logo

М О Я    О С Е Т И Я



Пушкин Александр Сергеевич
(1799 – 1837)

СОНЕТ

Scorn not the sonnet, critic.
Wordsworth. 1 

Суровый Дант не презирал сонета;
В нем жар любви Петрарка изливал;
Игру его любил творец Макбета;
Им скорбну мысль Камоэнс облекал.
И в наши дни пленяет он поэта:
Вордсворт его орудием избрал,
Когда вдали от суетного света
Природы он рисует идеал.
Под сенью гор Тавриды отдаленной
Певец Литвы в размер его стесненный
Свои мечты мгновенно заключал.
У нас еще его не знали девы,
Как для него уж Дельвиг забывал
Гекзаметра священные напевы.

Александр ПУШКИНӔЙ

СОНЕТ

Scorn not the sonnet, critic.
Wordsworth 2*

Тызмӕг Дант дӕр нӕ кодта ӕлгъ сонетыл;
Тӕлфыди уым Петраркӕйы зынг уарзт;
Йӕ зӕлтӕй рад йӕ ныффыссӕг Макбетӕн;
Ӕвӕрдта дзы Камоэнс дудгӕ маст.
Нӕ дуджы дӕр кӕны поэты уацар:
Йӕ хӕцӕнгарз уыди Вордсвортӕн — ӕрдз
Куы ныв кодта, йӕ хъӕбысы куы ацард,
Куы нал уыди йӕ ӕнкъарӕнтӕн бӕрц.
Къуындӕг фӕлгӕты равдыста ӕххӕстӕй
Йӕ бӕллицтӕ Тавридӕйы хӕхбӕсты
Литвайӕн кадгӕнӕг, фӕлӕ йӕ махмӕ
Куы нӕма зыдтой, Дельвиг уӕд рӕстӕгмӕ
Гекзаметры рӕсугъд зӕлтӕ фӕуагъта:
Сонетрӕнхъытӕ фехъуыстам хӕстӕгмӕ.

К* * *
Я помню чудное мгновенье:
Передо мной явилась ты,
Как мимолетное виденье,
Как гений чистой красоты.
В томленьях грусти безнадежной,
В тревогах шумной суеты,
Звучал мне долго голос нежный
И снились милые черты.
Шли годы. Бурь порыв мятежный
Рассеял прежние мечты,
И я забыл твой голос нежный,
Твои небесные черты.
В глуши, во мраке заточенья
Тянулись тихо дни мои
Без божества, без вдохновенья,
Без слез, без жизни, без любви.
Душе настало пробужденье:
И вот опять явилась ты,
Как мимолетное виденье,
Как гений чистой красоты.
И сердце бьется в упоенье,
И для него воскресли вновь
И божество, и вдохновенье,
И жизнь, и слезы, и любовь.

 
К* * *
Мӕ зӕрдыл диссаджы уысм дарын:
Ды февзӕрдтӕ мӕ цуры уӕд,
Цыма сыгьдӕгдзинады зарӕг,
Цыма рӕсугъддзинады зӕд.
Мӕ цард ӕрвыстон ӕз ӕнкъардӕй,
Фӕлӕ мӕм дзолгъойы дӕр хъуыст
Дӕ фӕлмӕн, уарзон хъӕлӕс дардӕй,
Мӕ цӕстыл уад фынты дӕ хуыз.
Цыдысты афӕдзтӕ, ӕвзонджы
Бӕллицтӕ нал ысхастой рӕз.
Дӕ хъӕлӕс ферох кодтон, ноджы
Дӕуӕн дӕ зӕдон фӕлгонц ӕз.
Цы ран уыдтӕн фӕсвӕды ахстау,
Съшдӕг дыдысты бонтӕ уым.
Ӕцӕгӕлон дуне уыд уарзтӕн,
Зӕдӕн, цӕссыгтӕн, цард — ӕрхуым.
Фӕлӕ та фервӕзт зӕрдӕ тарӕй,
Куы фӕзындтӕ ды ногӕй, уӕд,
Цыма сыгъдӕгдзинады зарӕг,
Цыма рӕсугъддзинады зӕд.
Ыссыгътой арт мӕ риуы зынгтӕ,
Мӕ з.ӕрдӕйы фӕцыдӕр маст,
Ысног дзы цард ӕмӕ цӕссыгтӕ,
Зӕды фӕлгонц, уӕлтӕмӕн, уарзт.

ХХХ

ИЛИАДӔЙЫ ТӔЛМАЦ БАКӔСГӔЙӔ

Ивгъуыдӕй хъусын йӕ зӕл бердзёнты уӕларвон ныхасӕн,
Цытджын зӕронды ӕндӕр хаты ӕфсӕрмхуызӕй уд.

ДУНЕОН ХИЦАУДЗИНАД

Ӕнӕрцӕугӕ хъуыддаг куы чындӕуыд, куы мард
Хуыцауы фырт, йӕ туг йӕ хъӕдгӕмттӕй куы калд,
Уӕд цардӕгасгӕнӕг бӕласы фӕйнӕфарс
Дыууӕ усы лӕууыд, уыди сӕ иумӕ лаз:
Тӕригъӕдджын Мария, зӕдӕнгӕс — иннӕ раст.
Сӕ дыууӕйӕн дӕр уыд ӕнӕкӕрон сӕ маст.
Ныр уыдоны бынат хъалагъуртӕ-хӕстонтӕ
Ӕрцахстой, дзуары цур вӕййынц ӕхсӕвтӕ, бонтӕ.
Цыма сты горӕты сӕры хӕдзары гӕстӕ,
Фӕлӕууынц афтӕ знӕт, тызмӕгхуызӕй ӕдгӕрзтӕ.
Уӕд хъахъхъӕнджытӕ уым цӕмӕн ӕрцыд ӕвӕрд,
Кӕй байтыгъдӕуыд, уый, мыййаг, хӕзна уыд кӕд,
Ӕмӕ тӕрсут, хуыснӕг куы фӕзына, ӕви
Паддзахы кад фылдӕр кӕнын уӕ зӕрды и?
Ӕви сындзытӕй быд кӕуыл ӕркодтой худ,
Зӕгӕлтӕй, ӕрцытӕй кӕмӕн ластой йӕ уд,
Кӕй надтой ехсытӕй, уыцы Есойыл ис
Уӕ зӕрды аудын, ӕмбарут ын йӕ рис?
Ӕви тӕрсут, Адамы цӕуӕты сӕрылхаст
Куы ӕрцӕуа ӕфхӕрд кӕвдӕсардӕй ӕваст,
Ӕмӕ уӕздӕттӕ ам куы тезгъо кӕной, ардӕм
Уӕд ма цӕуой цӕмӕй хӕстӕг хуымӕтӕг адӕм?

ХХХ

Н. Д. Киселеву

Ищи в чужом краю здоровья и свободы,
Но север забывать грешно,
Так слушай: поспешай карлсбадские пить воды,
Чтоб с нами снова пить вино.

Н. Д. КИСЕЛЕВӔН

Дӕхи дзӕбӕх кӕн уым, мӕ цӕст дын алцы уарзы,
Фӕлӕ цӕгат дӕр ма рох кӕн,
Ӕрбайхъус-ма: ныууадз карлсбадаг суартӕ нуазын,
Ӕмӕ та иумӕ нуазӕм сӕн.

