logo

М О Я    О С Е Т И Я



Толстой Лев Николаевич
зындгонд уырыссаг фыссæг (1828 – 1910)

Лев Толстой — один из самых известных писателей и философов в мире. Его взгляды и убеждения легли в основу целого религиозно-философского течения, которое называют толстовством. Литературное наследие писателя составило 90 томов художественных и публицистических произведений, дневниковых заметок и писем, а самого его не раз номинировали на Нобелевскую премию по литературе и Нобелевскую премию мира. https://www.culture.ru/persons/8211/lev-tolstoi



Рассказы, мысли...

РАДЗЫРД, ӔМБИСӔНДТӔ,ХЪУЫДЫТӔ

Бедные люди

МӔГУЫР АДӔМ

Кӕсагахсӕджы халагъуды арты фарсмӕ бады Жаннӕ, кӕсагахсӕджы ус, ӕмӕ рӕхсы зӕронд кӕттаг. Ӕдде ӕхситт кӕны,
ниуы дымгӕ, ӕмӕ цӕллахъгӕнгӕ уылӕнтӕ
ныддӕрӕн вӕййынц былгӕроныл. Ӕдде -талынг ӕмӕ уазал, уад абухы, фӕлӕ кӕсагахсӕджы халагъуды хъарм у, стӕй удӕн ӕхцон. Халагъуды зӕхбын - сыгъдӕг,
хӕрзмарзт, пецы арт нӕма ӕрмынӕг,
тӕрхӕгыл ӕрттивы мигӕнӕн. Сынтӕджы урс ӕмбӕрзӕны бын хуыссынц фондз сы-
вӕллоны, знӕт денджызы ниуын сӕ ницы
хъыгдары. Хӕдзары хицау райсомӕй йӕ бӕлӕгъы денджызы аленк кодта ӕмӕ нӕма 'рбаздӕхти. Ӕфсин уылӕнты уынӕргъын ӕмӕ дымгӕйы рыхын хъусы ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ризы.
Зӕронд хъӕдын сахат фӕсус хъӕр
ныккодта дыууӕ хатты - дӕс сахатыл,
стӕй та иуӕндӕсыл... Уӕддӕр лӕг зынӕг нӕма и. Жаннӕ хъуыдыты аныгъуылди. Лӕг йӕхиуыл нӕ ауӕрды, уазалы дӕр, тымыгъы дӕр кӕсаг ахсы. Сылгоймаг райсомӕй изӕрмӕ кусы. Ӕмӕ цы? Ма-мӕлайы къӕбӕрӕй цӕрынц. Сывӕллӕт-тӕн къахыдарӕс нӕй: сӕрдӕй, зымӕгӕй бӕгъӕввадӕй згъорынц; мӕнӕуы ссадӕй конд дзул цы у, уый нӕ зонынц. Хуыцау хорз ӕмӕ сӕм цъой фаг ис, ахуыйӕнӕн
та сын — кӕсаг. «Цӕй, Хуыцауӕн табу, уӕддӕр ӕгайтма ӕнӕниз сты! Хъуамӕ хъаст ма кӕнӕм, — хъуыды кӕны Жаннӕ ӕмӕ та тымыгъы уынӕргъынмӕ ныхъхъуыста. — Кӕм и ныр нӕ лӕг? Фыдбылызӕй йӕ бахиз, Хуыцау!» — дзуры ӕфсин ӕмӕ йӕхи-уыл дзуӕрттӕ бафтыдта.
Хуыссын афон нӕма у. Жаннӕ сыстад, йӕ сӕр бӕзджын кӕлмӕрзӕнӕй ӕрбатыхта, фанар ссыгъта ӕмӕ уынгмӕ рацы-ди — базона, денджыз фӕсабырдӕр и ӕви нӕма, бон цымӕ ӕрбацъӕхтӕ, маяк судзы ӕви нӕ, йӕ лӕджы бӕлӕгъ никуы-цӕй ма зыны? Фӕлӕ денджызы цъиуызмӕлӕг нӕй. Дымгӕ Жаннӕйы кӕлмӕрзӕн аскъӕфта, стӕй кӕцӕйдӕр цыдӕр ра-тыдта ӕмӕ дзы сыхӕгты дуар хойы. Жаннӕйӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, изӕрӕй сӕ сыхӕгты рынчын усы абӕрӕг кӕни-наг кӕй уыд, уый. «Фӕкӕсӕг ӕм нӕй, мӕгуыр», — ахъуыды кодта Жаннӕ ӕмӕ дуар бахоста. Байхъуыста мидӕмӕ... Дзуап-дӕттӕг нӕй.
«Идӕдз усӕн йӕ хабар хорз нӕу, — йӕхинымӕр дзуры сыл-гоймаг къӕсӕры цур лӕугӕйӕ. — Кӕд ын дыууӕ сывӕллоны йеддӕмӕ нӕй, уӕддӕр сын рынчынӕй цы кӕна? Ехх, куыд зын у идӕдзӕн! Цӕй, бахизон, бабӕрӕг ӕй кӕнон».
Жаннӕ ма цалдӕр хатты бахоста дуар. Дзуапп ын ничи радта.
— Гъей, хӕдзаронтӕ! — бахъӕр кодта Жаннӕ.
«Мацы йыл ӕрцӕуӕд», — ахъуыды кодта ус ӕмӕ дуар ба-тъӕпп кодта.
Агъуысты уыд уазал ӕмӕ уымӕл. Жаннӕ фанар уӕлдӕр си-ста. Ӕмӕ ӕппӕты фыццаг йӕ цӕст ацахста дуары бакомкоммӕ сынтӕг, хуыссӕны ӕнӕзмӕлгӕйӕ уӕлгоммӕ хуыссыди ус. Афтӕ ӕдзӕмӕй, ӕнӕзмӕлгӕйӕ фӕхуыссынц мӕрдтӕ. Жаннӕ йӕм фанар хӕстӕгдӕр бадардта. Уый у. Йӕ сӕр уыди фӕстӕмӕ ӕппӕрст, уазал, цъӕхбын цӕсгом — цӕвиттон, ӕгас нал у. Фӕлурс мард цонг, цыма йӕхи цӕмӕдӕр ивӕзта — хъӕмпӕй ӕрдзедзыкка. Чысыл ӕддӕдӕр дыууӕ чысыл тыппыррус ӕмӕ къӕбӕлдзыгсӕр сывӕллоны хуыссыдысты зӕронд кӕлмӕрзӕнӕй ӕмбӕрзтӕй, сӕ бурдзалыг сӕртӕ кӕрӕдзимӕ ӕрбалвӕстой.
Ӕвӕццӕгӕн ма мадӕн йӕ уд сисыны размӕ бантысти гыц-цылты къӕхтӕ зӕронд кӕлмӕрзӕнӕй бамбӕрзын. Сабитӕн сӕ улӕфт — сӕрибар ӕмӕ ӕнцад, кӕнынц адджын фынӕй.
Жаннӕ авдӕн ӕд сывӕллӕттӕ райста, кӕлмӕрзӕнӕй сӕ бӕстон бамбӕрзта ӕмӕ сӕ йӕ хӕдзармӕ рахаста. Йӕ зӕрдӕ йӕ риуы гыбар-гыбур кӕны. Йӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ зоны, цӕмӕн афтӕ бакодта, уый. Уӕвгӕ зыдта, ӕнӕ афтӕ бакӕнгӕ йын кӕй нӕ уыд, уый.
Хӕдзары сӕ йӕхи сывӕллӕтты фарсмӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сӕ тагъд-тагъд амбӕрзта. Ныффӕлурс и, фыртыхстӕй цы акӕна, уый нӕ зоны. Йе 'фсарм ын ӕнцой нӕ дӕтты. «Цы зӕгъдзӕни нӕ лӕг, - йӕхиимӕ ныхас кӕны сылгоймаг. - Уый хъазын нӕу: хӕдзары фондз сывӕллоны, уыдонмӕ зилын дӕр тыхтӕ-фыдтӕй куы фӕразы, ныр ма йӕ фыдӕбӕттыл ноджы бафтдзӕн. Ӕрбацӕ-уы, ӕнхъӕлдӕн... Нӕ, нӕма зыны!.. Цӕмӕн сӕ рахастон?.. Нӕмгӕ мӕ кӕндзӕни! Ӕмӕ мын хъӕугӕ дӕр кӕны. О, афтӕ мын хъӕуы. Мӕнӕ 'рбахӕццӕ! Нӕ!.. Уый ноджы хуыздӕр!»
Дуары хъинц фӕцыди. Цыма чидӕр ӕрбацыди. Жаннӕ фес-хъиудта, бандонӕй фестади.
«Нӕ. Ничи та 'рбацыд! О Хуыцау, цы ми бакодтон! Цӕмӕн?.. Ныр ма йӕм цы цӕсгом равдисдзынӕн?..»» Жаннӕ цы уыд, уымӕй сагъӕсты аныгъуылд ӕмӕ ӕнӕдзургӕйӕ сынтӕджы цур бады.
Къӕвда банцад. Ӕрбарухс, фӕлӕ дымгӕ раздӕрау йӕ уынӕрӕй не 'нцайы. Денджыз дӕр фыццагау ӕмбухы.
Уалынмӕ дуар фегом, агъуыстмӕ денджызон сыгъдӕг уӕл-дӕфы уылӕн ӕрбанхъӕвзта, ӕмӕ бӕрзонд саулагъз кӕсагахсӕг ӕрбахызт, йӕ фӕдыл ласта йӕ хуылыдз пырхытӕ хыз:

  1. Жаннӕ, мӕнӕ дӕн ӕз дӕр!
  2. Уый ды дӕ? - сдзырдта Жаннӕ, стӕй фӕхъус, хӕрдмӕ скӕсын нӕ бауӕндыди.
  3. Ахӕм ма дзы ӕнахъинон ӕхсӕв уа! Цыма хъаймӕт ӕрцыди!
  4. Уӕдӕ, уӕдӕ! Ӕвирхъаудӕр ӕхсӕвӕн скӕнӕн нӕй! Исты бафтыди дӕ къухы?
  5. Мур дӕр ницы! Ӕппындӕр ницы 'рцахстон. Ӕрмӕст мӕ хыз сау быны пырхытӕ ныцци. Хорз нӕу хабар... Ӕниу хъуамӕ цы 'рцахстаин ахӕм ӕнӕхайыры тымыгъы! Хуыцауӕй разы -уӕддӕр сӕрӕгасӕй сӕмбӕлдтӕн хӕдзарыл... Ӕмӕ ды та ӕнӕ мӕн цы митӕ кодтай?

