logo

М О Я    О С Е Т И Я



ЗУБЕР ТХАГАЗИТОВ

Родился в 1934 году в г. Терек Терского района Кабардино-Балкарии. Окончил историко-филологический факультет Кабардино-Балкарского государственного университета. Работал главным редактором журнала «Эльбрус», ответственным секретарём Союза писателей КБР; председателем Правления Союза писателей. Автор более двадцати книг поэзии и книги литературно-критических статей. Член Союза писателей России. Лауреат премии ВЛКСМ КБАССР и Госпремии КБР. Народный поэт КБР. Награждён орденом «Знак почёта». Живёт в Нальчике.

ДЗЫРД

Ды - царды бындур, мадӕлон ӕвзаг, Дӕуӕй улӕфын цинтимӕ мӕ рыстӕй, Ӕвӕллайгӕ, ӕнӕрӕнцой мӕ уды дзаг Ӕз иунӕг дзырд фӕагурын мӕ тыхстӕй.
Бӕллиццаг дзырд, фӕндӕгтӕ йӕм нӕ арын, Куы мын вӕййы зын ӕрцахсӕн, фыдзонд. Куы йӕ зӕххон хӕстӕг диссагӕй хатын, Куы та фӕсудзы стъалыйау бӕрзонд.
Дзырдагур бирӕ арвы бын фӕхаттӕн, У алкӕмӕн йӕхи стъалы нывгонд. Ӕрцыд кӕрон мӕ ӕвзонг бонты азтӕн, Ӕрфысым кодта ме уӕхскыл «зӕронд».
Ӕндӕр хъысмӕтӕй риссаг уды бахиз. Мӕ хъизӕмӕрттӕй нал зонын сӕрфат: Кӕнӕ уыдзынӕн рохст дзырдыл уӕлахиз, Кӕнӕ ныссӕдздзӕн зӕрдӕйы йӕ фат.

