logo

М О Я    О С Е Т И Я



Гаршин Всеволод Михайлович
зындгонд уырыссаг фыссæг (1855 – 1888)

Всеволод Михайлович Гаршин (1855-1888) – российский прозаик и поэт, художественный критик.  https://stories-of-success.ru/vsevoloda-garshina.

Всеволод Гаршин (1855 — 1888) чиныджы кæсын райдыдта, фондз азы йыл куы сæххæст, уæд. Авдаздзыдæй бакасти В. Гюгойы роман «Парижы Мады-Майрæмы аргъуан». Бетъырбухы ахуыр кæнгæйæ базонгæ, адæмы æхсæнмæ революцион зонд чи хаста, уыдонæй бирæтимæ (уый размæ сæ зыдта чингуытæм гæсгæ). Сæ тохы нысантæ сын йæ зæрдæмæ арф райста, фæлæ сын сæ митæ æмæ, цы мадзæлттæй архайдтой, уыдонимæ разы нæ уыди. 1861 азы реформæ райдианæй кæронмæ банымадта сайдыл, уымæн æмæ зæхкусджытæ цагъарады уавæртæй не ссæрибар сты. Фыссæджы сагъæссаг кодта алы хицæн адæймаджы хъысмæт дæр, йæ бæллиц уыди, адæм æмсæр, æмбар кæм уыдзысты, ахæм æхсæнадон цардарæзт.
1880 азы революцион народниктимæ æмзонд чи уыди, ахæм æрыгон лæппу Ипполит Млодецкий багæрах кодта, Уæрæсейы диктаторы ном кæуыл сбадти, уыцы инæлар Лорис-Меликовы. Инæлар æвыдæй баззади, лæппуйæн скодтой марыны тæрхон. Гаршин арвыста инæлармæ фыстæг, домдта дзы: «Чи дæ мардта, уымæн ныххатыр кæн». Революционертимæ баст дæ æмæ сæ сæрыл дзурыс, зæгъгæ, йæ кæй базылынджын кодтаиккой, уый дæр ницæмæ æрдардта фыссæг æмæ, лæппуйæн тæрхон кæд хъуамæ кодтаиккой, уый размæ бон инæлары бацагуырдта ныхасмæ. Уый йæ ныссабыр кодта, Млодецкийы марын нæ бауадздзынæн, зæгъгæ. Рацыди цалдæр сахаты æмæ, Млодецкийæн цы тæрхон рахастой, уый æххæстгонд æрцыди. Гаршин зæрдæнкъуыст фæци, бахауди психиатрион рынчындонмæ æмæ бирæ рæстæг фæсади.
XIV æнусæй фæстæмæ Турчы дæлбар уыдысты Балканы æмæ къорд æндæр бæстæты зæххытæ. 1877 азы Уæрæсе расидти Туркимæ хæст. Уыцы бæстæты адæмтæ сыстадысты сæ туркаг æфхæрджыты ныхмæ. Сербаг æфсадæн æххуысмæ тындзыдта болгайраг-уырыссаг бархионты бригад. Уыцы бархионтимæ уыди Всеволод Гаршин дæр. Архайдта карз хæстыты æмæ фæцæф ис. Уæды рæстæджы цауты бындурыл амад æрцыдысты йæ бирæ радзырдты сюжеттæ.
Гаршины сфæлдыстадæн стыр аргъ кодта И. С. Тургенев, афтæ йæм  фыста: «Мæ нымадæй райдайгæ фысджыты æхсæн ды дæ тæккæ курдиатджындæр. Мæ хъуыдыимæ разы у граф Л. Толстой дæр. Йæ азты сæрæй чи акæсы æмæ йæ куыст зæрдæйæ чи фæуарзы, уыцы фысджытæй алчи дæр фæцин кæны, йæ фæдыл цæуджыты йæхицæн куы байгом кæны, уæд: уыдонæй иу дæ ды». æрыгон фыссæгыл йæ рынчыны рæстæг батыхсти Тургенев, бацархайдта, цæмæй баулæфа, йæхиуыл фæхæца, æмæ йæ арвыста Спасское-Лутовиновомæ.
Стыр уырыссаг нывгæнæг И. Е. Репин йæ мысинæгты фыста: «Гаршин уыди зæрдæйæн адджын, удыгагайау хæларзæрдæ, чызгау рæсугъд. Мæ къæсæрæй-иу æрбахызти æнæуынæрæй, цæст æй нæ уыны, ахæм зæдау-иу æрбахаста зæрдæйыл фæлмæн рухсау æмбæлгæ æнæстыф цин». Иуахæмы нывгæнæг фыссæджы бафарста: «Цæмæй дын стыр фыссæджы кад кæной, уый тыххæй ахадгæ роман цæуылнæ ныффыссыс?» æмæ йын Гаршин ахæм дзуапп радта: «Библийы ис «Пехуымпар Аггейы чиныг», дыууæ фарсы йеддæмæ нæ ахсы, фæлæ уый у чиныг! Фæлтæрдджын фыссæджы къухæй рацæуы бирæтомон уацмыстæ, æмæ чиныджы кады аккаг та не свæййынц. Мæ идеал у Аггей…»
Гаршины зæрды уыди, Петр Фыццаг æмæ рæстæг æвдыст кæм цыдаид, ахæм роман ныффыссын, бирæ историон литературæ бакасти, æмбырд кодта алы æрмæг, фæлæ йын дзы иу рæнхъ ныффыссын дæр нæ бантысти. Йæ зонд-иу йæ коммæ кæд нал касти, уыцы уавæры та ногæй æнæмæнг кæй бахаудзæн, уый бамбаргæйæ, иуахæмы бæрзонд асинтæй йæхи бынмæ раппæрста. Нымадæй ма фондз боны ацарди…

 