Лӕг йӕ хыз уатмӕ ӕрбаласта ӕмӕ пецы фарсмӕ ӕрбадт.

  1. Ӕз? - ныффӕлурс, афтӕмӕй сдзырдта Жаннӕ. - Бадтӕн, цыдӕртӕ рӕхсадтон... Дымгӕ афтӕ ниудта, ӕмӕ-иу фӕудайст дӕн. Дӕуӕн тарстӕн.
  2. Ай-гъай, ӕрдз бынтондӕр схӕйрӕджджын, - багуым-гуым кодта лӕг. - Цы нӕ бон у, фӕразын хъӕуы!

Дыууӕйӕ дӕр ныхъхъус сты.

  1. Ӕнамонд хабар, - загъта Жаннӕ, - нӕ сыхаг Симон амарди.
  2. Уӕууа...
  3. Кӕд амард, уый дӕр бӕлвырдӕй нӕ зонын, ӕвӕццӕгӕн, знон. Бирӕ хъизӕмар фӕкодта, мӕгуыр. Ӕниу йӕ сабитыл йӕ зӕрдӕ куыд рысти! Нырма хӕрз къаннӕг сты. Иу дзы дзургӕ дӕр нӕма кӕны, иннӕ та йӕ фазыл бырын ӕрӕджы райдыдта.

Жаннӕ ныхъхъус. Лӕг ӕлхынцъӕрфыгӕй бадти, сагъӕсты аныгъуылди.
-         Уый дын хабӕрттӕ, гъе! - сдзырдта ӕрӕджиау ӕмӕ йӕ къӕбут аныхта. - Ныр цы бачындӕуа? Нӕхимӕ сӕ ӕрбахӕс-сын хъӕуы, науӕд куы райхъал уой, уӕд цы ми кӕндзысты? Хуыздӕр хос нӕй, рахӕссын сӕ хъӕуы... Исты амӕлттӕ сын кӕндзыстӕм! Марадз, ауай сӕм!
Фӕлӕ Жаннӕ йӕ бынатӕй не 'нкъуысти.
-   Цӕй, цы ныхъхъус дӕ? Нӕ дӕ фӕнды?
-     Мӕнӕ дӕ цуры сты, - загъта Жаннӕ ӕмӕ хуыссӕн-ӕмбӕрзӕн иуварс аппӕрста.

Как мужик гусей делил

МӔГУЫР ЛӔГ ХЪАЗТЫ КУЫД ДИХТӔ КОДТА

Мӕгуыр лӕгмӕ дзул нӕ уыд ӕмӕ сфӕнд кодта бонджынӕй дзул ракурын. Фӕлӕ йӕм афтидармӕй бацӕуын йӕ цӕсгом нӕ хъӕцыди. Гъемӕ хъаз ӕрцахста, сфизонӕг ӕй кодта, афтӕмӕй бацыди бонджын лӕгмӕ.
Бонджын хъаз райста ӕмӕ дзуры мӕгуыр лӕгмӕ:
-          Бузныг дӕ хуынӕй, фӕлӕ нӕ зонын, куыд ӕй адихтӕ кӕнӕм, уый. Ис мын бинойнаг, дыууӕ фырты ӕмӕ дыууӕ чыз-джы. Куыд байуарӕм хъаз, цӕмӕй иуы зӕрдӕхудты дӕр ма бацӕуӕм, уый тыххӕй?
Мӕгуыр лӕг загъта:
-Ӕз ӕй адихтӕ кӕндзынӕн.
Райста кард, хъазы сӕр ачъепп ласта ӕмӕ дзуры хӕдзары хицаумӕ:
-    Ды бинонты сӕр дӕ ӕмӕ дын мӕнӕ сӕр.
Уый фӕстӕ ралыг кодта хъазы дымӕг ӕмӕ йӕ ӕфсинмӕ радта:
-          Ды иудадзыг хӕдзары бадыс, хӕдзармӕ дӕ хъус дарыс, ӕмӕ дын - дымӕг.
Уый фӕстӕ ралыг кодта къӕхтӕ ӕмӕ сӕ лӕппутӕм дӕтты:
— Сымах уӕ фыды фӕзмдзыстут, йӕ фӕндӕгтыл цӕудзыс-тут, ӕмӕ уын мӕнӕ къӕхтӕ.
Чызджытӕн та радта базыртӕ. Сымах, дам, тагъд уӕ хӕдзарӕй атӕхдзыстут, ӕмӕ уын мӕнӕ базыртӕ. Цы ма дзы баззад, уый та мӕхи фӕуӕд! Ӕмӕ хъаз йӕхицӕн райста.
Хӕдзары хицау дзӕвгар фӕхудти, мӕгуырӕн дзул ӕмӕ ӕхца радта.
Ацы хабар иу хъӕздыг лӕджы хъустыл ӕрцыди, фондз хъа-зы сфизонӕг кодта ӕмӕ дын сӕ бонджынмӕ куы бахӕссид. Бонджын ын афтӕ:
— Бузныг дӕ хуынӕй. Фӕлӕ мын ис ус, дыууӕ фырты, дыу-уӕ чызджы. Цӕвиттон, ӕхсӕз уды стӕм, ӕмӕ цӕмӕй иуы зӕрдӕхудты дӕр ма бацӕуӕм, уый тыххӕй дын дӕ хъазтӕ куыд байуарӕм?
Хуындзау лӕг фӕхъуыды кодта, фӕлӕ йӕ бон дзуапп рат-тын не сси.
Бонджын мӕгуыр лӕгмӕ бадзырдта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста хуын адихтӕ кӕнын. Мӕгуыр лӕг хъазтӕй иуы райста ӕмӕ йӕ радта лӕг ӕмӕ усмӕ. Дзуры сӕм:

  • Ныр ацы хъазимӕ ӕртӕ баистут. Дыккаг хъаз радта лӕппутӕн:
  • Сымах дӕр ныр ӕртӕ стут. Ӕртыккаг хъаз радта чызджытӕн:
  • Сымах дӕр ӕртӕ баистут.

Мӕгуыр лӕг дыууӕ хъазы йӕхицӕн райста:
— Ныр мах дӕр ӕртӕ стӕм. Мӕнмӕ гӕсгӕ, ам иу адӕйма-джы зӕрдӕ дӕр нӕ фӕхуддзӕни.
Хӕдзары хицау та дзӕвгар фӕхудти, мӕгуыр лӕгӕн та ӕхца ӕмӕ дзул радта, хуыны хицауы та тӕргӕ ракодта.

Дурак и нож (Басня)

ӔДЫЛЫ ӔМӔ КАРД

Иу ӕдылымӕ уыди тынг хорз кард. Ӕдылы дын дзы ӕфсӕйнаг лыг кӕнын куы байдаид. Фӕлӕ кард ӕфсӕйнаг куыд хъуамӕ алыг кодтаид? Уӕд ӕдылы афтӕ:
— Дыууӕ сау капеччы аргъ дӕр нӕу мӕ кард.
Ӕмӕ дзы кисель лыг кӕныныл схӕцыд: ауадзы кард киселыл, фӕлӕ кисель куыд уыд, афтӕмӕй баззайы. Ӕдылы та загъта:
— Дыууӕ сау капеччы аргъ дӕр нӕ дӕ! — ӕмӕ замманай кард ныззыввытт ласта.

Тонкие нити

ЛЫСТӔГ ӔНДӔХТӔ

Иу лӕг ӕлвисӕг усмӕ бацыд ӕмӕ йын афтӕ, лыстӕг ӕндӕхтӕ, дам мын балвис. Ус ын балвыста лыстӕг ӕндӕхтӕ. Лӕг сӕ куы федта, уӕд афтӕ:
—     Адон нӕ бӕззынц. Мӕн бынтон лыстӕг ӕндӕхтӕ хъӕуы. Ус ын загъта:
— Кӕд дӕм адон лыстӕг нӕ кӕсынц, уӕд дын уартӕ ӕндӕртӕ, — ӕмӕ йын бацамыдта афтид бынатмӕ.
Лӕг ын афтӕ, куы ницы, дам, уынын. Ӕлвисӕг ын дзуапп радта:
— Бынтон лыстӕг кӕй сты, уый тыххӕй сӕ нӕ уыныс. Ӕз сӕ мӕхӕдӕг дӕр нӕ уынын.
Ӕдылы бацин кодта ӕмӕ загъта, уӕдӕ, дам мын ахӕмтӕ балвис ӕмӕ йын ӕхца бафыста.