* * *
1828 азы 26 май

Курдйат мын рӕдыдӕй рарди.
Стӕй цӕмӕн хъуыдтӕ мӕн, цард,
Кӕд хъысмӕтмӕ ’мбӕхст цы кард и,
Уый цӕфӕй уыдзынӕн мард?
Тарӕй рухсмӕ мӕн мӕ къухӕй
Чи ӕрбахуыдта, цӕмӕн,
Монцтӕ мӕ кӕм марынц хурхӕй,
Дзаг гуырысхотӕй кӕм дӕн?
Нӕй нысан мӕ размӕ, зӕрдӕ —
Афтид, сӕры зонд — ӕгуыст.
Царды иугӕндзон уынӕртӕ
Сбирӕ кодтой уды рыст.

***

Хъуынтъыз къӕдзӕхтӕ сты бӕрзонд,
Кӕны уӕрӕхдӕр ком нӕ разы,
Фӕтынгдӕр хуры тынты хъазын,
Тызмӕг Терк нал у афтӕ сонт.

ХХХ

Е. П. Полторацкой

Когда помилует нас бог,
Когда не буду я повешен,
То буду я у ваших ног,
В тени украинских черешен.

Е. П. ПОЛТОРАЦКАЯЙӔН

Кӕд мӕ нӕ бабын кӕна рын,
Ӕмӕ кӕд баззайон ӕгасӕй,
Уӕд ӕз уӕ бал бӕлӕсты бын
Лӕудзынӕн зонгуытыл дӕ разы.

ЭПИГРАММӔ

Эпиграмма на смерть стихотворца

Покойник Клит в раю не будет:
Творил он тяжкие грехи.
Пусть бог дела его забудет,
Как свет забыл его стихи!
1813 г.

ӔМДЗӔВГӔТӔФЫССӔДЖЫ МАРДЫЛ

Дзӕнӕтӕй хай нӕ уыдзӕн Клитӕн:
Мӕнгард, тӕригъӕдджынӕй цард.
Хуыцауӕй ферох уӕнт йӕ митӕ,
Куыд ферох адӕмӕй йӕ зард.

***

Мӕ фӕндтӕ баныгӕдтон тары,
Мӕ сӕнттӕм байсысти мӕ уарзт;
Ӕрмӕстдӕр ма мын баззад царды
Зӕрдӕрыст, хъизӕмӕрттӕ, маст.
Хъысмӕты уадтымыгъы кардӕй
Ӕрхауд мӕ дидинӕг ӕваст,
Зыбыты иунӕгӕй, ӕнкъардӕй
Цӕрын, мӕлӕтмӕ у мӕ каст.
Зымӕгон дӕр ма афтӕ сисы
Дымгӕ къуыззитт кӕнын, ӕхситт,
Ӕмӕ бӕгънӕг къалиуыл ризы
Ӕмпылд сыфтӕр ӕд чырс, ӕд мит.

***

Цард куы афӕлива дӕу —
Ма стыхс, ма сфыцӕд дӕ туг;
Маеты бон хъӕддых фӕлӕуу,
Ралӕудзӕнн цины дуг.
Нӕу, цӕсты цы ис, уый кадджын,
Зӕрдӕ — фидӕнӕй ныфсхаст;
Абон дӕм цы кӕсы мает,
Райсом хондзынӕ уый адджын.

ХХХ

Зимний вечер

Буря мглою небо кроет,
Вихри снежные крутя;
То, как зверь, она завоет,
То заплачет, как дитя,
То по кровле обветшалой
Вдруг соломой зашумит,
То, как путник запоздалый,
К нам в окошко застучит.
Наша ветхая лачужка
И печальна и темна.
Что же ты, моя старушка,
Приумолкла у окна?
Или бури завываньем
Ты, мой друг, утомлена,
Или дремлешь под жужжаньем
Своего веретена?
Выпьем, добрая подружка
Бедной юности моей,
Выпьем с горя; где же кружка?
Сердцу будет веселей.
Спой мне песню, как синица
Тихо за морем жила;
Спой мне песню, как девица
За водой поутру шла.
Буря мглою небо кроет,
Вихри снежные крутя;
То, как зверь, она завоет,
То заплачет, как дитя.
Выпьем, добрая подружка
Бедной юности моей,
Выпьем с горя: где же кружка?
Сердцу будет веселей.

ЗЫМӔГОН ИЗӔР

Уад йӕ тарӕй арв ӕмбӕрзы,
Здухы митбырдӕн мӕстӕй;
Ниуы куы сырдау, ныхъхъӕрзы,
Сабийау ныккӕуы стӕй.
Куы нӕ хъӕмпын цары скафы,
Рамӕрзы чындзау нӕ кӕрт,
Куы фӕндаггонау ӕнафон
Рудзынг бахойы фӕсхӕрд.
У нӕ талынг къӕс ӕрхуымӕй
Дзаг — ӕрцарди дзы ӕнкъард,
Кӕд ӕдзӕмӕй бадыс уымӕн
Ды, мӕхи нана, ӕнцад?
Ӕви уадтымыгъы хъӕрмӕ
Бафӕлмӕцыдтӕ ӕцӕг?
Ӕви де ’лхуыйы уынӕрмӕ
Кӕд ӕрцахста дӕу хуыссӕг?
Ды, мӕ мӕгуыр ӕвзонг азты
Иууыл адджындӕр лымӕн,
Баназӕм фӕйнӕ ’мӕ мастӕй
Фервӕзын кӕна мах сӕн.
Азар-ма мын дзывылдары
Зарӕг, уый фӕсфурд куыд цард,
Ноджы буц чызгайы зарӕг,
Донмӕ райсомӕй куыд уад.
Нал ауӕрды уад йӕхиуыл:
Здухы митбырдӕн мӕстӕй;
Куы хъӕддаг сырдау нынниуы,
Сабийау ныккӕуы стӕй.
Ды, мӕ мӕгуыр ӕвзонг азты
Иууыл адджындӕр лымӕн,
Баназӕм фӕйнӕ ’мӕ мастӕй
Фервӕзын кӕна мах сӕн.

ХӔЛӔРТТӔН

Мӕ фыдгултӕ, нӕма мӕ схауд ныхас...
Ӕнхъӕлӕн ис: ӕрмынӕг и мӕ маст;
Фӕлӕ уӕм дарын ӕз мӕ хъус уӕддӕр,
Кӕйфӕнды дӕр уӕ ссардзынӕн кӕддӕр.
Мӕ дзӕмбытӕ кӕй ауадзон сымахӕй,
Ӕрдӕгмардӕй ӕрхаудзӕн уый дыдагъӕй.
Фӕхъахъхъӕны ма хъӕрццыгъа дӕр афтӕ
Ӕврӕгъты цурӕй гогызтӕ ’мӕ хъазтӕ.

***

Ӕз уарзтон дӕу; уарзт, чи зоны, мӕ риуы
Нӕма ахуыссыд абон дӕр бынтон,
Фӕлӕ ма уым дӕу азымгӕнӕг чи у! —
Дӕ зӕрдӕ риссын кӕнын у кӕй бон!
Ӕз уарзтон дӕу, дӕ уынд мӕ хурау тавта,
Дӕ цуры-иу нӕ уӕндыдтӕн сым дӕр;
Ӕз дӕ куыд уарзтон буцзӕрдӕйӕ, афтӕ,
Тӕхуды, дӕу куы бауарзид ӕндӕр.

* * *

Я здесь, Инезилья...

Я здесь, Инезилья,
Я здесь под окном.
Объята Севилья
И мраком и сном.
Исполнен отвагой,
Окутан плащом,
С гитарой и шпагой
Я здесь под окном.
Ты спишь ли? Гитарой
Тебя разбужу.
Проснется ли старый,
Мечом уложу.
Шелковые петли
К окошку привесь...
Что медлишь?.. Уж нет ли
Соперника здесь?..
Я здесь, Инезилья,
Я здесь под окном.
Объята Севилья
И мраком и сном.
1830 г.

