logo

М О Я    О С Е Т И Я



Чкадуа Шота
абхазаг фыссæг (1932)

Мæ фыдыфыды буц уазджытæ
Радзырд

Фыдæлтæй нырмæ нæм баззад ахæм хорз æгъдау: рæстæгæй-рæстæгмæ бæрæг дар дæ хæстæджыты-хионты, хæлæртты, кæмфæнды куы цæрай, уæддæр. æмæ хæрзæрæджыты нæ кæрты æрфистæг сты дыууæ барæджы — дыууæ кадджын хистæры. Уый мæ фыдыфыдмæ саккаг кодтой уазджытæ — феной йæ, сæхи дæр æм равдисой, абоны цардыл фæдистæ кæной æмæ, хæхты фале нæ, фæлæ сæ уæхсчытæй цы азтæ æристой æмæ фæсте кæй фæуагътой, уыдон дæр æрымысой. Абхазаг лæг æцæг абхазаг нæу, кæд цыфæн­ды афон дæр — бон уа, æхсæв уа — уазæгæн нывыл æгасцуай зæгъынмæ нæ сарæхсдзæн, уæд. Мæ фыд та уæлдай æнувыддæр у уыцы фыдæлтыккон æгъдауыл. Хæдзар æвæстиатæй æмызмæлд сси: кæстæртæ афæдздзыд уæныг æрбаргæвс­той, уæдæ нæл гогызы сæр дæр йæ гуы­рæй фæхицæн... Фыд бадомдта, цæмæй æнæвнæлд сæны боцкъа дæр байгом кæной. Стæй, цæмæй уазджытæн сæ фынджыбадт хъæлдзæгдæрæй ацæуа, уый охыл æрбахуыдтой сыхæгты, фæдзырдтой фæсивæдмæ.
Зæрæдтæ фынджы сæргъы уыцы гъæйтт-мардзæ сæрыстырæй рабадтысты. Мæ фыдыфыд — астæуæй, йæ галиуырдыгæй тæнæггомау, чысыл уæнтæхъил Киагуа; рахиз фарсæй та кондджын æмæ уындджын, дзаг дзарм Едрыс. Йæ рахиз цæсты бынмæ йын йæ уадулыл цæхгæрмæ æрфæд кодта арф нос.
Уый мæн æмæ не ’мбæлтты стыр цымыдисы æфтыдта, фæлæ дзы Едрысы бафæрсæм, уымæ та нæ уæндыдыстæм. Фæлæ иууылдæр æмхуызон куы бахъæлдзæг сты, уæд æз мæхи фæкъæйных кодтон æмæ йæм æрхатыдтæн: — Дæ хорзæхæй, хатырæй фæуæд, фæлæ ма нын æй зæгъ, дæумæ чи йæ ныфс бахаста æмæ дын дæ цæсгомыл уыцы ауæдз чи ныууагъта?
Дыууæ хистæры кæрæдзимæ ахæм цæстæнгасæй бакастысты, æмæ йæ мах дæр фембæрстам, се ’хсæн кæддæр цавæрдæр сусæггæнинаг хабар кæй æрцыд, уый. æмæ куыддæр æвæтчиагау рауад мæ фарст.
Чысыл хъусæй куы абадтысты, рохстхуызæй, уæд мæм æрæджиау Киагуа раздæхт:
— О, сæрæнгуырд, — хиндзæф бахудгæйæ, райдыдта, — хорз цыдæр нæ къахы дæ фарст...
— Хуыздæр уаид, Киагуа, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый сын куы радзурис, уæд, — йе ’рдхорды амидин кæны Едрыс.
— Хуыздæр уыдзæн, дæхæдæг куы уай йæ дзурæг, уæд, — не сразы Киагуа.
— Гъемæ фæуæд афтæ дæр. Уадз æмæ йæ фæсивæд, кæстæртæ дæр зоной...
Едрыс йæ сырх куырæты хъуырæгънæджытæ рафтыдта, схуы­фæгау кодта, цыма зарæгамонæг уыд æмæ йæ зарæг бæрзонд сисын хъуыд, уыйау йæ бæрзæй араздух-баздух кодта, стæй сдзырдта:
— Хъуыддаг æрцыдис уартæ мин фарастсæдæ æхсæрдæсæм азы! Афтæ нæу, Киагуа?
— О, афтæ у...