Дележ наследства

БАЙУӔРСТОЙ СӔ БЫНТӔ
Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Иуахӕмы сын загъта:
— Куы амӕлон, уӕд-иу мын мӕ бынтӕ ӕмхуызон адихтӕ кӕнут. Фыд куы амард, уӕд лӕппутӕн сӕ бон нӕ уыди хӕдза-ры мулк байуарын. Гъемӕ сӕ сыхагмӕ фӕрсынмӕ бацыдысты. Сыхаг сӕ фӕрсы:

  • Куыд уын загъта уӕ фыд? Лӕппутӕ йын дзуапп радтой:
  • Ӕмхуызон, дам-иу сӕ адих кӕнут. Сыхаг сын афтӕ:

—  Гъемӕ уӕ дарӕстӕ ӕмхуызон аскъуыдтӕ кӕнут, уӕ къустӕ, тӕбӕгътӕ ӕмбистыл асӕттут, уӕ фос аргӕвдут ӕмӕ сӕ дыгай дихтӕ акӕнут.
Ӕфсымӕртӕ сыхагмӕ байхъуыстой, ӕмӕ сӕм мулкӕй ни-цыуал баззади.

Шакалы и слон

МӔРДТЫБИРӔГЪТӔ ӔМӔ ПЫЛ

Мӕрдтыбирӕгътӕ, хъӕды хӕдмӕлы мыггагӕй цы уыд, уыдон бахордтой ӕмӕ сыдӕй мӕлынмӕ ӕрцыдысты. Уӕд зӕронд мӕрдтыбирӕгъмӕ ӕрцыд ахӕм фӕнд. Пылмӕ бацыд ӕмӕ йын афтӕ зӕгъы:
— Паддзах нын уыди, фӕлӕ ӕгӕр ӕнӕуаг митӕ кӕнын бай-дыдта: саразӕн цы хъуыддагӕн нӕ уыд, уыдӕттӕм нӕ лӕгдыхӕй ӕрвыста. Ныр ӕндӕр паддзах равзарӕм, зӕгъгӕ, ахӕм фӕндмӕ ӕрцыдыстӕм. Гъемӕ дӕ курӕм: рацу нӕм ӕмӕ нын паддзахи-уӕг кӕн. Мах коммӕгӕс стӕм: цы зӕгъай, уый ӕнӕ уӕлдай ныхасӕй кӕндзыстӕм, дӕ ном дын буц дардзыстӕм. Дӕ хорзӕхӕй, саккаг нӕм кӕн.
Пыл сразы ӕмӕ мӕрдтыбирӕгъы фӕдыл араст. Мӕрдты-бирӕгъ ӕй цъымарамӕ бакодта. Пыл дзы ныссагъд, уӕдӕ цы уыдаид. Уӕд ӕм мӕрдтыбирӕгъ дзуры:
— Ныр дӕм хъусӕм. Цыдӕриддӕр зӕгъай, уый бакӕн-дзыстӕм.
Пыл загъта:
—     Бардзырд уын дӕттын: ардыгӕй мӕ раласут. Мӕрдтыбирӕгъ ныххудт ӕмӕ афтӕ:
—     Мӕнӕ мӕ къӕдзилыл ныххӕц ӕмӕ дӕ ӕз рахӕр-хӕр лас-дзынӕн.
Пыл ӕм дзуры:
— Ӕмӕ мӕ дӕ къӕдзилӕй куыд раласдзынӕ? Уӕд ын мӕрдтыбирӕгъ дзуапп радта:
—     Омӕ саразӕн цы хъуыддагӕн нӕй, уый нын цӕмӕн кӕнын кӕныс? Мах нӕ раздӕры паддзахы дӕр уый тыххӕй куы фӕсырдтам.
Пыл цъымарайы куы ныххӕдмӕл, уӕд ӕм мӕрдтыбирӕгътӕ бацыдысты ӕмӕ дзы сӕхи хорз бафсӕстой.

Птицы и сети

МӔРГЪТӔ ӔМӔ ХЫЗ

Цуанон цады был сӕвӕрдта хыз ӕмӕ бирӕ мӕргътӕ ӕрцах-ста. Мӕргътӕ стыртӕ уыдысты, хыз сӕ уӕлӕ систой ӕмӕ атахтысты. Цуанон сӕ фӕдыл ныййарц. Иу лӕг ӕй ауыдта ӕмӕ йӕм дзуры:
-   Кӕдӕм згъорыс? Фистӕгӕй мӕргъты куыд баййафдзынӕ? Цуанон ын дзуапп радта:
-    Иу маргъ куы уаид, уӕд ӕй нӕ баййафин, фӕлӕ сӕ ныр баййафдзынӕн.
Ӕцӕгӕй дӕр афтӕ рауад. Куы 'ризӕр, уӕд мӕргътӕй алкӕй дӕр бахъуыд ӕхсӕвиуат кӕнын. Ӕмӕ чи хъӕдырдӕм ивӕзта хыз, чи — цъымарамӕ, чи — быдырмӕ. Ӕмӕ иууылдӕр ӕд хыз зӕхмӕ ӕрхаудысты. Цуанон дӕр бацыд ӕмӕ се 'ппӕты дӕр йӕ хӕдзармӕ рахаста.

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №8.- Ф. 62-69.

Мысли Толстого
ТОЛСТОЙЫ ХЪУЫДЫТӔ

Теуайӕн судзины хуынчъы ахизын ӕнцондӕр у, хъӕздыгӕн Хуыцауы дунемӕ бахауынӕй. Нӕ Ирвӕзынгӕнӕджы ацы хъуы-дытӕ сты ӕвирхъау раст.

ххх

Адӕймаг цалынмӕ мӕлӕтӕй тӕрса, уӕдмӕ йӕ къухы никуы ницы бафтдзӕни. Мӕлӕтӕй чи нӕ тӕрсы, уымӕ та алцыдӕр уыдзӕни.

ххх

Цӕр Хуыцауы агургӕйӕ, ӕмӕ уӕд ӕнӕ Хуыцауӕй нӕ цӕрдзынӕ.

ххх

Наукӕ ныр ссис, ӕвӕлмонӕй чи цӕры, уыдонӕн дипломтӕ уарӕг.

ххх

Бухъ цардӕй чи цӕра ӕмӕ йӕхицӕй бузныг чи уа, ахӕм ра-загъды лӕгтӕ нӕ вӕййы. Курдиатӕй ӕххӕст адӕймагӕн йӕ иунӕг, ӕнӕгуырысхойаг миниуӕг у, удуӕлдайӕ, хи нывондӕн хӕсгӕйӕ, йӕ мидӕг цы тых и, уый иннӕтӕн цӕстуарзонӕй куы дӕтта, уӕд уый. Ӕнӕ хъизӕмарӕй фарны хӕзнатӕ нӕ гуыры...
Чырысти дзуарыл тыгъдӕй дзӕгъӕлы нӕ амарди: хъизӕма-ры амӕддаг чи суа, уый алцӕуыл дӕр фӕуӕлахиз вӕййы.

ххх

Адӕймагӕн сахары сӕдӕ азы дӕр йӕ бон фӕцӕрын у, фӕлӕ уӕддӕр нӕ бамбардзӕни, раджы кӕй бамбыд, уый. Иӕхимӕ лӕмбынӕг ӕркӕсынмӕ йӕ не 'вдӕлы, ӕдзухдӕр мамазила кӕны.

ххх

Цалынмӕ базаргӕнджытӕ кувӕндонӕй ӕрвыст не 'рцӕуой, уӕдмӕ аивады кувӕндонӕн кувӕндон схонӕн нӕ уыдзӕни. Фидӕны аивад сӕ феддӕдуар кӕндзӕни.

Бӕлоны хорзракӕнд хорзракӕнд нӕу. Стӕй бӕлон бирӕгъӕй хӕрзгӕнӕгдӕр у. Хорзы цӕуынӕн йӕ къӕпхӕнтӕ райдайынц, сӕрызондӕй архайынмӕ куы бавналынц, уӕд.

Цагъарӕй разагъды лӕг никуы рауайдзӕн, уымӕн ӕмӕ ра-загъды лӕг, зӕгъгӕ, уыцы ныхас цагъар йӕхирдыгонау ӕмбары.

Иӕ царды кӕронмӕ чи фӕцӕйхӕццӕ кӕны, уыдон уидзын райдайынц, кӕддӕр цы байтыдтой, уымӕй баззайгӕ ӕфсиртӕ.

Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, чидӕр дӕ цуры аххосджын у, уӕд ын ныббар ӕмӕ йӕ ферох кӕн. Махӕн ӕфхӕрыны бар нӕй. Ӕмӕ бамбардзынӕ, хатыр кӕнын амонд кӕй у, уый.

А царды ӕппӕты хуыздӕр ӕмӕ стырдӕр хъуыддаг — ӕвӕсмонӕй, ӕдӕрсгӕйӕ амӕлын.

Дунейыл ис ӕрмӕстдӕр иунӕг ӕнӕгуырысхойаг амонд -ӕндӕры сӕрвӕлтау цӕрын.

Идеал у фӕндагамонӕг стъалы. Ӕнӕ уый нӕй фидар къахдзӕф-тӕ кӕнӕн. Ӕнӕ фидар къахдзӕфтӕ кӕнгӕйӕ та цард нӕй.
Быцӕу кӕнгӕйӕ рӕстдзинад рохуаты баззайы.

