Иринӕ ТОКМАКОВА (03.03.1929–05.04.2018)
Советская и российская детская писательница, автор образовательных повестей-сказок, стихотворений и пьес для детей дошкольного возраста, классических переводов из английской и шведской народной поэзии. Лауреат Государственной премии России за произведения для детей и юношества. Жена художника-иллюстратора Льва Токмакова.
Иринӕ ТОКМАКОВАЙӔ
ЦӔРӔГОЙТЫ ХЪАЗТ
Тӕкку нын нӕ бады уӕгъды:
Барабанӕй рог ӕрцӕгъды,
Ахӕм артист пыхсы нӕй,
Зарӕм уӕдӕ иумӕ, цӕй!
***
Ӕхсӕрсӕтджытӕм-ма кӕс,
Хорз ӕмбарынц тынг сӕ хӕс.
Зарыныл кӕнынц хӕлӕф,
Къӕхтӕй амонӕнтӕн — цӕф!
***
Даргъкъӕдзилджын, сауцӕст мыст
Сыфмӕ тагъдгомау ысхызт,
Ӕмӕ хъисфӕндыры цагъд
Айхъуыст цъӕх быдыртыл тагъд.
***
Рагӕй дӕр зыгъарӕг
Никуы уарзта зарӕг.
Мандалинӕ йӕм уӕддӕр
Авӕрдтой, фӕлӕ йӕ хъӕр
***
Иумӕ дӕр нӕ хъуысы.
Сырды хъарм хъӕбысы
Баззади ӕмырӕй,
Сидзӕрау мӕгуырӕй.
***
Зӕронд кӕрз бӕласы бын
Сырдтӕй ничи фендзӕн фын,
Уый тыххӕй, ӕмӕ дзы арс
Саразы къӕрццӕмдзӕгъд хъазт.
***
Алӕууыд йӕ фӕстаг къӕхтыл
Ацы худӕджы хъыбыл
Ӕмӕ диссаджы тӕбӕгътӕй
Рог ӕрцагъта кафт тымбыл.
***
Хъазгӕ, худгӕ ӕмӕ райгӕ
Уызын райста балалайкӕ,
Рог ӕркодта симды цагъд,
Зарӕг хъӕды сӕрмӕ стахт.
* * *
Мӕйрухс ӕхсӕв та рацыд
Къуыбырхъус бирӕгъ балцы.
Йӕ къухы йын гитарӕ
Фӕсагъдӕуыд лӕварӕн.
Ӕйдӕ-мардзӕ, хъазт ыстынг,
Калынц цӕстытӕ сырхзынг.
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- 383 ф.
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].