logo

М О Я    О С Е Т И Я



Астрид Кольмайер

Австрийский писатель и театральный режиссер. Астрид Кольмайер родился в 1983 г. Начиная с 2000 гг. пишет пьесы, рассказы, стихи. Печатается в литературных журналах, альманахах. Его пьесы ставятся в театрах Швейцарии, Германии, Австрии и Люксембурга. В 2012 г. получил Государственную литературную премию Австрии. 

МЕЛАНХОЛИК
МЕЛАНХОЛИКОН САБИ
Мит пырх кодта мӕ рустыл,
ныссалд-иу мӕ кӕл-кӕл, фӕлӕ
ничи фӕрӕзта тых кӕнын мӕнӕн -
амондджын сабийӕн.
...Нал уынын, уӕууа, фынтӕ,
уӕлдайдӕр та мигътӕ-тымыгътӕ.
Никуы. Мӕхицӕй ӕз раджы фӕлыгъдтӕн.
Мӕн нал ахсы абон хуыссӕг.
Арӕх фӕмысын мӕхи. Хатгай ма
фенын мӕ фынты, цыма та миты
ӕгомыг тъыфылтӕ, кӕрӕдзиуыл
ӕндӕдзгӕйӕ, салд зӕхмӕ згъӕлынц мӕ рустӕй.
...Фыццаг хатт никӕдуал уыдзӕн,
нал, никӕдуал.
Незаманты ӕрдӕгфынӕй сонт сабийы йӕ
миттӕй бамбӕрзта уад.

ПАНТЕРА
ПАНТЕРӔ
Пантерӕ
мӕ азар фӕсуры.
Мӕ гауызы
гӕппӕввонгӕй бады.
Мӕ фынтӕ,
мӕ сӕнттӕ мын хизы.
Мӕ саумӕт мын аскъуыдтӕ кӕны
ӕмӕ йӕ ӕдзӕмы фӕдджийыл
Хъазгӕ-хъазын ысбийы.
Дӕ хорзӕхӕй, денджыз, хӕрзӕггурӕггаг-иу мӕм фӕу.

ПОСЛЕ МЕНЯ
МӔ ФӔСТӔ
Сонт цъӕхахст, сынт никӕцӕй зыны.
Дымгӕ хизы рудзгуыты ӕмӕ лӕгдзармы.
Дон дуджы фӕласы.
Тыхулӕфт. Буар се 'рхъулайы бахаудта
йӕ рондзы къанӕуттӕ ӕмӕ гӕрӕнтӕн.
Дуне абухы размӕ, сӕ размӕ.
Буды тӕфмӕ ӕрымысын будтӕф.
Алы сӕрд иу, уыцы иухуызон, ныронгмӕ ӕмӕ ӕдзух.
Судзаг ныронгмӕ ӕмӕ ӕнустӕм.
Будтӕф нӕ аивдзӕн, куы нал уон
ӕмӕ сабийы цъӕхахст куы айзӕла,
уӕддӕр.

БЕСКОНЕЧНЫЙ ДЕНЬ
ӔГӔРОН БОН
Сындӕггай мӕ тамако судзы,
йӕ фӕздӕг уӕларвмӕ ысхилы -
цымӕ йын нӕ вӕййы къӕвдайау ӕртӕдзӕн?
Сахатӕн йӕ хъӕрзын ыссӕуы,
мӕ сӕрызонд бандзыг и, сдон и.
Мӕ цӕстӕнгас зилы кӕмдӕрты,
мӕ сахат ныхъхъӕрзы - ныккӕрзы, -
цымӕ йын ӕнцойы хос нӕй?


ГНЕЗДО
КЪАЛАТИ
Мӕ къалатийы кувын Хуыцаумӕ. Мӕ цъыбар-цъыбур ӕм нӕ хъуысы.
Ӕрзайынц мыл базыртӕ, рыхӕны фыцгӕйӕ фӕтӕхын
иу къулӕй иннӕмӕ...
...ныфссастӕй
мӕ базыртӕ 'рхауынц.
Ӕруадзынц ӕмбӕрзӕн мӕ къӕсыл,
ӕмӕ та мӕ абырсы фын.

ПРОЩАЙ
ХӔРЗБОН
Фӕлдурӕг ӕрцардис дӕ уаты, сӕ
зӕлтӕ дӕ ныхӕстӕн тайынц -мӕ
комӕй сӕ хъазгӕйӕ ахсын. Дӕ
фадыгыл де 'хсыр ӕркалди, дӕ рохст
дын мӕ дӕларм ӕмбӕхстон. Фӕллад
ӕмӕ 'фхӕрдӕй, мӕ иунӕг, ныффынӕй
дӕ - не стын дӕ разӕй. ... Ӕхсӕвыгон
байсысдзӕн д' аипп мӕ рустӕн сӕ артимӕ иумӕ.

