Евгений ПРИМАКОВ
Евгений ПРИМАКОВӔЙ
***
Ыскарстон фидарӕй: кӕдмӕ ’рттива мӕ цӕст —
Хӕсдзынӕн ӕз мӕ уаргъ, нӕ мын кӕндзӕни уӕз.
Цыфӕнды карз куы уа, цыфӕнды тугкалд хӕст,
Уӕддӕр кӕндзынӕн тох, нӕ фӕцуддзынӕн ӕз.
Ныфсфидарӕй зӕгъын: бӕрзонд бынӕттӕ мӕн
Нӕ хъӕуы хорзӕхтау, нӕ дӕн ӕз кадыл мард.
Ӕрмӕстдӕр мӕм кӕсӕд дзӕбӕх цӕстӕй лымӕн,
Мӕн макуы схонӕд уый фӕлывд ӕмӕ мӕнгард.
Перевод Музафера Дзасохова
См.: Дзасохты М. Адӕмы цӕст / Дзасохты Музафер.- Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу : Цыкура, 2016.- 383 ф.
Дзасохов М. Глаз народа : [стихи, переводы].