— Кæд мæнæ абон æз æмæ Киагуа иу фынджы уæлхъус куывддзаутæ стæм, уæддæр ахæм рæстæджытæ дæр уыд, æмæ мах кæрæдзимæ туджджынты цæстæй кæд кастыстæм. О, о, æцæг дæр афтæ уыд! Къорд азты дæргъы схъиудтон, уæдæ мыл йæ судзгæ нæмыг кæд æмæ кæм сæмбæлдзæн, зæгъгæ. Ме ’намондæн мæ фыд цыдæр æгъдауæй, — куыд рауад, цы рауад се ’хсæн, уымæн æз тæрхонгæнæг нæ дæн, — йæ зæрдæхудты бацыд Киагуайы фыдæн, смæстджын æй кодта тынг. Фæлæ мæ фыдæй, цалынмæ ма æгас уыд, уæдмæ æфхæрд лæджы хионтæн сæ маст райсын нæ бантыст — æнæнхъæлæджы амард. Гъемæ уæд сæ топпы кæсæн мæнырдæм сарæзтой, сæ хъавд мæн скодтой. Цы мын хъæуы, уый та мын хъуамæ ме ’мгар Киагуа бакодтаид, мæнæ ныр уæ цуры чи бады, уый. Уæвгæ та æз, раст зæгъгæйæ, ницы азымджын уыдтæн, фæлæ уæды заман, уæхæдæг æй æмбарут, æгъдау куыд карз домдта...
О, гъемæ дын, бæлвырдæй мæ зæрдыл нал лæууы, цæй фæдыл, уый, фæлæ Кæфты мæйы дзыллæтæ Арадуйы хъæумæ сходмæ æрæмбырд сты. æфсарм æмæ зондæй хайджын знæгтæ-иу бæрæгбæтты, æмбырдты æмæ зианты сæ кæрæдзимæ нæ лæбурд­той. Фидаугæ-иу нæ бакодтой, фæлæ сæ аламыс — фыдæлты намысы æгъдау — рох нæ уыд. Киагуа мын рагацау фехъусын кодта, зæгъгæ, дам, адæмы æмбырдмæ цæуинаг нæу, æмæ мын бар ис уырдæм æдасæй фæзынынæн. Мæхи бæрæгбонарæзт скодтон, мæ тæлтæг дугъоныл саргъ бавæрдтон æмæ уыцы сходы тæргæ бæхæй балæууыдтæн.
...Адæмыл цæст не ’ххæсы. Сагсур лæппутæ сæ бæхтыл æнæрхъæцæй кафынц, дугътæ кæд райдайдзысты, уымæ ’нхъæлмæ кæсгæйæ. Уæлдай сæрбæрзонддæрæй сæхи дардтой кънийæзтæ æмæ уæздæтты лæппынтæ. æз дæр фæсивæдмæ мæхи байстон.
— Огъо! Ды дæр дзы цыма цæрæг хæдзары кæртæй рахызтæ, — былысчъилæй бакодта схъæл лæппутæй иу.
— Рæстæй цæрæджы кæрт дæр æнæ дуар нæу! — дзуапп ын радтон.
— Ис, уæдæ нæй кæртыдуар дæр гæвзыкк хæдзарæн, фæлæ дзы барæгæн уæлбæхæй рацæуæн нæй — æрмæст дзы æнæхæлæфтæ фистæгæй дыууæрдæм кæнынц.
— Раст зæгъыс: зæхкусæджы кæртыдуар нарæг æмæ ныллæг у, фæлæ уый хыгъд йæ уд та, кæйдæрты удау, къуындæг нæу лæджы бынатæн!
— Кæс-ма ацы гом фæстагмæ! — рафыхт ламаста*  æмæ мын мæ бæхы сæр ехсæй æрдаудта.
Мæнæн мæ цæстытæ атартæ сты: цы сæ уæлдай ис — фæнды мын мæхиуыл æрцу, фæнды мæ дугъоныл. æз бар-æнæбары мæ дамбацайыл æрхæцыдтæн.
— Нæ туг нын фаг нæма банызтай! Афæдз нæм иу хатт сход вæййы, æмæ нæ ам дæр æнцад ма уадзут! — фæтъæлланг ыл ластон æз.
— Куыд уæндыс ды, цыдæр кæвдæсард, уæздæттыл дæ сæт калын? — уый дæр æгъдæнцæйттыл уырдыг алæууыд æмæ йæ ливоры уæлæ йæ къух æрæвæрдта.
— Куыд æй уыныс, афтæ уæндын! Кæд ды та дæхицæй дæ ныфс хæссыс, дæхи лæг хоныс, уæд ма уæртæ хъæдбынмæ бауайæм. æрфистæг уыдзыстæм, нæ хотыхтæ иуварс æрæвæрдзыстæм æмæ бафæлварæм нæ хъарутæ. Ливор та тыхæвзарæн нæу — мæнгвæдæгыл æрбахæцын сабийы бон дæр бауыдзæн. Лæг та йæ уæнгдыхæй домбай вæййы! — бандзæрстон ыл æз.
