* * *
Хæхтæ сæ фæтæн уæхсчытыл
арвы цъæх систой бæрзонд.
Айнæгæн йе ’хсон цыргъытыл
кафы сæумæйы хур, сонт.
Ме ’взонджы рухс дуг æртæхау
тайы, æхсын дзы мæхи,
уый мын — Антейæн йæ зæххау
фарнхæссæг: ног тых мæм и.
Уалдзæг. æрбацъæхтæ хуссар.
Ме ’фсургъ, æдæрсгæ та цом.
Зонын, рæдауæй мын кулдуар
бакæндзæн ме стъалы сом.
* * *
Ысхæц дæ цæстыхаутыл цъус,
ысхæц хæрз гæзæмæ æрмæст,
уынон дæ цæстытæн сæ рухс,
Æмæ дзы байдзаг уа мæ цæст...
Кæсин дæм афтæ æз æнус.
Дæ хурæй м’ амонд у нывæст.
Ысхæц дæ цæстыхаутыл цъус,
Æмæ дæ байдзаг уа мæ цæст.
* * *
И улетает птицею зима.
Паруйр Севак
Уый зымæг нæ атахти — атахтæн æз:
хæтæгхуаг зырнæгыл йæ фæндаг ныддаргъ.
Æхсон рындзыл бандзыг æргъæвстæй мæ къæс,
цъæх уæлвæзыл баззади ме ’фсургъ æд саргъ.
Сæууон мигъы скъуыдæй-иу ирд хур куы ’ркаст,
йæ тынты æхсæрдзæн-иу зæхмæ куы ’ркалд, —
уыд уыцы уысм диссаг, уыдтон дзы дæ уарзт,
Æфсæрмдзаст, фæлмæн худт, æнæзæгъгæ ард.
Тæмæссаджы исдуг кæм аззади ныр.
Севак, о, дæ фæндыр æнусмæ ныммыр.
Севаны уылæнау дæ базыр æрхауд —
фæцис Айастанæн йæ хъæбул æдзард.
Уый зымæг нæ атахти — атахтæн æз...
О уалдзæг, дæ тавс мын мæ бæстæм фæхæсс.
ФАТАОНТЫ Уариганы тæлмацтæ
Мах дуг.– 2008.– № 4.