logo

М О Я    О С Е Т И Я



Владимир КОРОЛЕНКО – уырыссаг æмæ украинаг фыссæг, журналист, публицист, æхсæнадон архайæг.

«Хъæддæгтæ стут, цагъартæ!» Дæрзæг хъæлæсæй йæ дзыхæй цы нæ схауди. Куыдфæнды мæ бамбар, фæлæ куыд æвзæр у, хицауадмæ куы сных вæййынц... Зæгъын, ацы чызг калмы лæппын у! Уæздæтты бæркъа!
Чызгмæ афтæ дæр нæ баджигул кодтам. Цæстдарæг æй иннæ уатмæ ахуыдта æмæ уайтæккæ дæр фæстæмæ фездæхтысты, семæ ма — æндæр сылгоймаг. Уый афтæ: «Ницы йæм ссардтам». Чызг унтер-афицермæ касти æмæ йыл былысчъилæй худти, йæ цæстытæй маст хъардта. Ивановæн та денджыз — уæрагмæ, касти чызгмæ æмæ гуым-гуым кодта: «Закъон халут... Мæнмæ ис инструкци!» Фæлæ йын цæстдарæг йæ ныхæстæ ни­цæ­­мæ æрдардта — расыг лæгыл цæй æууæнк ис.
Атылди та нæ чъибиткæ. Горæты уынгты цæугæйæ, чызг къареты рудзынгæй æддæмæ касти, цыма кæмæндæр хæрзбон зæгъинаг уыди, æви йæ йæ зонгæтæй искæй ауынын фæндыди. Иванов рудзынгæмбæрзæныл æрхæцыд, æмæ чызг ницыуал уыдта, къуымы та ныттымбылтæ, махæй ныр никæмæуал ракаст. Æз мæхи нал баурæдтон æмæ мæ цыма æддæмæ кæсын фæнды, афтæ рудзынгæмбæрзæнтæй иу раивæзтон æмæ, чызг дæр исты куыд уына, рудзынг афтæ байгом. Фæлæ уый йæ бынатæй нал сызмæлыди, хъуынтъызæрфыгæй бадти æмæ йæ был афтæ тынг æхсыдта, цæмæй йæ туг куыд ракæла.
Уый фæстæ та нæ поезд скъæфта æфсæн фæндагыл. Ралæууыди фæззæг, сентябры мæй. Уыцы бон дуне уыди райдзаст. Хур тæмæнтæ калдта, дымдта фæззыгон сатæг дымгæ, æмæ чызг вагоны рудзынг байгом кодта, йæ сæр æддæмæ адардта, афтæмæй æнцад бадти. Ныр инструкцимæ гæсгæ та рудзгуы­тæн цæй гомгæнæн уыди. Мæ хицау Иванов куыддæр вагонмæ баирвæзт, афтæ йæ хуыр-хуыр ссыди. Æз та чызгмæ ницы суæн­дыдтæн. Чысыл фæстæдæр фæныфсджындæр дæн, бацыдтæн æмæ æмæ йын загътон: «Дæ хорзæхæй, сæхгæн рудзынг. — Ницы дзуры, цыма мæ нæ хъусы. Афтæ йæ цуры æнцад алæууыдтæн æмæ та йæм ногæй дзурын: — Фæрынчын уыдзынæ, чызг, уазал у».
Йе ’ргом мæм раздæхта æмæ мæм ахæм цæстытæ равдыста, цыма æнахъинон цыдæр ауыдта. Фæкасти мæм æмæ загъта: «Ныууадзут мæ!» Æмæ та рудзынгæй йæ сæр адардта. Мæ къух ауыгътон æмæ иуварс ацыдтæн.
Уый фæстæ чызг иучысыл фæсабырдæр. Сæхгæдта рудзынг, йæ пъалтойы йæхи æгасæй дæр æрбатыхта. Хур æй тавта. Дымгæ сыгъдæг бæргæ уыди, фæлæ дойнаг уазал. Уæддæр та чызг ру­дзынджы раз сбадти æмæ та дымгæмæ йæхи ныддардта, — бæлвырд, ахæстонæй раирвæзт æмæ дунемæ кæсынæй нал æфсæсти. Бахъæлдзæг, кæсын æмæ — æмæ йæ мидбылты худы. Гъе, ахæм рæстæг æм-иу кæсынтыл фæдæн. Дæ цæсгом де ’вдисæн...
Хабардзурæг та фæхъус æмæ хъуыдытыл фæци. Фæлæ та чысыл фæстæдæр дзурын райдыдта æмæ цыма иучысыл фæкъæмдзæстыгхуыз:
— Уæд, ай-гъай дæр, нæма фæцалх дæн. Уый фæстæ ахст адæмы арæх ластон æмæ сыл фæцахуыр дæн. Фæлæ уæд фыццаг хатт æнахуыр цыдæртæ цыма уыдтон... Зæгъын, ацы æнæбон сабийы кæдæм ласæм?.. Сæттын ыл, уæздан лæг, æмæ мыл дæ зæрдæ нæ фæхуддзæн. Зæгъын, хицауадмæ куы бахатин æмæ мæ бинойнаг куы бауаид... Йæ хъылма, закъонхалæг хъуыдытæй йæ æз бæргæ асыгъдæг кодтаин. Уæдæ ма ацы куысты цæмæн дæн... Ай-гъай дæр, æрыгонæй тæвдтуг вæййæм... Ныр цыдæртæ бам­бæрстон... Уæд сауджынæн сыгъдæгзæрдæйæ æппæт дæр ра­дзырдтон. Уый мын афтæ: «Гъе, уыцы хъуыдытæ дæм куы фæзындысты, уый фæстæ дæ хинтæ дæ сæрыл æрзылдысты. Уымæн æмæ, æнхъæлдæн, уыцы чызг Хуыцауыл дæр не ’ууæнды...»