Гъемæ куыддæр уыдæттæ зæгъын сфæрæзтон, афтæ мыл йæ ехсы хафт сæмбæлди.
— Ай та дын уæдæ уæнгдых! — фæхъæр ласта æмæ уæртæ йе ’мбæлтты къордырдæм фескъæры.
æз адугъ кодтон йæ фæдыл. Мæ бæх цыппæрвадæй ауагътон — арт уыд, арт! — æмæ мæнæ ме ’фхæрæджы йæ къубалæй ацахстон. æмæ ма афтæмæй иу цасдæр тæхæм фæрсæй-фæрстæм, стæй йæ саргъæй æристон, асхуыстон æй ома. Йæ бæх феррадзæф, ахæм дугъ радта, ахæм æмæ йæ фат дæр нал баййæфтид. Ныр йæ барæджы зæххыл хæрхæргæнгæ скъæфы. æз дæр цæхгæрмæ ныццавтон, нæзыкъохы фæмидæг дæн.
Бæстæ аралло сси. Кæй мæ нал баййафдзысты, уый куы бамбæрстой фæдисæттæ, уæд мæ фæсте æхсын райдыдтой. Нæм­гуытæ мæ алывæрсты къуыззитт кодтой. Уалынджы дын кæсын, æмæ мæ бæхæн йæ раззаг къæхтæ дыдæгътæ кæнын райдыдтой. Нæмыджы уыцы чысыл афæстиат йеддæмæ нæ хъуыд — мæ тæккæ русыл сæмбæлд. Туг мæ хурхыл æрлæсæн кодта. Мæ рахиз цæст арæсыд уадидæгæн, ницуал дзы уынын, галиу та йæ цæссыг нал уромы.
Бæх уæддæр хæрдмæ тындзы сæрсæфæны дурджын былгæрæтты. Хæрд æмдзæхгæрæй æмдзæхгæрдæр кæны. Мæ амонд уыд, æмæ фæдисæттæ уый æнхъæл нæ уыдысты, æмæ æз ацы тæссаг фæндаг кæй равзардзынæн. æрмæст мæ цин бирæ нæ ахаста — мæ ирвæзынгæнæг æрфæлдæхт, хорз, æмæ ма мын бантыст мæ къæхтæ æгъдынцæйттæй фелвасын...
Кæйдæр санчъехты уынæр мæ хъустыл ауад. Мæ дамбаца сласын афæлвæрдтон.
— А-а, уый ды куы дæ, афырхацæ*  Едрыс, — сдзырдта чидæр худæнбылæй, куыддæр мæстæймарæгау. — Фæлæ ам фæнда­джы бæстастæу цы ныддæргъ дæ?
— Уый кæцы дæ, кæцы — дæхи ма мын раргом кæн...
— А бæстаг дæн. Чи дæ фæцæф кодта?
— Кънийæзтæ æмæ таубытæ мæ фæдыл бафтыдысты. Кæд мæхиау раст лæг дæ, хи фæллойæ цæрæг, уæд мæ уыдонæн скъуыхтæ кæнын ма бауадз. Науæд та кæд дæхæдæг дæр уыдонæй дæ — уæд та дзæгъæлы у дæ фæстиат...
Уыцы ныхæстæ ма хъуыды кæнын,  стæй, хъоргъы цыма аирвæзтæн, уыйау кæмдæр фестадтæн — мæ цæстытыл ахæм ныв уайы: хохæй уырдыджы æрцæуын, æмæ мæнæ хæрхæмбæлд фæдæн Киагуаимæ.
— Лæгæй-лæгмæ демæ куы фембæликкам, уымæ æз рагæй куы бæллыдтæн, — мæстæлгъæдæй худгæйæ загъта Киагуа æмæ хæцæнгарзагур йæ фарсмæ авнæлдта. æз дæр мæ дамбаца фелвæстон, фæлæ мын дзы иу гилдз дæр нæ разынд: схъæлойтимæ хæсты мын фесты гæрахгонд.
— Мæн дæр уый куы фæндыд, æмæ дыл уыцы уавæры куы бамбæлин. Кæд дæм зды æмæ топпыхос нæй, уæд дæ æз сахуыр кæндзынæн, куыд сæ ис самалгæнæн, ууыл. Топпыхос уæлдæфæй райс, æрæмбырд æй кæн, зды та дæ тæрныхы скъах! — загъта Киагуа æмæ мæ ’рбахста.