Лӕууын, Инезилья,

Дӕ рудзынджы цур.
Ӕрӕмбӕхст Севилья
Мӕйдары фӕсхур.
Цӕттӕ дӕн ӕхсарӕй,
Мӕ уӕлӕ — пӕлӕз,
Ӕдхъама, гитарӕ —
Дӕ дӕлрудзынг ӕз.
Фынӕй дӕ? Мӕ зарӕг
Дӕу райхъал кӕндзӕн.
Дӕ зӕронды марӕг
Мӕ хъама уыдзӕн.
Ӕруадз-ма мӕм ардӕм
Зӕлдагӕй бӕндӕн...
Цы кусыс? Мыййаг дӕм
Фӕраздӕр ӕндӕр?
Лӕууын, Инезилья,
Дӕ рудзынджы цур.
Ӕрӕмбӕхст Севилья
Мӕйдары фӕсхур.

ХХХ
Отрывок

Не розу пафосскую,
Росой оживленную,
Я ныне пою;
Не розу феосскую,
Вином окропленную,
Стихами хвалю;
Но розу счастливую,
На персях увядшую
Элизы моей...

СКЪУЫДДЗАГ

Пафосы цы уарди,
Цы розӕ ӕрзади,
Нӕу ууыл мӕ зард,
Феосы сырх уарди,
Сӕн кӕуыл фӕкалди —
Мӕ фыстмӕ у дард;
Ис амондджын уарди,
Уый сабыргай руади
Элизӕйы риуыл...

* * *

Ӕрра мӕ ма скӕнӕд Хуыцау,
Мӕгуыргур зилдзынӕн фӕлтау,
Хызын, лӕдзӕг — мӕ уаргъ.
Ӕрмӕст мӕ бамбарут: бӕрзонд
Ӕвӕрд мӕм нӕу мӕ сӕрызонд.
Нӕ мӕм кӕсы зынаргъ.
Сӕрибар ӕз куы уаин, уӕд
Фӕлидзин, бацагурин хъӕд
Ӕмӕ ӕрцӕрин уым.
Фырцинӕй айзӕлид мӕ зард,
Уӕлвонг бӕллицты уынӕр дард
Фӕсурид маст, ӕрхуым.
Ӕз хъусин уылӕнты ӕнхъӕвзт,
Цъӕх арвӕй нал исин мӕ цӕст,
Бӕрзонд чи у, уӕрӕх.
Мӕ тыхӕн нал уаид кӕрон,
Дымгӕйау бауаид мӕ бон
Фӕлдахын хъӕдтӕ, зӕхх.
Фӕлӕ куы фӕцӕуа мӕ зонд,
Уӕд ма цӕй лӕг уыдзынӕн?! — сонт,
Хынджылӕггаг, тӕрсӕн.
Сӕрхъӕн куыд вӕййы, афтӕ раст
Уыдзынӕн къалатийы баст, —
Хъӕддаг сырды хуызӕн.
Ӕхсӕвыгӕтты та-иу ӕз
Нӕ хъусдзынӕн мӕргьты хъӕлӕс,
Стӕй сыфтӕрты ӕмдзӕгъд,
Фӕлӕ мӕ хӕлӕртты цъӕхахст,
Хъалагъурты хъӕлӕба, хъаст,
Хъадаманты дзӕгъ-дзӕгъ.

LVII ОДӔ

Дзагдар, кӕд нӕ дӕ мӕрддзӕст,
Рахӕсс-ма уӕд дзагӕй дурын,
Расыг ронгыл мын ӕрмӕст
Ауадз фаг ӕвронг дон, курын.
Скифтӕ не стӕм: нӕу мӕ бон
Уыдонау сыгъдӕг ронг нуазын,
Фӕлӕ фынджы уӕлхъус, зон,
Зарын ӕмӕ дзурын уарзын.

ФӔНДОН

Цӕуыннӕ баназӕм, нӕ цардӕй
Цӕуыннӕ саразӕм дзӕнӕт!
Кӕсӕнт нӕм сау адӕм ӕнкъардӕй,
Хӕлӕг нӕ алкӕмӕ кӕнӕнт.
Фӕбынӕй кӕна уадз рӕстӕгмӕ
Нӕ дымгӕбазыр бонтӕ сӕн,
Зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй буц бӕстӕмӕ
Сымахимӕ фӕхона мӕн.
Ӕвзонгдзинад фӕздӕгау тары
Ӕд цин куы айсӕфа ӕваст,
Уӕд райсдзыстӕм зӕронды карӕй
Нӕ хай, нӕй уый тыххӕй ныхас.

ХХХ

Из Barry Cornwall

Пью за здравие Мери,
Милой Мери моей.
Тихо запер я двери
И один без гостей
Пью за здравие Мери.
Можно краше быть Мери,
Краше Мери моей,
Этой маленькой пери;
Но нельзя быть милей
Резвой, ласковой Мери.
Будь же счастлива, Мери,
Солнце жизни моей!
Ни тоски, ни потери,
Ни ненастливых дней
Пусть не ведает Мери.
* Барри Корнуэл. Твое здоровье,
Мери. (англ.)
1830 г.

BARRY CORNWALL– ӕй

Here’s a health to thee, Mary 3*
Ӕз дӕ цӕрӕнбон нуазын,
Мери, макуы фен зын.
Дуар ӕхгӕд у — цӕй уазӕг! —
Иунӕгӕй ам лӕууын
’Мӕ дӕ цӕрӕнбон нуазын.
Мерийӕ ис рӕсугъддӕр,
Аивдӕртӕ дзӕвгар,
Фӕлӕ уымӕй хӕрзуддӕр
Нӕй зӕххыл, уый ӕмбар.
У мӕ мӕй, у мӕ хур дӕр.
Цардӕй бафсӕд, мӕ уарзон,
У рын, сагъӕсӕй хызт.
Хорзӕй алцыдӕр базой,
Фӕлӕ ма базой рыст,
Фарны, амонды фаззон.

ХХХ

Веселый пир

Я люблю вечерний пир,
Где веселье председатель,
А свобода, мой кумир,
За столом законодатель,
Где до утра слово пей!
Заглушает крики песен,
Где просторен круг гостей,
А кружок бутылок тесен.

ХЪӔЛДЗӔГ БАДТ

Цин цы ран вӕййы ӕлдар,
Уарзын ахӕм фынг. Сӕрибар —
Царды ме стырдӕр хӕлар —
Уым хӕцы ӕгъдӕуттыл фидар.
«Айс ӕй, аназ ӕй!» дзы лӕг
Зары сбонмӕ цинӕфсӕстӕй,
Уазджытӕн уым нӕу къуындӕг,
Уым къуындӕг у рмӕстдӕр нозтӕн.

Певец-Давид был ростом мал

Певец-Давид был ростом мал,
Но повалил же Голиафа,
Который был и генерал,
И, побожусь, не ниже графа.
1824 г.

Уыд зарӕгуарз Давид ныллӕг,
Уӕддӕр фӕтых и Голиафыл,
Уыд афтӕмӕй инӕлар лӕг,
Йӕ кад та барстӕуыди графыл.

***

Ӕз амондджын уыдтӕн, уӕлмонцты дуджы цардтӕн,
Цыди мӕ разӕй цин, мӕ фӕндаг мын рухс дардта...
Фӕлӕ цы ’рбаци уыцы бон?
Фынау фӕцыдӕр, айсӕфт тары,
Мӕ цин мӕм ницыуал бар дары,
Кӕны мӕ ногӕй хурх ӕнкъарддзинады рон!..