ххх
Кӕцыфӕнды адӕймаг дӕр цыфӕнды аххосджын, фыдгӕнӕг, ӕнахуыргонд, зондцух куы уа, цыфӕнды цъаммар ӕмӕ ӕнӕсӕрфат митӕ куы кӕна, уӕддӕр йӕхи ӕнӕмӕнг нымайы растыл.

Де 'фсарм растыл цы хъуыддаг нӕ нымайы, уымӕй дӕхи иувварс лас.

Адӕм ахуырады сӕйраг хай скъолайӕ нӕ райсынц, фӕлӕ цардӕй.

Уды тырнӕнтӕ райдианы вӕййынц сыгъдӕг ӕмӕ табуйаг. Цард бабын кӕны ӕппӕт тырнӕнты ӕнӕазым ӕмӕ аив апп.

Рӕстдзинад раиртасынӕн ӕмӕ бамбарынӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр цӕлхдур мӕнгдзинад нӕу, фӕлӕ, рӕстдзинады хуы-зы чи бацӕуы, уыцы фӕлитой ми.

Ӕнтыст къухы бафты ӕрмӕст иу миниуӕджы фӕрцы — уый у фӕразондзинад.

Ӕвзӕр адӕймӕгты тых, иумӕ кӕй архайынц, уый мидӕг ис. Хорз адӕймӕгты тых дӕр цӕмӕй ахада, уый тыххӕй хъуамӕ иумӕ архайой.

Ахӕм адӕм ис, тыхст ӕмӕ уырыдӕй чи цӕры, фӕлӕ уыцы цардӕй сӕрыстыр чи у. Мӕнӕ бӕхӕн йӕ рохтӕ куы суадзай,

ххх

Уырдыджы йӕ куы аскъӕрай ӕмӕ ма йыл ноджы ехсӕй куы ӕрцыдтытӕ кӕнай, уый хуызӕн.

Цасфӕнды ӕмӕ куыдфӕнды дзур, уӕддӕр дзы мадӕлон ӕвзагӕн ӕмбал нӕй. Уды фӕндиӕгтӕ зӕгъын дӕ куы фӕнда, уӕд иу фран-цаг дзырд дӕр дӕ сӕрмӕ не 'рцӕудзӕн. Искӕй цӕстмӕ дӕ дӕхи равдисын куы фӕнда, уӕд уый та ӕндӕр хъуыддаг у.

Адӕймаг йӕхӕдӕг йӕхи куыд нӕ сисдзӕн, афтӕ хицӕй рап-пӕлын дӕр йӕ бон нӕу. Уый нӕ, фӕлӕ ма йӕхицӕй раппӕ-лынмӕ куы фӕхъавы, уӕд дзы адӕмы цӕсты кад нал вӕййы.

Адӕм ахуыр кӕнынц, куыд дзурын хъӕуы, ууыл, сӕйраг на-укӕ та у, дзыхыл хӕцын куыд ӕмӕ кӕд хъӕуы, уый.

Адӕмӕн йӕ литературӕ у йӕ уд ӕмӕ йӕ зонд ӕххӕстӕй, алывӕрсыгӕй ӕвдисӕг. Хъуамӕ дзы ӕмхуызонӕй разыной адӕ-мы уарзт рӕстдзинадмӕ, стӕй адӕмы цӕстӕнгас фидауцмӕ.

Махӕн нӕ хорз миниуджытӕ нӕ галиу митӕй фылдӕр зиан хӕссынц.

Зондӕй ӕххӕст чи уа, ахӕм цардӕн йӕ рахӕцӕн у, дӕхицӕй разы куынӕ уай, уӕд уый. Ӕрмӕстдӕр ахӕм цард разӕнгард кӕны адӕймаджы хиуыл кусынмӕ.

ххх

Хорз нӕу, адӕймаг цӕй тыххӕй амӕла, ахӕм исты йын куы-нӕ уа, уӕд.

ххх

Хахуыр тынгдӕр ахадын райдайы, йӕ ныхмӕ куы сдзурай, уӕд.

Ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр у, кадыл хъуыды кӕнынӕй куы ссӕрибар уай, уӕд уый. Адӕм дӕ цы зӕгъдзысты, уымӕ дӕ хъус макуы дар.

ххх

Цавӕрфӕнды аивадӕн дӕр йӕ сӕйраг бӕрӕггӕнӕн у бӕрц зонын.

ххх

Адӕймаг бацӕуы тӕригъӕды. Тӕригъӕды цӕуын ын бацамо-ны дӕлимон - афтӕ, дам, куы бакӕнай, уӕд уый раст уыдзӕни.

Ӕз зӕронд дӕн, рӕзыны афон кӕнӕ аивгъуыдта, кӕнӕ фӕив-гъуыйы; фӕлӕ мӕ уӕддӕр тухӕнӕй марынц монцтӕ... ома кадмӕ нӕ бӕллын, ӕлгъ ыл кӕнын, фӕлӕ мӕ фӕнды адӕмӕн амонд ӕмӕ пайда хӕссын.

ххх

...мӕ алыварс адӕмы — хъӕздгуыты, ахуыргӕндты — цард мын канд ӕнад не ссис, уый мӕм кӕсын райдыдта бынтон ӕнӕсӕрфат.

ххх

Адӕм ӕххормаг уымӕн сты, ӕмӕ мах ӕфсӕст кӕй стӕм. Куыннӕ хъуамӕ уой адӕм ӕххормаг, кӕд ӕмӕ ӕвирхъау уа-вӕрты цӕрынц: иуӕй сӕ хъалонтӕ удхарӕй марынц, иннӕмӕй сӕм зӕхх нӕй. Ноджы сӕ бынтондӕр рохуаты ныууагътам ӕмӕ хъӕддӕгты цардӕй цӕрынц. Ӕниу цы уӕззау куыстытӕ кӕнынц, уый та! Ӕмӕ сын уыцы ӕбуалгъ куыстыты бӕркӕдтӕ ныхъуырынц столицӕтӕ, хъӕздгуытӕ цы сахарты ӕмӕ хъӕу-ты цӕрынц, уыдон. Ахӕм хъизӕмайраг уавӕрты цардысты ӕдзухдӕр. Ацы аз хор не 'рзад, ӕмӕ царды тӕн бынтондӕр ныммӕнгӕфсон, аскъуыйынӕввонг у.

ххх

Амӕй размӕ джиппы цы рауагътон, уыдон цыма мӕ фыссӕн-гарзы фӕлварӕнтӕ сты, сауфыст opus-тӕ. Ныртӕккӕ цы уа-дзын, уыдон кӕд раздӕрыуонтӕй хуыздӕрыл нымайын, уӕддӕр мӕм цаудгомау кӕсынц.

хх

Цардӕй бирӕ истӕмӕты ма 'нхъӕлмӕ кӕсут, нырӕй хуыз-дӕр рӕстӕджытӕ уыл не скӕндзӕни... Царды амонд нӕй, амондӕн дзы ӕрмӕст йӕ мӕнгӕфсон ӕрттывдтытӕ вӕййы, -уыдонӕн аргъ кӕнут, уыдон ныфсӕй цӕрут.

Зӕхх у нӕ иумӕйаг мад, уый нӕ дары, свӕййы нын фысым, цин нын хӕссы ӕмӕ нӕ уарзӕгой зӕрдӕйӕ тавы... Ӕмӕ уыдӕттӕ нӕ нымайгӕйӕ, адӕм радзур-бадзуртӕ кӕнын байдайынц зӕххӕй базар кӕныны тыххӕй. Ӕмӕ ӕцӕгӕй дӕр нӕ уӕййаг ӕнусы зӕххӕй базар кӕнын байдыдтой, ӕргътӕ йыл ӕвӕрынц. Фӕлӕ зӕхх не Скӕнӕг сфӕлдыста, ӕмӕ йӕ уӕй кӕнын ӕнӕсӕрфат, хъӕддаг ми у... Хуыцау ӕй йӕ хъӕбултӕн радта, цӕмӕй йыл цӕрой, зилой йӕм, цӕрӕнхос сын уа, ӕмӕ йыл цалынмӕ цӕрой, уӕдмӕ йыл сӕ бар цӕуа. Зӕхх ӕппӕт адӕмӕн у иумӕйаг, нӕй йын хицӕн адӕймӕгты исбон уӕвӕн.

Додой йӕ къона, тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг дӕн, зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уыцы адӕймагӕн.

Цӕмӕй дӕ буар буц дарай, уый тыххӕй дын хъуамӕ гуыры-мыхъ уд уа.

Куы амӕлон, уӕд мӕн тыххӕй, «номдзыд фыссӕг», зӕгъгӕ, нӕ дзурдзысты, фӕлӕ зӕгъдзысты: «Цавӕр Толстой? Мӕнӕ иу усимӕ дыууиссӕдз азы чи фӕцард, уыцы цъиуты сайд».

Схъӕл адӕймагыл цыма ихӕй цъар сӕвӕрдӕуы. Уыцы цъар ӕм мидӕмӕ нӕ уадзы ӕндӕр исты ӕнкъарӕнтӕ.

Тӕригъӕды цӕуын адӕймаджы миниуӕг у, тӕригъӕды цӕ-уын растыл нымайын та дӕлимоны миниуӕг у.
Аивад у адӕмы иугӕнӕг фӕрӕзты ахсджиагдӕр.

