logo

М О Я    О С Е Т И Я



КУЛИЕВ Хъайсын
балхъайраг фыссӕг, журналист
(1917–1985)

МЫСЫН ДАРДӔЙ ЧЕГЕМ
Чегемӕй ӕддиау сӕйын ӕз мӕ уаты,
Нӕ урс хӕхтӕ мысын, сӕ уындмӕ бӕллын.
Нӕ хӕхтӕн ма искуы фӕкӕндзынӕн пъатӕ,
Ӕви мын нывгонд у ам, дард ран, мӕлын?..

Мӕ хасты фыддуджы куыд мысыдтӕн хӕхтӕ,
Фӕлӕ сӕм куыд нӕ уыд фӕцӕуын мӕ бон,
Раст уыйау мӕн хӕхтӕм мӕ низӕфхӕрд къӕхтӕ
Куынӕуал фӕхӕссой, мӕгуыр уа мӕ бон!..

Ӕз райгуырдтӕн хӕхты, ӕз боны рухс райгӕ
Уым федтон фыццаг хатт, — уыд ахӕм мӕ рад:
Уым федтон нӕ хӕхтыл уӕларвон мит тайгӕ,
Уым базыдтон уарын, тӕрккъӕвдайы ад.

Уым федтон, нӕ хӕхтӕ уӕлӕрвтӕм куыд куывтой,
Сӕ сӕрмӕ ыстъалыты цоппай фӕдис,
Нӕ фӕтӕнтыл суадӕттӕ уайгӕ ӕрттывтой,
Ӕрдынкъӕдзӕй арвырон тигътыл уыдис.

Сӕумӕцъӕхӕй — саргъыл, ӕмӕ мын цы тас у:
Мӕ идоны рохтау, мӕ фӕндаг — цыбыр.
Изӕры-иу бадтӕн куырыхон ныхасы,
Куыд ничи мӕ федтаид — дурыл, ӕмыр.

Бӕлонхуыз цыргъытӕ, нӕ комрӕбын — суӕнгтӕ,
Нӕ хурмӕзилагӕн йӕ фидауцы ‘хцон;
Мӕ мады уӕрджытыл тӕлывӕрд — мӕ цӕнгтӕ, —
Мӕ цард ма уыди уӕд хуымӕтӕг, ӕнцон.

Фӕстӕдӕр уыд цардӕн ӕвирхъау йӕ азар,
Фӕцавта-иу миты дзыхъмард лӕг йӕ сӕр...
Ыстӕй уӕд дзӕгъӕлӕй нӕ къона ныууазал,
Фӕлӕ та ыссардтам нӕ артдзӕст уӕддӕр.

Мӕ мады фых дзултӕ, мӕ Зилгӕ — фӕрсыгъд дон,
Ӕхсӕвы бӕзджын тар, сӕууон хуры скаст...
Мӕ сабион дуджы хъызт бонтӕ нӕ зыдтон,
Уӕд ма мӕм нӕ къӕлӕу нӕртон ӕфсургъ каст.

Узӕлыд сӕууон хур нӕ хӕдзӕртты сӕ`ртыл,
Зӕрӕхсид-иу сабитӕм фӕсхъӕумӕ сидт,
Нӕ уынгты уынгӕг ӕмӕ зул-мул цӕуӕнтыл
Зӕгъ уарыди уалдзӕг, зымӕг та-иу — мит.

Мӕ хо-иу нӕ фӕсхӕдзар къахта цыдӕртӕ,
Кӕд къӕвдайы фӕстӕ зӕхх не ссур, уӕддӕр.
Кӕм — цармы уымӕл тӕф, кӕм — зарӕджы хъӕртӕ,
Чындзӕхсӕв ис хъӕуы, уӕд — зарӕг, ныннӕр!

Куыд уӕ мысын хӕхтӕ, уынын ӕз, ӕндӕргтау,
Кӕм — аууон, кӕм — судзы нӕ фӕндаджы царм;
Нӕ тӕрсытӕ тар ӕхсӕв дзурынц цыдӕртӕ...
Ыстут мын, нӕ хӕхтӕ, зымӕгон дӕр хъарм!..

Бӕрзондӕй куы райуарут миты ссад кӕмттыл,
Уӕд-иу уӕ, зӕрондау, нӕ фӕхауы сым.
Мӕй бур рухс куы тауы уӕ дурамад цӕндтыл,
Уӕд та уӕм, хӕрзамонд лӕппуйау, кӕсын.

