мыгъул цæуы. Йæ бон куы базыдта, уæд зæххыл æрхуыссыд æмæ ниуын райдыдта.
Рудзгуытæ сæхгæдтон, дуæрттыл гуыдыр сæвæрдтон, мæ хызын æмæ хордзентæ райстон æмæ Азæмæтмæ ацыдтæн. Рарастæввонгæй йæ баййæфтон.
Минуты фæстæ нымæт æмæ басылыхъы тыхтæй рахæццæ дæн, ничи мæ базыдта.
Фæндаг цæуы уæлмæрдты рæзты.
— Фæуром, — дзурын Азæмæтмæ.
Бæхтæ нæма æрлæууыдысты, афтæмæй æргæпп кодтон линейкæйæ. Æрæгвæззæджы уазал бон. Мит нæма рауарыд, фæлæ дымгæ цæсгом хойы, арв у хъуынтъыз. Рагон цыртытæ бæзджын хъуынайы бын фесты. Æртæ зынаргъ ингæнмæ бахæццæ дæн. Астæуæй — мæ фыды ингæн, йæ рахиз фарс — мады ингæн, галиуырдыгæй та — Фаризæты ингæн. Фыды цырт фæтар, йæ фыстытæн бакæсæн зынтæй ис, уый хыгъд дыууæ ногамад цырты фыстытæ æмæ нывтæ дзæбæх зынынц.
Сæргуыбыр æмæ æдзæмæй лæууын. Мæ цæстытыл ауади мæ цард æнæхъæнæй дæр суанг сабибонтæй нырмæ, фæстаг рæстæджы хъизæмæрттæ.
— Дзæнæты цъæх нæууæй æмæ уын Дзæмдзæмы суадонæй хай уæд. Рæстаудæн кæнут, — дзурын сабырæй.
Ингæнтыл мæ къух æрæвæрдтон æмæ тагъд-тагъд фæстæмæ раздæхтæн.
— Ахæц, Азæмæт!
Дымгæ ногæй ныццавтæ цæсгом. Фæсте аззадысты хъæу дæр æмæ уæлмæрд дæр.  

Уырыссаг æвзагæй
Хæблиаты Сафары тæлмац

 
// Мах дуг.– 2002.– № 9, № 10.

 

***

ТАУРÆГЪТÆ, НОВЕЛЛÆТÆ

 

ХАКИМЫ ЛÆХЪУЫМÆТÆ

Ай-гъай, бирæ, тынг бирæ азтæ рацыд уæдæй нырмæ... Хур-иу тарцъæх хæхты фæстæйæ сленк кодта, стæй та-иу нынныгъуылди денджызы уылæнты. Дæттæ-иу ныйих сты, фæлæ та-иу уалдзæджы ногæй сæ баст атыдтой, раивылдысты-иу. Æнæкæрон цъæх быдыртæ-иу зымæг мæрдвынæй баисты, фæлæ та-иу хуры хъарммæ дзыхъхъынног фестадысты. Фæлтæр фæлтæры ивта. Ацал-ауал æнусы бир-бирæ дон-хъалон фæласта Сау денджызмæ Хъубан.
Иу паддзахад уыд, æмæ дзы царди мæгуыр кæсагахсæг Хаким. Иуахæмы та кæсаг ахста хызæй. Бон-изæрмæ фæбадти доны был, фæлæ йæ къухы ницы бафтыди. Цæй, фæстаг хатт ма бафæлварон, зæгъгæ, йæ хыз ногæй баппæрста донмæ, йæхинымæры та хъуыды кæны: æвæццæгæн, Хуыцауы раз исты тæригъæдджын дæн, æндæр ай циу? Рахæцыд йæ хызыл. Тыхтæ-амæлттæй йæ раласта былмæ. Æмæ дын мæнæ æвирхъау диссаг! Зæлдаг кæрдæгыл хызæй йæхи ратоныныл удаист фæлтæрæнтæ кодта адæмæн æмбисонды рæсугъд чызг. Йæ урс-урсид буар тæмæнтæ калдта. Цæстытæ денджызы арфау — цъæх-цъæхид. Йæ дзыккутæ — сатæгсау цыллæйау.
Ахæм рæсугъд чызг суанг йæ фыны дæр никуы федта Хаким. Æмæ хинымæры скарста: паддзахæн æй йæхимæ акæнон.
Паддзахæн та йæ къухы уыди цыбыр лæдзæг, алыхуызон хæзна дуртæй йыл нывæфтыдтæ. Хаким æм æрбакодта чызджы, стæй йын радзырдта, хызæй йæ куыд æрцахста, уый. Паддзах чызджы фæрсы: чи дæ, цы дæ, куыд бахаудтæ хызы, доны бын цы куыстай?
Фæлæ чызг ницы дзырдта.
Уæд паддзахы амындæй чызгæн алы фыдмитæ кæнын байдыдтой. Йæ къæхты йын зылын зæгæлтæ къуырдтой. Уæддæр чызг хъусæй лæууыди. Ноджы йын æбуалгъдæр фыдмитæ кæнын байдыдтой: артмæ-иу æй ныддардтой, доны-иу æй ныппæрстой, кардæй йæ рæхуыстой. Уæддæр чызджы дзыхæй сым дæр не схауди.
Паддзахы сæркъуырты бон ын ницы уыди, бафæлладысты дзы æмæ йæ ныккæндæй фæстæмæ галуанмæ фæцæйкодтой. Ныр сæхæдæг æмризæджы ризынц, паддзах сыл йæ масты пырхæнтæ куы акала, уымæй тæрсгæйæ. Фæндагыл чызг ауыдта, цырыхъхъытæ  чи 'лхæдта, иу ахæм лæджы. Лæг-иу цырыхъхъы уафс йе 'нгуылдзтæй æркъупп ласта æмæ та-иу афтæ:
— Ницæйаг сты ацы цырыхъхъытæ, афæдзваг дæр не суыдзысты.
Чызг уыцы ныхæстыл былысчъил худт бакодта.
Фæндагыл та æндæр лæджы ауыдта. Уый балхæдта хъæдындзтæ, фæлæ нурытæм йæ хъус не 'рдардта. Чызг та былысчъилхуызæй бахудти.
Æртыккаг хатт та бахудти, йæ къухы гыццыл сывæллон чи хаста æмæ йын фырцинæй алы буц митæ, дыги-дыгитæ чи кодта, ахæм лæгыл.
Сæркъуыртæ æппæт ацы хабæрттæ паддзахæн ракодтой. Æмæ паддзах хъуыдыты аныгъуылди. Хъуыдытыл фесты йæ дæлбар адæм дæр: цымæ цæуыл худти чызг? Никæй бон баци ацы сусæг райхалын.
Æмæ та паддзах ногæй фæрсын байдыдта чызджы. Фæлæ чызг къæрттæй цъула не ’ппæрста. Паддзахæн йæ маст бынтондæр рафыхт. Æмæ загъта: ацы хуыцауылгъысты раттут Хакимæн! Хакимæн та бафæдзæхста:
— Ды мæм æй æрбакодтай æмæ йæ дæхæдæг амар!
Хаким чызджы къухыл æрхæцыд æмæ йæ йæ халагъудмæ акодта. Кард райста, сигæцыл æй адаудта — хъуамæ паддзахы уынаффæ сæххæст кæна. Уæд дын чызг æнæнхъæлæджы куы сдзурид:
— Ауадз мæ, хорз лæг, фæстæмæ мæ доны баппар. Мæн амарынæй дын цы пайда ис?..
Хаким æваст фæкуыддæр и, кард йæ къухæй æрхауди. Стæй йе 'муд æрцыд æмæ загъта:
— Хорз, ауадздзынæн дæ, фæлæ уал мын раздæр зæгъ: фæндагыл цы æртæ лæджы федтай, уыдоныл цæмæн худтæ? Æхсæвæй-бонæй æнцой нал арын, мæ сæр сдон, уыцы рахъуыды-бахъуыды кæнын, фæлæ мæ зонд ницы ахсы. Кæд мын хъуыддаджы апп райхалай, уæд дæ ауадздзынæн, доны дæр дæ баппардзынæн, кæм дæ æрцахстон, уыцы ран. Паддзахæй дæр нæ фæтæрсдзынæн.
Чызг бахудт æмæ загъта:
— Хорз.  Фыццаг хатт кæуыл бахудтæн, уыцы лæг цырыхъхъытæ æлхæдта. Гъемæ хъуыды кодта цырыхъхъыты фидарыл, адæймаджы цард мæнгæфсон халыл кæй хæцы, уый та йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Афтæмæй йæ ныхыфыст амыдта: хъуамæ уыцы бон изæрæй амардаид.
Чызг та ногæй бахудти:
— Дыккаг лæг та нурыты бæсты хъæдындзтæ æлхæдта æмæ йыл куыннæ бахудтаин? Æнæфенд цыдæр! Исчи-ма пайдайаг халсары бæсты лæгæн зианы хос чи у, ахæм равзары!                        
Чызг æртыккаг хатт бахудт æмæ загъта:                   
— А æртыккаг лæг та мæ бынтон ахудын кодта. Уый сывæллоны цинæй кæфойы зæронд фестад, йæ туг, йе стæг æй æнхъæлдта, йæ удлæууæн æй хуыдта. Цæмæй зыдта, мæгуырæг, уый йæхи сывæллон кæй нæу, уый!
Чызг ноджы тынгдæр ныххудт æмæ Хакимæй куры, ауадз, дам, мæ ныр.
Лæг æй ауагъта, æмæ чызг йæхи доны басхуыста. Иуцасдæры фæстæ та ногæй былгæронмæ æрбаленк кодта æмæ загъта:      
— Хæлар æмæ сыгъдæг зæрдæйы хицау дæ, кæрдаг зонд дын ис, лæджыхъæдæй, ныфсæй цух нæ дæ, æмæ дын хъуамæ исты хорзы бацæуон. Мæнæ ацы  æртæ лæхъуымæйы айс. Иу дзы ныр бахæр, иннæ — фæндагыл, æртыккаг та — уæхимæ куы бацæуай, уæд.   
Æмæ чызг былмæ æртæ лæхъуымæйы раппæрста. Йæхæдæг цæстыфæныкъуылдмæ æрбадæлдон.                                 

Бахордта Хаким лæхъуымæ. Æмæ уайсахат æмбарын байдыдта зайæгхæлтты сыбар-сыбур, сыфтæрты сыр-сыр, дымгæйы улæфт, уылæнты цæллахъхъ,  алыхуызон цæрæгойты æвзаг, цъиуты цьыбар-цьыбур, дунейы цин æмæ маст...                                 
Бахордта Хаким лæхъуымæ. Æмæ æмбарын байдыдта æрдзы миниуджытæ: цæрдудты æмæ æнæудты, тыхджынты æмæ æдыхты, дæтты æмæ уæлдæфы митæ, фæзылдтытæ, раив-баивтæ...
Бирæ фæцарди Хаким. Бирæтæ федта, бирæтæ бавзæрста. Фæлæ æнæмæлгæ дуне нæй. Æмæ кæд йе 'цæг дунемæ ацыд, уæддæр йæ ном абоны онг дæр рох нæу адæмæй.
Афтæ у æцæг дæр.                               
Ехх, кæдæй-нырмæ дæ агурын, æнахуыр донычызг. Ды æвæджиауы хорзы бацыдтæ Хакимæн. Æз дæр уый хуызæн æнæбон, мæгуыр лæг дæн. Нæй мæм бæхрæгъæуттæ, фосдзугтæ, хуымзæххы тъæпæнтæ, сæрвæттæ, уыгæрдæнтæ, тархъæдтæ. Мæ иунæджы зæрдæ — мæ исбон, мæ мулк.
Æрхæндæг-уынгæг зарæг — мæ уды цин. Цы дын у мæ бон раттын, хæларзæрдæ донычызг? Цы бакæнон, цæмæй дæ уарзты аккаг суон, уый тыххæй? Айс, зынаргъдæр мын циу, уый: мæ зæрдæ!
Сæрдасæнау цыргъ хъамайæ мæ риу афаддзынæн, сисдзынæн мæ зæрдæ æмæ йæ дæ къæхты бынмæ баппардзынæн. Мæ мулк  — мæ зæрдæ. Ратдзынæн æй дæуæн. Фæлæ кæм дæ, кæм? Ацал-ауал азы дæу агургæйæ къахихсыд куы бадæн. Равдис мæм дæхи.
Ратт мын дæ лæхъуымæтæй.
Цæмæй мæ цæстытæ байгом уой.
Ратт мын дæ лæхъуымæтæй,
Цæмæй мæ хъустæ байгом уой.
Ратт мын дæ лæхъуымæтæй,                       
Цæмæй цырынæй ссудза мæ зонды цырагь.
Лæхъуымæтæ, лæхъуымæтæ... 0 хæларзæрдæ доны
чызг, дæ лæхъуымæтæй мын!..
Дæ  лæхъуымæтæй!..

 

