Светлана Мустафаевна Моттаева — член Союза писателей и Союза журналистов России, Международной федерации журналистов, отмечена государственными и ведомственными наградами СССР, РСФСР и КБР, почетным знаком «300-летия Российской прессы», ей присвоено почетное звание «Заслуженный работник культуры Кабардино-Балкарской республики». Автор книг: «Каждый день», «Тамга»(1983), «Полнолуние» (1986), «Сад камней» (1991), «Потухший очаг» (1994), «Черты» (1997), «Избранное: Стихи и поэмы» (1999), «Вершины чувств» (2003).
Горы
ХӔХТӔ
Ам былӕй акӕсӕн - сӕрзилӕн.
Ам мигъ ныуурс и - мӕнӕ мит.
Хъуына 'мӕ их - ӕрмӕст дзы зинӕн
Фӕлӕууӕн 'мӕ фӕцӕрӕн и.
Ам рухс пыхсы, ам азӕлд ниуы,
Ам рындзмӕ сирвӕзын у зын.
Ам зӕй ӕрцӕуы хӕхтӕй иуыл,
Ам иннӕ зӕйы бын хъӕрзы.
Ам диссагӕн хӕссинаг мӕргътӕ -
Улартӕ - 'нӕмӕтӕй цӕрынц.
Ам къӕдзӕхты ӕххӕл дыдӕгътӕ
Фӕлладыл хураууон кӕнынц.
Ам фӕндаг - рындзы фӕрсты зулмӕ,
Ӕмӕ йыл арӕхстгай лӕгӕрд.
Ам дуне афтӕ арӕзт у, 'мӕ
Ӕгӕр зын у, 'мӕ 'нцон у 'гӕр.
Ам никуы батади тӕригъд,
Тӕппуд дзы фондз хатты мӕлы.
Ам хӕхтӕн се 'нӕрцӕф, сӕ хивӕнд
Ӕфтауы 'нӕрцыд дис мӕныл.
Лӕууы дынтау - тызмӕг у ӕмӕ суццаг
-Ыстыр 'хсӕн,
Йӕ фӕтӕн ныхыл хуры тынтӕ ссудзы,
Йӕ хуылфы та - бӕстысӕфты лӕсӕн.
Уым митвӕллад къӕдзӕхтӕ ӕмӕ хъӕдтӕн
Тыфыл мӕргӕс сӕ сӕрты сабыр тахт.
Уӕлдӕр та хуры гом рудзгуыты дуӕрттӕй
Ӕвдадзы хос зӕххон дунемӕ тагъд.
Черек ивылди, хаста фынк йӕ сӕрыл,
Дунейы дӕр йӕ тыхмӕ тых нӕ уыд.
Йӕ былыл уым, йӕ уалдзӕджы къӕсӕрыл
Лӕууӕгау даргъ дзыккуджын чызг лӕууыд.
Фондз комы - мӕ фондз бӕллицы, -
Уыдон ӕз куыд нӕ мысон!
Нӕй мӕнӕн зынаргъдӕр ницы,
Уӕ, мӕхи Балхъарыстон.
Ам мӕ тызмӕг рагфыдӕлтӕн
'Нусты с' арт нӕ ахуыссыд.
Ам дымдта, цыма фыдӕнӕн
Хӕхтӕ-иу ӕй бахызтой.
Уыд замантӕ 'мӕ-иу хӕхтӕн
Калд сӕхи цӕстысыг дӕр -
Уым сӕ табуйаг гӕнахты
Згӕ фӕхстыл нындзыг ысты.
Ам Кязим йӕ сау куырдадзы
'Фсӕйнаг хоста кӕрдӕгӕн
Ӕмӕ зарыд - зарӕг ацы
Рагон хӕхты кадӕг уыд.
***
Ӕрдӕгконд ныв -
Фӕрсбӕлӕстӕ, фӕрсӕй-фӕрстӕм лӕугӕ,
Сӕхи хӕрдмӕ ивазынц.
У арв сыгъдӕг,
Лӕсӕн кӕны йӕ рухс,
Цӕй поэт у уый, чи нӕ уыд Кавказы,
Цӕй поэт у, уый чи нӕ мысы 'дзух?!
Ӕмӕ лӕууынц тӕрсбӕлӕстӕ
Ӕлвӕстзӕнг,
Кӕсынц уӕларвмӕ.
'Нустӕм кӕсынц кӕд?
Уо, нӕрӕмон рӕсугъд
Кавказы бӕстӕ,
Уо, хӕхты рад.
Сӕлӕф миты сыгъдӕг!
Тӕрсбӕлӕстӕ фӕцӕуынц
Къордӕй уартӕ,
Уым - се 'мбырдгӕнӕн
Зӕйцӕуӕны сӕр,
Цы 'нцон ӕмӕ цы зынцӕуӕн у ардӕм.
Йӕ цин ӕгӕр,
Йӕ сагъӕс дӕр ӕгӕр.
Перевел с русского Сергей Хугаев
См.: Мах дуг.- 2019.- № 11.- Ф. 49-50