Мӕ мады цӕсгомыл хур уагъта цырӕгътӕ,
Рӕвдаугӕ йыл аууон ӕвӕрдта нӕ хох.
Ныр ацыд, йӕ ингӕн — сӕ дӕлбазыр хӕхтӕн,
Нӕ йӕ кӕнынц уым дӕр хур мӕимӕ рох.

Мӕ ингӕн дӕр хур ӕмӕ мӕйӕн уыдзӕнис
Рӕвдауинаг хӕхты, ӕвӕццӕгӕн, ныр.
Ӕнцойбон мӕ уынӕг хур арвӕй цӕудзӕнис,
Ӕхсӕв-иу мӕй сыстдзӕн мӕ уӕлхъус ӕмыр.

Нæ хæлæртты сæртæ сырх дардзысты райсом,
Нæ хæхты дыдæгъты нæ тайдзæни мит.
Сæууон маргъы комæй нæй зарæгæн байсæн,
Лæппуйы зæрдæйæ – чызгаймæ æхситт.

Æз райгуырдтæн хæхты, гъе уымæн уырныдта
Мæн абонмæ – хохау уыдзынæн æз дæр.
Мæ рагбонты хæхтæн сæ сæрмæ тырныдтон,
Нымадтон – фæдæн æз нæ хæхтæн кæстæр.

...Ныр та æз фыдрисæй мæ цæссыг лæмарын, –
Кæм ма ис æндон тых, нæртон ныфс зæгъай.
Нырма дæн æз цæрдтæй, æмæ йæ æмбарын:
Нæ зæххæй, нæ арвæй нæй мард лæгæн хай...

Куы нал уа фæстаг бон лæджы хъару дзурын,
Уæд развæлгъау зонут мæ бæллиц æргом:
Æз иу хорзæх курын, – лæууæнт-иу мæ цуры
Нæ урс хæхты фидауц, мæ мады цæсгом!..

 

МÆ ЛÆДЗÆГ
Фест мын, цæй, мæ бархъомыс, лæдзæгау,
Ацы сау бон ме ‘нцой лæуу æцæгæй, –
Абырсин ма кæд лæгау мæ рын.
Кæд мæ низы сау азар, йæ зæйтæй
Фервæзин дæ арфæйаг æнцæйтты
Æмæ ногæй райдаин цæрын.

Ау, мæнæн ма иунæг фæндаг баззад;
Зæй, мæ уæнгты чи уыд ауал азы,
Хъуамæ уый ныггуыпп кæна æваст,
Хъуамæ ныр мæ уд фæуа зæйласт?!.
Ныр мæн дæр, нæ сусæгмыр уæлмæрдты
Кадыл-иу цы зиæнтты æвæрдтам,
Уыдонау фæкæндзыстуг дæлзæхх?..
Æтт, уæдæ мæ рад æрцыд сæрæй , –
Рыны ‘фцæгыл ахизæнтæ нæй,
Ам мæнæн зæйласт нæ хæссы цъæх?!.

Ракæс-ма бæрзондæй, урс саг сион,
Ды Чегемы дæ мæнæн мæ хион,
Ме ‘фсымæр!.. Нæ хъæдты абух, рых,
Фæлæ ратт сæрбахъуыды дæ тых
Ды мæнæн, – ыстыр ныфсау, мæ фыны,
Йе та хъалы дæу æдзух фæуынын,
Низ мын ам куы ныххуыйы мæ дзых...
Иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдтæн
Æз мæлæтæй царды ‘хсæн – фыд ран,
Фæлæ, раст цæф салдатау, лæууыдтæн –
Цардбæллон, мæлæтмæ та – хæрам.

Хæцæны дæр, уый фæстæ та хасты
Æз мæ фæд мæлæтæй цардмæ хастон,
Кæд уыди æвирхъау зын, уæддæр.
Царды сæрыл зиуы æмæ тохы
Арæх уагътон æз мæхи уд рохы,
Æмæ ныр мæн дæр куы бахъуыд сæр,
Уæд мæныл куыд рахæтыд мæ хъысмæт,
Уæд мæнмæ куыд нал цæуы æххуысмæ,
Гом куы у мæ адзалы къæсæр?!.