ХУЫЦАУЫ ТÆРХОН
Æгуыппæгæй лæууыдысты фæныкхуыз къæдзæхтæ — æрнæг комы  куырм æмæ гоби хъахъхъæнджытæ.
Сау калмау дæлиау кæмдæр къæдзтæ-мæдзтæй хуыссыди ком. Йæ фæрстыл аууæттау  пырхытæй баныхæстысты тъæпæнсæр хæдзæрттæ, рæстæг сæ сæртæ адзæнгæл ласта æхсонкъул мæсгуытæн. Фæлæ йын фæлдæхын нæ бакуымдтой, сæ дзæмбытæй ныддæвдæг ысты хохы фæсонтыл.
Æз бадтæн айнæгыл æмæ хъуыстон абухгæ доны хъæлæбамæ. Уый æррайау тындзыдта кæдæмдæр. Цыма сæ амонд йæ фæдыл сайдта, уыйау уылæнтæ тахтысты кæрæдзи сæрты гæппытæгæнгæ. Се рæгътыл пæр-пæр кодтой урс фынчыты æнахуыр цыллæхызтæ.
Æрдзы æдзæмдзинадмæ уыд иунæг ныхилæг — фыдзыкъуыр, æнæнцой дон. Йæ иугæндзон уынæрмæ риуы гуырыдысты ивгъуыд бонты нывтæ. Хъуыдыты хал-иу куы зæлдагау анывæсти, куы та-иу суйтæ ныцци. Иу ныв ивта иннæйы, æмæ-иу зæрдæйы къултæ æрбалвæста, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм æнахуыр æхцон утæхсæн.
Бонтæ цыдысты. Ивта алцы дæр. Æрмæст ацы нывтыл рæстæджы æрмдзæф ничердыгæй фæбæрæг. Бæрзонд къардиуы сæрмæ фæзгонды — стыр урс дур. Ууыл бадгæйæ кодта зæронд Хъауырбег фыдæлты диссаджы таурæгътæ. 3æхх æй йæхимæ раджы айста, фæлæ ма йæ сурæт мæ цæстыты раз сысты цардæгасау, хъусын йæ сабыр, гæзæмæ фæсус хъæлæс:
— Фæсивæд, уæ рын бахæрон, кæддæриддæр Хуыцауы уазæг ут. Табу Йæхицæн æмæ  йæ минæвар Мæхæмæт-пехуымпарæн... Байхъусут та, мæ хуртæ, фыдæлты кадæгмæ...
Кæстæртæ-иу Хъауырбеджы алыварс æртыгуыр ысты, тарстысты, йæ ныхæстæй йын искæцы куынæ фехъусой. Сæ цымыдис цæстытæ-иу нал истой зæронд лæгæй. Фæлæ Хъауырбег нæ тагъд кодта. Йæ лулæйы хъуыры-иу тамако ныннадта, зынг ыл-иу бафтыдта, стæй-иу йæ ныхас уыцы уæзбынæй ауагъта:
— Уартæ хохы фарсыл уыцы хуыкком уынут? Ууылты мидæмæ куы бахизат, уæд дзы уæ цæст æрхæцдзæни стыр дурыл. Дуры бын ныккæнд ис. Ныккæнды та — адæймаг æмæ куыдзы стæгдартæ. Сæ уæлхъус хъенæй лæууы стыр дурныв, сартæй карсты хуызæн. Æвналын сæм нæ фæччы; ахæрæты бонмæ уым лæудзысты. Сымах карæн ма куы уыдтæн, уæд мæ дадайæ ахæм хабар фехъуыстон. Раджы кæддæр, Мæхæмæт-пехуымпар ма сæрæгас куы уыд æмæ йæ фарны хъæлæс адæмы зæрдæтæм рухс куы хаста, уæд а комы царди цавæрдæр адæмы мыггаг, йæ ном ын ничиуал хъуыды кæны. Уыцы адæмæн уыдис æлдар, æлдарæн та — фырт. Йæ зæронды бонты уымæй хаста йæ ныфс, йæ удæнцойыл, йе 'нхъæлцауыл æй нымадта. Бирæ уарзта зæронд æлдар йæ фырт Æмзоры æмæ йæ бынтæ дæр уымæн ныууадзынмæ хъавыди. Фæранкау фидæрттæ æмæ æхсарджын уыди лæппу. Комбæсты йæ разæй никæй уагъта лæгæвзарæнты. Уыцы хъæуы ма цардис иу мæгуыр дзабырхуыйæг. Æхсæв-бон нæ зыдта, фыргуыстæй бастад-баихсыд, уæддæр æм никæцæй ницы æфтиаг хауди. Фæлæ хъаст ницæмæй кодта, фæрæзта, Хуыцаумæ куывта зæрдæбынæй, йæхи йыл фæдзæхста, Хъуыраны амындтытæ æххæст кодта. Гъемæ йын Хуыцау дæр иуахæмы стыр хорзы бацыд — æрдхæрæны рæсугъд чызг райгуырди мæгуыр лæгæн. Аминæты  — ахæм ном сæвæрдтой чызгыл  — цæстытæ стъалытау æрттывтой, æвзисты зæллангау та йæ худын уыди. Æмзор чызджы куы федта, уæд йæ зæрдæйы æвиппайды ссыгъди уарзондзинады арт. Æмæ йæ фыдмæ баминæвар кодта, мæгуыр дзабырхуыйæгмæ мын фидауджытæ барвит, зæгъгæ. Фыдæн уый фæхъыг, йæ маст рафыхти: цавæрдæр гæвзыкк сæмпæрчъи нæ чердыгæй бахъуыди! Йе 'мдæндаг æлдæрттæй искæцыимæ бахæстæг уæвын фæндыди фыды. Фырт ын йæ ныхасæн бæргæ аргъ кодта, фæлæ йæ зæрдæйы кæнонтыл дæр гуыдыр куыд сæвæрдтаид! Ноджы фидарæй зыдта: чызг дæр æй уарзы. Æмзорыл-иу куы амбæлд, уæд-иу йæ уадултæ пиллæттæ суагътой,  йæ даргъ цæстыхау-тæ-иу дæлæмæ æруагъта. Зæрдæйы гуыпп-гуыпп-иу фæтынгдæр. Гъемæ цыма Æмзоры йæ хæйрæджытæ ацардыдтой — фыдæлты фæдзæхстытыл йæ къух ауыгъта, Хуыцауы фæндтæ мурмæ дæр не 'рдардта, йæ фыды урс сæрыл нæ ахъуыды кодта... Хуыцау бирæтæ бары, фæлæ Йæ фыдæхæй уæхи хъахъхъæнут, мæ хæдзæрттæ, Йæ хъыджы ма цæут, галиу фæндæгтæй хизут уæхи.
Зæронд Хъауырбег йæ къæлæтсæр лæдзæгæй къæй æрхоста, йæ алыварс фæсивæд хъусæй лæууыдысты, æнхъæлмæ кастысты, дарддæр цы зæгъдзæн, уымæ.
Лæг нæ тагъд кодта. Йæ лулæ раджы ахуыссыд, æмæ йын Хъауырбег ризгæ къухæй йе 'ртхутæг ракалдта. Стæй йæ ихсыд чъисса систа, лулæйы дзыхы ногæй тамако ныннадта æмæ та хъуыдыты аныгъуылд. Æрæджиау йæ ныхас дарддæр кодта:
— Æлдары фæсдзæуинтæй иу Тариб хуынд — æрыгон нукер. Рувасы æвзаг æмæ йын бирæгъы зæрдæ уыди. Зæронд æлдармæ йæ дæндæгтæ рагæй цыргъ кодта, æмæ йын ныр æвæджиауы фадат фæцис. Æмзоры уæгъд нал уагъта, Аминæты аскъæф, ме 'ххуыс дæ куы бахъæуа, уæд дын мæнæ лæг, зæгъгæ. Æмзорæн йæ зæрдæ гуырысхотæ æууылдтой, зын æм каст йæ фыды зæрдæхудты бацæуын. Тарсти Хуыцауы фыдæхæй. Фæлæ хæйрæг дæр æнцой нæ зыдта, лæппуйы зонд галиутæ кæнынæй не 'нцади... Зæронд æлдармæ байхъуысти фыдхабар: Æмзор Аминæты аскъæфта. Æлдары дзыхæй хъыпп-сыпп дæр не схауди. Стыр зынтæй урæдта йæ маст. Йæ уаты-иу иунæгæй куы баззад, уæд йæ хъизæмæрттæн кæрон нæ уыд. Æмæ та йыл иуахæмы йæ судзгæ фыдтæ куы 'ртыхстысты, фырадæргæй цы фæуыдаид, уый куы нал зыдта, уæд йæ дзыхæй сирвæзти карз æлгьыст. Æмæ йын Стыр Хуыцау йе 'лгъыст фехъуыста. Фырты дæр æмæ йæ ардауæджы дæр Дунескæнæджы азар басыгъта: ныккæнды æмбæхстæй куыд бадтысты, афтæ Æмзоры цавддур фестын кодта, Тарибы та — куыдз. Аминæт-рæсугъдæн Хуыцау ныббарста, йæ фыд рæстзæрдæ кусæг лæг кæй уыд, уый тыххæй. Ныр Æмзор карст дурнывæй лæууы ныккæнды, Тариб та æлгъаг куыдзы хуызы бацыд. Аминæт удаистæй ныттыхсти дурнывыл, афтæмæй изæрмилты йæ уд систа. Фыд-зæрдæ куыдз Тариб дæр ныххæдмæл, уæдæ цы уыдаид? Уæдæй-нырмæ ныккæнды æмбийынц Аминæт æмæ Тарибы стæгдартæ. Сæ уæлхъус та хъенæй — Æмзоры дурныв. Афтæ лæудзысты, цалынмæ ахæрæты бон Джабраил-архангел йæ уадындз нæ райса æмæ дзыллæтæм нæ фæсида. Уæд дзыллæтæ æрлæудзысты Дунескæнæг Хуыцауы тæрхоны раз. Хистæртæн аргъ кæнут, мæ хæдзæрттæ. Не Сфæлдисæг Хуыцауы фыдæхæй тæрсут. Табу йæхицæн.
Зæронд Хъауырбег йæ ныхас фæцис. Исдуг сыбыртт никæцæйуал хъуыст. Æрмæст абухгæ доны уылæнтæ раздæрау кæрæдзи сургæ тахтысты комы.
Æви азты базырты иугæндзон пæр-пæр айнæг хæхтæ арыдта?..

 

ДЗАДЖЕЙЫ ÆХСАРГАРД
...Дымгæ дугътæ уадзы быдыры, хъазынтæ сисы хæмыцырихийæ.
Сахъгуырды зæрдæйау сонт æмæ сæрибар дымгæ æнцой нæ зоны, сæрбихъуырæйттæ кæны æгæрон фæзты, йæхи андзары бæрзонд хæрзиунæг обауыл. Стæй æваст æрсабыр вæййы æмæ кæуын райдайы.
Дард Кæсæджы быдыры иунæг обау...
Цæргæсы ахстонæй ратæхынц лæппын цæргæстæ æмæ уазал цæгатмæ сæ ных саразынц. Сæ фæндаг вæййы урсдæллагхъуыр успаддзахмæ. Цыма сæм йæ цыллæ кæлмæрзæн батылдта, ардæм ратæхут, зæгъгæ.
Æрбатæхынц лæппын цæргæстæ успаддзахы галуанмæ, æмæ сын урсдæллагхъуыр успаддзах фæзæгъы: «Бирæ сызгъæринтæ, бирæ хæзнатæ ис мæ рæбыны, алы мулк, алы исбисæй йедзаг у мæ бæстæ, цы хорз уæ хъæуы мæнæй, гуыппырсар барджытæ? Зонын æй, арф æмæ уынгæг кæмттæй быдырты уæрæхмæ тырнынц уæ зæрдæтæ, фæлæ уыцы парахат быдыртæн фыд-зæрдæ хъахъхъæнджытæ ис. Мæ хорзæхæй уæ хайджын кæнын, дæттын уын Кавказы цæгатварс æвæджиауы быдыртæ, Мæздæджы тъæпæнтæ».
Ахæм дзырд сын радты урсдæллагхъуыр успаддзах...
Уæд размæ рахизы мыдхуызрихи цæхæрцæст, æвзыгъд Дзадже. Сæрæй акувы успаддзахæн æмæ фæзæгъы:
— Хуыцауы арфæ дыл сæмбæлæд, мæ цытджын паддзах, æмæ мын ныххатыр кæ мæ къæйных ныхас.
Стæй йæ къух æруадзы йе ’хсаргарды фистоныл æмæ йæ хъуыды бамбарын кæны:
— Мæ цытджын паддзах, курын дæ, ардæм дыууадæс æфсæн лæдзæджы æрбахæссын кæн.
Æрбахæссынц паддзахы лæггадгæнджытæ дыууадæс æфсæн лæдзæджы Дзаджейæн.
Уæд йе ’хсаргард йæ кæрддзæмæй фæцъортт ласы Дзадже æмæ æфсæн лæдзджытæ радыгай сæ астæутыл ахауын ласы сæнчыты хуызæн. Стæй та фæзæгъы:
— Нæ нæ хъæуынц Мæздæджы быдыртæ, мæ паддзах. Куы нæ бафæнда, уæд не ’хсаргæрдты руаджы байсдзыстæм уыцы зæххытæ,  Мæздæджы тъæпæнтæ. Не ’хсаргæрдтæ куыд цыргъ ысты, уый та ацы сахат дæхи цæстæй федтай. Фæлæ нын кæд исты хорзы бацæуинаг дæ, уæд дæ фæсдзæуинтæн зæгъ æмæ нын бахай кæной дæ сызгъæринтæй, дæ хæзнадуртæй, дæ зынаргъ хæрдгæхуыд хъуымæцтæй, дæ хъæдабæтæй, цæмæй хъæмæ афтидармæй ма аздæхæм.
Афтæ фæзæгъы цæхæрцæст Дзадже æмæ йæ мыдхуыз даргъ рихи аздухы.
Уæд урсдæллагхъуыр успаддзах йæ къухæй ацамоны:
— Фæуæд, ацы гуыппырсары куыд фæнды, афтæ!
Байхъусут, хорз адæм, фыдæлты таурæгъмæ...
*  *  *
...Цыма мигътæ фæленк кæнынц арвыл, цыма уаритæ айгæрдынц уæлдæф сæ тыгъд базыртæй. Здæхынц æвзыгъд бæлццæттæ уазал цæгатæй... Ласынц зынаргъ хæзнатæ — паддзахы лæвæрттæ.
Мæздæджы æмæ Кæсæджы быдыртæ хотау кæрæдзи кæм æрбахъæбыс кæнынц, уыцы фæзы æрфистæг вæййынц хъæбатыр барджытæ. Хуыссæг. Хуыссæг сыл фæтых вæййы. Цæмæй фæзонынц, хæдмæлхор халæттау знæгтæ сæ алывæрсты кæй æртæхынц. Æмæ бадзурынц æгъатыр ызнæгтæ фæллад бæлццæттæм: дзæбæхæй нын раттут уæ хæзнаты уæргътæ — паддзахы лæвæрттæ.
Уæд сæм афтæ радзуры цæхæрцæст Дзадже:
— Фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ уын, нæ уæздан уазджытæ, нæ исбонæй æмбæлæггаг ратдзыстæм...
Фæлæ знæгтæ стонг бирæгъты балау сæхи лæбурынмæ æрцæттæ кæнынц.
Дзадже дæр йе ’хсаргард ысласы æмæ йе ’мбæлттæм дзуры:
— Сау бон ныккодта, лæппутæ...
Барджытæ сæ уæрдæттæ æрфæлдахынц æмæ дзы кæрт æрцаразынц. Сæ нымæттæ кæрдæгыл æрытауынц æмæ сыл топпыхос æркалынц. Æмæ мæлæтдзаг тох бацайдагъ вæййы.
Уалынджы сау мигътæ æрбатыгуыр вæййынц, арв ферттивы æмæ ныннæры. Топпыхос дæр фæвæййы, æмæ та  хъæбатыр Дзадже фæхъæр ласы:
— Уæдæ не ’хсаргæрдтæ нæ фыдгултæн адзалы цæвджытæ басгуыхæнт!
Уæдмæ знæгтæ дæр алырдыгæйты æрбацæйтæхынц. Дзадже уæззау цæфтæй бамбары, йæ фæстаг бон кæй æрхæццæ. Йæ цæнгтæ æрлæмæгъ вæййынц, цæстытыл мигъ æрбады. Йе ’хсаргард йæ былтæм бахæссы, аба йын кæны æмæ фæзæгъы:
— Æвгъау дæ, ме ’хсаргард, ацы куыйтæн. — Йæхæдæг уæрдоны цурмæ бабыры, цалхы дæндæгты ’хсæн авæры æхсаргард, æртасын æй кæны, стæй йæ суадзы. Æхсаргард ызнæгты сæрты æхситгæнгæ атæхы æмæ арвы цъæхы æрбайсæфы. Знæгтæ ма йæ агурæг бæргæ азгъорынц, бирæ йæ фæагурынц, фæлæ йæ нал ыссарынц. Быдырыл арт бафтауынц — кæд разынид æхсаргард. Фæлæ — никуы ’мæ ницы.
Æхсаргард зæхмæ æрхауди, сыджыты нынныхсти йæ цыргъ бырынкъæй æмæ дзы æнæхъæнæй афардæг...
Мæздæджы æмæ Кæсæджы быдыртæ дыууæ хойау кæрæдзи кæм æрбахъæбыс кæнынц, уым ис бæрзонд обау.
Дымгæ дугътæ уадзы быдыры, хъазынтæ сисы хæмыцырихийæ. Сахъгуырды зæрдæйау сонт æмæ сæрибар дымгæ æнцой нæ зоны... Сæрбихъуырæйттæ кæнын райдайы дымгæ, йæхи андзары хæрзиунæг обауыл. Стæй æваст æрсабыр вæййы æмæ ныккæуы. Фæкæуы, фæдзыназы дымгæ уынгæг хъæлæсæй...

