Руссо
А цыртдзæвæн Францы бæстæн — сау цæф,
Дугæн дæр — æлгъыст æмæ фыдуайдзæф.
Разагъды лæг, рухс дзæнæты бад!
Фарн æмæ рæстдзинадыл фæкуыстай,
Батыдтой дæ тъæпп æмæ рæхуыстæй,
Арвыстай фыдгæнæгау дæ цард.
Тугдзых дуне... Зондæн æмæ уарзтæн
Ай зындон у, баст йæ уæнгтæ растæн,
Иблис дзы тæрхонылæг ысси,
Æмæ судзынц фарны лæгты арты.
Бабын кодтой сау адæм Сократы,
Ныр Руссо дæр с’ амæддаг фæци.
1781
Эммæйæн
Дард дæ ды, нымбæхстæ тары,
Бон дыл ацæуы фæрнæй.
Худы арвы рындзæй стъалы,
Уæууа, сæххæссæн æм нæй.
Уымæй райгонд уыдтæн, хъал...
Амонд нал раздæхдзæн, нал.
Сонтæй удисæг-тыхгæнæг
Дæу куы айстаид æваст, —
Мæн æвдæрзтаид æрхæндæг,
Калмау баууылдтаид маст.
Ирд у, райдзаст у дæ бон.
Ныр æз та цы уон, куыд уон?
Ехх, цы дуг арвыстам демæ,
Уый дзæнæт уыди мæнæн.
Уарзт мæ тавæг хур уыд, Эммæ,
Нæй йын абон дæр мæлæн.
Уый æрвон зынгæй сыгъдис,
Уымæн ахуыссæн куыд ис?
1796
Хæххон зарæг
Æвирхъау сæрсæфæн. Йæсæрмæ фæндаг —
Адзал æмæ царды ‘хсæн арæн;
Æхсонгуыр уæйгуытæн нæрæмон — сæ уаг,
Сæ риутæ йæм уартау фæдарынц.
Тæссаг у, бæлццон лæг, ам зæйты æрдонгæй:
Уæлæуæзты бадынц æрсæррæттæввонгæй.
Æнæбын дæлджинæг — æркъæлæт ыл хид,
Дзæнхъа хæхтæ — хидæн æнцæйттæ.
Бынæй та — æрра дон — хъæлæба, æхситт,
Йæ ниуынæй баризынц къæйтæ.
Уый къултæ фæлдахы, уый айнæг кæрды,
Уый калы йæ хъал бон, йæ ных сыл сæтты.
Уым, цъассы, дæлиау, уæрæх фæзмæ — дуар,
Дæлимонты сау хъоргъæй лидзæн;
Йæ къæсæрыл ахиз, дæхи у дæ бар,
Уым фендзынæ ног дуне, хицæн.
Уым уалдзæгæн фæззæг æппæлы йæ цин,
Уым æхсæвтæ — сатæг, уым бонтæ — зæрин.
Цыппар доны сонтæй фæйнæрдæм тындзынц:
Ыскæсæнмæ иуæн — йæ фæндаг,
Ныгуылæнмæ иннæ фæкæны тырындз,
Æнцойы хос удæн — сæ зæланг.
Ам райгуырынц иумæ, ам авæййынц хицæн,
Æмбæлæн сын нал и, ныр алчи — йæхицæн.
Дыууæ хохы слæгæрстой мигътæй уæлдæр,
Сæ цъуппытæй хуртæ фæкæсынц,
Сæ алмаси тигътæ фæкалынц цæхæр,
Цъæх ирдгæтæ хæхтыл фæкæлынц.
Нæма схызти, не схиздзæн а бæстæм лæг,
Сырд дæр дзы нæ фенди, нæй маргъ дæр тæхæг.
Ам успаддзах бады фæлыстæй, зæдау,
Йæ сæрыл — коронæ æвзистæй.
