Дугътæ
Барджытæ — цæргæстæ, дугъæттæ — æртытæ.
Цæфхæдтæ рæдувынц сау зæххæй фæрчытæ.
Аззайы цъæх фæздæг æртытæн сæ фæстæ,
Акæлы цæхæртæ барæгæн йæ цæстæй.
Иу зæронд лæг аджих, атахтис йæ сæнтты:
Ахастой йæ дардмæ рагбонты хæтæнтæ...
Барджытæ — цæргæстæ, дугъæттæ — æртытæ.
Цæфхæдтæ рæдувынц сау зæххæй фæрчытæ.
Чи ’рцæудзæни разæй, чи ’рхæсдзæн уæлахиз? —
Æтт, лæппу, дæ арæхст уарзон чызгæн равдис!
Утæхсæн ыл бафтыд, бакæс-ма йæм уæртæ:
Арт-æфсургъты тахтмæ скатай ис йæ зæрдæ.
А тохы уæлахиз бауыдзæн уæ иуы,
Ссудз уæдæ дæ хурæн цины арт йæ риуы!
Куыдз
Фæкодта уый æнувыдæй лæггад,
Дæс азы уыд йæ хицауæн хæдзаргæс,
Ныр æй æрхъуыди бафидын фæстаг хæс,
Æрæмбæрста: æрхæццæ ис йæ рад.
Уый хуры скастмæ нал фæлæууыд, нал,
Сæркъулæй цыд, йæ цæстысыгтæ тагъта:
Кæркуасæнты йæ къæсæртæ ныууагъта,
Цæмæй йæ кæрты ма ’рцахса адзал.
ФАТАОНТЫ Уариганы тæлмацтæ
Мах дуг.– 2008.– № 4.