logo

М О Я    О С Е Т И Я




Марк Твен
зындгонд америкаг фыссæг
(1835 – 1910)

 

Нæрæмон сэмюэл

Разагъды америкаг фыссæг Марк Твены райгуырдыл ацы аз æххæст кæны 175 азы, йæ амардыл та — 100.
Мæнæ йæ царды хабæрттæй цалдæр.
1835, 30 ноябрь. Миссурийы штаты Флоридæйы хъæуы райгуырди Семюэл Ленгхорн Клеменс — фидæны Марк Твен. «Флоридæйы хъæуы уæд уыди сæдæ адæймаджы, æмæ сын æз сæ нымæц иу процент фылдæр фæкодтон. Ахæм сгуыхтæй алкæцы историон архайæджы бон нæу раппæлын», — хъазгæмхасæнты фыста Твен.
1839. Клеменстæ ралыгъдысты Ганнибалы сахармæ.
1850. Семюэлы фыццаг литературон уацмыстæ фæзындысты бынæттон газеты.
1853 — 1861. Семюэл куыста лоцманæй.
1862. Куыста сызгъæрин амалгæнæн маданы.
1863. Йæ уацхъуыдты бын æвæрын райдыдта фæсномыг-псевдоним «Марк Твен».
1867. Фыссæг æрбацыди Нью-Йоркмæ. Рухс федта йæ радзырдты чиныг «Цыппæрвадыгæй чи уайы, уыцы хæфс».
1869. Рухс федта йæ чиныг «æнæхин адæймæгтæ фæсарæнты».
1870. Твен ракуырдта Оливия Ленгдоны. «æз ахæм амондджын дæн, — фыста фæстæдæр, — æмæ дзæгъæлы цы дæс æмæ ссæдз азы фесæфтон, уыдоныл куы ахъуыды кæнын, уæд мæ зæрдæ сриссы. Хуыцау мын дзыхъхъынногæй цæрын райдайыны фадат куы раттид, уæд мын дæндæгтæ дæр нæма разаид, стæй тæбæгътæ сæттынхъом дæр нæма уаин, афтæмæй ус ракурин».
1871. Твен æрцарди Хартфорды (Коннектикуты штат).
1876. Мыхуыры фæзынд йæ уацау «Том Сойеры хабæрттæ».
1882. Мыхуыры фæзынд йæ уацау «Принц æмæ мæгуыргур».
1885. Мыхуыры фæзынд йæ роман «Гекльберри Финны хабæрттæ».
1895 — 1896. Цæмæй йæ хæстæ бафида, уый тыххæй йæ бахъуыд æхца бакусын. æмæ абалц кодта дунейы алы бæстæтæм — касти лекцитæ.
1907. Фыссæг ссис Оксфорды университеты кадджын доктор. «æз дунемæ рантыстæн Галлейæ-кометæимæ, — фыста Твен. — Уый ногæй куы фæзына, уæдмæ фæцæрын мæ фæнды, цæмæй ацы мæнг дунейæ иумæ ацæуæм».
1910 азы 24 апрель. Марк Твен амард. Арвыл та ногæй æрттывта Галлея-кометæ.

 