Всеволод Гаршин

ЦЫППАР БОНЫ

Хъæды куыд згъордтам, нæмгуытæ куыд цъыввытт-цъыввытт кодтой, кæй-иу адзæнгæл ластой, уыцы къалиутæ куыд хаудысты, дурвæткъуыйы къутæрты æхсæнты размæ куыд лæгæрстам, уыдæттæ мæ рох не сты. Гæрæхтæ сарæх сты. Хъæды кæронæй ауыдтам, цæстытыл-иу ауад æмæ та-иу æрбайсæфт, ахæм сырх цыдæр. Фыццаг ротæйы хæрз æрыгон салдат Сидоровæн æваст йæ къæхтæ фæдыдагъ сты, зæххыл æрбадт æмæ мæм йæ тасæйдзаг стыр цæстытæй фæстæмæ ракасти. «Ай та нæм кæцæй æрбахауд?» — фегуырди мæ сæры. Йæ дзыхæй туг цыхцырæгæй фемæхст. О, уый æз хорз хъуыды кæнын. Бæзджын къутæрты æхсæн æй хъæды тæккæ кæрон кæй ауыдтон, уый дæр мæ нæ ферох. Уый уыди уæйыджы хуызæн стæвдтæ туркаг, æз та — фыдцъылызтæ, мæлдзойарæзт, уæддæр æм цыдтæн комкоммæ. Цыма цыдæр ныййазæлыд, æнахуыр стыр цыдæр мæ рæзты атахти æмæ мæ хъустæ ныззæланг ластой. «Туркаг мæ æрбахста», — ахъуыды кодтон æз. Афтæмæй та уый фыртæссæй нырдиаг ласта æмæ, сыдз-мыдзы цæугæйæ, хъуамæ дурвæткъуыйы бæзджын къутæры аныгъуылдаид. Йæ бон уыди иувæрсты ауайын, фæлæ йæ удæй йæ мидæг ницуал аззади æмæ сындзджын къалиуты æхсæн смидæг. Мæ фыццаг риуыгъдæй йæ хъримаг йæ къухтæй атахт, дыккаг риуыгъдæн мæ арц фæлмæны бауади. Сырдау ныррыхыди æви хъæрзгæ ныккодта, уый нæ бамбæрстон. Уый фæстæ дарддæр азгъордтон. Азæлыди нæ хæстонты «Ура!». æрхаудысты-иу. Фыдгулты мысанмæ агуырдтой. Хъуыды ма кæнын: хъæдæй куыд ахызтыстæм, афтæ æз дæр æрдузæй цалдæр æхсты фæкодтон. æваст нæ размæбырсджыты хъæр тынгдæр ныййазæлыд æмæ æвастæй размæ абырстам. æз нагъ, махонтæ абырстой, уымæн æмæ æз уым баззадтæн. Уый мæм æнахуыр диссагау фæкаст. Ноджы диссагдæр та уыди, мæ алфамбылай быгъдæгæй куыд аззади, уый — иу сыпп, иу гæрах нал айхъуыстон. æппындæр ницуал уыдтон, æрмæст ма уыдтон цъæх цыдæр. Уый, æвæццæгæн, арв уыди. Уый фæстæ арв дæр цыдæр æрбаци.
Ахæм æнахуыр уавæры никуыма бахаудтæн. æнхъæлдæн, хуыссыдтæн дæлгоммæ æмæ зæххæй æрмæстдæр уыдтон чысыл гæбаз. Цалдæр тихалæджы, сæ иуыл, йæ сæр бынмæ, афтæмæй мæлдзыг æрцæйбырыд. Ноджы ма фароны кæрдæджы быгъуытæ, æндæр мæм æгас дунейы ницуал зынди. Цы уыдтон, уый дæр иу цæстæй, уымæн æмæ мын ме ’ннæ цæст нылхъывта, æвæццæгæн, мæ сæр кæуыл æнцади, уыцы къалиу. Къуындæджы бахаудтæн, фæндыди мæ, куы феуæгъд уыдаин, фæлæ йæ не ’мбарын, мæ бон æппындæр фезмæлын кæй нæу. Афтæ мыл рæстæг цæуы. Хъусын цъырцъырæгты цъæхснаг уасын, мыдыбындзыты дыв-дыв. æндæр никуы ницы. æппынфæстаг цыдæр фæлтæрæнтæ скодтон, мæ бынæй мæ рахиз къух раластон æмæ, мæ къухтæ зæхмæ сбыцæу кæнгæйæ, афæлвæрдтон мæ уæрджытыл слæууыныл. Арвæрттывдау цыдæр цыргъаг ацыди ме ’гас буары, уæрджыты ахызти, уырдыгæй риумæ, сæрмæ. æмæ та æрхаудтæн. Бæстæ та мыл нытталынг, дуне айафтид.
Райхъал дæн. Болгайраг сауæвдылд цъæх арвæй мæм ирдтæмæнтæ цæмæн калынц стъалытæ? Ау, цатыры нæ дæн? Цымæ, уырдыгæй цæмæн рабырыдтæн? Базмæлыдтæн, æмæ мæ зæнгты рисæй мæ цæстытæ цæхæртæ акалдтой.
О, æз фæцæф дæн хæсты быдыры. Цымæ, тæссаг цæф фæдæн? Мæ зæнгтæ кæм дудыдтой, уыцы рæттæм февнæлдтон. Дыууæ зæнгыл дæр туг ныхъхъæбæр ис. Чысыл баныдзæвдæй дæр дудæгау скæнынц. Дæндаг ма фæриссы афтæ æнæрынцойæ, — рис зæрдæйыл сæмбæлди. Хъустæ зæлланг ластой, сæр ныкъкъодах. Мæ дыууæ зæнджы дæр цæф сты, уый дзæбæх нæ хатын. Ай цы хабар у? Ам мæ цæмæн ныууагътой? Ау, туркæгтæ нæ ныддæрæн ластой? Цы ’рцыди, уыдæттæ мæм фыццаг мигъвæлмæй зындысты, уый фæстæ сæ бæлвырддæрæй ауыдтон æмæ бамбæрстон: нæ нæ ныддæрæн кодтой. Уымæн æмæ æз æрхаудтон (æниу æз уый нæ хъуыды кæнын, уæвгæ та мæ нæ ферох, нæ хæстонтæ размæ куыд абырстой, уый; мæнæн мæ бон згъорын нæ уыди, æрмæст ма мæ цæстытыл уайы цыдæр цъæх æндæрг), æрдузы цы къуылдым уыди, уый сæрыл. Уырдæм нын ацамыдта нæ батальоны ныллæджытæарæзт командир æмæ йæ зæлланг хъæлæс ныййазæлыд: «Лæппутæ, ныртæккæ уым уыдзыстæм!» Уайтагъд уым балæууыдыстæм. æмæ нæ уæд, цæвиттон, нæ ныддæрæн кодтой. æмæ уæд мæн ам цæмæн ныууагътой? Ам, æрдузы арммæ кæсæгау — быгъдæг. æвæццæгæн ма дзы мæ хуызæттæ разындзæн. Куыд тынг нæ æхстой. Мæ сæр фæзилон æмæ акæсон. Ныр мæм уыйбæрц хъару хъуамæ разына. Уымæн æмæ куы æрчъицыдтон, уæд ауыдтон, тихалæгыл бынмæ цы мæлдзыг бырыди, уый. Сыстыны фæлтæрæнтæ акодтон æмæ æрхаудтæн, фыццагау дæлгоммæ нæ, фæлæ уæлгоммæ. æмæ ныр стъалыты уымæн уынын.
Мæхиуыл схæцыдтæн æмæ мæ бон баци рабадын. Дæ дыууæ къахы дæр цæфтæ куы уой, уæд уый куыд зын у! Мæ ныфс цал хатты асасти, уæддæр, фыррыстæй-иу мæ цæссыг акалд, афтæмæй æппынфæстаг, сбадтæн.
Мæ сæрмæ сауæвдылд цъæх арвы гæбазыл тæмæнкалгæ стыр стъалы æмæ цалдæр къаннæг стъалыйы, сæ алыварс, бæрзонд чи фæцыди, ахæм цыдæр тар дары. Гъа-а, уыдон къутæртæ сты. Къутæрты аууон фæдæн æмæ мæ не ссардтой.
Мæ сæрыхъуынты уидæгтæ куыд тæлфынц, уый хатын. æрдузмæ мæ куы ’рбахастой, уæд, цымæ, къутæрты æхсæн куыд фегуырдтæн? æвæццæгæн, мæ тæвдæй мæхи нал æмбæрстон æмæ ардæм æрбабырыдтæн. Диссаг та куыннæ у: уæд мын айонгты æрбабырын бантысти, ныр мæ бон фезмæлын дæр нæу. Чи зоны, уæд иу цæф йеддæмæ нæма уыдтæн, дыккаг нæмыг та мæ ам ссардта.
Мæ алыварс тахтысты фæлурс уардихуыз тæппытæ. Стыр стъалы ныффæлурс, чысылтæ цыдæр æрбаисты. Уый уæлæ мæй арвыл ссыди. Ехх, ныр нæ хæдзары фест!
Кæцæйдæр мæм цыдæр æнахуыр уынæртæ хъуысы. Цыма чидæр хъæрзы. Гъо, бæлвырд мæм хъуысы хъæрзын. Йæ зæнгтæ кæмæн фæцæф сты, кæнæ нæмыг йæ артæнты кæмæн баззад, ахæмы кæд мæнау ферох кодтой? Хъæрзын мæм хæрз æввахсæй хъуысы, афтæмæй мæ цуры ничи ис. Уæ, Хуыцау, уый мæхи хъæрзын куы хъусын! Сабыр, æрхæндæгæфтауæг хъæрзын. Ау, æцæгæй дæр мæ цæфтæ афтæ тынг риссынц? æвæццæгæн. Гъе, æрмæст æй æз нал æмбарын, уымæн æмæ сæр здыйау ныцци, дзæгъæлтæ кæнын. Фæлтау мæхи æруадзон æмæ та ныффынæй уон, рæхджы куыннал райхъал уон, афтæ… Уæвгæ ма искуы райхъал уыдзынæн? æмæ æниу цы уæлдай у?..
Мæхи æруадзон, зæгъгæ, куы ахъуыды кодтон, уыцы минут мæйы мынæг рухсы уаццаг срухс кодта мæ хуыссæн бынат, æмæ мæ цæст æрхæцыд цыдæр тар егъау æндæргыл, не ’хсæн — фондз метры бæрц. æндæргыл цалдæр раны — рухс тæппытæ. Йæ цæппузыртæ æрттивынц, ноджы ма йæ дарæстæй цыдæртæ. Чи зоны, цæф адæймаг у, чи зоны, мард у.
Цыфæндыйæ дæр хъуамæ мæхи æруадзон.
Нæ, уымæн уæвæн нæй. Махонтæ нæ алыгъдысты, туркæгты фæтардтой æмæ ам æрфидар сты. æмæ сын уæд сæ ныхас, кæнæ сæ æртыты къæрццытæ цæуылнæ хъусын? Бынтон ныллæмæгъ дæн æмæ хъусынæн дæр нал дæн. Махонтæ, бæгуыдæр, ам хæстæг кæмдæр сты.
— Баххуыс мын кæнут! Баххуыс мын кæнут!
Сырды ниуынау мæ риуæй сирвæзт фæсус æрдиаг, æдзæм уæлдæфы мæ фæдисон хъæртæ цы ныййазæлыдысты, æндæр иу сыбыртт никуыцæй цæуы, иу хъусæг мæ нæй. Гъе, æрмæст цъырцъырæгты зæлланггæнаг уасын раздæрау æнæрынцойæ хъуысы æмæ хъуысы. Цы тæригъæд дæ, зæгъгæ, мæм мæйы тымбыл цæсгом æркасти.
Мæ фарсмæ уый цæф нæу, æндæра мæ хъæрмæ райхъал уыдаид. Бæлвырд, мард у. Махонтæй исчи уа æви туркаг у? О, Хуыцау, цымæ сæ цы уæлдай ис? Хуыссæг мæ рыст цæстытыл йæхи æруагъта æмæ афынæй дæн.
æрдæбон кæд райхъал дæн, уæддæр мæ цæстытæ нæма байгом сты. Мæ цæстытæ байгом уой, уый мæ нæ фæнды, уымæн æмæ афтæмæй дæр тынг æнкъарын хуры рухс: куы ракæсон, уæд мæ цæстытæ атартæ уыдзысты. Фæлтау куынæ змæлон, уæд хуыздæр. æнхъæлдæн, знон фæцæф дæн. Рацыди иу бон æмæ иу æхсæв, рацæудзæн ма уыйбæрц рæстæг æмæ амæлдзынæн. æмæ цы уæлдай у?.. Куынæ змæлон, уæд хуыздæр, уадз æмæ æндзыгæй баззайон. Сæры магъз йæ кусынæй бауром, уæд куыд хорз уаид! Фæлæ йæ цы бауромдзæн? Мæ сæр хъуыдытæ æмæ мысинæгтæй ныддымст. Фæлæ уыцы уавæр бирæ нал ахæсдзæн, мæ цæст тагъд фæцъынд уыдзæн. Газеттæ кадаварæй дзурдзысты, ома ныл зиантæ æрцыди хæрз чысыл, махонтæй бирæ нæ фæхъуыди; уалæй фесты цæфтæ, бархионтæй фæмард иунæг салдат Иванов. Нагъ, мыггаг нæ зæгъдзысты, ныффысдзысты афтæ: фæмард иунæг салдат. Цыма ныхас кæддæры къæбылайыл цæуы.
Мæ цæстыты раз уыцы ирдæй фегуырди æнæхъæн ныв. Уый раджы уыди. Уæвгæ, мæ цæф зæнгтимæ мæнæ ам куы æрхаудтæн, уымæй размæйы цард æгасæй дæр раджы аивылди. Фæцæйцыдтæн уынджы. Иу ран адæм æрæмбырд сты æмæ сæм баздæхтæн. Лæууыдысты æмæ æдзæмæй кастысты, йæ тæригъæддаг хъыс-хъыс цыди, ахæм тугæйдзæгтæ урс цæмæдæр. Уый уыди чысыл дзæбæх къæбыла, бæхæй ласгæ æфæсæнвæндаджы вагон ыл атылди. Мæнæ мæнау йæ уд иста. Цавæрдæр дуаргæс адæмы фæйнæрдæм асхуыстытæ кодта, къæбылайы йæ къæбутдзармæй фелвæста æмæ йæ ахаста. Адæм апырх сты.