 

АДÆЙМАДЖЫ ХÆЛАР
Æппæтхъом Хуыцау куыста, Йæ хид Йæ къæхты бынæй калди. Куыста удуæлдайæ, æнæрынцойæ. Талынг æмæ рухс кæрæдзийæ фæхицæн кодта, стæй та зæхх æмæ дон. Цъæх-цъæхид арв æрфæлдæхта дунейыл æмæ йыл стъалытæ байтыдта. Хæхтæ рæдзæгъдтæй самадта æмæ сæ митæй бамбæрзта. Дæлвæзты цæугæдæттæ ауагъта. Кæм æдзæрæг быдыртæ айтыгъта, бурбын змис сыл байзæрста æмæ сæ хуры цæхæрæй басыгъта, кæм та Йæ хъомысæй æнусонцъæх былгæрæттæм тындзын байдыдтой. Уый цард радта дуртæ æмæ зайæгхæлттæн, сырдтæн æмæ цъиутæн, хилджытæн æмæ сасктæн. Уый скодта гæлæбуйы кæркæ-мæркæ базыртæ, бæхы æндон сæфтджытæ, калмы нывæфтыд цъар. Уымæн  Йе ’мбисонды армæй равзæрдысты дунейы æппæт ахорæнтæ, æмæ ныр кæттагæй тæмæнтæ калынц æнусмæ, сæ тыбар-тыбурæй рæвдауынц уд æмæ цæст. Æмæ загъта: адæттæ иууылдæр дæ бар уыдзысты, дæ ном та хуыйндзæнис Адæймаг...
Æппæтхъом Хуыцау сфæлдыста адæймаджы.
Иунæг баулæфт, æмæ зонды цырен рухсæй ферттывтой цæстытæ, дадзинты туг схъазыди. Хъал, уæлахиздзау зæрдæйæн риуы йæ гуыпп-гуыпп ыссыди...
Фыргуыстæй куы бафæллад Æппæтхъом Хуыцау, уæд пальмæты бын Йæхи æруагъта...
Æрбацыд Иблис... Хæлæггæнаг, хæрамзæрдæ, мæнгард... Федта зæххыл тыгъдæй адæймаджы буар... Æрлæууыди, хъуыдыты аныгъуылд Иблис. Федта сæр. Афтæ йæм фæкасти, цыма мармæрæй конд у. Хæрзаивæй лæууыди тымбыл, фидар бæрзæйыл... Зæххы паддзахы сæр... Иблис федта риу, айнæгау фидар гуыр, фæйнæрдæм æппæрст цæнгтæ, æндонау фидар хæцъæфтæ. Æмæ исдугмæ банхъæлдта, цыма уыцы къухтæ дуне ныхъхъæбыс кæнынмæ хъавынц. Иблис федта хæрзконд, хъандзалтау хъæддых къæхтæ: куы азгъордтаиккой, уæд сæ, æвæццæгæн, уромæг уромын нæ бафæрæзтаид.
Æмæ фырхæлæгæй йæ зæрдæ пиллæйттæ суагъта Иблисæн, йæ калмы цæстытæ мастæрттывд фæкодтой:
— Æз... Æз хъуамæ уон зæххæн паддзах. Æндæр ничи...
Æмæ Иблис лæгмæ бабырыд. Йæ хъал сæр ын æртасын кодта, мармæр  цæсгом йæ армытъæпæнтæй нылхъывта, æмæ фæдæргъæлвæс и. Къухтæ ’мæ къæхтæ балвæста æмæ ныццыбыр ысты. Стæй æррайау бавнæлдта буар гуылмызтæ, цæнкуылтæ кæнынмæ — дæрзæг змисыл ратон-батонтæ, ратул-батултæ, схуыстытæ, рæхуыстытæ.
Иблис йæ æвирхъау фыдмитæй куы бастад, уæд лидзæг фæци — тарстис Æппæтхъом Хуыцауы азарæй...
Хуыцау райхъал... Федта Иблисы фыдракæндтæ. Фæлæ не смæсты... Æрмæст Йæ мидбылты фæлмæн бахудтæй Йæ цæсгом срухс æмæ загъта:
— Хорз...
Æвæджиауы зонды хицау у Æппæтхъом Хуыцау. Адæймаджы гуылмызтæ буары хæйттæ æруыгъта æмæ дзы уд бауагъта. Стæй загъта:
— Адæймаджы хæлар фест.
Æппæтхъом Хуыцау сфæлдыста куыдз...

 

ÆФСЫМÆРЫ ТЫХХÆЙ
Уый раджы уыди, тынг раджы...
Цардысты дыууæ æфсымæры — Ауызби æмæ Псымахо. Хъæздыг дæр сæ нæ рахуыдтаис æмæ мæгуыр дæр. Алцы дæр сæм — сæ фаг, хохаг лæгæн куыд æмбæлы, афтæ. Сæ фыд куы амард, уæд Ауызбийæн, хистæр куыд уыд, уымæ гæсгæ хæдзар йæ бæрны баззади. Псымахо та — хæрз саби, Ауызби йын æфсымæрæн дæр æмæ фыдæн дæр бæззыди.
Тызмæг у хохаджы цард. Дзæгъæл буц митæн дзы бынат нæй. Ауызби дæр йæ гыццыл æфсымæрæн æнæхъуаджы дыги-дыгитæ нæ кодта. Никуы йæм бахудти, никуы йæ барæвдыдта... Рæстæг цыд, æмæ Псымахо дæр йæ лæппуйы кары цæуын байдыдта. Йæ фезмæлд — цæрдæг, бæхыл бадынмæ, гæрзтимæ архайынмæ — иттæг хæрзарæхст. Æмæ йыл чызджытæ сæ цæст æрæвæрдтой уайтæккæ.
Уæды заманы алы лæппу  дæр хъуамæ исты хъуыддаджы фесгуыхтаид, йæ миниуджытæ равдыстаид. Ауызби-иу йе ’фсымæры йемæ хæтæнты акодта — уадз æмæ фæлтæра лæппу, йе ’мгæрттæй фæсте ма баззайа!
Æмæ зынтæй раиртæстаид лæг, адæмы цæсты сæ дыууæйæ кадджындæр чи уыд, донæн йе ’рфыты бирæ хæттыты чи бауад, уыцы «æрра барæг» Ауызби æви, хæтæнты фаг чи нæма ахатт, уыцы æнæрцæф гуырд Псымахо. Ауызбийы зæрдæ рад йе ’фсымæрæй, йæхимидæг дзы буц æмæ сæрыстыр уыди, кæд æм раздæрау йæхи тызмæгæй æвдыста, уæддæр.
Азтæ цыдысты. Ауызби фæасхуыз, йæ боцъойы урсытæ фæзынди. Лæппулæджы кары бацыди Псымахо дæр. Цыдæр æмбæхст хъуыды æнцой нæ лæвæрдта хистæр æфсымæрæн, арæх ын-иу йе ’рфгуытæ кæрæдзимæ æрбалхынцъ кодта. Иуахæмы бадзырдта Псымахомæ:
— Дыууæ ныхасæн мæ хъæуыс.
Лæппу йæм бацыд.
Ауызби иуварсырдæм азылд æмæ, цыма йæ ныхæстæ фæрсудзгæ кодта, уыйау сæ зынтæй фæрæзта дзурын:
— Иу хъуыддаджы тыххæй дын зæгъинаг уыдтæн. Æвæццæгæн æй дæхæдæг дæр æмбарыс, цавæр хъуыддаг у, уый. Бæлас дæр ма таутæ суадзы. Адæймагæн дæр йæ хæс у йæ фæстæ фæд ныууадзын... Чызг нæ сыхаг у, хæрзхъæд мыггагæй. Хъуыддагæн фæстæдæрмæ æргъæвæн нал и, кæнын æй хъæуы...
Ауызби æваст фæзылд æмæ, йе ’фсымæрмæ нæ бакæсгæйæ, уазæгдонмæ йæхи райста. Псымахо æвиппайды куыд афæлурс, йе уæнгты ихæнриз куыд ацыд, уыдæттæ нæ федта.
Псымахойы дæндæгтæ кæрæдзиуыл андæгъдысты. Æмыр уынæргъын сирвæзт йæ риуæй. Фырмæстæй æви фыррыстæй? Уый йæхæдæг дæр нæ рахатыдта. Иуцасдæр сагъдауæй баззади, стæй уæззау къахдзæфтæй рараст хъæуы кæронмæ...
Цалдæр боны йæхицæн æнцой нæ ардта Псымахо. Боныцъæхтыл-иу йæ бæхыл саргъ авæрдта, абадт-иу ыл æмæ-иу дымгæйау æрбайсæфт. Æхсидгæ монц ын йæ зæрдæйы уидæгтæ ардуанау хафта...
Иуахæмы фæсахсæвæрты зыбыты фæлладæй сæхимæ здæхти лæппу. Хъæдты, быдырты æнæсæрбæрæг, æнæбары хъеллауæй йæ хъару байсысти, йæ ныфс асасти. Сæ хæдзармæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ кауы цурæй райхъуысти сылгоймаджы фæлмæн хъæлæс:
— Псымахо, уæ Псымахо, фæлæуу-ма иучысыл.
— Асиат куы дæ! — æнахуыр цин æмæ дис йæ хъæлæсы сиу сты Псымахойæн. Сонтæй фæурæдта йæ бæх.
— Æнхъæлмæ кастæн де ’рбацыдмæ. Тынг дæм æнхъæлмæ кастæн... Мæ зæрдæ мæ риуæй ратоны... Æртæ боны фæстæ мæ де ’фсымæрæн дæттынц... Мæн нæ фæнды... Мæн дæу йеддæмæ ничи хъæуы... Иунæг дæу равзæрстон ацы стыр дунейы...
Асиаты цæстытæ парахат гом аисты, æнахуыр цырен арт сæ ссыгъди.
Псымахойы сæрмæ туг ныццавта, расыгау йæхи æривæзта чызгмæ, фæлæ æваст йæ чемы æрцыд. Асиаты уарзты ныхæстæ йыл æхсидæвтау æмбæлдысты, æмæ цы фæуыдаид, уый нал зыдта. Фæстагмæ йыл судзгæ маст фæтых, бар-æнæбары йæ дзыхæй цыдæр æфхæрæн ныхас сирвæзтис, ехсæй йæ бæхы рагъ æрдзæхст ласта æмæ цæстыфæныкъуылдмæ æхсæвы тары æрбадæлдзæх. Чызг йæ кæлмæрзæнæй йæ цæсгом амбæрзта æмæ ныууынæргъыдта. Псымахо та дзæгъæл быдырты тахти, йæ сæр, йæ фат не ’мбаргæйæ...  Бæх æваст фæкалди. Лæппу йæ саргъæй атахти, нæудзарыл дæлгоммæ æрхауд æмæ... Æмæ æнæбон сылгоймагау богъ-богъ кæнын байдыдта æхсарджын ирон барæг Псымахо. Йæ дзыхæй нæ цух кодта иунæг ном:
— Асиат!.. Асиат!.. О Асиат!..
Раст уыцы сахат Ауызби та, йæ къæхтæ йæ быны бакодта, афтæмæй  бадти уазæгдоны æмæ джихæй каст иу ранмæ. Уый зыдта хабæрттæ. Асиат æмæ Псымахо куы фембæлдысты, уæд кауы цур лæууыди. Бамбæрста хъуыддаг æмæ сабыр къахдзæфтæй йæхи райста сæхимæ. Æмæ йæм уыцы сахат афтæ фæкасти, цыма йæ цæсгомы æнцъылдтæ фæфылдæр сты...
* * *
Чындзæхсæв ахицæн. Ауызби хъуызæгау фæцæуы йе ’рыгон усмæ. Фæлæ уал раздæр фæныгъуылд йе ’фсымæры уаты. Дзуры йæм:
— Псымахо, рауай-ма!
Лæппу йæм æрбацыд. Ауызби йын йæ къухыл æрхæцыд æмæ йæ йемæ акодта. Йæ ног ус цы уаты уыд, уый дуар бакодта æмæ йæ мидæмæ бассыдта. Йæхæдæг дæр йемæ бахызти:
— Ма ку, Асиат! Мæнæ дын æй æрбакодтон. — Стæй Псымахойы удаист цæстытæм кæсгæйæ, йæ ныхасмæ бафтыдта: — Ме ’фсымæр, адæттæ иууылдæр Хуыцауы арæзт хъуыддæгтæ сты. Йе уазæг ут... Уæ амонд бирæ...
Æмæ феддæдуар.
Псымахо йæ чемы куы ’рцыд, уæд ма йе ’фсымæры фæстæ бæргæ ратахти, фæлæ — дзæгъæлы: æрмæст ма дæрддзæфæй æрбайхъуысти бæхы къæхты хъæр.
Æхсæвы тары æхсаргарды æхситтау ныййазæлыди Псымахойы удаист хъæр:
— Ауызби-и-и!
* * *
Зæронд у ныр Псымахо. Фырыхъулы хуызæн æхсæз лæппуйы æмæ йын иу цъæх чызг балæвар кодта Асиат. Амондджынæй фæцарди Псымахо. Хуыцауы хорзæхæй хайджын уыд æдзухдæр. Гъе, фæлæ йын цыдæр нæ фаг кодта йæ цард-цæрæнбонты...
Ауызби цыма зæххы скъуыды аирвæзт, уыйау, цы ’хсæв алыгъд, уыцы ’хсæвæй фæстæмæ никуыцæйуал разынди. Кæм æй нæ бацагуырдта Псымахо, цы рæтты нæ фæзылд — йæ кой, йæ хъæр дæр нал уыди.
— Цы фæдæ, мæ иунæг æфсымæр!? — арæх-иу уынæргъæгау сирвæзти Псымахойы риуæй. — Мæ мæлæты размæ ма дæ иу уынд уæддæр куы фæкæнин, мæ хъæбысы дæ куы ныттухин!..
Иуахæмы та Псымахо æнтъыснæгæй бадти йæ уаты. Ивгъуыд бонты мысинæгтæ йыл æртыхстысты, йæ зæрдæ йын аркъауау æлвæстой. Уалынджы чидæр кæртыдуар æрбахоста. Цалдæр минуты фæстæ уатмæ æрбахызти гуыбыр зæронд лæг. Æрбахызти, зæгъгæ, Псымахойы дыууæ лæппуйы йыл хæцыдысты, афтæмæй йæ лæдзæджы æнцæйтты тыхтæ-фыдтæй æрбаирвæзти мидæмæ.
— Фарн дæ хæдзары, Псымахо! — загъта зæронд лæг.
— Хуыцауы уазæг у! — дзуапп ын радта Псымахо æмæ сыстади.
Уазæг хæдзары къуымтыл йæ цæст ахаста, стæй Псымахойырдæм ракасти.
— Нæ мæ зоныс, Псымахо? Кæддæр хорз зонгæ уыдыстæм.
Фысым æрбацæуæгмæ бакæстытæ кодта, æмæ йыл æваст ризæг бахæцыди. Дзырдтæ йæ хъуыры нындзыг ысты, стæй йæ хъæлæсæй æвиппайды сирвæзт:
— Ауызби...
— О, æз дæн... Псымахо... Нал бафæрæзтон... Мæ зæронд стджытæ ма æрбахастон... мæ фыды къонамæ... Тыхтæ-амæлттæй...
Псымахо фæцæйæвнæлдта йе  ’фсымæрæн хъæбыс кæнынмæ, фæлæ Ауызби уæдмæ дæргъæй-дæргъмæ бандоныл æрхауд æмæ йæ бон сыстын нал уыд, æрмæст ма гæзæмæты йæ ныхас хъуысти:
— Мæлынмæ æрбахылдтæн, мæлынмæ, Псымахо... Табу Дæхицæн, ме скæнæг Хуыцау, æгайтма мын мæ фыды къона фенын кодтай. Псымахо... Ме ’фсымæр... Псымахо...