Марк ТВЕН 

Ньарчы мæ куыд афæлывтой

Адæймагæн къæмдзæстыджы хос чи у, ахæм хабæрттæ йыл куы ‘рцæуы, уæд сæ искæмæн радзура, уый йæ нæ фæфæнды. О, фæлæ сæ куы радзуры, уæд та йæ тыппыртæ суадзы æмæ йын бæлвырд фенцондæр вæййы. Ацы цау дæр адæмы рæгъмæ уый тыххæй хæссын, цæмæй мæ уды хъынцъым иуцасдæр фæрогдæр уа. Уæвгæ мæ, чи зоны, дзурыныл æндæр адæймаджы æдзæсгом ми бафтыдта, мæхи мæт мæ афтæ тынг нæ уыди… æвæццæгæн ма уæ зæрдыл лæууы, æрæджы Ньюарчы фæсивæдæн лекци кæй кастæн, уый. Лекцийы агъоммæ ныхас кодтон иу æрыгон лæппуимæ æмæ мын афтæ, мæ мадыфсымæр, дам, æвирхъау уавæры бахауд — æппындæр, дам, ницыуал æнкъары. Лæппуйæн йæ цæстытæ доны разылдысты, афтæмæй мын дзырдта:
— Ехх, искуы ма мæ мадыфсымæры худгæйæ куы фенин! Ехх, искуы ма йæ уæд та кæугæйæ фен!
Мæнмæ лæппуйы ныхæстæ бахъардтой. Искæй зæрдæйы маст мын тынг зын вæййы. æмæ загътон:
— Дæ мадыфсымæры ма мæ лекцимæ æрбахон. æз ын хос скæндзынæн.
— Гъæй-джиди, уый дæ къухы куы бафтид! Уый дæ къухы куы бафта, уæд нæ бинонтæ иууылдæр дæ цæрæнбоны тыххæй не Сфæлдисæгмæ кувдзысты — афтæ бирæ уарзæм нæ мадыфсымæры! О мæнæ хорз лæг, ау, схудын æй кæндзынæ? Ау, йæ хус уадултыл ын цæссыгтæ фендзыстæм?
О, тынг мæм бахъардтой лæппуйы ныхæстæ. æмæ йын фидарæй загътон:
— Мæ хъæбул, æрбахон мæм уыцы æнамонд зæронд лæджы. Мæ лекцийæн ахæм анекдоттæ бацæттæ кодтон, æмæ кæд дæ мадыфсымæрæн йæ худындзæг бынтон нæ бахуыскъ, уæд æнæмæнг бахуддзæн. Йæ бахудын кæнын мын куы нæ бантыса, уæд мæм æндæр диссæгтæ дæр разындзæн, æмæ ма кæдæм ирвæздзæн ­— йе йæ кæуын бахъæудзæн, йе та мæлын.
Лæппулæджы арфæтæ мыл ныггæр-гæр ластой, йæ цæссыгтæ нал баурæдта, афтæмæй мыл йæ цæнгтæ ныттыгъта, стæй йæ мадыфсымæрмæ азгъордта.
Зæронд лæджы сбадын кодта бæрæг бынаты, дыккаг рæнхъы, æмæ æз дæр мæ куыстмæ бавнæлдтон. Раздæр уал дугъы ауагътон рогдæр анекдоттæ, стæй — уæззаудæртæ. æвзæр анекдоттæ йыл ихуарæгау ныккалдтон, хæрзтæй та йæ рæхойгæ кодтон. æхстон æй зæронд, урсбоцъо анекдоттæй, ногтæн та-иу сæ фындзтыл цывзы дæр айзæрстон, афтæмæй йыл сæ фæд-фæдыл æнауæрдонæй уагътон. Мæ удæй арт цагътон, мæ сурхид акалди, ныффæсус дæн, ферхæцыдтæн-иу, сæрра уæвынмæ мæ бирæ нал хъуыди, мæстæй дæр сыгътæн, уæддæр зæронд лæг къæрттæй цъула не ‘ппæрста. Цыма айнæгдур уыди — цæссыг дæр дзы нæ рахъардта, худæзмул дæр ыл нæ фæзынд. Афтæ, гъе! Цæссыджы мур дæр æм нæ разынди, мидбылхудты æнгæс исты дæр! æз дисæй амардтæн. Удаистæй баззадтæн. Мæ лекцийы кæрон ма, а дунейыл æмбал кæмæн нæй, ахæм диссаджы анекдот тæхгæ-нæргæ аскъæрдтон, стæй мæ бынаты сбадтæн — хъаруйы мур мæм нал баззад.
Клубы хицау мæм æрбацыди, мæ сæр мын уазал донæй схуылыдз кодта æмæ загъта:
— Фæстаджырдæм æгæр авнæлдтай, нæ уазæг.
­— Уартæ дыккаг рæнхъы цы зæронд хæрæг бады, уый бахудын кæнын мæ фæндыд.
Уый мын афтæ:
— Уæдæ бынтон дзæгъæлы фесæфтай дæ рæстæг: уый къуырма у, стæй къуытты æмæ, хæлынбыттырау, куырм!
Ныр ма мын зæгъут, уæ хорзæхæй, уыцы зæронд лæджы хойы лæппу хорз бакодта, æнæзонгæ адæймаджы, стæй бынтон сидзæры кæй афæлывта, уымæй? Хæлары куыд фæрсай, афтæ ма уæ иу хатт фæрсын: уыцы лæппуйæн уый чердыгон ми уыди?

 

Фондз лæвары

I

æрыгон уд куыддæр йæ царды фæндагыл æрлæууыд, афтæ йæм æртахти хæларзæрдæ зæд. Йæ къухы уыди чысыл лагъз.
— Мæнæ дын мæ лæвæрттæ, — загъта зæд. — Иу дзы райс, иннæтæ уадз. Фæлæ равзарыны размæ хорз ахъуыды кæн, цæмæй ма фæрæдийай, уымæн æмæ дзы ахъаззаг æрмæстдæр иу лæвар у.
Лæвæрттæ уыдысты фондз: Кад, Уарзондзинад, Исбон, æхцондзинад, Мæлæт. Лæппу æрхъæцмæ дæр нал фæхъæцыди, фæлæ æвиппайды сдзырдта:
— æмæ ам хъуыды кæнинагæй цы ис?
æмæ равзæрста æхцондзинад. Уыцы лæваримæ ацыд æмæ, алы адæймаг дæр æрыгонæй куыд фæкæны, афтæ йæ мондæгтæ иста, йæ зæрдæйы дзæбæхæн æрвыста йæ бонтæ, цæвиттон, йæ цардæй хъулау хъазыди. Фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста, тыхсын байдыдта, бамбæрста, йæ митæ æнæсæрфат, тутт кæй сты, цард дзы йæхæдæг кæй хъазы, гæды мыстæй куыд хъаза, афтæ. Фæсмон æм æрцыд æмæ йæхицæн загъта:
— Мæ бонтæ доны къусы сæфт фæкодтой. Фæлæ ма мын, ехх, ногæй равзарыны бар куы уаид, уæд зондджындæр разынин, бæргæ.