Мæн та, цымæ, ардыгæй чи ахæсдзæн? Ничи, дæргъæй лæуу æмæ амæл. Афтæмæй та цард цы хорз у! Къæбыла фыдбылызы хай куы баци, уыцы бон мæхи хуыдтон амондджын. Фырцинæй расыгау фæдæн, æмæ уый хуымæтæджы нæ уыди мæ мысинæгтæ, ма мæ хъизæмарæй марут, ныууадзут мæ! Уæды амонд, ныры тухæнтæ… хъизæмæрттæ йеддæмæ дзы мацуал уæд. Истæимæты абарын мæ кæй фæфæнды, уыцы мысинæгтæ мæ куы нал хæриккой. О, ацы ’рхæндæг, ацы ’рхæндæг! Мæ цæфтæй мын тынгдæр тых кæныс.
Уæдæ цы æнтæф у. Хур судзы. Мæ цæстытæй ракастæн. Уыцы къутæртæ, уыцы арв ныр уынын боны рухсмæ. Уæртæ мæ сыхаг дæр. О, уый туркаг у, йæ мард къодах. Цæй стыр лæг уыд, цæ! Базыдтон æй, никæимæ мын фæивддзаг.
Мæ цæстыты раз дæргъæй лæууы, кæй амардтон, уыцы адæймаг. Цæй тыххæй йæ амардтон?
Мард ныддæргъ, тугæрхæмттæ баци. Хъысмæт æй ардæм цæмæн æрхаста? Чи у? Чи зоны, мæ мадау уымæн дæр йæ ныййарæг базæронд. Изæрыгæтты-иу йæ сæрсткъул къæсы дуармæ бирæ фæбаддзæн æмæ-иу дард цæгатырдæм кæсдзæни: куыд æрæгмæ цæуы мæ цæстырухс, мæ ныфс, мæ хæдзардарæг?..
æмæ æз та? æз дæр гъе афтæ… Мæхи уый бынаты авæрин… Цы амондджын у: æппындæр ницы хъусы, йæ цæфты рис æм нæ хъары, мæлæты æрхæндæг нæ базыдта, дойны йын нæу… Арц йæ тæккæ зæрдæйы бауад. Уæртæ йæ дарæсыл стыр сау хуынкъ, йæ алыварс туг. æз æй барвыстон мæрдтæм.
Йæ марын мæ нæ фæндыди. Хæстмæ куы цыдтæн, уæд фыдзæрдæ никæмæ дардтон. Искæй марын мæ бахъæудзæн, уый мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыди. Нæмгуытæм мæ риу куыд дардзынæн, æрмæстдæр-иу уый ауади мæ цæстытыл. æмæ размæ цыдтæн мæ риуæмбæрц.
Гъе, æмæ цы? æдылы дæн, æдылы! Ацы зæхкусæг та (йæ уæлæ египетаг хæстоны дарæстæ) мæнæй æназымдæр у. Боцкъайы æвæрд кæсагау сæ наумæ куы батардтой æмæ сæ Константинопольмæ куы фæцæйластой, уæды онг Уæрæсейы кой дæр никуы фехъуыста, Болгарийы кой дæр. Загътой йын: уырдæм цæуын хъæуы, æмæ сразы. Куынæ рацыдаид, уæд æй лæдзджытæй фæхостаиккой, кæнæ йæ цавæрдæр паша йæ ливорæй акъæрцц ластаид. Даргъ æмæ зын балцы фæцыди Стамбулæй Руљукмæ. Мах размæ бырстам, уый та йæ уд хъахъхъæдта. æгъатыр адæм кæй стæм æмæ йын йæ англисаг хъримаг Пибоди æмæ Мартини дæр кæй ницæмæ дарæм æмæ размæ кæй лæгæрдæм, уыдæттæ куы федта, уæд мæлæты тас бавзæрста. Уырдыгæй ацæуа, зæгъгæ, афтæ йыл йæхи андзæрста, йæ сау тымбылкъухы иунæг цæфæй йæ æрбамардтаид, ахæм мæлдзойарæзт чысыл лæг æмæ йын арц йæ зæрдæйы фæцавта.
Уæддæр, цымæ, туркаг кæм фæзылынджын?
æз æй амардтон, фæлæ цы у мæ азым? Цæй тыххæй мæлын ацы ран дойныйæ? Хъырды кæнын! Дойныйæ мæлæджы уавæр чи ’мбары? Румынийы зæххыл цæугæйæ-иу тæвд дыууиссæдз градусмæ куы схæццæ æмæ-иу фæндзай версты фæндагыл куы фæцыдыстæм, уæддæр нæ бавзæрстон, ныр цы ’взарын, уый. Тæхуды, иу исчи куы фæзынид!
О, Хуыцау, уæртæ йе стыр къубускайы дон ис. Фæлæ уырдæм хъуамæ куыд фæхæццæ уон? Уыйбæрц хъарутæ мæм разындзæн? Нагъ, цыфæндыйæ дæр æм хъуамæ бабырон.
æмæ мæнæ бырын. Мæ къæхтæ мæ фæстæ ласын. Мæ лæмæгъ цæнгтæ мæ къодах буар тыхтæ-фыдтæй ласынц. Мæнæй марды æхсæн дыууæ ивазны, фæлæ мæнæн уый æнæкæрон фæндаг басгуыхдзæн. Цы гæнæн ис, бырын хъæуы. Мæ хъуыр судзы, артау пиллон уадзы. æнæ донæй мæ цæст тагъддæр фæцъынд уыдзæни. Цыфæндыйæ дæр, уæвæн ис…
æмæ бырын. Мæ къæхтæ цæуылдæрты фæхæцынц æмæ сæ рыстæй мæ уд сцæйхауы. Нырдиаг ласын, ныккæрзын, уæддæр бырын.
æппынфæстаг æм фæхæццæ дæн. Мæнæ йæ фæрсылкъус. Дон дзы ис, дунейы дон! æвæццæгæн дзы йе ’мбисæй къаддæр нæ баззад. О-о-о, ныр донхъуаг нал суыдзынæн, мæ цæст цалынмæ фæцъынд уа, уæдмæ.
Мæрдтæм кæй барвыстон, уый — мæ ирвæзынгæнæг! Мæ иу рæмбыныкъæдз фæбыцæу кæнгæйæ къус халын куыд байдыдтон, афтæ фæцудыдтон æмæ мæ ирвæзынгæнæджы риуыл ныххаудтæн. Мард буары смагæй мæ улæфæнтæ айдзаг сты.
Мæ дойны басастон. Дон фæхъæрмуст, фæлæ нырма хæрзад уыди æмæ бирæ, бирæ. Иу цалдæр боны ма ацæрдзынæн. Хъуыды ма кæнын, чиныг «æрвылбоны царды физиологийы» афтæ загъд уыди: адæймаг æнæ хойрагæй къуырийæ фылдæр фæцæрдзæн, дон ын куы уа, уæд. О, уыди ма дзы, йæхи сыдæй чи мардта, ахæм хихоры кой дæр. Бирæ, дам, фæцарди, уымæн æмæ дон ныуæзта.
Гъе, æмæ цы? Хорз, фæцæрдзынæн ма фондз-æхсæз боны æмæ ма уымæй дæр цы рамбулдзынæн? Махонтæ аивгъуыдтой, болгайрæгтæ фæлыгъдысты. Ам æввахс фæндаг нæй. æмæ уæддæр мæлгæ æмæ мæлгæ. æртæ бонмæ мæ хъизæмæрттæй фервæзтаин, ныр къуыри мæ уд исдзынæн. æмæ ма уæд цæмæ кæсын? Мæ сыхагæн йæ хъримаг — йæ цуры. Англисаг гæрзармы арæзт. æрбайсдзынæн æй, иунæг уысм — æмæ мæ цæст фæцъынд уыдзæн. Дæлæ хъримаджы раз æнæхъæн кæри — гилдзытæ. Нал ын схардз сты.
Уæдæ фæцъынд уон æви ма æнхъæлмæ кæсон? Фæлæ цæмæ? Мæ хъизæмæрттæй фервæздзынæн? Мæлæтмæ æнхъæлмæ кæсон, æви туркæгтæ цалынмæ фæзыной æмæ мын мæ цæф зæнгты царм растигъой, уæдмæ? Фæлтау мæхæдæг…
Нагъ, дæ ныфс ма асæттæд. Тох кæндзынæн, цалынмæ ма удмидæг уон… Куы мæ ссарой, уæд фервæздзынæн. Стджытæ кæд æнæхъæн сты, уæд мæ сдзæбæх кæндзысты. Фендзынæн мæ райгуырæн къуым, мæ мады, Машæйы…
Хуыцау, цытæ бавзæрстон, уыдон сын ма базонын кæн! Уадз æмæ дзыхъмард фæдæн, зæгъгæ, æнхъæлой.
Мæ сæр зилы, мæ сыхаджы цурмæ балцæй бынтондæр бастадтæн. Ныр та ма мæнæ ацы хъылма смаг. Куыд ныссатæгсау. Уæд ма райсом кæнæ иннæбон та цы хуызæн ныууыдзæн? Хъаруйы цъыртт мæм нал ис æмæ мæ бон нал у иуварс абырын. Мæ чемы куы æрцæуон, уæд мæ бынатмæ абырдзынæн. Уыцырдыгæй дымы æмæ йын йе ’мбыд тæф иуварс хæсдзæн.
Фырфæлладæй нындзыг дæн. Хур мын судзы мæ цæсгом, фæлæ мæ къухтæ æмæ мæхи цæмæй æрæмбæрзон? Тагъддæр куы баталынг уаид — ныр, æнхъæлдæн, мæ дыккаг æхсæв ралæудзæн.
Мæ хъуыдытæ нымхæццæ сты, æмæ та ницуал бамбæрстон.
Бирæ фæфынæй кодтон, уымæн æмæ куы райхъал дæн, уæд уыди талынг. Ницы аивта: мæ цæфтæ фыццагау дудынц, мæ сыхаг — йæ бынаты, уыцы дынджыртæ, нындзыг ис.
Туркагыл ма хъуыды кæнон, уый мæ бон нæу. Зынаргъ æмæ мын адджын цы уыди, уыдон ныууагътон, кæм æххормагæй, кæм уазæлтты, кæм мæ дзæгæрæг хур сыгъта, афтæмæй мин версты дæргъæн фæндæгтыл ардæм фæцыдтæн æмæ, æппынфæстаг, ацы тухæнтæ æвзарын, ацы æнамондæн йæ уд цæмæй аскъуынон, æрмæстдæр уый тыххæй. æниу, ацы туркаджы цы амардтон, æндæр цы пайда фæдæн нæ хæстон нысантæн?
Марын, лæгмар… æз — лæгмар…
Хæстмæ æнæмæнг ацæудзынæн, уый куы сбæрæг, уæд мын мæ мад æмæ Машæ цæлхдуртæ нæ авæрдтой, уæвгæ та сæ цæссыг нал урæдтой. Бæрзонд хъуыдытæй акуырм дæн æмæ ницуал фиппайдтон. Уæд æй не ’мбæрстон (ныр æй æмбарын), мæ уд кæуыл лæууы, уыдонæн цы зын скодтон, уый.
æмæ ма уыдæттæ дæр кæй хъæуынц? Цы уыди, уый уыди.
Мæ зонгæтæй мæм бирæтæ цы цæстæй ракастысты, уый дæр диссаг куыннæ уыди. «Сæрхъæн! Сæрсæфæнмæ кæй цæуыс, уый ма ’мбар?» Уыцы ныхæстæ се ’взаг куыд скарста? Хъæбатырдзинады, райгуырæн бæстæ уарзыны æмæ æндæр ахæмты тыххæй цы хъуыды кæнынц, уыдонимæ сæ ацы ныхæстæ куыд фидауынц? Сæ цæсты æцæг лæджы миниуджытæй хайджын уыдтæн, афтæмæй та æз — «сæрхъæн!»
æмæ мæнæ цæуын Кишиневмæ. æрцауыгътой мыл хызын æмæ, хæстон лæг цæмæй ифтонг вæййы, уыцы алцытæ. Мемæ ма — минтæ, гъе, уыдоны æхсæн мах, бархионтæ, нымадæй уыдыстæм цалдæр. Иннæтæ, бар уæвгæйæ, сæ хæдзæртты баззадаиккой. Гъе, æмæ уыдон дæр махау, тæригъæдджынтау, мингай верстытæ фæсте фæуагътой, хæсты быдыры лæгдзинад æвдыстой махау, æви махæй уыдысты ныфсджындæр. Сæ хæстæ æххæст кæнынц, фæлæ сын фадат фæци, зæгъгæ, уайтæккæ сæхи ардыгæй айсиккой.
Сонтæй радымдта сæууон дымгæ. Къутæртæ базмæлыдысты, ныппæррæст ласта хуыссæгхъæлдзæг цъиу. Стъалытæ æрмынæг сты. Тарцъæх арв фегъуыз, сисхуыз мигътæ йыл сарæх сты, мигъвæлм йæхи систа зæххæй. Ралæууыди æртыккаг бон мæ.… Куыд æй зæгъон? Ныфс мын чи ’рхæсдзæн?.. æви мæлæг уды тухæнтæ æвзардзынæн?
æртыккаг бон… Цымæ ма цал уыдзысты мæ бонтæ? Бынтон ныллæхъир дæн æмæ, æнхъæлдæн, мардæй аиуврс уæвын мæ бон нæ бауыдзæн. Тагъд мæ уый уавæрмæ хъæуы, æмæ уæд кæрæдзийæн æнад нал уыдзыстæм.
Мæ дойны та куы басæттин. Нуаздзынæн бон æртæ хатты: райсомæй, сихорæй æмæ изæрæй.
