Булæмæргъ, иунæгæй зарыс
О денджыз, денджыз... Фыны æмæ хъалæй
мæ цæстыл уайы — урс фæрдгуытæ згъалы.
Цæмæн мæ сластай сахармæ,
мæ фыд?
Мæ зæрдæйæ налхъуыт-хæзна
фæхъуыд.
Зæлдаг уылæн æрбахъуызы мæ удмæ,
фæлæбуры йæм, аскъæфы йæ фурдмæ.
Цæмæн мæ сластай сахармæ,
мæ фыд?
Мæ зæрдæйæ налхъуыт-хæзна
фæхъуыд.
Федерико!
Пилары уынджы удрыстæй цæуын.
Дæ хæдзар ам и. Хинымæр зæгъын:
цæй, бахойон. Фæлæ мæ зæрдæ риуы
Æрæмбары йæхи æмæ нынниуы.
Федерико!
Ды афтæ дæсны, афтæ аив худтæ, —
ныррухс-иу бæстæ, скасти мыл-иу хуртæ.
Ды-иу ыссардтай ахæм дзырдтæ, ахæм, —
нæ уыди уыдон никæй бон ыссарын.
Дæ хæдзар мæнæ. О, фæлæ дæхæдæг...
Мæ зæрдæ скатай, мары мæ æрхæндæг.
Федерико!
Рæхджы дæ хохы агурдзыстæм, зон æй,
Æз æмæ дымгæ, фехъус-иу нæ хъæр.
Зындзæни нæм дæ худгæ цæсгом донæй,
дæ хъæлæс та — оливæты сæр-сæр.
Федерико!
Æдзæттæ
Монолог
Бæргæ дзырдтон: цæттæ нæма сты адæм,
Æнахуыргонд, æнæфенд ысты, талынг!
О, адæм, адæм... Амонд сыл нæ хæцы —
сæмпæрчъитæ, æнæчетар, хуырым!
Цæттæ нæма сты, иу дзырдæй, нæма сты.
Кæс-ма: æвæры сисамайæг дуртæ.
Æндæр цы зоны? Скъолайы нæ бакаст.
Цæттæ нæма у, иу дзырдæй, нæма у.
Æниу-ма акæс быдырмæ: хуымгæнæг
фæлдахы зæхх, ныггуыбыр и, ныкъкъæдз
йæ гутонау, нæ уыны никæй, ницы.
Цæттæ нæма у, иу дзырдæй, нæма у.
Кæс ноджы, кæс: у ацы лæг хъæддæсны,
нæзы фæйнæгыл ауадзы лæгъзгæнæн.
Йæ зонд та — згæ, хъуыдыйы мур дзы нæй.
Æниу-ма бацу заводмæ дæр, цехмæ.
Уым чи фæкусы? Сау адæм, къуымыхтæ,
Æнахуыргонд, æнæфенд æмæ талынг.
Цæттæ нæма сты, иу дзырдæй, нæма сты.
О ме сфæлдисæг, байдзаг и мæ бæстæ
гуымыдзатæй — цæуынц куырмæджы дзугау.
Бæргæ сæ уаид сифтонггæнæн зондæй,
кæниккой ахуыр, бамбариккой исты,
фæлæ нæма сты уыдæттæм цæттæ...
Цæуылты тыхсут? Чи 'рбацæудзæн ардæм?
Æнæфенд адæм? Ма риссæнт уæ сæртæ!
Кæнут фынæй æдыхст æмæ æдасæй:
цæттæ нæма сты, бамбарут, нæма сты.
Нæ сын фаг кæны... Зонут æй уæхæдæг...
Ай-гъай, дзырдтон уын... О, фæлæ... Кæсут-ма,
Æрбацæуынц. Кæдæм, цымæ? Бæллæх!
Цæй бирæ сты? Мæгуыр сæ бон... Сæ азар,
сæ бæллæх иу у... Ацæуин сæ размæ?..
О, зонынц мæ, кæнынц мын аргъ, ай-гъай...
Гъей хорз адæм! æрбаввахс ысты уæртæ...
Æрбафсæрынц... æфсымæртæ! æмбæлттæ!
Æввахс, æввахс... æз сæ тæрсын? Цы загътай?