Костромайæ нын цæугæ æрцыди, æртæ бæхы ифтыгъд кæм уыд, ахæм цыппардзæлхыджы. Ивановыл æвронг сахат нал скодта, райхъал-иу ис æмæ та-иу дзæбæх нынцъыхта. Вагонæй куы рахызт, уæддæр йæ къахыл нæ лæууыди. Зæгъын, къазнайы æхцатæ йын исты куы фæуой, уæд нæм цыдæр кæсы. Цыппар­дзæлхыгмæ схизын йæ бон баци тыхтæй-амæлттæй, æмæ та уайтæккæ йæ хуыр-хуыр ссыди. Чызг йæ цуры сбадти, æмæ цыма уынгæг агъуды смидæг: Ивановмæ ахæм цæстытæй бакасти, цыма уымæй æлгъагдæр адæймаг никуы федта. Куыннæ йыл баныдзæва, афтæ сбадти, — къуыммæ баныхæсти. Æз та бæхтæрæджы бынаты æруагътон мæхи. Азмæлыдыстæм, æмæ та дымын райдыдта цæгатаг дымгæ. Мæхицæн дæр мæ гæртт-гæртт ссыди. Чызгыл хуыфæг бахæцыди, йæ фындзыкæлмæрзæн йæ былтæм схаста, кæсын, æмæ фындзыкæлмæрзæн тугхъулон аци. Раст мын цыма исчи мæ зæрдæйы судзин фæцавта. Дзурын æм: «Хорз чызг, афтæ гæнæн нæй! Рынчын куы уыдтæ, уæд ахæм фæндагыл куыд фæраст дæ? Фæззæг у, уазал. Барæй дæр афтæ куыд бакæнæн ис!»
Иу дзагъул мæм фæласта чызг æмæ мæм кæсгæйæ баззади, — бæлвырд, йæ риуы та арт ссыгъди. Сдзырдта:
— Сæнтдзæф исты дæ? Мæхи фæндонæй кæй нæ рабалц кодтон, уый не ’мбарыс? Цы джын дæ? Зындонмæ мæ ласы, афтæмæй мын йæхи тæригъæдгæнæг скодта...
— Рынчын дæ, уый хицауæн куы загътаис — рынчындоны дæ сæвæрдтаккой, ацы уазалы хъизæмар нæ бавзæрстаис. Нырма бынатмæ кæд фæхæццæ уыдзыстæм!
— Кæдæм цæуæм? — бафарста чызг.
Карзæй фæдзæхст нын уыди; фыдгæнджытæн дзурæн нæй, кæдæм сæ ласæм, уый. Кæй фæуыргъуыйау дæн, уый бафиппайгæйæ, чызг иуварс азылд æмæ загъта: «Ма мын æй зæгъ, афтæ æнæуи сдзырдтон... Мацы мæм дзур, æнцад мæ мæхи бар ныууадз».
Нæ та фæлæууыдтæн. Дардмæ дæ, зæгъын, цæуын хъæуы. Ныцъцъуцъу кодта йæ былтæ, йе ’рфгуытæ алхынцъ сты, дзургæ та — ницы. Æз мæ сæр батылдтон, зæгъын, æрыгон дæ нырма æмæ алцы нæ зоныс.
Мæ тъæнгтæ мын ацагътой чызджы ныхæстæ. Рамæсты йæм дæн. Уый та мæм æрбакасти æмæ загъта:
— Дзæгъæлы дæм афтæ кæсы — цы уавæры бахаудтæн, уый хорз æмбарын, фæлæ мæ рынчындоны нæ бафæндыди. Бузныг! Рынчындоны нагъ, фæлæ уадз æмæ мæ адзал мæхиуæттæм ссарон. Цы нæ вæййы, чи зоны, мæ къахыл слæууон. Уæ ахæстоны рынчындоны нагъ, фæлæ сæрибар ран сдзæбæх уыдзынæн. Ды æнхъæл дæ: уазал мæ бацыди æмæ фæрынчын дæн. Нагъ. Бафарстон æй: «Уым дын хиуæттæ разындзæн?» Нæхиуæттæм адзæбæх уыдзынæн кæй загъта, афтæ йæ уый тыххæй бафарстон. Уый дзуапп радта:
— Хиуæттæ дæр мын дзы нæй, зонгæтæ дæр. Горæт мын æцæгæлон у. Гъе, фæлæ мæнæ мæ хуызæн хаст адæм бамбæлттæ вæййынц. Æцæгæлон адæмы хиуæттыл кæй нымадта, ууыл бадис кодтон. Æниу, æхца куы нæ бафидай, уæд дын хор æмæ дон чи ратдзæн? Сæ фыны дæр дæ куы никуы федтой... Ницæмæй уал æй бафарстон, уымæн æмæ та йе ’рфгуы­тæ фæтар сты, мæ фæрстытæй сфæлмæцыд.
Фæуæд, зæгъын, афтæ дæр... Мæгуыры бонтæ нæма бавзæрс­та. Мæнæ йæ цард куы авдæрза, уæд æй базондзæн, æцæгæлон бæстæ цы у, уый.
Изæрырдæм арв æрбахгæдта хъуынтъыз мигътæй, радымдта уазал дымгæ, уалынмæ къæвда дæр райдыдта. Фæндæгтæ æнæуи дæр нæма басур сты, ныр бынтондæр ныллехъа сты. Мæ фæсонтæ æгасæй дæр цъыфæй нал зындысты, уæдæ дзы чызг дæр нæ аирвæзт. Мæгуырæг, йе ’намондæн фыдрæстæг скодта. Чъибиткæ æхгæдсæр уыди, уæдæ чызджы цъолобийæ æрæмбæрзтон, уæддæр ын-иу къæвдайы æртæхтæ йæ цæсгом ныцъцъыкк ластой. Дон алырдыгæй лæдæрсти. Чызг гæрт­т-гæртт кæнын байдыдта. Æмæ та йæ цæстытæ сæхгæдта. Къæвдайы æртæхтæ-иу рустыл æрызгъордтой, цæсгом ныффæлурс, нал змæлыди, æмæ афтæ æнхъæлдтон, цыма уадзыг баци. Фæтарстæн — нæ хъуыддæгтæ бынтондæр ныддагъы­тъайлаг уыдзысты.
