logo

М О Я    О С Е Т И Я



Омар ХАЙЯМЫ мотивтӕ

СӔН ӔМӔ УАРЗОНДЗИНАД
1
Мӕрдтӕн нал ис фӕстӕмӕ ыздӕхӕн, цӕуӕн,
Уый дӕ зӕрдыл у даргӕ ӕдзухдӕр дӕуӕн.
Рауадз уый бӕсты сӕн ӕмӕ байхъус Хайяммӕ:
Зондджынты дзырдтӕ — дон, нӕй сын никуы фӕуӕн.
2
Дзагдар, акалдтай сӕн, мард цӕстыты дӕлдзӕх
Ахуыссыди ӕрхуым, разынд сӕм арвы цъӕх.
Стыр Хуыцауӕн табу, мах дӕр уыцы тӕнгъӕдӕй
Асурдзыстӕм нӕ маст — баназдзыстӕм дзӕбӕх.
3
Буракыл1 бадыс кӕд, бӕрзӕндты йыл тӕхыс,
Уӕддӕр дӕ зӕрдыл дар: у амонды дуг уысм.
Тыхгӕнӕг арв ӕдзух ӕвзиды раст, зылынмӕ:
Дӕ дурын дын сӕтдзӕн, ыстӕй та уӕд — дӕ къус.
4
Ацы хӕхтӕ, дӕлвӕзтӕ, цъӕх денджызтӕ сты
Нывӕвдисӕн фанар, цырагъ — хуры бӕсты.
У дӕ цард уыцы цырагъы авгыл нывгондау,
Хус, ӕндзыгӕй лӕууы, нал ахады цӕсты.
5
Алцы дӕттӕг - Хуыцау, алцы исӕг — Хуыцау,
Махӕн сусӕг у алы хъуыддаг, алы цау.
Царды бонтӕ нын нуазыны бонтау фӕдӕттынц
Алы хатт дӕр зӕрдаивӕй, ноджы ӕфстау.
6
Ацы сӕнӕй дзаг дурын — мӕ хъуыран, мӕ дин,
Уарзондзинады суадон, йӕ гуырӕн — мӕ дин.
Нозты ныхмӕ ӕрлӕууа кӕд искуы уый ногӕй,
Сног уыдзӕн уӕд мӕ дурыны хъуыры мӕ дин.
7
Арв нӕ ныхмӕ кӕй у, уый ды хъуамӕ хынцай:
Ассӕнды нын нӕ фӕндтӕ, ныккӕны сӕ най.
Цы ӕмбӕлы, нӕ кӕны арв уымӕй мах хайджын,
Нӕфӕтджиагӕй зин дӕр нӕ фӕкӕны хай.
8
Цард сӕууон мигъау тайы нӕ цӕстыты раз,
Фӕлӕ ма кӕн ӕнкъард, фесаф тар цӕстӕнгас.
Цард цӕстыфӕныкъуылдӕй цыбырдӕр у, сагъӕс
Ууыл ма кӕн, фӕлтау худ, ӕнӕмӕтӕй нуаз.
9
Раджы ’рцыди йӕ хъысмӕт уӕлӕрвты лыггонд:
Къӕс — йӕ цӕрӕн, йӕ алыфарс — кауӕй ӕмбонд.
Ис ӕрхъуыдыгӕнӕн абон алцыдӕр, райсом
Уый «хъысмӕт» цӕмӕй рахона адӕмы зонд.
10
Зӕххы скъуыды ӕваст куы ныххауид мӕ хъӕу,
Нӕ фӕхъӕр кӕнин уӕд ӕз расыгӕй: «Уӕуу-уӕуу!..»
Цъынды ныууадзынвӕнд ыскодтой мӕн сӕндоны,
Сӕнуӕйгӕнӕг фӕджих, ысдзырдта: «Уанцон нӕу!»
11
Дӕ фӕндаджы кӕрон ӕрхӕццӕ ис, дӕ тас
Ӕрбайсӕфти, лӕууыс хъӕддых мӕлӕты раз.
Адзалӕн ис мадзал, Иссӕйы2 * улӕфт хатыс,
Дӕу бирӕты хуызӕн кӕндзӕни уый ӕгас.
12
Цыдӕриддӕр мӕм ис — сты Уӕллагӕй лӕвӕрд,
Мӕ уд, мӕ зӕрдӕйы ӕрцыдысты ӕвӕрд,
Мӕ аиппытӕ дӕр мын ме Сфӕлдисӕг радта,
Мӕ хъӕнты тыххӕй уӕд цӕмӕн дӕн ӕз ӕфхӕрд?
13
Ды ӕгъдауыл хӕст хоныс дӕхи, фӕлӕ ам
Стыр Хуыцауыл дзырд цӕуы, дӕуӕн та у цам
Ницӕйаг митӕ кӕнын, нӕ дын ӕй ныббардзӕн
Уӕллаг, ма кӕн, фӕуыдзӕн дӕ фарсӕй хӕрам.
14
Ӕнусон цардӕн кур ӕнусмӕйы фаг кад,
Фӕстагмӕ дын уӕддӕр цард не скӕндзӕни ад.
Мӕлӕт зындзӕн кӕддӕр ӕнӕмӕнгӕй дӕумӕ дӕр
Ӕмӕ ныссадздзӕни дӕ зӕрдӕйы йӕ фат.
15
Сӕрмӕхӕссинаг нӕу: кӕйдӕр хӕринаг хӕр,
Фыдцарды дарӕсыл ӕмпъузӕнтӕ ӕвӕр,
Дӕлдӕр-уӕлдӕр ныхӕстыл ӕнӕвӕндонӕй худ —
Нӕ кӕнын уыдӕттӕ, мӕгуыр кӕд дӕн, уӕддӕр.
16
Ӕнкъарддзинадыл сис дӕ къух, фӕлтау кӕн цин,
Хъысмӕтыл нӕй ӕууӕнк, фӕливын у йӕ дин.
Нӕу ницы дуне дӕр — хуыздӕр ма дӕ цы хъӕуы! —
Цы дӕ фӕнды, уый кӕн: дӕ авналӕнтӕ — мин.
17
Цы домыс цардӕй? Нӕу дыууӕ боны йӕ дӕргъ.
Йӕ циндзинӕдтӕ — цъус, йӕ хъизӕмӕрттӕ -хӕрх.
Хъуыбады3 хуызӕн Джам 4 ӕртхутӕг фестад раджы,
Зӕххыл кӕд исты ис, уӕд — сайд ӕмӕ бӕллӕх.
18
Нуазаг адӕмӕй ничи зӕгъдзӕни: «Хӕрзбон,
Нал фендзыстӕм кӕрӕдзи, сӕнӕфсиры дон!»
Исчи кӕд Рамазаны5 ныууадзынмӕ хъавы
Нозт, уӕд кувгӕ-кувын у зӕгъын уый йӕ бон.
19
Байдзаг ингӕнӕй зӕхх, дуне фестад уӕлмӕрд,
Бӕстӕ — алкӕм ызмӕст, нӕй дзы иу фӕткӕвӕрд.
Фестадысты фӕнык, сау мӕр паддзӕхтӕ, сахтӕ,
Тагъд фӕуыдзыстӕм мах дӕр мӕлдзыджытӕн хӕрд.
20
Уарзт бӕллӕх у, бӕллӕх та — нӕ хъысмӕты фыст,
Уарзтимӕ нын ӕрӕрвиты не Скӕнӕг рыст.
Хорз, ӕвзӕр кӕд ӕвзарӕм уӕлӕрвты фӕндонӕй,
Уӕд тӕрхоны фыдбонӕй цӕуыннӕ стӕм хызт?