ИУЦӔСТОН УӔЙЫГ

Кӕсын дӕм иу цӕстӕй, мӕ зонд
Дӕ рӕсугъддзинадӕй фӕсонт.
Хуыцау мын иунӕджы бӕсты
Куы раттид фондзыссӕдз цӕсты,
Уӕддӕр ӕмхуызонӕй сӕ каст
Дӕуырдӕм уаид, нӕй ныхас.

ХХХ

Поэту

Поэт! не дорожи любовию народной.
Восторженных похвал пройдет минутный шум;
Услышишь суд глупца и смех толпы холодной,
Но ты останься тверд, спокоен и угрюм.
Ты царь: живи один. Дорогою свободной
Иди, куда влечет тебя свободный ум,
Усовершенствуя плоды любимых дум,
Не требуя наград за подвиг благородный.
Они в самом тебе. Ты сам свой высший суд;
Всех строже оценить умеешь ты свой труд.
Ты им доволен ли, взыскательный художник?
Доволен? Так пускай толпа его бранит
И плюет на алтарь, где твой огонь горит,
И в детской резвости колеблет твой треножник.
1830 г.

ПОЭТӔН

Поэт! цы дзурынц, уый дӕумӕ нымады ма уӕд.
Ӕппӕлӕнт дӕ, — сӕ хъӕр ӕрмынӕг уыдзӕн тагъд;
Былысчъилтӕ кӕнӕнт, ӕдылытӕ дӕ фауӕнт,
Ныкъкъуырма кӕн дӕхи — нӕ дӕм хъуысдзӕн сӕ загъд.
Ды дӕ паддзах; паддзах, уый иунӕгӕй фӕцӕры,
Дӕ хъуыдытӕ — уӕлмонц, дӕ развӕндаг — уӕрӕх.
Хӕрзиуджытӕ цы сты?! Ӕндавӕнт-иу ӕндӕры,
Нӕ домыс уыдон ды, ӕвдисӕн уымӕн — зӕхх.
Дӕ хӕрзиуджытӕ сты дӕхимидӕг, уый зон;
Хӕссыс дӕ куыстӕн ды тӕккӕ карздӕр тӕрхон.
Фӕрӕстмӕ ис дӕ фыст? Уӕд райгонд дӕ дӕ исӕй.
Дӕ ныхмӕ дзурӕнт уадз, дӕ артыл калӕнт дон,
Дзӕнгӕдайӕ фылдӕр дын ницы у сӕ бон:
Ӕдых ысты, мӕгуыр: фӕлдахынц айк мӕцъисӕй.

ХХХ
1827 АЗЫ 19 ОКТЯБРЬ

Бог помочь вам, друзья мои,
В заботах жизни, царской службы,
И на пирах разгульной дружбы,
И в сладких таинствах любви!
Бог помочь вам, друзья мои,
И в бурях, и в житейском горе,
В краю чужом, в пустынном море
И в мрачных пропастях земли!

1827 АЗЫ 19 ОКТЯБРЬ

Хуыцау уын ахъазгӕнӕг уӕд,
Мӕ хӕлӕрттӕ, хӕдзары, куысты,
Куы бадат нафы куывды, уӕд
Кӕнӕ уӕ уарзӕтты хъӕбысты.
Хуыцау уын ахъазгӕнӕг уӕд,
Мӕ хӕлӕрттӕ, зын раны, маеты,
Куы уат кӕйдӕр бӕстӕйы, уӕд
Кӕнӕ та фурды, кӕнӕ хасты.

ХХХ

Ex ungue leonem

Недавно я стихами как-то свистнул
И выдал их без подписи моей;
Журнальный шут о них статейку тиснул,
Без подписи ж пустив ее, злодей.
Но что ж? Ни мне, ни площадному шуту
Не удалось прикрыть своих проказ:
Он по когтям узнал меня в минуту,
Я по ушам узнал его как раз.

EX UNGUE LEONEM*

Фӕзынд ӕрӕджы ме ’мдзӕвгӕ мыхуыры,
Нӕ дзы уыди мӕ ном, мӕ мыггаг фыст**
Йӕ ныхмӕ сдзырдта иу журналы уыры:
Ӕнӕном фыстӕй дард йӕ цъӕлхъӕр хъуыст.
Нӕ баци махӕй иуы бон дӕр сайын,
Уыдыстӕм арвау алцӕмӕй бӕрӕг:
Мӕ дзӕмбытӕй мӕ базыдта, ӕз та йӕ
Йӕ хъустӕм гӕсгӕ базыдтон: хӕрӕг.

 

*Домбайы йӕ дзӕмбытӕй базонынц (лат.).
** Журнал «Благонамеренный» уадзӕг А. Е. Измайлов йӕ уацхъуыды радзырдта А. С. Пушкины ӕмдзӕвгӕ «Хӕлӕрт- ты» ныхмӕ. «Раст зӕгьын хъӕуы, тынг фӕтарстӕн, — фыста Измайлов. — Ӕппӕты тынгдӕр та фӕтарстӕн, поэтӕн дзӕм- бытӕ кӕй ис, уымӕй».

ХХХ
Двум Александрам Павловичам

Романов и Зернов лихой,
Вы сходны меж собою:
Зернов! хромаешь ты ногой,
Романов головою.
Но что, найду ль довольно сил
Сравненье кончить шпицом?
Тот в кухне нос переломил,
А тот под Австерлицом.

СӔ ФЫДӔЛТӔ ПАВЕЛТӔ КӔМӔН
ХУЫНДЫСТЫ, УЫЦЫ ДЫУУӔ
АЛЕКСАНДРӔН

Сӕ дыууӕйыл дӕр зин фӕтых,
Сӕ уавӕр иу — кӕддӕрӕй:
Зернов йӕ къахӕй у къуылых,
Романов та йӕ сӕрӕй.
Мӕ дзырдты март кӕд ис, уӕддӕр
Ӕнӕмӕнгӕй зӕгъгӕ сты:
Ныццавта къӕбицы иу сӕр,
Фӕкъуылых иннӕ хӕсты.



1 Не презирай сонета, критик. Вордсворт (англ.)
2 Сонетыл ма кӕн, критик, ӕлгъ. Вордсворт (англ.)
3 Дӕ цӕрӕнбон, Мери (анг.).