Иванов уыди расыг, хуыррыттæй хуыссыди, ницы йæ æндæвта. Фыццаг хатт рацыдтæн ахæм фæндагыл æмæ цы акодтаин...
Горæт Ярославмæ бахæццæ стæм изæрæй. Ивановы ныу­уыгътон æмæ райхъал. Станцæмæ бацыдыстæм, самовар сæвæрын кодтон. Уырдыгæй науы дарддæр ацæуæн бæргæ уыди, фæлæ нын инструкцимæ гæсгæ ахæстыты уым ласыны бар нæй. Уæвгæ та махæн пайда дæр уыдаид, нæ фæндаггæттæй нæхицæн истытæ баззадаид, фæлæ нæ ныфс нæ бахастам. Наулæууæны пъæлицæйæгтæ дæр уыди, бынæттон жандармтæ дæр æмæ ныл истытæ афыстаиккой. Чызг нын афтæ: «Æз посты чъибиткæйы нал сбаддзынæн. Куыд уæ фæнды, афтæ, фæлæ мæ науы аласут». Иванов фæснозт йæ цæстытæй тыххæйты касти, уыди мæстæлгъæд, срæцыгъта: «Уымæй дæу ничи фæрсы. Кæдæм дæ ласой, уырдæм цæудзынæ». Уымæ ницы сдзырдта, фæлæ мæнмæ æрбаздæхт:
— Цы загътон, уый фехъуыстат: æз нæ цæуын.
Ивановы иуварс акодтон, зæгъын, науы йæ аласæм, дæхицæн дæр хуыздæр уыдзæн — истытæ сфæстауæрц кæндзынæ. Сразы мемæ, фæлæ дзы тас бацыд, æмæ загъта: «Булкъоны ’вастæй ницы гæнæн ис. Æз нæфæразгæ дæн, ды йæ фен æмæ дзы бар ракур». Булкъон уырдæм хæстæг царди. Цом, зæгъын, иумæ, чызджы дæр немæ акæнæм. Æдас нæ уыдтæн, Иванов та нозтмæ куы баирвæза, æмæ нæ хабæрттæ куы ныззыгъуыммæтæ уой. Чызг куы алидза, кæнæ йæ къух йæхимæ куы сиса, — нæ дыууæйы дæр дзуапп дæттын хъæудзæни. Фæцыдыстæм бул­къонмæ. Æддæмæ нæм рацыди æмæ та дзы дæрзæг ныхæстæ схауди. Бæргæ, куы йын алæгъстæ кодтаид: афтæ æмæ афтæ, дæ Хуыцаумæ скæс, — куыннæ стæй, сбустæ кодта: «Уыцы бартæ уын чи радта?» Æмæ фемæхсти, йæ къæйных æвзаг суагъта, мæнæ гъе сымах дæр, политиктæ дæр кæй уарзынц. Хицауад дын ахæмтæ быхсы! Хицæуттæ фæлмæнвадты уарзынц... Байхъуыс­та йæм булкъон æмæ йын уæзданæй афтæ: «Мæ бон нæу, ацы ран цыбыркъух дæн. Закъон ахæм бар нæ дæтты». Кæсын, æмæ дын чызджы цæсгом сырх афæлдæхт, йæ цæстытæ — зынджы къæрттытæ. «Закъон!» — сфæзмыдта йæ æмæ хъæрæй мæстæлгъæд худт ныккодта. «Бæгуыдæр афтæ, — сдзырдта булкъон. — Закъон!»
Сæттын ыл, цыдæрхуызон адæн æмæ сдзырдтон: «Бæгуыдæр афтæ, дæ иуылсыгъдæгдзинад, — закъон. О, фæлæ, дæ бæрзонддзинад, ацы чызг рынчын у». Тызмæгæй мæм æрбакас­ти булкъон æмæ мæ афарста: «Дæ мыггаг кæмæй у? — чызгмæ фæзылд: — Рынчын кæд дæ, уæд ахæстоны рынчындонмæ бацу, и?» Йæ чъылдым æм фездæхта чызг æмæ уæртæ фæуайы, сым дæр нал. Мах — йæ фæдыл. Цы зæгъæн ис ам, — кæцæй йæ раластам, уым æй куы нæ бафæндыд рынчындонмæ, уæд æм ам куыд хъуамæ бацæуа, — ам æцæгæлон адæм, чызг — афтидарм.
Цæй, цы гæнæн ис. Иванов мыл йæхи андзæрста: «Гъер марадз æмæ гъæй кæн! Де ’дылы къоппайы тыххæй нæ дыууæйы дæр дзуапп дæттын бахъæудзæн». Бæхтæ сифтындзын кодта, ам баззайын æй нал бафæндыди, æмæ нын æхсæв цæугæ æрцыди. Чызджы размæ бацыдыстæм, загътам ын: «Дæ хорзæхæй, уæрдон араст æввонг у». Уый йæхи диваныл æруагъта, иучысыл бахъарм уон, зæгъгæ. Гæпгæнæгау фæкодта, нæ разы уырдыг алæууыд, йæ цæстытæй нæ хуынчъытæ кæны æмæ дæ ба­уырнæд — бакæсын æм нæ фæрæзта адæймаг, ахæм æнахъинон хуыз ын уыди. Сдзырдта: «Æлгъыст фæуинæгтæ!» — йæхи æвзагæй та сдзырдта, æмæ йæ ды бамбар. Уырыссаг ныхæстæ, фæлæ, цы зæгъинаг у — мæгъа. Мæстыгæр, фæлæ æнæбон хъæлæсæй загъта: «Уæ бон мыл цæуы æмæ мæ хъизæмарæй марут. Цæуын!» Самовар нырма стъолыл лæууыди, уый иу хуыпп дæр нæма скодта. Ивановимæ февнæлдтам, æмæ цай арæвдз, чызгæн дзы æркодтон. Уыди нæм урс дзул, йæ хай йын радтон. Зæгъын, фæндагыл цæуæм, æмæ комдзаг скæн, иучысыл бахъарм уай. Йæ къалостæ кæнын райдыдта, фæуагъта сæ, йе уæхсчытыл схæцыди æмæ загъта:
— Чердыгон адæймаг дæ? Æнхъæлдæн, дæ сæрызонд бынтондæр фæцыди. Уæ цайы мæтæй уын мæлын.