 

II

Уæд та йæм зæд ногæй æртахт æмæ йын афтæ:
— Ацы лагъзы ма цыппар лæвары баззади. Равзар та ногæй, фæлæ дæ зæрдыл дар — о, ма ферох кæн! — рæстæг тагъд тæхы, лæвæрттæй та æрмæст иу у ахсджиаг.
Лæг бирæ рахъуыды-бахъуыды фæкодта, стæй равзæрста Уарзондзинад. Гъе, фæлæ хæларзæрдæ зæды цæстытæ доны кæй разылдысты, уый нæ бафиппайдта.
Бир-бирæ азты фæстæ та йæ афтид хæдзары зыбыты иунæгæй марды чырыны цур бадт æмæ та йæхицæн дзырдта:
— Иу иннæйы фæдыл цыдысты мæ цурæй; ныр мæнæ чырыны хуыссы мæ фæстаг, мæ ахсджиагдæр уарзондзинад дæр. Иу бæллæх иннæйы æййæфта; ацы мæнгард, фыдæхзæрдæ Уарзондзинад мын-иу амонды иунæг сахат рауæй кодта, æз та йын фыстон маст æмæ фыдохы мингай сахæттæй. Мæ фыдæлгъыст йæ фæдыл æфтыд фæуæд!

 

III

— Иу хатт-ма равзар! — ногæй та загъта зæд. — Азтæ дын дæ сæры хъуамæ зонд бауагътаиккой. æртæ лæвары ма мæм баззади, фæлæ дзы æрмæстдæр иу у аккаг, — уыдæттæ дæ зæрдыл дар æмæ та ма фæрæди.
Хъуыдыты та аныгъуылди лæг, стæй боныфæстагмæ равзæрста Кад. Зæд арф ныуулæфыд æмæ атахти.
Дзæвгар азтæ рауад, афтæ та ногæй фæзынд æмæ æрлæууыд, изæрмилты зыбыты иунæгæй чи бадт æмæ сагъæсты уæзæй чи ныггуыбыр, уыцы лæджы фæстæ. Йæ сагъæстæ цæуыл сты, уый зæд хорз æмбæрста.
«Мæ ном дун-дунетыл ныхъхъæр, адæм мæн стауынæй æндæр нал уыдысты, æмæ мæм исдугмæ афтæ фæкасти, цыма уый иттæг хорз у. Фæлæ, æвæдза, цæй цыбыр уыд уыцы дуг! Уалынджы фæзынди хæлæг, уый хæд фæстæ — фыдгойтæ, хахуыртæ, æнæуынондзинад, стæй — æфхæрдтытæ, хынджылæг, судзины рæхуыстытау, æлхыскъ ныхæстæ. æппынфæстаг фæзынди тæригъæд, тæригъæд та кадæн ингæн у. О, куыд тæригъæддаг æмæ маройаг у номдзыды хъысмæт! Кады цъуппыл бадгæйæ йыл хахуыртæ цъыфуарæгау фæкæнынц, цъуппæй куы рахауы, уæд та йæ былысчъилты æмæ тæригъæды азар басудзы».

 