Адӕймаджы ӕцӕг тых схъиуд митӕй нӕ рабӕрӕг вӕййы, фӕлӕ уӕззау зондӕй.

Дуне размӕ цӕуы, хъизӕмар чи кӕны, уыдоны фӕрцы.

Музыкӕ а дунейыл у ӕппӕты ахсджиагдӕр аивад.

Раст фӕндаг ахӕм у: дӕ размӕ чи цард, уыдоны хъуыддӕгтӕ биноныг базон ӕмӕ дарддӕр цу.

Ӕлгъитынц дӕ, фауынц дӕ — цин кӕн; ӕппӕлынц дӕ, хорз дӕ хонынц — тӕрс, хъыг дын уӕд.

Рӕстӕг цӕуы, ныхас баззайы.

Мӕн фӕнды бафӕрсын: зӕхкусджыты ссӕрибар кӕныны процесс 19 февралы Уагӕвӕрдыл цӕмӕн ӕрлӕууыди — зӕхкус-джытӕн сӕ цард хуыздӕр фӕци ӕви ӕвзӕрдӕр, уый куы нӕма сбӕрӕг, хизӕнуӕттӕй, хъӕдтӕй пайда кӕныны бар сын куынӕ и, стӕй, сӕ бон бакӕнын цы нӕу, ахӕм хӕстӕ сыл куы сӕвӕрдтой, уӕд?.. Алчидӕр ӕй зоны: зӕхх адӕмыл ӕмхуызон байуарын фарны хъуыддаг у. Уӕдӕ, ӕдылытыл кӕй нымадӕуы, уыдонӕй фӕстӕмӕ газетты цӕуылнӕ исчи фыссы зӕххы проблемӕ раст алыг кӕныныл?

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №8.- Ф. 62-69.

О Толстом сказали

ДЗУРЫНЦ ТОЛСТОЙЫ ТЫХХӔЙ

Ирыстоны хӕхты, Цъӕймӕ хӕстӕг иу ӕхсӕрдзӕн федтон. Боныгон дон уӕлиау былӕй дӕлӕмӕ хауд, ӕхсӕв та-иу их ныц-ци: мӕйрухсмӕ ӕрттывта егъау, къуызыртӕ ӕмӕ хӕрзвидыц ихтӕдзынӕгау. Лев Николаевич арӕхстис йе 'нкъарӕнтӕ ныс-сӕлын кӕнынмӕ, йӕ цӕст цӕмӕй уынагдӕр уа, уый охыл, уымӕ гӕсгӕ зыдта фӕсмон кӕнын дӕр.
Уый-иу алы адӕймагӕн дӕр йӕ дӕргъ дӕр ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр базыдта, уӕдӕ йӕхи дӕр афтӕ зыдта. Махӕй та алчи нӕ тырны йӕхи базонынмӕ.

Виктор Шкловский

Йӕ царды кӕронмӕ хӕстӕг Лев Толстой хъавыди йӕ «Мы-синӕгтӕ» ныффыссынмӕ (райдыдта сӕ 1903 азы, фӕлӕ йын фыст нӕ фесты). Сӕ ныффыссынмӕ йӕ сразӕнгард кодта ӕна-хуыр хъуыды: «Я думаю, что написанная мною биография... будет полезнее для людей, чем вся та художественная болтовня, которой наполнены мои 12 томов сочинений и которым люди нашего времени приписывают незаслуженное ими значение».
Ацы ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты, Уӕрӕсейӕн, стӕй, чи зоны, не 'ппӕт цивилизацийӕн дӕр кад ӕмӕ намыс чи скодта, уыцы чингуытӕ ныффыссӕджы къухӕй.

Любовь Калюжная

 

Роман «Война и мир» куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Лев Толстой ссис уырыссаг литературӕйы ӕцӕг домбай.

Иван Гончаров

 

Йӕ роман «Воскресение»-йы Толстой йе 'хсидгӕ ныхасӕй карз дӕрӕн ныккодта, дзыллӕты цагъары ӕфсондзы бын чи дардта, уыцы паддзахадон, динон, ӕхсӕнадон, экономикон ӕгъдӕуттӕ.
... Л. Толстой йӕ куыстыты уыйбӕрц стыр фарстатӕ сӕвӕрдта, ахӕм бӕрзонд аивадон бӕрзӕндтӕм схизын бафӕ-рӕзта, ӕмӕ йӕ уацмыстӕ дунеон аив литературӕйы бацахстой фыццагдӕр бынӕттӕй иу.

Владимир Ленин

 

Максим Горький йӕ очерк «В. И. Ленин»-ы ӕрымысыди Ленины ныхӕстӕ Толстойы тыххӕй:
«Какая глыба, а? Какой матерый человечище! Вот это, батенька, художник... И — знаете, что еще изумительно? До этого графа подлинного мужика в литературе не было.
Потом, глядя на меня прищуренными глазами, спросил:
-Кого в Европе можно поставить рядом с ним? Сам себе ответил:
-Некого.
И, потирая руки, засмеялся, довольный».

 

Ацы лӕг, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддаг скодта, ӕнусы дӕргъы цытӕ ӕрцыд, уыдон равдыста ӕвӕджиауы раст, ӕмби-сонды тыхджын ӕмӕ фидауцджынӕй.

Максим Горький

Толстой аивадӕй никуы фӕиппӕрд. Кӕцыфӕнды нывгӕнӕгӕн дӕр фӕиппӕрд уӕвӕн нӕй, куы йӕ бафӕнда, уӕддӕр, йӕ уд кӕмӕн снывонд кодта, уыцы хъуыддагӕй, уымӕн ӕмӕ уый у йӕ царды нысан. Дины ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ фыстытӕ джиппы ма рауадза, фӕлӕ нӕ фыссын йӕ бон нӕу. Толстой иудадзыг дӕр кодта сфӕлдыстадон куыст.

Ромен Роллан

1902 азы Толстой уӕззау рынчын фӕцис. Владимир Короленко йӕ бабӕрӕг кодта ӕмӕ стыр дисы аныгъуылди, Лев Николаевичӕн цы уды фидар уыд, ууыл: «Йӕ буар мӕлы, йӕ зонд та пиллон арт уадзы!»

Шекспиры, Бальзакы ӕмӕ Толстойы сфӕлдисгӕ фӕллӕйттӕ сты, адӕм фыдӕй-фыртмӕ фӕлтӕртӕн цы ӕртӕ ӕппӕты стырдӕр хӕзнайы ныууагътой, уыдон.

Андре Моруа

 

Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №8.- Ф. 71-73.

ТÆЛМАЦТÆ

КИТАЙАГ УСПАДДЗАХ СИЛИНЧИ

(Æцæг хабар)

Китайаг император бирæ уарзта йæ бинойнаг Силинчийы. Тынг æй фæндыди, цæмæй йæ уарзон успаддзах адæмæй макуы ферох уыдаид. Иуахæмы йын равдыста цыллæйы калм æмæ йын загъта: «Базон ацы калмимæ архайын, æмæ дæ адæм мыггагмæ мысдзысты».
Силинчи йæ цæст дарын байдыдта кæлмытæм æмæ бафиппайдта: мæрдвынæй куы бавæййынц, уæд тынты къуыбылæйттæ фестынц. Уæд сын сæ тынтæ райхæлдта, балвыста сæ æмæ сæ цыллæ кæлмæрзæн бауæфта. Стæй тутайы сыфтæ æртыдта кæлмытæн холлагæн. Афтæмæй кæлмытæ сбирæ сты, æмæ адæм дæр фæцалх сты уыцы куыстыл.
Уæдæй нырмæ иу фондз мин азы бæрц рацыди, фæлæ китайæгтæ сæ успаддзах Силинчийы нæ ферох кодтой. Йæ номыл ын суанг бæрæгбон дæр ма æрымысыдысты.

 

БУХАЙРÆГТÆ КУЫД БАЗЫДТОЙ
ЦЫЛЛÆ КÆНЫН

(Æцæг хабар)

Китайæгтæ рагæй зыдтой цыллæйы куыст, фæлæ йæ дзæвгар рæстæг иннæ адæмтæй ничи зыдта, уымæн æмæ сын адон уыцы дæсныйады сусæгтæ нæ хъæр кодтой. Сæ цыллæ хъуымæцтæ та уæй кодтой зынаргъæй.
Уыцы хабар бухайраг паддзахы хъустыл куы ‘рцыд, уæд уый дæр æрфæндыд ахæм кæлмытæ самал кæнын æмæ, куыд даргæ сты, уый базонын. Китайæгтæй куырдта мыггæгтæ, кæлмытæ æмæ тута бæлæстæ. Фæлæ йын уыдон йæ курдиатæн дзуапп нæ радтой. Уæд бухайраг паддзах арвыста йæ минæвæрттæ, цæмæй йын китайаг паддзахы чызджы ракурой. Бафæдзæхста сын, мæ усагæн мын зæгъут, зæгъгæ, мæ паддзахады бирæ диссæгтæ ис, фæлæ дзы цыллæ хъуымæцтæ нæй, æмæ-иу демæ сусæгæй æрбалас цыллæ æмæ кæлмытæ, кæннод ам дæхи цæмæй сфæлындай, уый нæй.
Паддзахы чызг æрцæттæ кодта кæлмытæ æмæ бæлæсты мыггæгтæ æмæ сæ йæ кæлмæрзæны бын бамбæхста йæ сæрыл.
Арæнмæ куы рахæццæ сты, уæд ын йæ дзаумæттæ басгæрстой, фæлæ йын йæ кæлмæрзæн райхалын нæ бауæндыдысты.
Афтæмæй бухайрæгтæм дæр фæзынди тута бæлæстæ æмæ цыллæйы кæлмытæ. Паддзахы чызг сын бацамыдта цыллæйы куыст.