Йæ ныхæстæ мæ иннæрдæм ахызтысты, мæ зæрдыл куы ’рлæууынц, уæд ма йæм ныр дæр рафыцын... Гъер нын ды та нæ хæринагыл æрвæссыс. Уæздан Рубановы, штаб-афицеры фырты, ластам. Æмæ ныл уый дæр барвæссыд. Ацы чызг — нагъ... Уый фæстæ хицæнæй сбадт, сæрмагонд самовар рахæссын кодта. Æмæ цы: дыууæ аргъы бафыста. Ныр æм æхца та — сом æмæ иу абази.

III
Хабардзурæг фæхъус, æмæ цасдæр рæстæг хæдзар æдзæм сабыр ныцци, æрмæст ма-иу хъус ацахста кæстæр жандармы сабыр улæфын, æддейæ-иу æрбайхъуыст тымыгъы къуыс-къуыс.
— Фынæй нæ дæ? — афарста мæ Гаврилов.
— Нагъ, дæ хорзæхæй, хъусын дæм, дзур.
— Бирæ цыдæртæ мын... — райдыдта дзурын Гаврилов æмæ фæхъус. — Хъыцъыдæттæ мын баназын кодта. Нæ фæндаг дарæм æхсæвы. Къæвда лæдæрсы, фыдрæстæг скодта. Хъæдыл ацæуай — хъæд нæты, хъæрзы. Цæсты къух атъыссæн нæй, æхсæв афтæ мæйдар уыди, æмæ чызджы нæ уынын. Фæлæ дæ бауырнæд, — афтæ мæ цæсты раз лæууыди, мæнæ йæ цыма бонрухсы уыдтон: йæ цæстытæ, йæ хъуынтъыз цæсгом, æгасæй дæр баргъæвсти, уæддæр кæдæмдæр нымдзаст ис, алы хъуыдытæ йæ сæры кæй зилдух кодтой, уый дæр хатыдтон. Станцæ фæсте аззади, уæд ыл кæрц æрбакодтон. Дзурын æм: «Кæрц скæн æмæ ма суазал уай». Йе уæхсчытæй йæ аппæрста, сдзырд­та: «Дæ кæрц у æмæ дæхи уæд». Кæрц æцæгæй дæр мæ кæрц уыд, фæлæ фæдфæливæнæн загътон: «Мæн нæу, къазнайы кæрц у. Закъонмæ гæсгæ йæ ахстытæ хъуамæ дарой». Скодта йæ...
Кæрц дæр ын нал баххуыс. Куы æрбарухс, уæд кæсын — хуызы цъыртт дзы нал уыди. Станцæйæ цасдæр ауадыстæм, уæд чызг Ивановæн загъта бардзырд дæттæгау — бæхтæрæджы бынаты, дам, сбад. Уый багуым-гуым кодта, фæлæ йæ коммæ бакасти. Уæдмæ йæ нозт дæр иучысыл ссыди. Æз чызджы фарсмæ сбадтæн.
Æртæ боны æмæ æртæ ’хсæвы æнæрынцойæ фæцыдыстæм. Инструкцийы домæнтæй иу уыди: æхсæвиуатгæнæнты ма лæуут. «Æгæрон фæллады уавæр æвзаргæйæ» уын улæфыны бар лæвæрд цæуы, æрмæстдæр хъалагъуртæ кæм ис, ахæм стыр горæтты. Нæ фæндæгтыл та, зоныс æй, цæй стыр горæттæ ис.
Æппын фæстаг бынатыл сæмбæлдыстæм. Дардæй горæт куы бауыдтам, уæд цыма мæ рагъæй стыр уаргъ ахауд. Уый дæр ма зæгъон: чызг фæстагмæ мæ хъæбысы уыди, афтæмæй ма дзæвгар фæцыдыстæм. Иуахæмы йæм фæкомкоммæ дæн — йæхи ауагъта, бауадзыг. Уæрдон-иу гуыргъахъыты куы фесхъиудта, уæд-иу гуыффæйы фарсыл сæрæн — къупп. Систон æй æмæ йæ мæ рахиз цонгыл æруагътон. Афтæмæй цыдыстæм, æмæ мын фенцондæр. Райдианы мæ асхуыста, срæцыгъта: «Ахъуытты у, ма мыл æндзæв!» Фæлæ тагъд æрсабыр, æвæццæгæн, йæхи нал æмбæрста... Йæ цæстытæ — æхгæд, йæ уæлтъыфалтæ ныссау сты, йæ цæсгом æрфæлмæн. Фыны-иу бахудти, æмæ-иу йæ цæсгом барухс. Йæхи мыл ныхæста — хъарм агуырдта. Бæлвырд, цыдæр æхсызгон фынтæ уыдта. Горæтмæ баввахс стæм, уæд æрчъицыдта, рабадти... Хуры цæст разынди, рангæстæ...