Цард, дæуыл мæ нымд зарæг нывæстон,
Хæцæны – дæ фæдисон, дæ хæстон;
Æмæ гъеныр ма суæлдай кæ мæн, –
Раздæр мын уыдтæ тыхсты бон ахъаз,
Гъемæ ма мæ сæрыл иу хатт рахъыз,
Баххуыс ма кæн ацы хатт мæнæн,
Иу хатт ма фæстаг ахъаз ныккæн!..
1980

ОПЕРАЦИЙЫ РАЗМÆ ‘ХСÆВ
Сом – карды бынмæ... Операци... Ахсæв...
Уыдис-иу афтæ фронты дæр, – мæйдар,
Фæлыгъд дæ хуыссæг: сом – атакæ, сар,
Æмæ цы уыдзæн, уый лæджы зонд н ‘ахсы:
Хæнтсау дымгæ дæ иувæрсты фæраст
Æви дæуæй уый исдзæни йæ маст,
Æмæ дæ тæвд туг салд митыл ныццахсдзæн?!
У де знаг саст æви ысхауд дæ хал, –
Æгомыг тар дæ рухс дунейы смал?..

Кæсын мæ уатæй, тар фæрссаджы гомæй, –
Кæддæр куыд кастæн топпуадзæны комæй,
Æвзонг æмæ тыхджын куы уыдтæн, уæд...
Мæ къæрцхъус фæсдуар ацахсы æппæт,
Æмæ тыхсын: фæразон дæн мæ зынæн,
Фæлæ мæхи нæ абырстон бынтон;
Æууæнк æмæ ныфсæн кæрон нæ зыны,
Лæджы хъаруйæн алцы нæу йæ бон...
Æз мысын ног, цытæ бавзæрстон царды,
Мæ хæстон рад, мæ хасты зындон дардыл,
Фæлæ нæ уынын – хæст куыд цæудзæн сом;
Цы уыдзæн, уый кæй зондæн у æргом?..
Салдатау ног цæуын хæстон фæдисы,
Лæджы цардæн мæлæт йæ бар кæм исы,
Уым чи уыдзæн сæ дыууæйæ бынæй?
Уым армæй хæсты чи ныббырсдзæн, кæй?..
Мæ зæрдæ ма цæуыл, цæуыл фæдарин, –
Куы нæ судзид мæ ныфсы цырагъ тары?!.
1980

МÆ ЦУРЫ ЛÆУУ, ЛÆДЖЫХЪÆД!
Адзалы тас кæй уд нæ хордта, ахæм
Хъæбатыр лæг кæй нæ уыд, уый зæгъын:
Тæрсæм мæлæтæй, уымæн æмæ махæй
Мæлæты фос у алчи дæр зæххыл.

Мæлæты тас кæй бавзары нæ зæрдæ.
Уый худинаг нæ уыди, нæу ныр дæр.
Æркъæдз вæййынц мæлæты раз нæ сæртæ,
Фæлæ сæ цъыфмæ не ‘рхæссæм уæддæр.

Цæрын кæй фæнды алкæй, уый нывæй у,
Тæппудыл нæу, ныббæтты йæ хъысмæт.
Хъæбатыр та мæлинаг лæг ысвæййы,
Куы ахизы йæ тасы сæрты, уæд.

Тæрсын æз дæр... Мæ тас чысыл, ыстыр уа,
Йæ ныхмæ у нырма мæ уд дзырдхъом.
Мæ лæджыхъæд, мæ фарсмæ лæуу кæстæрау!..
Мæ бархъомыс, мæ ристæн ма ратт ком!..
1980

ЧИ НЫББЫРСЫ ЙÆ РИС,
УЫМÆН КАД!
Уарынц алы бон сау ристæ, ихау, –
Хъæц, уром сæ, зынудисæн кæн!..
Загътой раджы: «Лæг райгуыры иу хатт,
Æмæ иу хатт мæлгæ у лæгæн!..»

Бузныг, ацы зонд чи ссардта, уымæн,
Уæд мæрдты дæр йæ рухсы рад рог!
А-сыгъды ран мæ тыхст уд ыслымæн
Уыцы ихын ныхасимæ ног.

Нæу мæ сомбон мæ зæрдæйæн сусæг, –
Къахы хæхты мæ адзал ингæн,
Æмæ дзурын ныфсы ныхас сусæй:
«Ма тæрс, – иу хатт мæлгæ у лæгæн!..»

Æтт, фыдæлтæ, кæуинаг бынаты
Æз уæ комулæфт хатын уæддæр,
Æмæ хъусын уæ фæдзæхст: «Æгадæй
У лæппуйæн йæ мæлæт хуыздæр!..»