 

БИРÆГЪ ÆМÆ ЗÆРОНД УС

(Æмбисонд)

Стонг бирæгъ цуаны рацыд. Хъæугæронмæ куы бахæццæ, уæд дын хъусы, æмæ иу хæдзарæй гыццыл лæппуйы кæуын цæуы. Зæронд ус æй тæрсын кæны:
— Дæ кæуынæй куы нæ банцайай, уæд дæ бирæгъæн ратдзынæн.
Бирæгъ дарддæр нал ацыд. æнхъæлмæ кæсын байдыдта, кæд ын ратдзысты лæппуйы, уымæ. Уалынмæ баталынг ис. Бирæгъ æнхъæлмæ кæсы æмæ та айхъуыста зæронд усы дзурын:
— Мауал ку, мæ хур, нæ дæ ратдзынæн бирæгъæн. Куыддæр æрбацæуа, афтæ йæ амардзыстæм.
Бирæгъ ахъуыды кодта, ам дзургæ иуырдæм кæнынц, кæнгæ та иннæрдæм, зæгъгæ, æмæ хъæуæй йæхи айста.

 

УАРГЪ

(Æмбисонд)

Дыууæ лæджы фæндагыл фæцæйцыдысты, алкæмæн дæр йе уæхсчытыл — уаргъ. Цалынмæ сæ нысанмæ бахæццæ сты, уæдмæ сæ иу йæ уаргъ никуы æриста, иннæ та-иу æрлæууыд, йæ уаргъ-иу æриста æмæ йæ фæллад уагъта. Фæлæ йæ алы хатт дæр йæ уаргъ фæстæмæ йæ уæхсчытæм исын дæр хъуыд. Афтæмæй, æрлæуу-æрлæуу чи кодта, уый тынгдæр бафæллад, йæ уаргъ æдзух чи хаста, уымæй.

 

МЫСТ-ЧЫЗГ

(Аргъау)

Иу лæг донбылты фæцæйцыд. Кæсы, æмæ дын иу сынт мыст фæхæссы. Лæг ыл дур фехста, сынт фæтарст æмæ мысты суагъта. Уый доны ныххауди, лæг æй уырдыгæй систа æмæ йæ сæхимæ æрбахаста. Зæнæг ын нæ уыд æмæ скуывта: «Тæхуды, ацы мыст мын чызг куы фестид!»  æмæ мыст чызг фестади. Чызг куы байрæзт, уæд æй лæг иуахæмы бафарста: «Моймæ фæцæуын дæ кæмæ фæнды?» Чызг ын дзуапп радта: «Дунейыл æппæты тыхджындæр чи у, уымæ». Лæг хурмæ фæцыд æмæ йæм бахатыди: «Хур! Мæ чызг дунейыл æппæты тыхджындæрæй мой скæнинаг у, æмæ а дунейыл дæуæй тыхджындæр нæй. Ракур мын мæ чызджы!» Хур ын дзуапп радта: «æз æппæты тыхджындæр нæ дæн. Мигътæ мæ бамбæрзынц».
Лæг мигътæм фæцыд æмæ сæм бахатыди: «Мигътæ! Сымах алкæмæй тыхджындæр стут. Ракурут мын мæ чызджы!» Мигътæ йын дзуапп радтой: «Нæ, мах алкæмæй тыхджындæр не стæм. Дымгæ нæ йæ уæлныхты ахæссы».
Лæг дымгæмæ фæцыд æмæ йæм бахатыди: «Дымгæ! Ды алкæмæй тыхджындæр дæ. Ракур мын мæ чызджы!» Дымгæ йын дзуапп радта: «æз алкæмæй тыхджындæр нæ дæн. Хæхтæ мæ бауромынц».
Лæг хæхтæм фæцыд æмæ сæм бахатыди: «Хæхтæ! Мæ чызджы мын ракурут! Сымах алкæмæй тыхджындæр стут». Хæхтæ йын дзуапп радтой: «Махæй тыхджындæр — уыры. æхсынын нæ байдайы».
Лæг уырымæ фæцыд æмæ йæм бахатыд: «Уыры! Ды алкæмæй тыхджындæр дæ. Мæ чызджы мын ракур!» Уыры сразы и. Лæг чызгмæ æрбаздæхт æмæ йын загъта: «Уыры алкæмæй тыхджындæр у: хæхты æхсыны, хæхтæ бауромынц дымгæйы, дымгæ йæ уæлныхты ахæссы мигъты, мигътæ бамбæрзынц хуры, æмæ уыры разы у дæ ракурыныл». Чызг батыхстис: «Уæууа, уæдæ ныр цы кæнон? Уырыйæ куыд смой кæнон?» Лæг скуывта: «Тæхуды, мæ чызг та ногæй мыст куы фестид!»
Чызг мыст фестад, æмæ мыст уырымæ моймæ фæцыд.

 

ДЫУУÆ СÆУДÆДЖЕРЫ
(Æмбисонд)

Иу мæгуыр сæудæджеры балцы цæуын хъуыд æмæ йе ‘фсæйнæгтæ иууылдæр бонджын сæудæджеры æвджид ныууагъта. Фæстæмæ куы ‘рбаздæхт, уæд æм бацыд йе ‘фсæйнаг райсынмæ. Фæлæ йын æй уæдмæ бонджын сæудæджер иууылдæр ауæй кодта, йæхицæн та йын сæфсон кодта:
— Уæллæй, мæ хæлар, фыдбылызы хай баци де ‘фсæйнаг.
— Уый та куыд?
— Хордоны дын æй бафснайдтон, уым та, банымайæн сын нæй, уыйбæрц мыстытæ, æмæ дын де ‘фсæйнаг иууылдæр бахордтой. Мæхæдæг сæ уыдтон, куыд æй æхсыдтой, уый. Кæд мыл не ‘ууæндыс, уæд бацу æмæ йæ дæхи цæстæй фен.
Мæгуыр сæудæджеры быцæу кæнын нæ фæндыд æмæ йын загъта:
— Цы ма йæ уынон! Афтæмæй дæр дыл æууæндын. Мыстытæ æдзух æфсæйнаг кæй фехсынынц, уый чи нæ зоны! Хæрзбон!»
æмæ мæгуыр сæудæджер уырдыгæй рацыд. Уынджы бонджынæн йæ лæппуйы федта æмæ йыл бацин кодта, йæ хъæбысмæ йæ систа æмæ йæ сæхимæ ахаста. Дыккаг бон бонджын сæудæджер мæгуырыл амбæлд æмæ йын йæ хъаст ракодта, афтæ æмæ афтæ, мæ лæппу, дам, цыдæр фæци. Стæй йæ бафарста:
— Мыййаг, ды ницы федтай? Ницы фехъуыстай?
Мæгуыр сæудæджер ын загъта:
— Куыннæ, куыннæ! Тæккæ знон, дæуæй куыд рацыдтæн, афтæ кæсын æмæ дын иу цъиусур дæ лæппуйыл йæхи куы ныццæвид, йæ дзæмбытæ дзы ныссагъта æмæ йæ ахаста.
Бонджын сæудæджерæн йæ маст ссыгъди æмæ зæгъы:
— Худинаг дын фæуæд мæныл худын! Кæд фенди уый, æмæ цъиусур лæппуйы ахæсса!
— Куы нæ дыл худын. Цъиусур лæппуйы ахаста, уый цас диссаг у? Мыстытæ фондзыссæдз путы æфсæйнаг куы бахордтой!
Бонджын сæудæджер хъуыддаг бамбæрста æмæ загъта:
— Де ‘фсæйнаг дын мыстытæ нæ бахордтой, æз æй уæй акодтон æмæ дын æй дывæрæй бафиддзынæн.
— Гъемæ кæд афтæ у, уæд дæуæн дæр дæ лæппуйы цъиусур нæ ахаста, æмæ дын æй æз ратдзынæн.

 

КУЫДЗ, УАСÆГ ÆМÆ РУВАС
(Æмбисонд)

Куыдз æмæ уасæг абалц кодтой. Кæмдæр сыл баизæр, æмæ уасæг иу бæласы къалиуыл æрфынæй, куыдз та — бæласæн йæ уидæгты ‘хсæн. Фыццаг кæркуасæнты уасæг ныууасыд. Рувас æй фехъуыста, æрбазгъордта æмæ йæм бынæй сиды, æрхиз æмæ дын дæ рæсугъд хъæлæсы тыххæй арфæ ракæнон, зæгъгæ. Уасæг ын афтæ: «Кæртгæсы уал райхъал кæн, дæлæ уидæгты ‘хсæн хуыссы. Дуар мын байгом кæнæд æмæ æрхизон». Рувас кæртгæсы рацагуырдта æмæ срæйдта. Куыдз йæ бынатæй фæгæпп ласта æмæ рувасы ныххурх кодта.