Чызджы губернийы горæты нæ ныууагътой, æмæ йæ дарддæр дæр мах аластам — сæхи жандармтæй бынаты ничи разынд. Куы здæхтыстæм, уæд кæсæм: пъæлицæйы къантор адæмæй байдзаг — чызджытæ, нымад лæгтæ, хаст чи уыд, ахæм студенттæ... Æмæ йæ цыма кæддæр зыдтой — сегас дæр ын йæ къух райстой, цæмæйдæрты йæ фарстой. Иуцасдæр ын æхца дæр радтой, фæндагмæ та йын — тинтычъи кæлмæрзæн. Афæн­дараст æй кодтой.
Чызг бахъæлдзæг, фæлæ ныр хуыфын арæхдæр байдыдта, мах нал фиппайдта, цыма уым дæр нæ уыдыстæм, уыйау.
Фæхæццæ стæм, чызгæн бар кæм уыди, уыцы уезды горæтмæ. Кæй бæрныгонд æрцыди, уымæй гæххæтт райстам йæ къух­æвæрдимæ. Чызг кæйдæр бафарста, ахæм, дам, уæм цæры? Цæры, дам. Фæзынди уезды пъæлицæйы хицау, чызджы фæрсы: «Кæм цæрдзынæ?» Афтæ бакодта: «Нæ зонын. Фæлæ уал Рязанцевмæ цæуын». Хицау йæ сæр батылдта. Чызг йæ дзаумæттæ бабæстон кодта æмæ ацыди. Хæрзбон дæр нын нæ загъта.

IV
Хабардзурæг цасдæр фæхъус, байхъуыста, кæд ома æз афынæй дæн.
— Уæдæ йæ уый фæстæ нал федтай?
— Цыбыр рæстæджы фæстæ йæ бацагуырдтон. Командировкæйæ æрбаздæхтыстæм, æмæ та нæ ногæй уыцы фæндагыл арвыстой. Ныр та студенты аластам, Загряжскийы. Хъæлдзæг адæймаг, йæ зарджытæ зæрдæмæ хъардтой, уæдæ аназын дæр уарзта. Уый ноджы дарддæр ранмæ хаст уыди. Нæ фæндаг цыди, чызг кæм баззад, уыцы горæтыл æмæ мæ бафæндыди, цы баци, уый базонын. Фæрсын: «Нæ чызг ма ам ис?» Загътой: ам ис. Фæлæ, дам, цыдæр æнахуыр адæймаг у. Куыддæр æрбахæццæ, афтæ хаст лæгмæ смидæг, уый фæстæ йæ ничиуал æруыдта, уæвгæ ныр дæр уымæ цæры. Иутæ дзырдтой: сæйгæ рынчын у. Æндæртæ загътой: уыцы лæг æй хæзгулæн дары. Адæммæ дам-думтæй фылдæр цы ис. Мæнæн та йæхи ныхæстæ æрлæууыдысты мæ зæрдыл: «Мæхиуæттæм амæлын мæ фæнды». Сцымыдис дæн... Чи зоны, цымыдис уыйас нагъ, — сæттын ыл — йæхимæ мæ ласта. Цон, æмæ йæ зæгъын, фенон. Æвзæрæй мæ ницы зоны, æз дæр æм нæ фæхæрам дæн æмæ йæм бауайон.
Фæраст дæн, — Хуыцауы сконд адæм мын фæндаг бацамыдтой. Царди горæты кæрон, чысыл, ныллæгдуар хæдзары. Бахызтæн уыцы хаст лæджы къæсæрæй æмæ уынын — сыгъдæг уат, рухсæй дзаг, иу къуымы —  сынтæг, йæ иу хай — æмбæрзæнæй æхгæд. Стъол æмæ тæрхæджытыл — дунейы чингуытæ. Уаты фарсмæ — чысыл æрмадз, бандоныл æндæр хуыссæнтæ æвæрд.
Чызджы баййæфтон хуыссæныл бадгæ, кæлмæрзæнæй йæхи æрбатыхта, йæ къæхтæ йæ быны батымбыл сты, цыдæр хуыдта. Хаст лæг — уæздæттæй, йæ мыггаг — Рязанцев, сылгоймаджы цур бандоныл бадти æмæ йын чиныджы касти. Кæсæнцæстытæ йыл, хъуыддагхуыз. Сылгоймаг хуыдта, лæгмæ дæр хъуыста, стæй, дуары къупп айхъусгæйæ, мæнырдæм фæкас­ти, ауыдта мæ, сыстæгау кодта, нæлгоймаджы цонгмæ февнæл­дта æмæ æндзыгæй аззади. Йе стыр тар цæстытæ мыл тас æфтыдтой, мæнæ-иу фæндагыл цæугæйæ куыд уыди, афтæ. Фæлæ ныр йæ цæсгом бынтондæр ныффæлурс. Лæджы цонг, æвæццæгæн, тынг нылхъывта. Лæг куыддæр фæудаист, дзуры йæм: «Цы кæныс? Дæхи æрæмбар». Ныр лæг мæн нæ уыны. Чызг лæджы цонг суагъта æмæ сыстыны фæлтæрæнтæ акодта. «Хæрзбон у, — загъта лæгæн. — Адæймаг цы мæлæтмæ фæбæллы, уый дæр мын сæ цæст нæ бауарздзæн». Лæг нырма ныр фæзылди мæнырдæм, ауыдта мæ æмæ уырдыг алæууыд. Æнхъæлдтон, йæхи мыл андзардзæн, æрбамардзæн мæ — уыди фидæрттæарæзт, асæй — бæрзонд.
Афтæ фенхъæлдтой, цыма æз сылгоймаджы кæнынмæ фæзындтæн. Фæлæ лæг ауыдта, мæхæдæг цавддурау кæй фæдæн, æмæ мæ уд мæ риуæй кæй атахт, уæдæ мын æмбал дæр нæ уыди. Рязанцев сылгоймагмæ баздæхти, йæ къух ын не суагъта, æмæ йын афтæ: «Фæсабыр у. — Уый фæстæ мæнырдæм фæци: — Дæу та ам цы хъуыддаг ис?»