ХХХ

Моцарт и Сальери

МОЦАРТ ӔМӔ САЛЬЕРИ
Фыццаг ныв

Уаты.
Сальери
Ӕмдзырд кӕнынц: рӕстдзинад нӕй зӕххыл,
Фӕлӕ уый нӕй уӕлӕрвты дӕр. Мӕнӕн
Ӕмбӕрстгонд у хуымӕтӕг зӕлау уый.
Ӕз аивадмӕ рахастон гуырдзӕй уарзт:
Уыдтӕн ма саби, афтӕмӕй-иу тахти
Органы цагъд нӕ аргъуанӕй бӕрзӕндты.
Лӕмбынӕг-иу ӕм хъуыстон ӕз, мӕ русыл
Ӕнӕфӕрсгӕйӕ адджын цӕссыг уад.
Ӕз раджы систон сонт митыл мӕ къух;
Ӕцӕгӕлон цыдӕриддӕр уыд зардӕн,
Ӕз атигъ кодтон уыдоныл мӕхи,
Сӕрыстырӕй-иу ацыдтӕн сӕ рӕзты
Ӕмӕ мӕ тых ӕнӕхъӕнӕй дӕр радтон
Музыкӕйӕн. Фыццаг къахдзӕф зын у,
Ӕрхӕндӕг та — фыццаг фӕндаг. Ӕвзонджы
Зындзинӕдтыл фӕуӕлахиз дӕн. Асин
Ӕз аивадмӕ сӕвӕрдтон ӕнцонӕй.
Ӕрмгуыстгӕнӕг мӕ рауади. Мӕ уырзтӕн
Уыд коммӕгӕс сӕ алы змӕлд. Мӕ хъус —
Ӕууӕнкджын. Ноджы бахӕцыдтӕн зӕлтӕн
Сӕ хурхытыл. Ныкъкъуыхтӕ кодтон зарӕг.
Гармонийы тых алгебрӕйӕ сбарстон,
Стӕй бахастон ысфӕлдыстады монцмӕ
Наукӕты фӕлтӕрд лӕгӕй мӕ ныфс.
Фыстон ӕдзухдӕр сусӕгӕй мӕхицӕн,
Нӕма уӕндыдтӕн кадмӕ бӕллын уӕд.
Дыгай-ӕртыгай бонтӕ-иу ӕдзӕмӕй,
Ыстонгӕй къуымы иунӕгӕй фӕбадтӕн.
Уӕлтӕмӕнады цин ӕмӕ-иу катай
Мӕн бандӕвтой, фӕлӕ иу ӕз ыссыгътон
Мӕхи сфӕлдыст фӕллӕйттӕ ӕмӕ кастӕн,
Куыд сӕфтысты цъӕх фӕздӕгимӕ арты.
Цытӕ дзурын? Куы нӕм фӕзынд цытджын Глюк,
Куы нал ныууагъта сусӕгдзинад махӕн
(Дӕлдзӕх ӕмбӕхстау арф ныгӕд, зӕрдӕскъӕф), —
Цы зыдтон хорз, ӕууӕндыдтӕн цӕуылты,
Цы уарзтон тынг, нӕ фехстон уыдон иуварс
Ӕмӕ, йӕ фӕндаг чи нал зыдта балцы,
Ӕндӕруылты кӕй сардыдӕуыд, уыйау
Нӕ ацыдтӕн ӕнӕсыппӕй йӕ фӕдыл?
Ӕппынӕрӕджиау аивады схызтӕн
Бӕрзонд рындзмӕ мӕ тыхгуыст удвӕллойӕ.
Ныххудт мӕм цыт. Мӕ фыстытӕй ыссардтон
Ӕмзӕл мыртӕ нӕ дзыллӕйы зӕрдӕты.
Уыдтӕн ӕз амондджын: ӕнцад-ӕнцойӕ
Мӕхицӕн цардтӕн, намыс ӕмӕ куыст
Мӕнӕн лӕвӕрдтой удӕнцой, ыстӕй
Ӕз кодтон цин мӕ хӕлӕртты ӕнтыстыл
Нӕ аивады. Никуы зыдтон ӕз:
Цы у хӕлӕг. Иӕ тӕфты дӕр нӕ цыдтӕн.
Мӕ фӕсоныӕрхӕджы дӕр нӕ уыд.
Нӕдӕр хъӕддаг парижӕгты Пиччини
Куы бакодта йӕ уацары, нӕдӕр Куы фехъуыстон Ифигенийы мыртӕ.
Ныр чи зӕгъдзӕн сӕрыстыр, хъал Сальери
Кӕддӕр уыди хӕлӕггӕнаг — ӕлгъаг,
Кӕнӕ та калм, кӕй ныцъцъӕл кодтой адӕм,
Рыг ӕмӕ змис ӕдыхӕй чи ӕууылдта Ӕрдӕгмардӕй?
Нӕ, иунӕг дӕр нӕ зӕгъдзӕн!
Фӕлӕ мӕхӕдӕг ныр сӕттын ӕргомӕй:
Фырхӕлӕгӕй мӕ цӕсты фиутӕ тайынц.
О Хуыцау! Кӕм и рӕстдзинад? Курдиат,
Уӕллагӕй лӕвӕрд курдиат, цӕрӕццаг
Гени — уарзт, фӕллой ӕмӕ бӕллиццӕн
Ӕвӕджиау хорзы бацӕуыны бӕсты
Ныррухс кодта ӕнӕмӕт, дзӕгъӕлдзуйы
Сӕрызонд тынг. О Моцарт, Моцарт!
Моцарт ӕрбацыд.
Моцарт
Куыд мӕ ауыдтай? Хъавыдтӕн дын ӕз
Зӕгъынмӕ иу ӕнӕнхъӕлӕджы худӕг.
Сальери
Ды ам куы дӕ! Кӕдӕй?
Моцарт
Ӕрӕгӕй. Уыд
Дӕуӕн цыдӕртӕ радзурын мӕ зӕрды;
Фӕцӕй дӕм цыдтӕн. Сӕндонӕй ӕваст
Мӕ хъустыл ауад хъисфӕндыр... Сальери,
Мӕ буц хӕлар, цы фехъуыстон — ӕмбисонд! —
Зӕххыл нӕма уыд худӕгдӕр йӕхицӕй.
Куырм фӕндырдзӕгъдӕг-иу ӕрцагъта кӕд
Йӕ тых, йӕ бонӕй voi che sapete* уым.
Ӕрбахуыдтон ӕй диссагӕн. Хъуамӕ
Йӕ арӕхстдзинад равдиса дӕ цуры.
Ӕрбахиз!
Йӕ хъисфӕндыримӕ ӕрбацыд к у ы р м
з ӕ р о н д л ӕ г.
Ацӕгъд Моцартӕй нын исты!
(Зӕронд лӕг цӕгъды ари Дон Жуанӕй;
Моцарт хъӕрӕй худы.)
Сальери
Куыд ма дӕм цӕуы худын та?
Моцарт
Сальери!
Нӕ фӕлӕ ды куыннӕ худые дӕхӕдӕг!
Сальери
Мӕнмӕ нӕ кӕсы худӕг, Рафаэлы

*О, уый чи зоны (итайл.).