— æллæх, Киагуа, куыд хиндзыдæй мæ бабын кодтай! — мæ тых-мæ бонæй ныхъхъæр ластон æз æмæ... æрчъицыдтæн.
— Киагуа дын, фæлæуу, нырма дæхионтæ дæхирдыгæй фæкæндзæн! Тагъд ма кæн, — хъуысы мæм кæйдæр хъæлæс. Мæ цæстыты уæлтъыфалтæ тыхамæлттæй байгом кодтон, фæлæ, кæм дæн, уый раиртасын мæ бон нæма у. Сойын цырагъ сыгъд, æз уæйлаг нымæтыл хуыссын. Кæйдæр æндæрг сдыууæрдæм мæ цурты.
— Кæм дæн, кæ?
— Лæгæты.
— æмæ ды кæцытæй уыдзынæ?
— Хиуæттæй, — дзуапп мын дæтты хъæлæс.
— Фæлæ уæддæр чи дæ — фæбæлвырддæр ма йæ кæн.
— Цы дыл ахæмæй æрцыд уагæр, Едрыс, а фæстаг рæстæджы де знæгты дæр куынал базоныс?
Дыууæ къухæй мæ сæр нылхъывтон.
— Ма лæбур дæ сæрмæ! Цæф дын у... — хъусын Киагуайы хъæлæс.
— Киагуа, уый ды дæ?
— æз, уæдæ чи? Нæма дæ уырны?
Чысыл куы фæхъус стæм, уæд æз сдзырдтон:
— Лæгау лæгæй куыд курай, уыцы хуызы дæм хатын иу хъуыддаджы тыххæй...
— Хъусын дæм, зæгъ æй...
— Хотыхджын дæ?
— Зæгъæм, дæн, о...
— Уæдæ мæ... Фæлтау мыл мæ тугагуры нæмыг сæмбæлæд, уæздæттæ мæ сæргъæвой, уый бæсты.
— Байхъус-ма, Едрыс, йæ мастисыны фæндагыл чи фæраст вæййы, уый мардмæ йæ хæцæнгарз нæ сисы; знагæн удæгасæй байсынц йæ цард, мардæй нæ фæлæ! æмæ ды дæр уæдæ ма тагъд кæн. Мæн дæр никæдæм тындзын хъæуы. Ме ’рвадæлты раз та æз мæ хæс сæххæст кæндзынæн.
— Уый мæ уырны... Фæлæ мæ уæддæр æмæ уæддæр цæй охыл фервæзын кодтай?
— Кънийæзтæ æмæ уæздæттæ махæн æмхуызон æнæуынон знæгтæ сты. æмæ сын æз уыцы хуызы хорзы нæ бацæудзынæн, æмæ мын дæ мардыл цин кæной. æз дæ дæ къæхтыл дзæбæхæй слæууын кæндзынæн. æмæ та ды уыдоны фыддæрадæн сбарæг уыдзынæ. Куы бахъæуа, уæд ма сæ дæ маст дæр райсдзынæ. Фæлæ дæ зæрдыл дар: куы фæсæрæн уай, уæд-иу мæ нæмыгæй дæхи хъахъхъæн! Никæдæм мын аирвæздзынæ. Ныр та уал, кæд дæ хъару амоны, уæд дæ цæфмæ ма ’внал — хосимæ дын æй бабастон, æмæ афынæй кæн. Дæ хъæрзын дæр уром, куыд вæййы — цы вæййы... æз та ацæуон æмæ исты акомдзаггæнинаг самал кæнон.

*  *  *
Дыууæ мæйы мæм фæзылд Киагуа. Уый фæстæ абырæг фæлыгъдтæн æмæ æнæхъæн æртæ азы хæхтæ æмæ хъæуты фæрахау-бахау кодтон. Мин фарастсæдæ дыууын фыццæгæм азы дын чидæр иу уалдзыгон æхсæв ме ’мбæхсæны цур æрлæууыд — уæйлаг нымæт ыл, йæ цæсгом басылыхъхъæй æмбæхсы:
— Ам дæ цы, Едрыс? — фæрсы мæ.
— Мæнæ дæн, — загътон æз дæр æмæ йæм фæскъæдзæхæй рацыдтæн.
— Нæ мæ базыдтай?
— Нæма... Чи дæ?
— Куы фæцæф дæ, уæддæр мæ нæ базыдтай, куы сдзæбæх дæ, уæддæр та мæ дæхи æнæзонæг скодтай... Циу, цы хабар у, Едрыс? — лæг мæстæймарæн худт кæны.
