Мигель де СЕРВАНТЕС Сааведр (29.09.1547г. Аоькала-де-Энарес–22.04.1616, Мадрид).
Испанский писатель. Прежде всего, известен как автор одного из величайших произведений мировой литературы - романа «Хитроумный идальго Дон Кихот Ламанчский».
Мигель де СЕРВАНТЕС Сааведрӕйӕ
* * *
Уӕнтӕхъил Петр у ӕнкъард, ӕрхуым,
Фӕсмон кӕны — ӕхсӕв уа, бон — йӕ митыл.
Йӕ зонгӕтӕй нӕ кӕны иумӕ сым,
Йӕхинымӕр йӕ хъысмӕты ӕлгьиты.
Куы ракӕны сыгъдӕгзӕрдӕ ӕвзӕр,
Уӕд ӕй йӕхицӕн цъаммарау нӕ бары.
Ысдон вӕййы фыркатайӕ йӕ сӕр,
Йӕ рухс бӕллицтӕ баныгӕны тары.
***
Авджы хуызӕн хонынц дӕу
Тынг сӕртӕг, сылгоймаг, адӕм.
Асӕтдзӕн — фӕлваргӕ нӕу —
Зондджынты хуызӕн ӕрратӕн.
Цард чи федта, уый хӕстӕг
Никуы бацӕудзӕни уымӕ,
Авгау чи у тынг сӕртӕг,
Састӕй чи бахауы къуыммӕ.
Цавӕрфӕнды уӕд дӕ кар,
Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар:
Кӕд фӕзынд зӕххыл Даная 1,
Нӕй ӕнӕзынгӕ къӕвдайӕн.
* * *
Агурын сӕрибар ахстӕй,
Cay мӕлӕтӕй курын цард.
Стӕхынмӕ фӕхъавын бастӕй,
Уазалӕй ӕрдомын арт.
Давӕгмӕ кӕсын ӕнхъӕлмӕ,
Разынид ӕм кӕд ӕфсарм.
Хиуарзон зындзӕн мӕ хъӕрмӕ,
Дардзӕни мӕныл йӕ арм.
Фӕлӕ нӕй мӕ фӕндтӕм хъусӕг,
Нӕй дзы иуӕн дӕр бындур.
Мӕй — бӕрзонд арвӕн йӕ хъусцӕг,
’Мбисӕхсӕв нӕ кӕсы хур.
***
Куы бафынӕй у а дуне абон, уӕд
Мӕ цӕстытӕн ӕрцъынд уӕвӕн нӕ уыдзӕн.
Дӕуыл кӕндзынӕн, Хлорӕ, сагъӕс, мӕт,
Дӕ фӕлгонцӕн ӕз кувдзынӕн, дӕ хуызӕн.
Куы скӕса хур сӕумӕрайсом, уӕддӕр
Нӕ фӕуыдзӕн мӕ сагъӕс уымӕй къаддӕр,
Дӕуыл хъуыдытӕй дзаг уыдзӕн мӕ сӕр,
Уӕд афтӕмӕй куыд цӕрдзынӕн ӕз дарддӕр?
Ӕмбисбон дӕр уыдзӕн мӕ цӕсгом тар,
Нӕ йӕ батавдзӕн хурзӕрин йӕ тынтӕй.
Дӕу хуызӕн рӕсугъд нӕй зӕххыл, ӕмбар,
Кӕй вӕййын хъал ӕрмӕстдӕр ӕз мӕ фынтӕй.
Нӕ дӕм хъуысы мӕ хъӕрзынау, мӕ хъӕр,
Куыннӕ хонон уӕд сайраг ӕз мӕ сӕр?!
* * *
Дӕ цӕстытӕн — ӕцӕгӕлон сӕ каст,
Кӕнын сыл ӕз уӕддӕр мӕ хуыздӕр зарӕг.
Дӕ уынд, дӕ кондӕй райгуырди мӕ уарзт,
Уыдзысты уыдон афтӕмӕй мӕ марӕг.
Дӕ хъуыдыйы, дӕ бӕллицты цӕргӕс
Ӕндӕр кӕйдӕр ды рахуыдтай мӕ бӕсты.
«Хӕрзбон» куы зӕгъон ацы цардӕн ӕз —
Дӕ рӕсугъддзинад ауайдзӕн мӕ цӕстыл.
Ды дӕ мӕнӕн мӕ хур ӕмӕ мӕ мӕй,
Зынаргъдӕр мын дӕ бирӕ ды мӕ цардӕй.
Мӕлӕт дӕр дӕ нӕ байсдзӕни мӕнӕй,
Дӕ уарзондзинад тынгдӕр судзы артӕй.
Ызнӕт денджызы ленк кӕнын мӕйдары,
Фӕндагамонӕг нӕй мӕнӕн ыстъалы.
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- 383 ф.
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].