IV

— Цы чындæуа, равзар ма иу хатт, — райхъуысти зæды хъæлæс. — Дыууæ лæвары ма мæм баззади. Дæхимæ хъусынтыл цы фæдæ? Лæвæрттæй райдайæны дæр æрмæстдæр иу уыд ахсджиаг. æмæ уый нырма ам ис.
— Исбон, — загъта лæг. — Исбон дæм куы уа, уæд паддзахы бынат дæр дæу уыдзæни! Мæ сæр мын рачындæуа — абоны онг, æвæдза, куырм уыдтæн! Ныр мæм амонд йæ мидбылты бахуддзæни, — царды сой дойныйæн нуаздзынæн, ме ‘хцатæ цы фæкæнон, уый нал уыдзæни, мæ сызгъæринты æрттывдæй адæмы цæстытæ тартæ кæндзысты. Йе ‘нæуынон кæмæн уыдтæн, чи мыл худти, уыдон уаллæттау мæ цуры хилдзысты, æз сæм уæле дæлæмæ кæсдзынæн, æмæ ме ‘ххормаг зæрдæ сæ ницæйагдзинадмæ кæсынæй бафсæддзæн. Дунейыл хæзнайы мыггагæй цыдæриддæр ис — мæ къухы уыдзысты, цинæй, хорзæхæй, уды æмæ буары фæндиæгтæй мæ мондæгтæ уадздзынæн. æлхæндзынæн намыс, кад, стауæнтæ-æппæлæнтæ. Цæвиттон, царды æмтъеры базары мæхицæн пайдайагæй цы уынон, уыдон иууылдæр мæ къухы æфтдзысты. Мæ размæ сæвæрдзынæн хæс: æлхæнгæ, æлхæнгæ æмæ æлхæнгæ! Бирæ бонтæ-азтæ фесæфтон дзæгъæлы, æцæг лæвар равзарын кæй нæ базыдтон, уый фыдæй, фæлæ уыцы дуг аивгъуыдта. Сайд мыл нал æрцæудзæни, раздæрау æнæфенд нал дæн…
æртæ азы æртæ бонау атахтысты. æмæ ныр мæнæ лæг йæ мæгуыр къæсы, уазалæй гæв-гæвгæнгæ, бады, цæсгом — æнцъылдтæ, хуызы цъыртт дзы нал и, рустæ бахаудтой, цæстытæ — æгъуыз, мынæг æрттывд ма кæнынц. Буар — бызгъуырты тыхт. Бады лæг, хус къæбæр æхсыны æмæ йæ дыгъуыл-дыгъуыл хъуысы:
— Бæстыл хорзæхы мыггагæй цыдæриддæр ис — сыгъд ссæуæд се ‘ппæтыл дæр, уымæн æмæ сызгъæриндоны тылд мæнгтæ-сайæнтæ сты, адæймагæй хъазæнхъул саразынц. Алкæмæн дæр дзы йæ ном мæнг у. Стæй сын лæвæрттæ схонæн дæр нæй — æрмæстдæр сæ рæстæгмæ, хи ахъал кæнынæн рардæуы. Уарзондзинад, æхцондзинад, Кад, Исбон — уыдон царды æцæгтæн уæлæфтауы, дарæсы хуызæн сты. Царды та Маст, Рис, Худинаг æмæ Мæгуырдзинадæй æцæгдæр ницы ис. Зæд мын раст дзырдта: æппæт лæвæрттæй æрмæст иу уыд ахсджиаг, тутт æмæ ницæйаг кæмæй нæ зæгъдзынæ, ахæм. О, нырма ныр бамбæрстон, иннæтæ бынтон ницытæ ‘мæ мацытæ кæй уыдысты, уый. Амæн та аргъ нæй, æппæтæй фæрнджындæр, хæларзæрдæдæр, арфæйагдæр, табуйагдæр у. Уый нæ ахоны, фынтæ кæм нæй, ахæм æнусон дунемæ, нæ зонд, нæ уд, нæ буар нын хъизæмарæй чи фæмары, уыцы утæхсæнтæй, рисæй мастæй, худинагæй нæ чи бахизы. Курын дæ, кувын дæм: ратт мын æй! Бастадтæн, мæ фæллад суадзын мæ фæнды.

V

Зæд æрбатахт æмæ та йемæ æрбахаста цыппар лæвары, фæлæ се ‘хсæн Мæлæт нæ разынд. æмæ зæд загъта:
— Уыцы лæвар æз дзидзидай сабийæн радтон, мады чысыл хурæн. Уый ницыма æмбæрста æмæ лæвар ракæнын мæныл баууæндыди. Ды та, цы дæ хъуыд, уый дæхæдæг æвзæрстай.
— О, цæй æнамонд дæн, цæй æнамонд! Уæдæ ма мын а дунейыл цы баззади?
— Суанг цыфыддæр знагæн дæр зæрдæ кæй нæ зæгъдзæн, уый — Зæрондыбонтæ!

 

Марк Твены базырджын ныхæстæ

                                               * * *
Амонд алкæмæн дæр йæ царды бонты йæ дуар иу хатт уæддæр бахойы, фæлæ уыцы сахат бирæтæ сæндæтты фæбадынц æмæ дуары хост, ай-гъай, нæ фехъусынц.

                                               * * *
Хынджылæг кæнынмæ æмхиц чи у, уыдонæн суанг сæ ницæйагдæртæ, се ’дылыдæртæ дæр цыфæнды хорз, анæаипп удысконды дæр бабын кæндзысты. Райсæм мæнæ хæрæг. Йæ уаг, йæ миниуджытæм ын аипп зын æрхæссæн у, зондæй та ахæм у, æмæ иннæ цæрæгойтæ йæ разы рыг дæр нæ калынц, Фæлæ йыл фыдæй-фыртмæ былысчъилтæ кæй чынди, худгæ йыл кæй кодтой, уый йæ цæмæ ’ртардта, уымæ-ма бакæсут.
Хæрæг нæ куы рахонынц, уæд-иу хъуамæ нæхицæй ныббуц уаиккам, мах та мæстæй ссудзæм, йе та тæргай фæвæййæм.

                                               * * *
Хуыцау æдылыты æмæ сабиты хъахъхъæны. Афтæ нын дзуры фыдæлты æмбисонд. Уый иттæг раст у. æз æй бæлвырдæй зонын, уымæн æмæ йæ мæхиуыл бавзæрстон.