Мадоннӕ-ныв куы хъулон кӕна саукъух,
Айуан та мын Алигъерийы намыс
Пародийӕ куы ызмӕнта цъыфимӕ.
Цӕугӕ, зӕронд!
Моцарт
Фӕлӕуу, ӕхца дын мӕнӕ, Мӕ цӕрӕнбоны тыххӕй-иу дзы баназ.
Зӕронд лӕг ацыд.
Ӕндӕр хатт дӕм ӕрбацӕудзынӕн. Абон Цыдӕр кӕныс...
Сальери
Цы мын уыдтӕ зӕгъинаг? Моцарт
Зӕгъӕн ис: ницы. Дысон-бонмӕ рафт-бафт
Фӕкодтон — фесӕфт, алыгъди мӕ хуыссӕг.
Дыууӕ ӕви ӕртӕ хъуыдыйы сӕры
Фӕзынд ӕмӕ сӕ райсомӕй ныффыстон.
Куыд дӕм кӕсынц — мӕн базонын фӕндыд,
Фӕлӕ ныртӕккӕ ды мӕныл нӕ дӕ.
Сальери
Ехх, Моцарт, ӕз кӕд нӕ вӕййын дӕуыл?
Ӕрбад, дӕумӕ хъусын.
Моцарт
(фортепианойы уӕлхъус)
Ды ма дӕ цӕстыл Мӕн ауайын кӕн, гъе ӕрмӕст кӕстӕрӕй:
Ӕз бауарзтон, бынтон тынг нӕ — чысыл.
Рӕсугъд чызг кӕнӕ ’рдхордимӕ, зӕгъӕм,
Дӕуимӕ, бадӕм хъӕлдзӕгӕй, фӕлӕ...
Ӕваст ыстӕлфыдыстӕм саудалынджы... Хъус-ма.
(Цӕгъды.)
Сальери
Ныффыстай ахӕм музыкӕ ӕмӕ ма
Дӕ бон уыди сӕндоны цур ӕрлӕууын
Ӕмӕ куырм хъисфӕндырдзӕгъдӕгмӕ хъусын!
Хуыцау! нӕ дӕ дӕхи аккаг ды, Моцарт.
Моцарт
Ӕцӕг фӕцыд дӕ зӕрдӕмӕ?
Сальери
Ӕцӕг!
Хъуыдыджын, арф, ныфсхаст ӕмӕ ӕхцонзӕл!
Хуыцау кӕй дӕ, уый, Моцарт, ды нӕ зоныс.
Ӕз та йӕ зонын.
Моцарт
Чи зоны, дӕ раст,
Фӕлӕ дӕ хуыцау стонджыйӕ фӕмӕлы
Сальери
Цӕуӕм ӕмӕ ыскӕнӕм иумӕ сихор
Сӕндон Сызгъӕрин Домбайы.
Моцарт
Ӕз разы,
Ӕрмӕст нӕхимӕ бауайон, мӕ усӕн Зӕгъон, цӕмӕй мӕм ма кӕса ӕнхъӕлмӕ.
(Ацыд.)
Сальери
Цӕугӕ, ӕрмӕст-иу тагъд фӕзын фӕстӕмӕ.
Хъысмӕты ныхмӕ нал хӕцын хъӕбысӕй.
Ӕруромын ӕй у мӕ хӕс, кӕннод —
Ӕрмӕст ӕз нӕ — ӕд къуырма кад — ӕвзӕрстӕй
Музыкӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕфынц.
Цы пайда у, куы цӕра Моцарт уӕд,
Куы схиза ноджы ’рттивагдӕр бӕрзондмӕ?
Фӕуӕлдӕр уыдзӕн аивад? Зынӕй;
Куы фӕдӕлдзӕх уа лӕг, ӕрхаудзӕн уый дӕр.
Иӕ фӕстӕ та нӕ баззайдзӕн бындар.
Цы пайда у? Зӕды хуызӕн дзӕнӕтӕй
Ӕртахт ӕд цалдӕр зарӕгимӕ, мах
Цӕмӕй фӕуадза хъуахъдзыхӕй ӕмӕ Фӕстӕмӕ ногӕй атӕха йӕ фӕд-фӕд.
Уӕдӕ тӕхӕд! Хуыздӕр уыдзӕн — цас тагъддӕр.
Ӕз ацы марг ӕстдӕс азы фӕхастон, —
Изорӕйы фӕстаг лӕвар, — мӕ дзыппы.
Уӕдӕй нырмӕ мӕм арӕх касти цард
Цыргъ кардӕй цӕф хъӕдгомы хуызӕн, арӕх
Ӕмвынг уыдыстӕм знагимӕ, фӕлӕ
Йӕ сыф-сыф никуы сӕрра кодта мӕн,
Нӕ дӕн тӕппуд, нӕ ризын кӕд фыртӕссӕй,
Фӕисын арф мӕ зӕрдӕмӕ кӕд уайдзӕф,
Кӕд уарзын цард бынтон чысыл, уӕддӕр
Нӕ кодтон тагъд, мӕлӕты монц мӕ хордта.
Цы у адзал? Ӕнхъӕлдтон: цард мӕнӕн
Ӕрхӕсдзӕни ӕнӕнхъӕлӕджы цинтӕ,
Кӕндзынӕн дис, ысфӕлдыстадӕй дзаг
Ӕхсӕвтӕ ’мӕ уӕлтӕмӕнад зындзысты;
Ысфӕлдиса кӕд ног Гайден ӕцӕг
Цытджын уацмыс, — уӕд райсдзынӕн мӕ маст...
Куы кодтам мах фыдуазӕгимӕ цӕл —
Уыдис мӕ ныфс — мӕ фыдгулты цыфыддӕр
Кӕй фӕзындзӕн, кӕй басудздзӕн йӕ сӕр,
Кӕй фӕуыдзӕни додойаг йӕ къона,
Кӕй бабӕздзӕн Изорӕйы лӕвар дӕр.
Уыдтӕн ӕз раст. Ӕппынфӕстаг ыссардтон
Мӕ фыдызнаджы. Ног Гайден мӕнӕн
Ӕнӕкӕрон ӕхцондзинад ӕрхаста!
Ӕрцыд ныр афон. Уарзты стыр лӕвар,
Хӕлардзинады къусы, цӕй, ныххау.

Дыккаг ныв

Сӕндоны сӕрмагонд уат; фортепиано дзы.
Моцарт ӕмӕ Сальери фынджы уӕлхъус бадынц.
Сальери
Ӕлхынцъӕрфыг цӕмӕн дӕ абон?
Моцарт
Ӕз? Куы нӕ!
Сальери
Ӕцӕгӕй дӕ мӕстджын цӕуылдӕр, Моцарт?
Хӕрзад сихор, ӕвӕджиауы сӕн,
Ды та — ӕдзӕм ӕмӕ хъуынтъыз.
Моцарт
Сӕттын ыл
Мӕ сагъӕс у мӕ Реквием...
Сальери
Ӕмбарын!
Ды Реквием фыссын райдыдтай? Рагӕй?
Моцарт
Ӕртӕ къуырийы размӕ. Фӕлӕ диссаг...
Нӕ дын ӕй дзырдтон?

Сальери
Нӕ.
Моцарт
Уӕдӕ-ма хъус.
Ӕртӕ къуырийы размӕ дын нӕхимӕ
Ӕнафоны ӕрбацыдтӕн. Дзырдтой мын,
Кӕй мӕ агуырдта чидӕр. Ӕхсӕв-бонмӕ
Фӕхъуыды кодтон, чи уыдаид, ууыл.
Кӕй цӕмӕн хъуыдтӕн? Дыккаг райсом ногӕй
Ӕрбацыди. Нӕхимӕ та нӕ уыдтӕн.
Уый ӕртыккаг бон хъазыдыстӕм уаты
Мӕ фыртимӕ. Фӕдзырдӕуыд мӕм уынгмӕ;
Ӕз ракастӕн. Лӕууыди иу лӕг сауты,
Уӕздангомау мын акуывта йӕ сӕрӕй,
Ныффӕдзӕхста мын Реквием ныффыссын,
Ӕмӕ ӕрбайсӕфт. Уыцы сахат ӕз
Ӕрбадтӕн ӕмӕ бавнӕлдтон фыссынмӕ.
Уӕдӕй нырмӕ мӕм нал фӕзынд мӕ сау лӕг,
Мӕнӕн ма уый ӕхсызгон дӕр у, мӕн
Нӕ бафӕндид мӕ куыст ӕрдӕгыл уадзын. Уӕвгӕ цӕттӕ у Реквием...
Сальери
Фӕлӕ?
Моцарт
Нӕ йӕ уӕндын ысдзурын дӕр...