НАНА

О, мӕ фӕлмӕн, Мӕ
уарзон нана! Ды иунӕг
дӕ, Рӕстӕджы азарӕй
Ахст дӕ, нана, Цӕмӕй
дын, Куыдӕй дын
Фӕсурон дӕ сагъӕс,
Ӕнцой мын нӕ дӕтты
Гъе уыцы тыхст хъуыды,
Нана!
Дӕу рӕстӕг,
Ӕгъатыр, сау рӕстӕг
Хъӕбулы хъӕбулмӕ
Нӕ уадзы нырма,
Нӕу дуркъул
Дӕ ахӕсты бынат, кӕс-ма,
Фыдбон азты фӕдтӕ
Ызгъӕр хызты быдау
Дӕ фӕлмӕн цӕсгомыл
Нӕ дуне 'мӕ де 'хсӕн лӕууынц.
Ызгъӕр хызы ӕдде дӕм
Мӕргъты зард хъуысы,
Дӕ зардӕн та райхъуысӕн нӕй.
Ӕзгъӕр хызы ӕдде
Митын гӕбынатӕ
Рог кафгӕ зилынц,
Фӕлӕ сӕ ныр нал у
Ӕрфӕзмын дӕ бон.
Цы нӕ зыны згъӕр хызы ӕдде!
Дӕ ӕвзонг, дӕ уалдзыгон азтӕ.
Фӕлӕ уын нӕй иумӕ фӕндаг.
Мӕ фӕлмӕн,
Мӕ уарзон нана!
Цӕмӕй дын у баххуыс мӕ бон?
Ӕвӕллайгӕ сагъӕс
Нӕ дӕтты ӕнцой.
Фӕнды мӕ, куы суаид мӕ бон
Дӕу суӕгъд кӕнын уыцы уацарӕй,
Фӕлӕ йӕ нӕ ахсы мӕ зонд.
Ӕнцондӕр - ӕрфӕлдахын
Иннӕрдӕм дуне.
Дзӕгъӕл у мӕ архайд.
Згъӕр хызы ӕдде
Цы нӕ ис, цы нӕ!
Уым - де 'взонг, дӕ ракӕнон азтӕ,
Фӕлӕ дӕм тӕргайӕ - сӕ каст.
Сӕ фӕндаг та - уалдзӕгмӕ, уарзтмӕ,
Дӕуӕн та дзы нал ис бынат.
Згъӕр хызы ӕдде
Хӕрз ӕрыгон мад
Куыд уарзы йӕ фыртимӕ хъазын.
Дӕ фырттӕ та?
Курын хатыр.
Кӕнын дын сӕ рухс нӕмттӕй
сомы. Фыдыбӕсты хӕстӕй сӕ
Нал раздӕхт иу дӕр. Лӕууын ӕз
Сӕркъулӕй сӕ ингӕнты
раз. Фыдбоны рӕстӕджы
Сындзтелы уацарӕй
У де суӕгъдыл мӕ архайд.
Фӕцӕуын, ӕрцӕуын
Ӕнӕбон, ӕдыхы цагъарӕй.
Дӕ иунӕджы цардмӕ -
Ӕгӕрон фӕндӕгтӕ,
Фӕстӕмӕ та - иунӕг ӕрмӕст.
У ахӕм дӕ хъысмӕт.
Нӕ йын ары хосгӕнӕг хос!
Дӕ иунӕджы царды дыуӕрттӕн
Ис бирӕ дӕгъӕлтӕ.
Ӕххормаг 'мӕ уазал,
Сыдӕймарӕг азтӕм
Фыдӕвзаг, нымудзын
Мӕ хахуырты мастмӕ.
Мӕ фӕлмӕн,
Мӕ уарзон, нана,
Йӕ диссаг та уый у,
Дӕ хъысмӕтӕй бузныг кӕй дӕн,
Цӕмӕндӕр мӕ 'рфӕнды,
Куы уаид раст афтӕ мӕ фӕндаг мӕнӕн.
Ӕз федтон: куыд амард ӕвзонг чызг...
Ӕз федтон: ныгӕнгӕ хӕрз саби...
О, цал ӕвзонг уды
Ӕгъатыр хӕст айста.
Ӕцӕгӕлон зӕххыл дзы цалӕй
Сӕ ингӕнтӕ ссардтой.
Мӕ фӕлмӕн,
Мӕ уарзон нана!
Нӕ мын дӕтты иу хъуыды 'нцой:
Цы саразын хъӕуы, цӕмӕй
Йӕ иунӕгдзинадӕй
Рӕстӕджы ахӕстӕй
Дӕ хуызӕн сыгъдӕг уд
Фервӕза 'рмӕстдӕр,
Куы бафсӕда кӕстӕрты хурӕй, гъеуӕд.

 

Перевел с русского языка Батрадз Касаев
См.: Мах дуг.- 2019.- №11.- Ф. 28-29.


Литература народов Кавказа
      Армянская
      Абхазская
        Абхазаг æмбисæндтæ
        Абхазаг таургътæ
        Агындиа Сергей
        Аджба Таиф
        Амаршан Витали
        Аламиа Геннадий
        Ажиба Энвер
        Гогуа Алыкса
        Джинджолия Владимир
        Искандер Фазиль
        Касландзиа Валери
        Квициниа Никъала
        Лагулаа Анатоли
        Лакербай Юри
        Ломиа Константин
        Мукба Анзор
        Хашиг Никъала
        Хашба Риммæ
        Хварцкия Игорь
        Чкадуа Шота
      Балкарская
        Амина Газаева
        Владимир Мокаев
        Кулиев Кайсын
        Муталип Беппаев
        Светлана Моттаева
        Хасан Шаваев
      Грузинская
      Дагестанская
        Аджаматов Аткай
        Ахмедов Мурад
        Гамзатов Расул
      Кабардинская
        Борис Кагермазов
        Мадина Хакуашева
        Зубер Тхагазитов
        Магомед Кудаев


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.