 

ФÆНДАГГÆТТÆ
Гуыргъохьо фефсæрмы, йæ цæстæнгас дæлæмæ æруагъта, исдуг хъусæй алæууыди, стæй, цыма йæхиимæ ныхас кæны, уыйау мынæг хъæлæсæй загъта:
— Мин сомы? Гъемæ фæуæд афтæ: къуырийы фæстæ Хъасболатæн мин сомы йæ къухмæ æрнымайдзынæн.
Лæджы сæр бахъуыди Гуыргъохъойы. Цыфæндыйæ дæр хъуамæ мин сомы ссара, науæд Камиллæйæ æнæхай фæуыдзæни.
— Раст у зæронд лæг, хъуыды кодта Гуыргъохъо. — Камиллæ мин сомæй дæр зынаргъдæр у.
Æмæ лæппуйы цæстытыл ауад йæ уарзон чызджы сурæт: даргъ цæстыхауты аууонæй сатæгсау цæстытæ нæ касти, фæлæ дыууæ  рæвдаугæ хуры, фæлурс цæсгом та Урсхохы цъитийау ирд уыди. Уардийау сæнтсырх былтæ зæрдæйæн хастой æнахуыр цин, кодтой йæ базырджын.
Камиллæ... Камиллæ,— дзырдта йæхицæн лæппу. Мин сомы та цы сты, Гуыргъохъо дын йæ цард раттынмæ дæр цæттæ куы у, уæд!
Адджын сæнттæ-иу дардмæ ахастой сонт лæппуйы, йæ цæстыты йын-иу ссыгътой цырæгътæ, йæ монцтæ-иу райхъал ысты, æмæ сæ уромæг уромын нал фæрæзта.
Гуыргъохъо хъуыдыты аныгъуылд; «Изæры Хъасболаты цæхæрадонмæ бахиздзынæн, Камиллæимæ фембæлдзынæн, боныцъæхтыл та мæ мæ бæх Ногъайы быдыртæм ыскъæфдзæни. Раст зæгъын хъæуы, ногъай къæрцхъус æмæ цырддзаст ысты, фæлæ тæппудгомау. Кæд  мын ногъайаг хæрзмыггаг бæхты рæгъау ирæды фаг суаид».
Лæппу уатмæ бахызт æмæ йæхи рæвдзытæ кæнынмæ  бавнæлдта.
Цалдæр боны фæстæ балцы цæуынæввонг уыди. Йæ хъуыддаг ацыд: Уастырджи йын замманай лæппуйы æмбалæн рарвыста. Хъуамæ иумæ араст уой Ногъаймæ. Гуыргъохъо цинæй мардис, йæ фосы конд кæй фæрæстмæ уыдзæн, ууыл гуырысхо нал кодта.
...Хуыцауæй разы: бирæ цæуын сæ нал хъæуы — куыддæр хъæдæй ахизой, афтæ Ногъайы тыгъд быдыртæ разындзысты...
Гуыргъохъойæн йе 'мбал базарыди:
Тархъæды сыфтæр мын бæлццоны пæлæзау, гъей!
Сыфтæрты сыр-сыр та — уарзоны хъæлæсау, гъей!..
Æнусон цъититыл ирдгæйы хъæзтытæ, гъей!
Сау æхсæв куы кæсы бирæгъы цæстытæй, гъей!
Гуыргъохъо кæд йе 'мбалы æнкъард зарæгмæ хъуыста, уæддæр-иу йæ мидхъуыдыты фегуырди Хъасболаты цæхæрадоны. Цыма Камиллæ йæ цуры лæууы. Фырæфсæрмæй  зæхмæ кæсы æмæ та арф ныуулæфы. Стæй  Гуыргъохъомæ хæстæгдæр æрбалæууыд, йæ цæстытæм ын бакаст æмæ фæлмæн хъæлæсæй сдзырдта: «Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн. Ацу æмæ дæ хъуыддæгтæ кæн, Лæгтыдзуар дæ рæствæндæгтыл уадзæд!..»
— Цы ныхъхъус дæ, ме 'фсымæр?  — йæ зарæг фæуромгæйæ дзуры Гуыргъохъомæ йе 'мбæлццон.
Лæппу фестъæлфыд, йæ хъуыдыты хал æрбаскъуыди.
— Ныртæккæ хъæдæй ахиздзыстæм,— загъта та Гуыргъохъойы æмбал. — Нæхи æрцæттæ кæнæм.
Æцæгæй дæр хъæд фæтæнæгдæр, бæлæсты 'хсæнæй æрбазынд уыгæрдæны уæрæх тæлм, йæ астæуыл æй цыма цæугæдон лыг акодта. Дымгæ, быдираг уæгъдибар дымгæ алымыггаг кæрдæджыты æмæ дидинджыты адджын тæф скъæфта. Дард ран, арв æмæ зæхх кæм баиу сты, уым æндæргтау æдзæмæй лæууыдысты сау мигъы къуыбылæйттæ.
— Уыныс, уартæ уым хизынц ногъайы рæгъæуттæ, — йæ ехсы хъæдæй быдырмæ ацамыдта Гуыргъохъойы æмбал.
Сæ балц фæрæстмæ. Куы ’рталынг, уæд дыууæ æрдхорды рæгъауæн йе ’мбис фæхицæн кодтой æмæ йæ ратардтой. Рæгъаугæстæ ма сæ æрæджиау расырдтой, фæлæ сæ нал баййæфтой.
Гуыргъохъоитæ бæхтæ Кæсæгмæ аскъæрдтой æмæ сæ уым æрбауæй кодтой. Фæстæмæ здæхтысты дзаг хордзентимæ — æхца æмæ алы зынаргъ дзауматимæ.
— Уастырджийæн табу, йæ фæрцы рæствæндаг фестæм, — загъта Гуыргъохъо. — Бирæ нæ нал хъæуы нæхимæ. Мæ хæдзарæй дæ тагъд нæ рауадздзынæн. Мæ къухылхæцæг ды уыдзынæ.
— Фыдæлтæ афтæ загътой, лæджы хорз, дам, фæндагыл бæрæг кæны. Гъемæ дæ мæ сæр кæм бахъæуа, уым дын мæнæ æнувыд æмгар. Хъуамæ дæ мæхицæн æфсымæр зæгъон.
— Æз дæр мæхинымæры афтæ скарстон. Абонæй фæстæмæ дын мæ сæры астæуты фæндаг, мæ хæдзар та  — дæ хæдзар,  — загъта Гуыргъохъо.
Цалынмæ дыууæ бæлццоны кæрæдзийæн уарзон ныхæстæ кодтой, уæдмæ сын сæ фæндаг æрæхгæдта хохаг цæугæдон. Чысыл раздæр тæрккъæвда æрцыд, æмæ дæттæ раивылдысты, фæндаг бахордтой. Знæт уылæнтæ лæбурдтой фæйнæрдæм, зæххæй стыр гæбæзтæ  тыдтой æмæ сæ зыдгæнгæ ныхъуырдтой, бæлæстæ бындзарæй фæлдæхтой, къæдзæхты тигътыл-иу сæхи андзæрстой.
Гуыргъохъо абухгæ донæн йæ тæнæгдæр бынат бацагуырдта æмæ йæ бæх уырдæм фæцарæзта. Фæлæ æваст йæ цæсгом афæлурс, йæ цæстытæ фыртарстæй ныббæгъгъæтт ысты, æмæ райхъуыстысты йæ удаист хъæртæ:
— Аздæх фæстæмæ! Ма 'рбацу ардæм! Тæккæ хуыдымы смидæг дæн... Фервæзæн мын нал и... Мал мæ йæхимæ ласы... Мæ хъæумæ-иу бацу... Камиллæйы ссар... Æз дзы æнæхай фæдæн... Ды иу æй ма ныууадз... Æцæг æмгар мын уыдтæ... Мæхи ’фсымæрау дæ бауарзтон... Гъа, мæнæ хордзен ацахс... Ирæды фаг дæм уыдзæни... Камиллæйы ма ныууадз... Хуыздæр æмæ рæсугъддæр чызг Хуыцау нæма сфæлдыста... Мæнæн та-иу фæндаггæрон цырт ныссадз... Хъусыс?.. Хъу...
Фæлæ Гуыргъохъомæ йе ’рдхорд-æфсымæр нæ байхъуыста. Ехсæй йæ бæх ныцъцъыччытæ ласта æмæ йæ абухгæ хуыдыммæ сарæзта. Æввахсæй-æввахсдæр кæны йе ’мбалмæ, стæй йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта:
— Фидар фæлæуу, Гуыргъохъо, фæцæуын дæм...
Фæлæ Гуыргъохъомæ нал бахæццæ сты йе 'мбалы хъæртæ. Æбуалгъ гуылфæн æй аныхъуырдта, стæй та йæ ног амæддагыл дæр йæхи ныццавта. Мæлæтдзаг тох бирæ нал ахаста.
Ныр бур-лакъон уылæнты уромæг нал уыд, æмæ иу иннæйы фæдыл бархийæ схъиудтытæгæнгæ тахтысты.
Рæстæг цыди, бонтæ кæрæдзи сурæгау згъордтой. Камиллæ-иу сæ кæртæй сахатгæйттæ фæкасти фæндагмæ, фæлæ — никуы ’мæ ницы, Гуыргъохъо зынæг нæ уыди...
Æдзард лæппуйы хæдзар ныккæлæддзаг, къултыл цъæх хъуына сбадтис. Æхсæвыгæтты мидæмæ хъуызæгау баивгъуыйы цавæрдæр сау æндæрг, æмæ та уайтæккæ зæрдæхалæн сусæг уынæргъын райхъуысы. Тæригъæддаг мыртæм дымгæ дæр ниуæгау бакæны. Афтид хæдзары кæрты цы иунæг гæдыбæлас ис, уый сыфтæртыл цыма ихæнриз бахæцы, се ’рхæндæг сыбар-сыбурæй нал фенцайынц.

Хъодзаты Æхсары тæлмацтæ

 

***

ТУГ ТУГÆЙ ÆХСАДÆУЫ
— Æрлæуут! — загъта зæронд абырæг Али. — Ам фездахæм нæ бæхтæ æмæ уартæ уыцы æрдузы бахсæвиуат кæнæм.
Али йæ ехсыхъæдæй ацамыдта хъæды кæронмæ æмæ йæ бæх фæцагайдта. Мах сабыр сæппæй араст стæм йæ фæдыл. Æрдузмæ куы бахæццæ стæм, уæд нæ бæхтыл сахсæнтæ сæвæрдтам æмæ уым æрбынат кодтам. Кæстæртæ арт бандзæрстой æмæ уый алыварс неппæт дæр  æруагътам нæхи.
Фæззыгон мæйдар æхсæв ныл цадæггай æрæвæрдта йæ базыр. Хъавгæ-хъавгæ ныл алырдыгæй æрбатыхта йæхи. Дыууæ къахдзæфæй дарддæр ницыуал уыдта лæджы цæст. Иу ныхасæй — абырджытæн агургæ æмæ æнæаргæ æхсæв. Сыбыртт никæцæй хъуыст. Æрмæст-иу уддзæфы æрбаулæфт æмæ сыфтæрты тарст сыф-сыфмæ зæрдæ æрхæндæг сагъæсты аныгъуылди. Стæм хатт-иу нæм æгуыппæг æрдузы кæронæй æрбайхъуысти нæ бæхты мыр-мыр.
Исдуг нæ иу ныхас дæр никæмæй схаудта... Арты тæмæнтæ сырх байрæгтау хъазыдысты нæ фæллад тызмæгхуыз цæсгæмттыл. Уæлдай бæрæгдæр дардта зæронд Алийы цæсгом. Йæ рахиз уадул ын ауæдзау айгæрста нос — мæлæт æмæ царды 'хсæн арæн. Йе стыр гуыбыр фындз уыди йæ къæйныхдзинад æмæ йæ нæрæмоны æвдисæн, дыууæ гыццыл цæсты дыууæ зынгау æрттывтой сæ къуырфыты арфæй... Кæд фæзæронд и Али, уæддæр нырма уæнгрог æмæ нуарджын уыди... Æхсарджын лæг... Йæ цард-цæрæнбонтæ арвыста хæтæнхуагæй... Рагон нæртон лæгау йæ цæстæнгас уыди тызмæг æмæ уæздан...
Мæн фæндыди йæ ракъахын, цæмæй та нын йæ хæтæнхуаг царды хабæрттæй исты радзура, фæлæ йæм мæ ныфс нæ хастон — уыцы æхсæв бынтон сагъæсхуыз уыд йæ цæсгом, æмæ дзы æфсæрмы кодтон.
Æппынфæстаг, Али арф ныуулæфыд æмæ, йæхиимæ дзурæгау, афтæ бакодта:
— Базæронд дæн, æмæ мæм хъуызгæ æрбацæуы мæ адзал... Фæци мæ цард... Фæлæ уæддæр уыди замантæ... Ехх, уыди замантæ! — фæкъæртт ис Али. — Цас фæзылдтæн æгæндæг хъæдты мæ рагбонтæй нырмæ! Цардтæн лæгæтты, мæ нывæрзæн — къодах, мæ гобан — сыфтæр... Афтæ гъе!.. Мæ фыдыуæзæг, мæ хуртæ, æз æнахъомæй ныууагътон... Туджджынтæ уыдыстæм... Мыггагыскъуыд фестæм. Æртæйæ ма баззадыстæм: мæхæдæг, ме 'фсымæр æмæ мæ фыд. Фæлæ та сау бон æрцыд æмæ мын ахаста мæ фыды дæр æмæ ме 'фсымæры дæр. Мæлгæ-мæлын ма мын, нæ туг нын афтæмæй ма ныууадз, зæгъгæ, сфæрæзта зæгъын мæ мæгуыр фыд, æмæ йæ уд систа. Уымæй рацыдаид иу афæдзы бæрц, æмæ иуахæмы мæ туджджыны дуар ехсы хъæдæй ныххостон: «Гъей, Тасо, дзырдæуы дæм, æддæмæ ракæс!» Дуары зыхъхъырæй æд хъримаг йæ сæр радардта Тасо, æмæ — дæ балгъитæг афтæ — йæ мидбынаты зæххыл йæ гуыпп фæцыд æмæ нал сыстад. Æз абадтæн ме 'фсургъыл æмæ уыцы æхсæвæй фæстæмæ сдæн абырæг... Мæ фыды ингæны уæлхъус ард бахордтон: æрвылаз дæр ын хист кæндзынæн. Æмæ нæ фæсайдтон мæ дзырд... Ныр мын æгъгъæд фæуæд... Базæронд дæн. Æрцыд, æртыхсти мыл мæ афон, мæ хуртæ.
Али йæ сæр йæ риуыл æруагъта. Исдуг ницыуал сдзырдта. Æгуыппæгæй бадтыстæм мах дæр. Нæ алыварс дуне уыцы æндзыгæй хуыссыди мæйдары уазал хъæбысы. Æрбайхъуыст-иу хатгай дымгæйы зæрдæхалæн ниуын æмæ фæззыгон сыфтæрты сыф-сыф... Али нæм курæгау æрбакаст æмæ ныккæрзыдта:
— Кæсут-ма мæнæ ацы бур сыфмæ, — бæласы сыф зæххы уымæл риуæй сисгæйæ дзырдта Али. — Уый дæр рахауд йæ мады хъæбысæй. Мæнæ нæ къæхты бынмæ. Дымгæ дзы хъазы йæхицæн, йæ уæлныхты йæ куы иуырдæм, куы иннæрдæм ахæссы, куы та йын йæ сыгъд буар къæвдайы цыргъ судзинтæй хойы... Йæ уæзæджы къæйыл баззади уый дæр мæнау — æвæгæсæг, æвæрæз.
Али сыфтæр цæхæрмæ баппæрста, æмæ йыл алырдыгæй зынг куыд сирвæзти, уый уынгæйæ арф ныуулæфыди...
— Уæддæр мæм фæсмон нæй. Цы ацардтæн, уый ацардтæн, — йæ мидбылты фæлмæн бахудти зæронд лæг. — Цы ацардтæн, уый — хорз.
Али йæ ныхас фæурæдта æмæ та сагъæстыл фæци... Чи зоны, æмæ ма йæ зæрдыл æрлæууыд æндæр исты рагон хабар дæр, æмæ йын уый йæ улæфæнтæ ахгæдта...
Уадидæгæн нæ хъустыл ауади кæйдæр уæззау къахдзæфты уынæр æмæ пыхсыты къæр-къæр. Али удаистæй йæ хъримагмæ фæлæбурдта æмæ фæгæпп ласта. Йæ тызмæг цæстытæ тугæй айдзаг сты... Уалынмæ æхсæвы тары æвиппайды ныццарыдта топпы гæрах, æмæ дын мæнæ Али, йæ иу къухæй йæ риуыл хæцгæйæ, йæ хæр-хæр ссыд, афтæмæй, сау зæххыл уæлгоммæ æрхауд æмæ йæ гæндзæхтæ цæгъды. Йæ фæлурс былтæ ма зына-нæзына базыр-зыр кодтой, фæсус хъæлæсæй ма сфæрæзта:
— Сæххæст и... Туг тугæй æхсадæуы...
Уый адыл ма Али иу улæфт скодта... æмæ ахицæн... Зæронд абырæгæн йæ цæугæ-царды хъизæмæрттæ фесты...
Мæйдар æхсæв аныхъуырдта æгас дуне. Аныхъуырдта рагзамантæ, ныр æмæ сомбон... Уыцы тарæн нæдæр райдайан уыди, нæдæр — кæрон... Йæ æрфытæм хаудысты цин, хъыг, зæрдæсаст æмæ ныфс. Уыцы тар ныр йæ сау хæрвæй бамбæрзта зæронд Алийы дæр, æмæ йæ никæйуал бон уыд уыцы æнæхайыры сæрсæфæнæй сисын...