21
У куырыхоны хӕцӕнгарз алы ран зонд,
Зоны аргъ кӕнын рӕстӕгӕн, у йӕм бӕрзонд
Ӕвӕрд алкӕцы ран дӕр: мӕзджыт уа, фынгыл.
Ничи рахондзӕн зондджын адӕймаджы сонт.
22
Зон, дӕ удӕн дӕ буар у рӕстӕгмӕ цӕрӕн,
Уыцы цатыр мӕлӕт тагъд ныккӕндзӕн дӕрӕн.
Ницуал баззайдзӕн ацы мӕнгӕфсон дунейы
Иннӕ адӕмы хуызӕн дӕ фӕстӕ дӕуӕн.
23
Дӕ цагъарӕн ныббар — дӕ бон у уый дӕуӕн,
Фӕсур йӕ риуӕй тар — дӕ бон у уый дӕуӕн.
Ӕви куы уӕм уӕздан, уыдзыстӕм уӕд дзӕнӕты?
Кӕныс цыма базар? — Дӕ бон у уый дӕуӕн?
24
Ды хӕрӕмттӕ кӕныс, ды ӕгъатыр дӕ, знӕт,
Демӕ баст ысты дунейы фыдтӕ, хъысмӕт.
Ехх, тӕхуды, куы афадид исчи дӕ гуыбын,
Бирӕ хӕзнатӕ ракӕлид уырдыгӕй уӕд.
25
У куырыхоны риуы рӕстдзинад ӕмбӕхст,
Анка-цъиуы хуызӕн ӕй нӕ фӕуыны цӕст.
Афтӕ бамбӕхсы сӕтӕлхъузджы хуылфы ӕртах,
Цӕмӕй феста ӕцӕг дзындз — ӕппӕтӕй ӕххӕст.
26
Сӕны хуыз райста кӕд сырх уарди — нӕу бӕрӕг,
Мыййаг, кӕд къусы лал ӕртади — нӕу бӕрӕг,
Тӕнгъӕд алмаси — дон, мӕй хурӕн — хыз, ӕмбӕрзӕн,
Йӕ рухсӕй дуне кӕд ӕрцарди — нӕу бӕрӕг.
27
Ды сисдзынӕ ӕвдӕз сӕнӕй ӕрмӕстдӕр ам,
Фӕлӕ нӕ ныхсдзӕн уый дӕ сау цӕсгомы цам.
Ӕгъдау ӕмбӕрзӕн хыз ныззӕронд и, ныскъуыдтӕ,
Ныггомгӕрцц и бынтон мӕгуыргурау ӕфсарм.
28
Ацы зӕххыл тыхджындӕр лӕг ма уӕд дӕуӕй,
Дуне афӕлдах, фезмӕлӕнт стъалытӕ, мӕй,
Де ’ппӕт бӕллицтӕ сӕххӕст уӕнт, кӕнӕ дзы иу дӕр
Макуы сӕххӕст уӕд, баууӕнд мыл, хъауджы дзы нӕй.
29
Дунесфӕлдисӕг — Уӕллаг, йӕ уд дӕр - Хуыцау,
Ницы бакодта монцтӕй зӕд буарӕн ӕвгъау.
Уӕлдӕф, дон, арт, зӕххӕй конд у адӕймаг, дуне,
Суадзӕм уыдоны фӕрцы кӕддӕриддӕр тау.
30
Ацы дуне мӕнг у, сты йӕ зынтӕ ӕцӕг,
Уыцы зынтӕй нӕ фервӕздзӕн фалӕ дӕр лӕг.
Дун-дунейы конд баивын никӕйы бон у,
Уӕдӕ ма скӕн дӕхи ды йӕ ныхмӕ лӕууӕг.
31
Max ӕрӕджйау ӕрцыдыстӕм ардӕм ӕгӕр,
Царды кьӕихӕнтӕй ма нӕм ӕрхауди дӕлдӕр.
Кӕд хъысмӕты тӕрхонӕй нӕй лидзӕн, уӕддӕр
Хъуамӕ алчи фӕхӕсса бӕрзӕндты йӕ сӕр.
32
Ферттивдзӕн царды кӕхцы ӕртӕхау дӕ цӕст,
Ахуысдзӕн иунӕг уысмы фӕстӕ уый ӕрмӕст.
Царды дзагдар ныхъуыры цӕстытӕ ӕртӕхтау,
Никуы банцайдзӕн уыдоны ныхмӕ йӕ хӕст.