                                               * * *
Уымæн йе ‘дылыдзинад афтæ дæрдтыл æххæссы, æмæ йæ зæххы къорийыл цыппар хатты æртух, уæд ма дзы балхыскъ кæныны фаг дæр баззаид.

* * *
Адæм иууылдæр хъæздыг куы уаиккой, уæд иууылдæр мæгуыр уаиккой.

* * *
Банкир ахæм адæмы мыггагæй у: хур бон дын зонт ратдзæни, стæй куыддæр уарын райдайа, афтæ дын æй байсдзæни.

* * *
Афæдзы размæ дæр ма æз æгъдауыл хæст, хæрзгæнæг уыдтæн. Ныр та? Нью-Йоркаг царды нывтæ, æгъдæуттæ куы федтон, уæд ма мæм æфсарм цас аззад, уый зонут? Миллионермæ цас ис, раст уый бæрц.

* * *
Гæды тæвд къæйыл иу хатт куы ‘рбада, уæд æм дыккаг хатт æввахс дæр нал бацæудзæн — æмæ раст бакæндзæни. О, фæлæ уазал къæйыл дæр нал æрбаддзæн.

* * *
Куы смæсты уай, уæд цыппары онг анымай. Тынг куы смæсты уай, уæд та æлгъитгæ ракæн.

 

* * *
Иу гуырысхойаг æппæлдмæ байхъусынæй дæс уайдзæфмæ байхъусын æнцондæр у.

* * *
Тамако ныууадзынæй æнцондæр хъуыддаг нæй, — æз æй дæс æмæ ссæдз хатты ныууагътон.

* * *
Марк Твен нæ уарзта, йæ пунктуаци йын-иу кæй рæстытæ кодтой, уый. Йæ иу ахæм растгонд къухфыст куы каст, уæд афтæ загъта:
— Хуыцау æппæты фыццаг адæмы сфæлдыста, уый фæстæ — бынтон сæрхъæнты. Боныфæстагмæ йæм фæлтæрддзинад фæзынд æмæ уæд та корректорты сфæлдыста.

* * *
Хуыцау цы сфæлдыста, уыдонæй æппæты уæздандæр чи у. — Адæймаг.
Ахæм хъуыдымæ чи ‘рцыдис? — Адæймаг.

* * *
Адæймаджы сфæлдисын — хорз æмæ оригиналон хъуыды уыди. Фæлæ ма уый фæстæ фыс фæлдисын цæмæн хъуыди — куы ницы хъауджыдæр сæ ис?

* * *
Адæймаджы адæймаг куы сфæлдыстаид, уæд æм худинаг æркастаид, ай бынтон ницæйаг куыстытæ куы бакодтон, зæгъгæ.

* * *
Мах рæстæджы æррадæттæм тæрæн ис æрмæстдæр зондæй æххæст, æнæниз адæмы. æрраты уырдæм ласын куы райдайат, уæд ма уæ бирæ бæстыхæйттæ аразын бахъæудзæн, æмæ уæм æрмæг фаг нæ разындзæни.

* * *
Бурдзалыг лæг бæрзонд бынат куы фæахсы, уæд æй «сызгъæрин цокораджын» фæхонынц.

* * *
Адæймаг дарæсæй фидауы. Мадард бæгънæг адæймæгтæ царды тынг нæ ахадынц, растдæр зæгъгæйæ та — ницы ахадынц.

* * *
Дуне афтæ арæзт у, æмæ адæймаг иу хъуыддагæй куы сæдыхст вæййы, уæд иннæ хъуыддаг йæ уæлхъус алæууы.

* * *
Ацы адæймаг зындгонд у æрмæстдæр иу хъуыддагæй: ахæстоны кæй нæ бадт, уымæй, фæлæ цæуылнæ бадт, уый ничи зоны.

* * *
Зæххы уæлцъарыл ацы адæймаг æппындæр ницы пайда хæссы; ай хъуамæ зæххы бын уа — цæмæй къабускайы разæнгард кæна.

* * *
— Ау, гаремы кой никуы фехъуыстай? Солæман-паддзахмæ дæр уыди гарем. Йæ устыты нымæц та милуанмæ схæццæ.
— Хæрзаг йæ сывæллæтты хъæр-хъæлæбайæ хъустæ къуырма кодтой. Уæдæ йæ устытæ дæр æнæ загъдгæнгæ кæм уыдаиккой, æвæццæгæн, сæ хъæрахст арвы бын нæ цыди. Афтæмæй Солæманæй цытæ дзурынц — дун-дунетыл, дам, уымæй зондджындæр нæ уыд! Мæн уыдæттæ никуы бауырндзысты. Зондджын лæг ахæм æррадоны куыд хъуамæ цæра! Зондджын лæг хъуамæ бавдæла æмæ сараза агтæгæнæн завод. æнцад-æнцойæ цæрын æй куы бафæнда, уæд та ногæй бавдæлæд æмæ уыцы завод сæхгæнæд.

* * *
Нельсон дæс мин æхсæнкъæй фæтарстаид, фæлæ иу æхсæнкъ дæс мин Нельсонæй нæ фæтарстаид.