 

 

САГ ÆМÆ ЙÆ ЛÆППЫН

(Æмбисонд)

Лæппын саг йæ фыды бафарста:
— Баба, ды куыйтæй стырдæр æмæ цæрдæгдæр куы дæ, дæ егъау сыкъаты фæрцы дæр дæхи фыдбылызæй куы бахиздзынæ, уæд афтæ тынг цæмæн тæрсыс куыйтæй?
Саг бахудт æмæ дзуапп радта:
— Раст зæгъыс, хъæбул. Фæлæ йæ бæллæх уый у, æмæ куыйты рæйын мæ хъустыл куы ауайы, уæд, хъуыды нæма акæнын, афтæмæй лидзынмæ фæвæййын.

 

МУЗУККАГ ДУР ЙÆ БЫНАТÆЙ КУЫД АЙСТА

(Æцæг хабар)

Иу сахары фæзастæу лæууыд егъау дур. æгæр бирæ бынат ахста æмæ цæуæг адæмы хъыгдардта. Иуахæмы инженертæм басидтысты æмæ сæ бафарстой, ацы дурæн цы амалæй æмæ цавæр аргъыл ис исты фæкæнæн, зæгъгæ.
Иу инженер загъта, хъусхосы фæрцы, дам æй къæртгай ныссæттын æмæ аласын хъæуы. Йæ аргъ, дам, уыдзæн аст мин сомы. Иннæ загъта, зæгъгæ, дуры бын стыр тулæн бавæрын хъæуы æмæ йæ уыцы тулæныл раласын хъæуы. Уымæн та, дам, йæ аргъ уыдзæн æхсæз мин сомы.
Уæд иу музуккаг загъта:
— æз ацы дурæн хос ссардзынæн æмæ уæ æдæппæтæй бацагурдзынæн дæс туманы.
Куыд, зæгъгæ, йæ куы бафарстой, уæд дзуапп радта:
— Йæ рæбыны йын стыр дзыхъхъ скъахдзынæн, дзыхъхъæн йæ сыджыт фæзыл апырх кæндзынæн, дур дзыхъмæ ныттулдзынæн æмæ йæ сæрæй сыджытæй алæгъз кæндзынæн.
Музуккаг бакодта, куыддæриддæр загъта, афтæ, æмæ йын радтой дæс туманы. Ноджы ма йын иу уыйбæрц та, æрхъуыдыджын кæй разынд, уый тыххæй радтой.

Мамыкъаты Хъазыбеджы тæлмацтæ

 

Толстойы зонды ныхæстæ

* * *
Кæд судзын æмæ рухс кæнын дæ бон нæу, уæд та рухсæн цæлхдуртæ ма ‘вæр.

* * *
Адæмимæ хæларæй цæрын æнæмæнг кæнинаг хъуыддаг у. Адæймагмæ хорз цæстæй куы нæ кæсай, уæд царды дæ ахсджиагдæр хæс не ‘ххæст кæныс.

* * *
æрымыс-иу, æвзæрæй цы сарæзтай, уыдæттæ иууылдæр, Уый дын феххуыс уыдзæн æвзæрдзинæдтæ нæ кæнынæн. Цы дзæбæхтæ сарæзтай, уыдон дæ зæрдыл куы дарай, уæд дын уый къуылымпыйы хос уыдзæни хорз кæнынæн.

* * *
Адæм уарзондзинады руаджы цæрынц; хи уарзын — уый мæлæты райдайæн у, Хуыцауы æмæ адæмы уарзын та — царды райдайæн.

 

* * *
Арв æмæ зæхх æнусон сты. æнусон уымæн сты æмæ сæхицæн нæ цæрынц. Уымæн сты æнусон.

* * *
Хи æмæ æхсæны царды ис иу закъон: цард фæхуыздæр кæнын дæ фæнды — цæттæ у йæ раттынмæ.

* * *
Зæронд бæласæй æрхауди рæгъæд фæткъуы æмæ тала фæткъуы бæласы цурмæ батылд. æмæ йын тала афтæ зæгъы: «æгас цу, фæткъуы. Мæ зæрдæ дын зæгъы, цæмæй тагъддæр бамбийай æмæ мæ хуызæн суай». «Дæхæдæг бамби, æнæфенд цыдæр, — загъта фæткъуы. — Нæ уыныс, цы сырхуадул, дзæбæх, фидар æмæ донджын дæн, уый. Мæн æмбийын нæ фæнды, мæн фæнды мæ зæрдæйы дзæбæхæн цæрын, цин кæнын». «Хъус-ма, мæ къона, дæ фидауц дæр, дæ буар æнæхъæнæй дæр ницы сты, уд сæ нæй. Уд ис æрмæстдæр дæ аппы, зонгæ дæр кæй нæ кæныс, уыцы аппы». «Уыдон æдылы ныхæстæ сты, цæй апп и мæ мидæг?» — ратæвд и фæткъуы æмæ ныхъхъус.
Ахæм зондыл хæст сты адæмæй дæр бирæтæ: буарæй уæлдай ма уд дæр кæй ис, уый не ‘мбарынц æмæ цæрынц цæрæгойты цардæй. Фæлæ дæ фæнда æви ма фæнда, уæддæр цас фылдæр фæцæрай, уыйбæрц уыцы фæткъуыйау, лæмæгъæй-лæмæгъдæр кæндзынæ, æмæ цардыл цы нымадтай, уый айсæфдзæн, æмæ фæстагмæ разындзæн æцæг, рæзгæ-æнæмæлгæ цард. Гъемæ уæдæ хуыздæр нæу, тæккæ райдайæнæй фæстæмæ, мæлинаг чи у, уыцы цардæй нæ, фæлæ иудадзыг рæзгæ чи кæны, мæлæт кæмæн нæй, уыцы цардæй цæрын?

* * *
Адæм мæстыйæ быцæу кæныныл куы схæцынц, уæд саби, раст чи у æмæ зылын чи у, уый не ‘взаргæйæ, æнкъардæй алидзы сæ цурæй, сæ дыууæйыл дæр йæ зæрдæ фæхуды, афтæмæй. æмæ саби кæддæриддæр растдæр вæййы быцæугæнджытæй кæцыфæндыйæ дæр.

 

* * *
Хъæздыджы бинонтæ сты 3, уæттæ та йæм ис 15, фæлæ мæгуыргуры йæ хæдзармæ ницы хуызы бауадздзæни.
Зæхкусæгæн йæ хæдзар 7 адылийы йеддæмæ нæу, йæ бинонтæ дæр сты 7, æмæ фæндаггонæн кæддæриддæр вæййы рæдау фысым.

* * *
Иу адæймагæн дæр нæй зæхх йæхи бакæныны бар.

* * *
Чырысти адæмы афтæ ахуыр кодта: Хуыцау æмæ, дам, адæймаджы астæу æхсæнылæгтæ нæ хъæуы. æцæгæй дæр, фыд æмæ фырты астæу хъуамæ цавæр æхсæнылæгтæ уа?

* * *
Адæймаг рæстæй куы цæра, æрмæстдæр уæд у сæрибар. Рæстдзинад та зонды фæрцы ссарæн ис.

* * *
Цы царды фæтк æвæрд æрцыд, уый аивыны тыххæй цаутимæ тох кæнын нæ хъæуы, фæлæ, уыцы цаутæ цы хъуыдытæй райгуырдысты æмæ райгуырынц, уыдонимæ.

* * *
Хæст ахæм æнахъинон ми у, æмæ йæ фæрцы æппæты бæрзонддæр бынæттæ æмæ кад æрхауынц æппæты ныллæгдæр æмæ хæлддæр адæймæгтæм.

* * *
Дзырд адæмы кæрæдзиуыл бæтты, уымæ гæсгæ архай афтæ дзурыныл, цæмæй дæ иууылдæр æмбарой, стæй цы дзурыс, уыдон иууылдæр раст куыд уой.

* * *
Хорз кæнын адæймагæн цин хæссы. Циныл бафтдзæни, хорз кæй кæныс, уый кæй ничи зоны, уый куы базонай, уæд.

* * *
Хуыцау адæмæн рарвыста хæринаг, дæлимон та — хæринаггæнджытæ.

* * *
Персайнæгтæм ахæм æмбисонд ис:
Адæймаг куы амард, уæд йæ уд тахтис арвмæ, æмæ йæ размæ фæцис æнахъинон фыдынд сылгоймаг, йæ буар — чъизи, цæфтæ æмæ хæфдзæстытæ. «Уыцы фыдкондæй, æлгъагæй, цъымырæй ам цы ми кæныс? Емынæйы цæфы хуызæн куы дæ. Чи дæ, цы дæ?» — бафарста йæ уд. æбуалгъ сылгоймаг ын дзуапп радта:
— æз дæн — дæ хъуыддæгтæ.

* * *
Хъæздгуыты фæрныг цардæн йæ гуырæнтæ сты мæгуырты цæссыгтæ.

* * *
Адæмæй æфсæрмы кæнын хорз у, æппæтæй хуыздæр та у хицæй æфсæрмы кæнын.

* * *
æвæдза, куыд мæнг, куыд зыгъуыммæ арæзт у дуне! Мæгуырты фæллойæ чи схъæздыг, мæгуырты фæрцы галуантæ, бæркадджын хойраг, амæй-ай зынаргъдæр фæлыст кæмæн ис, уыцы хъæздгуытæ афтæ хъуыды кæнынц, мах мæгуыртæн хæрзгæнæг стæм, зæгъгæ!

 

* * *
Мах нæхи цард æцæгæй фæаразæм, искæй цæрайæ куы фæцæрæм, æрмæстдæр уæд. Уый адæймагмæ диссаг кæсы, фæлæ йæ бавзар, æмæ дæ уæд бауырндзæни.