 

САУ ТУГ
Сау Гуыйман йæ сыгъзæрин сыкъайæ ныууасыд...
Авддæлдзæх фесты зымæджы уазал кæлæнтæ. Хур йæ зæрин тынтæй æврæгътыл фæйнæрдæм ахæцыд æмæ йæ хъармæй барæвдыдта зæхх. Ныззæлланг кодтой сæ райгæ хъæлæстæй къададæттæ, уыцы хъæлдзæгæй згъордтой, уираг дурты сæрты гæппытæгæнгæ, хуссæрттæ фæцъæх сты, къуыбырæфтаугæ бæлæстæ дæр скалдтой сæ хуыз, мæргътæн се 'нæмæт цъыбар-цъыбурæй байдзаг и дуне, сæ хъарм хуыккомтты базмæлыдысты сырдтæ дæр.
Сулæфыди æрдз. Комы дымæгæй, фыдæлтыккон хъæды арфæй хъуысыд æнахуыр уынæр. Нарæг хохаг фæндæгтыл арæхдæр зынын байдыдтой иугай барджытæ, сæ уæлæ хъуынджын нымæттæ, афтæмæй. Арæх-иу райхъуысти сæ зарын:
— О, бæлццон, дæуыл йæ базыр
Ахсæв Сау Барæг æруадзæд...
Бæх — нæрæмон, ды — хъæбатыр,
Нæй æмбал дæ кард, дæ арцæн...
...Сау Барæг цæудзæн дæ фарсмæ,
Ды куы тæлæт кæнай исты,
Æмæ де  'фтиаг хæдзармæ
Ды æрхæсдзынæ æвзистæй.
Фæлæ ныр уыцы зарæджы мæт нæ уыди сахъ лæппу Агуыбейы. Зæрæхсидафон саргъ не 'вæрдта йæ бæхыл æмæ йæ нарæг хохаг къахвæндæгтыл не 'скъæрдта сæумæцъæхтæм. Агуыбейы фарнæн нæ ныууасыди йæ сыгъзæрин сыкъайæ сау Гуыйман. Йе 'мгæрттимæ куывдты дæр нал бадти Агуыбе. Æндæр æнкъарæнтæ йын хостой йе 'взонг зæрдæйы къултæ. Йæ сæрымагъзы цы фыдвæнд райгуырд, уый йын æнцой нæ лæвæрдта.
Знон æм фæдзырдтой мыггаджы хистæртæ.
— Агуыбе, — уайдзæфгæнæгау æм бакасти зæронд Дзамболат, лæппу куыддæр къæсæрæй бахызт, афтæ. Иннæтæ дæр æм се 'ргом разылдтой.
— Хорз зонд дæм не 'рцыди, лæппу, — йæ сæр батилгæйæ загъта Дзамболат. — Нæ фыдæлты кад, нæ мыггаджы намыс хъуамæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнæм. Гуыбиаты уæздан мыггаджы намыс... Ды та нын нæ ном цъыфы сæвдулынмæ хъавыс æгас комы дзыллæты цур. Ныхъхъуытты уадз де 'рра сæнттæ, æмæ нын дзырд ратт... Æрæмбар дæхи... Сылгоймаджы уацары бахауын худинаг у... Мыггаджы хистæрты раз дзырд ратт!.. Худинаг ма 'рхæссæм нæ сæрмæ...
Агуыбе æфсæрмыгæнгæйæ лæууыди дуары фарсмæ, йæ сæр æруагъта æмæ ницы дзырдта. Дзамболаты карз ныхæстæ йæм, æвæццæгæн, хъаргæ дæр нæ бакодтой, уымæн æмæ йæ хъустыл æндæр ныхæстæ уадысты. Уарзон чызджы æнкъард æмæ уынгæг хъæлæс ын рæхуыста йæ зæрдæ:
— Бар дын нæ ратдзысты, Агуыбе, бар дын нæ ратдзысты. Дæ аккаг нæу, сау адæмæй у, зæгъгæ, зæгъдзысты... Гуыбиатæ сæрыстыр мыггаг сты... Ферох мæ кæн. Ныууадз мæ. Дæу æмæ мыггаджы 'хсæн æрлæууын мæ нæ фæнды.
Чызг райста лæппуйы арм, йæ русмæ йæ нылхъывта æмæ ныккуыдта. Цырын арты сыгъди Агуыбейы хивæнд зæрдæ. Чызджы сæрыл рæвдаугæ схæцыд æмæ сабыр, фæлæ фидар хъæлæсыуагæй загъта:
— Зæлиго, мæн уыдзынæ ды. Уый тыххæй дын Агуыбе дзырд дæтты. Тæрсын чи нæ зоны, уыцы Агуыбе...
...Ныр уыцы Агуыбе лæууы мыггаджы хистæрты раз, æмæ та йæ Дзамболат ноджы тызмæгдæрæй баййардта:
— Цы ныхъхъус дæ?! Исты зæгъ!
Агуыбе хистæры хъæрæй фестъæлфыд æмæ сеппæтыл дæр йæ цæст ахаста:
— Мæ дзуапп зонын уæ фæнды? Æгæр дæр ма йæ зонут.
Уый адыл цæхгæр фæзылд æмæ сæ цурæй рацыд.
...Æнæхъæн бон фæцæттæ кодта йæхи Агуыбе. Йæ хъысмæт лыггонд кæй у, уый зыдта. Ноджы ма иу хатт æрæмбырд уыдзысты мыггаджы хистæртæ, æмæ сын сæ фæндыл куы нæ сразы уа, уæд ыл бахъоды кæндзысты. Афтæмæй æнæхион, æвæгæсæгæй цоппай кæндзæни дунейыл. Фæлæ йæ сомбонæй нæ тæрсы Агуыбе. Хъæды тарфы йын ис нысангонд бынат. Уым сараздзæн йæ къæс. Æвзонг, хъаруджын æмæ æхсарджын у Агуыбе. Æмæ бафæраздзæн алцæмæндæр.
Агуыбе йæ хъал æвсургъы барц дауы йæ тыхджын къухæй. Хъуыды кæны:
— О, Зæлиго, дæу тыххæй Гуыбиаты кадджын мыггагыл ауыгътон мæ къух...
Агуыбе мысы йæ уарзон чызджы фæлмæн æнгас, йæ рæвдаугæ ныхас, фæлæ... йæ фыды уæзæг ныууадзын дæр æй нæ фæнды... Лæппу скасти, къæдзæхы сæрыл цы бæрзонд мæсыг лæууыд, уымæ... Уый сæрмæ схиздзысты æмæ ралгъитдзысты Агуыбейы, йæ мыггаджы ныхмæ чи рацыд, уыцы хивæнды.
Агуыбе йæ бæхыл абадт, ехсæй йæ æрцавта, уайгæ-уайын йæ хъримагæй фехста æмæ йæ райгуырæн къæсы ердойы сæрæй дур акъуырдта, стæй уадидæгæн мигъы фæлмы атади...
Фыдæлтыккон тар хъæд æмризæджы ризы. Уад йæ тыхджын къухæй акъул кæны къабузджын бæлæсты цъуппытæ... Хъуынтъыз æмæ æнтъыснæг у хъæд...
— Рауай ма ардæм, Зæлиго!.. Абад мæ цуры... Уæд та дын Гуыбиаты хъæбатыр Агуыбейы зарæг акæнин?.. Уæздан æмæ кадджын мыггагæй чи у, уыцы Агуыбейы зарæг... Туг... æфсымæры туг ныккалди мæн æмæ мæ мыггаджы 'хсæн... Агурынц нæ Гуыбиатæ хъæдты... Агурынц. Фæлæ фендзыстæм, цы ссарой, уый... Зæлиго, куы мæ амарой, уæд-иу мын, дæ гуыбыны цы лæппуйы хæссыс, уый мæ туг райсæд... Байрæзæд туг райсынмæ... Ард бахæр... Абон, Зæлиго, комы фæцæйцыдтæн мæ бæхыл. Сау Фыййагдон къæдзæхæй кæм хауы, уым амбæлдтæн ме 'рвадыл, Дзамболаты фырт Алиханыл. Мæ ныхмæ бæхыл æрбацæйцыди. Нæ мæ базыдта. Кæрæдзимæ куы бахæццæ стæм, уæд æм æз сдзырдтон: «Дæ фæндаг раст уæд, Дзамболаты фырт сахъ Алихан». Алихан, йæ топп сæргъæвта æмæ фæхъæр ласта: «Æлгъыст фæу, йæ къона чи фæчъизи кодта, уыцы куыдз!» Æз айтæ-уыйтæ нал фæкодтон, æмæ йæ дамбацайæ багæрах кодтон... Фæндаггæрон баззади Алиханы мард... Гуыбиаты цъæх мæсыджы бынмæ æрбазгъордзæн йæ бæх æмæ йæ сæфтæгæй ныххойдзæн зæхх... Уынгæг хъæлæсæй ныууасдзæни... Талынг къуымтæй разгъордзысты сылгоймæгтæ æмæ сæ дзыккутæ тондзысты. Æмдзыхæй ард бахæрдзысты мыггаджы лæппутæ. Хъуыздзысты фæндæгтыл. Исты ссардзысты цымæ?.. Куыннæ стæй!.. О... туг... сырх туг... æфсымæры туг ныккалди... Зæлиго, рацу мæм хæстæгдæр!.. Ды хъусыс фыдæлтыккон хъæды уынæрмæ... Тæрсыс æмæ зыр-зыр кæныс. Фæлæ рæстдзæвин у Агуыбе, йæ къухы цæф уæззау у... Тызмæг у Агуыбе... Иунæг Агуыбе...
Зæлиго... Зæлиго...

 