* * *
Оптимист: Никуыйы бæстæйæ Ницыйы бæстæмæ амондагур чи цæуы, уыцы адæймаг.

* * *
æрыгон пессимистмæ кæсынæй æнкъарддæр ныв нæй, зæронд оптимисты куы нæ нымайай, уæд.

* * *
Цыппæрдæс азы мыл куы цыд, уæд мæ фыд ахæм æнæзонд уыд, æмæ йæм зынтæй фæрæзтон кæсын. Фæлæ мыл иу æмæ ссæдз азы куы сæххæст, уæд дисæй амардтæн — авд азмæ, зæгъын, мæ фыд афтæ зондджын куыд ысси!

* * *
æрыгондæр ма куы уыдтæн, уæд мæ зæрдыл лæууыд алцы дæр — цы уыд, уый дæр æмæ, цы нæ уыд, уый дæр. Ныр зæронд кæнын байдыдтон æмæ ма рæхджы мæ зæрдыл дардзынæн, цы нæ уыд, æрмæст уыдæттæ.

* * *
Ай æнæмæнг президент уыдзæни. Кæд æй уый агъоммæ не ‘рцауындзой, уæд.

* * *
Хорз лæг, дæ цæстытыл ма ауайын кæн, цыма зондæй цух дæ. Ныр та дæ цæстытыл ауайын кæн, цыма конгрессмен дæ. Уæвгæ уыцы иу хъуыды дыууæ хатты цы дзурын?

* * *
Хæстон министр фæстауæрц кæнынмæ афтæ дæсны у, æмæ йæм афæдзмæ дыууадæс мин доллæры æрæмбырд, афтæмæй йæ мызд аст мины йеддæмæ нæу.

* * *
Дыууæ æрыгон къæрныхы Твены хæдзарæй æвзист уидгуытæ-йедтæ адавтой. Фæлæ сæ уайтагъд æрцахстой. Пъæлицæйы хæдзары сын Твен афтæ бафæдзæхста:
— Лæппутæ, уе ‘дылы зондæй уыл цы бæллæх æрцыд, уымæ-ма кæсут: Бриджпорты ахæстоны фæбаддзыстут, уырдыгæй та уæ фæндаг комкоммæ Иугонд Штатты сенатмæ у. Цыбыр дзырдæй, хорз фидæнмæ ма ‘нхъæлмæ кæсут.

* * *
æппæт политикон партитæ дæр боныфæстагмæ амæлынц — сæ мæнг ныхæсты малы фæхуыдуг вæййынц.

* * *
Рæстдзинады аккаг чи нæу, уыдонæн рæстдзинад макуы дзур.

* * *
Иудадзыг рæстытæ чи дзуры, ахæм адæймагимæ фæцæрын никæй бон бауид. Хуыцауæй разы: махæй иуæн дæр ахæм хъуыддагæй тас нæу.

* * *
Цы хæзнатæ нæм ис, уыдонæн сæ ахсджиагдæр у рæстдзинад. Уæдæ йæ хардз кæнæм, фæстауæрц кæнгæйæ.

* * *
Нæлгоймаг дын афтæ куы дзура, мæ хæдзары æз хицау дæн, зæгъгæ, уæд æй зон: уый иннæ хæттыты дæр сайгæ фæкæны.

* * *
Фыдæлтæй ахæм ныхас баззади: «Сабитæ æмæ æдылытæ æдзухдæр рæстытæ фæдзурынц». Цæвиттон, стыртæ æмæ зонджынтæ раст никуы фæдзурынц.

* * *
Индийы дыууæ милуан хуыцауы ис, æмæ се ‘ппæтмæ дæр куывдæуы. Иннæ бæстæтæ динтæй афтæ мæгуыр сты, æмæ сын сæмпæрчъитæ схонæн ис. Инди та миллионер у.

* * *
«Райсом раджы чи фесты, уымæн Хуыцау дæтты». Ацы æнæсæрфат æмбисонд хорз зондыл нæ ардауы. Иу зонгæ мын уыд. Сфæнд кодта æмбисондмæ гæсгæ цæрын. Боныцъæхтыл сыстад, æмæ йæ бæх зæвæтæй ныццавта.

* * *
«Раджы чи феста, уымæ хъарутæ, æхцатæ æмæ зонд æрбафтдзæни». Зонд æм куы ‘рбафта, уæд та раджы нал ыстдзæни.

* * *
Кувгæ-кувын сайгæ ничи кæны.

* * *
Стыр фыссæг дæ, зæгъгæ мæ куы загътой, уæд æрæнкъард дæн. Стыр фысджытæ мæлгæ кæнынц. Чосер амарди, Спенсер амарди, Мильтон амарди, Шекспир амарди, уæдæ æз дæр бынтон æнæниз нал дæн.

* * *
Хæрзгæнæг у, æмæ зыбыты иунæгæй баззайдзынæ.

* * *
Райсоммæ ма ‘ргъæв, иннæбон скæнæн цæмæн уа, уый.

