Николай КОРНЕЕВ
Николай Юрьевич Корнеев (17 августа 1915, Коренское, Рыльский уезд, Курская губерния, Российская империя — 15 августа 2001, Курск, Курская область, Российская Федерация) — советский русский поэт и журналист. Член Союза писателей СССР и России. Участник Великой Отечественной войны.
Николай КОРНЕЕВӔЙ
***
Кӕныс мын бонӕй-бон зынаргъдӕр,
Мӕ рӕсугъд хъысмӕт хонын дӕу.
Мӕнӕн цыфӕнды уӕззау уаргъ дӕр
Дӕу ӕххуысӕй зын хӕссӕн нӕу.
Цы нӕ дӕн, уый мӕ ды фӕхоныс:
Цытджын, хъаруджын ӕмӕ раст.
Мӕ хуызӕн нӕу ӕндӕры хъомыс,
Мӕ ныфсӕй ничи кӕны хъаст.
Фӕлӕ кӕй рӕдийыс, ӕз уымӕй
Мӕхицӕн нал ф’ арын бынат.
Фӕзӕгъын: радзурон ӕргомӕй,
Кӕй нӕ дӕн ахӕмыл нымад.
Ыстӕй мӕ хъуыдытыл ӕрхудын,
Мӕхицӕн раттын фидар дзырд:
Кӕмӕ кӕной ӕдзух тӕхуды,
Уыдзынӕн ахӕм лӕджы фырт!
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- 383 ф.
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].