Сальери
Циу уагӕр?
Моцарт
Нӕ мын дӕтты ӕхсӕв уа-бон ӕнцой
Гъе уыцы cay лӕг. Алы ран мӕ фӕдыл
Ӕндӕргау зилы. Мӕнӕ та ныр дӕр
Ӕрбадт мӕ цуры.
Сальери
Сабийау цы тӕрсыс?
Фӕсур-ма цӕй дӕ сагъӕс. Бомарше
Мӕнӕн уыд дзураг: «Байхъус-ма, Сальери,
Куы дӕм ӕрцӕуа сау фӕндтӕ, мыййаг,
Уӕд байтом кӕн шампайнаг сӕны авг
Ие ногӕй бакӕс «Фигаройы ускуырд».
Моцарт
О! Зонын: Бомарше уыди дӕ хӕлар,
Ды йын «Тарар» сӕрмагондӕй ныффыстай.
Зӕрдӕмӕ хъары, иу зарӕг дзы ис...
Ӕз ӕй фӕкӕнын, амондджын куы вӕййын...
Ла-ла-ла-ла... Сальери, Бомарше
Ӕцӕг бадардта март кӕмӕндӕр иу хатт?
Сальери
Ӕнхъӕл нӕ дӕн: уый ахӕм куыстӕн уыд Бынтон худӕг.
Моцарт
Дӕуау ӕмӕ мӕнау У уый дӕр номдзыд, гени, ӕмӕ гени
Фыддзинадимӕ никуы уыд ӕмдзӕхдон.
Сальери
Дӕумӕ гӕсгӕ?
(Моцарты агуывзӕйы марг ныккалдта.) Цӕй баназ ӕй.
Моцарт
Дӕу тыххӕй,
Ӕз ӕмӕ дӕу — гармонийы хъӕбулты Сыгъдӕгзӕрдӕ цӕдисы тыххӕй сис.
(Нуазы.)
Сальери
Фӕлӕуу, фӕлӕуу, куы анызтай... ӕнӕ мӕн!
Моцарт
(къухтӕсӕрфӕн фынгмӕ баппӕрста)
Ӕгъгъӕд у, бафсӕстӕн.
(Фортепианомӕ фӕцӕуы.)
Ныр та мӕм хъус
Мӕ Реквием.
(Цӕгъды.)
Кӕугӕ кӕныс?
Сальери
Фыццаг хатт
Цӕссыгтӕ калын, у мын зын ӕмӕ ӕнцон.
Цыма фӕдӕн мӕ уӕззау хӕс фыст абон,
Цыма мын кардӕй ралыгчынд мӕ хъӕдгом.
Мӕ хӕлар Моцарт, ацы цӕстысыгтӕ
Хъуыды дӕр ма кӕн, тагъддӕр мын фӕлтау
Ӕхсызгон зӕлтӕй байдзаг кӕн мӕ зӕрдӕ.
Моцарт
Куы ’мбариккой гармонийы тых адӕм
Ӕмхуызонӕй дӕр афтӕ! Фӕлӕ нӕ:
Уӕд дуне дӕр нӕ уаид, сагъӕс иу дӕр
Хуымӕтӕг цардыл нал кӕнид; сӕ ных,
Сӕ арӕзт уаид аивадмӕ иууыл.
Max иугӕйттӕ стӕм, амондджын, ӕвзӕрст,
Ӕхцон зӕлтӕ пайдаты разӕй райсӕм,
Рӕсугъддзинад нӕ уд ӕмӕ нӕ дзӕцц у.
Ӕви нӕу раст? Нӕ дӕн мӕ чемы абон,
Цыдӕр кӕнын, цӕуон ӕмӕ ӕрхуыссон.
Дзӕбӕх уал у!
Сальери
Фӕндараст!
(Иунӕгӕй.)
Дӕу хуыссын
Дзӕвгар бахъӕудзӕн, Моцарт, фӕлӕ ды
Ӕцӕг дӕ раст: нӕ дӕн ӕз гени? Гени
Фыддзинадимӕ никуы уыд ӕмдзӕхдон.
Куыннӕ ыстӕй! Уӕд чи уыд Буанаротти?
Ӕви ӕрхъуыды кодта уыцы аргъау
Ӕнӕсӕрфат къуымыхты дзуг ӕмӕ
Лӕгмар нӕ уыд Ватикан ысфӕлдисӕг?

ХХХ

МОЯ ЭПИТАФИЯ

Здесь Пушкин погребен; он с музой молодою,
С любовью, леностью провел веселый век,
Не делал доброго, однако ж был душою,
Ей-Богу, добрый человек.

ФЫСТ МӔ ИНГӔНЫ КЪӔЙЫЛ

Ам Пушкин ис ныгӕд, йӕ удау зарӕг уарзта,
Фӕцардысты ӕмуд, ӕмзӕрдӕйӕ ӕнус,
Нӕ фӕци иуӕн хорз, фӕлӕ йӕ риуы хаста,
Хуыцауӕй ард хӕрын, фӕлмӕн зӕрдӕ, кӕдзус.

Перевод Музафера Дзасохова

См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- 383 ф.
Дзасохов М. Глаз народа :  [стихи, переводы].

А. П. КЕРН
Перевод Мамукаева Казбека

Мæ зæрдыл де ‘рвон фæкаст дарын:
мæ разы фестадтæ фынау,
æмæ мæ зæрдæйы æндары
ыссыгъд дæ рухс сурæт зæдау.
Æфхæрд æнкъарæнты цæдисы,
æрвылбон хъуыддæгты мæнмæ
дæ монау аив хъæлæс хъуысыд,
æмæ бæллыдтæн æз дæумæ.
Цыдысты азтæ. Дымгæ-дугъон
мæ рагбæллиц фæхаста дард,
цæмæй дæ мысынæй фæцух уон,–
мæ цинæй райгуыра æнкъард...
Кæмдæр тыхахæсты æндары
мæ бонтæ ивæзтой сæ хал.
æнæуд, ‘нæуæлмонц, мæнгардæй
фæкалдтой сонт удыл сæ хъал.
Ныр уд куы бацагуырдта зарын.
Уый ды – æртахтæ та фынау,
æмæ та зæрдæйы æндары
ыссыгъд дæ рухс сурæт зæдау.
Æмæ дæ цинæй зæрдæ тоны,
æмæ та райхъал ис йæ зынг,–
уæлмонц дæр, уд дæр, цард дæр, зонд дæр,
æмæ æвзонг уарзты цæссыг.
 Мамыкъаты Казбегы тӕлмац

ЗИМНИЙ ВЕЧЕР
ЗЫМÆГОН ИЗÆР

Тымыгъ тарæй арв æхгæны,
Миттæ здухгæйæ цæуы:
Куы сырдау фыдниуд ныккæны,
Куы сывæллонау кæуы.
Куы нæ зæронд цары сонтау
Хъæмпæй райхъуысы йæ уаст,
Куы æнафоны бæлццонау
Рудзынг бахойы æваст.

Мах фæлахс хæдзармæ акæс:
Талынг у, æнкъард, мæгуыр,
О зæронд нана, фыдсагъæс
Дæу цæй фæдыл домы ныр?
Æви тымыгъы дзынæзтмæ
Бадæ ды, мæ хур, фæлмæст?
Æви де 'лхуыйы нывæстмæ
Хуыссæг цæстытыл фæхæст?

Баназæм-ма, ме 'взонг азты
Адджындæр мæгуыр лымæн,
Рахæсс къоппа, нуазæм мастæй,
Зæрдæ хъæлдзæгдæр уыдзæн.
Зар мын, денджызæн йæ фæстæ
Дзывылдар куыд цард æнцад,
Азар мын, æхсæвы цæстæй
Донмæ саурæсугъд куыд уад.

Тымыгъ тарæй арв æхгæны,
Миттæ здухгæйæ цæуы,
Куы сырдау фыдниуд ныккæны,
Куы сывæллонау кæуы.
Баназæм-ма, ме 'взонг азты
Адджындæр мæгуыр лымæн,
Рахæсс къоппа, нуазæм мастæй,
Зæрдæ хъæлдзæгдæр уыдзæн.

