Владимир Мокаев является народным мастером России, заслуженным деятелем культуры КБР, лауреатом Второй артиады России, членом Союза писателей России, главным хранителем музея ИЗО им. А. Л. Ткаченко, мастером-художником по дереву, автором пяти прозаических и поэтических книг.
1.
Бонты цыбыр - ӕхсӕвты даргъдӕр,
'Нӕ фынӕйӕ - фӕдис фынтӕ.
Рӕстӕг дурӕй дӕр бӕлӕгъ ыскъахдзӕн.
Уӕд мӕ хъуырауы бон - фыддӕр.
Дуней' афтидӕн циу хъызт зымӕг? -
Уый дын бонгай хынцдзӕн дӕ цард.
Арвӕн афтӕ ныууӕрддзӕн йӕ
сыгъдӕг. 'Мӕ дзы рауайдзӕн ызмис-ыссад.
2.
Фӕлӕ, цалынмӕ хӕлой мӕ ныфсытӕ,
Амайдзынӕн сӕнтты галуан. Ӕз нӕ
дӕн ӕнцон ныссӕттӕн, Ӕз нӕ
ныууадздзынӕн мӕ калам.
Н' ахуысдзӕни мӕ размӕтырнӕг
рухс, Не 'рынцайдзӕн мӕ фӕндыры
цагъд. Ӕз мӕ даргъ фӕндаджы
ӕрдӕгыл Уӕлбыл не 'рбаддзынӕн
ӕнцад.
Ӕз мӕ къухты судзгӕ тӕппӕлттӕн
Хӕсагурӕг нӕ зилын, нӕ. Ӕмӕ-иу
мын, мӕ хорз ӕмбӕлттӕ, 'Нцон
цард макуы бӕттут мӕнӕн.
Нӕ, нӕ зыны дард мӕ цатыр, Стӕй
йын цъупп дӕр - сызгъӕрин нӕй.
Нӕ, мӕ уазджытӕ не сты цауддӕр -
Чи нӕ сафтид йӕ рухс сӕнттӕй.
Зонын - раст цы у, цӕст нӕ сайы,
Цардӕн фидӕнмӕ у йӕ сидт. Ӕмӕ
бонты даргъ курын Хуыцауӕй,
Кӕд мӕ галуан арӕзт фӕуид.
Г. С.
Гӕдытӕ цӕуынц ӕнӕсым, У сӕ
ӕрлӕуд дӕр ӕгъдауыл. Уый
ысбӕрӕг и - ӕмӕ сӕ Уаз лӕгтау
хъӕуы рӕвдауын.
Уарзынц сабыр хуыссын хъармы,
-Уыдоны ныр цу 'мӕ ма уарз!
Тахынӕг ын радтай хъуамӕ,
Д' арм ыл къудийы 'рдӕм ауадз.
Сӕры 'рдӕм - нӕ уарзы, ма кӕн.
Уӕд йӕ дзӕмбы сисы фарныл,
Уӕд цӕстхауд - дӕ ног цъындатӕ,
Уӕд дӕ хӕлафы къах - фарны.
Ахӕмтӕ йӕм нӕй
нымады, Ӕмӕ 'рсабыр у
ӕнцадгай. Кӕннод бур
гӕдыйы цардӕй Ды цӕрдзынӕ
де 'ннӕ царды.
'Мӕ йӕм не 'мбӕлы тыхмӕсты,
Уый бӕсты ӕм бахуд афтӕ -
Ма бафтау дӕхи йӕ цӕсты.
Уадз адджын хъуыр-хъуырыл бафта.
Ногахст кӕсаг ын -
тӕбӕгъы, 'Хсыр та - иу
къуырф хъусы мидӕг.
Хъисфӕндырыл ын куы
'рцӕгъдай, Гиса бирӕ уарзы
уый дӕр.
Йемӕ бафидау -
ӕхсызгон, У ӕхсызгон
удӕн пайда. Кӕд дӕ
уӕрджытӕм ысхиза,
Бауадз ӕй, ӕмӕ дзы
'рбада.
Рох дӕ ма уӕд, кӕд дӕ
гӕды Рамӕсты дӕумӕ,
уый хатыс. Уӕд нӕ
рамӕсты и уӕгъды,
Ӕмӕ дын нӕ уыдзӕн
хатыр.
Перевел с русского языка Сергей Хугаев
См.: Мах дуг.- 2019.- №11.- Ф. 45-48.