Жан-Франсуа ГИШАР
Жан-Франсуа ГИШАРӔЙ
Французская классическая эпиграмма
Йӕ рӕсугъд усы абарста поэт
Венерӕимӕ, фӕлӕ диссаг, йед...
Венерӕ-зӕдмӕ уыцы мадригал
Фӕкасти эпиграммӕйы хӕдхал.
* * *
Чъынды Гюстав ӕрбацӕйцыди куывдӕй,
Фӕлӕ нӕ баззад тар ӕхсӕв ӕвыдӕй —
Ӕрхӕцыди йыл давӕг ӕмӕ дзуры:
«Дӕ цард кӕнӕ дӕ чыссӕ тагъд мӕ цуры Ӕрӕвӕр!» —
«Кӕд ӕндӕр гӕнӕн нӕй, уӕд
Мӕ чыссӕ уадз, мӕ цард та дӕу фӕуӕд».
ФЫССӔГГОНДӔН
Хъуыдытӕ ис дӕ фысты,
Дӕ фыстытӕ рӕвдз ысты,
Фӕлӕ сты хъуаг, зӕгъон цӕмӕй? —
Сӕ иуӕн дӕр дзы базьгр нӕй.
ЭПИКУР МӔЛӔТЫ ТЫХХӔЙ
Адзалы кой мӕ хъуыдыйы дӕр нӕй,
Нымады дӕр мӕм никуы у мӕлӕт:
Ӕгасӕй уый ӕмбӕхсы арф мӕнӕй,
Куы фӕзына, ӕз нал уыдзынӕн уӕд.
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- Ф. 279–280
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].