Хур сфардæг. Йæ æгæрон стыр тугау сырх цалх къутæрты сау къалиутæй уыди дихтæ æмæ хæйттæгонд. Абон, æвæццæгæн, уыдзæн æнуд. Мæ сыхаг, цымæ, цы хуызæттæ ныууыдзынæ? Ныр дæр дæ уындæй зæрдæ ныккæрзы.
О, туркагмæ бакæсæнтæ нал уыди. Йæ сæрыхъуынтæ згъæлын байдыдтой. Мады гуыбынæй саудзагъд рахаста, ныр ныффæлурстæ æмæ ныббуртæ, йæ цæсгом æнахуыр тынг ныддæнгæл, йæ фæсхъусты царм арæдывст æмæ дзы цыдæртæ тæлфыдысты. Йæ цырыхъхъы хъустæ йын дæнгæл къæхтæ рæдывтой, къæндзыты æхсæнтæй снæрстысты дынджыр дондæппæлтæ. Ныддымсти, ныннæрсти æгасæй дæр, егъау цæндæй лæууыди. Цымæ, абоны хурмæ цы хуызæттæ ныууыдзæн?
Йæ цуры æввахс фæлæууæн нæй. Цыфæндыйæ дæр хъуамæ иуварс абырон. Фæлæ мæ бон бауыдзæн? Нырма мæ бон у мæ къух сисын, къубускæ байгом кæнын, дон баназын, фæлæ мæ дуруæззау æндзыг буарæн та цы бакæнон? Уæдæмæ цадæггай змæлдзынæн, сахатмæ иу къахдзæфы æрдæджы бæрц уæддæр абырдзынæн.
Райсомсарæй фæцархайдтон æддæдæр абырыныл. Арауынц мæ зæнгтæ, фæлæ ма уый дæр цы? æнæниз адæймаг цы фенкъары, уый нал хъуыды кæнын. æнхъæлдæн, цыма мæ рисыл фæцахуыр дæн. Уыцы райсом уæддæр мæ бон баци дыууæ ивазны бæрц абырын æмæ мæ раздæры бынатмæ ахæццæ дæн. Фæлæ сыгъдæг уæлдæф бирæ нæ фæулæфыдтæн, кæд æмбыд мардæй æхсæз къахдзæфы æддæдæр сыгъдæг уæлдæфæн уæвæн ис, уæд. Мæнырдæм та æрбадымдта, хъылмайы тæф мæм æрбахаста, æмæ та мæ зæрдæ схæццæ. Афтид ахсæны нуæрттæ алхынцъытæ сты æмæ мæ артæнбынтæ сцæйкалдтон. Хъылмахæццæ дымгæ мæм ивылы æмæ ивылы.
Мæ ныфс бынтондæр асаст æмæ мæ кæуын нал уромын.
Фæхты хосты хуызæн ныддæн. Уыцы хъылма тæфæй мæ зонд фæтар ис æмæ уадзыгæй баззадтæн. æваст… Мæ хъустæ мæ сайынц? Фæлæ цыма нæ. О, хъусын ныхас, бæхты къæхты уынæр, ныхасгæнджыты хъæлæстæ. Ныхъхъæр кæнинаг уыдтæн, фæлæ мæхи фæурæдтон. Кæд, мыййаг, туркæгтæ сты? Уæд куыд? Мæ ныры хъизæмæрттыл ма бафтдзæн, газеты сæ куы фæкæсын, уæд мæ сæрыхъуын арц кæмæй сбады, ахæм æбуалгъ хъизæмæрттæ. Мæ царм мын растигъдзысты, мæ цæф зæнгтæ мын сфизонæг кæндзысты… Уыдæттыл дæр нæ баззайдзынæн — æрхъуыдымæ сæ ничи амбулдзæн. Куыд хуыздæр уыдзæн: уыдоны къухæй мæрдтæм бацæуон æви ам амæлон? æмæ, кæд нæхионтæ сты, уæд та? Ацы æнæхайыры къутæртæ! Мæ алыварс æмбондау цы слæууыдыстут? Уыдонæй мæм ницы зыны. æрмæст иу ран къалиуты æхсæн рудзынгау гомæй аззад, æмæ уынын дард адаг. Уым цы дон кæлы, хæсты размæ, æнхъæлдæн, уымæй банызтам. Уынын доны сæрты хиды номыл æвæрд стыр къæйдур дæр. æвæццæгæн, ууылты æрбахиздзысты. Ныхæстæ мæм нал хъуысынц, афтæмæй, цы ’взагыл дзурынц, уый дæр нæ раиртæстон. Хъусæй дæр хорз нал дæн. О, Хуыцау! Кæд нæхиуæттæ сты… Ныхъхъæр сæм кæндзынæн æмæ мæ доны цурмæ дæр фехъусдзысты. Цы фесты, куыд æрæгмæ мæм хæццæ кæнынц? æнхъæлмæ кæсын мæ бон нал у, марды смаг нал æнкъарын, афтæмæй къаддæр нæ фæци.
æваст ауыдтон, доны сæрты чи хызти, уыцы хъазахъхъæгты! æрвхуыз хæстон дарæстæ, хæлæфты фадгуытыл — сырх уаццæгтæ, æрцытæ. Дæс æмæ дыууиссæдзæй къаддæр не сты. Разæй замманай бæхыл — саузачъе афицер. Хъазахъхъæгтæ куыддæр донæй ахызтысты, афтæ йæ саргъыл æрзылди æмæ сæм фæстæмæ ахъæр кодта:
— Сæппæй размæ!
— Фæлæуут, фæлæуут, уæ хорзæхæй! Баххуыс мын кæнут, ме ’фсымæртæ! — хъæр кæнын, фæлæ уæззау бæхты къæхты уынæр, æхсаргæрдты зæлланг æмæ мын сæ ныхæстæй мæ хæрхæргæнаг хъæлæс нæ хъусынц.
О, Хуыцауы æлгъыст! æнæбонæй дæлгоммæ ныххаудтæн æмæ хæкъуырццæй ныккуыдтон. Къус фæфæлдæхт æмæ кæлы дон, мæ цард, мæ ирвæзынгæнæг, мæ мæлæт фæстæдæрмæ æргъæвæг. Агуывзæйы æрдæг ма дзы баззадаид, уæд æй бафиппайдтон, иннæ дон хус зæхх ацъырдта.
Уыцы æбуалгъ хабары фæстæ æрвдзавдау кæй фæдæн, уый цымæ хорз бамбæрстон? æндзыгæй баззадтæн, мæ цæстытæ — æхгæд. Дымгæ мæм-иу куы сыгъдæг уæлдæф æрбахаста, куы-иу мыл хъылмайы смаг æрбакалди. Мæ сыхаг, ныхæстæй йын зæгъæн нал уыди, ахæм æнахъинонтæ ныцци уыцы бон. Иуахæмы, ауынон æй, зæгъгæ, ракастæн æмæ дзы мæ уд ауад. Цæсгом бæрæг нал уыди, алæбырдтæ æмæ йе стджытæ байгом сты. Сæрыкъуыдыртæ мæ къухмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ райстон, хæйттыл дæр ма-иу сæ адихтæ кодтон. Уæддæр мæм, ныр кæй ауыдтон, стджыты уыцы æнусон худтау æбуалгъ никуы ницы фæкасти. æрттиваг цæппузырджын хæстон дарæсты тыхт стæгдары уындæй ныккæрзыдтон. «Уый дын хæст, — ахъуыды кодтон æз. —Уый дын хæсты цæсгом».
Хур æнауæрдон судзы, дзæгæрæг кæны. Мæ къухтæ æмæ мæ цæсгом бакъæй сты. Мæ дон иууылдæр банызтон. Дойныйæ мардтæн æмæ дзы иунæг хъыртт скæнинаг уыдтæн, фæлæ йæ æгасæй аныхъуырдтон. Охх, хъазахъхъæгтæ мæм хæрз хæстæг куы уыдысты, уæд сæм цæуылнæ ныхъхъæр кодтон?! æмæ туркæгтæ куы уыдаиккой, уæддæр хуыздæр уыдаид. Фæхурхæй мæ мардтаиккой иу сахат, дыууæ, ныр та нæ зонын, дæргъæй ма цас фæхъизæмар кæндзынæн, уый. Мæ ныййарæг, мæ зынаргъ мад, дæ урс сæрыхъуынтæ рæдувдзынæ, дæ сæр къултыл хойдзынæ, мæн куы ныййардтай, уыцы бон æлгъитдзынæ, æлгъитдзынæ, хæст чи æрымысыд, уыдоны! Фæлæ, цы хъизæмæрттæ бавзæрстон, уыдон ды дæр æмæ Машæ дæр никуы базондзыстут! Хæрзбон, мæ ныййарæг мад, хæрзбон, мæ куырдуаты бадæг чызг, мæ удыгага! О, кæуинаг куыд фæдæн! Мæ зæрдæ ратоны!
Уыцы чысыл урс къæбыла. Уыцы дуаргæс цы дурзæрдæ разынд, йæ сæр ын къулыл бацавта æмæ йæ бырæттæ æмæ æхсæндæттæ калæнмæ ныппæрста. Фæлæ ма æгас уыди æмæ ма æнæхъæн бон фæхъизæмарæй мард. æз уымæй æнамонддæр дæн — ныр æртыккаг бон удхар кæнын. Райсом — мæ цыппæрæм бон. Уый фæстæ — фæндзæм, æхсæзæм… Мæлæт, кæм дæ? Рацу мæм, рацу, ахæсс мæ.
Фæлæ мæм мæлæт нæ цæуы, нæ мæ хæссы. Дæргъæй лæууын æмæ мæ дзæгæрæггæнаг хур арауы. Иу æртах мæм дон нал ис, мæ судзгæ хъуыр цæмæй баумæл уа. Мард къодахы хъылма мæ ахъардта. Бынтондæр фæйнæрдæм ныллæбырдтытæ, æрдзæ сæдæ дзы кæлмытæ згъæлы. Куыд змæлынц, куыд тæлфынц! Куы йæ бахсыной, хæстон дарæстæ æмæ дзы стджытæ йеддæмæ куы ницуал баззайа, уæд ралæудзæн мæ рад, æмæ æз дæр уый хал ахæрдзынæн.
Иу бон та аивгъуыдта, йæ фæстæ — æхсæв. Ногæй ницы æрцыди. Сбон ис. Ногæй ницы æрцыди. æмæ ма ноджыдæр иу бон фæцис…
Къутæртæ базмæлыдысты, айхъуыстон сыфтæрты сыбар-сыбур. Мынæг хъæлæсæй цыдæртæ дзурынц: «Мæнæ-мæнæ амæлдзынæ, амæлдзынæ, амæлдзынæ…» «Нæ фендзынæ, нæ фендзынæ, нæ фендзынæ», — дзуапп мын дæттынц сæ бакомкоммæ уыцы къутæртæ.
— Ам сыл цæст дæр не ’рхæцдзæн! — айхъуыстон хæрз æввахсæй.
Фестъæлфыдтæн æмæ сонтæй æрчъицыдтон. Къутæрты æхсæнæй мæм йæ хæлар цæстытæй кæсы нæ ефрейтор Яковлев.
— Белтæ! — фæхъæр ласта уый. — Мæнæ ма дзы дыууæ, иу — нæхионтæй, иннæ — туркаг.
«Белтæ нæ, æз ныгæнинаг нæ дæн. Удæгас дæн! — фæндыд мæ ныхъхъæр ласын, фæлæ мæ тугхъулон былты æхсæнæй сыхъуыст æрмæст мынæг хъæрзын.
— О, Хуыцау, æнхъæлдæн, æгас у! Уæздæттæй лæг Иванов! Лæппутæ, ардæм! Иванов æгас у! Дохтырмæ згъорут!
Минуты ’рдæджы фæстæ мын мæ дзыхы дон æмæ ма ноджы цыдæр ауагътой. Уый фæстæ ницуал бамбæрстон.
Иугъæдон хъеллаугæнæг уæлсынтыл мæ хæссынц, узæгау мæ кæны æмæ куы ’æрчъицын, куы ницуал бамбарын. Мæ баст цæфтæ нæ риссынц, мæ буарыл анхъæвзта æнахуыр æхсызгондзинад.
— æрлæуу-ут! æрæвæрут æй! Цыппæрæм рады санитартæ! Ахæссут æй!
Уый Петры фырт Иван радта бардзырд, нæ рынчындоны афицер. Асæй — бæрзонд, къæсхуыртæ, æнахуыр хæларзæрдæ. Сынт се уæхсчытыл хæссынц цыппар бæрзонд салдаты, уæддæр мæ цæстытæ уыйырдæм куы азилын, уæд æдзухдæр фæуынын афицеры сæр, йе стæмхил зачъетæ æмæ уæхсчытæ, афтæ бæрзонд у.
— Петр Иваны фырт, дохтыр цы загъта? Тагъд амæлдзынæн?
— Уый цытæ дзурыс, Иванов. Нæ амæлдзынæ. Де стджытæ иууыл æнæхъæн сты. Дæ тугдадзинтæ хъыгдард нæ баййæфтой. Амондджын дæ. Куыд бафæрæзтай уыйбæрц рæстæг? Цы хордтай?
— Ницы.
— Нуазгæ та?
— Туркаджы дон райстон. Петр Иваны фырт, дзурын мæ бон нæу. Фæстæдæр…
— Хуыцауы уазæг у, мæ къона. Афынæй кæн.
Афынæй дæн æмæ та ницуал базыдтон.
Мæхи æрæмбæрстон дивизионы рынчындоны. Мæ уæлхъус лæууыдысты дохтыртæ, хæрзаудæг хотæ, се ’хсæн уынын йæ ном дардыл хъуыстгонд бетъырбухаг профессоры, мæ зæнгтæм мын ныггуыбыр кодта. Йæ къухтæ — тугхъулæттæ. Уайтагъд мæ афарста:
— Хуыцаумæ кув, лæппу. Цæрдзынæ. Дæ иу зæнг дын нæхирдыгæй фæкодтам, æмæ уый нымайгæ дæр нæу. Дæ бон дзурын у?
Мæ бон уыди дзурын æмæ, ам цы бакастыстут, уыдон сын радзырдтон.