* * *
1 АПРЕЛЬ. Афæдзы æртæсæдæ æхсай цыппар боны дæргъы цы стæм, уый нын апрелы фыццæгæм бон нæ зæрдыл æрлæууын чындæуы.

* * *
Дарæс куы райгуырд, уæд хæдæфсармдзинад амард.

* * *
Цæмæй дæ ныфс бацæуа, уый тыххæй искæмæн ныфсытæ авæр.

* * *
Мæ литературон хъысмæт æмбисонды цымыдисаг у. Мæ дæлгоммæ ныхæстæ уыйас гæды никуы уыдысты, æмæ сыл ма баууæндой. Уыйхыгъд, мæ раст ныхæстæ æппындæр никæй уырныдтой.

* * *
Радтой мын Кадджын легионы орден. æцæг, искуы-иутæй фæстæмæ йæхи никуыма ничи бахызта уыцы хæрзиуæг райсыны бæллæхæй.

* * *
Мæ чингуытæ дон сты, зындгонд гениты чингуытæ та — сæн. Дон алчи дæр нуазы.

* * *
æцæг хæлар дæ уæлхъус æрбалæудзæни, раст куы нæ уай, уæд. Раст куы уай, уæд та чифæнды дæр уыдзæни дæ фарсмæ.

* * *
æхцахъуаг куы уай, уæд-иу дæхи бакъул кæн æцæгæлонмæ, уынаффæхъуаг куы уай, уæд — дæ хæлармæ, куы ницы хъуаг уай, уæд та-иу бацу хионмæ.

* * *
Дæ фыдгул æмæ дæ хæлар æмвæндæй архайынц, цæмæй сæ цæф дæ тæккæ зæрдæсæр сæмбæла: сæ иу дæ фыдгой кæны, иннæ та дын уый ныхæстæ фæзмы.

* * *
Цæрæгойтæй æрмæстдæр адæймаджы цæсгом зоны сырх кæнын, æмæ йын уымæн æфсæнттæ дæр ис.

 

Марк Твены цардæй хицæн цаутæ

* * *
Марк Твеныл иу провинциалон комик уынджы амбæлд æмæ йын афтæ:
— Иу курдиат мæм ис дæумæ. Тынг æхсызгон мæ хъæуынц æхсæз хъæлдзæг хабары. Ма мын сæ бавгъау кæн, æмæ дын фондз доллæры ратдзынæн.
— Бахатыр кæн, æфсымæр, — дзуапп ын радта Твен, — фæлæ хъуыддагæй ницы рауайдзæни.
— Цæуылнæ?
— Цæуылнæ, куы зæгъай, уæд æз зыбыты мæгуыр дæн. Мæ дзыппы мын фондз доллæры куы ссарой, уæд ныффæрск уыдзысты, давгæ сæ акодтай, зæгъгæ. Иннæмæй та, дæумæ фондз хъæлдзæг хабары куы ссарой, уæд дæу дæр базылын кæндзысты, давæг дæ, зæгъгæ.

* * *
Иу хатт Марк Твен бахауди хъæздыг бинонтæм. Дзаг фынджы уæлхъус адæммæ рауади ныхас дзæнæт æмæ зындоны тыххæй, стæй йæ мæлæты фæстæ чи кæдæм бахаудзæн, уыдæттыл. Марк Твены дзыхæй иу дзырд дæр не схауди.
— Ды цæуылнæ исты дзурыс? — бафарста йæ æфсин.
Твен ын уыцы зæрдиагæй дзуапп радта:
— Мадам, ныббар мын. æгъдау мæ æрцахста æмæ хъуамæ цы дзурон? Хъуыддаг афтæ у, æмæ мын дзæнæты дæр æмæ зындоны дæр бирæ хæлæрттæ ис.

* * *
Лондоны Твен бадтис, университеты профессортæ кæй скодтой, ахæм куывды. Иу афон чидæр ракъахта ныхас: цымæ уæддæр Шекспиры пьесæтæ чи ныффыста — Шекспир æви Фрэнсис Бэкон. Фæстагмæ Марк Твены дæр бафарстой, ды та куыд хъуыды кæныс, зæгъгæ.
— Мæ бон уын дзуапп раттын нæма у, цалынмæ дзæнæтмæ бахауон æмæ Шекспирæн йæхи бафæрсон, уæдмæ, — загъта фыссæг.
Уæд Бэконы фарсхæцжытæй иу афтæ:
— Тæрсын, мистер, Шекспиры дзæнæты куы не ссарай, уымæй.
— Гъемæ йæ уæд та ды бафæрсдзынæ, — ныхас балхынцъ кодта Марк Твен.

* * *
Иу банкирæн уыд авджын цæст, сарæзта йын æй парижаг дæсны. Банкир уыцы цæстæй афтæ буц уыд, æмæ Твенæн бакой кодта, куы, дам, базонай, æвæргæ цæст кæцы у, уый уæд, дам, дын фондз мин доллæры ратдзынæн.
— æмæ уый цас базонинаг у? — æвиппайды дзуапп радта Твен. — Дæ галиу цæст. Адæймаджы миниуджытæ æрмæстдæр уырдыгæй зыны.

