Владимир ПРИХОДЬКО
Владимир ПРИХОДЬКОЙӔ
ДОНЫХЪАЗТӔ
Доныхъазтӕ тахтысты
Хуссармӕ цӕгатӕй.
Згъӕлдысты сӕ пакъуытӕ,
Хорз уыдтон уый уатӕй.
Рудзынгмӕ цы лӕбурдта,
Пакъуытӕ цы хуыдтон,
Урс миты гӕлӕбутӕ
Разындысты уыдон.
КАСТИ ХУР...
Хур цъӕх арвӕй худгӕ каст,
Фӕлӕ рауарыд ӕваст.
Фӕндаггон лӕг фестад дон,
Нал уыди цӕуын йӕ бон.
Кӕрты бӕрӕгастӕу тута Хъазы лӕппынау ныккука.
Уынджы ус фӕцӕйцыд тагъд,
Кодта рӕстӕгимӕ загъд:
— Кӕд нӕ рӕдийын ӕз, уӕд,—
Загъта,— ралӕууыд хъаймӕт!
Постхӕссӕг ныххуылыдз тынг,
Сдзырдта: «Арв кӕмдӕр фӕхуынкъ!»
Куыдз ныддонласт и хӕцъилау,
Фырмӕстӕй ныззылди цъилау.
Баргъӕвстысты карчы цъиутӕ,
Дарынц размӕ къуыпп сӕ риутӕ.
Уарын ма кӕм зоны бӕрц!
Нал фӕразы фыс йӕ кӕрц.
Баруад кауы рӕбын сӕгъ,
Фестад кул йӕ быны зӕхх.
Цицыр сдыууӕрдӕм и кӕрты,
Атахт сырддонцъиу йӕ сӕрты.
Систа скъоладзау Бечыр та
Худынтӕ ӕмӕ чыр чыртӕ.
Къӕвда кӕд къӕртайау калы,
Балӕгӕрста уӕддӕр малы.
Фенцад уалынмӕ ӕваст
Уарын, хур та ног ныккаст:
Макӕйы бацӕуа уазал,
Дуне та фыццагау хъаза.
БӔЛЛӔХ
Федя нӕу йӕ чем, йӕ уагыл.
Циу, цы йыл ӕрцыди уагӕр?
Машинӕтӕм кӕсгӕ цыд
Ӕмӕ сӕры тъӕпп фӕцыд Телыхъӕдыл.
Уайтагъд ных Акъуызыр, фӕзылын дзых.
— Ды, ӕвӕццӕгӕн, нӕ федтай
Телыхъӕд дӕ размӕ, Федя?
— Федтон, — нӕу мӕ ныхас мӕнг, —
Фӕлӕ уый нӕ федта мӕн!
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- 383 ф.
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].