 

СЫРХ ДИДИНæГ
Арын дзы Иван Сергейы фырт Тургеневы ном

I
— Цытджын императоры, паддзахиуæггæнæг император Петр Фыццæгæмы номæй домын, цæмæй лæмбынæг каст æрцæуа ацы æррадоны хъуыддæгтæм!
Уыцы ныхæстæ загъд æрцыдысты хъæрæй, мæстæлгъæд, зæллангæнаг хъæлæсæй. Чернилæйæ хъулæттæ стъолыл æвæрд æууад чиныджы рынчындоны писыр фыста ног æрбацæуæджы бæрæггæнæнтæ æмæ ныхæстыл йæ мидбылты бахудти. Фæлæ, рынчынимæ цы дыууæ æрыгон лæппуйы æрбацыд, уыдон цæсгæмттæ нæ бахудызмæл сты, йæ зонд йæхи бар кæмæн нал у, уыимæ дыууæ суткæйы арвыстой, нырма чысыл раздæр æрхызтысты поездæй æмæ ма сæ къæхтыл тыххæй лæууыдысты. Кæройнаг станцæтæй иуы рынчын бавзæр, фæдзырдтой кондуктормæ æмæ жандарммæ, скодтой йыл æррайы æрцыбыртæгæнæн хæдон æмæ йæ уыцы хуызонæй æрхæццæ кодтой ардæм. Рынчындоныл дæр, гъе, афтæмæй сæмбæлди.
Цы æнахъинон уыд йæ хуыз! Куы басур и, уæд æрфаринтæ ласта йæ уæлæдарæс, æрбакодтой йыл тынг æнгом фидар кæттаг къурткæ, къурткæйы даргъ дыстæй йын йæ къух йæ риумæ нылхъывтой, стæй дыстæ фæсонтæм аивæзтой æмæ сæ бабастой. Йæ уæрæхгом цæстытæ æндзыг æрттывдæй тæмæн калдтой (дæс суткæйы хуыссæджы хъæстæ нæ фæци), йæ бинаг былы алгъ-иу фестъæлфыди, йæ къæбæлдзыг пыхцыл сæрыхъуынтæ йæ ныхыл бæрцытау æркалдысты. Рынчын уæззау, фæлæ цырд къахдзæфтæй уади къанторы иу къуымæй иннæмæ, цымыдис дзагъултæ кодта гæххæттыты зæронд скъаппытæ æмæ хиконд цармæй цъарæвæрд бандæттæм, стæм хатт-иу фæкасти дыууæ æрыгон лæппумæ дæр.
— Йæ хайадмæ йæ акæнут. Тыргъты рахизырдæм.
— æз зонын, зонын. æз ма дæм ам фарон дæр уыдтæн. Рынчындоныл æрзылдыстæм. æз алцыдæр зонын æмæ мæ æнцонæй нæ асайдзыстут, — дзырдта рынчын.
Йе ’ргом дуарырдæм аздæхта, æмæ йын хъалагъур дуар фегом ласта. Рынчын, йæ дзæгъæлтæгæнаг сæр бæрзæндты хæсгæйæ, уæззау, фæлæ тагъд, фидар къахдзæфтæй къæсæрæй ахызти æмæ, фæлхæрст рынчынтæ кæм уыдысты, уыцырдæм атындзыдта. Йæ хъахъхъæнджытæ йæ зынтæй æййæфтой.
— Бахойут сæм, мæ къухтæ мын ныббастат æмæ мæ бон ницы у.
Хъалагъур дуар байгом кодта, æмæ æртæйæ дæр рынчындонмæ бахызтысты.
Уый уыди, къазнайы хардзæй раджы кæддæр кæй сарæзтой, ахæм дурынкъул стыр хæдзар, дыууæ егъау залы дзы, иуы — хæрæндон, иннæйы — уыдысты сабыр рынчынтæ. Уæрæх тыргътæй авгцæст дуарыл — дидинæгарах цæхæрадонмæ ахизæн. Бинаг уæладзыджы, рынчынтæ кæм цардысты, ахæм хицæн уæттæ — дыууиссæдз. Ам ма уыди дыууæ талынг уаты, сæ иуы къултæ хъæмпæйдзаг голджытæй астæрд, иннæйы къултыл — фæйнæджытæ хуыд. Дыууæйы дæр, бæттын-иу кæй бахъуыди, ахæм рынчынтæ. æмæ ма, зæрдæ дзы мæгуыр кодта, йæ цар — дурæй къæлæт амад, иу ахæм стыр уат. Уым уыди хихсæн. Уæллаг уæладзыг бацахстой сылгоймæгтæ. Уырдыгæй цы æдзæлгъæд дзолгъо-молгъо хъуысти, уый-иу фескъуыдтой ниуын æмæ æрдиаг. Рынчындон уыди цыппарыссæдз адæймагæн арæзт, фæлæ йæм рынчынтæ æввахс губернитæй дæр кæй цыдысты, уымæ гæсгæ дзы æртæсæдæ адæймагæй къаддæр нæ уыди. Чысыл къуындæг уæтты кæм цыппар, кæм фондз сынтæджы. Зымæг рынчынты бæласдонмæ нæ уагътой, æфсæн хызтæй фидар рудзгуытæ-иу æнгом сæхгæдтой æмæ-иу дзы сулæфæн нал уыди.
Ног рынчыны акодтой, хихсæн кæм уыди, уыцы уатмæ. æнæниз адæймаджы зæрдæ дæр дзы-иу бамæгуыр, чысыл ницæй тыххæй дæр чи рафыцы, йæ чемы чи никуы æрцæуы, уыдон та дзы-иу бынтон ныддагъытъайлаг сты. Уый уыди стыр уат, йæ цар дурæй къæлæт амад, йæ дурын пъол — къæхтыл æндæдзаг, рухс æм калди къуымырдыгæй иунæг рудзынгæй, къултæ дæр æмæ къæлæтамад цар дæр уыдысты тарсырх ахорæнæй ахуырст. Чи ныссау, уыцы пъолы — дыууæ дæргъдымбыл, донæй дзаг дурастæрд хихсæн дзыхъхъы. Рудзынджы бакомкоммæ къуымы — дыууæ дынджыр æрхуы пецы, йæ донхъармгæнæн аг цилиндры хуызæн, пъланыл арæзт æрхуы хæтæлтæ æмæ къранттæ йын. Йæ зонд кæмæн батар, уыдæттæ уыдонæн уыдысты æнахъинон зæрдæмарæнтæ. Ноджы ма сыл хинайæны хицау, стæвдтæ мадзура украинаджы уынд дæр æрхæндæг æфтыдта.
Рынчыны уыцы зæрдæсæттæн уатмæ куы бакодтой, куы йæ ныннадтой æмæ йын рынчындоны сæйраг дохтыры амындмæ гæсгæ судзаг сæрдæныхъæстæ хъуымацы стыр гæбаз йæ къæбутыл куы аныхæстой, уæд ныффæдис, нырдиаг ласта. Йæ сæры фегуырдысты иу иннæмæй æбуалгъдæр хъуыдытæ: «Ай цы у? Кæдæм æрбахаудтæн? Инквизицийы амæддаг фæдæн. Мæ фыдгултæ мæ ардæм æрбасайдтой æмæ мын мæ уд хъуамæ сыскъуыной. æви зындоны смидæг дæн?» æппынфæстаг æй бамбæрста: ай йын цыдæр фыдæвзарæн у. Йæ гæндзæхтæ цагъта, уæддæр æй сбæгънæг кодтой. Йæ низы судзагæй йæ хъарутæ дыууæ ахæмы баисты æмæ та-иу æнцонæй ацъыгъгъуытт ласта цалдæр хъахъхъæнæджы къухтæй. Уыдон-иу пъолыл адæргъ сты. Уалынмæ йæ цыппарæй æрбырстой, йæ цæнгтæ æмæ йын йæ къæхтыл ныххæцыдысты æмæ йæ хъарм доны ауагътой. Рынчын афтæ фенхъæлдта, цыма фыцгæ доны смидæг æмæ йæ гъæла къоппайы фегуырдысты, æддæгуæлæ нæ хæцыдысты, ахæм хъуыдытæ: фыцгæ дон æмæ мæ зынг æфсæйнагæй фæлварынц. Дон-иу йæ хъуыры фæбадт, мæ хъахъхъæнджыты къухтæй феуæгъд уон, зæгъгæ, йæ гæндзæхтæ цагъта, фæцæй-иу хуыдуг кодта, уæддæр ахæм какола калдта, æмæ сæ чи нæ фехъуыста, уый нæ бауырныдтаиккой. Куы-иу дзæбæх нылгъыста, куы-иу кувынмæ фæци. Уалынмæ бастади, йе ’рдиагæй фенцади, æппын фæстаг, йæ судзаг цæссыгтæ фемæхстысты æмæ мынæг хъæлæсæй дзырдта, уæдæй нырмæйы митæм бар чи нæ дардта, ахæм ныхæстæ:
— æбуалгъ хъизæмæрттæ бавзарæг Гиорги! Мæ буар — дæ быгъдуан, мæ уд — нагъ, нагъ!
Рынчын ныссабыр ис, уæддæр æй цæстдарджытæ не суагътой. Хъарм дон æмæ йын мисындзæгхуыз дзæкъулы æвæрд их йæ сæрыл кæй фæдардтой, уый йын фæахъаз. Ницуал æнкъардта, ныллæмæгъ, афтæмæй йæ донæй куы систой æмæ йын йæ къæбутыл судзаг сæрдæны хъæстæ гæбаз аныхасæм, зæгъгæ, йæ бандоныл куы сбадын кодтой, уæд та йæм цыдæр хъарутæ фегуырд æмæ та пихлæйттæ ныккалдта.
— Цæй тыххæй? Цæй тыххæй? — хъæр кодта рынчын. — Нæ мæ фæнды искæй бафхæрын. Цæмæн мæ марут? О-о-о! О, Хуыцау! Мæ размæ хъизæмарæй кæй фæмардтой, уыдонæй курын, бахизут мæ!..
Судзаг сæрдæн хъæстæ гæбаз ын йæ къæбут куы асыгъта, уæд та хъахъхъæнджыты фæйнæрдæм схойын байдыдта. Уыдоны бон ыл нал цыди æмæ, цы акæной, уый нал зыдтой.
— Гæнæн нæй, — загъта салдат. — Сисын æй хъæуы.
Уыцы хуымæтæджы дзырдтæй рынчын ныккæрзыдта: «Исгæ? Цы исынц? Кæй исынц? Мæн!» — йæ сæры фегуырди мæлæты тас æфтауæг хъуыды æмæ йæ цæстытæ ахгæдта: Салдат дæрзæг хисæрфæны кæрæттыл ныххæцыд, хъæддых æй аивæзта, рынчыны къæбутæй дзы ныхæсаг судзаг гæбаз арæдывта æмæ, буар кæм фæцъæррæмыхст, уым сырх адардта. Уыцы рисæн æнæниз адæймаг дæр зынæй ныббыхстаид, рынчынмæ та афтæ фæкасти, цыма йыл йæ дуне баталынг. Фырадæргæй уыцы иу риуыгъд аласта йæхи, феуæгъд ис цæстдарджыты къухтæй æмæ мадард бæгънæг рынчын дурастæрд пъолыл лидзынмæ фæци. Афтæ йæм фæкаст, цыма йын йæ сæр акъуырдтой. Фæндыди йæ ныффæдис ласын, фæлæ йæм уыцы хъару дæр нал разынди. æппын ницуал æмбæрста, афтæмæй йæ бахастой йæ сынтæгмæ. Уайтагъд тарфынæй аци, цыма удмидæг нал уыди æмæ нал райхъал уыдзæн.

II
æхсæвы рынчын йæхи æрæмбæрста. Уыд сабыр, йæ хъус ахста йæ фарсмæ стыр уатæй фынæй рынчынты улæфын. Дард кæцæйдæр æм хъуысти, талынг уаты кæй бакодтой æмæ йæхæдæг йæхиимæ чи дзырдта, ахæмы иугъæдон гуым-гуым. Дыккаг, сылгоймæгты уæладзыджы чидæр хæрз ныллæг æнахъинон хъæлæсæй зарыд. Рынчын хъуыста уыцы мыртæм, йæ бон фезмæлын нал уыди, афтæ ныллæмæгъ, йæ бæрзæй фыррыстæй дудыдта.
«Кæм дæн? Цы бæллæх мыл сæмбæлд?» — хъуыдытæ кодта рынчын. æваст уыцы бæлвырдæй йæ цæстытыл ауадысты, йæ царды фæстаг мæй йæ царды цы ’рцыди, уыдæттæ. Рынчын кæй у, цыдæр хъыгдарæг æй кæй ис — алцыдæр бамбæрста. Йе ’нæхъола ныхæстæ, хъуыдытæ æмæ митæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты æмæ æмризæджы ныррызти.
— Уый, кæй зæгъын æй хъæуы. Хуыцауæн табу… æнæмæнг дæр афтæ, — загъта мынæг хъæлæсæй æмæ афынæй.
Стыр агъуыстæй дурын æмбонды æхсæн нарæг ацæуæнырдæм уыди æфсæйнаг хызæй æхгæд рудзынг. Уыцы ранмæ ничи цыди æмæ дзы азмæлæн нал уыди, пыхс æмæ, йæ дидинæг калын афон кæмæн ралæууыд, уыцы сирентæй. Къутæрты фæстæ рудзынджы акомкоммæ тар дардта бæрзонд æмбонд, йæ сæрты кастысты, мæй йæ рухс кæуыл байзæрста, уыцы стыр бæласдоны бæрзонд бæлæсты цъуппытæ. Рахизырдыгæй зынди рынчындоны урс хæдзар, уый рудзгуытæ дæр — æфсæйнаг хызæй æхгæд, рухс сæ калди. Галиуырдыгæй мæрдты рæстæгмæ æвæрæн хæдзары æмыр къул мæйы тынтæй рухс дардта.
Мæйы рухс рынчыны уатмæ калди æфсæн хызæй, срухс кодта пъол æмæ хуыссæны иу хай, равдыста фынæй рынчыны фæлурс цæсгом. Ныр æм зондцухы æууæлтæй раиртасæн ницуал уыди. Фынтæ дæр нæ уыдта, ахæм уæззау тарф фынæй баци фæлмæцыд адæймаг, афтæ ныссабыр, цыма улæфгæ дæр нал кодта. Цыма йæ къахыалгъ дæр нал риссы, афтæ бæргæ æрæмбæрста йæхи, фæлæ та сæумæрайсом йæ хуыссæнæй рабаддзæн раздæры фæлхæрст.

