Aм Бо
Со слезами вспоминаю Цзи
Цӕссыгкалгӕйӕ
мысын сӕндуцӕг
Цзийы
Ӕцӕг дунемӕ ацыдтӕ,
Мӕ хӕлар.
Уӕлӕуыл-иу куывддон уыди Дӕ
хӕдзар.
Фӕлӕ дын, оххай, Уым Ли Бо куы нӕй,
Уӕд, ме 'фсымӕр,
Кӕй хынцдзынӕ сӕнӕй?
Ӕхсӕрдзӕн Лушаны хӕхты
Рӕхджы дыдзыхур сау хъоргъы
Ныллӕсдзӕн.
Уынын: тӕхы, тӕмӕнкалгӕ, Ӕхсӕрдзӕн.
Бӕрзонд ӕврӕгътӕн расхъиудта Сӕ арфӕй,
Цыма ӕрхауд Ӕрфӕны Фӕд
Уӕларвӕй.
Перевел Ахсар Кодзати
См.: Мах дуг.- 2018.- №5.- Ф. 47-48.