* * *
Твен ахæм хабар ракодта.
æмбисæхсæв райхъал дæн. Дыууæ сахаты бæрц фæудхар кодтон, стæй сыстадтæн. Зыбыты талынг уаты мæ дарæс агурын райдыдтон, гæдыйау æнæуынæрæй цыдтæн, афтæмæй: тарстæн, мæ цардæмбал Ливийы куы райхъал кæнон, уымæй. Иу цъындайæ фæстæмæ æппæт дзаумæттæ дæр ссардтон. Мæ цыппæртыл рабыр-бабыр кæнын цъындаагурæг. Сахаты ‘рдæджы фæстæ йыл фæхæст дæн. Фырцинæй уайсахат мæ къæхтыл алæууыдтæн æмæ доны дурын æмæ, æхсæнтæдон кæм уыд, уыцы тас афæлдæхтон. Ливи фесхъиудта, йæ удаист хъæр райхъуысти:
— Чи дæ? Цы хабар у?
æз ын загътон:
— Ницы хабар. Мæ цъындайыл цуан кодтон.
Уый мæ афарста:
— æмæ йæ амардтай?

* * *
Твен-иу арæх фыста сынтæджы хуысгæйæ. Гъемæ йæ иу хатт ахæм уавæры æрбаййæфта йæ ус æмæ йын фехъусын кодта, цы репортеры, дам, хуыдтай, уый дæм æрбацыди.
— Хуыссæны дæ куы ‘рбаййафа, уæд аив нæу, — загъта ус.
— Кæд дæм, Ливи, аив нæ кæсы, уæд уымæн дæр уæртæ уым бауат кæн, — иннæ сынтæгмæ бацамыдта Твен.

* * *
Иу хатт Твен бацыди Нью-Йорчы чингуыты стырдæр дуканитæй иумæ.
— Марк Твены фæстагдæр чиныг мæ хъæуы, — дзуры уæйгæнæгмæ.
Уæйгæнæг хъуыдытыл фæци:
— Марк Твен? Ахæм нæ зонын. æмæ кæцы театры хъазы?
Ацы хабар-иу йе ‘мбæлттæн дзургæйæ Твен афтæ:
— Хуыцауæй разы, Нью-Йорчы иу ахæм адæймаг разынди, мæн чи нæ зоны.

* * *
1910 азы 3 апрелы, хуыцаубоны, Твен райста ахæм телеграммæ:
«Марк Твенмæ, Гамильтон, Бермудтæ. Цирчы клоунтæ Барнем æмæ Бейли дæу нымайынц дунейы тæккæ номдзыддæр юмористыл æмæ сын æхсызгон уыдзæни, хуыцаубоны, 3 апрелы сæм дыууæ сахатыл Мэдисон-сквер-гарденмæ уазæгуаты куы ‘рбацæуай, уæд. æнхъæлмæ кæсæм дæ дзуапмæ. Фидгæ йын нæхæдæг бакæндзыстæм. Барнем æмæ Бейли. (Дæс æмæ дыууиссæдз дзырдæн æхца фыст æрцыди)».
Твен сын дзуапп радта:
«Ивгъуыд къуыри мæ æппындæр нæ равдæлди. Бацæудзынæн уæм уый размæйы къуырийы, кæд разы стут, уæд. Марк Твен. (Фондз æмæ ссæдз дзырдæн æхца фыст æрцыди)».

Хъодзаты æхсары тæлмацтæ

// Мах дуг.– 2010.– № 4.

 


Зарубежная литература         Австрийская
        Астрид Кольмайер
        Георг Тракль
        Стефан Цвейг
       Американская
        Марк Твен
        Эзра Паунд
        Эдгар Аллан По
        Эмили Дикинсон
       Английская
       Афганская
        Шах Идрис
       Белорусская
       Венгерская
        Йожеф Аттилæ
        Шандор Петефи
        Балашши Балинт
       Индийская
       Ирландская
        Оксар Уайлд
        Уильям Батлер Йейтс
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
        Ам Бо
       Корейская
        Неизвестный автор
        Чо Хон
       Латвийская
        Аия Бриаака
        Аспазия
      Латинская
       Немецкая
       Норвежская
        Кнут Гамсун
       Персидская
        Омар Хайям
        Фирдоуси
       Польская
       Турецкая
        Хикмет Назым
       Французская
        Сент-Экзюпери Антуан де
        Экушар Лебрен
        Гишар
        Баур Лормиан
        Клод Мерме
        Сен-Желе
        Сенесе
        Жан Расин
        Колен Бюше
        Ла Моннуа
        Гийом де Бребеф
        Фор де Пибрак
        Д’асейи
        Теодор Дезорг
        Алекси Пирон
        Неизвестный автор


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Кудашева Р.
     Короленко В.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Литература народов Кавказа:
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
      Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.