III    
— Дæхи куыд æнкъарыс? — дыккаг бон æй бафарста дохтыр. 
Рынчын чысыл раздæр райхъал æмæ ма хъæццулæй æмбæрзт уыди.
— Иттæг хорз! — сдзырдта рынчын, фæгæпп ласта, йæ туфлиты йæ къæхтæ атъыста æмæ йæ халатмæ фæлæбурдта. — Хуыздæр уæвæн нæй, афтæ! æрмæст иу цыдæр! — йæ къæбутмæ ацамыдта. — Мæнæ! Мæ бæрзæй чысыл дæр куы фезмæлы, уæд сдуды. æмæ уый ницы. Куы йæ æмбарай, уæд æппæт дæр хорз. æмæ йæ æз æмбарын.
— Кæм дæ, уый зоныс?
— Бæгуыдæр æй зонын, дохтыр. æз дæн æррадоны. О, фæлæ йæ куы ’мбарай, уæд дæм нымады дæр нæ уыдзæни. Ницы дæм уыдзæн нымады дæр.
Дохтыр ын йæ цæстытæм æдзынæгæй касти: буцхаст адæймаджы рæсугъд цæсгом ын, йæ зæринхуыз боцъо — æвæджиауы рæсугъд фаст, йæ сабыр æрвхуыз цъæх цæстытæ йæм кæсæнцæстытæй кастысты. Цыдæр базонын æй фæндыди. Йæ цæсгомы иу нуар нæ фезмæлыд, цыма йæ æппын ницы агайы.
— Афтæ æдзынæг мæм цæмæн кæсыс? Мæ уды æмбæхст цы ис, ды уыдон нæ базондзынæ, — дзырдта рынчын. — æз та дын дæ хъуыдытæ кæддæриддæр бакæсын. Фыдгæнд цæмæн стут? Утæппæт адæмы цæмæн æрæмбырд кодтат æмæ сæ ам цæмæн дарут? Мæнæн уæлдай нæу, æз алцы æр æмбарын æмæ дæн æнцад. Фæлæ уыдон та? Уыцы хъизæмæрттæ цæмæн хъуамæ æвзарой? Кæцыдæр адæймаджы къухы уыйбæрцтæ бафты æмæ йæм фæзыны æппæтæн ахсджиаг æгæрон стыр хъуыды. Ахæммæ нымады дæр нæу, кæм цæры, исты йæ агайы, нæ агайы, цæры, нæ цæры… Афтæ нæу?
— Чи зоны, — загъта дохтыр æмæ уаты къуымы афтæ сбадти, рынчыны дзæбæх куыд уына. Уый рæвдз къахдзæфтæй цыди иу къуымæй иннæмæ, бæхдзарм сæрак туфлиты зæвæттæй пъол хоста, сырх уæрæх тæлмытæ æмæ стыр дидинджытæ кæуыл уыди, уыцы халаты фæдджитæ фæйлыдтой. Дохтыры æххуысгæнджытæ, фелсыр æмæ цæстдарæг раздæрау дуары цур уырдыг лæууыдысты.
— Мæнмæ ис иу хъуыды, — хъæрæй загъта рынчын. — Куы йыл фæхæст дæн, уæд цыма ногæй райгуырдтæн. Ныр куыд æнкъарын, афтæ никуы… Сæр афтæ никуы куыста. Раздæр-иу æгæрон бирæ зæрдæхсайæнтæ æмæ хатдзæгты руаджы къухы цы бафтыд, уый ныр базонын интуитивон æгъдауæй. Философи цытæ сарæзта, уыдæттæ царды æз хъуыддагæй скодтон. Мæхæдæг мæ мидзæрдæйы бавзарын æгæрон стыр хъуыдыты ад. Зæгъæм, рæстæг æмæ тыгъдад дунейы сконды ницы давынц. æз цæрын æппæт æнусты дæр. Тыгъдад мæнæн ницы давы, цæрын кæмфæнды дæр, кæнæ никуы, куыд дæ фæнды, афтæ йæ æмбар. æмæ, ам баззайдзынæн æви мæ ауадздзыстут, уый мæм нымады дæр нæу. Цыппæрбæстытæ дæн æви сæрибар… Мæ хуызæттæ ма дзы цалдæр ис, уый бафиппайдтон. Фæлæ иннæтæ ацы уавæрты хъизæмæртты хай фæуыдзысты. Цæуылнæ сæ суæгъд кæнут? Кæй хъæуы?..
— Ды загътай, — йæ ныхас ын айста дохтыр, — зæгъгæ, рæстæг æмæ тыгъдад дæумæ ницы бар дарынц. Фæлæ мæнæн, не ’гас ацы уаты кæй стæм æмæ мæнæ ныр… — дохтыр йæ сахат систа. — У иуæндæс æрдæг. Абон — 6-æм май, 18** аз. Уый тыххæй цы хъуыды кæныс?
— Ницы. Мæн не ’ндавынц, кæм дæн, кæм цæрын. æмæ мын иугæр уæлдай нæу, уæд æз, цæвиттон, æдзухдæр вæййын алы ран дæр.
Дохтыр бахудызмæл.
— Афтæ хъуыды кæнынц хæрз стæмтæ, — загъта дохтыр æмæ сыстади. — æвæццæгæн, раст дæ. Хæрзбон у. Сигарæ дæ зæрдæ нæ зæгъы?
— Бузныг, — рынчын æрлæууыди, райста сигарæ æмæ йын йæ кæрон дæндагæй рæвдз фескъуыдта. — Хъуыды кæнынæн ахъаз у. Мæнæ дуне, микрокосм. Иу кæрон љелочтæ, иннæ кæрон — туагадтæ, цæмæй дуне мачердæм фенкъуыса æмæ дзы ныхмæвæрд райдайæнтæ мацы адавой. Хæрзбон у, дохтыр.
Дохтыр ацыди иннæ рынчынты уынынмæ. Бирæтæ йæм æнхъæлмæ кастысты сæ сынтæджы цур уырдыг лæугæйæ. Ацы дохтыр-психиатрæн фæлхæрст рынчынтæ цы аргъ кодтой, иу хицауæн дæр йæ дæлбар кусджытæ афтæ нæ аргъ кодтой.
Рынчын та иунæгæй аззади æмæ камерæйы иу къуымæй иннæмæ тындзгæ уади. Хæринаг ын æрбахастой æмæ лæугæйæ дыууæ æлвасæн цайы стыр кружкæ ахъуыртт ласта, урс дзулы дзæбæх хай уайтагъд аныхъуырдта. Уый фæстæ рахызти камерæйæ æмæ къорд сахаты дæргъы æнæрынцойæ цыди тагъд, фæлæ уæззау къахдзæфтæй хæдзары иу кæронæй иннæмæ. Къæвда не ’нцади, æмæ рынчынты бæласдонмæ нæ рауагътой. Иу рæстæджы ног рынчыны бацагуырдта фелсыр, æмæ йын ацамыдтой тыргъты кæронмæ. Рынчын авджын дуарыл йæ ных баныхæста æмæ дидинæгдонмæ æдзынæгæй касти. Йæхимæ та йæ æркæсын кодта сырх-сырхид тæмæнтæкалæг зырзыраг дидинæг.
— Цу æмæ дын дæ уæз сбарой, — загъта дохтыр æмæ йын йе уæхск фæцагайдта.
Рынчын æм йе ’ргом куы фездæхта, уæд, мæнæ йæ цурæй астъæлфа, зæгъгæ, дзы йæ уд ауади, уыйбæрц хæрам æмæ æнæуынондзинады арт сыгъди йæ афтид цæстыты. Фæлæ, фелсыры ауынгæйæ, рынчыны цæсгом фæнывылдæр æмæ йæ фæдыл æнцонæй фæраст ис, иу сыбыртт дæр дзы не схауд, цыма арф хъуыдыты ахæсты бахауд. Бахызтысты дохтыры кабинетмæ, æмæ рынчын барæны тæрхæгыл слæууыд. Ферсыл æй сбарста æмæ чиныджы йæ акомкоммæ ныффыста: 109 фунты. Уый фæстæ бон йæ уæз фæци дыууæ фунты къаддæр, æртыккаг бон — 106.
— Уымæй уæлдай куынæ рæвдздæр кæна, уæд цæрæг уд нæу, — загъта дохтыр æмæ бадомдта, цæмæй йæм хæринагæй дзæбæх фæкæсой.
Рынчынмæ зылдысты, уæдæ йын хæрдæй бафсис нæ уыди, уæддæр бонæй бон тынгдæр ихсыди, йæ хуыссæг фæлыгъди, бон изæрмæ йе змæлынæй не ’нцади.