Зæгъын, ницыгæнæг дæн, афтæ æнæуи æрбацыдтæн. Ацы чыз­джы ардæм куы ластон, уæд фæндагыл фæрынчын æмæ, зæгъын, базонон... Лæг æрфæлмæн, сылгоймаг мæстæй фыцы. Иванов бæгуы­дæр гуырымыхъ у, фæлæ-иу æз йæ сæрыл дæр куы сдзырдтон...
Рязанцев бамбæрста, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый æмæ сылгоймагмæ бахудти: «Гъер уыныс... Нæ дын дзырдтон, мауал тæрс, зæгъгæ?..» Мæ кой сæм-иу кæй рауади, уый бамбæрстон — йæ фæндаджы тыххæй йын æнæ радзургæ нæ фæуыдаид.
— Фæудаист уæ кодтон, æмæ мын хатырæй фæуæд, — загътон æз. — Ме ’рбацыд аив нæ рауад, гъемæ цæуын. Хæрзбон. Хорзæй мæ ницы зæгъдзыстут, фæлæ, курын уæ, уæ удхæссæг мæ ма фенут...
Лæг сыстади, комкоммæ мæм æрбакасти, йæ къух мæм радта æмæ загъта:
— Фæстæмæ здæхгæйæ дын рæстæг куы фæуа, уæд та нæм-иу æрбауай, дæ хорзæхæй.
Сылгоймаг нæ йæ цæст нал иста, былысчъилæй худти.
— Цæмæн ма йæ хоныс, уый не ’мбарын.
— Ницы кæны, — загъта лæг. — Куы йæ бафæнда — æрбауайæд та нæм-иу.  — Мæнмæ фæзылди. — Æрбацу нæм-иу, ницы кæны.
Сæхи ’хсæн ма цыдæртæ дзырдтой, фæлæ, сæттын ыл, дзæбæх сæ нæ бамбæрстон. Де ’мсæр уæздæттæ дæр хатт ахæм зондджын ныхæстæ фæкæнынц. Уæвгæ та мæ нæ фæндыди: фæфæстиат у æмæ ма сæм байхъус... Фæлæ нагъ, цытæ ма, зæгъын, ахъуыды кæндзысты, æмæ рацыдтæн.
Уæздæттæй лæг Загряжский бынатыл сæмбæлди, æмæ фæстæмæ раздæхтыстæм. Уезды пъæлицæйы хицау нæ хистæрмæ фæсидт æмæ йын афтæ зæгъы: «Тел райстон. Уæ номыл цалынмæ посты цыдæр гæххæтт æрбацæуа, уæдмæ хъуа­мæ æнхъæлмæ кæсат». Баззадыстæм.
Æмæ та сæм бацыдтæн, зæгъын, сæ хæдзары хицауы сын уæддæр афæрсдзынæн рынчыны тыххæй. Хæдзары хицау мын афтæ: «Хорз нæу, мæлыны къахыл ныллæууыд. Тæрсын, исты ныхас мæм дзы куы æрхауа, — сауджыны æрбахонинаг не сты». Гъе афтæ нæ ныхæстæгæнгæ раййæфта Рязанцев. Базыдта мæ, салам мын радта æмæ загъта: «Фæзындтæ та? Гъемæ нæм саккаг кæн». Сабыр къахдзæфтæкæнгæ къæсæрæй бахызтæн, уый — мæ фæстæ. Сылгоймаг мæ ауыдта æмæ сдзырд­та: «Ацы æнæджелбетт лæг та нæм куы фæзынд!.. Ды йæ æрбахуыд­тай?» Лæг загъта: «Нагъ, йæхæдæг æрбацыди». Мæхи нал баурæдтон æмæ сылгоймагæн загътон:
— Ахæм фыдзæрдæ мæм цæмæн бадардтай? Цыма дæ фыдгул дæн.
— Мæ фыдгул кæй дæ, уый нæма бамбæрстай? Знаг ма уæдæ цы вæййы! — йæ хъæлæс æнæбон, мынæг, йæ уадултæ арт уагътой, йæ цæсгом ахæм зæрдæисгæ уыди, æмæ йæм кæсынæй нæ бафсæстаин. Дæттæй, зæгъын, а зæххыл цæрыны адæймаг нал у. Хъуыды кодтон: куы нæ мæм æрфæлмæн уа, афтæмæй куы амæла. Æмæ йæм баздæхтæн: «Кæд дæ истæмæй бафхæрдтон, уæд мын æй ныббар». Гъе, чырыстон æгъдаумæ гæсгæ куыд æмбæлы, афтæ. Кæсын дын, æмæ та сылгоймаг рафыхти: «Ныббар, дам, мын. Никуы дын ныххатыр кæндзынæн, æнхъæлмæ дæр ма кæс! Рæхджы амæлдзынæн æмæ йæ зон: ницы дын ныббарстон!»
Хабардзурæг фæхъус æмæ та хъуыдытыл фæци. Чысыл фæстæдæр та дзурын байдыдта мынæг, фæлæ зæрдæбындæр хъæлæсæй:
— Сæхи ныхæстæм та рахызтыстæм. Гъер ды ахуыргонд лæг дæ æмæ сæ æнцонæй æмбæрстаис. Сæ дзырдтæй сын ныр дæр ма цыдæртæ хъуыды кæнын, фæлæ сæ мидис, нагъ.
Лæг сылгоймагæн афтæ:
— Мæнæ йæ уыныс, жандарм дæм не ’рбацыд. Жандарм дæу бынатыл сæмбæлын кодта, инструкцимæ гæсгæ ма æндæрты дæр ласдзæн. Гъе, фæлæ нæ къæсæрæй дæр инструкцимæ гæсгæ æрбахызт? — мæнмæ æрбаздæхт. — Хорз лæг, дæ ном дын нæ зонын...