Æз уæ фарны зонд райстон мæ рады,
Уе ‘гъдау райстон, фæзмыдтон уæ уаг.
Ныр мæ митæ фæлгъауын: «Æгадæй
Кæд нæ тыдтон мæ бонтæ мыййаг?..»

Нæу мæ рохы уæ фæдзæхст хуымæтæг:
Нæй адзалæй дунейыл ирвæзт!..
Иугæр афтæ у, гъе уæд йæ мæтæй
Хъуамæ ма зила доны нæ цæст.

У уæ амынд мæнæн та мæ сагъæс,
Гъеныр афтæ æркуырдта мæ рад:
«Уæ, мæ хъысмæт, мæ ристæ мын ахæсс, –
Чи ныббырсы йæ рис, уымæн кад!..»
1980

МÆ КУЫДЗ БОЙНАХЪ КÆСЫ ÆНХЪÆЛМÆ
Мæ куыдз Бойнахъ, нæ ахсы хуыссæг мæн:
Йæ тыхстæй ниуы куыдз, лæг та дзыназы.
Дæ нымадæй, кæуыс, фæлæ цæмæн,
Нæ дзурыс уый, – мæнау зынтæн фæразон.

Мæ куыдз Бойнахъ, бæллиццаг нæу дæ цард, –
Æз уым нæ дæн, уæд у æнад дæ кæрдзын.
Нæ хъусыс ды, – æз дæн Чегемæй дард, –
Мæ тыхулæфт, мæ хъизæмар, мæ хъæрзын.

Ды ниуыс арвмæ: стъалытæ – ыстæм,
Фæлæ хæстæг, сæ къухтæ тавынц н ‘артмæ,
Æмæ лæууынц нæ уæлхæдзар тыхстæй,
Мæн фенынмæ кæсынц кæдæмдæр дардмæ.

Æз та уæ мысын... Уал къуырийы хит
Фыд ран, уæд лæг ныфсæн йæ зæрдыл дары:
Нæ хъæуы сæрмæ сау къæдзæхыл мит,
Йæ рæбын уалдзæг уадындзæй ныззары!..

Æз мысын, мысын уе ‘ппæты: нæ ком,
Нæ хъæд, нæ дон, нæ уалдзæгæн йæ хуызтæ;
Нæ сур уынгтæ, – Бойнахъ, ды уым æргом
Ысмудыс фæдтæм, кæд мыййаг мæн ысты!..

Мæ зæронд хæлар, раст зæгъгæ, æз дæр
Фæмысын дæу, нæ кæрт æмæ нæ хæдзар.
Хъæзныг къæс нæу, фæлæ фæрныг уæддæр,
Æмæ йыл ам мæ рыст зæрдæ куыд хъæца,
Кæд æз уыдтон йæ фæрссагæй кæддæр
Нæ хæхты мит, нæ хурныгуылд изæр?!.
1980

МÆ МАДЫ ХЪÆЛÆС
Æхсæв ног митыл урс-урсид дары,
У мæ низ та хуыдалынг, ызнæт –
Дурхох, дурдзæнд... Мæ удæй лæмары,
Цард кæй ацыди, уый охыл мæт.

Æз – мæ уаты, рынчынæй, æнкъардæй.
Рæстæг – иугъæдон, сабыр, фæлмас.
Фæлæ тар æхсæв фехъуыстон дардæй
Æз мæ мады фæлмæнзæл ныхас.

Цыд йæ ныхас дæлзæххы æнудæй,
Уыд йæ фæндиаг рухс ныфс дæттын:
«Нæй æрæнцой мæрдты дæр мæ удæн,
Уый куы зонон – уынгæджы дæ ды!..

Уæ, мæ хъæбул, чысыл ма куы уыдтæ,
Уæд дæ фæдыл цыд, хурау, мæ цæст.
Уæд æз уыдтæн дæ мад дæр, дæ фыд дæр;
Уæд дæ лечъыр – мæхæдæг æрмæст.

Ныр æвдадзы хос нал дæн дæ рыстæн,
Лæуу дæ рынмæ, мæ хъæбул, хъæддых!..»
«Уæ, мæ гыцци, фæлварын, дæуыстæн,
Фæлæ уый фаг куынæ суа мæ тых?!.»
1980

МÆ МАД НÆЙ МÆ ЦУРЫ
У æгомыг мæ рынчындон дурау,
Хъусын хæхтæй тæлтæг дæтты дугъ...
Нæй мæ гыцци тыхсты бон мæ цуры,
Науæд раттин йæ арммæ мæ къух.