Плиты Грисы тæлмац

К***
Перевод Ахсара Кодзати
Лæууы фæрныг исдуг мæ зæрдыл:
Дæу федтон — раирд и мæ бон,
Цыма зæд атахти мæ сæрты,
Йе стъалы ферттывта — сæууон.

Æрхуымæй, састзæрдæйæ, ахстау
Мæ бонтæ катайы тыдтон.
Мæ хъус дæ зæлгæ хъæлæс ахста,
Мæ фынты рухс фæлгонц уыдтон.

Цыд рæстæг. Зилгæуад фæхаста
Кæддæры сонт фæндтæ бынтон,
Мæнæй дæ зæлгæ хъæлæс айста,
Дæ фидауц айрох ис — æрвон.

Цыдысты тар бонтæ уæззауæй,
Мæ цард — æндарæны — фыдох,
Уæлмонцæй, уарзынæй, Хуыцауæй,
Цæссыгтæй, цардæфсисæй — рох.

Фæлæ та райхъал и мæ зæрдæ:
Дæу федтон — раирд и мæ бон,
Цыма зæд атахти мæ сæрты,
Йе стъалы ферттывта — сæууон.

Мæ риуы цины арт ыссыгътай,
Æмæ та сног ысты æваст
Мæ Хуыцау, цардæфсис, цæссыгтæ,
Уæлмонцтæ, утæхсæнтæ, уарзт.

Хъодзаты Æхсары тæлмац

 

КАЗАК
ХЪАЗАХЪХЪАГ
Иу æнафоны йæ балцæй,
Тар мигъы фæлмы,
Цыд хъазахъхъаг барæг дардæй
Иу доны сæрты.

Худ йæ сæрыфахсыл къулæй,
Дзаума рыджы 'мбæрзт,
Хъримаг зынд уæраджы цурæй,
Зæхмæ кард æххæст.

Бæх уæгъдидонæй тырныдта
Размæ, цыд дзæбæх.
Дымгæ йын йæ барц фæйлыдта,
Зад йæ фæстæ зæхх.

Уалынмæ хæдзæрттæ мæнæ,
Зæронд быру — калд.
Фæндаг ам фæхицæн хъæумæ,
Уым та хъæумæ дард.

«Нæй чызджытæ уым ныртæккæ, —
Хъал Денис дзырдта, —
Уыдон ныр сæ хъарм хæдзæрттæм
Аивгъуыйынц, а!..»

Раздæхт хъæумæ, бæхыл уайтагъд
Ехсæй тынг æрцыд!
Æмæ фатау размæ атахт,
Хæдзæрттæм фæзылд.

Хъазгæ мæй æрттивы арвæй,
— Уай, мæ саулох, уай, —
Рудзынджы раз бады 'нкъардæй
Сау рæсугъд чызгай.

Хъал лæппуйы ма цы хъуыди,
Федта йæ, куыннæ!
Æмæ тагъдгомау фæзылди
Рудзынджы бынмæ.

Æхсæв ноджы кодта тардæр,
Бамбæхст мæй бынтон.
«Рауай-ма, мæ зæрдæ, тагъддæр,
Ратт мæ бæхæн дон».

«Уæ, мæ хур, æвзонг лæппуйыл
Нæй æууæнк æппын.
У тæссаг цæуын дæ цурмæ, —
Бæхæн дон дæттын».

«Ма тæрс, о рæсугъд, дæ удæн,
Ратт мын, ратт дæ уарзт.
Æхсæв тасдæр у рæсугъдæн —
Ферох кæн дæ тарст.

Баууæнд мыл, чызгай, зæрдæйæ,
Рацу-ма хæстæг,
Сафыс дзæгъæлы тæрсгæйæ
Диссаджы рæстæг.

Сбад-ма саулохыл, дæуимæ
Дард бæстæм цæуын,
Амондджын уыдзыстæм иумæ,
Иу уыдзæн нæ зын».

Нæй гæнæн, — ысразы чызг дæр,
Тасдзинад фæлыгъд.
Рог æй бафæндыд цæуын дæр, —
Лæгæн ма цы уыд?

Фенкъуыст бæх, æд къай кæдæмдæр
Хъазахъхъаг фæтар.
Уарзта йæ къуыри, дыууæ дæр,
Æртыккаджы — нал.

Хозиты Яковы тæлмац

Птичка
ЦЪИУ
Фæнды кæйдæр зæххыл цæрæг уон,
Уæддæр, зæронд æгъдауыл хæст,
Мæнæн у — уалдзæджы бæрæгбон
Цъиу ахстæй ауадзын — мæ хæс.

Вæййы мæ зæрдæ уымæй фидар,
Хуыцауы ц' азимаг кæнон,
Кæд иу цæргæ удæн сæрибар
Мæнæн дæр раттын у мæ бон!

Джусойты Нафийы тæлмац

ТЕЛЕГА ЖИЗНИ
ЦАРДЫ УÆРДОН
О, хатт уæззау вæййынц йæ уæргътæ,
Фæлæ нæ уæрдон тулы рог.
Ыскъæры урсхил рæстæг бæхтæ,
Нæ уадзы фидар къухтæй рох.

Сæумæйæ уæрдоны ысбадæм;
Нæ зонæм тас, нæдæр сæрфад.
Нæ тæрсæм зивæгæй, фæлладæй,
Хъæр сисæм: гъæйтт, уæдæ, дæ мад!..

Фæкъахыр бонæмбисмæ не хсар,
Фæлмæцæм: къулвæхсытæ, æрх.
Хъæр сисæм: ма байрай дæ ехсæй,
У зæрдæ де 'рра скъæрдæй цъæх!

Тæхæм: изæрмилтæ хæрзхæстæг;
Кæнæм рæдзæ-мæдзæ, фынæй.
Цæуæм æхсæвиуатмæ. Рæстæг
Æрцæуы хъал æфсургътыл: гъæй!

Хъодзаты Æхсары тæлмац


Евангельские притчи. Лука.

Русская литература
     Агатов В.Г.
     Алехин В.
     Бунин И.А.
     Гаршин В.М.
     Гоголь Н.В.
     Державин Г.Р.
     Есенин С.А.
     Заболоцкий Н.А.
     Исаковский М.В.
     Иртеньев И.М.
     Корнеев Н.
     Короленко В.
     Кудашева Р.
     Лермонтов М.Ю.
     Минаев Д.
     Михалков С.
     Некрасов Н.
     Ножкин М.
     Примаков Е.
     Приходько В.
     Пушкин А.С.
     Рождественский Р.
     Тарковский А.А.
     Твардовский А.Т.
     Тургенев И.С.
     Тютчев Ф.И.
     Толстой Л.Н.
     Токмакова И.
     Харитонов В.Г.
     Цветаева М.И.
     Чехов А.П.
     Шаламов В.Т.
     Шолохов М.А.
     Щербин Н.
     Языков Н.М.


Зарубежная литература
       Австрийская
       Американская
       Английская
       Афганская
       Белорусская
       Венгерская
       Индийская
       Ирландская
       Испанская
       Итальянская
       Китайская
       Корейская
       Латвийская
       Латинская
       Немецкая
       Норвежская
       Персидская
       Польская
       Турецкая
       Французская


Литература народов Кавказа
       Абхазская
       Армянская
      Балкарская
       Грузинская
      Дагестанская
      Кабардинская


Литература народов России
      Марийская
      Мордовская
      Татарская


Осетинская русскоязычная литература
       Боциев Ю.
       Гуржибекова И.
       Кануков И.
       Хетагуров К.
       Цаликов А.