Грузинские пословицы
ГУЫРДЗИАГ ӔМБИСӔНДТӔ
ХЪӔЗНЫГ
Хъӕзныгӕн йӕ мулкыл рӕстӕг мулк ӕфтауы,
Йӕ уасӕг дӕр уымӕн ӕйчытӕ ӕфтауы.
ДАВӔГ
Давӕг сомы тыххӕй, сомы
Бакӕндзӕн дӕс хатты сомы.
РУВАС
Мӕлгӕ-мӕлын ма райхъуысти йӕ дзурын:
«Кӕркдоны-иу мӕ баныгӕнут, курын...»
КЪӔРНЫХ
Талынджы чи давы, ахсынц уый бон,
Боныгон уымӕн фӕкӕнынц тӕрхон.
ХӔРӔГ ӔМӔ САРГЪ
Хӕрӕгӕй саргъ нӕ кӕны бӕх,
Ӕвдисӕн уымӕн арвау зӕхх.
ФӔЛИТОЙ
Сайӕгойӕн басыгьди йӕ къӕс,
Фӕлӕ йыл нӕ баууӕндыдтӕн ӕз.
УӔРЦЦ
Кӕддӕр-никӕд ыстахти бӕрзонд бӕласмӕ уӕрцц,
Ӕмӕ уӕддӕр ӕрсасти йӕ быны къалиу — къӕрцц.
ХӔСТ
Цард тохы быдыр у, ӕрвылбоны хӕст...
Уӕлгоммӕ хуысгӕйӕ нӕ уыдзынӕ ’фсӕст.
ФИДИССАГ
Йӕхи фыд дзы ферох и, комы
Иӕ мады лӕгӕй кодта сомы.
ТӔРХОНЫ ЛӔГ
Тӕрхонгӕнӕгӕй кӕд дӕуыл ӕрбацыд хъаст,
Ыстыр Хуыцау дӕр уӕд дӕу нал ыскӕндзӕн раст.
ФӔДӔГЪД ӔМӔ СӔНӔФСИР
Фӕрӕвдауы алчи йӕ къайы:
Фӕдӕгьдыл сӕнӕфсир нӕ зайы.
ТӔДЗЫНӔГӔЙ - ЦЫХЦЫРӔГМӔ
Артӕй ралидзӕджы дон
Аласта, мӕгуыр йӕ бон.
ГӔДЫБӔЛАС
Бӕрзонд фӕцыд гӕдыбӕлас,
Фӕлӕ цы пайда у йӕ ас?!
ЗОНЫН ӔМӔ ДЗУРЫН
Цы зоныс, уымӕй къаддӕр дзур
Ӕмӕ дӕ тавдзӕн алкӕд хур.
ӔРРА КУЫДЗ
Хӕмпӕлгӕрдӕгӕй рувӕнты у хъахъхъӕнгӕ дӕ хуым...
Ӕрра куыдзы кӕм амарынц, ныгӕд ӕрцӕуы уым.
ЗОНДДЖЫН СӔРХЪӔН
Бауырныдта раджы мӕн:
Зондджын расыгӕй — сӕрхъӕн.
ДЫУУӔ РАСТЫ
Хъӕддых дзырдтой кӕрӕдзимӕ, сӕ иу дӕр дзы нӕ саст:
Быцӕугӕнджытӕй алчидӕр йӕхи фӕхоны раст.
БӔГЪНӔГ
Нӕ бастъигъдзысты иу мадард бӕгънӕджы
Тӕккӕ цыфыддӕр фондзыссӕдз хуыснӕджы.
УАЗӔГ ӔМӔ ФЫСЫМ
Каркӕй дӕр рауайы хаттӕй-хатт уасӕг...
Фысымы расуры хӕдзарӕй уазӕг.
ЦӔССЫГТӔ
Фӕтӕрсынгӕнӕн нӕй цӕссыгтӕй фыдгулы,
Нӕ фӕдӕлдон уыдзӕн фыдызнаг сӕ кулы.
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- Ф. 257–261.
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].