Йæ кондмæ, йæ фидауцмæ чи ‘рхæссид фау, —
Кæнынц ыл уæлæрвтæ дæр дистæ.
Уыраугæ хур калы зæрин цæхæр — цас! —
Нæ йæм хъары, оххай, йæ узæлд, йæ тавс.
1803
Бертæйы монолог
(Драмæ «Вильгельм Телль»-æй)
Фыдыбæстæйæ уарзондæр цы ис?
Сæрбахъуыды æфхæрд æмæ мæгуырæн
Йæ фарсмæ балæуу, басгуых ын нæртон уарт, —
Гъеуый у, гъе, лæджы аккаг уæздан хæс.
О, хъизæмар... Мæ зæрдæ мын æвзоны
Уæ адæмæн йæ худинаг, йæ сау бон.
Æз йемæ удхар, утæхсæн кæнын.
О, уарзын æй — фæлмас у, фæлæ царддых,
Хæларзæрдæ. Мæ удуидæгтæй баст дæн
Уæ адæмимæ. Гормæттæ, сымах та
Цы ми кæнут? Ныууагътат æй тыхы бон.
Æмдзæхдон систут уе знагимæ, ныр
Тыхгæнджытимæ аразут мæнгардæй
Уæ дзыллæйæн хъадамантæ, рæхыстæ,
Мæ маст æхсиды. Ме ‘нæуынон фестут,
Йæ кад, йæ намыс чи нывзылдта цъыфмæ!
1804
ШИЛЛЕРЫ ХЪУЫДЫТÆЙ
* * *// Мах дуг.– 2009.– № 11.
***НОГ &aAElig;НУСЫ КЪÆСÆРЫЛ
Нæй бынат æхцон цардæн нæ зæххыл,
Нæй сæрибар арвы бын лæгæн!
Ивгъуыд дуг нæ бафтыдта фыдæхыл,
Ног æнус нæм тугвæдыл цæудзæн.
Хорз æгъдæуттæй баззади сыгъдæттæ,
Адæмы фарн — хæлд æмæ ыссæст;
Тугæй фурды схъулон кодтой дæттæ,
Иу хуыцау дæр нал уромы хæст.
Бампылди дыууæ адæмыл бæстæ,
Тохыл хъарынц хотыхтæй сæхи,
Уарынц зæхх — ныккодтой йæ гæбæзтæ,
Ныр кæнынц сæрибарæн тыхми.
Калы дуне стыр хъалон сæ разы,
Мулк сæ скодта хъал æмæ мæнгард.
Тых — закъон, рæстæвзарæн тæразыл
Бреннау франк æрæвæрдта йæ кард.
Бриттæ стыхтой сау зæххыл бæндæнтæ,
Фурд кæны сæ нау-дзыгуыртæй быр, —
Бацахстой Донбеттырты хæтæнтæ,
Дарынц сыл сæхи дуæрттау гуыдыр.
Тар хъæд æмæ сакъадæхтæ сгарынц,
Агурынц æрфæныл дæр тæлæт;
Арвгæрон хæтынц, фæлæ нæ арынц
Арвы бын æнцой æмæ дзæнæт.
Хуым æфсир кæм æфтауы æдзух дæр,
Лæг кæм цæры буц æмæ фæрнæй,
Цард кæм у зæрин дугæй рæсугъддæр,
Ахæм бæстæ мах картæйыл нæй.
Сты æгæрон фурд дæр æмæ сур дæр,
Чи скæндзæн сæ арæнтæм фæндаг!
Зæхх — уæрæх, нæ йыл æххæссы хур дæр,
Нæу уæддæр дæс амондджынæн фаг.
Цæр æнцад, дæ сыгъдæг уд — дæ бæстæ,
Уым нæ уыдзæн талф-тулф æмæ хæст.
Фидауцыл кæнæм æрмæст ныхæстæ,
Ис сæрибар рухс сæнтты æрмæст.
// Мах дуг.– 2003.– № 9.