ТАМЕРЛАН ÆМÆ АЙДÆН
Чи нæ фехъуыста, фæсномыгæй Къуылых кæй хуыдтой, бирæ паддзахæдтæ æмæ дзыллæты чи басаста, уыцы номдзыд хæстон разамонæг Тимуры тыххæй?!. Скæсæны алы рæтты ныр дæр ма фæкæнынц йæ кой...
Ацы хабар æрцыди, Тимуры хæстон балцытæ сæ тæккæ тæмæны куы уыдысты, уæд. Тызмæг балхон бавнæлдта Уæрæсейы зæххытæм дæр. Тыгъд быдыры æрæвæрдта йæ сыгъзæринцъупджын цатыр æмæ бардзырд радта, цæмæй уырдæм хæссой æппæт æфтиаг дæр... Тæлтæг бæхтæ, адæмæн æмбисонды рæсугъд сылгоймæгтæ, зынаргъ хъуымæцтæ, хæрдгæхуыдтæ, сыгъзæрин мигæнæнтæ, хæцæнгæрзтæ, згъæрхудтæ, уартытæ, згъæрхæдæттæ, арцытæ, æрдынтæ, цирхъытæ — чи сæ фæуыдзæн нымад та? — къордтæй æмæ цæндтæй лæууыдысты æмæ лæджы зæрдæ сайдтой сæхимæ... Фæлæ сæм номдзыд хæстон касти куыдфæндыйы цæстæй... Стæй дын æвиппайды куы фестъæлфид. Уымæн æмæ йæм утæппæт диссæгты æхсæнæй ферттывтой йæхи æмæ йæ хæстон разамонджыты ирд аууæттæ... Тимур æваст фæзылд æмæ æвæстиатæй йæ цатыры смидæг. Йæхи стайы цармыл æруагъта æмæ хъуыдыты аныгъуылди. Стæй йæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл æрцавта. Хъуызæгау æнæуынæрæй æрбахызт йæ хъахъхъæнæг негр. Тимур ын бардзырд радта, æфтиæгты æхсæн тæмæнтæ чи калы æмæ алкæй æмæ алцæй сурæт дæр чи æвдисы, уый мын ардæм æрбахæсс, зæгъгæ.
Æрбахастой йын æй, йæ цуры йын æй æрæвæрдтой. Тимур сыстади, бацыд æмæ йæм дзæвгар фæкасти... Федта дзы, йæ иу къах йæ фæдыл сыфцæй чи ласы, ахæм къаннæг лæджы, йæ фындз — тъæпæн, йæ цæнгтæ — фыдуынд даргъ, цæсгом — хæбуздзыхъхъытæ, хурсыгъд æмæ дымгæхост, схъæл сæрыл — нарæг ных... Фæкæстытæ кодта йæхимæ Тимур, стæй æвиппайды ныккуыдта. Цæрæнбонты фыццаг хатт...
— О Сфæлдисæг, — хæкъуырццæй кæугæйæ ныббогъ ласта хъæбатыр хæстон, — афтæ карз мæ цæмæн бафхæрдтай? Дунетæ мын мæ къæхты бын куы æрæвæрдтай, уæд ма мын æддаг бакаст цæмæн бавгъау кодтай? Мæ хæстонтæн сæ цауддæры хуызæн уæддæр куы фæцадаин!
Тимур богъгæнгæ йæхи сынтæгыл баппæрста... Уалынмæ æрбахызт йæ уарзон уынаффæгæнæг æмæ фырадæргæй тæккæ къæсæргæрон сагъдауæй аззад. Иу уысмы фæстæ Тимурмæ бацыд æмæ йæ фæрсы:
— Мæ паддзах, цæуыл кæуыс?
Тимур рабадти:
— Куыд нæ кæуон? Мæ цард-цæрæнбонты абон фыццаг хатт федтон, цы хуызæн дæн, уый, — æмæ айдæнмæ ацамыдта. — Гæр, гæлæхха, сурæттæ Уарæгмæ мæнæн амæй хуыздæр нæ разынди?.. О, Сфæлдисæг!.. Сфæлдисæг... — ногæй та схæкъуырцц кодта номдзыд хъæбатыр æмæ йæ цæсгом йæ къухтæй амбæрзта... Уалынмæ дын кæйдæр кæуын йæ хъустыл куы ауаид. Йæ къухтæ æруагъта, кæсы, æмæ дын мæнæ йæ уынаффæгæнæг дæр гъæйттæй дзыназы.
— Æдылы, ды та цæуыл ниуыс?
Уый кæугæ-кæуын афтæ бакодта:
— О, мæ цытджын паддзах, ды дæ сурæт иунæг хатт фенгæйæ дæхи кæуынæй куы марыс, уæд мæнæн та куыд гæнгæ у, уыцы сурæтмæ ныр дæс æмæ ссæдз азы куы кæсын, уæд?..

 

АБЫРÆГ ХÆМЗÆТЫ ЗАРÆГ
Ацы алæмæты рæсугъд зарæг раджы фехъуыстон, ме 'взонджы бонты мæ хъысмæт цæцæны хæхтæм куы бахаста, уæд. Зарыд-иу мын æй мæ цæцæйнаг æрдхорд Али. Хæхтæ-иу, раст цыма нæ алыварс сæ урс уæлдзарм худты сахъ бæгъатыртæ асадæны рабадтысты, уыйау сагъæсхуызæй хъуыстой æнæрцæф абырæджы зарæгмæ.
Кæсут-ма, урс хъæрццыгъа цъæх арвы къуырфы йæ амæддаг рацахста йæ болат дзæмбытæй, æваст æй æрцæфтæ кодта йæ бырынкъæй æмæ йæ хæры.
Кæсут-ма, хъандзалуæраг гæрæм фæранк сæррæттытæгæнгæ фæсуры сырх сырды, баййæфта йæ æмæ йæ къабæзтæ кæны йæ уæззау дзæмбытæй...
Нæ!.. Уый нæдæр урс хъæрццыгъа у, нæдæр гæрæм фæранк. Уый æхсарджын барæг Хæмзæт йæхи ныххуырсы Терчы уылæнтыл, йæ сахъ æмгæрттимæ иннæ фарсмæ бахизы æмæ хъæрццыгъайау рогæй, фæранкау ныфсхастæй атындзы Ногъайы тыгъд быдыртæм. Уым хизынц урс бæхрæгъæуттæ. Æвзыгъд Хæмзæт сыл тымыгъау ныццæвы йæхи æмæ сæ раскъæры Ногъайы тыгъд быдырты. Скъæры сæ Терчырдæм. Æрбахизы ацы фарсмæ. Сæударæй æрхæццæ вæййы.
Тæссаг балц... Бастадысты барджытæ... Се 'фтиаг æрæмбæхстой хъæды æмæ уадзынц сæ фæллад. Хæмзæт схызти бæрзонд обауы сæрмæ. Фæлгæсы алырдæм... Искæцырдыгæй знаг-зынæг ис æви нæй?.. Кæд мыййаг фæндаджы сæрмæ рыг искуы сыстад?.. Кæд йæ фæдыл уырысы æфсæдты къорд бафтыдысты?..
Кæсы Хæмзæт æмæ уыны: Теркыл æрбахизæны цур бæрæг дары сау стъæлф, рæзы, уæрæхæй-уæрæхдæр кæны... Фæдисонау æрбатындзы... Афтæ тагъд ма арвы быдыры мигътæ фæсуры уад.
Хæмзæт æрхизы къуылдымы сæрæй æмæ бадзуры йе 'мбæлттæм:
— Арвыл уад йе 'хситтæй мигътæ куыд ахæссы, уыйау æрбатындзынц махырдæм не знæгтæ. Ма фæтæрсут. Æххормаг фæранчытау сыл абон ныццæвæм нæхи.
Иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд æмæ та загъта:
— Аргæвдæм бæхтæ æмæ сæ нæ алыварс быруамад скæнæм. Æрмæстдæр афтæмæй бауыдзæн нæ бон нæхи бахъахъхъæнын.
Æмæ тугæвдылд быруйы аууон æрбадтысты Хæмзæт æмæ йе 'мбæлттæ. Сæ иу цæнды сæрæй фæлгæсы. Кæсы æмæ уыны: цыппæрвадæй æрбазгъоры иу бæхджын. Базыдта йæ: æлдар Хъахырман. Æрбахæццæ, фæрсы:
— Æфсымæр, зæгъ-ма мын æй, чи стут, кæй цагъартæ стут?
Хæмзæт рахызти быруйы аууонæй:
— Цы дæ хъæуы махæй?
— Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ, зæгъын, кæй цагъартæ стут?
— Никæй, æмæ нæ фæсонæрхæджы дæр нæй, искæй цагъартæ уæм, уый.
— Ды Хæмзæт нæ дæ? — бафарста Хъахырман.
— О, æз Хæмзæт дæн!..
— Уæдæ байхъус, Хæмзæт. Дзæгъæлы æрцыдтæ ардæм... Уымæн æмæ уæ уырысы æфсад æрбаййæфта, уæ алыварс æртыхсти... нал уын ис аирвæзæн. Базыртæ уыл куы разаид, уæд ма, чи зоны, атæхиккат... Уырысы æфсады хицау мæ сымахмæ рарвыста. Барст уын уыдзæни, уæхи æнæхъыллист-æнæсымæй уацары куы радтат, уæд.
Йæ маст рафыхти Хæмзæтæн æмæ ныхъхъæр кодта:
— Мæ фырмæгуырæй не 'рцыдтæн ардæм, Хъахырман-æлдар. Знагимæ тохы мæ лæгау-лæгæй амæлын фæнды. Кад æмæ радæй! Дæу та афтæ фæнды, цæмæй дæм уацары радтон мæхи, стæй мыл адæм къуыппæн зарæг скæной, фæндырты мæ фæцæгъдой! Нæ, мæ хуры чысыл, дæ фын дæ фæсайдта. Хæмзæт фæстаг улæфты онг хæцдзæни цæф фæранкау. Фæллад æмæ стонг бирæгъ хъæдмæ куыд фæбæллы, тæлтæг уадсур æфсургъ тыгъд быдырмæ куыд ныййарц вæййы, уыйау ме 'нæрцæф æмгæрттæ дæр сæ быцъынæг ыскъуынынц мæлæтдзаг тохмæ. Цæугæ ныр, Хъахырман, кæцæй рацыдтæ, уырдæм... О, мах сызгъæрин æмæ фос агуырдтам, фæлæ нæ абон сызгъæринæй сау топпыхос тынгдæр бахъæудзæни. Дунейы хæрзтæй зынаргъдæр — рæстдзæвин хъримаг.
Уый адыл Хæмзæт цæхгæр фæзылд æмæ йæхиуæттæм бацыд. Аздæхти Хъахырман дæр.
Æвиппайды топпы гæрæхтæ ныццарыдтой, æмæ арвы къуырф айдзаг и топпыхосы фæздæгæй. Хæмзæт бадзуры:
— Æлгъыст фæуæд абоны бон! Æнтæфæй сулæфæнтæ нæй. Адзалы сахат нын нæ кæрдты аууæттæ уыдзысты ныфсы хос!
Хæмзæт бадзуры:
— Куыд бæзджын у фæздæг, куыд уынгæг у сау бон. Æрмæстдæр нын топпæхсты цæхæртæ басгуыхынц рухс тын.
Хæмзæт бадзуры йæ уарзон æмгæрттæм:
— зæдæнгæс чызджытæ дзæнæтæй куы кæсынц. Алчидæр йæхицæн хуыздæр къай æвзары. Мах тыххæй, æмгæрттæ, — сæ быцæу, сæ хъаугъа...
Хæмзæты фæндыд йе 'рдхæрдты зæрдæ фæфидар кæнын, фæлæ йæ йæхи зæрдæ зонгæ кодта — адзалæн нал ис мадзал... Уалынмæ кæсы, æмæ дын арвы кæронæй æрбазынди хърихъуппыты бал. Сæ ных сарæзтой Хæмзæты райгуырæн коммæ. Йæ къух сæм батылдта хъæбатыр хæстон, дзуры уæларвон бæлццæттæм:
— Гъе, уæлæ бæлццæттæ, курын уæ, мæ хуртæ, нæ фæстаг улæфт нын бахæццæ кæнут нæ дзыллæмæ. Фæстаг салам раттут нæ сауцæст рæсугъдтæн, нæ урсхъуыр бæлæттæн. Зæгъут-иу нæ номæй, фыдгулты нæмыгæй царæфтыд кæй фестæм. Зæгъут-иу сын ноджы: хъазуатон тохы сæ лæджы сæр бахъуыди. Зонæм æй: нæ ингæнты уæлхъус нæ хотæ нæ кæндзысты хъарæг. Нæ хоты бæсты, зæгъ, цъæх бирæгъты ниуын хъуысдзæни нæ сæрмæ, хионты бæсты та —  сау халæтты сау марой. Гъе-мардзæ, буц мæргътæ, сымах нын хъæргæнæг фæут нæ хотæ, нæ хионтæм: кæсæджы хохыл, зæгъ, джауырты къухæй сæ мæлæт ыссардтой, сæ тугахуырст кæрдтæ, зæгъ, сæ къухтæй не суагътой.
Гъе ахæм ныхæстæ ис тызмæг цæцæйнаг адæмы тохы зарæджы. Хъусынц æм ног фæлтæр, хъусы йæм, æмæ йæ чи зоны, цы маст, цы цин райгуыры се 'взонг риуты, цавæр сгуыхтытæм фæбæллы æнæрцæф гуырд. Æниу кæм ысты, адæмы чи бамбара, йæ уæззау сагъæстæ, йæ нæрæмон уды фæндтæ, тырнæнтæ кæмæ бахъарой, уыцы лæгтæ?..

 