— Киагуа, ме ’фсымæр! — æз ыл мæхи баппæрстон.
— æз дæуæн æфсымæр нæ, фæлæ знаг дæн, — фæурæдта мæ уый. æз дæ уый тыххæй нæ фервæзын кодтон æмæ мæ ды дæхицæн æфсымæр зæгъай, фæлæ дæ уый охыл раздæхтон цардмæ, цæмæй дæ мæхи къухæй барвитон мæрдтæм! — загъта æмæ йæ хæдуæлвæд йæ дамбаца йæ къухы фегуырд. Мæнмæ уыд æхсæнгарз, фæлæ æз æнцад лæууын, мæ цæст дæр нæ фæтъæбæртт кодтон.
— Ды — мæ ирвæзынгæнæг, ды — мæ марæг, — фидарæй йын загътон æз дæр.
Загътон, фæлæ нæма сулæфыдтæн, афтæ гæрах ныййазæлыд. «Ау, нæ мæ акъуырдта иу санчъехмæ?!. Кæд мæ нæ фæивгъуыдта, уæд та мыл кæм сæмбæлд йæ судзгæ нæмыг — куы никуы мæ ницы риссы...» — фæсагъæссаг дæн æз æмæ йын лæгъстæтыл схæцыдтæн:
— Дæ мад, дæ фыды хатырæй, Киагуа, иу мард мæ акæн: ныххуырс мыл де ’ппæт нæмгуытæ дæр! Йе знаджы æрдæгмардæй ничи фæуадзы.
Киагуа дын æнæнхъæлæджы ныккæл-кæл кодта, йæ хъæбысы мæ ныттыгъта... æз сагъдауæй лæууын, хуырымæй æм кæсын — хъуыддагæн мур дæр ницы ’мбарын.
— Маргæ дæр мæ кæныс æмæ хъæбыс дæр?
— Нæ, Едрыс, æрмæстдæр дын хъæбыстæ кæнын. Мæлæты аккаг чи у, уыдон æрхъæцмæ нал хъæцынц, æмæ цом мемæ, — загъта Киагуа. — Фæлæ афтæ ма фенхъæл, æмæ æз демæ фидаугæ бакодтон! æппындæр нæ! Абон уа, райсом уа — ды мæ амæддаг дæ. Ныр та уал нæ фæндаг Сухуммæ дарæм — уым нæм не ’мбæлттæ æнхъæлмæ кæсынц. Уырдыгæй куы раздæхæм уæлахиздзаутæй, не знæгтыл уæлахиздзаутæй, уæд та фенд йæхи амондзæн...
— Ома, ома?
— Ома дæ уæд ме ’рвады маст сисдзынæн, — æнæ хъазгæйæ мын ныфс бавæрдта Кигуа.
— Фæлæ æппæт уыдæтты фæстæ, дадраа* , мах æмцæдисонæй тох самадтам ног цардарæзты сæрвæлтау...
Едрысæн йæ зæрдыл цыдæр ахæм æрбалæууыд æмæ, бахудгæйæ, йæ ныхас дарддæр кодта:
— Киагуа мæм цы лæгæты зылд, уый йын йæ ном хæссы — «Киагуайы лæгæт», зæгъгæ, йæ схуыдтой адæм. Мæ бæх цы къæдзæхы цур афæлдæхт, уый та афтæ амындæуы: «Уалæ, Едрысы дугъон кæм фæмард, уым»... Гъе, афтæ, мæ хуртæ, уæдæй нырмæ цардæй мæлæты æхсæн цоппай кæнæм. æнусы æмбис рауад, фæлæ та Киагуаимæ куыддæр баиу вæййæм, афтæ та мын æй мæ зæрдыл æрлæууын кæны. «Ды мæхи дæ, мæхи — кæдæм мын ирвæздзынæ?!» Кæд ма сымах федтат ахæм диссаджы мастисæг искуы, фæлæ æз — нæ, никуы нæдæр æмбæлгæ фæкодтон, нæдæр хъусгæ.
— Кæсут-ма йæм, кæсут! Дæхи та барæй цы ныххуырым кодтай, Едрыс? Цæр уал иу дæс æмæ авд ссæдз азмæ, стæй, кæд дæ сæры исты зонд бацæуа, уæд... Мыггагмæ, цæрæнбонтæм мæ зынаргъ амæддаг дæ, уый зон! — Киагуа йæ худæндзаст æппæтыл дæр ахаста.

 ГУСАЛТЫ Барисы тæлмац

// Мах дуг.– 2008.– № 4.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.