IV
Ног æрбацæуæг æмбæрста, æррадоны кæй ис æмæ рынчын кæй у, уыдæттæ. Фыццаг æхсæвау-иу хатгай тæккæ сабырдæр рæстæг æрыхъал, уый размæ бон-иу æнæрынцойæ æнæсæрфат змæлд фæкодта, æмæ-иу йæ буар æгасæй дæр рафаста, йæ сæр-иу æнахуыр уæззау ныцци, ныр-иу йæ зонд та йæхимæ уыди. æхсæв уыди сабыр æмæ, мынæг æндæргтæ йеддæмæ йæ сæхимæ цы ’ркæсын кодтаид, йæ цæст ахæмæй кæй ницæуыл æрхæцыд, æви чысыл раздæр кæй æрыхъал æмæ йæхи дзæбæх кæй нæма æрæмбæрста, чи зоны, уыдæттæ йын фæахъаз сты йæ уавæр дзæбæх бамбарынæн æмæ йæ цыма ныртæккæ ницы хъыгдарæг уыди. Фæлæ та йыл-иу ногæй сбон ис, цард-иу базмæлыди, æмæ-иу ыл боны рухсимæ алы хъынцъымтæ æмæ сагъæстæ раивылдысты, йæ рынчын сæры магъз сæ-иу не скарста æмæ та-иу йæ зонд атар. Уæд-иу бынтон ныссуйтæ — куы-иу дзæнгæда цæгъдын байдыдта, куы-иу дзы нывыл ныхæстæ схауди. æмбæрста, ам чи ис, уыдон иууылдæр рынчынтæ кæй сты, уæддæр æм афтæ касти, цыма амæй размæ уыдонæй алкæй дæр зыдта, кæйдæр тыххæй дзы кæмдæр мыхуыры бакасти, кæйдæр та койæ базыдта, ныр мæ алкæй цармы дæр цыдæр æвзæргæнæг бамбæхсти. Рынчындон байдзаг ис алы заманты æмæ алы адæмты минæвæрттæй. Ам уыдысты мæрдтæ дæр æмæ удæгæстæ дæр. Ам уыдысты номдзыд адæймæгтæ, æлдæрттæ, салдæттæ, фæстаг хæсты чи фæмард æмæ та чи райгас, уыдон дæр. Цыма æгас зæххы тых кæм æрæмбырд, ахæм цавæрдæр кæлæнтæгонд алæмæттаг зилаччы фегуырди, сæрыстыр æй чи кодта, уыцы тартæгæнæг зонд-иу æй авæрдта уыцы зилаччы бæрæгастæу. Рынчындоны йын цы æмбæлттæ уыди, уыдон æм се ’гас дæр æрцыдысты, цæмæй саразой, йæхæдæг æй дзæбæх дæр не ’мбæрста, ахæм æгæрон стыр хъуыддаг — зæххыл фыдæй цыдæриддæр уыди, уыдон хъуамæ сæфт æрцыдаиккой. Уымæн уæвæн куыд ис, уый не ’мбæрста, фæлæ, йæ бæллиц цæмæй сæххæст уа, уыйбæрц хъарутæ йæм кæй разындзæн, уый йæ уырныдта. Йæ бон уыди алкæй хъуыдытæ кæсын дæр, алцæй тыххæй дæр алцыдæр зыдта, рынчындоны стыр хъарман бæлæстæ йын дзырдтой ивгъуыд рæстæджы таурæгътæ. Стыр агъуыст уартæ кæд æмæ кæд арæзт æрцыди, уый та уырныдта, номдзыд Петр æй кæй сарæзта æмæ дзы Полтавæйы хæсты рæстæг цæргæ дæр кæй кодта. Уыдæттæ базыдта, къултыл, лæбырд штукатуркæйы къæрттытыл æмæ, дыргъдоны кæй ссардта, уыцы агуыридуртæ æмæ плиткæтыл цы фыстытæ бакасти, уыдонæй. Морджы чысыл хæдзары йын дæсгæйттæ æмæ сæдæгæйттæй æрцардысты, раджы кæддæр чи амарди, ахæмтæ. Агъуысты ныккæндæн дыргъдонырдæм цы рудзынг уыди, уырдыгæй касти парчы иу кæронмæ æмæ, рухс æмхуызон кæмæ нæ калди, уыцы чъизи, фæлæ ирдхуыз авгыл уыдта, кæддæр кæй зыдта, кæнæ сæ хуызистытæ кæмæн федта, уыдоны.
Уалынмæ фæрæстæг кодта, æмæ арв ныссыгъдæг. Рынчынтæ бон изæрмæ сæ рæстæг æрвыстой парчы. Йæ чысыл хай хъæды хуызæн сси, уæддæр, уæгъд гæбаз кæмдæриддæр аззад, уымыты дидинджытæ фæсагътой. Чысылдæр кусынхъом чи уыди, цæстдарæг уыдоны се ’гасы дæр кусын кодта: бон изæрмæ марзтой, фæндæгтыл змис зæрстой, рывтой æмæ дон кодтой дидинджыты, джитъриты, харбызты æмæ неситы хуымтыл. Къахгæ дæр сæ сæхи къухæй скодтой. Бæласдоны иу къуымы — балбæлæсты къох, йæ тезгъогæнæн фæндæгты фæйнæ фæрсты — хъарман бæлæстæ сагъд. Йæ бæрæг астæу — хиарæзт обау, ам уыди æппæты рæсугъддæр дидинæгдон. Йæ уæллаг фæзуаты кæрæтты — ирдтæмæнкал дидинджытæ, йæ бæрæг астæу — бæрзонд, ставдзæнг стæм дидинæг далия, йæ сыфтыл — сырх æмæ бур тæппытæ. Уый уыди æгас бæласдоны астæу æмæ йæ тæккæ бæрзонддæр ран. Рынчынтæй бирæтæ афтæ нымадтой, цыма ацы бынат цыдæр сусæг миниуджытæй фæхайджын. Ног рынчыны нымадмæ гæсгæ дæр уыди цыдæр æнахуыр диссаг, бæласдон æмæ хæдзары æнцойад хъахъхъæнæг. Фæндæгты фæйнæ фæрсты бæлæстæ рынчынтæ ныссагътой. Ам задысты алымыггаг дидинджытæ: бæрзонд уардитæ, петуньятæ, уардихуыз тамакойы бæрзонд къутæртæ, уардихуыз чысыл сыфтæ сын, битъынатæ, настурцитæ æмæ зырзыраг дидинджытæ. Хæдзармæ æввахс тæмæнтæ калдтой зырзыраг дидинæджы стæм мыггагæй æртæ чысыл къутæры. Арæх чи ’мбæлы, уыдонæй уыдысты къаннæгдæртæ, фæлæ æнахуыр ирдсырх тæмæнтæ калдтой. Ног рынчын ардæм цы бон æрбацыд, уæд сæ федта, авджын дуарæй бæласдонмæ кæсгæйæ æмæ йæ дисы бафтыдтой.
Фыццаг хатт паркмæ куы бацыди, уæд, хæдзары асинæй нæма æрхызти, афтæ ауыдта уыцы æнахуыр рæсугъд дидинджыты. æгасæй уыдысты дыууæ. Цæмæдæр гæсгæ задысты иуварс, лебæда æмæ алы хæмпæлгæрдæг кæм сфардæг, ахæм æнæзылд ран.
Дуары цур лæууæг хъалагъуры рæзты рынчынтæ кæрæдзи фæдыл цыдысты. Уый сæ алкæмæн дæр лæвæрдта, йæ ныхыл сырх дзуар кæмæн уыди, ахæм бæзджын урс хъуымацхудтæ. Хæсты рæстæг сæ дардтой салдæттæ, рынчындонæн та сæ балхæдтой армукъайы. Ног рынчыны нымадæй уыцы сырх дзуар уыди цыдæр æнахуыр сусæг миниуджытæй хайджын. Систа йæ худ, æркасти худы ныхмæ, уый фæстæ та дыууæ зырзыраг дидинæгмæ. Дидинджытæ уыдысты ирддæр æмæ рæсугъддæр.
— Уый фæуæлахиз уыдзæн. Уæвгæ йæм мах æркæсдзыстæм, — загъта рынчын æмæ асиныл æрхызти. Йæ алыварс афæлгæсыд æмæ, йæ чъылдыммæ лæууæг хъалагъурыл йæ цæст куынæ æрхæцыд, уæд хуымы сæрты бакъахдзæф кодта æмæ йæ къух баивæзта дидинæгмæ, фæлæ йæ æртонын нæ бауæндыди. Фыццаг йæ цонг ссудзæгау кодта, рæхойæн рыст скодта, уый фæстæ йæ буар æгасæй дæр ссыгъди. Афтæ йæм фæкасти, цыма йæм сырх дидинæгæй æнахуыр тыхджын ток ракалди æмæ йе ’гас буары дæр ацыди. Йæхи æввахсдæр байста зырзыраг дидинæгмæ, йæ къух æм баивæзта, фæлæ, куыд фенхъæлдта, афтæмæй дидинæг йæхи хъахъхъæдта æмæ йыл æрбакалди маргæйдзаг мæлæтхæссæг улæфт. Рынчыны сæр разылди, уæддæр ма адæргæй фæстаг фæлтæрæн скодта æмæ, дидинæджы зæнгмæ куыд февнæлдта, афтæ кæйдæр уæззау къух йе уæхскыл æрхауди. Йæ уæлхъус фегуырди хъалагъур.
— Тонæн сæ нæй, — сдзырдта зæронд украинаг. — Хуыммæ дæр ма цу. æрратæ цал стут, уалæй æрмæст фæйнæ дидинæджы куы æртонат, уæддæр ам ницуал баззайдзæн, — дзырдта домаг хъæлæсæй, йе уæхскæй йын йæ къух нал иста.
Рынчын ын ауыдта йæ цæстытæ, йæ къух ын йе уæхскæй хъавгæ айста æмæ зæрдæфæйлыдæй фæндагыл атындзыдта. «О, цы æнамонд стут, — хъуыдытæ кодта рынчын. — Ницы уынут, саугуырм баистут æмæ йæ хъахъхъæнут. Фæлæ, цыфæнды фæуæд, æз ын, цы хъæуы, уый бакæндзынæн. Абон куынæ уа, уæддæр сом нæ хъарутæ бавзардзыстæм. æмæ, зæгъæм, æз фæмард дæн, уæддæр цы…»
Суанг изæрмæ бæласдоны фæтезгъо кодта рынчын, кæйдæртимæ дзы базонгæ, цыдæр æнахуыр ныхæстыл-иу фесты æмæ-иу ныхасгæнджытæй алчидæр йе ’нæчетар фарстытæн агуырдта æнæхъола сусæг ныхæсты æмбæхст дзуаппытæ. Рынчын йæ ног зонгæтимæ радыгай фæтезгъо кодта æмæ йæ изæрырдæм ноджы тынгдæр бауырныдта, «æппæтдæр цæттæ кæй у», уый. Уыцы ныхæстæ йæхæдæг йæхицæн загъта. Мæнæ-мæнæ æрызгъæлдзысты æфсæйнаг хызтæ, ахæсты кæй дарынц, уыдон ардыгæй аирвæздзысты æмæ фæтындздзысты зæххы æппæт кæрæттæм, æгас дуне нынкъуысдзæн, йæ зæронд хæрв аппардзæн æмæ йæхи сфæлынддзæн æмбисонды рæсугъд дарæсты. Дидинæг дзы бынтондæр æрбайрох, фæлæ паркæй куы ахызти æмæ асинтыл куы сцæйцыди, уæд та, æртæх чи сæвæрдта, уыцы тар кæрдæджыты æхсæн ауыдта дыууæ сырх зынджы. Уæд рынчын йæ бирæ тезгъогæнæг æмбæлттæй фæхицæн. Хъалагъуры аууонмæ йæхи байста æмæ банхъæлмæ касти тæккæ фадатджындæр уысммæ… Ничи бафиппайдта, хуымы сæрты куыд багæпп ласта, уый. Стыдта дидинæг æмæ йæ йæ хæдоны бын йæ риуыл авæрдта. Ногтынд дидинæджы æртæхуымæл дидинсыфтæ йæ буарыл куы аныдзæвыдысты, уæд мæрдон фæлурс аци йæ цæсгом, йæ удаист цæстытæ бæгъгъæтгомæй аззадысты, йæ ныхæй рахъардтой уазал хиды æртæхтæ.
Рынчындоны цырæгътæ ссыгъдысты. Рынчынтæй бирæтæ сæхи сæ сынтæджыты æруагътой æмæ æхсæвæрмæ æнхъæлмæ кастысты. Фæлæ ма дзы иуцалдæр тыргъты æмæ залты сæ фыртыхстæй æнæвдæлон къахдзæфтæй дыууæрдæм кодтой. Уыдонимæ фæиу ис ног рынчын дæр. Адæргæй йæ цæнгтæ йæ риуыл дзуарæвæрд скодта, цыма йæ зæрды йæ æмбæхст дидинæг ныцъцъæл, ныллехъа кæнын уыди. Йæ дарæс дæр макæуыл андзæва, зæгъгæ, æмгæрон никæмæуал цыди. «æввахс мæм ма цæут! Ма мæм цæут æввахс!» — хъæр кодта рынчын. Фæлæ рынчынтæ искуы-иуæй фæстæмæ ахæм æрра хъæртыл сахуыр сты. Йæ къахдзæфтыл цæст нал хæцыди, йæ санчъех даргъæй-даргъдæр кодта, сырдау-иу ныррыхыдта.
— æз дæ бастайын кæндзынæн! Дæ къубалыл дын бахæцдзынæн! — мæстæлгъæдæй дзырдта рынчын, хатгай-иу райхъуыст йæ дæндæгты хъыррызт.
Уалынмæ ралæууыд æхсæвæры рæстæг. æнæмбæрзт стыр стъолыл æрæвæрдтой сызгъæринхуыз ахуырст цалдæргай хъæдын къусы еууы тæнæг касимæ. Рынчынтæ сæ бынæтты сбадтысты, æмæ сын фæйнæ сау дзулы къæбæры радтой. Хордтой хъæдын уидгуытæй, аст адæймагæн — иу къус. Хуыздæр хæринаг кæмæн лæвæрдтой, уыдон бадтысты хицæнæй. Ног рынчынæн хæринæгтæ бахаста хъалагъур æмæ йæ уайтагъд ахордта. Нæ бафсæсти æмæ иумæйаг хæрæндонмæ бацыди.
— Мæнæ мæ ам бадын бауадз, — загъта цæстдарæгæн.
— æмæ æхсæвæр нæма бахордтай? — бафарста йæ цæстдарæг, чи нæ бафсæсти, уыдоны къусты ма-иу кас æркодта.
— Сыдæй мæлын. Хъуамæ дзæбæх фæфидар уон. Хойраджы руаджы мæм фæзындзæн хъарутæ. æппындæр нæ фынæй кæнын, уый зонут.
— Ахæр, мæ къона, æмæ дын хæлар уæд. Тарас, уидыг æмæ йын дзул ратт.
Ног рынчын къустæй иуы раз йæхи æруагъта æмæ ма дунейы кас бахордта.
— æгъгъæд дын у, æгъгъæд, — сдзырдта йæм иу рæстæджы цæстдарæг. Иннæтæ хæрд фесты. Ног рынчын иу къухæй уидыгæй архайдта, иннæмæй хæцыди йæ риуыл. — Фырхæрд дын нæ батайдзæн.
— Ехх, цас хъарутæ мæ хъæуы, цас хъарутæ, уый куы зонис! Хæрзæхсæв у, Николай  Николайы фырт, — загъта рынчын, йæ бынатæй сыстгæйæ, æмæ цæстдарæджы къух зæрдиагæй нылхъывта. — Хæрз æхсæв.
— Кæдæм цæуыс? — бафарста йæ худгæйæ цæстдарæг.
— æз? Никæдæм. Ам лæууын. Фæлæ, чи зоны, райсом кæрæдзи мауал фенæм. Бузныг, хæларзæрдæ лæг! — цæстдарæджы къух ма иу хатт зæрдиагæй нылхъывта, йæ хъæлæс рызти, йæ цæстытæ баумæл сты.
— æрсабыр у, мæ къона, æрсабыр у, — загъта цæстдарæг. — Дæ сæрмæ ахæм æрхæндæг хъуыдытæ цæмæн уадзыс? Ацу, дæхи æруадз æмæ дзæбæх бафынæй кæн. Фылдæр фынæй кæнын дæ хъæуы. Хорз куы фынæй кæнай, уæд тагъд адзæбæх уыдзынæ.
Рынчын хæкъуырццæй куыдта. Цæстдарæг æхсæвгæсты бадомдта, цæмæй, рынчынты æхсæвæрæй цы баззад, уыдон бафснайой. Сахатырдæджы фæстæ рынчындоны адæм се ’гас дæр бафынæй сты. æрмæст ма иу адæймаг нæ фынæй кодта, къуымы цы уат уыди, уым йæ сынтæгыл æд дзаумæттæ йæхи æруагъта. Тæфсæгæй рынчынау йæ гæртт-гæртт цыди, ризаг къухтæй йæ риу æлхъывта. Афтæ йæм касти, цыма, чи никуы уыди, ахæм хъыппæггæнаг марг йæ риуы ахъардта.