ЦЪИТИЙЫ РÆБЫН
Æппынфæстаг схæццæ стæм нæ нысангонд бынатмæ. Нæ балц дæргъвæтин уыд æмæ ныр ам æхсызгонæй уагътам нæ фæллад. Нымæттæ бакодтам нæ быны æмæ цымыдисæй фæлгæсыдыстæм алырдæм. Хæххон сыгъдæг уæлдæф нын йæ адджын хъыдзыйæ рæвдыдта нæ улæфæнтæ. Махæй чысыл уæлдæр арвы къуырфмæ ныййарц и цъити-хох, йæ цъуппыл дзæгъæлдзу мигъы къæм æрцауындзæг, цыма йын уæлдæр дунемæ алидзынæй тарсти, уыйау. Изæрон фæлмæн уахъæз раулæфыди цъитийы сæрæй, æмæ стъалытæ иугай-дыгай ссыгъдысты арвы æнæбын къонайы. Цыкурайы фæрдгуытау, сæхимæ лæджы зæрдæ скъæфтой. Зындысты бынтон хæстæг — сæвнал сæм, æрис дзы, кæс æмæ сæм кæс...
Ахæм алæмæты нывтæ уынгæйæ удæй ферох вæййынц йеппæт фыдæбæттæ дæр. Уыдон баззайынц быноз кæмдæр. Ам та алцы дæр зæрдæ йæхимæ æлвасы, алцы дæр дзы — бæрзонд, æдзæм, парахат, сусæггаг... Нæ алыварс къæдзæхтæй алкæй риуæй дæр хатыдтам царды æнусон улæфт... Мæн дæр æрфæндыди мæ мидсæнтты аныгъуылын æмæ ацы къæдзæхтау ам мыггагмæ æмыр æмæ æнæфенкъуысгæйæ баззайын, къæрцхъус æрдзы уæлвонг æнцойдзинад куыд нæ бакъуылымпы кæнон, афтæ.
Ме 'мбæлццон цæгатаг чызджытæ бынтондæр бастадысты, утæппæт царциатæ фенгæйæ, æмæ ныр ныффæлдæхтытæ сты нымæттыл. Сæ цæстыты æнахуыр рухсимæ сиу сты мæйы æвзист тынтæ, хъазыдысты сын сæ рæсугъд цæсгæмттыл, æмæ се 'взонг æлвæст уæнгты кондæй зæрдæ рухс кодта.
Чызджытæ ме студент-æфсымæримæ иумæ æрбацыдысты нæ хæхты цъассытæм. Æз сыл æнæнхъæлæджы амбæлдтæн фæндагыл æмæ уайтагъд балымæн дæн семæ. Æхсызгон мын уыди, сабитау алцæуыл дæр дисæй кæй мардысты, уый. Сæ сыгъдæг, сæ æнæкъæм удты æрвон рухсæй æрцардтæн. Уыдон руаджы ма æрымысыдтæн, кæмдæр мын дард ран рохуаты чи баззади, уыцы сабидуг. Семæ мын æнцон уыди — буц уыдтæн сæ рæвдауæн ныхæстæй, сæ цинæй.
Исдуг ныхъхъус ыстæм. Алчидæр нæ аныгъуылд йæ сусæг сагъæсты. Хуыцау — йæ зонæг, кæмæ нæ цы мысинæгтæ, цы бæллицтæ, цы сæнттæ уыди. Дард кæмдæр ивгъуыды тары цы байсæфти, уыдæттæ ногæй раиртасыныл сæхи хъардтой мæ цæстытæ... цыдæр æбæрæг нывтæм сæхи ивæзтой цæнгтæ... зæгъæн кæмæн нæй, ахæм сусæг катайыл бафтыди мæ зæрдæ...
Ме 'мбæлццæттыл æрæвæрдтон ме 'нгас. Сæ буæрттæ цыма мæйрухсы æвзист тынтæй нывæст уыдысты, нæ тызмæг хæхты цæсгом барухс кæнынмæ уæларвæй чи æрхызт, ахæм рухсдзыд æндæргтæй зындысты. Мæ хъус уæлдай тынгдæр æрдардтон кæстæр чызгмæ. Уымæ кæсгæйæ мæ цæстытыл уади бæрзыты къохы уалдзыгон хæрздæф. Уæрæсейы быдырты æрхæндæг æмæ цæгатаг зæрæхсиды сырх тæмæн. Афтæ мæм касти, цыма уыцы чызг рухсы хæрдгæ тынтæй конд у. Йе 'взонг буарæй цы рухс цыд, уый мын йæ уæлныхты систа мæ уд. Чызг хуыссыди уæлгоммæ, йæ къухтæ йæ фæсчъылдым бавæрдта, афтæмæй. Мæ зæрдæ мын ивæзта йæхимæ, нæрæмон бæллицтæ поэты зæрдæ сæхимæ куыд фæивазынц, афтæ. Æбæрæг æнкъарæнты дуне мын гуырын кодта мæ риуы уыцы дардбæстаг бурдзалыг чызг-бæлццон. Æрцахсæн кæмæн нæй, ахæм æрвон аууæттæ зилдух кодтой мæ алыварс.
Уалынмæ бынтондæр баталынг. Арвы æдзæм тары ноджы тынгдæр сæрттывтой стъалытæ. Цъитийы æнгас фæтызмæгдæр. Йæ уазал фæлурс цæсгомæй нæм раулæфыд æхсæвы ирдгæ, æмæ баризæгау кодтой нæ удтæ. Хæхты тигътæ нал зындысты тары. Бынтон æгуыппæг фестади дуне.
— Исты таурæгъ ма нын ракæн, — æвиппайды мæм бахатыди чызджыты кæстæр. — Кавказ таурæгъты бæстæ куы у. Радзур-ма нын дзы исты. дæ ныхасмæ хъусгæйæ сабыргай æрфынæй уыдзыстæм æмæ алæмæты аргъау-фынтæ фендзыстæм.
— Радзур, радзур! — зæгъгæ, схор-хор кодтой иннæ чызджытæ дæр.
Æз исдуг нæ разы кодтон, мæ дæлдзæф-уæлдзæф ныхæсты фæстæ сæм сæ алыварс фидыцтæ диссаг куы нал фæкæсой, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ. Фæлæ мæ уыдон æгæр куы баййардтой, уæд сын сразы дæн.
— Цæй, уæдæ уæхи дзæбæхдæр банордут æмæ хъусут, кæд æцæгæйдæр мæ къухы бафтид уæ афынæй кæнын, — бахудтæн æз, уæдæ цы кодтаин? Чызджытæ базмæлыдысты сæ бынæтты, æртæйæ дæр мæнырдæм разылдтой сæ рæсугъд цæстытæ. Сæ фæлмæн æнгасæй мыл дзындзытау згъæлдысты сабийы сыгъдæг цинтæ æмæ дистæ. Æхцон сагъæстæ мæ исдуг сæ уæлныхты хастой... Цы ма хъæуы лæджы, цы, Хуыцауы сконд æрдзы хъæбысы цæрынæй дарддæр?.. Ноджы ма дæ фарсмæ налмасзæрдæ сылгоймаг дæр, йæ удæй дæ фылдæр чи уарздзæн, ахæм. Йæ цæстыты æрвон рухс ивылы дæ риумæ æмæ дын цырын кæны дæ цинтæ, дæ ристæ, дæ бæллицтæ, дæ сæнттæ... Цы ма хъæуы уæдæ, цы, лæджы?..
Акæс-ма сахартæм та, куыд æнуд ысты! Не 'нцайынц сæ гыбар-гыбурæй. Æнæхъола цоппай, катай, цъыф, мæгуыр æмæ гæвзыкк адæмы тыхст цæрдтытæ, уыхеры, фыдбæллæхтæ. Фæлæ ам — кæмттæ, хæхтæ, къæдзæхтæ, æхсæрдзæнтæ, цъититæ — иу дзырдæй, хъæддаг æрдзы хъæддаг рæсугъддзинад... Æмæ арвысконд сылгоймаджы цæстыты рухс... Гъей, джиди!..
— Цæттæ стут?.. — афарстон чызджыты æмæ райдыдтон дзурын, кæддæр кæцыдæр комы цы таурæгъ фехъуыстон, уый...
— «Иу лæппу, саджы фисынтыл амад, фæранкау ныфсхаст, бауарзта иу чызджы. Уыцы чызджы рæсугъдæн æнæхъæн комы дæр æмбал нæ уыд. Æмæ йæм кæцæйты нæ цыдысты уæд курджытæ та? Хъуымыхъы дæлвæзтæй, Ногъайы змисбыдыртæй, Кæсæджы тъæпæнтæй, иннахæм Хъæрæсейы тызмæг хæхтæй. Йæ курджытæ — æхсарджын, æвзыгъд, сагсур гуырдтæ. Фæлæ чызг хъал æмæ сæрыстыр уыд... Никæмæн куымдта... Æмæ дзы бирæ курджытæ аздæхти æнæдзуаппæй, уæнтæхъил-сæргуыбырæй... Цы уыди цымæ чызгæн та йæ хуыздæр бæллиц, кæмæ касти æнхъæлмæ? Иу хатт иу лæппуйæн афтæ бакодта:
— Куы дæ бауарзин, уый дæ фæнды, нæ?.. Гъемæ хорз... — хин мидбылхудт ахъазыди чызджы цæсгомыл. — Уæдæ уал мын Сау денджызы былæй Урс Паддзахы рæгъауæй раскъæр дыууæ сау галы, здыхтсыкъаджынтæ. Хъусыс? Урс Паддзахы рæгъауæй!..
Хъыпп-сыпп нал схауди лæппуйы дзыхæй... Æрмæст йæ дæндæгты къæс-къæс ссыди, цæхгæр фæзылд, йе 'фсургъыл абадт, ехсæй йæ æрцавта æмæ цæстыфæныкъуылдмæ мигъы фæлмы аныгъуылди.
Бонтæ ивтой кæрæдзи, æмæ цас рацыдаид, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ цыма лæппу таппызары хай баци — никæцæйуал зынд. Адæм æнхъæл уыдысты: кæмдæр тохы быдыры байсæфта йæ сæр, æмæ йыл афонмæ фыдниуд кæнынц фыдтымыгътæ...
Фæлæ фæрæдыдысты иууылдæр... Лæппу æрбаздæхт. Æрбацæйцыд æмæ йæ разæй тардта дыууæ здыхтсыкъа сау галы. Цыдис æмæ зарыд, æмæ йын йæ зарæджы цъæхснаг зæлтæ фæзмыдтой тызмæг хæхты скъуыдтæ... Адæм та йыл дисæй мардысты...
Фæлæ чызг ныхъхъус и... Стæй та иуахæмы ской кодта лæппуйæн:
— Цы сты уыдон, дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр галтæ... Бауарзон дæ, уый дæ фæнды? Гъемæ хорз... — чызгæн та йæ хинæйдзаг цæстытæ гæзæмæ бахудтысты... — Уæдæ мын Кæсæгæй Саулохы лыстæгкъах бæхтæй иу рæгъау æрбатæр...
Сым дæр та не схауди лæппуйы дзыхæй, фæлæ ноджы тынгдæр ныкъкъæс-къæс кодтой йæ дæндæгтæ... Йæ сау цæстытæ ферттывтой... Фæзылд... Абадт йæ бæхыл, æрцавта йæ ехсæй æмæ уайсахат мигъы хæрвы æрбацыдæр...
Бонтæ та ивтой кæрæдзи, ныддаргъ и сæ хал, фæлæ та лæппу дæр — кæм æрбадæлдзæх уыдаид? — нæ зыны никæцæй. Адæм æнхъæл уыдысты: ныр æцæг байсæфта йæ сæр тохы быдыры, æмæ йын афонмæ фыдтымыгътæ фыдниуд кæнынц йæ мæгуыр мардыл...
Фæлæ та адæмæн сæ рæдыды комы æхсырфæмбал абадти. Æрыздæхти лæппу æмæ йæ разæй тардта сау-сауид æмæ лыстæгкъах бæхты рæгъау. Æмæ та лæппуйы зарæджы цъæхснаг зæлтæ ныффæзмыдтой хæхтæ... Йе сгуыхтыл та дисæй мардысты адæм... Фæлæ йын ацы хатт дæр ницæмæй барухс кодта йæ зæрдæ фыдæбоны саурæсугъд. Æрмæст ын иуахæмы æнæбарыгомау афтæ бакодта:
— Цанæбæрæг диссаг сты дæ галтæ дæр æмæ дæ бæхрæгъау дæр?.. Кæд дæ фæнды, бауарзон дæ, уый, уæд ацу æмæ мын, гуырдзиаг æхсинтæн сæ рæсугъддæры хъуырыл цы налхъуыт фæрдгуыты хал ис, уый æрбахæсс...
Ацы хатт дæр та хъыпп-сыпп не схауди лæппуйы дзыхæй. Йе 'лхъывд дæндæгты къæс-къæс та ссыди... Уыциу зылд фæкодта, абадт йæ сау бæхыл, æрцъыкк æй ласта ехсæй æмæ æрбадæлдзæх.
Бонтæ, къуыритæ æмæ мæйтæ цыдысты æмæ сын нæдæр фæуæн уыди, нæдæр фæстæмæ раздæхæн... Аивгъуыдтой азтæ дæр, фæлæ лæппу зынæг нæй... Æмæ дзыллæ загътой: кæйдæр зæххыл бабын и саг лæппу, æмæ нал фендзæн йæ райгуырæн хæхтæ, йæ фыды уæзæг... Нал ныййазæлдзæн йæ хъæлæс, нал хъаздзæн йæ рæсугъд саулох-бæхыл.
Хъынцъым кодтой иууылдæр... Фæндаджы был ныссагътой тымбыл цырт æмæ æхсарджын лæппуйыл зарæг ыскодтой. Уыцы зарæгмæ хъусгæйæ-иу сгуыхтмондаг систы саг лæппуты зæрдæтæ...
Фыдæбоны саурæсугъд бирæ фæкаст æнхъæлмæ... Стæй ауыгъта йæ къух...
Топпы гæрæхтæ... Къæрццæмдзæгъд... Сонт хъæртæ... Бæхты къæхты уынæр ныццарауы ком... Йæ тæккæ тынгыл у чындзæхсæв... Раст уыцы сахат хохаг фæндаджы был тар æндæргау лæууыд иунæг бæлццон... Байхъуыста лæмбынæг... Кæсы... Йæ цæстытæ знæт цæхæр акалдтой... Сырх тæлмытæ абадт йæ фæлурс цæсгомыл... Фырадæргæй йæ рахиз къух хъамайы фистоныл ныддæвдæг, æмыр æлгъыст, хъæрзæгау, сирвæзт йæ риуæй... Йæ къух зыр-зыргæнгæ райхæлдта тыхтон æмæ йæм æвæджиауы рæсугъд дуртæ зæрин хуры тынтау схудтысты-сæрттывтой...
— Хорз... хорз... — хъуысы æнгомæхгæд дзыхæй мынæг мыртæ, æмæ тарæрфыг цæсгомыл абады мæстæлгъæд мидбылхудт...
Гурæй-гурмæ хъуызы æнахуыр бæлццонæн йæ аууон æмæ æввахсæй-æввахсдæр кæны, чындзæхсæвы хъæр кæцæй хъуысы, уырдæм...
Сæумæрайсом... Хæхты митын сæртæ хурмæ алмасийау сæрттывтой... Фæлæ ног бинонты уатæй сыбыртт дæр куы нæ хъуысы... Чидæртæ бацæуынц... Уынынц: уæрæх сынтæгыл фæлдæхтæй лæууы дыууæ марды. Сау туджы пырхæнтæй цæхæр калынц æмбисонды рæсугъд дуртæ, худгæ хуры тынтау худынц æмæ æрттивынц... Æрттивынц налхъуыт-налмастæ. Сæ разы та — сау мæлæт сау тæрхон кæмæн рахаста, уыцы дыууæйы фæлурс цæсгæмттыл ныддæвдæг æвирхъау хъизæмары фæд. Фыдохы уац айхъуыст æнæхъæн комыл... Хъарæджы зæлтæ æруадысты иунæг бæлццоны хъустыл дæр. Уый хохаг нарæг къахвæндагыл тагъд-тагъд тындзы уæлдæр дунемæ, урс æврæгъты цъæх бадæнырдæм... Йæ цæсгомыл хъазы цин»...
Гъе афтæ уарзынц махмæ, Кавказы хæхты цъассыты... Рагон зарæг дæр ис, лæппу чызджы куыд бауарзта, ууыл, — загътон ма æз æмæ, мидбылты худгæйæ, чызджытыл мæ цæст ахастон. Хотæй дыууæйæн нæ бантысти мæ таурæгъы кæрон фехъусын — уæдмæ бафынæй сты. Фæлæ хуыссæг йе 'мгæрæтты дæр нæ ауади кæстæр хойæн, бæрзыты къохы уалдзыгон хæрздæф мæм кæй сурæтæй калди, уырыссаг быдырты æрхæндæг æмæ зæрæхсиды сырх тæмæн кæй цæстæнгасы уыдтон æмæ мæйрухсы тынтæй конд чи уыд, уымæн. Уый мæм фæхъуыста кæронмæ, æмæ йын æз йæ цæстыты тыбар-тыбуры раиртæстон цыдæр æнахуыр æрхæндæг.
Цæлхыдзаг мæй ратылди нæ бакомкоммæ къæдзæхы тигъæй... Йæ тынтæ æркалдысты  чызджы бурдзалыг сæрыл, хъавгæ бахызтысты, стъалытау тыбар-тыбур чи кодта, уыцы дыууæ цъæх цæстмæ... Чызг нымæты бынæй йæ къæхтæ раласта æмæ сыстади...
Хуыссын хъæуы, зæгъгæ, йæм сдзырдтон. — Райсом уæ бирæ цæуын хъæудзæни, дард балцы.
— Нæ, нæма мæ фæнды хуыссын. Цом-ма, атезгъо кæнæм иучысыл!
Чызг мын мæ къухыл ныххæцыд, йæ фæлмæн цæстытæй мæм æрбакаст æмæ загъта:
— Нæ йæ зонын, цы мыл æрбамбæлд, уый. Æнкъард дæн, фæлæ мын уæддæр æхсызгон у... Тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ уæ хæхтæ.. Сæ цъуппытæ... Ахæм рæсугъд æрдз никуыма федтон. Стæй ахæм æргомзæрдæ адæм. Ныр мын нæ сахарты куыд æнуд уыдзæн, ме сæфт сæ куыд уындзынæн, уый мæ цæстытыл уайы... Цом-ма!..
Рацыдыстæм. Мæ зæрдæ йæ хорз æмбæрста, ацы æвзонг уд цы æмбисонды сыгъдæг æмæ гуырвидауц у, уый. Йæ æназым цæстыты тыбар-тыбурæй мæм калд æнахуыр рухс. Æмæ мæм афтæ касти, цыма цард æрмæстдæр иунæг уысм у, æмæ адæймаг цы амондмæ тæхуды кæны, йæ цæнгтæ цы амондмæ ивазы, уыцы амонд уыциу уысм спæртт кæны, уыциу уысм сæрттивынц йе 'ппæт цинтæ, йе 'ппæт ахорæнтæ æмæ йе 'ппæт цæхæр, стæй уæд æвиппайды æнусмæ ахуыссынц...
Уысмы сæраппонд цæрын æмæ уыциу уысм амæлын...
Кæйдæр хъæлæс мын æлхыскъгæнæгау бадзырдта мæ хъусы:
— Хъысмæты лæварыл ма сис дæ къух, мæ хур... Райс æй!.. Райс!..
Æз ыл мæхинымæр уайдзæфгæнæджы худт бакодтон, чызгæн та загътон:
— Цом, æмæ бафынæй кæнæм фæлтау... Райсом ма нæ дзæвгар ауайын хъæуы. Мæн дæр æмæ сымах дæр.
— Афтæ дæм кæсы?.. — базыр-зыр кодта чызг, æмæ исдуг ысдзурынхъом нал уыд... Дуне ныттар и бынтондæр. Сафтид и тутт æнгузау, æмæ дзæгъæлдзу ирдгæ буары иннæрдæм хызти. — Гъемæ хорз... Дæу куыд фæнды, афтæ уæд.
Авддæлдзæх фесты, райгуырын чи нæ бафæрæзта, уыцы хъал сæнттæ æмæ нæрæмон бæллицтæ, уыцы дзæнæтон цард... æмæ уæларвон уарзт...
Авддæлдзæх фесты, цыма сæ сæр, сæ кой дæр никуы уыд, афтæ...
Райсомæй фæхицæнтæ стæм...
Авддæлдзæх фесты, цыма сæ сæр, сæ кой дæр никуы уыди...
Тар æхсæвы тар аууæттæ разгъæлдысты зæхмæ, æмæ дун-дунейы сусæггæгтæ хæхты роны банорстой сæхи. Цæлхыдзаг мæй æрцауындзæг и сау айнæджы тигъыл, цыма йæ дард хæтæнты араст уæвыны размæ уымæн хæрзæбоны хъæбыс кодта, уыйау...
Цавæрдæр æбæрæг катай райхъал и мæ уды...
Æдзæм æрдз, æнусон...
Кæй фæлмæн уырз андзæвы удыл æвиппайды хъавгæ-рæвдаугæ?..
Кæцæй кæлы хъармæн йæ хæрздæф?..
Æрвон уысм...
Йæ хæдуæлвæд тар æнгас радардта цъити...
Афтид æмæ уазал...
Цæмæн бабын вæййы цæрæццаг?..
Цæмæн бауазал вæййы арт?.. Уыраугæ гуыр-гуыргæнгæ арт...
Цы фæвæййы?..
Сæфы мыггагмæ...