— Степан.
— Дæ фыды ном та?
— Петры фырт дæн.
— Гъемæ, Степан Петры фырт, ардæм цæмæн æрбацыдтæ? Адæймæгтæ кæй стæм... Афтæ нæу?
— Бæгуыдæр афтæ. Адæймæгтæ стæм. Зæгъын, тынг хорз æй æмбарын кæныс. Инструкцимæ гæсгæ та... Афтæ хуымæтæ­джы мæнæн сымахмæ цæуынты бар нæй. Мæ хицау исты куы базонид — нæ мæ раппæлид.
— Гъер федтай, — дзуры та лæг, æмæ йын йæ цонгыл æрхæцыд. Сылгоймаг йæ къух атыдта.
— Æз ницы федтон. Сымах та, цы нæ ис, уыдæттæ дæр уынут. Æз æмæ мæнæ... — Мæнмæ ацамыдта. — Хуымæтæ­джы адæймæгтæ стæм. Знæгтæ цы вæййынц, гъе уый, æмæ дзы дзæнгæда цæгъдын нæ хъæуы. Ацы лæджы хæс у цырддзаст уæвын, мах дæр хæлиудзыхтæ хъуамæ ма разынæм. Мæнæ йæм кæсыс: лæууы æмæ та нæм хъусы. Нæ нæ æмбары, æндæр гæххæттыл фыстæй бынатыл сæмбæликкой...
Лæг мæнырдæм разылд, æдзынæг мæм ныккаст йæ кæсæнцæстытæй. Гæрдаг цæстытæ йын, фæлæ фæлмæн æнгас.
Фæрсы мæ: «Цы зæгъинаг дæ?.. Уæвгæ йын мацы зæгъ. Æмбарын дæ — бафхæрдта мæ, зæгъгæ, нымайыс».
Ныхас дæр ыл нæй... Инструкцимæ гæсгæ, гъер, зæгъæм, мæ фыд галиу ми ракодта, уæд ууыл дæр хъуамæ афыссон. Ард бахордтон. Гъе, фæлæ æз ардæм ахæм зæрдæимæ  куы нæ æрбацыдтæн, æмæ мын йæ ныхæстæ мæ зæрдæ сфæйлыдтой. Дуарырдæм фæзылдтæн, фæлæ мæ Рязанцев фæурæдта:
— Степан Петры фырт, ма ма ацу. — Сылгоймагæн та загъта: — Аив нæу. Ма йын ныббар, хорз, ма бафидаут. Цæй, ууыл нал дзурæм. Ацы лæг дæр дын нæ ныббарид, алцыдæр куы æмбарид, уæд. Гъе, фæлæ знаг дæр адæймаг у. Ды уыцы хъуыдымæ не ’рцыдтæ... Уымæн æмæ аргъуанмæ нæ цæуыс, фæлæ дингæнæг хицæн къорды уæнг дæ. Афтæ, гъе!
— Фæуæд, — сдзырдта сылгоймаг. — Дæу ницы æндавы... Дзурынæй не ’фсæдыс, чингуытæ кæсынæй дæр...
Æнахуыр диссæгтæ, уыцы ныхæстæм лæг фесхъиудта, цыма йын сылгоймаг йæ уадул ныддаудта. Фæлæ рынчын йæхæдæг дæр хорзау нал уыди.
— Мæн ницы ’ндавы?! — сдзырдта лæг. — Мæнгтæ кæй дзурыс, уый дæхæдæг дæр æмбарыс.
— Чи зоны, — загъта сылгоймаг. — Æмæ ды æдзух рæстытæ фæдзурыс?
— Æз рæстытæ фæдзурын: ды æцæгæй дæр Морозова дæ, уæздæттæй...
Сылгоймаг фæсагъæсхуыз, лæгмæ йæ къух баивæзта. Уый йын йæ къух райста, фæкасти йын йæ цæстытæм сылгоймаг æмæ загъта: «О, æвæццæгæн, ды раст дæ». Æз та гъæлайы лæуд кодтон. Мæ зæрдæ къуырма рыстæй срæхуыста. Разылди сылгоймаг мæнмæ, æрбакасти мæм æмæ мæм йæ къух радта æмæ загъта: «Мæнæ дын адæймаджы ныхас: уæлæуыл царды знæгтæй баззайдзыстæм. Хатырæй дын фæуæд. Мæ къух дæм дæттын. Мæ цæст дын уарзы, адæймаг дæ куыд рауайа, инструкцимæ гæсгæ нагъ — æцæг адæймаг... Бафæлладтæн».
Рацыдтæн уырдыгæй... Рязанцев мæ фæстæ рахызт. Кæрты афæстиат стæм, æмæ уынын — йæ цæстытæ бауымæл сты.
— Степан Петры фырт, цæмæй дæ фæрсын. Ам ма бирæ бафæстиат уыдзыстут?
— Нæ зонын, фæлæ æртæ бонæй фылдæр кæд нал. Посты æрбацыдмæ.
— Куы ма дæ бафæнда, уæд-иу нæм æрбауай. Кæсын дæм, æмæ цыма æвзæр адæймаг нæ дæ...     
— Хатырæй мын фæуæд, фæудаист уæ кодтон...
— Гъе, уыцы ныхæстæ мæ разæй дæр уæртæ уымæн зæгъгæ уыдысты.
— Цæмæй дæ бафæрсинаг дæн: Морозовайы кой скодтай, æцæгæй дæр уæздæтты мыггагæй у?
— Уæздæтты мыггагæй уа, нæ уа — йæ туг ахæм у, æмæ йын асæттæн ис... Мæнæ йæ ды дæр асастай. Фæлæ дын ма ’ртаса. Дæхæдæг æй федтай: ахæмтæ тасгæ нæ кæнынц.
