Астрæнхъонтæ
У адæмы зонд уаз чиныг, бæгуыдæр,Нæ судзы арты, сау хъоргъы нæ мæлы,
Нæ йын и фидис, тобæ æмæ сар!..
Йæ арв-хъæбысмæ хуры тын нызгъæлы,
Йæ арт-хъæбысæй азгъæлы мæйдар.
* * *
Багада-хох... Бæрзонд фæцыд йæ рындз,
Йæ рæбын та æрдзæ-æрдзæтæй дуртæ
Æнцъылдтæ ’мæ ыздыхстытæй хуыссынц,
Цыма фыддуджы амæддаг лæппутæ.
“Цы тох уыд ам, цы заманты?..” — Ныхъхъус,
Ныммыр сæ хъæлæс сау дурты рæдзæгъдтæн…
Нæ сын у кæд уысмæй фылдæр æнус?!.
Сæ иу дæр мын йæ риссæгтæ нæ зæгъдзæн…
* * *
Æфсæйнаг пецау, арв ысзынг — сырх зæрин,
Уæлхохæй, зæгъгæ, иу цæхæр фæхауд,
Уæд дун-дуне æрвнæрæгау ныннæрид,
æвиппайды ныггуыпп ласид, хъæмпау.
æхсæры къутæр донырдæм фæгуыбыр,
Ыстæнæг дон, фæзынхæссæн йæ уаргъ.
Гæзæмæты ма сулæфы сыгъд быдыр,
Йæ базыр æм куы бацæйтилы маргъ.
* * *
Хуры хъарм та цадæггай æрмынæг,
Хус сыфтæр æрызгъæлди, æрхызт.
Рафæлгæсыд арвы цъæх æрдынæг,
Гом фæрвытыл байтыгъта йæ хыз.
Батымбылтæ уазалы, ныккука
Афтид зæхх, хъæстытæ систа, загъд:
Сæрд дæр, дам, фæлтæхæг мæргъты цуркау,
Африкæмæ, хуссармæ фæтахт.
МАМЫКЪАТЫ Хъазыбеджы тæлмацтæ
Мах дуг.– 2008.– № 4.