 

ФÆСТАГ УБЫХАГ

Убыхаг лæппу Хатажукæн йе 'рфгуыты тар æлхынцъ нал лæгъз кæны... Сау денджызы былгæронмæ уал ныххæццæ йæ дзыллæйæ цалдæр мин адæймагимæ. Ам сыл ныр иу къорд мæйы ивгъуыйы. Бирæ фыдæбон бавзæрстой лидзæг адæм. Мардысты сæдæгæйттæй... Стонг æмæ тыхсастæй цагъды кодтой фос дæр... Адæмæн сæ фæндаг суанг Сау денджызы онг мæрдты стджытæй нал зынди. Хатажукы мад æмæ фыд дæр фæндагыл амардысты. Йæ дыууæ кæстæр æфсымæры æмæ йæ хо та ам бацарæфтыд сты: уазал, стонг æмæ сæ алы æвирхъау хъизæмæрттæ æрфæлдæхтой.
Хатажук сидзæрæй баззад. Райгуырæн хæхтæ кæй нæргæ кадæй райгонд уыдысты, йæ уыцы мыггаг, зæгъæн ис, æмæ мыггагыскъуыд фæци джауырты къухæй. Фæлæ Хатажук нæ басасти йе знæгтæн. Уыдоны къухы баззайын не 'рхаста йæ сæрмæ. Йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, фыдæлты мæсгуытыл фидиуæджы хъæр куы сæмбæлди, уæд:
— Стамбулмæ!.. Стамбулмæ!..
Уыцы хъæр ын йеппæт фæндтæ, йеппæт бæллицтæ дæр сцырын кодта. Лидзын хъæуы ацы æнаккæгтæй, æппындæр хатыр чи нæ зоны, зæрæдтæ, сабитæ æмæ сылгоймæгтæ нымады дæр кæмæ не сты, уыдоны цурæй. Лидзын хъæуы, цалынмæ ма гæнæн æмæ амал ис, уæдмæ, цалынмæ нын нæ рухс кувæндæттæй  нæма фæхынджылæг кодтой æмæ нын нæ лæппутæ æмæ нæ чызджыты нæ фæтардтой, æмæ ныл цалынмæ сæхи фæтк æмæ сæхи æгъдауы æфсондз не 'рæвæрдтой, уæдмæ... Лидзын хъæуы...
Æмæ йæ дзыллæимæ араст и Хатажук дæр денджызы былгæронмæ... Йæхи ныхъхъæбæр кодта, афтæмæй ныууагъта йæ фыды уæзæг, йæ фыдæлты сыгъдæг ингæнтæ, йæ къонайы рæхыс, йæ мулк, йæ фос, цъæх уыгæрдæнтæ, бæзнаг хуымтæ... æмæ баиу и денджызмæ тындзæг адæмимæ. Фæндагыл уыдта йæ дзыллæйы æдзæллаг уавæртæ, заууат, дæрæн...
Абухгæ фæйлыдта размæ адæмы фурд...
— Тагъддæр... Тагъддæр... Иуварс!..
Райсомæй райдай æмæ-иу суанг фæсахсæвæртæм дуне æмризæджы рызти къамбецты æмбухынæй, бæхты мыр-мырæй, фысты уасынæй, куыйты ниуынæй, сылгоймæгтæ æмæ сабиты æрдиагæй, гæрæхтæй... Æвиппайды-иу райхъуысти кæйдæр æрхæндæг уды зарæг дæр. Хæрзбоны зарæг... Фæлæ уыцы æмтъеры æмæ уынæрæн йæ сæрмæ зилдух кодта иу æнахуыр, зынрахатæн, фæлæ æхсызгон, зæрдæскъæфæн дзырд:
— Стамбулмæ!.. Стамбулмæ!..
Лидзæг адæмæн уыцы дзырды уыди стыр мидис. Сеппæт сагъæстæ, сæ ныфс æмæ се 'нхъæлцау уыдысты уыимæ баст...
Мæнæ денджыз дæр... Цъæх-цъæхид, æгæрон... Хатажук дæр иннæтау æнхъæлмæ кæсы, йæ хъысмæт цæуыл алыг уыдзæн, уымæ. Йæ алыварс — низтæ, емынæ, бæллæхы замана... Сау адзал цуан кæны сабитыл, зæрæдтыл, сылгоймæгтыл... Æрмæстдæр фæсивæд быхсынц утæппæт удхæрдтæн æнæхъуыр-хъуыр æмæ æнæнæтгæйæ. Рыгамæст, сæ уæлæ — бызгъуыртæ, сæ цæсгом — фæлурс, къуырфауты арфмæ батылдысты сæ фæллад цæстытæ... Бон-сауизæрмæ хъеллау кæнынц, кæнæ къордгæйттæй бадынц денджызы былгæрæтты, æнхъæлмæ кæсынц, денджызы фаллаг кæронæй падишахы нау кæнæ исты уырыссаг бæлæгъ кæд æрбазындзæни, уымæ. Æнхъæлмæ кæсы Хатажук дæр. Ницæмæй æвдисы йæ уды хъизæмар...
Æнтъыснæг бонтæ... Изæрыгæтты Хатажук бæхты цурмæ рацæуы, йæ саулохы ссары æмæ йын йæ бæрзæй дæрзæг армытъæпæнæй дауы. Хатажукæн йæ тарæрфыг цæсгом æрлæгъз вæййы уæд, йæ цæстыты абады рухсы цъыртт. Йæ лымæны цур йæ зæрдыл æрлæууы йæ ивгъуыд, æмæ æнахуыр æхцон рызт ныккæны йæ уд...
Мæнæ æрæввахс и фыдыбæстæйæн хæрзбон зæгъыны сахат дæр. Тæккæ райсом хъуамæ араст уой падишахы фæрнджын бæстæмæ. Фæлæ ницæмæй райгонд у Хатажукы зæрдæ. Бирæ фæлæгъзтæ кодта уый уырыссæгтæн, фæлæ йын уыдон йæ иунæг курдиатмæ ницы сæ хъус æрдардтой... Бæхы тыххæй уыд йæ ныхас, уымæн æмæ ницыуал баззади Хатажукæн уыцы иунæг æрдхорд-æмбалæй дарддæр...
— Ницы дзы рауайдзæни, нæй йын ласæн... Бынат нæм нæй, — зæгъгæ, йын радтой цæхгæр дзуапп.
Æхсæв зæххыл йæ сау базыртæ куы райтыгъта, уæд та Хатажук йæ уарзон бæхмæ рацыд æмæ йæ бирæ фæрæвдыдта йæ дæрзæг къухты хъармæй. Йæ зæрдыл æрлæууыди, йæ саулох-бæх ма байраг куы уыди, уæд æй йæ фыды рæгъауæй куыд равзæрста, куыд буц æй дардта, куыд æй хъæхъхъæдта, куыд хъомыл кодта йæ иузæрдыг лымæны, уый. Рауади дзы æмбисонды бæх. Лыстæгкъах, сау-сауид — ничи йæ æййæфта дугъы. Хатажукмæ йе знæгтæ дæр хæлæг кодтой. Æмæ Хуыцау йæ зонæг, сахъ барджыты æхсæн кæй кад нæрыди тынгдæр — Хатажукы æви йæ рæсугъд бæхы.
Иухатт Хатажукы æрбацæйæййæфтой джауыртæ. Æхсарджын лæппу загъта, ныр мæ мæлæт æрцыди, зæгъгæ... Уалынмæ дын æнæбын адаг куы февзæрид йæ цуры, æмæ дын уый сæрты фатау куы атæхид йæ иузæрдион лымæн... Хатажук фæстæмæ фæкаст æмæ ауыдта, йе знæгтæ æд бæхтæ æрхы бынмæ куыд ызгъæлынц, уый... Амондджын уыди Хатажук... Йæ иузæрдион æмбал æй тохы быдырæй бирæ хæттыты рахаста сæрæгасæй... Тызмæг хæстонæн йæ цард, йæ хуыздæр мысинæгтæ иууылдæр баст уыдысты йæ бæхимæ... Æмæ йæ ныр хъуамæ ныууадза... А-дунейыл ын æндæр куы ницыуал баззад... Йæ маст рафыхти Хатажукæн, бæхы бæрзæйыл ныттыхст æмæ æмыр хъæлæсæй ныккуыдта...
Уыцы райсом Хатажук раджы сыстади. Бирæ фæсыгъдæг кодта æмæ фехсадта йæ бæхы. Куы бахус, уæд ыл сæвæрдта саргъ. Йæ уæлæ скодта йæ хуыздæр цухъхъа, æнгом æрбалвæста йæ рон, йе уæхскыл та æрцауыгъта йæ фыдыфыды сызгъæринæфтыд хъримаг...
Даргъ æрдæгсакъадах цуркау афаста Сау денджызы уылæнтæ. Сакъадахæн йæ иу тигъырдыгæй уыди черкесты асадæн бынат, иннæрдыгæй та — уырысы æфсæдты стонуат. Дыууæты æхсæн дæргъæй-дæргъмæ йæхи айвæзта цъæх нæудзар фæз. Уыцы фæзмæ йе 'фсургъыл фæзынди Хатажук, хæстифтонг-хæрзарæзтæй. Уайтагъд ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Хатажук йæ бæхы цыппæрвадæй ауагъта, хъуынджын агъудæй фелвæста йæ хъримаг æмæ дзы ныггæрах ласта. Арвыл абадти цъæх фæздæджы къуыбылой. Адæм сæ цатыртæй ракалдысты. Хатажук тæлтæг кодта йæ бæхы... Дзыхъхъурæд-иу æй фæкодта йæ тæккæ дугъы уайгæйæ æмæ-иу æй йæ фæстæгтыл слæууын кодта, стæй-иу йе 'хсаргардæй алырдæм æвзидгæйæ, цæстылуайгæ знагмæ лæбурæгау, абырста размæ. Йæ уæлдзарм худ-иу сæппæрста æмæ-иу æй фæстæмæ рацахста, стæй-иу æй зæхмæ æрæппæрста æмæ та-иу æй уырдыгæй дæр фæстæмæ фелвæста. Бæхæн-иу куы йæ иу фарсыл февзæрди, куы — йæ иннæ фарсыл. Уайгæ-уайын ифтыгъта хъримаг, гæрах кодта размæ, фæстæмæ, иуварсмæ. Сахъ хæстон æмæ дæсны бæхылхъазæг Хатажук æппæт адæмы дæр стыр дисы бафтыдта йæ сæрæндзинадæй. Уæвгæ, зын равзарæн уыди, сæ дыууæйæ арæхстджындæр кæцы разынди — бæх æви барæг.
Уый фæстæ Хатажук йе знæгты цурмæ бацыд. Салам радта æмæ йæхирдыгонау цыдæр загъта. Ратæлмац æй кодтой. Йæ бæхы ауæй кæнынмæ хъавыд. Аргъ кæмæн нæй, ахæм бæх у, зæгъгæ, загъта... Æнæуи никуы сразы уыдаид йæ ауæй кæныныл, уымæн æмæ ахæм бæх уæй нæ фæкæнынц... Фæлæ цы чындæуа, йемæ йын æй нæ уадзынц...
Адæмæн сæ худындзæг фæкъæртт... Чидæр ын лæвæрдта æвзист сом. Сахъ барæджы хъустæ ссыгъдысты адæмы æнæуаг кæл-кæлæй, æмæ рафыхт йæ маст — ахæм æфхæрды аккаг нæ уыди Хатажук. Цыма йæ царды рæсугъддæр æмæ бæллиццагдæрæй цы уыди, ууыл ын худæгæй сæхи хастой, афтæ йæм касти. Худæгæй йыл мæлынц, сæрыстыр барæг та гобийы лæуд хъуамæ кæна сæ цуры. Хатажук æнæдзургæйæ иуварсмæ рацыд. Йæ сæрыл схæцыд æмæ, æрдæгсакъадахы кæройнаг был, арв æмæ денджызы уылæнтæ кæм баиу сты, уыцырдæм ныккасти... Цæй æгæрон у денджызы цъæх быдыр! Йæ уæраджы гæзæмæ фезмæлдæй Хатажук фæцагайдта йæ бæх. Сабыргай æрдæгсакъадахы кæройнаг былгæронмæ араст и. Былмæ куы баввахс, уæд æвиппайды февзыста ехсæй. Æфсургъ æрдынау æртасыд, йæхи фатау фехста денджызы уылæнтæм æмæ аленк кодта... аленк кодта йæ барæгимæ, урсбарц уылæнтæ æлдариуæг кæм кодтой, уыцы сæрибар дунемæ.
Дард кæмдæр ма хуры зæрин тын ферттывта бæхæн йæ барцыл æмæ уыйадыл ахуыссыд... мыггагмæ...

Мамыкъаты Хъазыбеджы тæлмацтæ

 

// Мах дуг.– 2001.– № 2.


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов Кавказа
      Абхазская
      Армянская
      Балкарская
      Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.