* * *
Истæмæй куы тæрсай, уæд æй зон: дæ тарстæн йæ аххос æдде нæй, фæлæ дæхи мидæг.

 

* * *
æлгъитынц дæ, фаутæ дыл æвæрынц — цин кæн; æппæлынц дæ — хъыг дын уæд.

* * *
Хорз у хи афтæ сахуыр кæнын: искæуыл куы сæмбæлай, уæд æппæлынтæм, стауæн ныхæстæм ма ‘нхъæлмæ кæс, фæлæ æфхæрдмæ, æвзæр, æгадгæнæн ныхæстæм, карз уайдзæфтæм. Дæхи афтæ куы дарай, уæд уый ахъаз у фæлтæрынæн, дæ сæрыстырдзинад сафынæн.

* * *
æвзæр ракæнын дын кæй бон у æмæ дæуæй тыхджындæр чи уыдзæни, Хуыцауимæ куы баиу уай, уæд? Уый та дæ бон у.

* * *
Дæ алы бон дæр-иу хорз хъуыддагæй сфидауын кæн.

* * *
Алы стыр хъуыддаг дæр рæзы сабыргай, æнæ зынгæйæ.

* * *
æвзæр кæнын хъæддаг сырды мæстæй марынæй уæлдай нæу. Фыдракæнд чи саразы, уымæ фылдæр хатт уыцы фыдракæнд цыфыддæр хуызы раздæхы фæстæмæ.

* * *
Нæ царды цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдон ницы сты, нæ хъуыдыты цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдонимæ абаргæйæ.

* * *
Адæймагæн йæ буары æмæ уды рæзтæн хъизæмæрттæ сты ахъазгæнæг.

* * *
Дæ уд уæззау утæхсæнты куы бахауа, уæд дæхи ма ‘руадз, стæй Хуыцауæй дарддæр макæмæн мацы дзур. Хъæуы хъусæй лæууын, фæразын. Науæд дæ удхæрттæ æндæртæм бахиздзысты, æмæ уыдон дæр хъизæмар кæндзысты. Дæхи мидæг куы басудзой, уæд дын феххуыс уыдзысты уæлдæр схизынмæ, идеалмæ феввахсдæр уæвынæн.

* * *
Буддæ дзырдта: царды дæр, хъуыды æмæ ныхас кæнгæйæ дæр, стæй ахуырыл хæст уæвгæйæ дæр мæнæй рох нæ вæййы сæйраг хъуыддаг: Зонды домæнтæй иуварс нæ хизын.

* * *
æвæдза, æндæрты койтæ нæ кæнынæн, фауынæн бирæтæ нæ хъæуы. æмæ цас фенцондæр вæййы цæрын, искæуыл даутæ чи не ‘вæры, уыдонæн! Фæлæ æрмæстдæр стæмты бон у афтæ кæнын.

* * *
æхсæны цардæн фæхуыздæргæнæн ис, адæм æфсарм æмæ хæрзæгъдауы фæндагыл куы ‘рлæууой, æрмæст уæд.

* * *
æфсармы хъæлæс у Хуыцауы хъæлæс.

* * *
Де ‘фсарм кæуыл нæ разы кæна, уыцы хъуыддæгтæй дæхи хиз.

* * *
Йæ зæрдæйы дзæбæхæн гæдыйы лæппыны кæнæ цъиуы удхарæй чи мары, уыцы сывæллæтты бауромдзыстут æмæ сын зонд амонын райдайдзыстут, цæрæгойтæн тæригъæд кæнын хъæуы, зæгъгæ. Уæхæдæг та цуаны ацæут, бæлæтты топпæй æхсын байдайут, стæй дзаг фынджы уæлхъус æрбадут æмæ цæрæгойты фыдæй уæхи хорз фенут, ома сывæллæттæн бар цы нæ дæттут, уыдæттæ уæхæдæг кæнут.
Ау, ацы æнахъинон митæ адæм никуы ныууадздзысты?

* * *
Фæлмæн дзуапп хæрамæн йæ тых сæтты, æфхæрæн ныхæстæ та сæ фæдыл маст сайынц.

* * *
Сылгоймаг, бинонты мад, йæ хæдзары амондджын уæвын куы нæ базона, уæд никæм æмæ никæд уыдзæн амондджын.

* * *
Зондджын адæймаг цардыл тынгдæр хъуыды кæны, мæлæтыл нæ фæлæ.

* * *
Хæларзæрдæ адæймæгтæн удæнцой хæссынц адæмы ныхæстæ нæ, фæлæ се ‘фсарм.

* * *
Дæхи рæстытæ макуы кæн.

* * *
Чъындыдзинад, гæртæмттæ исын, искæй фæллойæ цæрын æмæ мæнгардæй, сайгæйæ цæрæнхостæ амал кæнын — æппæт уыдæттæн ссарынц ахæм æфсон: мæ бинонты, дам, уарзын, мæ бинонты, дам, цæрын хъæуы.

* * *
Бирæ зонын хорз у, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, уыдон рæдийгæ кæнынц. Зонындзинæдтæн сæ бирæ нæ, фæлæ сæ хæрзхъæддзинад у ахсджиаг.

* * *
Нæ зонынæй ма тæрс, тæрс мæнг зонындзинæдтæй. Дунейы хæрæмттæ иууылдæр уырдыгæй цæуынц.

* * *
Йе ‘дылыдзинад бамбæхсын чи зоны, уыцы адæймаг хуыздæр у, йæ зонд равдисынмæ чи тырны, уымæй.

 

* * *
Де ‘взæр митыл куы нæ сæттай, уæд сыл æфтаугæ кæныс.

* * *
Йæ лæмæгъдзинæдтæ чи зоны, æрмæстдæр ахæм адæймаг скæндзæни раст аргъ искæй лæмæгъдзинæдтæн.

 

ДУРТÆ

Дыууæ сылгоймаджы бацыдысты иу разагъды лæгмæ, зондæй йæ бафæрсæм, зæгъгæ. Иу дзы йæхи нымадта стыр тæригъæдджыныл. æрыгонæй йæ лæгыл сайдæй рацыд æмæ тынг тыхсти. Иннæ та цард-цæрæнбонты, закъон куыд домы, афтæ фæцард, йæхимæ ницы тæригъæд ардта, цæвиттон, разы уыд йæхицæй.
Зæронд лæг сæ сæ царды хабæрттæй бафарста. Иу дзы, йæ цæссыгтæ нæ уромгæйæ, басаст йæ тæригъæдыл, нымадта йæ стыр фыдракæндыл, æмæ йын хатыргонд æрцæудзæн, уый йæ нæ уырныдта. Аннæ та загъта, ницы тæригъæдтæ, дам, арын мæхимæ.
Зæронд лæг фыццаг сылгоймагæн афтæ:
— Ацу æмбонды æддемæ, ссар дзы, кæй сфæразай, ахæм стыр дур æмæ йæ æрбахæсс... Ды та, — загъта лæг, ницы тæригъæдтæ мæм ис, зæгъгæ, чи загъта, уымæн, — æрбахæсс, цас дæ бон у, уыйбæрц лыстæг дуртæ.
Сылгоймæгтæ сæххæст кодтой зæронд лæджы фæдзæхст. Сæ иу стыр дур æрбахаста, аннæ та голладжы дзаг лыстæг дуртæ.
Лæг дуртæм æркаст æмæ загъта:
— Ныр та афтæ бакæнут: цы дуртæ æрбахастат, уыдон фæстæмæ ахæссут æмæ дзы алкæй дæр йæ бынаты сæвæрут.
Сылгоймæгтæ та ацыдысты, æмæ сын зæронд лæг куыд загъта, афтæ бакодтой. Фыццаг ус æнцонæй ссардта, стыр дур кæм æвæрд уыд, уый æмæ йæ йæ бынаты сæвæрдта. Фæлæ дыккаг ус утæппæт дуртæн сæ бынæттæ, ай-гъай, нал ардта æмæ дзаг голлагимæ фæстæмæ æрбаздæхти.
— Уæдæ, мæ хуртæ, тæригъæдты хабар дæр афтæ у. Ды стыр дурæн йæ бынат æнцонæй ссардтай, уымæн æмæ дæ нæ ферох, кæцæй йæ рахастай, уый. Ды та, — дзуры дыккаг усмæ, — дæ зæрдыл нæ бадардтай лыстæг дуртæй чи кæм уыд, уый. Ды, — зæронд лæг йе ‘ргом раздæхта фыццаг сылгоймагмæ, — дæ иу тæригъæды тыххæй дæхи хордтай, фæсмон дæм æрцыд, уымæ гæсгæ дзы дæхи ссыгъдæг кодтай... Ды та, — загъта лæг, лыстæг дуртæ чи ‘рбахаста, уымæн, — бирæ чысыл тæригъæдты бацыдтæ, фæлæ дæ-иу ферох сты, фæсмон сыл нæ кодтай æмæ тæригъæдджынæй цæрыныл сахуыр дæ, æфтыдтай ма дæ галиу митыл.
Мах не ‘ппæт дæр тæригъæдджын стæм æмæ сæфты фæндагыл ацæудзыстæм, фæсмон сыл куы нæ кæнæм, нæхи сæ иуварс куы нæ ласæм, уæд.

Хъодзаты æхсары тæлмацтæ

 

// Мах дуг.– 2010.– № 9.


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов Кавказа
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
       Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.