Бонæй урс митыл хуры тын хъазы,
Бахсæв, – гъа уæд та сау тар æрмæст...
Нæй мæ ныййарæг ахсæв мæ разы,
Науæд фенид мæ рыст уд йæ цæст.

Сау низ бакома, чи зоны, сурын,
Ног цæрыныл ныллæууон хъæддых?..
Нæй мæ ныййарæг гъеныр мæ цуры,
Æмæ чи ‘рсæрфа й ‘армæй мæ ных?..

Ау, ныр ыл уæдæ нал кæсдзæн хур дæр,
Æмæ нал уыдзæн рухс бон æцæг?..
Нæй мæ гыцци мæ сау бон мæ цуры,
Нæй йæ цæстытыл мардæн хæцæг...

Уæлæ фæсрагъ чысыл хæдзар, дурын,
Уым æхсæвбадæн чидæр кæны...
Нæй мæ ныййарæг сау мад мæ цуры
Æмæ чи кæна хъарæг мæныл?!.
1980

ЗЫНДÆР У МÆНÆН
Нæ, мæ карз фыд нæ тарсти нæ хæхтæн,
Зæххæн исты фæуынæй нæ тарст.
Уый-иу федта – куыд дымсынц æврæгътæ,
Æфсир хуымы куыд рæзы æмраст.

Нæ, мæ хорз фыд нæ тарсти нæ зæххæн:
Уый, куы ‘рхæццæ йæ адзал, уæддæр
Афтæ не ‘нхъæл уыд, – искæй фыдæхæй
Фестдзæн а зæхх фæныкæй фыддæр.

Уый нымадта: цы тыхсон мæ зынæй, –
Цард æнустæм у хæхты рæбын!..
Æз цы фыдфынтæ фенын мæ фыны,
Уыдон никуы нæ уыдта æппын.

Уый нæ зыдта: дур хъызты кæй сийы,
Дур кæй судзы кæрдæгæй фыддæр,
Æз кæм федтон цæстæй Хиросимы,
Уым цæрын у мæ удæн зындæр.

Нæ, мæ хорз фыд æууæндыд Хуыцауыл,
Зæхх æм, арвау, æвидигæ каст,
Уый нæ кодта йæ амондæй хъаст
Æмæ царди æнусон æгъдауыл.
Махмæ ‘рхаудта цыфыддæр хъысмæт, –
Мах æвзоны нæ фидæны мæт!..
1980

УРС ÆМÆ САУ ФÆНДАГ
Æз цæуын мæ сагъæсы фæндæгтыл,
Мит сыл бады, сау-сауид æндæргтау.
Акæсын дæрдтыл: уыны мæ цæст
Сау зæххыл – хъыг æмæ маст æрмæст.

Хилын ма, мæ цæуæн – талынг, хурсыгъд,
Нал кæнын æнкъард хъуыдыйыл дау:
Цины фæндаг алы ран дæр урс у,
Масты фæд – кæмдæриддæр – хæнтсау.

Рын къæйных лæууы мæйгай мæ разы;
Æз быхсын сæрныллæгæй, гуыбыр...
Ау, уæдæ мæ ныры фæндаг разынд
Сау фæндаг, фæстаг æмæ цыбыр?..

Цард кæны фыдæй фыртмæ фæлхатæн,
У йæ уæфт та – цин æмæ фыдтæй.
Æз ыстæм хатт урс фæндагыл хаттæн,
Арæх та фыдвæндæгтыл цыдтæн.

Æз мæ бон цынæ бæсты æрвыстон:
Кæм – тæхгæ, кæм – фистæг цыд, уæззау.
Гъа, фæлæ кæмдæриддæр уыдысты
Фæндæгтæ – куы урс-урсид, куы сау.

Ныр рынчын дæн æмæ уæд фæкæсы
Алцы дæр лæгмæ йæ царды сау,
Гъе, фæлæ уæддæр цæрын, фыдхæсау, –
Ме ‘хсæвиуат дард хохмæ куы хæссин
Фæндæгтæн сæ сауыл дæр фæлтау!..
1980

Нафийы тæлмацтæ

Мах дуг.– 2001.– №11.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.