V
Уыцы æхсæв рынчын хуыссæджы хъæстæ нæ фæци. Дидинæг æртонын сгуыхтдзинад кæй у, уый æмбæрста æмæ йæ ма ’ртона, уымæн уæвæн нæ уыди. Авджын дуары цур лæугæйæ сæнт сырх дидинсыфтыл фыццаг хатт йæ цæст куы æрхæцыди, уæд бамбæрста, зæххон царды йæ цы саразын хъæуы, уый. æгас дунейы фыд æмæ хæрамæй цы уыди — уыцы ирд сырх дидинджыты бацыдысты. Зырзыраг дидинæгæй опиум кæй кæнынц, уый зыдта. Уыцы хъуыды цыма дымсгæ кодта, цыдæр æнахъинон хуызы йæм-иу равдыста йæхи æмæ дзы домдта, цæмæй райгуыра уыцы æбуалгъ фантастикон æндæрг. Йæ нымадæй дидинæг уыди æппæт фыддзинæдтæн æвдисæн: цæссыгæй цы ныккалд, хæрамæй цы рачынди æмæ, рæстæй цы туг ныккалди (афтæ рæсугъд дæр уымæн уыди дидинæг), уыдæттæ йæ мидæг бацыдысты. Уый уыди, цæст ыл нæ хæцыди, ахæм æбуалгъ уæвæгой, æназым æмæ æфсармджын Хуыцау Ариманæн æнæуынон. Хъуамæ йæ æртыдтаид æмæ йæ амардтаид. Фæлæ йæм уый æгъгъæд нæ фæкаст — йæ удисгæйæ йæ хæрæмттæ хъуамæ мæрдтæм йемæ ацыдаиккой. Гъе уый тыххæй йæ дардта æмбæхстæй йæ хæдоны бын йæ риуыл. Уырныдта йæ: бонæрбарухсмæ дидинæджы тых басæтдзæн, йæ фыдæх бацæудзæн йæ риумæ, йæ удмæ, æмæ уымæ кæнæ хъуамæ фесæфа, кæнæ фæуæлахиз уа, æмæ уæд рынчын йæхæдæг дæр амæлдзæн æцæг хæстон лæгау, дунейы адæмты фыццаг сæрхъуызой хæстонау, уымæн æмæ ныронг иу ахæм лæг нæ разынди, æгас дунейы адæмты сæраппонд йæ цард нывондæн чи æрхастаид.
— Уыдонæй йæ ничи федта. æз æй федтон æмæ йæ куыннæ хъуамæ амардтаин? Фæлтау мæ мæлæт хуыздæр.
Хуыссыди æмæ, цы æрæмысæггаг тохы бацыди, уымæй бастади. Сæумæрайсом æм фелсыр куы бацыди, уæд ма тыхулæфт кодта. Бирæ рæстæг нæ рауад, афтæ та йæ цыдæр фæцагайдта, рагæпп ласта сынтæгæй æмæ та раздæрау рынчындоны иуырдæм згъоргæ, иннæрдæм згъоргæ, рынчынтæм дæр-иу цыдæртæ сдзырдта, ныхæстæ кодта йæхиимæ дæр, фæлæ йын æппын бамбарæн нал уыди. Паркмæ йæ нæ ауагътой. Дохтыр уыдта: бонæй бонмæ ихсийы, фынæй нæ кæны, уæддæр йе змæлдæй æппын не ’нцайы æмæ йын дзæвгар морфийæ укол скæнын кæны. Гъе уыцы рæстæг рынчын æнахуыр хъуыдыты ахæсты бахауди, змæлгæ дæр нал скодта, уайтагъд афынæй æмæ йе ’нæрынцой æнæхъола змæлдæй фервæзти, тæлтæг къахдзæфты уынæр йæ хъусты нал азæлыд. Рæдзæ-мæдзæ кодта æмæ йæ ницуал æндæвта, æнæмæнг æртонын кæй хъуыди, уыцы дыккаг дидинæг дæр дзы ферох.
Уæддæр æй æртæ боны фæстæ æртыдта. Цæстдарæг æй ауыдта, фæлæ йын макæ зæгъын дæр йæ бон нал баци. Фæсте йæ асырдта. Рынчын уæлахиздзауы хъæлæсæй фæхъæр ласта, рынчындонмæ балыгъд, йæ уаты фæмидæг æмæ дидинæг йæ роны амбæхста.
Хъалагъур уатмæ æрбауад æмæ йыл фæхъæр ласта:
— Ды дидинджытæ цæмæн тоныс?!
Рынчын сынтæджы хуыссы, йæ цæнгтæ йæ риуыл дзуарæвæрд скæнгæйæ, дзæгъæл дзæнгæда цагъта. Йæ сæрæй йын хъалагъур систа йæ ныхыл сырх дзуар æфтыд худ æмæ рацыди. æмæ та рынчын йæхæдæг кæй æрæмысыди, уыцы хæсты архайæг сси. Хатыдта, дидинæгæй ивæзаг гуылфæнтæй кæй ивылы æмæ калмау кæй быры æгæрон хæрам. Уыцы гуылфæнтæ йын йе уæнгтæ ныббастой æмæ йæ сызмæлæн нал уыди. Уыцы хъылма æгасæй йæ буары ахъардта. Куыдта, фелгъыста-иу йæ фыдгулы, стæй та-иу Хуыцаумæ скуывта. Изæрмæ дидинæг баруади, ныссау. Рынчын æй йæ къæхтæй ныцъцъæл кодта, цы ма дзы аззади, уыдон систа æмæ сæ ваннæмæ бахаста, дурæвзалыйы сырхзынг артмæ сæ пецмæ баппæрста æмæ касти, йæ фыдгул куыд сцъыс-цъыс ласта, куыд ампылди æмæ урс фæнычы тæпп куыд фестад. Фæныкыл бафу кодта æмæ цыдæр æрбаци.
Дыккаг бон рынчын фæтыхстдæр, хуызыцъыртт дзы нал баззади, йæ рустæ бахаудысты, йæ судзгæ цæстытæ сæ къуырфыты нымбæхстысты. æрра-хæлоф къахдзæфтæй цæуыныл та фæци, фæлæ-иу ныццудыдта, уайтагъд-иу фæкалди. æнæрынцойæ дзырдта, дзырдта.
— Тыхæфхæрд æй бакæнæм, уый мæ нæ фæнды, — загъта хистæр дохтыр йе ’ххуысгæнæгæн.
— О, фæлæ адæттæн кæрон скæнын хъæуы. Йæ уæз ма ныртæккæ у нæуæдз дыууæ фунты. Йæ уавæр куынæ нывылдæр кæна — дыууæ бонæй фылдæр нал фæцæрдзæн.
Хистæр дохтыр ныхъхъуыды кодта.
— Морфи? Хлорал? — фæрсæгау бакодта дохтыр.
— Зноны морфи йын ницуал фæахъаз.
— Зæгъ сын  æмæ йæ бабæттæнт. Уæвгæ, мæ-гъа, исты ма дзы рауайа.

VI
Рынчыны та цыппæрбæстытæ скодтой. Йæ уæлæ — æрцыбыртæгæнæн хæдон, афтæмæй хуыссыди уæрæх четæн уадздзæгтæй йæ сынтæгмæ бастæй. Уымæй йе ’рра хъуырдухæн карздæр йеддæмæ сабырдæр нæ фæци. Йæ бон цы уыди, уымæй дзæвгар рæстæг фæцархайдта йæ бæстытæй йæхи феуæгъд кæныныл. æмæ иуахæмы йæ цæнгты сонт риуыгъдæй йæ бæттæнтæй иу райхæлд, йæ къухтæ феуæгъд сты, йæ иннæ бæстытæй дæр ссæрибар æмæ, йæ къухтæ баст, афтæмæй рацу-бацу кæнын райдыдта, цыдæр æнæхъола хъæддаг хъæртæ дзы-иу сирвæзти.
Уаты фæмидæг цæстдарæг æмæ фæхъæр ласта:
— Гъæ, дæ мæрдтæ!.. Хæйрæджы амæддаг фæуинаг! Иван! Грицко! Рæвдздæр ардæм! Йæ бæстытæй феуæгъд.
æртæйæ йæм фæлæбурдтой æмæ дзæвгар рæстæг хъуырдухæнты хай фесты. æртæйæ дæр бастадысты. Рынчынмæ ма цы чысыл хъарутæ уыди, уыдон тадысты. æппын фæстаг æй йæ хуыссæны ныффæлдæхтой æмæ йæ ноджы фидардæр ныббастой.
— Цы мигæнæг стут, уый не ’мбарут! — йе ’рдиагæй нал æнцад рынчын, хуыдуг кодта. — Уе сæфты дуг ралæууыд! æз федтон æртыккаг дидинæг дæр, нырма хæрз чысыл райхæлди. Ныр уый цæттæ у. Бауадзут мæ æмæ йын кæрон скæнон. Амарын æй хъæуы! Амарын! Амарын! Уæд æппæт бæллæхтæн дæр кæрон æрцæудзæн. Сымах æм арвитин, фæлæ йæ мæхи йеддæмæ ничи сараздзæн. æрмæст йæ фæныхылдæй дæр фесæфиккат.
— Ныхъхъус у! Ныхъхъус у! — загъта зæронд хъалагъур, рынчыны раз уый йеддæмæ ничиуал уыди.
Рынчын фæхъус. Йæ зæрды æрбафтыд хъалагъуры афæливын. æнæхъæн бон æй бæстытæй фæдардтой, афтæмæй йæ ныууагътой æхсæвы дæр. æхсæвæр ын бахæрын кодта хъалагъур, йæ сынтæджы раз йæхицæн цыдæр байтыдта æмæ йæхи æруагъта. Минуты фæстæ тæгæр фынæй аци. Рынчын гъеуæд бавнæлдта йæ куыстмæ.
Рынчыны астæустæг æркъæлæт ис, йæ къух цыдæр амæлттæй суæгъд æмæ йæ дыс тагъд-тагъд хафын байдыдта сынтæджы фæлгæты фæрсæфсæйнагыл. Цасдæры фæстæ бæзджын четæн алыг ис æмæ йæ амонæн æнгуылдз ссæрибар. Ныр йæ архайд фæрæвдздæр. æнæниз адæймагау йе змæлд бæлвырд, рæвдз, фæстæрдыгæй йæ дысты æлхынцъ райхæлдта, хæдоны сæхтæгтæй синаг раласта, уый фæстæ дзæвгар рæстæг фæхъуыста хъалагъуры хуыр-хуырмæ. Зæронд лæг тарф фынæй ныцци. Рынчын сабыргæнæн хæдонæй рабырыди æмæ ссæрибар. Дуар разынди æддæрдыгæй æхгæд. Зыдта, дæгъæл хъалагъуры дзыппы агурын кæй хъæуы, фæлæ куы райхъал уа, зæгъгæ, йын йæ дзыппытæ нæ басгæрста. æмæ йæм фæзынди рудзынгыл ахизыны фæнд.
Уыди сабыр, хъарм, фæлæ талынг æхсæв. Рудзынг — гом. Сау арвы риуыл стъалытæ тæмæнтæ калдтой. Йæ зонгæ стъалыбардзты иннæтæй иртæста æмæ йæ уыдон кæй æмбарынц, кæй йыл тыхсынц, ууыл цин кодта. Йæ цæст-иу æрныкъуылдта æмæ-иу ауыдта, стъалытæ йын цы æгæрон даргъ тынтæ æрвитынц æмæ-иу йе ’рра зондæй гуырд ныфс фæфидардæр. Хъуыди йæ æфсæн хызы ставд тел ратасын кæнын, уынгæг зыхъхъыры абырын æмæ, чи схæмпæл, уыцы нарæг ацæуæнмæ баирвæзын. Уый фæстæ ахиздзæн бæрзонд дурын æмбонды сæрты. Гъе уæд райдайдзæн фæстаг тохы рæстæг. æмæ разы у мæлæтыл дæр.
Ацархайдта ставд тел атасын кæныныл, фæлæ йын нæ бакуымдта. Уæд æрцыбыртæгæнæн хæдоны дыстæ бæндæнау сбыдта, фæхæцын æй кодта арцкæрон ставд телыл æмæ йыл æрцауындзæг. Дзæвгар фæцархайдта æмæ ма йæм цы хъарутæ баззади, уыдон куы схардз сты, уæд арцкæрон тел æртасыд, æмæ дзы фæзынди уынгæг алæсæн. Тыхбырд дзы акодта æмæ ныцъцъæрæмыхстытæ сты йæ уæхсчытæ, йæ рæмбыныкъæдзтæ æмæ йæ бæгънæг уæрджытæ. Рынчын ацыди къутæрты æхсæнты æмæ сисы раз æрлæууыд. Дуне ныссабыр. æхсæвсудзгæ цырæгъты мынæг рухс калди стыр хæдзары рудзгуытæй, йæ цæст дзы никæуыл æрхæцыд. Ничи йæ бафиппайдзæн. Йæ хъус æм чи дары, уыцы зæронд, æвæццæгæн, тарф фынæй баци. Цæстныкъулæг стъалыты рæвдауæн тынтæ йæ зæрдæйыл æмбæлдысты.
— æз сымахмæ цæуын, — загъта рынчын мынæг хъæлæсæй, арвмæ кæсгæйæ.
Сисы сæрты ахизыныл афæлвæрдта, фæлæ æрхаудта æмæ йæ къухы ныхтæ арæдывтысты, йæ цæнгты æмæ уæрджыты туг фемæхст. æмæ уæд дзæбæхдæр ран бацагуырдта. Морджы хæдзар æмæ сис кæм баиу сты, уырдыгæй рахаудтой цалдæр агуыридуры. æмбонды къуырфытыл хæцгæйæ рынчын йæ сæрмæ сбырыд, æввахсдæр хъарман бæласы къалиутыл ныххæцыд æмæ зæхмæ æрбырыд.
Дыууæ зырзыраг дидинæджы кæм æртыдта, рынчын уырдæм базгъордта. Дидинæджы къоппа тар дардта, йæ дидинсыфтæ æрбангом сты, æртæхдзыд кæрдæджыты æхсæнæй тæмæнтæ калдта.
— Фæстаг дидинæг, — мынæг хъæлæсæй загъта рынчын. — Фæстаг! Абон кæнæ уæлахиз, кæнæ мæлæт. Уæвгæ, мæнæн уæлдай нал у. Банхъæлмæ мæм кæсут, — дзырдта арвмæ кæсгæйæ. — Тагъд уæм фæзындзынæн.
Дидинæджы срæдывта, ныцъцъæл, ныффæскъау æй ласта æмæ йæ йемæ рахаста. Йæ фæд, йæ фæд раздæхти æмæ йæ уаты къæсæрæй бахызти. Зæронд лæг нæ райхъал. Рынчын ма йæ хуыссæнмæ цыдæр амæлттæй бахæццæ, ныххауди йæ хуыссæны æмæ ницуал бамбæрста.
Сæумæрайсом æй баййæфтой мардæй, йæ цæсгом — сабыр, рухс. Йæ цола рустæ, йæ тæнæг былтæ æмæ арф къуырфыты æмбæхст æхгæд цæстытæ æвдыстой, йæхицæй сæрыстыр лæджы амондæй хайджын кæй уыди, уый. Сынтыл æй куы æрæвæрдтой, уæд афæлвæрдтой йæ къух рахæлиу кæныныл æмæ сырх дидинæг райсыныл, фæлæ йæ къух нындзыг ис æмæ дидинæг йемæ ингæнмæ ахаста.
1883 аз

 

// Мах дуг.– 2005.– №8.

 


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов Кавказа
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
       Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.