Уыйадыл хæрзбон загътам кæрæдзийæн.

V
Нымад бонтæ ма ацарди. Куыд æй ныгæдтой, уый нæ федтон — уезды пъæлицæйы хицаумæ уыдтæн. Рязанцевы уый фæстæ бон федтон, йæ размæ бацыдтæн, кæсын æм — хуызы цъыртт дзы нал баззад...
Асæй Рязанцев уыди бæрзонд, зæрдиагхуыз. Амæй размæ мыл-иу бацин кодта, ныр мæм ахæм дзагъул фæласта, ахæм! Йæ къух мæм радта, цъусдуг афæстиат æмæ йæ къух айста, иуварс азылди, загъта: «Дæ уынд мын тых кæны. Хуыцауы хатыр бакæ æмæ ацу». Йæ сæр æруагъта æмæ аздæхт. Æз не ’хсæвиуатмæ рацыдтæн. Афтæ нырхæндæг дæн, æмæ дыууæ боны мæ зæрдæ хойраг нал бацагуырдта. Уæдæй фæстæмæ ме ’рхæндæг зæрдæ нал æрсабыр, цыма сæйгæ рынчын уыдтæн.
Уый фæстæ бон нæм уезды пъæлицæйы хицау фæдзырдта. Загъта нын: «Ныр уæ фæндаджы кой кæнут. Уыцы гæххæтт райстам, фæлæ æгæр æрæджиау». Куыд бамбæрстон, афтæмæй та уыцы рынчын сылгоймаджы хъуамæ мах кæдæмдæр аластаиккам, фæлæ йын Хуыцау фæтæригъæд кодта — йæ цард ын фескъуыдта.
…Тæккæ уый фæстæ дæр ма дзы цыдæртæ уыди, — хабæрттæ ууыл нæма фесты. Фæстæмæ здæхгæйæ иу стан­цæйы æрлæу­уыдыстæм... Бацыдыстæм мидæмæ, кæсæм: стъолыл самовар, алы скомдзаггæнинæгтæ. Бадгæ дзы баййæфтам цавæрдæр зæронд усы, хæдзары æфсины цайæ хынцта. Хæрзаив зæронд ус, ныллæджытæарæзт, уыди хъæлдзæг, ныхасмондаг. Хæдзары æфсинæн йæ хабæрттæ дзурыныл фæци: «Лыстæг дзаумайæ мæм цы уыди, уыдон бамбырд кодтон. Хæдзар мын бынæн баззади, ауæй йæ кодтон æмæ фæраст дæн мæ бæлонмæ. Зæгъын, куыд ныццин мыл уыдзæн! Фæуайдзæфтæ мын кæндзæн, пихлæйттæ фæкалдзæн, уæддæр ын мæ фæзынд æхсызгон уыдзæн. Фыста мæм: «Ма мæм рацу». Цæлхдуртæ мын æвæрдта мæ разы. Цæй, уый ницы давы».
Цыма мын чидæр мæ галиу фарс бацавта. Къухнамæ рацыдтæн. Æххуырст чызджы афарстон: «Уыцы зæронд ус чи у?» Айфыццаг кæй æрбаластат, уыцы чызджы мад, дам, у. Куыд­дæр фæцудæгау кодтон. Мæ цæсгомы хуыз аивта, уый бафиппайдта лæггадгæнæг чызг æмæ мæ афарста:
— Цы кæныс, салдат?
—   Сабырдæр дзур, — загътон æз. —  Цы ’рдиаг кæныс? Йæ чызг амарди.
Лæггадгæнæг чызг, — цы йæ ’мбæхсæм, рог сылгоймаг уыди, бæлццæттыл йæхи ныхæста, — йæ цæнгтæ сæппæрста, ныккуыдта æмæ хæдзарæй федде. Мæ худ райстон æмæ æз рацыдтæн. Залы бадæг зæронд ус æмæ хæдзары æфсин сæ дзæгъæл дзæнгæдайæ нæма бафсæстысты. Куыд æй зæгъон, уый дæр нæ зонын, зæронд усæн афтæ фæтæригъæд кодтон. Уыцы иу растæй фæндагыл фæраст дæн. Иуафон мæ Иванов æрбаййæфта æмæ чъибиткæйы сбадтæн.
VI
… Хъуыддæгтæ, хъуыддæгтæ. Уезды пъæлицæйы хицау мыл дзырдтæ бахаста, хаст адæммæ цыдтæн, зæгъгæ. Бандзæрста мыл костромайаг булкъон дæр — чызджы сæрыл, дам-иу сдзырд­та, — дыууæ цæфы дæр нысаныл сæмбæлдысты. Хицауы нал фæндыди мæн унтер-афицеры цинмæ æвдисын. Афтæ мын: «Дæуæй цæй унтер-афицер ис! Къаба хъуамæ дарай! Дæ бынат — къарцы, гъæла!» Гъе æрмæст уыцы рæстæг æз ныууа­залзæрдæ дæн æмæ фæсмон дæр ницæуыл æркодтон.
Мæ бон нæ уыди уыцы тызмæг сылгоймаджы ферох кæнын. Ныртæккæ дæр мæм уыцы зæрдæ ис: афтæ мæ цæстыты раз фегуыры...
Уый, цымæ, цы уа? Чи мын æй зæгъдзæн? Æнхъæлдæн афынæй дæ, уæздан лæг?
— Куынæ, хуыссæг мæ нæ ахсы.
Мæ хуыссæг фæлыгъди... Хъæды рохуаты чи баззад, уыцы хæдзары мылазон талынг мæ удыл æрхæндæг бафтыдта, талынджы-иу ауыдтон амæлæг чызджы æнкъард сурæт. Уыг дæр ыл æмыр куыдæй куыдта.

Бицъоты Гришы тæлмац

 

Мах дуг.– 2003.– №8.


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов Кавказа
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
       Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.