33
Удӕй банкъардтон: нал дӕ ды ардыгӕй дард.
Зӕрдӕ атахт дӕ фӕстӕ — нӕ ракуырдта бар.
Цалынмӕ дӕ ыссара, уӕдмӕ ам мӕ къуыдыр
Сидзӕрхуызӕй лӕудзӕни, тыхсдзӕн ыл мæйдар.
34
Хуыдалынгӕй хуыздӕр нӕй уарзӕттӕн рӕстӕг,
Мӕйдар ӕхсӕвтӕ сты сӕ зӕрдӕтӕм хӕстӕг.
Вӕййынц ӕхсӕвыгон ӕппӕт дуӕрттӕ ӕхгӕд,
Ӕрдхорды дуар та — нӕ, ӕндӕр — ӕрдхорды фӕтк.
35
Ӕз федтон, бадти сынт йӕ зӕронд сисыл Тусӕн 6,
Йӕ дзӕмбытӕй хӕцыд йӕ сӕргӕхцыл Кавусӕн7 .
Дзырдта сӕргӕхцӕн цъиу: «Хъыгаг у, тынг хъыгаг,
Дзӕнгӕрӕджы хъӕр ам кӕй никуыуал фӕхъуысы!»
36
Иу сӕн дуцы, нӕ дзы уыны ницы зынӕй,
Иннӕ кувы, ӕнӕкувгӕ иннӕмӕн нӕй.
Сты тӕригъӕдджын дыууӕ дӕр — иу у сӕ уавӕр,
Иу дзы хъал у ӕрмӕст, иннӕ — нозтджын, фынӕй.
37
Курын, Сфӕлдисӕг, ма мӕм ысфыцӕд дӕ маст,
Зонын: бирӕ кӕмдӕрты нӕ уыдтӕн ӕз раст.
Дӕн ӕрвылбоны сагъӕсты мӕтӕй мӕ хъуырмӕ,
Уымӕн кӕнын мӕ цардӕй фыдыусау хъаст.

