* * *
Сæнтсау фæздæг. Абхазы бæстæ судзы.
Ныхъуыры хуымтæ, дзаг дыргъдæттæ арт.
Æмбухы хæст, æнæвгъауæй рæмудзы,
Кæрды, хæры, йæ амæддаг та — цард.
æвирхъау хæст — рæстдзинад æмæ бартыл,
æвзары ныл налат ызнаг йæ тых.
Хъаймæт æрцыдис. Адæмы туг дардыл
Кæлы, æнхъæвзы. Сау денджыз ыссырх.
Бырсы фыдгул, цæмæй йын уæм цагъартæ,
Цæмæй нын уый та басгуыха æлдар.
Нæ уыдзæни, сайтаны цот, цъаммартæ,
Фæкæсут-иу, уæ сæр кæндзæни сар!
Нæ саггуырдтæ — æндонуæраг, сæ ныфсæн
Нæй басæттæн, сты удвидар, цæрддых.
Рæхджы фыдгул нæ къæхты бын æрхуысдзæн,
Нæ арцы цæфтæй асæтдзæн йæ ных.
Фыдæй-фыртмæ дæр — маргæйдзаг йæ фæндтæ.
Ыссæндæд уал йæ цырыхъхъæй нæ зæхх.
Фæлæ вæййы цырыхъхъытæн зæвæттæ —
Уый басудздзæн абхазаджы фыдæх.
Кæд тарст абхаз бæсты сæрвæлтау тохы?
Рæстдзæвин уыд, кæрдаг уыдис йæ кард.
Уæлахизы бон раивдзæн фыдохы,
Йæ цæссыгтæ ныссæрфдзæни нæ мад.
æртухæм, цæй, кæрæдзиуыл нæ цæнгтæ,
æхсонкъул мæсыг басгуыхæм, гæнах!
Нæ фыдæхы зæй аласæд ызнæгты!
Рæстдзинад мах у! У сæрибар мах!
ФАТАОНТЫ Уариганы тæлмац
Мах дуг.– 2008.– № 4.