Æппындæр нæ... Цæмæй сæ тæрсон хъуамæ?
Цы, дам? æз ризын? Ма сæ байрай!.. Ризгæ?
Æмризæджы?.. æрлæуут, зæгъын! Ма кæн!
Кæдæм бырсут! Фæстæмæ! Тагъд фæстæмæ!
Фæдис! Фæдис!.. Цæттæ нæма дæн æз.
Фæлæ йæ зонут, ахуыргонд дæн... Оххай!..
О ме Скæнæг! Мæ адзал æрцыд, ау!
Цæттæ нæ уыдтæн. О, цæттæ нæ уыдтæн.
Боцъо
(Скъуыддзаг)
Мæхи уал фесты ме 'ртиссæдзы.(Кад мын!)
Сæ арæнæй дæр ахызтæн.(Хæрзæхсæв!)
Мæхи нæ дасын.(Хъуамæ уон Гюгойау!)
— Мæ ахуыргæнæг, цæй куыд дæ, цы дæ?
— æз? Саг-сæгуыт! Ды дæр мæнау куы уаис!
— Хъыгдары ма дæ де 'ндыснæг?
— Нынтъыснæг!
Ыскæсын дæр æй нал уадзын... Нæ хъазыс?
— Ау, уый та куыд? Мæ буц хистæрæй хъазгæ?
Сæкæр ма ис дæ доныхуыппы?
— Уæууа!
Цæуылты дзурыс? Ног зарæг ныффыстон.
Æрбайхъус-ма, дæ зæрдæмæ фæцæудзæн.
— Ныббар, фæлæ æнæвдæлон дæн абон.
Мæ ахуыргæнæг, къахæй та куыд дæ?
— Емылыккау, Хуыцауыстæн, — уæрагджын!
Хынджылæг ма кæ...
— Бахизæд Хуыцау.
Мæ буц хистæр, цытæ кусыс ныртæккæ?
— Цытæ, зæгъыс? Фæфыссын мадригалтæ
бæстырæсугъдтыл, хонын сæ фыццагау
мæ уд, мæ дзæцц. О, цард сын фестон, уастæн.
— Дæ кар дæр гъæйттæй амоны.
— Нæ хъазыс?
Дæн уæнгвидар. æрбадæтт-ма мæм бандон:
Æллæх!
— Цы кæныс?
— Астæуниз мæ мары.
Латинагау люмбаго хуыйны. Зоныс
латинагау? æрбадæтт-ма мæм бандон.
Нырма мызыхъхъ дæн. Бандон ма æри.
— Табуафси. Цы дæ риссы, мæ хистæр?
— Нæ, ницы, ницы... Ме 'нæрайы боцъо,
Æлгъыст фæуинаг. Нал дзы у мæ бон.
Æгæр уæззау у. Зæхмæ мæ æлвасы.
Æрбайхъус-ма. Лæвар дын æй кæнын.
Æцæг зæгъын. Ысфидауа дыл хъуамæ.
Æртиссæдзмæ ма бирæ хъæуы дæу.
Æфсæрмы ма кæ, ма, мæ къона, айс æй.
Фæрнæй йæ дар.
* * *
Булæмæргъ, иунæгæй зарыс,
нæй дын мæнузæгъæг, хион,
зарыс æнкъардæй, нæ арыс
удæнцой иу æхсæв, иу бон,
зарыс, тæригъæдæй марыс.
Хъусын сæумæйæ дæ зæлтæ,
хъусын дæ зарын.
Скатай мæ риуы мæ зæрдæ.
Оххай, дæ бадæн нæ арын,
дард дæ, хæстæг дæ, нæ хатын.
Равдис дæхи.
Хъусын изæр дæр, æхсæв дæр,
хъусын дæ кæуын, дæ марой.
Мары мæ, мары
уыцы ныфссæттæн, уынгæг хъæр.
Цæй-ма, цы ран дæ, æнкъард цъиу,
равдис дæ бæлас, дæ къалиу.
Радзур, цы маст и дæ риуы,
радзур, дæ бафхæрæг чи у?
Ирон æвзагмæ сæ раивта Хъодзаты æхсар.
// Мах дуг.– 2002.– № 6.