ДЕНЬ
БОН
Уад
раджы ӕрсабыр, фӕлӕ ма йӕ фырхъалӕй фӕндыди
денджызӕй ануазын.
Хур
раджы ӕрныгуылд, фӕлӕ ма йӕ фӕндыдис уарыны анайын,
багъӕцын, фенын,
цымӕ цӕмӕ расайдзӕн.
Фарстытӕ
раджы фесты,
фӕлӕ ма кӕмдӕр
сӕ сыр-сыр цыди,
ӕрмӕст сӕм хъусӕг нӕ уыд.
Мӕ сӕрызонд
раджы ысдон и,
фӕлӕ ма йӕ каст
сӕумӕцъӕхтӕм уыд, -
фӕдзедзырой кодта дыууӕрдӕм.
Цыма йын ӕхсӕв
нал фаг кодта.

РАНЬШЕ
РАЗДӔР
Дӕ тӕхгӕ хъуыдытӕ мӕ зӕрдӕйы къуымтӕ ысгӕрстой. Дӕ дзырд-иу мын фестади ныфс -ӕнӕфӕлгъаугӕ, сӕрибар, рӕвдаугӕйӕ. Сонтӕй кӕрӕдзи ӕмбӕрстам, -уыд не 'хсӕн ӕууӕнк.
Дӕ ныхас мӕ дадзинты царды рухс уагъта,
нӕхи-иу нӕ амонды надтам...
Ӕмӕ-иу цыдыстӕм фыдӕлты сахартӕм
ныфсджынӕй, ӕдасӕй,
ӕмӕ мын нӕ бӕстӕйы диссӕгтӕ, -
раздӕр кӕй нӕ уыдтон,
уыдон - ӕвдыстай.

НА БЕРЕГУ
ДОНБЫЛ
Уад ӕрсабыр, нау йӕ лӕууӕн ссардта. Цинӕй
райы зӕрдӕ, бамыр
цъиуты зарӕг.
Нал уары,
нал дудынц рухсмӕ
нӕ цӕфтӕ.
Цыдӕртӕ та хъулон кӕнын
хӕххытӕ, ыстъӕлфтӕй.
Мӕнӕ - уад,
аскъуыдта науӕн йӕ
пӕлӕз, растыгъта уымӕн
йӕ мӕстӕг. Донӕй
байдзаг йӕ уӕлхӕдзар.
Тӕрсгӕ-ризгӕ-ыстъӕлфгӕ
доны был бадын.

В СВЯЗКЕ
ӔМБАСТ
Дӕ уындӕй фӕджих дӕн,
дӕ ныхас мӕ бафтыдта дисы.
Ӕви мӕ нӕ бамбӕрстай?
Ӕви дӕ кӕд рохуаты хитын?
Дӕ ныхас нӕ дыууӕйыл, мыййаг, нӕ уыд,
нӕдӕр мӕ ӕндӕвта.
Нӕ уарзтыл дӕ зӕрдӕ бынтондӕр куы сивтай,
дӕ къух ыл куы ауыгътай...
Нал ӕй ӕрымысыс,
ӕркӕсы дӕм хардзау, мыййаг?
Ӕви кӕд фӕкъуыхцы дӕ ныхас - фӕкалдис,
дӕ цӕстытӕ разылдтай доны?..

перевел с немецкого Аркадий Золоев
См.: Мах дуг.- 2017.- №5.

Аркадий Золоев (1957).
Поэт, переводчик. Родился в с. Ставд-Дорт Северной Осетии. Окончил Технологический институт и литературные курсы Литературного института им. М. Горького (2012).

См.:Золойты Аркади // Мах дуг.-


Зарубежная литература         Австрийская
        Астрид Кольмайер
        Георг Тракль
        Стефан Цвейг
       Американская
        Марк Твен
        Эзра Паунд
        Эдгар Аллан По
        Эмили Дикинсон
       Английская
       Афганская
        Шах Идрис
       Белорусская
       Венгерская
        Йожеф Аттилæ
        Шандор Петефи
        Балашши Балинт
       Индийская
       Ирландская
        Оксар Уайлд
        Уильям Батлер Йейтс
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
        Ам Бо
       Корейская
        Неизвестный автор
        Чо Хон
       Латвийская
        Аия Бриаака
        Аспазия
      Латинская
       Немецкая
       Норвежская
        Кнут Гамсун
       Персидская
        Омар Хайям
        Фирдоуси
       Польская
       Турецкая
        Хикмет Назым
       Французская
        Сент-Экзюпери Антуан де
        Экушар Лебрен
        Гишар
        Баур Лормиан
        Клод Мерме
        Сен-Желе
        Сенесе
        Жан Расин
        Колен Бюше
        Ла Моннуа
        Гийом де Бребеф
        Фор де Пибрак
        Д’асейи
        Теодор Дезорг
        Алекси Пирон
        Неизвестный автор


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Кудашева Р.
     Короленко В.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Литература народов Кавказа:
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
      Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.