Перевод Музафера Дзасохова

См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- Ф. 262–272.
Дзасохов М. Глаз народа :  [стихи, переводы].


1 Бурак — пехуымпар Мӕхӕмӕты бӕх.

2 И с с ӕ — Йесо Чырысти. Пысылмон таурӕгътӕм гӕсгӕ йӕм уыд мӕрдтӕӕгасгӕнӕг тых.

3 Хъуыбад — рагонирайнаг шах.

4 Д ж а м — рагонирайнаг паддзах.

5 Рамазан - мархордарӕны мӕй, пысылмон афӕдзы фарӕстӕм мӕй.

6 Т у с — горӕт Хорасаны (Ираны).

7 К а в у с — рагон ирайнаг шахты династийы таурӕгъон паддзах.


Зарубежная литература         Австрийская
        Астрид Кольмайер
        Георг Тракль
        Стефан Цвейг
       Американская
        Марк Твен
        Эзра Паунд
        Эдгар Аллан По
        Эмили Дикинсон
       Английская
       Афганская
        Шах Идрис
       Белорусская
       Венгерская
        Йожеф Аттилæ
        Шандор Петефи
        Балашши Балинт
       Индийская
       Ирландская
        Оксар Уайлд
        Уильям Батлер Йейтс
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
        Ам Бо
       Корейская
        Неизвестный автор
        Чо Хон
       Латвийская
        Аия Бриаака
        Аспазия
      Латинская
       Немецкая
       Норвежская
        Кнут Гамсун
       Персидская
        Омар Хайям
        Фирдоуси
       Польская
       Турецкая
        Хикмет Назым
       Французская
        Сент-Экзюпери Антуан де
        Экушар Лебрен
        Гишар
        Баур Лормиан
        Клод Мерме
        Сен-Желе
        Сенесе
        Жан Расин
        Колен Бюше
        Ла Моннуа
        Гийом де Бребеф
        Фор де Пибрак
        Д’асейи
        Теодор Дезорг
        Алекси Пирон
        Неизвестный автор


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Кудашева Р.
     Короленко В.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Литература народов Кавказа:
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
      Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.