Гитарæ
...Æмæ райдыдта
Хъарæг гитарæ,
Кæс, нызгъæлæн и
Бонæн йæ урс кæхц.
æмæ райдыдта
Хъарæг гитарæ,
Уый нæ бамыр уыдзæни
Никæд!
Уый æнæнцой
Кæуы гитарæ,
Дон йæ цæуæнтыл куыд кæуа, афтæ,
Дымгæ митрагъыл куыд кæуа, афтæ,
æмæ ма дом,
Нæ бамыр уыдзæни!
Афтæ рухс мæй фæкæуы хурыл,
Афтæ ниуы тæхгæ фат дзæгъæлæй,
Афтæ судзгæ ызмис фæкæуы
Сырхмæтæджы ризгæ сыфтыл.
Афтæ цардæй фæкæны хицæн
Урс, рæсугъд бæлон
Сау калмы маргæй...
О, гитарæ,
Сæ цагъар дæ абон
Фондз кæлæйнаг хъамайæн.
Ис ахæм зæрдæтæ
Ис ахæм зæрдæтæ, цы ран
Сты æмбæхст
Цъæх-цъæхид ыстъалытæ
Æмæ рæстæджы сыфтæртæ:
Ис ахæм зæрдæтæ, цы ран
æмбæхсынц
Сæ рагбоны аууæттæ, —
Сæ ивгъуыды хъизæмар
æмæ фыдфынтæ.
Ис æндæр удтæ, уыдоны
Æндæр монц, æндæр марг
Цæры,
Сау-сауид уаллонау,
Æмæ фыд-заманы
Ныййазæлы уым
Сæ судзгæ хъæрахст.
Нæ хъуыды кæнынц
Сæ хъæрзынтæ
Æмæ сæ пъатыл.
Мæ уды зæронд та
Уый рагæй дæр зоны,
Кæй сæтты ныфсы рухс
Цыдæр сусæг зæххыл.
Æвзонгады дуртæ
Фыдтæй ихсыд фесты,
Мæ хъуыдыты коммæ
Нызгъæлынц сæхæдæг
«Ды дард дæ Хуыцауæй» —
Фæзæгъы сæ алчи.
Хаджеты Таймуразы тæлмацтæ
// Мах дуг.– 2001.– №9.